НАРТЫ КАДДЖЫТÆ
Сæргæндтæ:
УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ
АХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ РАЙГУЫРД
Нартæн уæд сæ хистæр Уæрхæг уыдис.
Уæрхæгæн райгуырдис дыууæ лæппуйы, фаззæттæ. Иу дзы райгуырдис
фыццаг кæркуасæны, иннæ та райгуырдис дыккаг кæркуасæны,
Бонвæрноны скастмæ.
Рухс хуры тынтæ ныккастис Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд
адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта
нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй —
Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты.
Уæрхæджы уарзон лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв
Куырдалæгон: хистæрыл — Ахсар, кæстæрыл — Ахсæртæг. Номæвæрæджы
лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй,
болат æндонæй арæзт. Удæвдзы Нарт сæвæрдтой сæ фынгыл, æмæ сын
кодта диссаджы зарæг уадындз хъæлæсæй:
«Айс æй, аназ æй Хуыцауы хæларæй,
Айс æй, аназ æй — ронджы нуазæн!»
Уæрхæджы хуынд уазджытæ иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой,
стæй уæд фæфардæг сты: Куырдалæгон абадтис цæхæр уады хъисыл æмæ
ныппæррæст ласта уæларвмæ, хæдтæхгæ Пакъуындзæйау, Донбеттыр та
фестадис æргъæуон цæхæр кæсаг æмæ ныцъыллинг кодта стыр фурды
бынмæ; Нарт дæр фæфардæг сты хæтæны, стæронтау.
Уайтагъд айрæзтысты Ахсар æмæ Ахсæртæг: бон рæзтысты уылынг,
æхсæв та — уыдисн. Фæлæ тынг фыдуаг рацыдысты. Сарæзтой сæхицæн
фæттæ æмæ 'рдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой — æрмийæ-иу æй
æрæппæрстой.
Айхъуысти дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæрхæгæн рахъомыл и хъæбатыр
фырттæ, фаззæттæ — Ахсар æмæ Ахсæртæг. Ахсар æмæ Ахсæртæг та цæмæн
хуындысты? Уымæн, æмæ Ахсар, хистæр æфсымæр, уыд Ахсарджын,
Ахсæртæг та, кæстæр æфсымæр— Ахсарæй Ахсарджындæр.
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ
Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджытæ-иу
æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. фæткъуы уыдис
сыгъзæрин фæткъуы, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны
хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый йеттæмæ цы хъæдгом нæ
дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис.
Бон изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та иу æй цыдæр
адавта. Æмæ йæ хъахъæдтой радыгай Нарт; æмæ йæ ничи фæрæзта
бахъахъæнын.
Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад. Æрбасидтис йæ фырттæм,
Ахсар æмæ Ахсæртæгмæ, Уæрхæг æмæ сын загъта:
— Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон
бахъахъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты
æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — иæ цонг æмæ сæ дыууæ
михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты 'хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн,
æыæ дарæгæй.
Цæхæрадон уыдис саджы сыкъатæй бæрзонд æхгæд — маргъ æрбатæхæн
дæр æм нæ уыд.
Лæппутæ загътой:
— Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъахъæндзыстæм!
Уæрхæг сын загъта:
— Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куы нæуал
æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъæнын.
Ахсар æмæ Ахсæртæг араст сты цæхæрадонмæ; цæхæрадоны астæу
диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд
кæстæр æфсымæр — Ахсæртæг, загъта Ахсарæн:
— Æрхуысс уал, Ахсар, радыгай хъахъæнæм — æмбисæхсæвмæ ды
бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз.
Ахсар сразы ис æмæ 'рхуыссыди æмæ бафынæй ис. Æмбисæхсæв
фехъал ис æмæ дзуры Ахсæртæгмæ:
— Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн. Ахсæртæг æм
фæстæмæ дзуры:
— Нырма æмбисæхсæв нæу, æмæ уал хуысс. Хуыссæгхъæлдзæг лæппу
та 'рхуыссыд фæстæмæ æмæ та афынæй ис. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ
куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ 'рбатахтысты æртæ маргъы.
Ахсæртæг бады, йæ фат æмæ йе 'рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ
'виппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бады æртæ 'хсинæджы. Фæткъуымæ
куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Ахсæртæг фехста, æмæ атахтысты,
æрмæст сæ иуæн йæ туджы 'ртæхтæ 'ркалдысты зæхмæ. Ахсæртæг райхъал
кодта Ахсары æмæ йын загъта:
— Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл, æмæ мын цæфæй атахти.
Мæнæ кæсыс йæ туджы 'ртæхтæм! Куы фæцæф ис, уæд ныллæджыты
атахтис, æмæ мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ
æрцахсон, кæнæ йæ фæдыл хъуамæ амæлон, æндæр гæнæн мын нæй.
Æрбамбырд кодта туджы 'ртæхты, батыхта сæ зæлдаг кæлмæрзæны.
Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста æмæ, куы 'рбабон ис, уæд загъта
Ахсарæн:
— Æз ныр цæуын сæфты мæргъты фæдыл, æмæ цы зæгъыс? Ахсар ын
загъта:
— Æз дæр цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæм. Араст сты 'фсымæртæ
æмæ цæуынц тугвæдыл, æмæ сæ уый бахаста денджызы былмæ. Уым фæд
денджызы бынмæ ныххызтис.. Ахсæртæг загъта Ахсарæн:
— Æз цæуын денджызы бынмæ, ды мæм ам, денджызы был, æнхъæлмæ
кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх —
мæнæй дын пайда нал ис; кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы
бонмæ банхъæлмæ кæс.
— Хорз,— загъта Ахсар æмæ баззад денджызы был, Ахсæртæг та йæ
дзауматæ 'рбатымбыл кодта æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ.
ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЬД
Ахсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та
ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ — æргъæу, йæ бын — цъæх авг, йæ сæр
— сæууон стъалы.
Хæдзары бадынц авд æфсымæры, сæ уæле — сæ дыууæ хойы,— амæй ай
рæсугъддæртæ, сæ сæры хил сыгъзæринау æрттивы.
— Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз! — загъта Ахсæртæг,
хæдзармæ куы бахызти, уæд.
— Хорз дæ хай уæд !— зæгъгæ, йын загътой уыдон дæр æмæ
сыстадысты, авд æфсымæры æмæ сæ дыууæ хойы, æмæ 'рбадын кодтой
Æхсæртæджы; æрбадтысты сæхуыдтæг дæр авд æфсымæры, æртæйæ —
Ахсæртæгæн йæ уæллаг фарс, цыппарæй та — йæ дæллаг фарс. Чысыл куы
абадтысты, уæд æфсымæртæ бакастысты Ахсæртæгмæ æмæ йын загътой:
— Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ 'ркодта, нæ дæр нæм цæугæ
'ркæндзæн, æмæ дыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм.
— Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст кæнут?— бафарста
сæ Ахсæртæг.
Уыдон ын загътой:
— Æртæ хойы нын уыди æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты Нарты
цæхæрадонмæ. Уым иу бæласыл сыгъзæрин фæткъуы задис; бон-иу
арæгъæд ис, æхсæв та-иу æй радавта нæ хо Дзерассæ, æхсинæджы хуызы-
иу бацыд, афтæмæй. Бæргæ йын дзырдтам: «Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис,
уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды — ма цу фæткъуымæ». Фæлæ
нæм нæ байхъуыста. Нарты Ахсар æмæ Ахсæртæг кæрæдзийы кæрдтыл
бафтæнт,— ныр уыдон хъахъæдтой фæткъуы бæлас æмæ йæ фæцæф кодтой.
Уыцы рæстæджы уатæй райхъуысти хъæрзын. Ахсæртæг бафарста:
— Кæй хъæрзын у уый?
— Гъе уый, кæмзей дын зæгъæм, уый у — нæ хо Дзерассæ.
— Æмæ йын ницы хос и?— афарста æфсымæрты Ахсæртæг.
Æмæ йын уыдон загътой:
— Бæргæ йын ис хос.
— Æмæ йын цы хос ис?
— Йæ туджы 'ртæхтæ — уыдон сты йæ хос; уыдон куы 'рæмбырд
кæнай æмæ йыл сæ куы бафу кæнай, уæд фервæздзæн, кæннод ын
фервæзæн нал ис.
— Æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут?—
бафарста сæ Ахсæртæг.
— Уыцы лæгæн æй радтиккам нæ уарзон хо Дзерассæйы — Хуыцау æй
уымæн саккаг кодта.
— Уæдæ æз дæн Нарты Уæрхæджы фырт Ахсæртæг, йæ туджы 'ртæхтæ
мæнмæ сты, цæвгæ дæр æй æз ныккодтон, дзæбæх дæр æй æз скæндзынæн.
Цæут æмæ йæ ардæм ракæнут!
Æфсымæрты цæсгæмттæ ныррухс сты. Кæм ма уыдис кæрон сæ цинæн!
Æмæ зæгъынц Ахсæртæгæн:
— Чызг уæззау рынчын у, дæумæ рацæуынæн нæу, фæлæ йæм мидæмæ
уатмæ бахиз.
Бацыд лæппу рынчыны размæ. Чызг сынтæджы хуыссы, йæ сыгъзæрин
дзыккутæ зæхмæ зæузæу кæнынц, йæ цæсгомæй худынц хуртæ, йæ
дæллагхъуырæй кæсынц мæйтæ; разылд Æхсæртæджы 'рдæм.
Уæд Ахсæртæг бахудти йæ мидбылты фыр цинæй æмæ фелвæста йæ
фæснахæй, зæлдаг кæлмæрзæны тыхтæй, чызджы туджы 'ртæхтæ 'мæ йыл
сæ бафу кодта. Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр
фестади.
Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Ахсæртæг æмæ
Донбеттыры чызгæн. Арвыл хур æмæ Мæйау фидыдтой иумæ Дзерассæ æмæ
Ахсæртæг. Фæцардысты уым бонтæ 'мæ къуыритæ, стæй иу бон æрæнкъард
ис Ахсæртæг — Ахсары æрæмысыд — æмæ загъта:
— Мæнæн ам цæрын нал æмбæлы,— хъуамæ сагурон ме 'фсымæры æмæ
фæцæуон мæ хæдзармæ. Дзерассæ дæр бацин кодта:
— Кæд дын хæдзар ис, уæд цæуылнæ цæуæм,— махæн ам бадын нал
æмбæлы.
Ныллæууыдысты цæуыны къахыл.
Æмæ курдиат сахат йæ сæры хил аивæзта Дзерассæ, æмæ сæ дыууæ
дæр фестадысты æргъæуон бæзджын кæсæгтæ æмæ рараст сты фурды бынæй
фурды сæрмæ.
Ахсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды былыл тар хъæды
сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе 'фсымæрмæ. Уæд иу бон
кæсы, æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Ахсар, ме 'фсымæр
хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхи нымæры афæнд кодта: «цон æмæ
цуаны ауайон, кæд æмæ исты амарин йе ссыдмæ». Æмæ ацыдис цуаны.
* * *
Уыцы рæстæджы Нарты Уæрхæг тынг маст кæнын байдыдта, мæ фырттæ
цы фесты, куы никуыцæй уал мæм зынынц, зæгъгæ. Бонæй-бонмæ йæ мæт
бадомдта, басаста йын йæ уæнгон тьгх.
Уæд Нарты фæсивæдæн тынг æхсызгон уыдис, кæй никуыцæйуал
зындысты Уæрхæджы фырттæ, уый, уымæн æмæ сын Ахсар æмæ Ахсæртæг
бар нал лæвæрдтой, кодтой сыл тых. Райдыдтой Уæрхæджы зæронд сæрæй
хъазын Нарты фæсивæд æмæ йæ скодтой фыдæнæн рæгъаугæс Нартæн...
Уæрхæг дæр фырмæстæй дард фæтæры Нарты рæгъау æмæ сæ денджызы
бакалы, куы та сæ фезгъалы къæдзæхы рындзæй. Къорд бонты Уæрхæг
рæгъаудонæй нал цыд Нарты хъæумæ,— йæ къах æй нал хаста йæ фыртты
мæтæй.
* * *
Ахсæртæг æмæ Дзерассæ ссыдысты денджызæй æмæ денджызы был
Ахсары мусонг ауыдтой. Бацыдысты йæм. Ахсар — цуаны, мусонг —
дзæгъæл. Дзерассæ мусонджы дуарæй куы бакаст, уæд йæ цæсгомы
рухсæй мусонг афтæ рæсугъд уыд, æмæ загъта:
— Цалынмæ ацы мусонджы бадынæй бафсæдон, уалынмæ ардыгæй нæ
ацæудзынæн! Ахсæртæг æм дзуры:
— Уæдæ уал бад ам,— æз ме 'фсымæры рацагурон. Æмæ араст и
Ахсæртæг Ахсары агурæг. Уалынмæ
Ахсар йæхæдæг æрцыди йæ мусонгмæ — фæиппæрд сты кæрæдзийæ
дыууæ 'фсымæры.
АХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ МÆЛÆТ
Дзерассæ Ахсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Ахсар æмæ
Ахсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил,
дæргъæлвæс, фæтæнриу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи
сæ кæцы у, уый, Хуыцау æмæ зæххы йеттæмæ. Мусонджы дуарæй куы
бакаст æмæ Дзерассæйы куы федта Ахсар, уæд загъта йæхи нымæры:
«хуыцауты Хуыцау, нæ амонд нын фæндагыл дæр ма фесаф æмæ бынаты
дæр! Уый та кæм æнхъæл уыдтæн, æмæ Ахсæртæг æд бинойнаг
æрцæудзæн!»
Дзерассæ йæм скаст æмæ йæ фæрсы:
— Куыд æрæгмæ цыдтæ? Ахсар æм ницы сдзырдта.
— Уаих фæуай! Нал мæ зоныс?— афæдзæй-афæдзмæ доны бын иумæ куы
уыдыстæм,— зæгъгæ, йæм бадзырдта Дзерассæ.
Уæд бæлвырд базыдта Ахсар, ай йе 'фсымæр Æхсæртæджы ус кæй у,
уый.
Ус лæппумæ йæхи ласын байдыдта, фæлæ йæм Ахсар йе 'ргом нæ
лæвæрдта. Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Ахсар йæ нымæт Дзерассæйы
бын бакодта, Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ, цæмæй
кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ
сæ дыууæйы астæу нывæрдта. Ус фæмæсты ис, фестади æмæ бусгæгонджи
хицæнæй сбадтис.
Уæд уалынмæ Ахсæртæг æрхæццæ ис æмæ саджы мард ерхаста æд
къала бæлас. Æмæ Дзерассæйы æнкъардæй, бустæгондæй бадгæ куы
федта, уæд йæ зæрдæ фехсайдта,— афтæ 'нхъæл уыдис, æмæ йын Ахсар
батых кодта. Æмæ хъама фелвæста æмæ йе 'фсымæр Ахсары ныццавта æмæ
йæ амардта. Уæд ын ус радзырдта, куыд уыдис, уый. Ахсæртæг фæсмоны
бацыдис, ме 'фсымæры æнаххосæй амардтон, зæгъгæ, æмæ йæ хъама
фелвæста, йæ фистон ын Ахсары риумæ сарæзта, йæ фындз та йæхи
зæрдæмæ æмæ йыл йæхи 'руагъта, æмæ хъама йæ зæрдæйы сфардæг ис,
æмæ фæмард ис. Дзерассæ байдыдта дзыназын, кæуын, ниуын, додой
кæнын; хоста йæ сæр, йæ уæрджытæ — ай мыл цæй æбуалгъ ми æрцыд,
мæн тыххæй куы фæмард сты дыууæ 'фсымæры, зæгъгæ. Йæ дзыккутæ
тоны, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ;
сырдтæ дæр ныхъус сты арф хъыгæй; згъалы хъарм цæсты сыгтæ
Дзерассæ дыууæ 'фсымæрыл. Сæ астæу сбадти æмæ æмбисæхсæвмæ
фæкуыдта Ахсары мардыл, æмбисæхсæвæй бонмæ та — Æхсæртæджы мардыл.
Йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазон мигъы
сыг.
«Ныр сын цы ми кæнон: уадзгæ сæ кæнон, æмæ сын сæ хъамбул
уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ æмæ сæ сырх уадултæ сынтытæ æмæ
рувæстæн хæрынмæ куыд ныууадзон; æвæргæ сæ кæнон, æмæ сын цы
мадзал ссарон?!» - зæгъы йæхицæн Дзерассæ.
Уыцы афон Уастырджи ратахт йе 'ртыкъахыг бæхыл, йæ егар дæр
йемæ, афтæмæй, æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд æмæ йын зæгъы:
— Уæ, хурты хур æмæ арвы фидауц, уæ, мæ рухс дуне æмæ бæсты
рæсугъд! Æз рагæй дæр дæ фæдыл куы зилын, уæд цæуыл хъыг кæныс, цы
дыл æрцыд?
— Куыннæ хъыг кæнон? Мæнæ ацы дыууæ 'фсымæры мæн тыххæй фæмард
сты, æмæ сæ куыд баныгæнон, уымæн ницы амал арын.
Уастырджи йын загъта:
— Усай, уыдон æз баныгæнин, бæргæ, усæн мын куы рацæуис, уæд.
— Цæуылнæ дын ацæудзынæн усæн, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд,—
зæгъгæ, йын дзуапп радта Дзерассæ.
Уастырджи йæ ехсы фындзæй зæхх æркъуырдта, æмæ дыууæ 'фсымæры
марды ингæны фестадысты, сæ ингæныл та фæзынд диссаджы цырт, чъыр
æмæ дурæй амад, рæсугъд галуан йæ алыфарс, афтæмæй.
Уæд Дзерассæ дзуры Уастырджимæ:
— Цæй, уæдæ æз мæхи ахсон уæртæ денджызы был, кæннод
тугæрхæмттæй демæ куыд фæцæуон; ды уал ам бад, æз ныртæккæ
фездæхдзынæн.
Уастырджи баууæндыд Дзерассæйыл. Дзерассæ денджызы былмæ
куыддæр бахæццæ ис, афтæ денджызы йæхи баппæрста æмæ ныффардæг ис
йæ фыды бæстæ — Донбеттыртæм.
Ныр æрбацæудзæн, уæд æрбацæудзæн, зæгъгæ, Уастырджи æнхъæлмæ
кæсы æмæ йæхи нымæры алыхуызон хъуыдытæ кæны. фæлæ ма цæй ус æмæ
цæй цыдæр! Фыдæнхъæлæй баззади Уастырджи. Йæ зæрдыл бадардта уыцы
сайд æмæ загъта: «Гъей, додой дæ къона! Уæлæуыл дыл нæ фæхæст
уыдзынæн, фæлæ мын мæрдты та кæдæм ирвæздзынæ!» Абадт йе
'ртыкъахыг бæхыл Уастырджи æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл
цуангæнгæ рафардæг ис йæ егаримæ.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆМЫЦЫ РАЙГУЫРД
Дзерассæ цардис йæ цæгаты æмæ йæхи бар нæ уыд. Æмæ йын йæ мад
загъта:
— Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдон стæджы хъæд афтæ у, æмæ сæ уæзæгыл
чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц,
Цы кæна, мæгуыр, æнкъард ус! Йæ мад ын куыд загъта, афтæ,
æрхæндæгæй, рараст ис Донбеттыртæй Нартмæ. Цæугæ кæны, фæлæ йæхи
нымæры хъуыды кæны: «Гъа, цæугæ фæкæндзынæн Нартмæ, фæлæ мын
хæдзар та кæм уыдзæн?»
Æрцыди Нартмæ. Фæцæуы нымдгæнгæ Ныхасы рæзты. Ныхасы адæм дис
кæнынц:
— Ай чи у? Цæугæ нæм чындзы цыд куы кæны, æмæ нæ чындз æттæ
куы нæ и — нæ хуындæджы бадæг, нæ тæргай лыгъд.
Хистæртæ дзурынц кæстæртæм:
— Ацæут, устытæн зæгъут, æмæ ацы уазæгус чи у, уый нын базонын
кæнæнт.
Кæстæртæ ацыдысты æмæ устытæн загътой:
— Нæ уайсадæг чындзытæ! Кæд уайсадæг у, уæд нын æй сымах
бафæрсут. Мадæл устытæ! Кæд сымах хуызæн у, уæд та нын сымах
базонут йæ бæрæг.
Кæстæр чындзытæ ныккалдысты Дзерассæйыл æмæ йæ фæрсынц:
— Чи дæ, цы дæ, уый нын базонын кæ!
Уый сæм йæ дзыхæй нæ дзуры; йæ зæрдæйы хъуыды кæны: «адонæн
бæргæ зæгъин, чи дæн, уый, фæлæ мын уæд мæ ныхæстæ хистæр устытæ
мæхи дзыхæй нæ фехъусдзысты».
Чындзытæм куы нæ сдзырдта, уæд ыл хистæр устытæ амбырд сты.
фæрсынц æй:
— Нартæн цы бавæййыс, уый нын зæгъ!
— Уе 'ппæт мæм æмдзырд ма кæнут. Кæд мæ фæрсут, уæд мæ уæ иу
бафæрсæд, æмæ мæ дзырд зæгъон. Уæд æй иу ус фæхицæн кодта æмæ йын
загъта:
— Цæй, уæдæ, мæ хур, мæнæн зæгъ дæ ныхас — ацы хъæуы мæныл
æууæнк ис.
Уый йæм бакасти æмæ загъта:
— Æз дæн цам ацы уæзæг æмæ мæ файнустытæй, фæлæ мыл æндæр бон
нæй, æмæ йæ хъуамæ зæгъон — æз дæн Æхсæртæджы ус, æмæ йæ мæсыджы
бындзæфхад кæм ис, уырдæм мæ бакæнут.
Устытæ фехъусын кодтой Дзерассæйы ныхас Нарты хистæртæн.
Нарты хистæртæ бацин кодтой æмæ загътой:
— Æхсæртæджы мæсыгæн æй йæ бинагмæ нæ, фæлæ йæ скæнут йæ
сæйрагмæ. Дзерассæ дзуры:
— Уырдæм схизинаг нæма дæн — тагъд уын фенын кæндзынæн уæхион,
æмæ мын нырма æрынцайынæн уæ бæрзонд мæсыгæй уæ талынг скъæт
хуыздæр у.
Æмæ йæ акодтой скъæтмæ, æмæ йын уым дыууæ фаззон лæппуйы
райгуырди — Уырызмæг æмæ Хæмыц.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆМЫЦ УÆРХÆДЖЫ КУЫД ССАРДТОЙ
Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. Фат
æмæ 'рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иу бон рацыдысты уынгмæ,
фатæрдынæй хъазгæ. Æгас Нарт сæ фаты хъæрæй бамбæхстысты.
Къулбадæг ус йæ чызджы рарвыста донмæ. Хæмыц æй куы суыдта, уæд æй
фехста, æмæ чызгæн йæ донгарз ныцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд,
уыдон дæр фат ныскъуыдтæ кодта. Чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ
баздæхтис, æмæ йæм йæ мад дзуры:
— Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа, дон цæуылнæ 'рбахастай?
Уый йын загъта:
— Дæлæ мæ Хæмыц фехста фатæй æмæ мын мæ донгарз ныцъæл кодта,
стæй мын мæ пысултæ дæр ныскъуыдтæ кодта.
Мад æм радта ног донгарз æмæ йын загъта:
— Ацу, æмæ дын кæд мæ дзыхæй хай уыдзæни, уæд дын цы дзидзи
фæдардтон, уый дын хæлар уæд, кæннод Сехы гоппыл фæхау.
Чызг рараст ис æмæ дуарæй куыд рахызт, афтæ та йæ Хæмыц фатæй
фехста. Уæд æм чызг фæстæмæ дзуры:
— Мæныл дæ тых цы 'взарыс — мæныл хъæды мæргътæ дæр тых куы
сты; фæлæ кæд уый бæрц тыхджын дæ, уæд уартæ дæ фыды фыд Уæрхæг
Нарты рæгъауы фæстæ ныххус и, æмæ уый бабæрæг кæн.
Дыууæ лæппуйы уыцы ныхас куы фехъуыстой, уæд сæ фæттæ æмæ се
'рдынтæ бацъæлтæ кодтой æмæ сæ хæдзары цæгъдæджы мидæг фесты æмæ
сæ мадмæ дзурынц:
— Мах цæуæм Нарты Ныхасмæ — нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у, æмæ
иæ хъуамæ ссарæм.
Араст сты дыууæ лæппуйы æмæ Нарты Ныхасмæ 'рцыдысты.
Æртæ Нарты Ныхасы бадынц.
— Фарн уæ ныхасы!— загътой лæппутæ Ныхасы адæмæн.
— Фæрнæйдзаг ут!— дзуапп радтой лæппутæн адæм.
— Фехъуыстæм, нæ фыды фыд Уæрхæг Нартæн рæгъаугæс у, зæгъгæ,
æмæ нын, кæм ис, уый куы бацамониккат, уый курæг стæм.
— Мæнæ лæппутæй искæй акæнут уемæ, æмæ уын æй уый
бацамондзæн,— загътой лæппутæн Ныхасы адæм.
— Хорз,— зæгъгæ, фæкодтой Уырызмæг æмæ Хæмыц æмæ иу лæппуимæ
араст сты Уæрхæджы агурæг. Цæуынц, æмæ сæ къæхты хъæрæй бæстæ
змæлынц, хæхтæ згъæлынц.
Уæрхæг дис кæнын байдыдта, загъта йæхицæн: «Уæдæ мæ фырттæ —
Ахсар æмæ Ахсæртæг — куы фесæфтысты, уæд ай цы диссаг у — уый мæ
фыртты къæхты хъæры хуызæн куы у?!» Бахæццæ сты Уæрхæгмæ. Уæрхæг
сæ фæрсы:
— Ай, æмæ чи стут?
Зæгъынц ын:
— Мах стæм Æхсæртæджы лæппутæ!
— Уæдæ-ма рацæут,— æз уæ уе стæджы хъæдæй базондзынæн.
Бацыдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæгмæ æмæ йæ хъæбыстæ кæнынц.
Уæрхæг сындæг равнæлдта æмæ йæ къухы уырзтæй радыгай
æрысгæрста лæппуты цонджы хъултæ æмæ загъта:
— Уе стæджы хъæд æцæг махæй у.
Уæд ын лæппутæ æрдзырдтой,— сæ мадæй куыд фехъуыстой, афтæ,—
сæ фыд Ахсæртæг æмæ йе 'фсымæр Ахсары амарды хъуыддаг, стæй сæ мад
æмæ сæхи хъуыддæгтæ дæр.
Уæд Уæрхæг йæ цæстытæ доны разылдта æмæ загъта:
— Мæнæн уыдис, æцæгдзинадæй, дыууæ фаззон лæппуйы — Ахсар æмæ
Ахсæртæг, æмæ фесæфтысты. Фæлæ æгайтма сæ мыккаг нæ сыскъуыди!
Æмæ сæ разæй рараст и сæ зæронд фидар арæзт чъырынмæ.
Дыууæ лæппуйы ссыдысты Уæрхæджы фæстæ чъырыны уæллаг
уæладзыгмæ. Бахызтысты мидæмæ, æмæ хæдзары нал уыдис быронæй
бацæуæн. Уæд сæ иу фийаг фелвæста, се 'ннæ — уисой, æмæ рамарзтой
хæдзар. Хæдзар, цы уыдис, авд ахæмы хуыздæр сæрттывта. Уый фæстæ
зæронд лæджы ракодтой дуармæ, адастой йын йæ хъуынджын сæр, йæ
боцъотæ. Стæй йын фаджысы нытъыстой лæдзæг. Зæронд лæг уым
ныддоныхуыпп кодта; æмæ йæ доныхуыпп хæрдмæ танхъа куы хаста, уæд
дыууæ 'фсымæры кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: «Ай ма нын нæ
мады дæр фæдардзæн».
Зæронд лæджы фæстæмæ хæдзармæ бакодтой æмæ йын загътой:
— Мах стæм дæ лæппутæ æмæ нырæй фæстæмæ демæ цæрдзыстæм.
Цалынмæ Уæрхæджы агуырдтой Уырызмæг æмæ Хæмыц, уæдмæ сæ мад —
Дзерассæ уыд йæ цæгаты — Донбеттыртæм; æмæ йæм араст сты æмæ йæм
ныццыдысты. Ракодтой йæ уырдыгæй æмæ йе 'рхуыдтой Нарты хъæумæ,
æмæ дзы сæ фыды фыд Уæрхæг загъта йæхицæн бинонтæ.
САТАНАЙЫ РАЙГУЫРД
Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн сæ иумæ бацарды боныл афæдз куы сæххæст
ис, уæд Уæрхæг амард. Иннæ афæдзы бон куы 'рæввахс ис, уæд
Донбеттырты чызг рарынчын ис. Йæ мæлæт куы 'рхæстæг ис, уæд загъта
йæ дыууæ лæппуйæн:
— Куы амæлон, уæд-иу мæ фыццаг æртæ 'хсæвы дзæгъæл ма
ныууадзут — хорз лæгæй хæс нæ дарын, æмæ мæ мæрдты дæр нæ
ныууадздзæн.
Ус амардис, æмæ йæ бавæрдтой зæппадзы.
Бон куы æризæр ис, уæд Уырызмæг райста йæ хæцæнгæрзтæ, ссыди
зæппадзы дуармæ æмæ йæ фæхъахъæдта бонмæ. Дыккаг æхсæв дæр та
афтæ. Æртыккаг æхсæв Хæмыц дзуры йе 'фсымæрмæ:
— Нæ мад нæ хъомыл иумæ куы скодта,—ацы 'хсæв та йæ хъуамæ æз
бахъахъæнон.
Уырызмæг ын загъта:
— Æз дæуыл куы 'ууæндин, уæд ды гуырдæй кæстæр дæ, æмæ йæ æртæ
'хсæвы дæр хъуамæ ды бахъахъæдтаис.
Хардзау фæкастысты Хæмыцмæ Уырызмæджы дзырдтæ.
Райста йæ хæцæнгæрзтæ æмæ фæраст и зæппадзмæ. Лæууы зæппадзы
дуармæ Хæмыц, уæдæ цы! Иуахæмы айхъуыста Нарты хъæумæ, æмæ к.ейцæй
куывды зарын цæуы, кæцæй чындзæхсæвы хъæр. Æмæ загъта йæхицæн:
«бын бауа, мæлæг рынчыны коммæ чи кæсы! Ам ма мын зæппадзæй мæ
мады чи хæссы! Ацæуон æмæ искуы иу чындзæхсæв бахæрон».
Араст ис æмæ куыддæр зæппадзæй иу чысыл ауад, афтæ зæппадз
ныррухс ис, æмæ Уастырджи зæппадзы хуылфы фестад. Нымæтын ехсæй
æрцъыкк ласта Дзерассæйы, æмæ Дзерассæ удæгасæй цы уыд, авд ахæмы
хуыздæр фестад,
Æмæ йæм бацыд. Уый фæстæ та нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта
Дзерассæйы, æмæ ус фæстæмæ, куыд уыдис, афтæ фестад.
Иу афæдз куы рацыд, уæд зæппадзы цурты æрбацæйцыд Нарты
фыдбылыз Сырдон. Байхъуыста, æмæ зæппадзæй ссыди сывæллоны кæуын.
Рараст ис Сырдон Нартмæ. Æртæ Нарты бадынц æмбырдæй Ныхасы.
— Фарн уæ ныхасы æмæ уæ райсом хорз!
— Хорз дæ хай уæд, Сырдон!
Æмæ сын загъта Сырдон:
— Диссаг ис Нарты уæлмæрдты: куы байхъусай, уæд дзы цæуы
сывæллоны кæуын.
Уырызмæг бадтис Ныхасы уæле. Фестадис æмæ бацыд зæппадзы
дуармæ.
Бакодта зæппадзы дуар, бахызт мидæмæ æмæ дзы рахаста чызг —
Сатанайы.
Сатана ахæм рæсугъд æмæ зонынджын рауади, æмæ талынг æхсæв бон
кодта йæ уындæй, йæ ныхас уыд кардæй кæрдагдæр, топпы фатæй
растдæр.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА
САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫ УС КУЫД ССИ
Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы ахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты
рæсугъд Елдайы.
Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъæн кодта,
афæдзмæ та — æртæаздзыды цахъæн. Йæ конд, йæ уындæн та æмбал нæ
уыди — сыгъзæринхил, цæхæрцæст.
Мой кæнын афон ын куы 'рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «мой бæргæ
скæнин, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ зонын». Хъуыды кодта æмæ зæдты
'хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта.
Йæхи зæрды сфæнд кодта: «ех, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод нæ мой
кæнын!»
Ныр цы кæна Сатана: йæхи дзыхæй зæгъын ын уæндгæ нæ кæны,
æндæр искæй дзыхæй йын бамбарын кæна, уый та йæ фæндгæ нæ кæны.
Æмæ зæгъы уæд йæхицæн: «цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг
бауæндон».
Æмæ загъта Уырызмæгæн:
— Уырызмæг, йæ хорзы æттæмæ ничи дæдты. Искæй мыккагмæ
ацæуынæн æвгъау дæн; мæнæн æндæр хос нæй, ды мæ мой куы нæ уай!
Уырызмæгæн йæ хъустæ ссыгъдысты, йæ сæрыхъуын уырдыг сыстади:
— Кой дæр æй мауал скæн,— зæгъы,— адæмæй худинаг у, Нарты
'хсæнмæ ма цы цæсгомæй ацæудзынæн!
Цас рацыдаид, чизоны, фæлæ иуахæмы Уырызмæг афæдзбалцы цæуын
сфæнд кодта æмæ дзуры йæ ус Елдамæ:
— Æз цæуын афæдзбалцы, æмæ-иу хæрд, нозт сцæттæ кæн ме
'рыздæхынмæ: адæм мæм æгасцуай зæгъынмæ цæудзысты.
Æмæ ацыди афæдзбалцы.
Йæ афæдзы бон куы 'рхæстæг ис, уæд ын йе 'рцыдмæ йæ ус скодта
ронг. Фыцгæ йæ хорз скодта, фæлæ йыл æнтуан куы ныккодта, уæд нæ
сæнхъызти: уымæн Сатана — арвы хин, зæххы кæлæн — скодта хин æмæ
йæ æппын æнхъизын нæ уагъта. Елда тыхсын байдыдта — иу уад йæ
ронгмæ кæны, иннæ уад Сатанамæ:
— Сæ чызг, мæ худинаджы рæстæг æрцыди: мæ ронг нал æнхъизы; де
'фсымæр мæ æдзæллагæй куы 'рæййафа, уæд мæ маргæ кæндзæни.
— Æмæ дын цы кæнон,— зæгъы йын Сатана,— мæ хъуыддаг нæу.
Уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууы чындзæн,— иу уад ронгмæ кæны, иннæ
уад уатмæ, Сатанамæ:
— Цы кæнон, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы сси, ме сæфт куы 'рцыд!
Куы йæ бауырныдта Сатанайы, гъе ныр сфæлмæцыдис чындз, йæ
лæгæй тæрсы æмæ тыхсы, зæгъгæ, уæд дзуры:
— Рæсугъд Елда, ды мын дæ чындздзон къаба æмæ кæлмæрзæн куы
авæрис, уæд æз иу æхсæв Уырызмæджы фыдæнхъæл фæкæнин, дæуæн дæр дæ
ронг ранхъизын кæнин.
— Хорз,— загъта чындз.
Сатана бацыди, æндæр æнхъизæн бантыдта æмæ ронг сæнхъизын
кодта.
Уалынмæ Уырызмæг дæр æрцыди. Куывд скодтой, æмæ Нарт ронг
фæнуæзтой. Изæрæй куывды адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Сатана
скодта йæ уæлæ Елдайы чындздзон дзауматæ æмæ æхсæвы Уырызмæджы
уатмæ бацыди. Уырызмæг æй нæ базыдта: йæхи ус æй фæхуыдта.
— Алæгаты чызг, фыццаг æхсæвæй ныр хуыздæр дæ,— дзуры йæм
Уырызмæг.
— Нæ мыккаджы хъæд афтæ у,— дзуапп ын радта чызг, цæмæй йыл нæ
фæгуырысхо уыдаид, уый тыххæй.
Æхсæвы Сатана царыл фестын кодта мæй æмæ стъалыты хуызтæ.
Куы сбон ис, уæд Уырызмæг дзуры:
— Бон уыдзæнис ныр, стын афон у.
— Кæм ис нырма бон, уæлæма скæс, нырма мæй æмæ стъалытæ арвыл
куы зынынц!— загъта Сатана.
Елда дуæрттæ хоста, рауай-бауай кодта æмæ йын дуар куы нæ
кодтой, уæд мæстæй фæзæрдæдзæф — амард.
Сатана уый куы базыдта, уæд мæй æмæ стъалыты хуызтæ царæй
фесæфта æмæ лæгмæ дзуры:
— Сыст, бон уыдзæнис ныр.
Уырызмæг æй куы ауыдта, уæд фæджихау ис æмæ загъта:
— Ай Сатана куы дæ!
Уый йын загъта:
— Æмæ уæдæ дысон-бонмæ кæимæ уыдтæ?! Цы гæнæн ма уыди
Уырызмæгæн. Марды баныгæдтой. Уырызмæг хъыг кодта:
— Фæхудинаг мæ кодтай, Сатана,— Нарты 'хсæн ма куыд
фæцæрдзыстæм, цы цæсгомæй ма равдисдзыстæм нæхи?!
— Адæмы фидис — дыууæ боны, бирæ худинаг нæу,— загъта Сатана.—
Худинаг цæмæй ферох уа, уымæн дын æз амал скæндзынæн. Баздæх æмæ
хæрæгыл сбад фæстæрдæм æмæ йыл æртæ здæхты акæн Ныхасы астæуты.
Ныхасы адæммæ кæс, æмæ чи куыд кæна, уый-иу мын радзур.
Уырызмæг хæрæгыл сбадтис фæстæрдæм æмæ ацыдис Ныхасы астæуты.
Нарты адæм — стырæй, чысылæй, зæрондæй, ногæй — худæгæй
ныффæлдæхтытæ сты, сæ фыр худтæй уæлæмæ стын дæр нал фæрæзтой.
фæстæмæ æрбаздæхт, æмæ ма чи бахудтис, чи — нал, бирæ йæм
кæсгæ дæр нал ракодта, бирæтæ ма йыл хъынцъым дæр бакодтой, сæрра
ис нæ зондамонæг Уырызмæг, зæгъгæ. Ноджы та ацыд, æмæ йыл æппындæр
ничиуал бахудт. «Уый хуымæтæджы не сбадти хæрæгыл фæстæрдæм, цыдæр
хæйрæгдзинад та æрхъуыды кодта, æвæццæгæн», загътой адæм.
Æрбацыди фæстæмæ, йæ хæдзармæ, Уырызмæг, æмæ йæ Сатана фæрсы:
— Гъы, куыд кодтой адæм?
— Фыццаг куы ацыдтæн,— загъта Уырызмæг,— уæд адæм худæгæй
ныффæлдæхтытæ сты, сæ фыр худтæй уæлæмæ стын дæр нал фæрæзтой.
Фæстæмæ куы сыздæхтæн, уæд ма чи бахудти, чи — нал, бирæтæ та ма
хъынцъым дæр кодтой, сæрра ис нæ зондамонæг Уырызмæг, зæгъгæ.
Æртыккаг здæхт куы акодтон, уæд мыл ничиуал бахудти, æмæ дзырдтой:
«Уый æрра не сси, стæй хуымæтæджы дæр не сбадти хæрæгыл фæстæрдæм,
фæлæ та цыдæр хæйрæгдзинад æрхъуыды кодта, æвæццæгæн».
Сатана йын загъта:
— Гъе, уæдæ мах хъуыддаг дæр афтæ у: ахуддзысты ныл, стæй нæ
хъуыды дæр ничиуал æркæндзæнис.
Куы базыдтой адæм, Уырызмæг йæ хо Сатанаимæ бацард, уый, уæд
сыл фыццаг ахудтысты, стæй сæ, æцæг, хъуыды дæр ничиуал кодта.
Афтæмæй Сатана æмæ Уырызмæг лæг æмæ усæй цæргæйæ баззадысты.
САТАНА ÆМÆ БОРÆТЫ ЧЫЗГ
Сатана райста йæ зæронд хуыз. Уырызмæгмæ бацыди æмæ йын зæгъы:
— Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ дæхицæн мæ удæгасæй бинонты
кой бакæн.
Уæд ын Уырызмæг загъта:
— Сатана, цалынмæ мын дæ цæст æрттива, уалынмæ мæнæн бинонтæ
'рхæссæн нæй.
Уæд та йæм дыккаг хатт дзуры Сатана, лæгъстæгæнæгау:
— Уырызмæг! мæнæй дын пайда нал ис, æмæ 'ртæ Нарты 'хсæн
фесæфдзынæ. Цалынмæ дын мæ цæст æрттивы, уалынмæ дæхицæн бинонты
кой бакæн.
Уырызмæг куы бакастис усы уынгæгдзинадмæ, уæд йæ бæх — Æрфæны
— сифтыгъта æмæ далæ Дæлæсыхы Борæтæм ныццыдис. Борæты
Бурæфæрныгæн авд лæппуйы æмæ иунæг чызг уыд. Уырызмæджы куы федта
Бурæфæрныг, уæд ыл бацин кодта:
— Уырызмæг, дæ фенд мын æхсызгон уыдис. Рагæй фæстæмæ бæллын
дæ уындмæ. Цы хур, цы къæвда дæ 'рхаста?
Уырызмæг ын загъта:
— Уынгæг лæг кæдæм нæ бахаудзæн! Сатана мын ныззæронд ис,
ницыуал хъом у, æмæ уæм фехъуыстон чызг куринаг. Уырызмæгыл йæхи
чи атигъ кодтаид! Бафидыдта Борæтимæ. фæстæмæ ссыд.
Нарты бæгуырдæрты амбырд кодта æмæ сæ акодта чындзхæссæп Хæмыц
— хистæр уазæг (хæдзары хицау), Сослан — нымæттухæг (дзауматухæг),
Батрадз — къухылхæцæг.
Ныццыдысты Борæтæм. Борæтæ сæ фæхынцтой иннабонæй-иннабонмæ.
Уый фæстæ рараст сты Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ.
Уырызмæг фервиты Æртæ Нартмæ хонæг. Æрæмбырд вæййынц Нарт æмæ
иннабонæй-иннабонмæ фæминас кæнынц Уырызмæджы чындзæхсæвы.
Гъа ныр чындзæхсæвы адæм ацыдысты, æмæ Уырызмæг Борæты
чызджимæ æмуат цæудзæн, зæгъгæ, афтæ та Сатана райста йæ чызггон
хуыз. Уырызмæг æй куы федта, уæд Борæты чызгмæ æмгæрон дæр нал
æрцыд. Нартыл айхъуысти уыцы хъуыддаг. Æмæ та æрцыди Нарты Ныхасы
Уырызмæджы кой.
Уæд иу фæсмæргомау лæппу зæгъы Ныхасы адæмæн:
— Æз ахæсдзынæн ме 'хсæв Уырызмæджы хæдзармæ æмæ уын райсоммæ
йæ бæрæг хæсдзынæн.
Араст ис лæппу æмæ ныццыди Уырызмæгтæм æмæ сæм æхсæвиуат
æркодта. Уырызмæг ын аргæвста бурæ нæл фыс. Хорз æй федта. Кæдмæ
бадтысты, уæдмæ фæбадтысты, фæныхас кодтой; стæй лæппуйæн бауат
кодтой хæдзарæн йæ иу къуымы, Борæты чызгæн — йе 'ннæ къуымы.
Сатана æмæ Уырызмæг та се 'ргъæу уатмæ афардæг сты.
Лæппу чысыл куы афынæй ис, уæд Борæты чызг сыстад æмæ бацыд
æмæ йын йæ хъæццулыл рахæцыд.
Лæппу йæ базыдта æмæ йæм дзуры:
— Гъæцитт! кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссын мæ ныууадз!
Чызг фæстæмæ раздæхтис хъуырхъуыр гæнгæ. Чысыл афæстиат ис,
стæй та бацыд лæппумæ æмæ та йын рахæцыд йæ хъæццулыл. Æмæ та йæм
лæппу дзуры:
— Кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссын ма мæ куы ныууадзай!
Раздæхтис та чызг фæстæмæ хъуырхъуыр гæнгæ. Æртыккаг хатт куы
бацыд Борæты чызг лæппумæ, уæд нал дæр «гъæцитт!», нал дæр æндæр —
æмуат æрцыдысты лæппу æмæ Борæты чызг.
Зонынджын Сатанайæн цæй æнæ базонгæ уыд уыцы. Райсом куы
сыстадысты æмæ сæхи куы ныхсадтой æмæ куы 'рбадтысты фысымæй,
уазæгæй, уæд Сатана дзуры:
— Сехы гоппыл фæхауæд, уазæгæй, фысымæй нæ дысон чи цы фын
федта, уый куы нæ радзура!
Уырызмæг фæрсы:
— Хистæрæй дзурут уæ фынтæ æви кæстæрæй?
Сатана загъта:
— Нæ зæронд лæг, дæ разæй махæй ныхасы бар никæмæ хауы.
Уæд Уырызмæг зæгъы:
— Дысон куы бафынæй дæн, уымæй бонмæ фыны мыккагæй ницы
федтон, фæлæ, не 'фсин, дæхæдæг цы фынтæ федтай, уыдон дзур.
Сатана загъта:
— Дысон нæ ефс бæх йæ бæндæн аскъуыдта æмæ ныццыдис далæ
дæллаг нæ хицæуттæм æмæ уым уырсмæ цыди.
— Лæппу, ды та цы фын федтай?
Уый загъта:
— Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн, æмæ иу хъугсаг мæ разы
февзæрдис. Гъа ныр æй фехсон, куыд загътон, афтæ мæм дыккаг
суангæй ныхъæр чынд: «Ма йæ фехс — Уырызмæджы фæтдзæф у!» Чысыл та
афынæй дæн æмæ та дыккаг суангыл ацыдтæн, æмæ та уыцы хъугсаг
февзæрдис мæ разы. Æмæ та йæ фехсон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ та
мæм æртыккаг суангæй ныхъæр чынд: «Ма йæ фехс,— Уырызмæджы фæтдзæф
у!» — æмæ та йæ ныууагътон. Чысыл та афынæй дæн æмæ та ауадтæн
æртыккаг суангыл, æмæ та мæ разы февзæрд уыцы хъугсаг. Нал дæр
хъæрмæ байхъуыстон, нал дæр æндæрмæ æмæ йæ фехстон.
— Гъе, Борæты чызг, ды та цы фын федтай?
— Æз дысон бантыдтон ронджы гæрзтæ. Æппындæр мын не
'нхъызтысты, æмæ æз дæр ныццыдтæн далæ дæллаг нæ хицæуттæм æмæ
уырдыгæй схастон æнтуан; уыцы æнтуанæй куыддæр фæхъæстæ сты, афтæ
æнхъизын байдыдтой.
Райсомæй лæппу ацыдис. Нарты Ныхасы йыл Нарты фæсивæд æмбырдтæ
кæнынц:
— Гъы, куыд у Уырызмæджы хъуыддаг?
— Куыддæриддæр æй дзурынц, афтæ: Сатана райста йæ чызггон
хуыз, æмæ Уырызмæг æппындæр нæ цæуы Борæты чызджы 'мгæрон,— загъта
лæппу.
УЫРЫЗМÆГ САТАНАЙЫ ЙÆ ЦÆГАТМÆ КУЫД ÆРВЫСТА
Фыр мæстæй иухатт загъта Уырызмæг йæ ус Сатанайæн:
— Дæ Хуыцауы тыххæй, фæцу дæ цæгатмæ! Ахæсс нæ хæдзарæй, цы
дæ бафæнда, уыдон иууылдæр, дæ зæрдæ цы хæзнатæ зæгъы, уыдон, æмæ
мæ ныууадз,— нал дæ фæразын!
— Иттæг хорз,— загъта Сатана.— Гæнæн мын нал ис, мæ лæджыхай,
дæ коммæ бакæсдзынæн, фæлæ ма дæ курын иу хъуыддаг. Æз Нарты цæхх
æмæ кæрдзынæй хайджын дæн, уыдон дæр — афтæ. Ныр мын куывд скæн,—
æз Нартæн мæ нуазæн радтон.
Уырызмæг сразы ис æмæ йын куывд скодта. Сатана заманайы фынг
сарæзта — къæбицты ницыуал ныууагъта хуыздæр хæринагæй, хуыздæр
нуазинагæй. Нарты адæм куывды авд æхсæвы æмæ авд боны фæбадтысты,
стæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, æрмæст ма уырдыгыстджытæ фæстæдæр
аззадысты. Æмæ сын Сатана загъта:
— А лæгыл ма мын ацин кæнут!
Уырдыгыстджытæ Уырызмæгæн нуазæнтæ авæрдтой,— æнæуый дæр цух
кæм уыдаид,— æмæ Уырызмæг фæрасыг ис, æмæ тарф фынæй бацис.
Уырдыгыстджытæ дæр фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.
Сатана хаст галтæ уæрдоны сифтыгъта, гуыффæ байдзаг кодта
фæсалæй, гобан дзы айтыдта, гауыз ыл æрæмбæрзта, фынæй лæджы уым
аваердта æмæ араст ис йæ цæгатмæ, хæдзары исбонæй æппындæр ницы
рахаста, афтæмæй.
Быдырмæ куы ахæццæ сты, уæд Уырызмæг фехъал ис,— уæдмæ æвронг
дæр æрцис. Кæсы, дын, æмæ йæ фарсмæ Сатана бады, бæрз уисæй галты
размæ тæры, йæ цæсгомæй йын залмы сыфæй бындзытæ асур-асур кæны.
«Ай та цы диссаг у, куы ницы æмбарын!» — зæгъы йæхи нымæры
Уырызмæг.
— Ай кæдæм цæуæм?— фæрсы лæг усы.
— Ферох дæ ис, æвæццæгæн, дæ хæдзарæй мæ кæй ратардтай, уый?
Мæнæ мæ цæгатмæ цæуын,— дзуапп ын радта Сатана.
— Хорз,— загъта Уырызмæг,— фæлæ мын бамбарын кæ, мæн та демæ
цæмæн ласыс?..
— Куы мæ 'рвыстай мæ цæгатмæ, уæд загътай: «Дæ зæрдæ цы
хæзнатæ зæгъы, уыцы хæзнатæ алас демæ!» Мæнæн мæ царды мидæг дæуæй
зынаргъдæр æмæ уарзондæр хæзна нæй, æмæ дæ раластон, иннæ хæзнатæ
ныууагътон.
— Ай хæйрæгыл куы фæхæст дæн!— загъта, йæ мидбылты худгæйæ,
зæронд Уырызмæг; йæ усимæ бафидыдта, æмæ фæстæмæ сæ хæдзармæ
раздæхтысты æмæ цæргæйæ баззадысты иумæ, кæрæдзийы уарзгæйæ.
УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ
Фыд аз скодта Нартыл. Тыхсын байдыдтой тынг, сыдæй мæлынмæ
æрцыдысты. Сæ ныфс асаст Нартæн, сæ зæрдæ амард, сæ къухы ницыуал
æфтыдис. Уый бæрц æгуыдзæгмæ, уый бæрц æдзæллагмæ æрцыдысты Нарты
скуыхт фæсивæд, æмæ-иу Ныхасы бон-изæрмæ хуысгæйæ баззадысты. Куы
сæм байхъуыстаис, уæд ма æрмæст мысыдысты сæ цард. «Æз уыцы ран
фескуыхтæн, æз уæд фосы конды фæдæн»,— дзырдтой-иу Нарты адæм,
Ныхасы бадгæйæ, æндæр сæ ничиуал кодта хорз карды кой, хорз фат
æмæ æрдыны кой.
Уæд-иу Сырдоны гадза рацыд Ныхасмæ æмæ-иу адæмæн сæ сæрты
рахиз-бахиз кæнын байдыдта æмæ-иу кæмæн йæ былтæ астæрдта, кæмæн-
иу йе 'рчъи бахордта, кæмæн-иу йæ рон фæлыг кодта йæ астæуыл.
Уымæй тæригъæддагдæрмæ ма цæмæ бакастаид адæймаг! Иу бон куы
уыди, уæд Уырызмæг Ныхасмæ рацыди. Кæсы, æмæ Нарты скуыхт æмæ
фидауцджын фæсивæд цагъды мæрдтау хуыссынц уыцы ран, æмæ та сын
Сырдоны гадза æнæуаг митæ кæны. Ныккæрзыдта Нарты Уырызмæджы
зæрдæ, йæ пылыстæг лæдзæг фехста гадзайыл, æмæ дыууæ дихы фæци
лæдзæг.
Систа йæ лæдзæджы сæстытæ æмæ мæстæйдзагæй баздæхт фæстæмæ, сæ
хæдзармæ. Лæдзæджы сæстытæ æрæппæрста æмæ йæ пылыстæг къæлæтджын
бандоныл йæхи мæсты уагъд æркодта. Ныкъæскъæс кодта бандон йæ
быны.
— Дæ къæлæт æрфгуытæ цы 'рталынг кодтай, уыцы мæсты уагъд
цæмæн æркодтай дæхи дæ къæлæтджыныл, мæ сæры хицау? Цы кодтай, чи
дæ бафхæрдта?— фæрсы йæ Сатана.
— Æфхæргæ мæ бæргæ ничи бакодта, фæлæ ма уымæй тынгдæр мæ
зæрдæ цæуыл фæрисдзææ!— загъта Уырызмæг.— Нæ фæсивæд æнæ хæринагæй
хæрз æдзæллагмæ æрцыдысты, Нарты Ныхасы ныффæлдæхтытæ сты æмæ
хуыссынц, куыд сыл не 'мбæлы, ахæм хуыстæй. Сырдоны æнаккаг куыдз
сæ сæрты рахиз-бахиз кæны, æмæ кæмæн йæ былтæ астæры, кæмæн йе
'рчъитæ бахæры, кæмæн йæ рон йæ астæуыл фæлыг кæны; уыдонæн та
«ацу æттæмæ!» зæгъын сæ бон нал у. Не 'фсин, бирæ цæрæнбон мын куы
нæ уаид, æмæ ма уыдоны иу æфсæст куы бакæнин! Уæд та сæ туг йæ
бынат ссарид, сæ зæрдæ та сфидар уаид.
— Ууыл та цы мæт кæныс?— загъта Сатана.— Ацу, æрбахон сæ, æз
дын сæ иу лæджы хуызæн суазæг кæндзынæн: дæлæ, нæ къæбицтæ се дзаг
куы сты алы хæрд æмæ алы нозтæй.
Æмæ бахуыдта Сатана Уырызмæджы йæ иу къæбицмæ: къæбиц йæ тæккæ
дзаг уыдис чъирийæ; бахуыдта йæ иннæ къæбицмæ: уый йе дзаг уыдис
авджыдзагæй; бахуыдта йæ æртыккаг къæбицмæ: царæй зæхмæ амадæй
лæууынц кæрæдзийы уæлæ скуытæ 'мæ базгуытæ уыцы ран.
— Адон æппæт мын фервыстой Нарты стыр куывдтæй хуынтæн, ном
ссарынæн,— зæгъы Сатана.
Фæрухс ис Уырызмæджы цæсгом, æмæ дзуры Сатанамæ:
— Уæдæ барæвдз кæн дæхи: Нарт иннабонæй-иннабонмæ цы фæхъауой,
уымæй дзы фылдæр ис ацы ран.
Æрбасидын кодта фидиуæгмæ Уырызмæг, хорз æй бафсæста æмæ йын
загъта:
— Цæугæ æмæ ныхъæр кæн Нартыл: «Йæ бон цæуын кæмæн у, уый
цæугæ ракæнæд, цæуын йæ бон кæмæн нæу, уый хæсгæ ракæнут, сывæллон
кæмæн ис авдæны, уый та йæ авдæн йемæ рахæссæд,— Ахсæртæггаты
Уырызмæг куывд кæны æмæ уæ хоны!»
Ацыди фидиуæг æмæ ныхъæр кодта:
— О Нарт! Йæ бон цæуын кæмæн у, уый цæугæ ракæнæд, йæ бон
цæуын кæмæн нæу, уый хæсгæ ракæнут, сывæллон кæмæн ис авдæны, уый
та йæ авдæн йемæ рахæссæд,— Ахсæртæггаты Уырызмæг куывд кæны æмæ
уæ хоны!
Нарт уый куы фæхъуыстой, уæд ныххæррæтт кодтой æмæ æрæмбырд
сты Уырызмæджы хæдзармæ иууылдæр, стырæй, чысылæй. Равæрдтой
фынгтæ, æмæ Нарт куывды бадынц Уырызмæджы хæдзары иннабонæй-
иннабонмæ.
Уæд иуахæмы сæ арт æрмынæг ис. Уырызмæг сыстад йæ бандонæй æмæ
сугсæттæнмæ рацыд. Гъа ныр сугтæ æрбамбырд кæнон, куыд загъта,
афтæ сау хохæй сау тъыфыл цæргæс ратахти, Уырызмæджы йæ ныхты
систа æмæ йæ дард, иу денджызы астæу, стыр дуры сæр æрæвæрдта.
Сау æрдиаг байдыдта Уырызмæг, ацы æнамонд цæмæн фæдæн, зæгъгæ,
цы уыдзынæн ацы ран, доны цъæхы йеттæмæ куы нæуал хох зыны, куы
нæуал бæлас?!
Бады дуры сæр æмæ алырдæм хъахъæны. Уалынмæ æризæр ис. Куы
'рталынг ис, уæд кæсы, æмæ донæй иу дуры рæбынæй рухс цæуы.
«Цыдæриддæр уа, уæддæр ай циу, уый куы нæ басгарон, уæд нæ
уыдзæни», загъта Уырызмæг æмæ дуры фæрсты йæхи доны ауагъта. Æмæ
иу дуармæ ныфтыдис. Дуар бакодта, æмæ йæм рауадис æртæ чызджы —
амæй ай рæсугъддæр, амæй ай хæрзконддæр, ахæм чызджытæ.
— Æгас нæм æрцæуай, Уырызмæг, æгас нæм æрцæуай не 'мцекк!
Мидæмæ, мидæмæ, фысым нæм бакæн!— цинтæ йыл кæнынц чызджытæ.
Бакодтой йæ мидæмæ; кæсы, æмæ хæдзары бады зæронд ус.
— Фарн уæ хæдзары уæд!— загъта Уырызмæг.
— Фæрнæйдзаг у æмæ нæм æгас цу!— дзуапп ьш радта ус æмæ йæ
æрбадын кодта къæлæтджын бандоныл.
Акæстытæ кодта Уырызмæг алырдæм, ахаста йæ цæст хæдзары
къуымты: хæдзарæн йæ бын цъæх авгæй уыд, йæ къултæ — æргъæу, йæ
цар — сæууон стъалы. Дис кæны, мæнæ цы хорз хæдзар ис ацыденджызы
астæу, зæгъгæ.
Базыдта йæ, Донбеттыртæм кæй æрæфтыдис.
Хæдзары хъазыд иу чысыл лæппу: куы иуырдæм азгъоры, куы
иннæрдæм — йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы, афтæ рог. Уырызмæджы зæрдæ
йæм бахъазыд æмæ йæм кæсгæйæ баззад. «Тæхудиаг у, ды кæй лæппу
дæ!» — загъта йæхи нымæры.
— Цы хур, цы къæвда дæ 'рхаста ацы бæстæм, мах рагæй дæр дæ
фенынмæ куы бæллæм!— дзуры зæронд ус Уырызмæгмæ.
Уырызмæджы зæрдæ фæфидар ис, уæдæ та бынтон сæфт нæ дæн, кæд
мын ацы ран дæр æмцекктæ æмæ, мæ уындмæ чи бæллы, ахæмтæ разындис,
уæд, зæгъгæ, æмæ сын радзырдта, куыд æгъдауæй æрæфтыдис
Донбеттырты бæстæм, уый.
Чызджытæ байдыдтой зилæнтæ кæнын. Кусæрттагæн ын бурæ нæл фыс
æрбакодтой, Уырызмæгæн æй йæхицæн аргæвдын кодтой, арт бандзæрстой
æмæ йын уадидæгæн бæркадджын фынг авæрдтой йæ разы.
Уырызмæг, Нарты 'гъдаумæ гæсгæ, базыг цирхъы фындзыл бакодта
æмæ кувы. Куывд куы фæци, уæд дзуры лæппумæ:
— Лæппу, рауай, ацаход, мæ хур!
Лæппу тагъд-тагъд базгъордта; Уырызмæгмæ куыд фæцæйхæццæ
кодта, афтæ фæцудыдта æмæ размæ бахауди — цирхъ йæ зæрдæйы ауади.
Æрхаудта лæппу, рæсугъд æрттиваг кæркусæгдидинæгау, бацагъта иæ
гæндзæхтæ æмæ уайтагъд систа йæ рæзгæ уд.
Фенкъард сты Уырызмæг дæр, бинонтæ дæр. Сабийы мард чызджытæ
иннæ уатмæ ахастой.
«Цæй æнамонд фæдæн ай, ацы фыдбылыз та мæм кæцæй касти?!» —
загъта йæхи нымæры Уырызмæг æмæ фынгмæ нал æвналы.
Уæд æм ус дзуры:
— Исты ахæр, Уырызмæг! Цы 'рцыдис, уымæн фæрæз нал ис, Хуыцау
ын гъе нырмæ 'рхаста йæ адзал.
Фæлæ ма цæй хæрд æмæ цæй æндæр! Уыцы æнкъардæй сыстадис
Уырызмæг æмæ рацыд, ус æмæ чызджыты та æдзард сабийыл кæугæ
ныууагъта.
Фæстæмæ та фестадис Уырызмæг, цæргæс æй цы дурыл æрæвæрдта,
ууыл. Сау тъыфыл цæргæс дæр та фæзынд, систа та Уырызмæджы йæ
тыхджын ныхтæй, хæссынтæ та йæ байдыдта æмæ йæ фæстæмæ сугсæттæны
æрæвæрдта. Уым Уырызмæг сугтæ амбырд кодта йæ хъæбысы дзаг æмæ сæ
æнкъардæй бахаста хæдзармæ. Нарт уæддæр бадынц куывды æмæ минас
кæнынц, Уырызмæджы æрбацыд сæ фиппайгæ дæр ничи бакодта.
Æрбадтис йæ бынаты Уырызмæг æмæ дзуры куывды адæммæ:
— Рагон таурæгъ уын ракæнон æви æрыгон?
— Рагон таурæгъ ма фехъуыстаиккам,— загътой куывды адæм,— фæлæ
нын æрыгон таурæгъ ракæн.
— Уæдæ уæ астæуæй кæд сыстадтæн, уый зонут?— дзуры Уырызмæг.—
Æз ацыдтæн сугсæттæнмæ, арт бакæнон, зæгъгæ; сугтæ мæ хъаебысы
куыд амадтон, афтæ сау хохæй ратахтис иу сау тъыфыл цæргæс,
фелвæста мæ йæ тыхджын ныхтæй æмæ мæ ахаста денджызмæ. Уым мæ иу
дуры сæр æрæвæрдта. Ницыуал зыдтон, цы ма акодтаин, уымæн. Изæры
кæсын, æмæ донæй, иу дуры рæбынæй цæуы рухс. Мæхи ауагътон доны,
цыдæриддæр уа, уæддæр æй хъуамæ басгарон, зæгъгæ, æмæ ныфтыдтæн иу
дуармæ. Дуар бакодтон, æмæ мæм рауадис æртæ рæсугъд чызджы. Ныццин
мыл кодтой, æгас нæм цæуай, не 'мцекк, зæгъгæ, æмæ мæ бакодтой
хæдзармæ, йæ бын — цъæх авг, йæ къултæ — æргъæу, йæ цар та —
сæууон стъалы, ахæм хæдзармæ. Хæдзары ма уыдис зæронд ус æмæ
æнахъом саби. Нæ уазæджы хорз куы фениккам, зæгъгæ, мын кусарт
акодтой бурæ нæл фыс. Куы сцæттæ ис, уæд мын æй мæ разы
æрæвæрдтой. Ракуывтон, куыд æмбæлдис, афтæ, æмæ фæдзырдтон
лæппумæ, рауай, ацаход, зæгъгæ. Аæппу тагъд æрбауади, фæцудыдта,
æмæ мæ цирхъ йæ зæрдæйы ауадис. Фенкъард сты бинонтæ, мæхæдæг дæр,
кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ; хæргæ дæр ницыуал бакодтон æмæ уыцы
æнкъардæй, хъынцъымгæнгæ, рацыдтæн хæдзарæй æмæ ссыдтæн, цæргæс мæ
цы дурыл æрæвæрдта, уыцы дурмæ. Уалынмæ та æртахти уыцы сау тъыфыл
цæргæс, йæ ныхты та мæ систа æмæ мæ фæстæмæ нæ сугсæттæны
æрæвæрдта.
Сатана иннæ хатæнмæ уыцы уац куы айхъуыста, уæд фæлæбурдта йæ
рустæ 'мæ йæ дзыккутæм æмæ ныхъарæг кодта:
— Ма мыл фæхудут, нæ хицæутты дзæбæхтæ æмæ зæрæдтæ, ныббарут
мын, уæ разы дзыххæлдæй кæй кæуын, уый: иунæг сусæг æвæрæн ма мын
уыдис мæ цæгаты, Донбеттыртæм; нæ йæ зыдта — балцы уыдис, куы
райгуырдис, уæд; фæлæ та йæ уым дæр ссардта æмæ йæ æдзардæй йæхи
къухæй йæ разæй барвыста мæрдтæм. Куыд ма цæрдзыстæм, нæ зæронд
нын чи фæдардзæнис?!
Адæм нынкъард сты æмæ сабыргай фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.
Ныттар кодта йæхи Уырызмæг. Худæгмæ нал худти, дзурæгмæ нал
дзырдта, афтæмæй,— уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй,— рацу-бацу кодта;
рацыдис-иу Нарты Ныхасмæ æмæ-иу уым Фыд Рохгæнæн цъæх дурыл
ныххуыссыд дæлгоммæ, афтæмæй цардис иу къорд рæстæджыты дæргъы.
Нарты зæрæдтæ йын дзырдтой, дæхи цы хъынцъымæй марыс, Нарты
хорз Уырызмæг, зæгъгæ, дæу йеттæмæ ма ахæм фыд искæуыл æрцыдаид!
Æрхудти йæхиуыл Уырызмæг дæр æмæ та фыццагау хъæлдзæгæй
æвдисын байдыдта йæхи.
Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та байдыдта куывдтæ кæнын Нарты
Уырызмæг.
* * *
Лæппуйæн йæ буар Донбеттыртæ йæ сыджытыл сæмбæлын кодтой, йæ
уд та атахти мæрдты бæстæм, æмæ уыцы ран Барастыры уæрагыл уыди йæ
бадæн. Хъуыдыгæнæг æй куы нæ уыди, уæд лæппу тыхсын æмæ æнкъард
кæнын байдыдта.
Уæд æй иуахæмы Барастыр фæрсы:
— Цæмæн æнкъард дæ, лæппу?
Æмæ йын лæппу зæгъы:
— Ацал-ауал азы рацыди, мæрдты бæстæм куы 'рбацыдтæн, уæдæй
ардæм. Мæ фыд Уырызмæг ма æцæгæлон адæмы кой дæр кæны, фæлæ мæ кой
- нæ, марды кæнд мын нæй, иннæ мæрдтæй уæлдай дзæгъæл дæн æз ацы
ран. Барастыр, курын дæ — мæрдты бæстæй мæ ауадз: æз мæхæдæг куы
нæ бакæнон мæхи кой, уæд мæ фыдæй рохуаты баззадтæн. Дзырд дын
дæдтын: афæдзы кæндæн мæ цы хъæуы, уый куыддæр ссарон мæхи
фæллойæ, афтæ фæстæмæ ам æмбæлдзынæн.
— Дæ зæрдæхудт райсын мæ нæ фæнды, фæлæ уымæн фæрæз не
'рцæудзæн,— загъта Барастыр.— Куыддæр мæрдтæ уый базоной, афтæ дзы
иу дæр ам нал фæлæудзæн,— ныр дæр тыхæйты лæууынц мæрдты бæсты.
— Уымæн дын æз амал ссардзынæн: мæ Аласайæн йæ цæфхæдтæ
фæстæрдæм асадздзынæн; мæрдтæ мæ фæдыл мæрдты дуармæ куы фæуой,
уæд сын-иу зæгъ: «Æркæсут, æмæ кæд мæрдтæй æттæрдæм уа фæд, уæд уæ
нал уромын, фæлæ æвæдза фæд мидæмæ у, уæд уын дзæгъæлы змæнтын,
коммæ нæ кæсын аив нæу».
Барастыр сразы ис.
Лæппу йæ Аласайæн йæ цæфхæдтæ фæстæрдæм асагъта æмæ мæрдты
бæстæй рафардæг ис. Йæ фæдыл иннæ мæрдтæ базмæлыдысты æмæ дуармæ
сарæзтой сæ ных.
— Кæдæм?— дзуры сæм дуаргæс.
— Мах дæр нал лæууæм ацы ран, кæд æмæ искæмæн ардыгæй фæстæмæ
фæндаг ис, уæд,— загътой мæрдтæ.
— Хъуыддаг уал бамбарут, стæй равзардзыстут, цы уыл æмбæлдзæн
бакæнын, уый, æркæсут уал фæдмæ.
Мæрдтæ æркастысты, æмæ фæд мидæджы 'рдæм куы уыди, уæд та сæ
алчи дæр æрынцад йæ бынаты.
Уырызмæджы æнæном фырт, Донбеттырты хъан, Нарты хъæумæ бараст
и. Ахсæртæггаты зæронд хæдзармæ бадзырдта.
Дзурынмæ рацыди хæдзары æфсин Сатана.
— Уырызмæджы агурын, кæд æмæ стæры ахæтиккам иумæ. Æмхицхæрæн
Бæрæг обауыл æм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Хæдзармæ баздæхт Сатана æмæ
дзуры:
— Лæгай, дæ зæронд сæр хъазинаг сси —дуармæ дæ иу æнæнтыст
лæппу, саргъы гоппæй зынгæ дæр нæ кæны, ахæм, агуры æмæ дæ хоны
стæры. Æмхицхæрæн Бæрæг обауыл, дам, дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн.
— Тагъд мæ барæвдзытæ кæн балцмæ, не 'фсин,— уыимæ мæ хæтæны
цæугæ чи фена, уый мыл худгæ дæр фæкæндзæн, фæлæ æз ме 'гъдау нал
фехалдзынæн, мæхи нал аивдзынæн зæронды 'рдæм: мæхицæн хæсыл цы
нымадтон, уый æххæст кæндзынæн, цалынмæ мæ цæст æрттива, уалынмæ.
Уырызмæг нырмæ дæр никæй ма аздæхта, чи йæ агуырдта, уыдонæй, ныр
дæр нал аздахдзæн.
Сатанайы нæ фæндыд, Уырызмæг уыцы лæппуимæ стæры ацыдаид, уый:
куы 'ризæр ис, уæд ракодта æртæ мыдамæсты æмæ скуывта:
— Хуыцауты Хуыцау, мæхи Хуыцау! кæд мæ истæмæн сфæлдыстай, уæд
авд азы дæргъы цы мит, цы къæвда æруаринаг у, уый ахсæв куыд
æруара, стæй зилгæ дымгæ, тухгæ уад куыд сыста, ахæм хорз мын
ракæн — кæд æмæ уыцы æнæнтыст, уыцы фæхъæуинаг байсæфид, æмæ нæ
зæронд баззаид нæ хæдзары.
Уайтагъд арв æрбахгæдта. Уарын байдыдта æмæ æхсæв-бонмæ
ныууарыд æнусы цъити æмæ залты мит, стæй сыстад зилгæ дымгæ, тухгæ
уад æмæ бæстæ хаста: хæдзарæй хæдзармæ акæсæн нал уыди. Уырызмæг
уæддæр сæударæй саргъ авæрдта йæ хъулон Æрфæныл æмæ араст ис. Миты
лæгæрдгæ, тыхтæ-амæлттæй Æмхицхæрæн Бæрæг обаумæ куыд бахæстæджытæ
ис, афтæ кæсы, æмæ обау сау дары, обауыл хуыссы лæппу, йæ саргъ —
йæ нывæрзæн, æфтаугæ — йæ быны, нымæт — йæ уæлæ, йæ алыфарс авд
мусуаты бæрц цъæх нæууæй лæууы, æмæ йæ Аласа астæумæ кæрдæгыл
хизы.
«Зæд у, дуаг у, æви, цымæ, цавæр диссаг у ай!» — загъта
Уырызмæг йæхи нымæры.
Уалынмæ бахæццæ ис обаумæ, лæппуйы уæлхъус æрурæдта йæ хъулон
Æрфæны æмæ дзуры:
— Цы фæдæ, лæппу, уæлæмæ! Фæндаг даргъ у, бон — цыбыр, цæуын
хъæуы.
Лæппу фестади, арæвдзытæ кодта йæхи, бæхыл абадт, æмæ фæцæуынц
— разæй Уырызмæг йæ хъулон Æрфæныл, йæ фæстæ лæппу йæ Аласайыл.
Цæуынц, цæуынц; зилгæ дымгæ, тухгæ уад нал æнцайы. Уырызмæджы
хъулон Æрфæн мит фады йæ мæргъгæйæ; хаттæй-хатт дзы афсæры йæ
бырынчъытæ. Лæппуйы бæх йæ фæстæ сау зæххыл хизгæ цæуы. Æрфæны
æууæлтæ хорз нал сты — фæллайын байдыдта. Уæд лæппу дзуры
Уырызмæгмæ:
— Цы фæнды худинаг фæуæд,— æз цæуын разæй, стæй кæстæрæн разæй
ацæуын мауал уæд худинаг ардыгæй фæстæмæ!
Куыддæр аразæй ис, афтæ мит авд мусуаты бæрц сау кодта йæ бæхы
улæфтæй, æмæ йæ фæстæ Уырызмæджы Æрфæн цыди сауыл.
Ауадысты иудзæвгар.
Уырызмæг дзуры:
— Лæппу, рацыдыстæм хæтæны æмæ уынаффæ бакæнæм: кæдæм цæуæм,
кæм фæлæбурæм?
— Æнæхæрд бæстæ ма дын цы ран ис, уырдæм мæ фæхон,— загъта
лæппу.
— Ахæм бæстæ ма мын бæргæ баззад — Терк-Турчы бæстæ, уый
хуызæн ма хъæздыг бæстæ уæвгæ дæр нæ уыдзæн: фысвос зæгъай,
стурвос, бæхрæгъæуттæ,— аздахын дæр сæ нæ фæразынц сæ гæстæ, фæлæ
æнцон нæу ныфс бахæссын уырдæм: ахизын æм хъæуы денджызыл, стæй
рæгьæуттæ, дзугтæ хъахъæнынц æфсæн уырс, æфсæндзых бирæгъ æмæ
æфсæндзых хъæрццыгъа.
— Уæдæ уырдæм дарæм нæ фæндаг, нæ амонд бавзарæм, чи зоны, æмæ
нæ къухы исты бафта,— загъта лæппу.
Денджызы былмæ бахæццæ сты. Сæ бæхтæ фæцарæзтой денджызы; доны
кæсагау архайдтой бæхтæ æмæ уайтагъд иннæ фарс фесты.
Æрынцадысты денджызы был. Лæппу хорз цынадта йæ бæхы, стæй
фелвæста æнæдон сасым æмæ йæ уымæй байсæрста; уый фæстæ йæ уырыл
стулын кодта. Ноджы та йæ байсæрста сасымæй, хуырджыны йæ стулын
кодта, æмæ Аласа хохы йас сси.
Æвæдза, Терк-Турчы рæгъæуттæм бахæццæ сты, афтæ æрхызтысты сæ
бæхтæй. Лæппу ракъахта дыууæ уæрмы, иу — йæхицæн, иннæ —
Уырызмæгæн æд бæх, æмæ загъта:
— Уырызмæг, ныртæккæ мæ бæх хæцын байдайдзæни æфсæн уырсимæ.
Райдианы хæцдзысты зæвæтæй, æмæ сæ болат цæфхæдтæ кæрæдзиуыл хойын
куы сисой, уæд ахæм арт ссæудзæни, æмæ зæххы цъар судздзæни.
Хъахъæн дæхи. Уæлæмæ ма скæсай: фыдбылыз дыл сæмбæлдзæни. Уый
фæстæ лæбурдзысты кæрæдзимæ дæндагæй, хæцдзысты армаццагæй. Сæ
комы тæфæй сыстдзæн ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар уылынджы бæрц
хæсдзæн. Фæдзæхсын дын: дæ бынатæй ма фезмæлай, на 'мæ дæ куый-
дур, куый-хъæд бакæндзæн. Афон куы уа, уæд дæм бæрæг уыдзæн
мæхицæй.
Хæцынæй нал ауæрдынц æфсæн уырс æмæ Аласа. Сæ болат цæфхæдты
цæхæрæй ахæм арт сцырын ис, æмæ зæххы цъар судзы. Йæхи нал
баурæдта Уырызмæг, скасти уæрмæй, æмæ схæцыдысты йæ даргъ зачъетæ.
Лæппу йæм фæцарæхст, ахуыссын кодта зачъетæ æмæ загъта:
— Амæй фæстæмæ фæтк фæуæд, дæ зачъетæй ма цæй бæрц баззад, уый
дæргъæн зачъетæ дарын!
Банцадысты æфсæн уырс æмæ Аласа зæвæтæй хæцынæй; бавнæлдтой
дæндагæй æмæ армаццагæй. Ракодта ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар
уылынджы бæрц хаста.
Нал та фæлæууыд Уырызмæг — йæ сæр сдардта уæрмæй, æмæ йын
дымгæ йæ сæры кæхц айста æмæ йæ фæхæссы.
— Æгъуыстуай куыд фæдæн, гъе, мæ хистæр æнæ сæры кæхцæй
зайдзæн!— загъта лæппу æмæ сгæпп кодта уæрмæй. Сæры кæхц тулгæ-
тулын рацахста. Уырызмæджы сæрыл æй æркодта æмæ дзуры:
— Амæй фæстæмæ Нартæн сæ сæры кæхцытæ сисгæ мауал уæнт!
Уый размæ-иу Нартæй алчи дæр систа йæ сæры кæхц, æрдаста-иу æй
æмæ та-иу æй фæстæмæ ныккодта.
Бæхтæ хæст нæма фесты, афтæ сыл æфсæндзых бирæгъ йæхи
рауагъта. Лæппу йыл фат суагъта, æмæ,— дæ балгъитæг уыйау,— фæмард
ис бирæгъ уыцы ран. Лæппу йын йæ хъус слыг кодта æмæ йæ йæхимæ
бафснайдта. Уалынджы æфсæндзых хъæрццыгъа дæр ратæхы; лæппу та
уымæ дæр фæцырд ис, фатæй йæ фехста, æмæ хъæрццыгъа зæххыл йæ
базыртæ батылдта. Уымæн дæр та лæппу ракъуырдта йæ сæр æмæ йæ
афснайдта.
Æфсæн уырс æмæ Аласа кæнынц сæ хæсты кой. Уырс фæлæбуры
Аласамæ, æмæ байдзаг вæййы йæ дзых дур æмæ хуырæй. Фæстагмæ
Аласайæн байдыдта тынгдæр æнтысын. Æфсæн уырс зæххы афсæрста йæ
зонгуытæ. Лæппу баскъæфта йæ саргъ, уыцы хуызæнæй йæ авæрдта
уырсыл æмæ балиуырдта йе рагъмæ.
— Цы фæдæ, Уырызмæг? Тæргæ тагъд Терк-Турчы рæгъæуттæ, æз
цæуон æмæ фехъусын кæнон сæ хицæуттæн!
— Фæлтау нæ фæндаг дарæм, сурæг нæ нæй, тыхгæнæг иннæ ахæм,—
загъта Уырызмæг.
— Уый мæ сæрмæ нæ бахæсдзынæн. Стæй нæ фосы конд æнæ фæдисæй
атæрæм, уый аккаг дæр нæу.
Æфсæн уырсы базмæлын кодта, Терк-Турчы дзыллæ куывды кæм
бадтысты, уым балæууыди æмæ дзуры:
— Фæдис, Терк-Турк, уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуы!
Кæстæртæ хистæртæн фехъусын кодтой уацхъуыд. Хистæртæ загътой:
— Уый хæрд, нозт чи агуры, ахæм уыдзæни; ацæут æмæ йæ
æрбакæнут нæ размæ, мах ын уазæджы уынд фæкæнæм.
Кæстæртæ ауадысты лæппумæ æмæ йæ мидæмæ хонынц.
Лæппу æрхызт æфсæн уырсæй. Бæхбæттæныл æй бафтыдта æмæ
хистæрты размæ бацыд. Фынгтыл рахаста йæ цæст. Систа æфсæндзых
хъæрццыгъайы сæр æмæ æфсæндзых бирæгъы хъус. Сæр хистæрты фынгмæ
баппæрста, хъус — кæстæрты размæ æмæ загъта:
— Хистæртæ, сæр хъуаг уыдыстут, æмæ уын мæнæ уый сæр; сымахæн
та, кæстæртæ, мæнæ хъус, æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ, уæртæ уын,
уæдæ, бæхбæттæны та уе 'фсæн уырс.
Хорзау нал фесты æмбырды адæм: ныфс сæ кæмæй уыди, уыдон сæ
къухæй фæцух сты.
Лæппу рауади, йæхи баппæрста æфсæн уырсыл æмæ араст ис
Уырызмæгмæ. Хъæугæронмæ куы рахæццæ ис, уæд кæсы, æмæ урсхил
зæронд ус æхсæз обауы æхсæн бады æмæ радыгæй обæуттæм кæуы,
хъарджытæ сæм кæны.
«Ай та цавæр диссаг уа?» — загъта лæппу йæхи нымæры.
Уалынмæ йæм зæронд ус дзуры:
— Æруай, мæ дзидзи мын дæ дзыхы акæн, фæдисæй тас нæу нырма:
чи зоны, кæд срæвдз уыдзысты?! Фæлæ дæм кæй дзурын, уый дæм диссаг
ма фæкæсæд. Авд фырты мын уыди, æмæ дзы æхсæзæй бавдæлон дæн, мæнæ
дын адон сæ обæуттæ,— мæрдты бæстæм аивгъуыдтой знаджы къухæй,
Терк-Турчы рæгъæутты фæстæ фæдисы уайгæйæ. Тыхгæнæг дæ: бæрæг у дæ
ахастыл. Фæдис дыл стыхджын уыдзæн, мæ фырт уайдзæн сæ разæй,
тыхсын дæ кæндзæн, фæлæиу ын мæн тыххæй, сидзæргæс усы тыххæй,
ныггæдзæ кæн,— мæ иунæг фæуæд де уазæг!
Лæппу æфсæн уырсæй æргæпп кодта, бауади æмæ идæдз усы дзидзи
акодта йæ дзыхы æмæ йын дзырд радта, Нæртон лæджы дзырд, йæ иунæг
фыртæн ын кæй ницы кæндзæн, уый тыххæй. Зæронд ус бацамыдта
лæппуйæн, йæ фырт цы хуызæн уыдзæн фæдисы, уый.
Лæппу та абадти æфсæн уырсыл æмæ тæргæбæхæй Уырызмæджы цур
фестад. Денджызы сæ фосы конд баскъæрдтой æмæ иннæ фарс фесты.
Фæцæуынц, æмæ сæ мæнæ иу барæг йæ разæй æрбатымбыл кæны.
— Цæугæ, Уырызмæг, ды фосы кондимæ, фæдисимæ истæмæйты
архайдзынæн мæхæдæг. Барæг фестад йæ уæлхъус.
— Гъæ, куыдзæй чи райгуырди, уыцы куыдз,— дзуры барæг,— кæй
фос фæтæрыс, кæ? Фæцæудзынæ мын, кæд лæг уай, уæд,— æмæ лæппуйы
фæрсты фæттæ бындзытау тæхын байдыдтой.
— Дзырд радтон дæ мадæн, йæ дзидзи йын мæ дзыхы бакодтон, мад
дзы загътон,— ма мæ хъыг дар, ауадз мæ мæ фæндагыл,— дзуры йæм
фæстæмæ лæппу.
Фæдисон коммæ нæ бакаст.
Æгæр-æгæр куы стыхсын кодта лæппуйы, уæд уый дæр фат суагъта,
æмæ фæдисонæн дарæсæй буары æхсæн суад, бæхæй йæ айста æмæ йæ
зæхмæ нывдызта. Схæц-схæц ма бæргæ фæкодта фатыл фæдисон, фæлæ йын
фат змæлын дæр нал бакуымдта. Фæдис æй уыцы хуызæнæй æрбаййæфтой.
Уыдон дæр фæцархайдтой фатыл, фæлæ йын сæфтауынæн ницы бафæрæзтой.
Уæд баздæхтысты æмæ йын цирхъæй ныллыг кодтой йæ дарæс æмæ йæ
афтæмæй суæгъд кодтой. Хæцын байдыдтой фæдисонтæ лæппуимæ. Хæцынц,
æмæ разæй лæппу цæгъды фæдисонты, фæсте та сæ сæ туджы зæй ласы.
Афтæмæй сæ æрдæг фæкодта. Чи ма сæ баззад, уыдон куы бамбæрстой,
сæ бон ын ницы бауыдзæн, уый, уæд фæстæмæ аздæхтысты.
Уырызмæг æмæ лæппу 'рбатардтой сæ фосы конд Нартмæ. Уарæн фæзы
сæ æрурæдтой. Æмæ лæппу дзуры Уырызмæгмæ:
— Ды хистæр дæ, æмæ хъуамæ фосы конд ды байуарай!
— Æз сæ нæ байуардзынæн: фос ды фæкодтай,— загъта Уырызмæг.
Уæд лæппу иу урс гал рахицæн кодта фосæй æмæ йæ хицæнæй
æрбаста зæлдаг синагæй, иннæ фос æртæ дихы акодта æмæ загъта:
— Мæнæ дын уый дæ хистæрæггаг, иннæ дын æмбалы хай, æртыккаг
та дын мæхи хай; ацы галæй та мæнæн мæ афæдзы кæнд ахицæн кæ.
Дунеты дæр ма хыгътай мæрдтæм, æрмæст мæ ном — дæ фырты ном, дæхи
къухæй мæрдтæм чи бацыди Донбеттырты хæдзары, уый ном,— ницæмæй
ссардтай.
Йæхæдæг йæ Аласайыл абадтис, хæрзбон загъта Уырызмæгæн æмæ
араст ис мæрдты бæстæм.
Уырызмæг йæ цæсты сыг æрызгъæлдта æмæ йæм фæсте хъæр кæны:
— Иу каст ма мæм уæддæр фæкæн!
Лæппу йæм нал фæкаст, мæ рæстæг нал у, зæгъгæ.
Уырызмæг рæгъауы раскъæрдта æмæ, Сатанамæ куы 'рхæццæ ис, уæд
æм дзуры:
— Уæ, не 'фсин, ды йæ цинæй кæмæн цардтæ æмæ йæ уындæй кæмæн
нæ бафсæстæ, уыцы лæппуимæ дын уыдтæн æз хæтæны!
Сатана Уырызмæджы уым фæуагъта, афтæмæй лæппуйы сурын
байдыдта, сурын байдыдта æмæ йæм куы бахæстæг ис, уæд æм хъæр
кæны:
— Уæ, кæй цинæй цардтæн æмæ кæй уындæй нæ бафсæстæн, дæ уынд
мын ма бахæлæг кæ, дæ цæсгом ма мæм фездах!
Лæппу йæм фæстæмæ нæ фæзыддис, фæлæ йæм рахъæр кодта:
— Рæстæг мын нал ис,— хур аныгуылд.
Сатана куы бамбæрста, ай мæм нал ракæсдзæни, зæгъгæ, уый, уæд,
мæгуырæг, скуывта:
— Хуыцауты Хуыцау, мæ Хуыцау! кæд ды мады зæрдæйы кæсын зоныс,
уæд ма хæхтыл дыдзы хур æрбакæсын кæн! Æмæ уæд хæхтыл дыдзы хур
æрбакасти.
Уалынджы бахæццæ ис лæппу мæрдты дуармæ æмæ дуаргæсмæ бахъæр
кодта:
— Дуар бакæн!
— Афон нал у, хур аныгуылди,— радзырдта йæм дуаргæс.
— Нырма раджы у, уæлæ ма хæхтыл хур кæсы,— дзуры та йæм лæппу.
Дуаргæс дуар бакодта. Лæппу, мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд
загъта, афтæ иу здæхт фæкодта Сатанамæ. Сатана йын йæ фæччитæ æмæ
йæ цæсгом иу уынд акодта æмæ лæппуйыл йæ къухдарæн фехста.
Къухдарæн лæппуйæн йæ къухыл абадти, æмæ йæ йемæ мæрдтæм бахаста.
Уым та Барастыры уæрагыл сбадти.
Сатана дæр фæстæмæ раздæхти, æмæ уыцы урс галæй сæ лæппуйæн
стыр хист скодтой, иннæ фос байуæрстой Нарты мæгуыртæн.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ
Иуахæмы Уырызмæг уыдис балцы. Уыцы рæстæджы-иу Æртæ Нарты
фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ-иу сæхи мидæг тæрхон кæнын
байдыдтой, хуыздæр сæм чи у, ууыл. «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус
хуыздæр чи уыдзæнис? » — алыбон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм ныхас.
Фæлæ нæ фидыдтой: æппын чи ницæмæн бæззыдис, уый дæр-иу загъта:
«Æз уæ хуыздæр дæн!»
Куы нæ 'мæ куы нæ фидыдтой,'уæд сын Сатана загъта:
— Уæртæ Къармæгонмæ бацæут, зæронд ус у, æмæ йæ бафæрсут: уый
уын раиртасдзæнис уæ хуыздæры 'мæ уæ фыддæры.
Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ 'рбахуыдтой Ныхасмæ.
— Къармæгон, иу хъуыддагæй дæ фæрсдзыстæм, æмæ нын æй раст
зæгъ,— загътой Нарты фæсивæд.
— Уæ хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ! Æз цы зонын?—
загъта Къармæгон.
— Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын зæгъай, Нарты æхсæн лæг
хуыздæр, ус хуыздæр чи у?
Къармæгон сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта:
— Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут, уæ къухы бафтæд
хорздзинæдтæ, фæлæ уæм кæсын, æмæ уæ хуыздæртæ ам не сты.
— Чи сты, уæддæр, нæ хуыздæртæ, уый нын зæгъ!— ныллæууыдысты
Нарты фæсивæд.
— Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана,— загъта сын
Къармæгон, куы нæуал æмæ йæ куы нæуал уагътой, уæд.
Зæронд усы сæ быны ракодтой Нарты хъалтæ — æххæсгæ йæм чи
кодта, уыдон æй нæмгæ кодтой, чи йæм не 'ххæсти, уыдон та зæхх
надтой, афтæмæй йæ ныцъæл, ныммур кодтой.
Йæ дыккаг бон Уырызмæг æрцыди йæ балцæй, æмæ йын Сатана хъаст
кæны:
— Знон Æртæ Нарты фæсивæд Къармæгоны æрбахуыдтой æмæ йæ
ныцъæл, ныммур кодтой.
Уырызмæг мæстæйдзагæй араст йс æмæ бацыдис Къармæгонмæ. Фæрсы
Къармæгоны:
— Цы кодтай, Къармæгон?
— фыдбон сæ хай фæуæд Нарты хъалтæн!— загъта йын Къармæгон.—
Ам мæм знон æрбацыдысты, бахуыдтой мæ Ныхасмæ æмæ мæ фæрсынц:
«Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?» Æз сын загътон: «Лæг
хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана». Уыдон мæ сæ быны
ракодтой æмæ мæ ныцъæл, ныммур кодтой.
Æрбаздæхтис Уырызмæг йæ хæдзармæ. Дыккаг бон райсомæй раджы
фестадис, фæдзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:
— Цæугæ æмæ ныхъæр кæн Æртæ Нартыл, æз Сау хохыл фос федтон,
æмæ лæг чи у, уый рацæуæд мемæ фос кæнынмæ, фæстаг бон афтæ куыд
ничи зæгъа, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ.
Ныхъæр кодта фидиуæг дæр Æртæ Нартыл:
— Уырызмæг Сау хохыл фос федта æмæ лæг чи у, уый рацæуæд йемæ
фос кæнынмæ, чи нæ рацæуа, уыдонæй-иу афтæ мачи зæгъæд, æз дзы
цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ!
Араст сты Æртæ Нарты фæсивæд, Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй Сау
хохмæ фос фæкæнынмæ. Къармæгон æхсæвы æртæ мыдамæсты ракодта æмæ
скуывта: «Хуыцауты Хуыцау, ме сфæлдисон Хуыцау, залты мит æмæ
'нусы цъити кæм ныууары æмæ уыцы Нарты хъалтæн сæ лæг хуыздæр кæм
рабæрæг вæййы!»
Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыди ахæм мит, æмæ æппындæр
акæсæн нал уыди. Нарты адæм сæ цыды кой кæнынц уæддæр. Урс
денджызы былтыл сæ ахуыдта Уырызмæг, Сау денджызы былтыл сæ уæлæмæ
схуыдта, æмæ сæ ничи схæццæ ис Сау хохмæ: фæндæгтыл баззадысты æмæ
ма тыхтæй-фыдтæй сæ хæдзæрттæ ссардтой.
Иунæгæй ссыд Уырызмæг Сау хохы рæбынмæ. Уырдыгæй скаст уæлæмæ
æмæ суыдта хохыл стыр фосы дзуг. Ссыди фосмæ; кæсы, æмæ семæ иунæг
цæу, æндæр сын никуыдæр гæс, никуыдæр бынат бæрæг. Фосæй дæр
уыдысты æнахуыр фос: фыстæ — уæнгуыты йæстæ, цæу та — раст теуайы
йас.
«Адонæй мæхицæн иу далыс æхсæвæрæн куы ныргæвдин», загъта
Уырызмæг йæхицæн, фæлæбурдта æмæ иу далысы къахыл фæхæст и. Далыс
æй йæ фæдыл фæралас-балас кодта, йæ былтæ йын дуртыл фæхоста, фæлæ
йын уæддæр аирвæзти.
«Цæй, гæнæн нæй», загъта Уырызмæг, «цæуон сæ фæдыл, искуы кæд
уаид сæ бынат».
Æризæр и. Фос рацыдысты, стыр цæу сæ разæй, афтæмæй; Уырызмæг
дæр цæуы сæ фæстæ. Уалынмæ кæсы, æмæ иу стыр лæгæтмæ бацыдысты.
Уый дæр сæ фæстæ бацыдис лæгæтмæ. Куыддæр фос фæмидæгæй сты æмæ
æрынцадысты, афтæ Сохъыр Уæйыг, æхситтытæ гæнгæ, йæ уæхскыл къала
бæлас, афтæмæй æрбацыди. Бæлас зæххыл ныццавта, æмæ, цырагъæн æгæр
ставд, æндзарæнтæн та æгæр лыстæг, ахæм пырх ныццис. Уырызмæг
Уæйыджы куы ауыдта, уæд бæргæ фæтарстис, фæлæ ма йын цы гæнæн
уыдис! Йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йæм дзуры:
— Де 'зæр хорз!
— Æгас цу, хæххон дзигло!— дзуапп ын радта Уæйыг.— Цы Хуыцау
дæ æрхаста ардæм?
— Хæтæг лæг дæн æмæ ардæм æрбафтыдтæн,— загъта Уырызмæг.
Уæйыг иу стыр къæй лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта, йæхæдæг арт
скодта. Стæй къахахсæн райста, равнæлдта дзы æмæ иу фыс рацахста.
Фысы æрбаргæвста, раст дыууæ 'мбисы йæ акодта æмæ йæ афтæмæй
уæларт аджы бафтыдта. Цалынмæ уый фыхтис, уæдмæ Уæйыг йæхи арты
фарсмæ уæлгоммæ ауагъта, æмæ йæ хуырхуыр ссыдис — афынæй ис.
Уырызмæг бады. Æхсæвæр куы сцæттæ ис, уæд та райхъал ис Уæйыг,
сыстадис æмæ аг райста уæлартæй æмæ фысæн йæ иу æрдæг йæхицæн
æрæвæрдта, иннæ 'рдæг Уырызмæгæн, æмæ йæм дзуры:
— Ахæр, уазæг!
Бахордтой æхсæвæр, уæдæ цы, æмæ йын Уырызмæг арфæ ракодта.
Райсомæй раджы Уæйыг лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, йæхæдæг
дуарыл хæлиу ныллæууыд æмæ дзуры цæумæ:
— Бодзо, аскъæр фос, дзæбæх сæ фæхиз æмæ сæ изæры бæрæгæй
æрыскъæр.
фос йæ сагæхты 'хсæнты рауагъта, сæ разæй дынджыр цæу,
афтæмæй, æмæ сæ банымадта. Иууылдæр куы феттæдуар сты, уæд йæхæдæг
дæр рацыдис æмæ та къæй фæстæмæ лæгæты дуарыл бафæлдæхта. Уырызмæг
мидæгæй баззадис; бон-изæрмæ фæцархайдта къæй рафæлдахыныл, фæлæ
йын змæлын дæр нæ бакуымдта.
Куы баизæр ис, уæд Уæйыг йæ фосимæ 'рбацыди, лæгæты дуары къæй
рафæлдæхта, фос мидæмæ бауагъта æмæ та къæй дуарыл æрбафæлдæхта.
— Уазæг иу æхсæв уазæг вæййы,— дзуры Уæйыг Уырызмæгмæ.— Ахсæв
æхсæвæр кæнын дæу бар у, æмæ нын æхсæвæр куыд скæнай, афтæ!
— Æмæ дын цæмæй скæнон æхсæвæр, куы ницы мæм ис, уæд?— загъта
Уырызмæг.
— Уæдæ мæхæдæг скæндзынæн агхсæвæр,— загъта Уæйыг æмæ райста
хæдзилгæ дыкъухыг уæхст, Уырызмæгæн æй цæрдудæй йæ дыууæ уæраджы
стъыста æмæ йæ арты фарсмæ æрсагъта; йæхæдæг,— цалынмæ уый.физонæг
кæна, уæдмæ аулæфон, зæгъгæ,— йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ
уайтагъддæр йæ хуыр-хуыр ссыдис. Уырызмæг дæр уый куы базыдта,
Уæйыг афынæй ис, зæгъгæ, уæд йæ къах тъæрмæ фæбыцæу кодта, йæ
къухтæй та уæларт рæхысыл фæхæст ис, афтæмæй æрдæгарыдтытæй йæхи
тыхтæй-амæлттæй уæхстæй рафтыдта. Стæй уæхст сырх зынг скодта æмæ
йæ афтæмæй фынæй Уæйыджы дзæбæх цæсты ацавта.
Ныййах кодта Уæйыг, фестадис æмæ Уырызмæджы агуры. Уырызмæг
дæр йæ разы кæм бадтаид! Уайтагъд фосы астæу смидæг ис æмæ уым
йæхи æрæмбæхста. Уæйыг дæр æй кæм тызмæгæй, кæм лæгъзæй йæхимæ
сайы, фæлæ йын æппындæр ком нæ дæдты Уырызмæг. Ахсынмæ дæр æй
бæргæ рахъавы куырм Уæйыг, фæлæ йыл нæ хæст кæны. Куы бафæлладис,
уæд æрынцад æмæ лæгъзæй дзуры Уырызмæгмæ:
— Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис. фæлæ мæ тых æмæ мæ амонд
сты мæнæ ацы къухдарæны, æмæ йæ дæ къухыл куы бакæнай, уæд дæу
фæуыдзысты,— æмæ аппæрста къухдарæн зæхмæ.
Уырызмæг дæр цингæнгæ къухдарæн зæххæй куы фелвасид æмæ йæ йе
'нгуылдзыл куы бакæнид! Къухдарæн «мæнæ и!» «мæнæ и!» кæнын
байдыдта. Уæйыг дæр багæпп кодта æмæ Уырызмæджы — иуырдæм сургæ,
иннæрдæм сургæ; уый дæр йæ разæй лæгæты къуымты ралидз-балидз
кæны. Къухдарæн уæддæр «мæнæ и!» «мæнæ и!» кæны.
Куыд Хуыцау хорзгæнæг, афтæ Уырызмæгæн йæ разы фæцис фæрæт.
Фелвæста Уырызмæг фæрæт, йе 'нгуылдз къуыдырыл авæрдта æмæ йæ
фæрæтæй æркъуырдта,— дæ фыдгул афтæ,— æнгуылдз йæ рæбыныл атæхын
кодта, йæхæдæг та лидзынмæ фæци.
Æнгуылдзыл та уæддæр къухдарæн «мæнæ и!» «мæнæ и!» кæны,
æппындæр не 'нцайы. Уæйыг æнгуылдзмæ бауадис, фæлæбурдта æмæ
къуыдырыл фæхæстис æмæ йæ фæнык фестын кодта, стæй фелвæста
æнгуылдз æмæ йæ фырмæстæй æд къухдарæн аныхъуырдта.
Йæ бон куы базыдта, уæд ныссабыр ис Уæйыг æмæ дзуры
Уырызмæгмæ:
— Додой мын дæ сæр кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ, мæ сагæхты
'хсæнты дæ нæ хъæудзæнис æттæмæ цæуын?!
Байдыдта хъуыды кæнын Уырызмæг, уæдæ цы амалæй аирвæзон ацы
фыдбылызæй, зæгъгæ, æмæ та йын æрхъуыды кодта хиндзинад.
Уæйыг куы ныффынæй ис, уæд Уырызмæг Бодзоцæуы æрбаргæвста æмæ
йæ мæхæлыстыгъд акодта, йæ сыкъатæ дæр ын йæ цармыл ныууагъта,
афтæмæй.
Сæумæрайсом цæудзарм йæ уæлæ æркодта. Уæйыг дæр та фос хизынмæ
уадзын афон лæгæты дуар байгом кодта, хæлиу та ныллæууыди дуарыл
æмæ дзуры цæумæ:
— Рацу, Бодзо, дæ фæхъау фæуон, аскъæр та хизынмæ дæ фос æмæ
та сæ изæры, афоныл, фæстæмæ бæрæгæй æрыскъæр!
Уырызмæг дæр цæудзармы мидæг фосы разæй рараст ис. Уæйыгмæ куы
рахæццæ ис, уæд йæ сыкъатæ фæхъил кодта; Уæйыг дæр æй уырзай бæргæ
æрысгæрста, фæлæ йæ нæ базыдта, афтæмæй Уæйыджы сагæхты 'хсæнты
феттæдуар ис Уырызмæг. Иннæ фос дæр Уырызмæджы фæдыл кæрæдзийы
фæстæ рарæгъ сты, æмæ сæ банымадта Уæйыг. Фос иууылдæр куы
феттæдуар сты, уæд Уырызмæг цæудзарм аппæрста æмæ фæстæмæ Уæйыгмæ
бадзырдта:
— Гъе ныр уым «Бодзо!» «Бодзо!» кæн, куырмхæрæг! Ацы фосæй ды
цы ницыуал фенай, де 'ннæ фæллойæ дæр æндæр мацыуал фен!
Куырм Уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ йæ фыр мæстæй,
лæгæты раз был ис, уый нал ахъуыды кодта; асхъиудта уырдыгæй æмæ
ныххæррæгъ ис.
Уырызмæг Уæйыджы фосы дзуг йæ разæй ракодта æмæ йæ 'ртардта
Нарты стыр хъæумæ; æрхæццæ ис йæ хæдзармæ йæ фосы кондимæ.
Фæсидтис фидиуæгмæ æмæ йæ ныхъæр кæнын кодта, уыцы бон Уырызмæгимæ
чи рацыдис, уыдон райсом æрæмбырд уæнт, æмæ фосы конд байуарæм,
зæгъгæ. Æрбахонын кодта Къармæгоны дæр.
Сæумæрайсом æрæмбырд сты Нарты адæм æмæ фос уарын байдыдтой.
Уырызмæг дзы иу хай уæлдай скодта. Кæрæдзимæ бакастысты Нарт, ацы
уæлдай хай ма кæмæн у, зæгъгæ.
Исын байдыдтой хæйттæ. Иу хай ма дзы баззади уæлдай, æмæ
Уырызмæг дзуры Къармæгонмæ:
— Мæнæ дæуæн дæр хай, Къармæгон, кæй дæ бафхæрдтой, уый
тыххæй!
Къармæгон дæр райста хай æмæ, уæдæ адонæн мацы зæгъон, зæгъгæ,
дзуры:
— Гъе ныр уын нæ загътон, уæ хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ!
Басастысты Нарты хъал фæсивæд дæр, Уырызмæг æцæг сæ хуыздæр
кæй у, ууыл.
УЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ ФОСЫ КОНД
Базæронд ис тынг Нарты Уырызмæг, басасти йæ тых. Нал цыдис
стæры, нал æй фарстой зондæй Нарты фæсивæд. Фæцис-иу Нарты хъал
фæсивæды 'хсæн ахæмтæ дæр, худгæ йыл чи кодта, ницыуал пайда нын
у, зæгъгæ-иу чи загъта. Райсомæй-иу рацыдис Ныхасмæ æмæ-иу йæ бон
уым арвыста адæммæ хъусгæйæ; кастис-иу, куыд æхстой фатæй Нарты
фæсивæд, æмæ-иу æрлæууыдысты йæ лæппуйы бонтæ йæ зæрдыл, æмæ та-иу
изæры æнкъардæй бацыдис йæ хæдзармæ.
— Гъæй джиди, искуы ма фосы конды фæу!— загъта иухатт Уырызмæг
æмæ рацыди Нарты стыр Ныхасмæ. Ныхасы бадтысты Нарты фæсивæд, æмæ
сæм дзуры:
— Мæ чысылæй мæ зæронды бонмæ уын мæ зонд никуы бахæлæг
кодтон, ныр базæронд дæн, æмæ уын мæ зæронд сæр фыдæбоны йеттæмæ
ницæмæнуал бæззы, мæнæй уын ницыуал пайда ис. Райсом мын стыр
æнгом чырын саразут, уым мæ нывæрут æмæ мæ фурды баппарут: мæнæн
Нарты уæлмæрдты нæй ныгæнæн.
Фæсивæдæй иутæ загътой: «Нæ зондамонæг Уырызмæг нæ уæле куы нæ
уа, уæд цæрынæн ницы бакæндзыстæм»; иннæтæ загътой: «Базæронд ис
æмæ нæ ницæмæнуал хъæуы». Фæлæ йын уæддæр йæ фæнд сæххæст кæныныл
не сразы сты, йæ коммæ нæ бакастысты.
Уæд та сæм рацыдис Уырызмæг дыккаг изæр дæр æмæ та сын загъта:
— Цæмæн мæ фыдæбонæй марут? Саразут мын чырын æмæ мæ фурды
баппарут.
Гæнæн куы нæуал уыди, уæд сразы сты фæсивæд æмæ æртыккаг бон
сарæзтой егъау чырын æмæ йæ фурды былмæ ныххастой æмæ дзы
Уырызмæджы нывæрдтой; нывæрдтой йын йемæ хæринаг дæр къуыриваг;
æнгом æй ныхгæдтой æмæ йæ афтæмæй фурды баппæрстой.
Фурд чырыны йæ сæрыл систа æмæ йæ ласынтæ байдыдта. Цас æй
фæласта, чи зоны, фæлæ йæ иу æхсæв Саденджызы 'лдары бæхты
дондарæны раппæрста кæронмæ.
Райсомæй æлдары æххуырстытæ бæхтæ раскъæрдтой дон дарынмæ.
Бæхтæ донмæ æмгæрон нал цæуынц: ныххуыррытт кæнынц æмæ фæстæмæ
лидзынмæ фæвæййынц. Ай цы уа, зæгъгæ, бацыдысты æххуырстытæ
хæстæгдæр. Кæсынц, æмæ дондарæны — чырын. Раппæрстой чырын былмæ,
сæппæрстой йын йæ сæр æмæ уынынц — чырыны хуыссы зæронд лæг, кæрцы
мидæг.
Фæджих сты æххуырстытæ: «Циу ай, цы диссаг у, цы йæ 'рхаста?!»
Æмæ фæрсынц Уырызмæджы:
— Цы дæ, цавæр дæ, цы хуыцау дæ 'рхаста ардæм?
— Æз дæн Нарты Уырызмæг. Базæронд дæн, мæ цардæй сфæлмæцыдтæн
æмæ мæхи доны баппарын кодтон.
Æххуырстытæй иу азгъордта 'лдармæ æмæ йæм дзуры:
— Дæ фыдæхæй фесæфон, æлдар, дæхи базонынæй нырмæ æрцахсынмæ
кæмæ бæллыдтæ, уый ныр бафтыд дæ къухы — Нарты Уырызмæг!
Æлдар фæхъæр кодта йæ лæггадгæнджытæм:
— Ныртæккæ йæ ардæм куыд ракæнат, афтæ!
Скодтой Уырызмæджы æлдармæ. Бацин кодта æлдар, Уырызмæг йæ
къухы кæй бафтыдис, ууыл.
Йæ къухтæ 'мæ йын йæ къæхтыл стыр къуыдыртæ бабастой æмæ йæ
афтæмæй акодтой мæсыгмæ. Мæсыг сæхгæдтой, æрмæст ма дзы, кæрдзын
кæцæй лæвæрдтаиккой, ахæм хуынкъ ныууагътой.
Чысыл рæстæг рацыди, бирæ рæстæг, Хуыцауы йеттæмæ йæ чи зоны,
фæлæ Уырызмæг бады мæсыджы. Хъуыды кæнын байдыдта, уæдæ цы бакæнон
æмæ куыд бакæнон, зæгъгæ, æмæ æрхъуыды кодта. Иу бон куы уыд, уæд
та йын кæрдзын балæвæрдтой, æмæ кæрдзындзаумæ дзуры:
— Уе 'лдар цæй æдылы у!.. Ам, мæсыджы, амæлдзынæн, уымæй йыл
цы бафтдзæни? Уый бæсты ахæсты аргъ æркурæд.
Кæрдзындзау бацыди æлдармæ æмæ зæгъы:
— Дæ фыдæхæй фесæфон, нæ хорз æлдар, нæ ахæст диссæгтæ дзуры:
уе 'лдар, зæгъы, цæй æдылы у! Æз, зæгъы, ам амæлдзынæн, уымæй йыл
цы бафтдзæни? Фæлтау, зæгъы, ахæсты аргъ æркурæд.
— Ацæут, йæ къуыдыртæ йын рафтаут æмæ йæ ардæм ракæнут,—
радзырдта æлдар.
Ацыдысты лæггадгæнджытæ, Уырызмæджы къæхтæ 'мæ къухтæй
къуыдыртæ рафтыдтой æмæ йæ 'лдармæ 'рбакодтой.
— Гъы, Нарты Уырызмæг, цы мын бафиддзынæ ахæсты аргъмæ, куы
ницы дæм ис?— фæрсы йæ 'лдар.
— Мæ бинонтæ 'мæ мæ хъæу куы базоной, нæ хистæр удæгас у æмæ
ахæсты ис, зæгъгæ, уый, уæд сæ фæллойыл æппындæр нæ
бацауæрддзысты. Мæхи бирæ фæллой цæуыл нæ сæххæссой, æртæ ахæмы мæ
хъæу ратдзысты.
— Уæддæр мын цы бафидинаг дæ?— фæрсы та йæ 'лдар.
— Кæд мæ фиддæн дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дын куыннæ бафиддзынæн:
сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ,
сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ фæндзсионтæ.
Æлдарæн æхсызгон куыннæ уыдаид! Арвит, уæдæ, дæ хъæумæ,
зæгъгæ, загъта Уырызмæгæн.
— Уæдæ мын иу саухил æмæ иу бурхил лæг радт, мæ дзырд мын чи
фæхæццæ кæна Нарты хъæумæ æмæ сын ардæм фæндаг чи бацамона,
ахæмтæ,— загъта Уырызмæг.
Æлдар арвыста, æмæ йын æрбакодтой дыууæ лæджы: сæ иу уыди
саухил, иннæ та — бурхил.
Бацамыдта уыдонæн Уырызмæг фæндаг Нарты бæстæм æмæ сын загъта:
— Ацæут æмæ зæгъут Нартæн: «Уырызмæг Саденджызы алдары къухты
бахауд, æмæ йын рарвитут ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ
сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ
сæдæ та фæндзсионтæ. Сау галы æмæ сын бур галы сæ разæй скæнут,
фæндагамонæг; кæд уын раст фæндагыл нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр
ракæнут æмæ-иу æй бур галы 'фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд
фæндагыл цæудзæни раст».
Саухил лæг æмæ бурхил лæг араст сты Нарты бæстæм. Бирæ
фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, Хуыцауы йеттæмæ йæ чи зоны, фæлæ иу
изæрыгон бахæццæ сты Нартмæ.
Нарт бадынц Ныхасы.
— Уе 'зæр хорз уæд!— загътой бæлццæттæ.
— Хорзæй цæрат, хорз уазджытæ!— загътой Нарт.— Цы хур, цы
къæвда уæ 'рхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд?
— Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз адæм,— загътой уазджытæ, мах стæм
Саденджызы æлдары бæстаг. Нарты Уырызмæг бахаудис не 'лдары
къухты. Æлдар дзы æрцагуырдта ахæсты аргъ. Уырызмæг сразы ис æмæ
нæ рарвыста ардæм ахæсты аргъмæ.
Нарт куы фехъуыстой, Уырызмæг æгас у, зæгъгæ, уый, уæд сын
тынг æхсызгон куыннæ уыди! Æмæ фæрсынц уазджыты:
— Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз уазджытæ, цы фиддæн æрцагуырдта уе
'лдар Уырызмæгæй? Уазджытæ загътой:
— Уырызмæг нын загъта: «Рарвитут мын ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ
иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ
цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ». Ноджыдæр ма нын загъта:
«Сау галы æмæ-иу сын бур галы сæ разæй скæнут фæндагамонæг, æмæ
уын фæндагыл раст куы нæ цæуой, уæд-иу сау сæр ракæнут æмæ-иу æй
бур галы 'фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст амондзæни».
Нарт уазджыты акодтой æхсæвиуат кæнынмæ. Сæхуыдтæг тæрхон
кæнын байдыдтой: «Галтæн сæ иугай сыкъатæ ракæндзыстæм, æмæ,
афтæмæй, уый бæрц иусион галтæ ссардзыстæм, дысионтыл дзырд нæй,
фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ та кæм ссарæм, ахæм
галты кой куы никуы фехъуыстам?!»
Маст кæнын байдыдтой, катайы бацыдысты.
Куы ницы фæрæз ардтой, уæд сфæнд кодтой Сатанайы бафæрсын.
Бацыдысты йæм æмæ йын загътой:
— Уырызмæг нæм Саденджызы æлдары бæстæй æрæрвыста ахæсты
аргъмæ: иусион галтæм, дысионтæм, æртысионтæм, цыппæрсионтæм æмæ
фæндзсионтæм. Гъа, иусион галтæ ма ссардзыстæм, дысионтæн сæ иугай
сыкъатæ асæтдзыстæм, афтæмæй, дысионтæ нæм ис, фæлæ æрты сионтæ,
цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ кæцæй æркæнæм, ахæм галты кой хъусгæ
дæр куы никуы фæкодтам?!
Сатана бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис уый, йæ дзыхы дзаг
ныххудтис æмæ сын зæгъы:
— Уыцы зæронд лæг уын куы нæ уа, уæд фесæфдзыстут! Кæмдæр та
уын ссардта æнæхæрд бæстæ æмæ уæ хоны уый хæрынмæ: иусион галтæ
хоны фистæг æфсад, дысион галтæ — бæхджын æфсад, æртысионтæ —
æрцджын æфсад, цыппæрсионтæ — згъæрджын æфсад, фæндзсионтæ та —
алцы 'ппæт хæцæнгæрзтæй æххæст æфсад.
— Æмæ, уæдæ, сау галы сæр ракæнут æмæ йæ бур галы 'фцæджы
бафтаут, зæгъгæ, уый та цы у?— фæрсынц æй адæм.
— Уый та амоны уый, æмæ æфсадæй куы ацæуат, уæд саухил лæг æмæ
бурхил лæджы уæ разæй скæндзыстут, цæмæй уын фæндаг амоной.
Уыйбæрц æфсад куы феной уыдон, уæд уын фæндагыл нал цæудзысты,
ракæ-бакæ кæндзысты, æмæ-иу уæд саухил лæджы сæр ралыг кæнут æмæ-
иу æй бурхилы 'фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст
амондзæни.
Уæд Нарты фæсивæд ныххæррæтт кодтой æмæ æртæ бонмæ æфсад
сцæттæ кодтой. Саухил æмæ бурхилы сæ разæй акодтой æмæ араст сты
Саденджызы 'лдары бæстæм. Дзæвгар куы ацыдысты, уæд саухил æмæ
бурхил загътой, адон хинæйдзаг æфсад сты, зæгъгæ, æмæ сын фæндаг
раст нал амыдтой: куы-иу чердæм ацыдысты, куы чердæм.
Нарты æфсад саухил лæджы сæр ралыг кодтой æмæ йæ бурхилы
'фцæджы бафтыдтой. Бурхил дæр уæд йæхицæн марынæй старст æмæ
фæндагыл раст цæуыныл ныллæууыди.
Уырызмæг зыдта Нарты 'фсæдтæн сæ ныццæуын афон æмæ, иу бон куы
уыд, уæд загъта æлдарæн:
— Цомма, мæсыджы сæрæй акæсæм, кæд, мийаг, æрбазындысты дæ
фос.
Схызтысты мæсыджы сæрмæ æмæ кæсынц уырдыгæй: быдыры кæрон,
дардæй, æрбазындис сау æндæрг.
Уырызмæг базыдта, Нарт кæй æрхæццæ сты, уый, æмæ дзуры
æлдармæ:
— Гъе, гъе, далæ дын ахæсты аргъ æрбаскъæрынц, фæлæ, дæ къухы
цыдæриддæр адæм ис, уыдон куыд арвитай сæ размæ, афтæ, æрмæст
хæцæнгарз мачи ахæссæд йемæ, æндæра уыдон ахæм знæт фосы мыккаг
сты, æмæ куыддæриддæр феной хæцæнгарз, афтæ ныппырх уыдзысты æмæ
фæлидздзысты — дæ къухы дзы иу дæр нал бафтдзæнис, æмæ уæд æз
аххосджын нæ уыдзынæн.
Æлдар арвыста Нарты 'фсæдты размæ, цыдæриддæр æм адæм уыдис,
уыдон, æмæ сын загъта: «Чидæриддæр уæ йемæ, уис æмæ лæдзæджы
йеттæмæ, æндæр исты ахæсса, уыдон ныццæгъддзынæн!»
Æлдары адæм Нарты 'фсæдтæм куы бахæццæ сты æмæ сæ куы ауыдтой,
уæд хорзау нал фесты.
Нарты ’фсæдтæ сæ цæгъдын байдыдтой, æмæ сæ сæрмæ рыг мигъау
сбадти.
Æлдар æмæ сæм Уырызмæг кæсынц мæсыджы сæрæй. Æмæ 'лдар фæрсы
Уырызмæджы:
— Уартæ уый фæздæджы хуызæн куы у, уæд уый цы у?
— Уæззау фос æрцæуынц, æмæ уый сæ комы тæф æмæ сæ къæхты рыг
у.
— Æмæ дзы хæсты хъæры хуызæн куы цæуы, уæд уый та цы у? —
фæрсы та æлдар.
— Уæззау фос сты, æмæ уый сæ къæхты хъæр у,— загъта та йын
Уырызмæг дæр.
Нарты 'фсæдтæ уым æлдары адæмы сухы цагъд ныккодтой. Уырызмæг
уый куы базыдта, æлдары адæм фæцагъды
сты, зæгъгæ, уæд æлдарæн йе 'хсæрфарсæн иу цъыкк нылласта æмæ
йын загъта:
— Ды Уырызмæджы марынмæ хъавыдтæ?! Акæс-ма далæ де 'фсадмæ,
уым дын сæ куыйты цагъд ныккæнын кодтон!— йæхæдæг ын йæ къабазыл
фæхæцыдис æмæ йæ разыввытт кодта мæсыджы сæрæй.
Нарты 'фсæдтæ бацыдысты æмæ Уырызмæджы куы федтой, уæд ыл тынг
фæцин кодтой.
Уырызмæг сын загъта:
— Мæ зæронд сæр уын куы нæ уа, уæд уæ халон йæ ахстонмæ
фæхæсдзæни.
Цыдæриддæр Саденджызы æлдары бæстæйы фос ссардтой, уыдон
раскъæрдтой, йæ фæллой йын иууылдæр рахастой æмæ æрцыдысты
фæстæмæ, Нартмæ. Цы фæллой рахастой, уый иууылдæр байуæрстой Æртæ
Нартыл, иу адæймаджы дæр дзы æнæ хаи нæ ныууагътой, фосæй та
афæдзæй-афæдзмæ фæкодтой номы куывдтæ æмæ номы хæрнæджытæ.
БÆГÆНЫ КУЫД ФÆЗЫНДИ
Уæд, дын, цъиу бæласыл куы абадти,
Уым хуымæллæг куы ратыдта.
Æртæ гагайы дзы ахордта.
Уырдыгæй, дын, куы ратахти,
Хуртуаныл куы абадти,
Зады нæмыг, дын, фелвæста.
Зады нæмыг куы ахордта,
Зæхмæ, дын, куы ахаудта,
Ратул-батул куы байдыдта.
Нарты Уырызмæг æй куы ауыдта,
Сатанамæ йæ куы бахаста.
Мæнæуы цæстмæ йæ бахæссы,
Мæнæуы цæсты йæ куы нывæры.
Сæрæй исгæ 'мæ бынæй ахадгæ куы фæвæййы.
Цъиу, дын, уым куы æрчъицы.
Сатана йыл сагъæс куы байдайы,
Уырызмæджы лæмбынæг куы æрфæрсы:
Уый йын хъуыддаг куы радзуры...
Ныр бæгæны цæмæй кæнгæ у?
Сау бæгæны — хъæбæр хорæй.
Йе 'нтуан та цæмæй кæнгæ у?
Нарты Сатанайы бафæрсут.
Æхсæры къутæрыл бур хуымæллæг,
Йе 'нтуан та уымæй вæййы.
Рахæсс нын, Сатана, сау бæгæны,
Ракув нын дзы, Нарты Уырызмæг!
Дзæбæх бонтæ дзы фендзыстæм,
Дзæбæх зарджытæ йыл куы кæндзыстæм.
СОСЛАН
СОСЛАНЫ РАЙГУЫРД ÆМÆ ЙÆ БАЙСÆРЫН
Иу бон Нарты Сатана стыр доны былыл гæрзтæ 'хсадта, йæ уæлæ
цыбыр куырæт, афтæмæй. Донæн иннæ фарс та йæ фосы дзуг хызта иу
фийау. Сатана уый бæрц рæсугъд уыди, уый бæрц урс уыди йæ буар,
æмæ йæ фийау куы ауыдта, уæд æм йæ зæрдæ бахъазыдис, дурыл йæхи
æруагъта æмæ фехсинаг ис. Сатана уый фæхъуыды кодта æмæ йын йæ
бонтæ нымайын байдыдта.
Йæ афон куы 'рцыди, уæд Сатана Нарты лæппутæй иу къорды йемæ
акодта æмæ сæ уыцы дур халыныл сифтыгъта. Дурæн йæ хуылфмæ куы
бахæстæг сты, уæд Сатана лæппуты рарвыста, йæхæдæг дуры хуылф
бакъæртт кодта æмæ дзы лæппу райста. Рахаста Сатана лæппуйы æмæ йæ
байдыдта хъомыл кæнын, ном та йыл сæвæрдта Сослан.
Сослан куы фæдынджыр ис, уæд иуахæмы дзуры Сатанамæ:
— Мæнæн кæй хæрын кæнут, уый иу куыдзæн хæрын кæнут, æмæ ма
уын уый уæ къæсæр уæддæр хъахъæндзæн.
Нæ бамбæрста Сатана Сосланы ныхас. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ
та йын ноджы дыккаг хатт зæгъы Сослан:
— Мæнæн кæй дæдтут, уый иу куыдзæн дæдтут, æмæ уын уæ къæсæр
хъахъæна!
— Цæмæн афтæ зæгъыс?— фæрсы йæ Сатана.
— Æз адæймагæн не сбæздзынæн,— загъта Сослан,— бирæгъы 'хсыры
мæ Куырдалæгонæн куы нæ байсæрын кæнат, уæд.
Фервыста Сатана Куырдалæгонмæ. Нарт æмхæрд, æмнуæзт уыдысты
дауджытимæ,— æрцыдис Куырдалæгон Сатанайы хуындмæ.
— Афтæ æмæ афтæ, Сосланы байсæрын хъæуы бирæгъы 'хсыры,—
затъта йын Сатана.
Райдыдта аразын кæнын Сосланæн йе 'мдæргъ æмæ йе 'муæрх бæлæгъ
Куырдалæгон.
Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон хъуыддаг бамбæрста, æруайы
бæлæгъаразæджы рæзты æмæ дзуры:
— Уе 'гæр калат, Нарты адæм, ныр бæлæгъ кæмæн аразы, уый зоны,
афтæмæй йæ цыппар æнгуылдзы даргъдæр кæны!
Бæлæгъаразæг дæр фæдзæгъæл ис æмæ бæлæгъ цыппар æнгуылдзы
цыбырдæр фæкодта.
— Ныр сæрын хъæуы лæппуйы,— загъта Куырдалæгон Сатанайæн,— æмæ
сæдæ голладжы тулдз æвзалы æмæ сæдæ гæбæты бирæгъы 'хсыр сцæттæ
кæн.
Тулдз æвзалы уайтагъддæр сæдæ голладжы æрцæттæ кæнын кодта
Сатана, фæлæ бирæгъы 'хсырæн амал нæ ары. Куы ницы амал ын ардта,
уæд Уырызмæгмæ дзуры:
— Сæдæ гæбæты дзаг мын бирæгъы 'хсыр самал кæн!
— Æмæ цы 'гъдауæй самал кæнон?— фæрсы йæ Уырызмæг.
— Цы 'гъдауæй, уый дын мæхæдæг зæгъдзынæн,— загъта Сатана.
— Зæгъ мын æй уæдæ.
— Авд фæндаджы астæу мусонг скæн. Æз дæм уырдæм æрвитдзынæн
адæмы, æмæ дæм кæйдæриддæр æрвитон, стæй дæм æнæ уый дæр
чидæриддæр æмæ цыдæриддæр æфта, уыдон-иу дзæбæх бахынц æмæ сын-иу
зæгъ бирæгъы 'хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ.
Ацыди Уырызмæг æмæ авд фæндаджы астæу йæхицæн мусонг скодта.
Сатана йæм уырдæм æрвитын байдыдта алы хæринаджы дзæбæх. Чи-иу æм
бафтыд, уыдоны-иу хорз федта, фæлæ-иу афтæ кæмæн загъта, бирæгъы
'хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ, уый та-иу фæджихау ис æмæ-иу йæхи нымæры
загъта, Уырызмæг сæрра ис, зæгъгæ.
Бады Уырызмæг авд фæндаджы астæу мусонджы, йæ къухы ницы 'фты.
Уæд иу бон йæ рæзты æрбауадис Силæм сыдæй мæлгæ. Уырызмæг куыдзмæ
фæдзырдта æмæ йæ хорз федта.
— Ам цы архайыс?— фæрсы йæ куыдз.
— Бирæгъы 'хсыр мæ хъæуы,— дзуапп ын радта Уырызмæг,— æмæ уый
тыххæй ам бадын.
— Иннабонæй мæ иннабонмæ хорз схæсс, цы хæринагæй мæ фæнда,
ахæм хæринагæй, æмæ дын æз самал кæндзынæн бирæгъы 'хсыр,— загъта
куыдз.
— Хорз,— загъта Уырызмæг æмæ 'рвитын байдыдта Сатанамæ, куыдз
дзы цы хæринæгтæ агуырдта, ахæм хæринæгтæм.
«Гъе ныр сæмбæлдтæн, кæй агуырдтон, ууыл», загъта йæхицæн
Сатана æмæ 'рвыста куыдзæн, цы хæринæгтæ агуырдта, уыдон.
Иннабонæй-иннабонмæ хорз схаста куыдзы Уырызмæг, стæй йын
куыдз загъта:
— Гъе ныр фидар кæрт сби.
Уырызмæг фидар кæрт сбыдта. Куыдз хъæдмæ фæцыди æмæ гадза
бирæгъты бæлттæ 'ртардта уыцы кæртмæ, байдзаг æй кодта бирæгъæй.
— Дуцгæ, Уырызмæг, ныр!— дзуры йæм куыдз.
— Æмæ куыд дуцон,— загъта Уырызмæг,— куы мæ аргæвддзысты
бирæгътæ!
Уæд Силæм бацыди, иу бирæгъæн йæ бæрзæйыл ныххæцыд æмæ йæ
раласта æттæмæ, Уырызмæгмæ. Уырызмæг — Æфсати, дæ бар сты сырдтæ
иууылдæр, хохæй, быдырæй. Хъахъæныс сæ ды бæрзондæй æмæ сæм нæ
уадзыс хæстæг бацæуын зæххон адæмы.
Сафа дæр Сосланы фарс фæлæууыд æмæ дзуры Æфсатимæ:
— Дæ фос кæмтты дзæгъæлы куы сæфынц, уæд сæ цы хæлæг кæныс
адæмæн? Чъынды ма у, Æфсати, бахай кæн адæмæн дæ фосæй, уыцы
дзæбæхдзинад дын нæ баззайдзæнис рохуаты.
— Хорз,— загъта сырдты хицау Æфсати,— бахай кæндзынæн æз
Нартæн мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон-иу цуаны куы цæуа,
уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ-иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд.
Стæй-иу Сау хохы сырд куы амара, уæд-иу ын йæ рахиз скуы радтæд,
фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн — æмбæлæггаг.
Банызта Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау фысвосы хицау
Фæлвæра дæр æмæ загъта:
— Цæмæй цъæх бирæгътæ дæ фосæй къаддæр давой, уый тыххæй дын,
Нарты Сослан, æз бацамондзынæн арфæтæ; дæ фосмæ-иу дын сæрвæты
бирæгътæ куы фæлæбурой, уæд-иу ды уыцы арфæтæ зæгъ, уый йеттæмæ æз
сæ уæлхъус фестдзынæн æмæ дын дзы иу дæр нæ бауадздзынæн ахæссын.
Банызта дынджыр дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй
æрвнæрынгæнæг Уацилла дæр.
Арфæ йын ракодта Сослан дæр, нæртон æгъдаумæ гæсгæ, æмæ
загъта:
— Абон æз дæуæй, æрвнæрынгæнæг, заххон адæмæн иу хæрзиуæг
курын: фехъуыстон æз, дæ дзыппы кæй ис хоры нæмгуытæ; ма сæ
бахæлæг кæн зæххыл цæрæг адæмæн — стыр бузныг дæ уыдзысты.
— Хорз,— загъта Уацилла,— æз радтдзынæн ацы хоры нæмгуытæй
Нартæн. Уалдзæджы, куыддæр зæхх стæфса, афтæ-иу сæ хуссарварсы
байтауæнт, æмæ сæ афæдзæй-афæдзмæ хæрынæн цы хъæуы, уый сын дзы
'рзайдзæнис хор.
Райста дзаг дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй уæларв
Куырдалæгон дæр.
Уымæ дæр Сафа бадзырдта, Сосланæн дзы хæрзиуæг радомдта:
— Гъы, Куырдалæгон,— загъта Сафа,— ды æдзухæй дæр кæрдтæ
аразыс, кæнæ сæрыс болат адæмы. Бонизæрмæ хойыс дæ куырдадзы
хъæстарæг æмæ нæ нæ уадзыс нæ цæстытæ цъынд кæнын.
— Бамбæрстон, зондджын Сафа,— загъта Куырдалæгон,— цæмæ
æрхуыдтай ды мах, уый: зæххон адæмæн нæ хорздзинæдтæ курыс. Хорз,
фæуæд! Сараздзынæн æз Нартæн дзыбыр мæ куырдадзы, æмæ уымæй
уалдзæджы сæ хуымтæ кæндзысты.
Арфæ йын ракодта Сослан дæр æмæ загъта:
— Йе, Куырдалæгон, æрвон куырд, дæ номыл мах адджын бæгæны
'хсиддзыстæм æмæ дын уымæй уалдзæджы нæ хуымты дæ ном ардзыстæм!
— Цæй-ма, ды дæр, тызмæг Галæгон, ма уадз Нартыл дæ тымыгътæ,
дæ уадтæ,— дзуры Сослан дымгæйы бардуаг Галæгонмæ.
— Бирæ агурыс, Нæртон гуырд,— загъта тызмæг Галæгон.— Дзырд
дын куы радтон, уæддæр йæ сæххæстмæ æнхъæлмæ ма кæс. Фæлæ дын уый
зæгъын æз дæр, æмæ-иу фæззæджы уæ хоры кæритæ куы сыгъдæг кæнат,
уæдиу æз дымгæ арвитдзынæн, æмæ-иу уый уайтагъд хоры нæмгуытæ
фæхицæн кæндзæни зыгуым æмæ цъацъайæ.
— Бузныг, Галæгон,— загъта йын Сослан,— фæлæ дын дзырд дæдтын
æз дæр, Нæртон дзырд, нæ кæритæн-иу сæ фæстаг фийаг дæуæн кæй
радтдзыстæм, ууыл.
Фæстагмæ Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау банызта дæтты
бардуаг Донбеттыр. Уымæн дæр та, æгъдаумæ гæсгæ, Нарты Сослан арфæ
ракодта æмæ загъта:
— Доны бардуаг Донбеттыр, зонæм æй, дæттæ иууылдæр дæ бар сты.
Бирæ тых дæм ис, æмæ дæуæй дæр Нарты адæмæн курын исты хæрзиуæг.
— Нæртон гуырд,— дзуапп ын радта Донбеттыр,— мæ дæттыл-иу
саразут куырæйттæ. Æз бафæдзæхсдзынæн мæ чызджытæн, цæмæй сын доны
мидæг сæ цæлхытæ æнæ 'рынцойæ рæвдз зилой. Мæнæй та уый фæуæд
Нарты адæмæн лæвар.
Арфæ ракодта Сафа йæ уазджытæн сæ лæвæртты тыххæй æмæ сæ
рафæндараст кодта сæхимæ.
СОСЛАН - ТЫХАГУР
Нарты фæсивæд æмгуыппæй Хъазæн фæзы æрæмбырд сты. Стыр симд
самадтой уыцы ран. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты
фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхсти, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ
арæхсти Нарты скуыхт Сослан.
«Цæйут, ныр та нæ фæттæ бавзарæм!» — загътой Нарты фæсивæд,
бирæ куы фæсимдтой, уæд. Мысан æрæвæрдтой, æхсынтæ байдыдтой.
Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæвинтæ. Фæлæ дзы Сосланы
хуызæн иу дæр нæ фескуыхт фатæй: уыцы иу ран æмбæлдис йæ фат алы
æхстæн дæр.
Чысыл фалдæр, фурды был, ривæд кодтой фос. «Æххæст-ма бавзарæм
нæ тых дæр», загътой Нарты фæсивæд, «цомут фурды былмæ!» Бацыдысты
Нарты фæсивæд фурды былмæ. Уым-иу хъомы рæгъауæй раластой æнæхост
уæныджы; фæсивæдæй-иу ын исчи йæ сыкъатыл ныххæцыдаид æмæ-иу æй
фехстаид фурды сæрты, иннæ фарсмæ нæ кæмæн бахауа, зæгъгæ. Уыцы
æвзæрст фæкодтой сæхи, фæлæ дзы иуы бон дæр нæ баци уæныг фурды
фаллаг фарсмæ фехсын.
Уæд Сослан, рæгъауы стырдæр уæныг нал уыди, ахæмы сыкъатыл
ныххæцыд æмæ йæ фехста фурды сæрты — уæныг фурды иннæ фарс
сæмбæлд. Басаста Хъазæн фæзы Нарты фæсивæды Сослан. Уæлдай
скуыхтыл банымадта йæхи Нарты фæсивæды 'хсæн; адæм дæр æй
æмбисондæн хастой, Сосланæй тыхджындæр лæг никуы уыдзæни, зæгъгæ.
«Нарты бæсты мæ тых кæимæ авзарон, ахæм дзы нал ис», загъта
Сослан йæхицæн, Хъазæн фæзæй сæ хæдзармæ куы 'рцыдис, уæд,
«баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл». Барæвдз кодта алцы 'ппæтæй
дæр йæхи Сослан æмæ иу райсом раджы араст ис тыхагур. Цæуынтæ
байдыдта, цæуынтæ. Цæй бæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ фæстагмæ иу стыр
фурды былмæ бафтыд. «А фурды былтыл саразон мæхи», дзуры йæхи
нымæры Сослан, «кæд æмæ искæуыл сæмбæлин». Араст ис фурды былтыл,
дæлæмæ. Цæуы. Иу бон кæсы, æмæ доны былты иу кæсагахсæг æрбацæуы,
йе 'нгуыры хъæд — æнæхъæн бæлас, йе 'нгуыры къæдзыл та уытъыры
бæсты — 'нæхъæн фысы мард ауыгъд. Амбæлдысты кæрæдзийыл.
— Байрай!— дзуры Сослан кæсагахсæгмæ.
— Æгас цу, уазæг!— дзуапп ын радта кæсагахсæг.— Кæцæй фæдæ?
— Æз агурын мæхицæй тыхджындæры,— загъта Сослан,— æмæ, куыд
кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн.
— Æз ницы,— загъта кæсагахсæг,— фæлæ ам дæлæмæ ацу дон-дон;
уым, дæлдæр, мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр.
Араст та ис Сослан дон-дон дарддæр. Ныххæццæ та ис иу
кæсагахсæгмæ. Уымæн йе 'нгуыры хъæд — ноджы стырдæр бæласæй, йе
'нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты хъуджы мард ауыгъд.
— Байрйай, кæсагахсæг!— дзуры йæм Сослан.
— Æгас цу, уазæг!— дзуапп ын радта кæсагахсæг.— Кæдæм уайыс?
Цы?
— Æз дæн мæхицæй тыхджындæры агурæг, æмæ, куыд уынын, афтæмæй
дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн,— дзуапп ын радта Сослан.
— Æз ницы^фæлæ дæлæ дæлдæр ныууай, æмæ уым мæ хистæр æфсымæр
кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр. Дарддæр та ацыди Сослан æмæ
ныххæццæ ис æртыккаг кæсагахсæгмæ. Уымæн йе 'нгуыры хъæд —
ноджыдæр стырдæр бæласæй, йе 'нгуыры къæдзыл та — æнæхъæн галы
мард.
— Байрйай!— дзуры та Сослан уымæ дæр.
— Æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ, хорз лæг?— фæрсы йæ кæсагахсæг.
— Тыхагур дæн æмæ мæхицæй тыхджындæры агурын,— загъта Сослан.—
Куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал фембæлдзынæн.
— Ацу уал нæхимæ, стæй изæры фендзыстæм,— загъта кæсагахсæг
æмæ йын бацамыдта фæндаг сæ хæдзармæ.
Сослан дон-дон ацыди æмæ хæдзармæ ныццыди. Хæдзармæ бацыди,
æмæ дзы иу ус бады.
— Дæ бон хорз уа, мæ мады хай!— дзуры Сослан усмæ.
— «Мæ мады хай», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис, уæд дæ мæ
дæндæгты згæтæ бæргæ айсæрстаин,— загъта ус,— фæлæ ныр мæ уазæг
дæ, æмæ æгас фæхæт! Кæцæй цæуыс æмæ цы агурыс?
— Æз цæуын Нарты бæстæй,— загъта Сослан,— рацыдтæн тыхагур. Нæ
бæсты мæнæй тыхджындæр нæ разынд, æмæ уый зæрдæйæ рацыдтæн мæ тых
бавзарынмæ.
— Гъе-гъи! кой дæр æй мауал скæн; мæ фырттæ кæсаг ахсынмæ сты,
изæры сæ ардæм хъæуы, æмæ дæ куыддæр ам æрбаййафой, афтæ дæ,
Нæртон лæг, стæгдар дæр нал баззайдзæн: ахæрдзысты дæ. Мæнæ уал
исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй дын исты мадзал скæндзынæн, цæмæй
дæ мæ фырттæй баиргъæвон, уымæн.
Фынг ын ацарæзта, фæлæ ма цанæбæрæг бахордтаид Сослан!
Хæрды фæстæ йæ ус сасиры бын амбæхста. Сослан сасирыл схæц-
схæц фæкодта, фæлæ йæ фезмæлын кæнын дæр нæ бафæрæзта.
Изæры æртæ 'фсымæры 'рцыдысты сæ хæдзармæ æмæ сæ мадмæ
дзурынц:
— Абон ардæм иу хæххон цъиу куы рарвыстам, æрдавма нын æй, æмæ
дзы нæ дæндæгтæ асхъауæм, рагæй нал фæхъæстæ стæм адæймаджы фыдæй.
— Мæнæ уал исты ахæрут, уый дæр уын никуыдæм аирвæздзæн: сæумæ
аходæнæн уын æй уæртæ сасиры бын æркодтон.
Æхсæвæр сын ахæрын кодта æмæ сæ схуыссын кодта. Лæппутæ куы
афынæй сты, уæд мад сасиры бынæй Сосланы систа æмæ йæ дуармæ
рахаста, фæндагыл æй бафтыдта æмæ йын загъта:
— Цу, æмæ ма кæд дæ къæхты фæрцы аирвæзай, кæннод дын фервæзæн
нал ис.
Æхсæв-бонмæ уайын байдыдта Сослан. Лæппутæ куы райхъал сты,
уæд базыдтой, сæ уазæг кæй алыгъд, уый, æмæ йæ фæсте сурын
байдыдтой.
Сослан лидзы, уæдæ цы! Иу ран быдыры ауыдта иу бæлццоны.
Фæстæмæ фæкасти, æмæ йæ 'ртæ уæйыджы ’рбасурынц. Сослан тынгдæр
уайын байдыдта æмæ бæлццоны баййæфта. Кæсы, æмæ бæлццонæн йæ иу
цонг хауд;
хæстæгдæр æм бацыд, æмæ йæ цæстытæй дæр иу йæ уæлæ нæй. Уый
уыди уæйыг.
— У-у, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр,— дзуры Сослан
уæйыгмæ,— куыддæр мæ 'рбаййафой, афтæ сæфын!
— Хуыцауы уазæг у, мæнæн дæр дын мæ бон цы уа, уый
бакæндзынæн,— загъта уæйыг. Сосланы йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ
дæлæвзаг бамбæхста.
Уалынджы æрбахæццæ сты æртæ 'фсымæры дæр æмæ иудзонгон уæйыгмæ
дзурынц:
— Ам нæ хæххон цъиу цы фæци, нæ йæ федтай?
— Ам хæххон цъиу нæй,— дзуапп сын радта иудзонгон уæйыг,—
сымахмæ мæ не 'вдæлы, ауадзут мæ мæ фæндагыл.
— Тагъд нын радт нæ хæххон дзиглойы, на 'мæ дæу дæр дзæбæхæй
нал ауадздзыстæм!— бауырдыг æм сты æртæ 'фсымæры.
— Уæ фæндагыл цæут, æндæра мæнæй фос нæ фæкæндзыстут!— дзуры
та сæм иудзонгон уæйыг.
Æртæ 'фсымæры иудзонгон уæйыгыл сæхи ныццавтой.
— Уæдæ уæ тæригъæд уæхи!— загъта иудзонгон уæйыг,— æртæ
'фсымæрмæ фæлæбурдта, рацахста сæ æмæ сæ равæрдта йæ быны.
Сосланы йæ дæлæвзагæй раппæрста'мæ йæм дзуры:
— Мæнæ мæ агъды фарсыл иу æрду ис, гъе уый мын ратон, æмæ сæ
уымæй ныббæттон.
Сослан ныххæцыди æрдуйыл, райваз-райваз æй кæны, æмæ йын нæ
комы ратонын. Йæ астæуыл æй æртæ тыхты 'рбакодта бæндæнау,
ахæстытæ йыл кодта 'мæ йын ницы бакодта уæддæр атонынæн.
— Кардæй йæ алыт кæн!— дзуры йæм уæйыг.
Сослан иу къухæй æрдуйыл хæцы, иннæмæй цирхъыл æмæ йæ афтæмæй
æрриуыгъта: цирхъы ком йæ цæгаты хуызæн фæци, фæлæ æрдуйы нæ алыг
кодта. Уæд иудзонгон уæйыг æртæ 'фсымæры æрæууæрста 'мæ сыл
æрæнцой кодта йæ уæрагæй, йæхæдæг йæ къухæй авнæлдта фæстæмæ, æрду
ратыдта 'мæ сæ уымæй æрбаста. Æртæ 'фсымæры змæлгæ дæр нал
скодтой. Сæ бон базыдтой æмæ лæгъстæ кæнын байдыдтой:
— Суадз нæ, нæ хæдзармæ нæ ауадз, ницыуал дæ бацагурдзыстæм.
Райхæлдта сын уæд сæ баст æмæ сæ ауагъта сæ хæд зармæ. Сослан
æмæ иудзонгон уæйыг араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц, æмæ
иудзонгон уæйыг фæрсы Сосланы:
— Кæм хаттæ æмæ цы агуырдтай балцы уыцы иунæгæй?
— Æз дæн Нарты Сослан. Тыхагур рацыдтæн нæ бæстæй. Иу бон
Нарты фæсивæд æвзæрстой фурды был сæ тых — фурды сæрты уæныг
фехсыныл фæлвæрдтам, æмæ 'рмæст мæнæн бантыст уæныг фурдæн йæ иу
былæй йе 'ннæмæ фехсын. фервæссыдтæн уый адыл æз мæхиуыл æмæ
рараст дæннæ хæдзарæй мæ тых æвзарынмæ; цы раны бафтыдтæн, уый та
федтай дæхæдæг. Арфæйаг у, дæу руаджы ма раирвæзтæн, æндæра Нарты
хъæуы нал æрлæууыдаин мæ къахæй.
— Сослан, мах бæстæйы, мæй кæуыл рацæуы, уыцы сабитæ дæр
æхсынц фурды сæрты цы фæнды стыр галты, фæлæ уæддæр афтæ ныфсхаст
не стæм,— загъта иудзонгон уæйыг.— Мæхицæй дын æрхæсдзынæн
æмбисонд. Мах уыдыстæм авд æфсымæры; æфсымæртæн æз — сæ кæстæр, нæ
фыд дæр ма уыд саджы хуызæн. Иуахæмы стæры ацыдыстæм. Фæхаттыстæм
иукъорд боны, фæлæ ницæуыл амбæлдыстæм. Иу бон ныл фæссихор мигъ
æрбадт, æмæ райдыдта сæлфынæг кæнын. Мах астæй æд бæхтæ агурæм
бынат. Кæсæм, æмæ иу ран — лæгæт. Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы
æруагътам. Чысыл фæстæдæр кæсæм, æмæ иу фийау йæ фосы къорд
æрбатæры лæгæты рæзты; фыдæбойнаг фæуæд, нæл сæгъ махырдæм фездæхт
æмæ нæ лæгæтыл хафын байдыдта йæхи. Лæгæт æнцад нал кодта: авдæнау
дыууæрдæм сси. Бæхы сæры стæг разынд нæ лæгæт. фийау «дзæгъæс!»
«дзæгъæс!» кæны сæгъæн, фæлæ, бæгуы, читт дæр нæ кæны сæгъ, хафы
йæхи. Уæд фийау смæсты ис, уыцы иу скъæрд æрбакодта йæхи махырдæм.
Сæгъ лидзæг фæци, фæлæ фийау йæ лæдзæг цæсты хуынчъы асагъта, сæры
кæхц фелвæста æмæ йæ фехста. Сæры кæхц фæтахти æмæ фыдæбойнаг
сæгъы сыкъатыл ныппырх ис. Бæхæй, лæгæй фæхæлиу стæм, уæдæ цы
уыдаид! Фийау махмæ фæци. Фæмард ис мæ фыд, мард фесты ме 'хсæз
æфсымæры, мæнæн ма æрмæст атыдта мæ къабаз æмæ мæ ууыл 'ныууагъта.
Мæ цæст та схаудта лæдзæджы бырынкъæй, сæры кахцы йæ куы ацавта,
уæд. Уый та дын мах хъуыддæгтæ. Уæдæй ардæм никуыуал ахаттæн æз
тыхагур, стæй мæ чи уарзы æмæ кæй уарзын, уыдонæн дæр фæдзæхстон
æмæ фæдзæхсын, цæмæй тыхагур ма цæуой. Ацу, мæ хур, ды дæр æмæ-иу
афтæ макуыуал зæгъ, мæхицæй тыхджындæр никуы уыдзæни, зæгъгæ.
Иудзонгон сæ хъæумæ ссыди, Нарты Сослан дæр афардæг ис дарддæр
йæ фæндагыл сæхимæ.
СОСЛАН ÆМÆ ГУЫМАГ ЛÆГ
Нарты Сослан иу бон цуаны ацыд. Иу ран иу тæрхъус амардта,
æндæр ницæуыл сæмбæлди. Тæрхъусы бастыгъта, суæнгтæ йæ кодта, йæ
игæртæ йын уæхстыл бакодта æмæ сæ сфизонæг кодта, йе 'ннæ уæнгтæ
йын йæ цармы мидæг атыхта. Физонæг куы сфыхтис, уæд хуыцауæгас
загъта. Уый куы загъта, уæд тæрхъус фестади æмæ алыгъди. Йæ къухтæ
ныццагъта Сослан: «Ай хуызæн диссаг ма уыдзæни?! Тæрхъус амардтон,
суæнгтæ йæ кодтон, йæ игæртæ йын сфизонæг кодтон, ныр уæлæ
фæлидзы».
Тæрхъус æм фæстæмæ дзуры:
— Уый æппындæр диссаг нæу, диссæгтæ Гуымы' фцæгæн æтте ис.
«Уымæй диссагдæр цы у, уый куы нæ фенон, уæд гæнæн нæй»,
загъта Сослан йæхицæн æмæ сæхимæ 'рцыди, хæссынæн рæуæг, хæрынæн
адджын, ахæм хæринæгтæ скæнын кодта йæхицæн фæндагмæ, сбадтис йæ
бæхыл æмæ араст ис Гуымы бæстæм.
Ахызти Сослан авд æфцæгыл, æстæм æфцæг — Гуымы 'фцæг. Гуымы
'фцæгмæ куы схæццæ ис, уæд дзы ссардта саджы фæд. Саджы фæдыл
цæуын байдыдта æмæ иу æрдузы баййæфта иу саг. Саг уый бæрц рæсугъд
уыди, æмæ йæ Сосланы цæст фехсын нæ уарзта. Иæхи-иу куы базмæлын
кодта саг, уæд-иу йæ хъуын алы 'взагæй суасыди.
Сослан йæ фæдыл хъуызын байдыдта къуыппæй къуыппмæ, халæй
халмæ; æхстбæрцмæ йæм бахæццæ ис. Гъа ныр фехсон, куыд загъта,
афтæ фаты 'хситт фæцыд. Сослан фæкасти, æмæ дæлæ саг фæтулы.
Сослан йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта:
— Чи куыдз, чи хæрæг, мæ саджы мын чи фехста? Дзуапп дæттæг ын
нæй. Саджы тугвæдыл ныццыди коммæ. Кæсы, æмæ комы дынджыр мæсыджы
йас лæг, саджы мард йæ разы.
— Мæ саджы мын ды амардтай?— дзуры лæгмæ Сослан.
— Ай-гъай, æз æй амардтон!— дзуапп ын радта уый дæр.
Сослан схъæл ныхæстыл схæцыди:
— Саг мæн уыди, æмæ мын æй цæмæн амардтай?
— Æмæ кæд дæу уыди, уæд æй цæуылнæ 'хстай?— загъта лæг.— Æз
дæр цуанон, æмæ ды дæр. Бæстæй мæ бæстæ куы у Гуымы ком, уæд мыл
цы хъæртæ кæныс?
— Æмæ ды кæцон дæ?— фæрсы йæ Сослан.
— Æз дæн Гуымаг лæг. Ды та чи дæ, кæцон дæ?
— Æз дæн Нæртон лæг, Сослан!
— Нæртон лæг,— загъта Гуымаг лæг,— уæдæ нын саг хуыцау иумæ
радта, рацу æмæ йæ бастигъæм.
Уæд сæ дыууæ дæр æрсабыр сты. Саг бастыгътой. Йæ кард дæдты
Гуымаг лæг Сосланмæ æмæ йын зæгъы:
— Байуар, Нæртон лæг, куыд фæуарыс, афтæ.
— Саг маргæ ды акодтай,— загъта Сослан,— æмæ йæ уаргæ дæр ды
бакæн.
Уæд Гуымаг лæг саджы мард æртæ хайы скодта. Сослан æм кæсы æмæ
йæхи нымæры зæгъы: «иу хай дзы мæн уыдзæни, дыккаг — йæхи, фæлæ
'ртыккаг хай дæр, æвæццæгæн, йæхицæн исы, æмæ уæд мæ мæлæт хуыздæр
уыдзæни, уый исты куы ахæсса мæнæй уæлдаи!»
Хæйттæгонд куы фæци Гуымаг лæг, уæд дзуры Сосланмæ:
— Нæртон лæг Сослан, хæйттæй дын бар!
— Нæ, мæ хур, саджы ды амардтай,— загъта Сослан,— æмæ раздæр
ды хъуамæ сисай хай.
Гуымаг лæг æрæвнæлдта, иу хай систа æмæ загъта:
— Сослан, ай дын дæхи хай.
Дыккаг хай систа æмæ та загъта:
— Ды куыд дард бæстаг, афтæ дын ай мæ кæрдих. Æртыккаг хай та
— мæхи.
Стæй физонджытæ скодтой æмæ сæхи хорз федтой. Хæрд куы фесты,
уæд бафснайдтой сæ хæйттæ æмæ цæуынæввонг сысты. Сослан Гуымаг
лæгæн йæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ загъта Сосланæн:
— Нæртон лæг, ай дын кæнæ мæ кард, кæнæ мæ бæх, кæнæ мæ
сагъадахъ, бар дæ ис, лæвар дын кæнын, æмæ йæ мæ номыл фæхæсс
Нарты бæстæм.
Сослан ницы бакуымдта, арфæ ракодта Гуымаг лæгæн. Уæд
кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой, хæрзбон загътой æмæ сæ бæхтыл
сбадтысты. Ацыдысты — Гуымаг лæг — Гуымы 'рдæм, Сослан — Нарты
'рдæм.
Иудзæвгар куы ауад Сослан, уæд йæхи мидæг ахъуыды кодта æмæ
загъта: « ай куыд æнамонд дæн — лæг мын лæвар куы кодта, уæд æй
цæуылнæ бакуымдтон! Куыд зæгъдзынæн Нарты бæсты? Цæй, æмæ йæм
фæстæмæ аздæхон!»
Йæ бæх фæстæмæ фездæхта, фæсуры Гуымаг лæджы æмæ йæм хъæр
кæны:
— фæлæу-ма, Гуымаг лæг, ныхасæн мæ хъæуыс! Гуымаг лæг дæр
фæстæмæ фездæхта йæ бæх, æмæ та баиу сты, саг кæм бастыгътой, уыцы
ран.
— Цы кæныс, Нæртон лæг,— фæрсы йæ Гуымаг лæг,— цы ма дæ ферох
ис?
— Мах ахæм адæм стæм,— загъта Сослан,— æмæ нын кад æмæ радæй
лæвар куы чындæуа, уæд æй нæ фæкомæм, стæй нæм уый фæстæ фæсмон
æрцæуы.
— Уæдæ мах та ахæм адæм стæм, æмæ кад æмæ радæй лæвар куы
фæкæнæм æмæ нын æй куы нæ фæисынц, уæд æй уый фæстæ нал фæдæдтæм.
Дыууæ лæгæн дзырд дзырды фæдыл ацыди æмæ сын хылмæ асайдта.
Разæй фæхæцыдысты фæттæй — ничи сæ никæмæн ницы кодта. Стæй Сослан
йæ цирхъ фелвæста, Гуымаг лæг — йæ кард, æмæ райдыдтой цæфтæ кæнын
кæрæдзийы. Æстдæс цæфы сæ иу фæкодта, æстдæс цæфы се 'ннæ.
Куы бафæлладысты æмæ сæ бон куы нæуал уыди, уæд сæ иу фæндагæн
иуырдæм ахаудис, иннæ — иннæрдæм. Бон дæр æризæр ис, сæ улæфт дæр
æрцыди, æмæ загътой: «Ацæуæм уал нæ хæдзæрттæм, нæ цæфтæ уал
сдзæбæх кæнæм æмæ та афæдзы бонмæ ацы ранмæ æрцæуæм». Уым уыди
стыр бæлæстæ, æмæ уыцы бæлæсты снысан кодтой. Стæй сæ бæхтыл
сбадтысты тыхæмхасæнтæй æмæ фæйнæрдæм ацыдысты: Сослан Нарты
бæстæм ацыди, Гуымаг лæг та Гуыммæ афардæг ис.
Хъæдгоммæгæсджытæ баххуырстой сæхицæн, æмæ сæ дыууæ дæр
сдзæбæх сты. Сæ афæдзы бонмæ та сæ дыууæ дæр уыцы ранмæ 'рцыдысты.
Сослан Гуымаг лæджы куы ауыдта, уæд æй фатæй æхсын байдыдта.
Гуымаг лæг æм бацыд æмæ йæм дзуры:
— Бын бауай, Нæртон лæг! Кæрæдзийæ туг куы нæ дарæм, уæд цæуыл
марæм кæрæдзийы?
Сæ гæрзтæ аппæрстой фæйнæрдæм æмæ кæрæдзийы къухтыл
ныххæцыдысты, кæрæдзийы 'фцджытыл ныттыхстысты.
— Иухаттæн бафидыдтам, уæд хъуамæ мæ хæдзар фенай,— загъта
Гуымаг лæг Сосланæн.
Бæхтыл сбадтысты æмæ араст сты Гуымы хъæумæ. Хорз æй суазæг
кодта Гуымаг лæг Сосланы — иннабонæй-иннабонмæ йæ йæ фынгæй сыстын
не суагъта.
Иннабон куы 'рцыди, уæд Сослан сфæнд кодта цæуын сæхимæ.
Гуымаг лæг ын балæвар кодта йæ сагъадахъ; ноджы йын балæвар кодта
саджы царм. Уыцы царм та ахæм уыди, æмæ хъисæн хъуытаз æмæ æрдуйæн
мырмыраг, æмæ-иу æй куы фезмæлын кодтаис, уæд-иу алы 'взагæй
суасыди.
Сослан дæр йемæ рахуыдта Гуымаг лæджы. Æрцыдысты Нарты бæстæм,
æмæ йæ тынг хорз суазæг кодта Сослан дæр. Иннабонæй-иннабонмæ йæ
уый дæр фæхыгъта. Иннабон куы 'рцыди, уæд Гуымаг лæг дæр цæуынвæнд
скодта сæхимæ. Сослан дæр ын лæвæрттæ куыд нæ ракодтаид! Балæвар
ын кодта йæ бæх дæр.
Уыцы бонæй фæстæмæ æрдхорд æфсымæртæй баззадысты Сослан æмæ
Гуымаг лæг.
СОСЛАНЫ КÆРЦ
Сослан сфæнд кодта Нарты астæу бæрæгдæрæй фæцæрын. Уый тыххæй
йæ зæрды 'рæфтыди лæджы сæрдзæрмттæй æмæ рихидзæрмттæй кæрц
скæнын. Уыцы хъуыддаг никæй къухы æфтыди.
Сослан-иу лæг амардта, йæ сæры царм-иу ын æд рихитæ растыгъта,
афтæмæй æнæхъæн кæрцхор æрæмбырд кодта цæрмттæ. Кæрцхор ын куы
сысты, уæд сагъæс кæнын байдыдта, чи мын бахуыйдзæнис мæ кæрц æнæ
аиппæй, зæгъгæ.
Иу ран бадтис æртæ чызджы. Сослан уыдонмæ фæхаста йæ кæрцаг
хуыйынмæ. Чызджытæ сæрдзæрмттæм æмæ рихидзæрмттæм куы 'ркастысты,
уæд дзы чи йæ мады 'фсымæры сæрдзарм æмæ рихидзарм базыдта, чи
йæхи 'фсымæры, æмæ сагъæс кæнын байдыдтой, цы кæнæм, зæгъгæ.
Гæнæн нал уыди, æмæ загътой Сосланæн, райсом дын скæрддзыстæм
дæ кæрц, зæгъгæ. Рацыди Сослан дæр йæ хæдзармæ.
Чызджытæ уæддæр сагъæс, катай кæнынц, ныр цы бакæнæм, зæгъгæ.
Уæд сæм æрбафтыди Нарты фыдбылыз гæды Сырдон.
— Цæуыл æнкъард стут?— фæрсы сæ Сырдон.
— Куыд нæ уæм æнкъард?! Сослан нæм æрбахаста лæджы сæрдзæрмттæ
'мæ рихидзæрмттæй кæрц хуыинаг. Уыдон та сты нæ мады 'фсымæрты æмæ
нæхи 'фсымæрты сæрдзæрмттæ 'мæ рихидзæрмттæ,— дзуапп ын радтой
чызджытæ.
— Скæрдут ын йæ кæрц,— зæгъы сын Сырдон,— бахуыйут ын æй,
æрмæст ын æй æнæ тæрттæ ныууадзут. Куы уæм æрбацæуа Сослан, уæд ын
æй йæ уæлæ скæнут æмæ-иу ын зæгъут: «Хорз у дæ кæрц, фæлæ ма
тæрттæ хъадæджын у, æмæ йын куы 'рхæссис Куыцыччы фырт Елтагъаны
сæрдзарм,— сыгъзæрин æй хонынц,— уæд дæ кæрц æххæст уаид. Уый йыл
куы нæ сбада, уæд ыл æндæр сæрдзарм не сфидаудзæн».
Сырдон сын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой чызджытæ... Араст ис
Сослан Куыцыччы фырт Елтагъанмæ. Бахæццæ ис æмæ бахъæр кодта
дуарæй:
— Куыцыччы фырт Елтагъан, уым нæ дæ?
Елтагъан уый куы фехъуыста, уæд загъта:
— Уый Сосланы хъæр куы у; ацæут æмæ йын зæгъут, ам нæй
Елтагъан, зæгъгæ.
Бинонтæй иу рауад æмæ дзуры Сосланмæ:
— Ам нæй Елтагъан.
— Ссарут мын æй,— загъта Сослан,— æнæ ссаргæ йын хос нæй.
Уæд æм Елтагъан йæхæдæг рацыд æмæ йæм дзуры:
— Цы кæныс, Сослан, цы дæ хъæуы? Цæмæн мæ агурыс?
— Сахъолайы уæзæгыл хъулæй ахъазæм,— загъта Сослан.— Кæд мæ ды
амбулай, уæд мын мæ сæр ракæн; кæд дæ æз амбулон, уæд та дын æз
куыд ракæнон дæ сæр, афтæ.
Цы гæнæн ма уыди Куыцыччы фырт сыгъзæрин-сæрдзарм Елтагъанæн!
Сразы ис, æмæ ацыдысты Сахъолайы уæзæгмæ хъулæй хъазынмæ.
Куы бахæццæ сты сæ нысангонд бынатмæ, уæд Сослан дзуры
Елтагъанмæ:
— Ауил дæ хъул!
— Ды 'рцыдтæ ардæм быцæу кæнынмæ æмæ ды ауил фыццаг,— загъта
Елтагъан.
Сослан ауылдта йæ хъул, æмæ дзы, æртæ боны цы банай кæна лæг,
уый бæрц еуу акалдис, уыцы хъулæй, æмæ ныппырх ис нæмыггай
фæйнæрдæм.
— Ацы еуу æруидзын хъæуы!— загъта Сослан.
Ауылдта йæ хъул Куыцыччы фырт Елтагъан дæр: акалди дзы кæрчытæ
æд цъиутæ. Уидзын байдыдтой уыдон еуу, æмæ сæ фæйнæ нæмыджы дæр нæ
фæци.
— Ныр та ды ауил раздæр дæ хъул!— загъта Сослан. Ауылдта
Елтагъан, æмæ йæ хъулæй бузнаг нæл хуы агæпп ласта.
— Гъе уый-ма æрцахс, кæд лæг дæ, уæд!— дзуры Сосланмæ.
Сослан ауылдта. Æртæ егары агæпп ластой йæ хъулæй; асырдтой
егæрттæ бузнаг нæл хуыйы æмæ йæ къабазгай æрбахастой Елтагъаны
размæ.
— Цæй, ды та ауил,— загъта Елтагъан. Ауылдта та йæ хъул
Сослан, æмæ Нарты хæдзæрттæ ссыгъдысты.
— Уыдонæн исты хос хъæуы!— дзуры Елтагъанмæ.
— Æз уыдонæн ницыуал зонын; цы кæныс, уый мын бакæн,— загъта
Елтагъан.
— Фæкæс-ма мæнмæ, уæдæ!— загъта Сослан, ауылдта та йæ хъуд,
æмæ стыр къæвда рацыдис æмæ арт бахуыссын кодта.
— Амбылдтай мæ, Сослан. Ракæн мын мæ сæр!— загъта Елтагъан.
— Иу уылд-ма акæн, уыцы бар ма дын дæдтын,— загъта йын
Сослан.— Кæд ма дæ амбулон, уæд нæ дзырд æххæстгонд æрцæудзæн.
Ауылдта та Елтагъан, æмæ æртæ 'хсинæджы йæ хъулæй атахт.
— Гъе уыдон-ма æрцахс, уæдæ,— дзуры та Сосланмæ. Сослан дæр та
ауылдта йæ хъул: æртæ тугдзых хъæрццыгъайы алиуырдта уымæн дæр йæ
хъулæй. Сурын байдыдтой æртæ 'хсинæджы, æрцахстой сæ, Елтагъаны
размæ сæ æрхастой æмæ сæ æрбаргæвстой.
— Ралыг мын кæ мæ сæр, Сослан, амбылдтай мæ!— загъта Елтагъан
Сосланæн.
— Хорз лæг дæ, Куыцыччы фырт Елтагъан,— загъта Сослан,— æмæ мæ
дæ сæр ракæнын нæ фæнды: мæн хъæуы æрмæст йæ царм.
Растыгъта йын йæ сæры царм Сослан æмæ йæ рахаста йемæ, æмæ йын
дзы йæ кæрцæн уыцы чызджытæ бахуыдтой тæрттæ.
СОСЛАН ÆМÆ ТАРЫ ФЫРТТÆ
Нартыл ныккодта фыд зымæк æруарыдис залты мит. Сæ фосæн
бахæринаг ницыуал уыдис. Катайы бацыдысты, нæ фос цæмæй аирвæзын
кæнæм, зæгъгæ, нæ бæхтæ куы фæцагъды уой, уæд æнæбæх лæг
æнæбазыртæ маргъæй уæлдай куы нæ у.
Иу бон æрæмбырд сты лæгæвзæрстæй се стыр хæдзармæ æмæ уынаффæ
кæнынц, кæдæм фескъæрой сæ фос, ууыл. Дзурынц Уырызмæгмæ:
— Ды бирæ фæхаттæ, зоныс бæстæтæ иууылдæр,— чи зоны, ахæм
бæстæ фехъуыстаис, зымæг мит кæм нæ вæййы.
— Ахæм бæстæ бæргæ зонын,— загъта Уырызмæг,— денджызы был Тары
фыртты бæстæ: зымæг дзы кæрдæг уæрагмæ вæййы, йæ кæрдæг та —
астымгæрдæг-къуыстымхал. Уым нæ фос куы фæхизой, уæд сæ уромæг нал
бауромдзæн. Фæлæ зын у уырдæм фос аскъæрынмæ ныфс бахæссын. Дыууæ
'фсымæры сты уыдон —Мукара æмæ Бибыц. Сæ иуæй куы аирвæзой нæ фос,
иннæмæй уæддæр нæ аирвæздзысты.
— Цыдæриддæр уа, уæддæр нæ фос уырдæм фескъæрæм,— загътой
Нарты 'взæрст лæгтæ,— фæлæ сæ чи аскъæрдзæнис, чи разындзæн ахæм
ныфс æмæ ахæм хъаруйы хицау?
Бирæ фæдзырдтой, фæлæ ничи цыд фосгæс. Йæхи дзыхæй куы ничи
разы кодта, уæд загътой: «Цæй, хæлттæ сæппарæм, æмæ кæй хал схауа,
уый куыд аскъæра фос æмæ сæ куыд фæхиза Тары фыртты зæххыл, афтæ».
Ныллæууыдысты хæлтæ 'ппарыныл. Скодтой хæлттæ. Нарты фыдбылыз
Сырдон хинæйдзаг кæм нæ уыд — йæхи халисæг акодта, йæ худ
зыгъуыммæ фæфæлдæхта æмæ хæлттæ уым ныппæрста. Сосланмæ мæсты уыд
æмæ йын йæ хал йæ къухы саггомы амбæхста. Хæлттæ сцагъта,
нывнæлдта æмæ Сосланы хал сæвдыста. Афтæ 'ртæ хатты дæр Сосланы
хал систа. Базыдта йын йæ хиндзинад Сослан æмæ йæм фæмæсты ис,
фелвæста йæ цирхъ æмæ Сырдоны йæ разæй айста. Суры йæ, фæлæ хъуыды
кæны йæхи нымæры: «ныр æй цæвин, æмæ Нарты фæсивæд — лæппуйæ,
чызгæй — зæгъдзысты: гъæ, уæууæй, Сослан йæ ныфс нæ хæссы!»
Ныууагъта Сырдоны æмæ 'рбаздæхти.
Цы гæнæн ма йын уыди — йæ сæрмæ нал бахаста нæ акомын. Бацыди
уыцы мæстыйæ сæ хæдзармæ æмæ бандоныл йæхи æруагъта — бандон
ныммур ис йæ быны.
— Цы кæныс, ме 'нæныййаргæ хъæбул, чи дæ бафхæрдта?— фæрсы йæ
Сатана.
— Цы ма кæнон — Нартæн далæ Тары фыртты зæхмæ фосгæс фæцæуыныл
мæ хал схаудта! Æз уырдыгæй æнæфыдбылызæй нал æрбацæудзынæн,—
дзуапп ын радта Сослан.
— Тæрсгæ ма кæн, мæ лæппу, дæхи барæвдзытæ кæн æмæ аскъæр фос.
Æрмæст-иу æппындæр дæхи макæмæн базонын кæ; кæд дæм исчи фæзына,
уæд амæлттæ кæндзынæ.
Барæвдз кодта йæхи Сослан, уæдæ цы уыдаид! Райсомæй раджы
ныхъæр кодта Нартыл:
— Нарт, уæ рæгъæуттæ ратæрут. Кæд ма сæ исты аирвæза, уæд
хорз, кæннод уын мæн аххос ма уæд.
Нарт фезмæлыдысты æмæ сæм фысвосæй, хъомвосæй, бæхæй цы уыд,
уыдон ратымбыл кодтой, æрыскъæрдтой сæ хъæуы кæронмæ æмæ сæ
Сосланы разæй скодтой.
Уарийы ахст æмæ сыл цæргæсы хъæр скодта Сослан Нарты
рæгъæуттыл æмæ сæ скъæрын байдыдта Тары фыртты бæстæм хизынмæ. Цас
сæ фескъæрдта, чи зоны, фæлæ иуахæмы ныххæццæ ис æмæ сæ хизын
байдыдта денджызы был астæумæ кæрдæгыл. Йæхицæн иу обауыл сарæзта
мусонг. Рæгъæутты-иу ауагъта хизынмæ, йæхæдæг-иу мусонджы сбадти
æмæ-иу зарджытæ кодта.
Хъæздыг уыдысты Тары фырттæ, Мукара 'мæ Бибыц: сæ зæххæн кæрон
нæ уыди, сæ фос нымæц нæ зыдта, сæ къухы уыд бирæ адæм; дардыл
хъуыстгонд уыд сæ кой.
Иу бон Мукарамæ йæ адæмæй иу бахъæр кодта:
— Тары фырт Мукара, дæ зæххыл, кæрон сын нæй, уый бæрц
рæгъæуттæ хизы!
Тары фырт Мукара рамæсты ис æмæ загъта:
— Цавæр æдылы бауæндыди мæнмæ афтæ дзурын: мæ койæ арв снæрын
куы нæ уæнды, уæд мæ зæхмæ чи 'рбауæнддзæни йæ рæгъау æрбаскъæрын!
Йæ сæр ын ракæнын кодта, мæгуыр лæгæн, æмæ йæ кауы михыл
æрсадзын кодта, иннæ мауал уæнда ахæм æнæзонд ныхæстæ кæнын,
зæгъгæ.
Цас рацыдаид, хуыцау зоньг, фæлæ та йæм иуахæмы дзуры иу лæг:
— Тары фырт Мукара, дæ зæххыл уыцы ран æмæ уыцы ран хизы уый
бæрц рæгъау, æмæ сæ зæхх басау ис.
— Йæ сæр ын ракæнут æмæ йын æй михыл æрсадзут. Цæрын мæ куы
нæуал ныууадздзысты ацы æдылытæ! Чи æрбауæнддзæни мæ зæхмæ фос
æрбаскъæрын?! Æви зæххыл ис ахæм адæймаг, æмæ Тары фыртты кой чи
нæ фехъуыста?!
Ракодтой уымæн дæр йæ сæр æмæ йæ кауы михыл æрсагътой.
Цас та рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йæм ноджы дзурынц:
— Тары фырт Мукара, дæ зæхх кæйдæр рæгъæуттæй нал зыны. Ацы
хатт æрсагъæс кодта Тары фырт Мукара:
«Æнхъæл дæн, æмæ уыцы лæгты сæртæ дæр дзæгъæлы ракæнын кодтон.
Чи зоны, ахæм æрра разынди, æмæ æцæгæй чи бауæндыд æрбаскъæрын мæ
зæхмæ йæ фос!»
Йæ бæхыл саргъ авæрын кодта Тары фырт Мукара æмæ араст ис
тыхгæнæджы бæрæггæнæг.
Бады Сослан йæ мусонджы дуармæ, йæхицæн зарджытæ кæны, алырдæм
фæлгæсы; фос дæр дæлгæмттæ-уæлгæмттæ кæнынц зад кæрдæгыл.
Кæсы, æмæ дæлæ иу мигъы къуыбар ссæуы, йæ фæстæ ауæдзы хуызæн
хахх уадзы, йæ сæрмæ халæттæ тæхынц.
«Цы уа ай!» дисы бацыд Сослан. Мигъ æм куыд хæстæгдæр кодта,
афтæ 'взарын байдыдта барæджы: йæ бæх хохы йас, йæхæдæг та цъынайы
йас; барæгæн йæ бæх æмæ йæхи комы тæфæй мигъ бадти; йæ фæстæ
ауæдзы хаххы хуызæн задис йæ карды фæд; йæ сæрты та тахтысты
сыджыты къуыбæрттæ йæ бæхы сæфтджытæй.
Старстис йæхицæн фæтæнуæхск Сослан, ризын байдыдта æмризæджы —
базыдта, уый Тары фырт Мукара кæй у, уый. «Ме сæфт æрцыди», загъта
йæхицæн.
Уалынмæ æрбахæццæ ис Тары фырт Мукара æмæ хъæр кæны
æрвнæрæгау:
— Уый чи куыдз, чи хæрæг дæ: мæнæй арв нæрын куы нæ уæнды, мæ
зæххы сæрты уари атæхын куы нæ уæнды, мæлдзыг ыл алæсын куы нæ
уæнды, уæд уыцы тыхджын чи у, æмæ йæ фос ардæм скъæрын чи
'рбауæндыд?
Йæ хъæрæй рæгъау æрæмбырд вæййынц. Сослан фыр тæссæй айчы
хъузджы бацæуынмæ хъавы: ныттымбыл ис, ныггыццыл ис. Цы гæнæн ма
йын уыд! Сыстад йæ бынатæй æмæ дзуры Мукарамæ:
— Ныббар мын! Æз æххуырст лæг дæн — мæн аххос нæу!
— Чи дæ, кæй æххуырст дæ?— фæрсы йæ Мукара.
— Нарты фосгæс дæн; сæ фос сыдæй мардысты, æмæ мæ ацы дард
бæстæм рарвыстой.
— Барст дын фæуæд, фæлæ дæ цæмæй бафæрсон, уымæн мын æнæгæды
дзуапп куыд радтай, афтæ.
— Цы зонон — зæгъдзынæн,— загъта Срслан.
— Нарты Сосланы кои арæх цæуы, нæ йæ зоныс, цымæ?
— Куыннæ йæ зонын!— загъта Сослан.
— Зæгъ-ма, уæдæ, цы хъару йæм ис, йæ нæртон хъæзтытæ цытæ сты?
— Хъару та йæм куыннæ ис?!— загъта Сослан. Ныр йæхæдæг йæхи
нымæры хъуыды кæны, ме сæфты лæгыл сæмбæлдтæн, зæгъгæ.
— Йæ хъæзтытæй. йын цы федтай, уыдон мын радзур,— загъта
Мукара,— æмæ сæ бафæлварон: кæд сæ бафæразон, уæд дæ æд фос
бахæрдзынæн, кæннод — фæстæмæ аздæхдзынæн.
— Тынг хорз нæ, фæлæ йын сæ чысылтæ зонын. Иу хъазт æм ахæм
ис: Нарты фæсивæды тыхджындæртæ сæ цирхътæ фæрсæссад скæнынц,
саудурыл сæ байдауынц, афтæ цыргъ сæ скæнынц, æмæ сыл æрду куы афу
кæнынц, уæд æй атæхын кæнынц; стæй Сослан йæ бæрзæй къуыдырыл
æрæвæры, æмæ йæ уыдон сæ тых, сæ бонæй цæвынц, фæлæ дзы æрду æмæ
'рдæг дæр нæ алыг кæнынц.
— Уæдæ ды дæр атæппæт рæгъæуттæ кæм хизыс, уым æнæхъару нæ
уыдзынæ; дæ цирхъ дæр æвзæр нæ уыдзæнис; ацу, сцыргъ æй кæн æмæ йæ
бафæлвар мæ бæрзæйыл,— дзуры Мукара.
— Хорз,— загъта Сослан æмæ худгæ ацыдис. Ссын байдыдта йæ
цирхъ Сослан, æнæ уый дæр ын цыргъ куыннæ уыдаид! Стæй йæ саудурыл
сдаудта, æмæ афтæ сцыргъ ис, æмæ йыл æрду куы афу кодта, уæд æрду
дыууæ дихы фæци. Фыр цинæй хурмæ худы, мæймæ кафы Сослан, ныртæккæ
Мукарайы сæр ахауын кæндзынæн, зæгъгæ.
Æрæвæрдта йæ бæрзæй Мукара тулдз къуыдырыл æмæ сдзырдта
Сосланмæ:
— Ауæрдгæ ма бакæн, цæв дæ тыхæй!
Цонгуæзæй ныххафта Сослан Мукарайы бæрзæй йæ цирхъæй, фæлæ
нард сырх бæрзæйæ иунæг æрду дæр нæ алыг кодта — фæстæмæ
фесхъиудта цирхъ, йæ комæй къæртт фæхауди.
— Ай ницы хъазт у,— загъта Мукара.— Æндæр хъазт ницы ис
Сосланмæ?
— Иу хъазт та йæм ахæм ис: йæ дзых ныххæлиу кæны, æмæ йын
Нарты фæсивæд йæ хъæлæсмæ фат æхсын байдайынц; фæлæ уый фæттæ
фæстæмæ æрдæгæууылдтытæй йæ дзыхæй ракалы.
— Бафæлварæм уыцы хъазт дæр,— загъта Мукара,— æз мæ дзых
схæлиу кæндзынæн, ды мын мæ хъæлæсмæ æхс фатæй.
Сослан райста йе 'рдын æмæ байдыдта Мукарайы дзыхмæ фатæй
æхсын. Фæттæ аууилы Мукара æмæ сæ 'рдæгæууылдтытæй ракалы йæ
дзыхæй.
— Ницы хъазт у ай дæр! Бацамон мын йæ хуыздæр хъæзтытæ,—
загъта Мукара.
— Ис Сосланмæ ахæм хъазт: йæ цирхъ ныссадзы, йæ фистон бынмæ,
йæ цыргъ уæлæмæ, афтæ, стæй бæрзонд хохмæ ссæуы æмæ уырдыгæй
цирхъыл йæхи раппары æмæ йыл ныззилы, афтæмæй йын мур дæр ницы
вæййы, хъуыды дæр æй не 'ркæны.
Мукара дæр йæ кард хохы рæбын ныссагъта, йæ фистон бынмæ, йæ
цыргъ уæлæмæ, афтæ, йæхæдæг хохы сæрмæ ссыди æмæ йыл уырдыгæй йæхи
раппæрста дæлгоммæ æмæ йæ бырынкъыл цъилау ныззылди — цъæррæмыхст
дæр нæ фæци.
— Уый дæр æнцон хъазт у,— загъта Мукара.
— Ис æм ахæм хъазт дæр Сосланмæ: Нарты тыхджындæрты хохы сæрмæ
сæрвиты, æмæ йыл уырдыгæй хохы йас дуртæ ратулынц; уый дуртæм
бынæй йæ ных бадары, æмæ йæ ныхыл ныффæнык вæййынц.
— Цу, уæдæ, ды хохы сæрмæ ссу æмæ уырдыгæй ратул стыр дуртæ,—
дзуры Мукара Сосланмæ,— æз сæм бынæй мæ ных бадарон, кæддæра цы
уаид!
Араст ис Сослан бæрзонд хохы сæрмæ. Мукара йæм фæсте кæсы æмæ
йын йæ зылын къæхтæ бафиппайдта. Байдыдта йыл гуырысхо кæнын, кæд,
мийаг, Сослан йæхæдæг у — зылынкъах æй хонынц, зæгъгæ. Систа
æрдын, фат дзы авæрдта, æмæ йæ, гъа, ныр суадзон, куыд загъта,
афтæ йæ фæстæмæ æруагъта, кæд, мийаг, йæхæдæг нæу Сослан, уæд мын
худинаг уыдзæни æххуырсты амарын, зæгъгæ: Нарт зæгъдзысты,
Сосланæн йæхимæ не 'рбауæндыд, фæлæ æххуырсты амардта.
Амæй ай стырдæр дуртæ тулын байдыдта Сослан, бон сау изæрмæ сæ
фæтылдта. Тары фырт Мукара дæр сæм бынæй йæ ных дары, æмæ йыл
дуртæ куы сæмбæлынц, уæд фæнык фестынц.
Ныхъæр ласта Тары фырт Сосланмæ:
— Уæ, Нарты æххуырст, дæхи фыдæбонæй мауал мар: адонæй мын
æхсæнчъы хæст тыхдæр кæны.
«Мæ хæдзар фехæлд», загъта Сослан, «куы мæ базона, уæд мæ
хæрдзæни». Æрцыди йæм дæлæмæ.
— Ницыуал дзы зоныс Сосланы хъæзтытæй?— фæрсы йæ Мукара.
— Гъей, дæ рын бахæрон, Мукара. Уый хъæзтытæ кæд фæуыдзысты,—
дзуапп ын радта Сослан.
— Хуыздæрæй ма дзы цы зоныс?
— Дынджыр уæрм скъахын кæны, æмæ йæм денджызæй дон рауадзынц.
Йæхæдæг уыцы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд
уæд ныккалынц; стæй скувы Хуыцаумæ, афæдзæй-афæдзмæ цы уазал
кæныс, уыи ацы 'ртæ боны куыд ныккæна, зæгъгæ, афтæмæй дзы фæбады
иннабонæй-иннабонмæ. Хорз куы ныйих вæййы дон, уæд ыл Сослан
схæцы, сисы их æмæ йæ Нарты хъæумæ бахæссы, уым ыл Нарты фæсивæд
хъулæй фæхъазынц.
— Æнæ бавзаргæ нæй уыцы хъазтæн дæр,— загъта Мукара.
Денджызмæ хæстæг стыр уæрм скъахтой æмæ йæм дон ауагътой. Стæй
дзы Мукара ныххызти, æмæ йыл Сослан уæле калын байдыдта,
цыдæриддæр ардта, уыдон — хъæд, пыхс, дур.
Уæрм куы сыдзаг ис, уæд дыууæйæ дæр скуывтой: «Йе, Хуыцау,
афæдзæй-афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы 'ртæ боны ныккæ!» Уайтагъд
рауазал кодта, æмæ мал цъенга их ныццис. Бады уæрмы Мукара дæр,
æнхъæлмæ кæсы, кæд ын зæгъдзæнис Нарты фосгæс, уæлæмæ схиз,
зæгъгæ.
Хорз куы ныйих ис, уæд æм Сослан хъæр кæны:
— Схæц гъе ныр!
Схæцыди Мукара, æмæ нæ фæразы их стонын.
— Ау, Сосланæн ахæмтæ куы ницы сты,— ды сæ куыд нæ фæразыс?—
дзуры йæм Сослан.
Тары фырт Мукара ноджыдæр схæцыди; тыхтæй, амæлттæй йæ сæр
фæуæле ис, фæлæ уæхсчытæ нал скуымдтой.
— У, дæ хорзæхæй, Нарты 'ххуырст, скъах мæ, ницы бакæндзынæн
мæхæдæг,— лæгъстæ кæны Мукара.
— Ныртæккæ, ныртæккæ!— дзуры йæм Сослан, йæхæдæг æм цирхъ
фелвæста.— Æз Нарты Сослан кæй дæн, уый нæ зоныс? Хъаруйæ тыхджын
нæ дæн, дæуæй тыхджындæр нæй зæххыл, фæлæ зондæй уый онгтыхджын
дæн, æмæ дæ дурты бын ныккодтон.
— Гъæ, кæлæнгæнæджы фырт, кæлæнгæнæджы!— дзуры йæм Тары фырт
Мукара.— Уæлæ хохы сæрмæ куы фæцæйцыдтæ, уæд дыл дæ тæссарвадæй
фæгуырысхо дæн æмæ дæм-иу фат фæдардтон: фехсин æй, зæгъга æмæ
йæхæдæг куы нæ уа, нæ йæ 'хсин, æмæ уыцы кæлæнгæнæджы фырт йæхæдæг
куы уа! Ныр ма дын цы кæнон! Мæнмæ æндæр тых нал ис.
Цирхъай йыл ралæууыд Сослан; цирхъ цæхæртæ акалы, хæцгæ йыл нæ
кæны.
— Дæ хорзæхæй, фыдæбонæй мæ мауал мар! Мæнæн æндæр мæлæт
ницæмæй ис, мæхи сæрдасæнæй мын мæ сæр куы нæ ракæнай, уæд. Ацу,
æрбахæсс æй æмæ-иу æй ихы сæрты рауадз, уый мын мæ сæр акъуырдзæн
йæхæдæг.
Сослан абадтис йæ бæхыл æмæ ацыди Мукараиы хæдзармæ сæрдасæн
хæссынмæ. Къæсæры цурмæ куы бахæццæ ис, уæд хъуыды кæны, уый
хуымæтæджы сæрдасæн нæ уыдзæн, уымæй мын цыдæр хин аразынмæ хъавы,
зæгъгæ. Фелвæста дынджыр хъæды льгггаг æмæ афтæмæй фæцæуы. Куыддæр
хъæды лыггаг дуарæй бадардта, афтæ уæлкъæсæрæй сæрдасæн уыцы иу
тæррæст раласта æмæ хъæды лыггаджы цæхгæрмæ дыууæ фæкодта, йæхæдæг
зæххы абадтис.
Систа йæ Сослан æмæ йæ рахаста йемæ. Куы 'рбахæццæ ис, уæд æм
Мукара дзуры:
— Гъæй, дæ бон ныккалай, мæнæ кæлæнгæнæджы фырт, æнхъæл дæн,
уымæй дæр та раирвæзтæ!
Бацыди йæм хæстæг Сослан æмæ йæм дзуры:
— Дæуæн дæ тых куыд у, афтæ ма дæ зонд дæр куы уыдаид, уæд дын
тыхгæнæг тых не ссардтаид.
— Иу дзырды бар ма мын радт фæстагмæ,— зæгъы Мукара.— Зондджын
дæ, Сослан, фæлæ тых хъуаг дæ; æз куы амæлон, уæд-иу мын мæ
астæумагъз слас æмæ-иу дзы дæхицæн рон скæ, æмæ уæд мæ хъару
æгасæй дæр дæу уыдзæн.
Сослан сæрдасæн ихыл ауагъта, æмæ Мукарайæн йæ сæр акъуырдта;
стæй йын йæ астæумагъзыл галтæ сифтыгъта æмæ йын æй сласта. Гъа
ныр æй йæ астæуыл æрбабæтта, афтæ та ахъуыды кодта, уымæн йæ
астæумагъз дæр хуымæтæджы магъз нæ уыдзæн, æндæр истæуыл уал æй
афæлварын хъæуы, зæгъгæ.
Ахаста астæумагъз хъæдмæ æмæ йæ тæрс бæласыл æрбаста — бæлас
цæхгæрмæ фæлыг ис, хырхæй фæлыггæнæгау; дыккаг бæласыл æй
æрбатыхта — ахауын кодта уый дæр; афтæ аст бæласы ахауын кодта
Мукарайы астæумагъз. Фарæстæмыл æй куы 'рбатыхта, уæд ма йын йæ
цъар чысыл фæугард кодта — йæ хъару асаст. Тых дзы куы нæуал уыди
астæумагъзы, уæд æй йæ астæуыл æрбабаста Сослан дæр.
Бады та Сослан, хизы йæ фос. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та иу
бон кæсы, æмæ дардæй æрбазындис сау æндæрг.
Фехсайдта йæ зæрдæ Нарты фосгæсæн, хорз нысан та нæу ай дæр,
зæгъгæ. Куыд хæстæгдæр кодта сау æндæрг, афтæ стырæй стырдæр
кодта, æмæ уалынмæ æрбазындис барæг. «Уый уыдзæн Тары дыккаг фырт
Бибыц», хъуыды кæны Нарты фосгæс. «Иуæй дзы фервæзтæн, фæлæ ма
амæн та цы кæнон?» Уалынмæ æрбахæццæ ис барæг.
Æрвнæрæгау та фæхъæр кодта уый дæр Сосланыл:
— Чи куыдз, чи хæрæг дæ, махæн нæ бæстыл мæлдзыг алæсын куы нæ
уæнды, маргъ йæ сæрты атæхын, уæд ды цæй домбай дæ, куыд
æрыскъæрдтай дæ фос ардæм?
— Æз цæй домбай дæн, дæ рын бахæрон, цæй домбай! Æз дæн Нарты
Сосланы æххуырст. Нарты бæсты фыд зымæг скодта, сæ фосæн бахæринаг
нал уыд, æмæ сæ мæнæн рарвыстой ардæм хизынмæ. Куы нæ ракуымдтаин,
уæд мæ Сослан амардтаид; ды дæр мæ амар,— мæнæн цы хъауджыдæр у,—
æмæ Сослан зæгъдзæн, мæхимæ мын нæ уæнды, фæлæ мын ме 'ххуырсты
амардта, зæгъгæ.
— Уæдæ ме 'фсымæр Мукарайы ам нæ федтай?
— Куыннæ йæ федтон!
— Æмæ цы фæци?
— Нарты Сосланы хъæзтытæ мын бацамон, зæгъгæ, мæ нал уагъта.
Æз дæр ын сæ фæцамыдтон. Уый их йæ сæрыл систа æмæ йæ Нартмæ
афардæг кодта.
— Дæ хуыцауы тыххæй, уæдæ ма дзы мæнæн дæр бацамон Сосланы
хъæзтытæй,— сæ кой рагæй хъусæм Нартæн.
— Уыйас дæр дæ дзы хъæуæд, сæ бацамонын дын мæ быгъдуан,—
загъта Сослан.
— Цæй-ма, уæдæ.
— Сосланæн йæ фосимæ ис дыууæ цъæх фыры. Сæ астæу æрлæууы æмæ
сæм зæрдæйы дзæбæхæн йæ сæр бадары. Уыдон æй дыууæрдыгæй хойынц сæ
сыкъатæй, æмæ куы бафæллайынц, уæд уый йæ цæсгом æрсæрфы æмæ
фæзæгъы, офф, офф, æрцардтæн, зæгъгæ.
— Æмæ уæдæ кæм сты уыцы дыууæ цъæх фыры?— фæрсы йæ Бибыц.
— Бацамондзынæн дын сæ,— загъта Сослан. Бахуыдта йæ дыууæ
фырмæ. Фырытæ дæр ахæм нæ уыдысты, нæ,— растæндæр галтæ!
Сæ астæу æрлæууыдис Бибыц æмæ сæм бадардта йæ сæр. Хæцын
байдыдтой фырытæ æмæ йæ бон-изæрмæ фæхостой. Изæры, фырытæ куы
бафæлладысты, уæд Бибыц зæгъы: «Ай æцæг хорз хъазт куы у», æмæ
офф, офф, зæгъгæ, йæ цæсгом асæрфта.
— Уæдæ ма 'ндæр цы хъæзтытæ фæкæны Сослан?— фæрсы та йæ Бибыц.
— Хохы бын æрцытæ фидар æрсадзы, йæхæдæг хохы сæрмæ ссæуы æмæ
уырдыгæй ракафы айнæгыл; айнæгæй йæхи разыввытт кæны æмæ хохы
рæбын æрцытæм йæ сæр æрхæссы æмæ сыл хъен ныллæууы.
— Кæс-ма уæдæ мæнмæ дæр,— загъта Бибыц æмæ бæрзонд хохы рæбын
цъæх æрцытæ фидар æрсагъта. Йæхæдæг хохы сæрмæ ссыди 'мæ уырдыгæй
ракафыд, айнæгæй йæхи ныззыввытт кодта, æрцытыл йæ сæрыл хъен
ныллæууыд æмæ йæ къæхтæй æмдзæгъд фæкодта.
— Куыд дæм фæкаст мæ хъазт та?— дзуры Сосланмæ.— Бирæ хуыздæр
ма мæ уыдзæн Сослан?
— Ой, мæ хур акæнай! уый хъаруйæн кæрон нæй,— загъта Сослан.—
Дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ æрæфтауц кæны, сæдæ цæдæй та суг
æрæввонг кæны, стæй дуртыл бандзары 'мæ сæм сæдæ куынцæй фæдымы.
Дуртæ тынг куы стæвд вæййынц, уæд ын сæ йæ дзыхмæ æппарынц; уый сæ
аныхъуыры æмæ сæ фæстæмæ ратутæ кæны.
— Бафæлварæм та уыцы хъазт дæр!— загъта Бибыц. Аифтыгътой
Нарты галтæй æмæ дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ денджызы былмæ
æрæфтауц кодтой, сæдæ цæдæй сæм суг æрластой. Бандзæрстой дуртыл
æмæ сæм сæдæ куынцæй дымын байдыдтой. Дуртæ куы стæвд сты, уæд сæ
йæ дзыхы æппарын байдыдта Бибыц, аныхъуырдта-иу сæ æмæ та-иу сæ
фæстæмæ рату кодта. Куы фесты, уæд ныуулæфыди æмæ загъта:
— Ай хъазтæн бæззы,— мæ хуылф батæвд и. Гъе ныр ма мын бацамон
йæ зындæр хъазт, æз уый дæр бафæлварон.
— Денджызы ныххизы Сослан æмæ дзы слæууы, йæ сæр ма куыд зына,
афтæ. Уæле йыл ныккалынц, цъыхырыйæ, хъæдæй, дурæй цы ссарынц,
уый. Стæй скувы: «Хуыцауты Хуыцау, мæ Хуыцау, ахæм хъызт скæн, æмæ
сывæллон æттæмæ бадгæйæ сигæ куыд кæна, цыхцырæг та — ихын
цæджындз!» Денджыз ныйих вæййы, æмæ Сослан их йæ уæхсчытыл сисы.
— Æнæ бавзаргæ нæй мæнæн дæр, кæддæра Сослан цытæ фæразы,
уыдон иууылдæр бафæразин,— загъта Бибыц æмæ денджызы бацыд, æрмæст
ма йæ сæр зынд, афтæ.
Сослан ыл калын байдыдта, пыхсæй, дурæй, хъæдæй цыдæриддæр
ардта, уыдон. Стæй скуывта: «Хуыцауты хуыцау, мæхи хуыцау, ахæм
хъызт скæн, æмæ сывæллон æттæмæ бадгæйæ сигæ куыд кæна, цыхцырæг
та — ихын цæджындз!»
Нартæн сæ куывд цæуаг уыди,— ахæм хъызт ракодта, æмæ денджыз
айнæг их ныцци. Иннабонæй-иннабонмæ фæбадти Бибыц денджызы, стæй
йæм Сослан дзуры:
— Рацу ныр, æгъгъæд у.
Схæцыди Бибыц æмæ, цыма ницы уыд, уыйау их стыдта æмæ йæ хид
калгæ денджызæй рацæуы.
«Оххай, оххай! амæй æнцонтыл нал аирвæздзынæн,— хъуыды кæны
йæхи нымæры Сослан,— æнæ сæфгæ нын нал ис фосæй, лæгæй».
— Гъе ныр ма мын Сосланы хæтæнтæ дæр бацамон,— дзуры Бибыц,
денджызæй куы рацыд, уæд.
— Хорз,— загъта Сослан,— æз мæ фос фæстæмæ, Нартмæ, куы
скъæрон, уæд мæ фæдыл цу, æмæ дын йæ хæтæнтæ дæр бацамондзынæн
Сосланæн.
Уалы.нмæ уалдзæг дæр æрцыди. Сослан схæцыд æмæ йæ фосы рæгъау
æрбатардта бæрæгæй сæхимæ.
Нарт сæ фос куы федтой хæрзхастæй, бæрæгæй, уæд ныццин кодтой;
Сослан та сæ цæсты фæкадджындæр ис,— йæ зæрдæйы цы тас ис, уый
цæмæй зыдтой уыдон!
Алчи йæ фос аскъæрдта йæ хæдзармæ. Сослан дæр бацыди сæхимæ
æмæ та йæ бандоныл йæхи мæсты уагъд æркодта,— бандон дæр та йæ
быны ныкъæскъæс кодта.
Базыдта та Сатана, Сослан йæ гаччы кæй нæ ис, уый, æмæ йæм
дзуры:
— Куыд мæсты бадт æркодтай, дæ фосы рæгъау бæрæгæй куы
'рбацьгдысты, æмæ дæ Нарт хорзыл куы банымадтой?
— Фосы мæт мæ нал ис,— загъта Сослан.— Тары дыууæ фыртимæ
зондæй фæхæцыдтæн, Мукарайы амардтон, йæ астæумагъзæй ма йын
мæхицæн рон дæр скодтон, фæлæ Бибыцыл цæмæй не сфæлвæрдтон, уæддæр
ын мæ бон ницы баци; ахæм у, æмæ йын тыхгæнæг тых не ссардзæни.
Ныр æй мæ фæдыл ардæм хъæуы.
— Æппындæр дзы ма тæрс, æз дын ын схос кæндзынæн,— загъта
Сатана.
Цас абадтысты, чи зоны, фæлæ уалынмæ Бибыц дæр схæццæ ис æмæ
дуарæй бахъæр кодта. Сатана йæм рауади æмæ йын, æгас нæм цу,
уазæг, зæгъгæ, æгъдау радта. Стæй фæстæмæ фездæхти, хæдзар
рафснайон, зæгъгæ, æмæ Сосланмæ дзуры:
— Ды дæхи ма равдис, мæ бар æй бауадз!
Хæдзары фæсдуар уыдис уæрм. Сосланы уырдæм ныххизын кодта æмæ
йын загъта:
— Гъе ныр-иу мæм уырдыгæй дзæбæх хъус.
Йæхæдæг дуармæ ауади æмæ Бибыцы хæдзармæ 'рбакодта, къæлæтджын
бандоныл æй æрбадын кодта.
Уайтагъд дæр хæрд, нозт ацæттæ кодта æмæ йын дзаг фынг йæ разы
авæрдта.
— Сосланы агурын, æхсызгон мæ хъæуы,— загъта Бибыц.— Бынаты ис
æви нæ?
— Сосланы дæр тагъд ардæм хъæуы,— далæ дард бæсты Нарты фосæн
гæс уыди, нырма ныр схæццæ ис, æмæ йыл фæсивæд цинтæ кæнынц, фæлæ
уал ды исты ахæр: дард балцæй æрцыдтæ 'мæ фæллад уыдзынæ.
Сатана йæм нуазæн авæрдта, акув, зæгъгæ. Бибыц нуазæн райста
æмæ хуыцаумæ кувы. Уæд æм Сатана дзуры:
—Оххай, хорз лæг, хуыцауæн ма кув: Нарты фæсивæд дæ уый куы
базоной, уæд дæ удæгасæй нал ауадздзысты.
— Гъа, уæдæ дæхæдæг акув,— дæдты уазæг нуазæн фæстæмæ
Сатанамæ.
Райста нуазæн Сатана йæхимæ æмæ фæрсы Бибыцы:
— Уазæг, дæ тых, дæ ныфс æмæ дæ уд кæм сты, уый мын зæгъ.
— Æмæ сæ цы кæныс уыдонæй та?— фæрсы йæ Бибыц.
— Цы сæ. кæнын, цы,— акувон сæм. Нæртон куывд афтæ у, æндæр
хуыцаумæ нæ кувынц.
Уæд Бибыц загъта:
— Мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты дæлæ цæджындзы.
Сатана фæуади 'мæ цæджындзæн хъæбыстæ, пъатæ кæны. Уæд æм
Бибыц дзуры:
— Мæнæн уым цы агурынц мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд?!
— Уæдæ дын кæм сты?— фæрсы йæ Сатана.
— Мæнæ къонайы дуры,— загъта Бибыц. Сатана фæуади къонайы
дурмæ æмæ та уымæн дæр байдыдта пъатæ, хъæбыстæ, сæрфтытæ кæнын.
— Гæды сыл, мæнæн мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд уым цы аразынц?!—
дзуры та йæм Бибыц.
— Уый та куыд, уазæг — æз дæ зæрдиагæй фæрсын, ды та мæ расай-
басай куы кæныс!— дзуры йæм тызмæгæй Сатана.
Уæд баууæндыди Бибыц Сатанайыл æмæ йын загъта:
— Хорз, уæдæ дын сæ зæгъдзынæн æцæгæй: мæнæн мæ тых, мæ ныфс
æмæ мæ уд сты хохы фидары, Бур айнæджы сæр; уым болат лагъзы мидæг
ис æртæ бæлоны. Уыдонæй иу у мæ тых, дыккаг — мæ ныфс, æртыккаг та
W мæ уд.
— Ау, æмæ дын сын фенæн нæй?— фæрсы йæ Сатана.
— Куыннæ сын ис фенæн та! Мæнæ мæ кард дуарæй куы адарай, уæд
сæ цурмæ тæлм адардзæни.
— Хорз, хорз,— зæгъгæ, загъта Сатана æмæ акуывта, стæй йæм
дзуры:
— Гъе ныр исты аминас кæн.
Бибыц хæрыныл балæууыди, стонг дæр куыннæ уыдаид! Сатана йын
сусæгæй ронджы нуазæныл хуыссæджы хос ныккодта æмæ йын æй афтæмæй
баназын кодта. Хæрд куыддæр фæцис Бибыц, афтæ хуыссæджы хос дæр йæ
куыст байдыдта,— Бибыцы уайтагъд хуыссæг ацахста. Сатана йæ
æрхуыссын кодта уатыл, æмæ Бибыцæн йæ хуырхуыр ссыдис. Сатана йын
йæ кард сласта æмæ Сосланы уæрмæй схизын кодта. Феттæдуар сты æмæ
Бибыцы кард адардтой хуры 'рдæм, æмæ кард Бур айнæджы сæр лагъзы
комкоммæ арвы ронау тæлм адардта.
Сослан уыцы тæлмыл æрмахуыр хъæрццыгъайы ацардыдта, æмæ
хъæрццыгъа уайтагъд лагъзы æрхæццæ кодта. Бибыц уæддæр хуыррыттæй
хуыссы.
Сослан лагъз байгом кодта 'мæ 'ртæ бæлоны уырдыгæй систа.
Йæхæдæг йæ хъæлæсы дзаг дуарæй бахъæр кодта:
— Чи куыдз, чи хæрæг, мæ хæдзары чи цы агуры?!
Бибыц фестъæлфыди æмæ æвиппайды йæ уатыл рабадти. Сослан ын йæ
тыхы бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Ныдздзойдзой кодта Бибыц æмæ йæ
цонджы æнцой уатыл æрхуыссыд.
Дыккаг хъæр æм бакодта Сослан:
— Чи цы агуры мæ хæдзары, ратте уæд!
Бибыц дæр ма йæхиуыл схæцыди, фæлæ йын Сослан йæ ныфсы бæлонæн
йæ къубал сыскъуыдта. Базыдта йæ Бибыц фийауы æмæ ныккæрзыдта:
— Базыдтон дæ ныр — ды Сослан дæ! Зондæй мыл фæтых дæ, æмæ ма
дын цы мæ бон у! Æвæццæгæн мын мæ хистæр æфсымæры дæр барвыстай
мæрдтæм!
Уалынмæ та йæм Сослан æртыккаг хъæр бакодта:
— Чи куыдз, чи хæрæг, æртæ хъæрæн мæнæн мæ разы куы никуы ничи
фæлæууы!
Бибыц ма уатыл йæхи нызмæлын кодта, фæлæ йын Сослан йæ уды
бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Æртæ хæлиуы ма йæ дзых фæкодта Тары
фырт Бибыц, стæй уæд амардис.
Равзæрста Сослан Нарты фæсивæды хуыздæрты 'мæ сæ акодта йемæ
Тары фыртты бæстæм.
Ратардтой Нарт Тары фырттæн сæ фос, рахастой сын сæ
хъæздыгдзинадтæ 'мæ сæ Æртæ Нартыл байуæрстой.
СЫРДОН СОСЛАНИМÆ ЦÆМÆН ФЕЗНАГ ИС
Сырдон йæ фырты мысанæн æрæвæрдта Нартæн æмæ сын загъта:
— Кæд æмæ мын мæ фырты фæцæф кæнат æмæ йæ амарат, уæд мæ ницы
хъæуы, кæд æмæ йæ нæ фæцæф кæнат æмæ йæ нæ амарат, уæд мын
хæдзарæн гал куыд радтат, афтæ.
— Хорз,— загътой Нарты фæсивæд æмæ 'хсын байдыдтой Сырдоны
фырты. Алы бон дæр æй æхстой, фæлæ йын фæцæф кæнынæн ницы
фæрæзтой. Бирæ бонтæ куы фæтухæн кодтой æмæ йæ куы нæ цæф кодтой,
уæд сыл худæгæй мардис Сырдон, йæхи цæттæ кодта хæдзарæн гал
райсынмæ. Уалынмæ, дын, сæм Нарты Сослан кæцæйдæр фæзындис. Нарты
фæсивæд Сосланы куы федтой, уæд йæ размæ азгъордтой æмæ йын
радзырдтой Сырдоны хъуыддаг. Стæй йæ алыфæрсты æрлæууыдысты æмæ йæ
сусæгæй Сырдоны фыртмæ æхстбæрцмæ бакодтой. Сослан лæппуйы фехста,
æмæ,— дæ балгъитæг афтæ,— иунæг æхстæн лæппу дзыхъмард фæци.
Бацыд Сырдон йæ фыртмæ 'мæ йæ рахаста, ингæн ын скъахта 'мæ йæ
баныгæдта.
Уый тыххæй Сырдон æмæ Сослан знаг рахастой.
СОСЛАН БЕДУХАЙЫ КУЫД ÆРХАСТА
Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы куырдта,
фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта. Авд азы йыл фæдзырдта Сослан — нæ
йьгн сразы ис ЧелАхсæртæг йæ чызджы радтыныл.
Уæд иуахæмы Алæгатæ сцæттæ кодтой, хæрдæй, нуæзтæй цы хъуыдис,
уый, æмæ сарæзтой стыр куывд. Æрхуыдтой Нарты адæмы сæ куывдмæ.
Рабадтысты Нарт Алæгаты стыр хæдзары рæгъытæй. Иу рæгъы уæле
хистæрæн Уырызмæг бадтис, иннæ рæгъы уæле Хæмыц, æртыккаг рæгъы
уæле та Сырдон. Сæмбæлдис сæ куывды Хызы фырт ЧелАхсæртæг дæр.
Хæрынц æмæ нуазынц Нарты адæм, Алæгаты стыр куывды уæле дæлæмæ
гаджидæуттæ уадзынц. Иу дзæвгар куы абадтысты, уæд Сослан æмæ Хызы
фырт ЧелАхсæртæг фæбыцæу сты,— алчи сæ йæхицæй æппæлы.
— Мæ фыды стæн, æз дæуæй хуыздæр лæг дæн,— загъта Хызы фырт
ЧелАхсæртæг.— Алцæмæй дæр мæ бон у демæ афæлварын. Цæй-ма,
хæснагыл ракафæм, кæддæра чи кæй амбулид.
— Ракафæм!— загьта Сослан.— Цы 'вæрыс хæснагæн та?
— Кæд ды хуыздæр ракафай мæнæй, Сослан,— загъта Хызы фырт,—
уæд æз ратдзынæн дæуæн мæ рæсугъд чызг Бедухайы. Ды та цы 'вæрыс?
— Кæд мæ ды амбулай, уæд æз та ратдзынæн дæуæн мæ номдзыд
Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа, стæй мæ цирхъ,— загъта Сослан дæр.—
Ракаф уал ды — хистæр дæ, иннæ ахæм — уазæг.
Фестадис Хызы фырт æмæ байдыдта кафын. Фыццаг хорз фæкафыдис
зæххыл, стæй байдыдта кафын фынгыл — кæм цæхдон акалы, кæм та
къæбæртæ аппары фынгæй зæхмæ. Афтæ фæкафыди æмæ сбадтис йæ бынаты.
Байдыдта кафын Сослан дæр. Уый дæр фыццаг зæххыл æркафыд. Дисы
бацыдысты æгас Нарт, афтæ хорз скафыд. Стæй уыцы кафгæйæ схызтис
фынгмæ. Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт. фынджы былтыл-иу
цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус нæ фезмæлын
кодта йæ бынатæй; стæй йæм уыйæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ
арæзтæй бадардтой, æмæ уыдоныл кафын байдыдта, раст-иу сыл куыройы
цалхау æрзылдис. «Мæнæ хæйрæг», загътой, чи йæм кастис, уыдон.
Афтæмæй бирæ фæкафыд æмæ сбадтис уый дæр йæ бынаты.
Алæгатæ рахастой Нарты цыппæрхъусыг Уацамонгæ, ронгæй йæ тæккæ
дзагæй, æмæ загътой:
— Уацамонгæ йæ сæрыл чи сæвæра 'мæ афтæмæй чи скафа, æнæ
акалгæйа, хуыздæр кафæг уый уыдзæнис.
Фыццаг æй сæвæрдта йæ сæрыл Хызы фырт ЧелАхсæртæг; ракафыди
æмæ хорз куыннæ кафыд, фæлæ-иу ын нозтæй æркалдис. Сбадти йæ
бынаты ЧелАхсæртæг. Ногæй та байдзаг кодтой цыппæрхъусыг Уацамонгæ
æмæ йæ радтой Сосланмæ. Сæвæрдта йæ Сослан дæр йæ сæрыл æмæ
байдыдта кафын. Ноджы диссагдæр кафт та ныр скодта Сослан,—
Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ акалд. Куыннæ йыл фæдис кодтаиккой
Нарт дæр. Кафт куы фесты, уæд Хызы фырт загъта:
— Быны сæфт фæут, сымах раст куы нæ зæгъат, хуыздæр нæ чи
скафыд?
— Афтæ уæд,— загътой Нарт.— Хорз скафыдтæ, Хызы фырт, фæлæ
Сослан дæуæй бирæ хуыздæр скафыд. Хæснаг Сосланы у.
Фестади мæстæйдзагæй Хызы фырт йæ бынатæй, абадтис йæ бæхыл
æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ — Хызы фидармæ.
Дыккаг бон ацыдис Сослан æмбæлттимæ Хызы фидармæ, фæлæ фидары
дуæрттæ фидар æхгæд разындысты. Базыдта Сослан, кæй фæсайдта
ЧелАхсæртæг йæ дзырд, кæй та йын нæ дæдты Бедухайы.
Сфæнд кодта уæд Сослан Хызы фидар басæттын æмæ Бедухайы тыхæй
рахæссын. Арвыста Сослан фидиуæг æмæ йын загъта: «Цæугæ æмæ Нартæн
фехъусын кæ: абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хызы фидармæ 'фсады
цæуæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа, уый уыдзæн лæппу-
уацайрагæй иваргонд!»
Фехъусын кодта фидиуæг Сосланы ныхас æппæт Нартæн. Алчи цæттæ
кæнын байдыдта йе 'фсæддоны.
Нартæн сæ хъомгæс иунæг лæг уыди, нæлгоймагæй йæ хæдзары
æрмæст авдæнон сывæллон уыди, æмæ хъыг кодта: «Ныр æфсады цæуин,
æмæ Нарты фосæн цы кæнон, хъомгæс цæуин, æмæ мын мæ иунæг хъæбулы
иварæн исгæ кæндзысты»... Афтæмæй йыл æнæхъæн къуыри æхсæв бон нал
кодта. Æгæр æмæ æгæр куы хъынцъым кодта, уæд æм йæ лæппу авдæнæй
дзуры:
— Баба, цæуыл маст кæныс? Æз фæцæудзынæн Сосланæн æфсады!
— Æмæ мын ды æфсады цæуынхъом куы уаис, уæд æз мæгуыр уаин?
Уæд лæппу йæхи аивæзтытæ кодта æмæ йæ авдæны фæрстæ атыдта.
— Нана, тынг стонг дæн!— дзуры лæппу йæ мадмæ.
Уый дæр ын йе 'мдæргъ æмæ йе 'муæрх гуыл ракодта.
Лæппу дæр æй ахордта æмæ, цы уыди, дыууæ уыйасы аци æмæ дзуры
йæ фыдмæ:
— Ныр, баба, æз цæуын æфсады. Сослан искуы куы 'рфистæг уа,
уæд ын æз йæ бæхы идоныл уæддæр фæхæцдзынæн.
Æфсæдтæ æмбырд кæнын байдыдтой æмæ тынг бирæ сысты. Хъомгæсы
фырт гыццыл лæппу дæр сæ фæстæ цæуын байдыдта æмæ сæм ныххæццæ ис.
Сослан æй куы ауыдта, уæд æй фæрсы:
— Ды та кæдæм рацыдтæ?
— Дæуæн æфсады рацыдтæн,— дзуапп ын радта лæппу.
— Дзидзидай сывæллæттæ дзы нæ хъæуынц,— загъта Сослæн,—
афардæг у дæ хæдзармæ.
— Макæ, Сослан,— загъта лæппу,— истæмæн дын сбæздзынæн:— искуы
куы 'рфистæг уай, уæд дын дæ бæхы идоныл уæддæр фæхæцдзынæн.
— Мæ бæх тæрсаг у, æмæ дын йæ идон куы атона, уæд ма йын цæуыл
ныххæцдзынæ?
— Уæд та йын йæ бецыккыл ныххæцдзынæн.
— Æмæ дын йæ бецыкк куы атона, уæд та?
— Уæд та йын йæ барцыл фæхæцдзынæн.
— Æмæ дын йæ барц куы атона, уæд та?
— Уæд та йын йæ дыууæ хъусыл ныххæцдзынæн.
— Æмæ дын йæ хъустæ куы атоной, уæд та ма йын цы кæндзынæ?
— Уæд та йын йæ къæдзилыл ныххæцдзынæн...
— Æмæ дын йæ къæдзил дæр куы атона, уæд та?
— Уæд та йын йæ фæстаг къахыл фæхæцдзынæн.
— Æмæ дын йæ къах дæр куы атона, уæд та ма йын цы кæндзынæ?
— Уæд та Нарты астæу ды æртыкъахыг, æнæбецыкк, æнæбарц,
æнæкъæдзил, æнæхъус бæхыл дæ сæрмæ куы хæссай бадын, уæд æз уыцы
худинаг куыннæ бауромдзынæн?!
«Ай хуымæтæджы лæппу нæ уыдзæни», загъта Сослан йæхицæн æмæ йæ
акодта æфсады.
Æфсæдтæ Хызы фидары размæ ссыдысты. ЧелАхсæртæг Сосланы
'фсады кой куы фехъуыста, уæд йæ фидары дуæрттæ ноджы фидардæр
сæхгæдта, фидарæй æттæмæ цъиузмæлæг нал цыди.
Хæцын байдыдтой Сосланы 'фсæдтæ Хызы фидарыл, фæлæ дзы къæртт,
цъула нæ хаудис.
Уæд Сослан йæ бæх лæппумæ авæрдта, йæхæдæг хæцæг адæммæ бацыд.
Лæппу бирæ фæкасти бæхы цурæй хæцæг адæммæ, стæй, хъæды ставддæр
цы бæлас уыди, уый æртасын кодта, Сосланы бæхы йын йæ тæккæ
цъуппыл фидар бабаста йæ цыппар къахæй, йæ сæр хæрдмæ, æмæ бæлас
суагъта.
Бæлас бæхы уæлæмæ систа; лæппу йæхæдæг уайын байдыдта æмæ
Сосланмæ схæццæ ис. Сослан æй куы ауыдта, уæд æй фæрсы:
— Мæ бæх цы фæци?
— Уæртæ дын æй бæласыл бабастон. Мацæмæй йын тæрс, нæ
фæлидздзæни: фидар баст у; фæлæ мæн ауадз хæцынмæ.
Акастис Сослан хъæды 'рдæм æмæ йæ бæхы бæласы цъуппыл ауыдта.
«Хорз лæгимæ сæмбæлдтæн», хъуыды кæны Сослан.
Ныр лæппу нал уадзы Сосланы, мæн дæр ауадз хæцынмæ, зæгъгæ.
Сразы ис Сослан дæр, цьг гæнæн ма йын уыди!
Лæппу куы раст кодта, уæд загъта Сосланæн:
— Æз цæуын, Хызы фидары сæрмæ цы бæрзонд сау айнæг ис, уырдæм,
æмæ йæ мæ зæвæтæй халдзынæн. ЧелАхсæртæг мæ фехсдзæнис
Куырдалæгоны конд фатæй. Фат ме счъилыл сæмбæлдзæн, æмæ айнæджы
сæрæй рахаудзынæн, фæлæ-иу мæ ды зæххыл æмбæлын ма 'руадз, афтæмæй-
иу мæ авд суадоны сæрты ахæсс, æмæ уæд, Хуыцау цы зæгъа, уый
уыдзæни: Хызы фидар дæр басæтдзынæн, Бедуха-рæсугъды дæр дын
рахæсдзынæн. Уый нæ бафæрæзтай,— уæд æз дæр сæфт, æмæ дæ
хъуыддагæй дæр ницы рауайдзæнис.
Уый адыл лæппу схызти сау айнæджы сæрмæ æмæ йæ йæ зæвæтæй
халын байдыдта, афтæмæй Хызы фидары иу сых уыцы айнæджы хæлдæй
фесæфта.
Уалынмæ йæ ЧелАхсæртæг суыдта æмæ йæ Куырдалæгоны арæзт фатæй
сæхста. Фат къахы счъилыл сæмбæлд, æмæ лæппу куырисау айнæджы
фарсыл ратылди. Сослан дæр йæ дыууæ цонгыл йæ сау нымæт айтыдта,
афтæмæй лæппуйы, æнæ зæхмæ æруадзгæйæ, рацахста. Куыд ын
бацамыдта, афтæ йæ скъæфын байдыдта. Æртæ суадоны сæрты йæ куыд
бахаста, афтæ йыл Сырдон зæронд лæджы хуызы,— йе уæхскыл къæссайы
зæронд, йе дæларм сагойы сæстытæ,— æрбамбæлди, кæдæмдæр тындзы.
— Кæдæм уайыс хæлæфæй, зæронд лæг?— фæрсы йæ Сослан.
— Нарт Хызы фидар басастой, æмæ ма мæ кæд уым исты фæуид,
зæгъгæ, тындзын. Ды Нарты Сосланы хуызæн куы дæ, уæд уыцы мардимæ
кæдæм цæуыс? Бедуха-рæсугъды дын куы фæхæссынц!— загъта зæронд
лæг.
Нæ йыл баууæндыди Сослан æмæ та уайын райдыдта. Цыппæрæм
суадоны сæрты йæ бахаста, æмæ уæд лæппу хидызмæл байдыдта. Фæуайы
Сослан дарддæр. Фæндзæм суадоны сæрты куыд бахызти, афтæ лæппуйæн
йæ зæрдæ тæпп-тæпп кæнын байдыдта. Хъуыди ма йæ ныр дыууæ суадоны
сæрты бахизын, æмæ уæд лæппу бынтондæр райгас уыдадид. Фæуайы
Сослан.
Æхсæзæм суадоны сæрты куыд бахызти, афтæ та йыл Нарты фыдбылыз
Сырдон зæронд усы хуызы, сасир йæ къухы, афтæмæй æрбамбæлди.
— Ды Сослан куы дæ, уæд ацы мардимæ кæдæм уайыс? Нарт Хызы
фидар куы басастой æмæ дын Бедуха-рæсугъды куы фæхæссынц! Æз дæр
æд сасир уырдæм тагъд кæнын, кæд ма мæ дзы исты фæуид!
Фæтарстис Сосланы зæрдæ, ай ацы сылгоймаг дæр афтæ кæм зæгъы,
уым æцæг уыдзæни хъуыддаг, зæгъгæ; бауырныдта йæ зæронд усы дзырд.
Лæппуйы уым обауы сæр нымæтыл фæуагъта, йæхæдæг фæстæмæ уайын
байдыдта æмæ йе 'фсæдтæм æрбахæццæ ис. Кæсы, æмæ æфсæдтæ бадынц,
Сосланмæ æнхъæлмæ кæсынц.
Сослан дæр ма йæ рæдыд бæргæ бамбæрста, бæргæ ма фезгъордта
фæстæмæ лæппумæ, фæлæ йæ мардæй баййæфта: Сырдон ыл марды сыджыт
бакалдта.
Уымæй йæ бон куы базыдта, уæд Сослан йе 'фсæдты арвыста сæ
хæдзæрттæм. Йæхæдæг бацыдис æмæ фидары фарсмæ, дон цы суадонæй
хастой, уый цур ныффæлдæхтис, йæхи мардæфсон скодта, æгасæй скæлм
ис. Дондзаутæ Хызы фидарæй дон хæссынмæ рацыдысты æмæ федтой
«марды». Фæстæмæ бацыдысты æмæ радзырдтой, иу рæсугъд лæг доны был
амард æмæ скæлм ис, зæгъгæ.
Уæд ЧелАхсæртæг базыдта, уый Сослан кæй у, уый æмæ загъта:
— Уый мард нæ уыдзæн, æфсон скодта.
— Уæдæ йæм æз цæуын, хъуамæ йæ базонон,— загъта Бедуха.
— Ма ацу, æрцахсдзæни дæ,—дзуры йæм ЧелАхсæртæг.
— Уый мæнмæ нæ бавналдзæн,— загъта Бедуха æмæ рацыди суадонмæ.
Йæ иу къухæй йæ цæсгом бамбæрзта, афтæмæй дон систа æмæ йæ схаста
сæ хæдзармæ — Сослан йæхи ныффидар кодта, змæлгæ дæр нæ фæкодта.
— Уæ, уаих фæуай, мæ фыд, уыцы мардæй афтид стджыты йеттæмæ
куьг ницыуал ис, йæ мардмæ кæмæн нæ уæндис, уымæн мæ цæуылнæ
лæвæрдтай? Мæн ма уымæй хуыздæр чи ахæсдзæн?
— Уый мард нæма у,— загъта ЧелАхсæртæг.— Цæут, уæхст сырх зынг
скæнут æмæ йын уый йæ счъилы стъыссут. Уæхст йæ уæраджы сæрæй куы
скæса, æмæ афтæмæй куы нæ фезмæла, уæд æцæг мард уыдзæн, æндæр мæ
уый мæлæт нæ уырны.
Уæхст сырх зынг скодтой æмæ йын æй, ЧелАхсæртæг куыд загъта,
афтæ йæ зæвæты стъыстой. Сослан дæр та йæхи ныффидар кодта æмæ,
æгас у, уый нæ раргом кодта.
Кæй рарвыста, уыдон фæстæмæ куы баздæхтысты, уæд радзырдтой
ЧелАхсæртæгæн, хъуыддаг куыд у, уый.
— Рахæссут-ма мæм, уæдæ, уæхст!— загъта ЧелАхсæртæг.
Уæхст æм бахастой. Райста ЧелАхсæртæг уæхст æмæ йæм сысмыста.
— Уыцы Хуыцауы 'лгъыст ма 'гас у,— загъта ЧелАхсæртæг.
— Уæ, гормон,— загъта Бедуха,— йæ къахы сындз кæмæн суайы, уый
дзы куы ныхъæрзы, уæд йæ зæвæты тæвд уæхст кæмæн стъыстой æмæ
уымæй «уæуу» чи нæ загъта, уымæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай, уымæй
хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæн?!
Стæй рацыди Бедуха æмæ Сосланмæ йæхи хойгæ, дардæй мæрдæгъдау
æмæ хъарæггæнгæ бацыди: «Уæ, мæгуырдæр фæуай, Сослан! Цы
хъизæмарæй амардтæ! Уый дæ куы зыдтаин, уæд дæм цæугæ доны дæр
мæхи бæргæ баппæрстаин. Афтæ æгадæй амæлынæн æвгъау бæргæ уыдтæ!»
Йæхи та ныффидар кодта Сослан, змæлгæ дæр та нæ фæкодта.
Бедуха куы баздæхти фæстæмæ, уæд Челæхсæртæджы дæр уырнын
байдыдта, æцæг мард у Сослан, зæгъгæ.
Нал фæлæууыд æмæ араст ис Сосланмæ. Сослан не змæлыд, цалынмæ
йæм æрбахæстæг ис ЧелАхсæртæг, уæдмæ. Фæлæ йæм куы æрбахæстæг ис,
уæд йæхи нал баурæдта æмæ йæм фæгæпп ласта. ЧелАхсæртæг лидзынмæ
фæци. Сослан æй фæсте сурын байдыдта. Гъа ныр фидары дуарæй
фæмидæгæй уа, афтæ йæ Сослан.цирхъæй æрхафт кодта æмæ йын йæ сæры
фахс æрдавта, афтæмæй баирвæзт ЧелАхсæртæг мидæмæ. Мидæгæй
радзырдта Сосланмæ:
— Фæлæу иннæ.абонмæ, уæд æз æмæ ды схæцдзыстæм, ныр та уал
цæуын Куырдалæгонмæ мæ сæры фахс хуыйынмæ.
Хызы фырт ЧелАхсæртæг уæларвмæ ссыди æмæ Куырдалæгонæн æрхуы
сæры фахс скæнын кодта. Куырдалæгон æрхуы сæры фахс куы сарæзта,
уæд фæрсы Челæхсæртæджы:
— Æз æтте зæгæлтæ бахойдзынæн, фæлæ сæ мидæгæй та чи фæцъула
кæндзæн?
— Мидæгæй сæ мæхи бар уадз: ды-иу æтте зæгæл куы бахойай, уæд-
иу æз схуыфдзынæн, æмæ зæгæлтæ афтæмæй мидæгæй фæстæмæ тасдзысты.
Афтæмæй бахуыдта Куырдалæгон Хызы фырт Челæхсæртæджы сæры
фахс. Æрцыди фæстæмæ ЧелАхсæртæг æмæ та царди йæ фидары.
Сæ хæсты æмгъуыды бон куы 'рцыди, уæд Сослан скуывта:
«Хуыцауты Хуыцау, мæ Хуыцау, кæд мæ истæмæн сфæлдыстай æмæ мæ
амонд ис, уæд ахæм хур скæн, æмæ цæгæр сæр тъæппытæ куыд хауа,
æрхуы сæр зынг куыд кæна!»
Рацыдис Хызы фырт ЧелАхсæртæг æмæ æнхъæлмæ кæсы Сосланмæ.
Сослан æм æрæгмæгомау æрцыдис. Ахæм æнтæф скодта, æмæ бæстæ
сыгъдис. Хызы фырт ЧелАхсæртæгæн дæр йе 'рхуы сæры фахс сзынг ис
æмæ сæры магъз басыгъта, афтæмæй уыцы ран амард.
Сослан Бедухамæ бацыдис æмæ йын загъта:
— Дæ фыды дын амардтон, æмæ ныр ды мæн дæ!
— Æз разы дæн,— загъта Бедуха,— æрмæст мын мæ фыды мард
бафснай.
Сослан стыр зæппадз саразын кодта, æмæ марды уым бавæрдтой.
Стæй бацыдис Сослан Бедухамæ æмæ та йын загъта:
— Ныр та ма мын цы 'фсон кæныс, дæ фыды дын бафснайдтон?
— Мæ фыды мын кæм бафснайдтай, уый мын мæ дыууæ цæстæн фенын
кæ,— загъта Бедуха,— æмæ нæ хуыцау хыйыр фæкæнæд: ныр та ма дын
кæмæй тæрсын!..
— Цом, фенын дын æй кæндзынæн,— загъта Сослан.
Ацыдысты. Бедуха йæ дысы болат хæсгард бамбæхста æмæ, йæ фыды
мардмæ куыд ныккастис, афтæ йæ зæрдæсæр фæрæхуыста хæсгардæй æмæ
мардæй йæ фыды уæлæ ныххауди.
Сослан уый дæр йæ фыды фарсмæ бавæрдта. Куыннæ йыл фæмаст
кодтаид! «Бирæ мæстытæ федтон, фæлæ мын се 'ппæтæй зындæр ацы маст
у», загъта Сослан йæхицæн.
Сфæнд кодта бахъахъæнын йæ уарзоны мард æртæ боны æмæ æртæ
'хсæвы. Бады Сослан марды уæлхъус, хъынцъым кæны. Иу бон кæсы, æмæ
зæппадзы иу къуымæй калм рабырыдис æмæ йын йæ уарзоны мардмæ
фæбыры.
Сослан цирхъ фелвæста æмæ дзы калмы ныцъыкк ласта. Калм дыууæ
дихы фæцис, æмæ йæ фæстаг æрдæг уым баззад, йæ фыццаг æрдæг та
фæстæмæ хуынчъы смидæг ис.
Бады та Сослан, хъахъæны. Иу заманы та кæсы, æмæ калм фæстæмæ
ралæстис, йæ дзыхы цыкурайы фæрдыг, афтæмæй. Калм цыкурайы фæрдыг
йæ лыгыл асæрфта, æмæ дыууæ 'мбисы баныхæстысты, афтæмæй уæртæ
фæстæмæ фæлидзы. Сослан дæр æм фæцырд ис æмæ йæ цирхъæй ныццавта,
бынтондæр æй' амардта. Цыкурайы фæрдыг ын йæ дзыхæй райста æмæ йæ
Бедухайы хъæдгомыл расæрфта — чызг уайтагъд райгас и. Йæхи
айвæзтытæ кодта Бедуха æмæ загъта:
— Цæй бирæ фæфынæй кодтон!
Сослан дæр йæ разы лæууыд æмæ йæм дзуры:
— Бирæ, бирæ!
Ракодта Сослан Бедухайы зæппадзæй æмæ йæ 'ркодта сæхимæ.
Байдыдтой цæрын иумæ ус æмæ лæгæй Сослан æмæ Бедуха æмæ цардысты
хъæлдзæгæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.
СОСЛАН САТАНАЙЫ ЗЫНДОНЫ ЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА
Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис
Хурыскæсæны 'рдæм. Иæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы
астæуты фескъæфы.
Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын байдыдтой,
йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм,
зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: «Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй
мæрдтæм барвитæм — зындоны цады йæ баппарæм». Барвыстой Сатанамæ:
«Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ
ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ фæкув».
Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ
цæсты сыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта
Сатана, ме 'нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон,
зæгъгæ.
Мадзалджын дæр куыд нæ уыди! Æртæ мыдамæсты ракодта, доны
былмæ ныццыди æмæ, Сослан цы дурæй райгуырдис, уыцы дурыл сбадти.
Скуывта Сатана: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ
мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Бады, æнхъæлмæ кæсы.
Уалынмæ иу хъæрццыгъа æрбатæхы йæ сæрты. Сатана дзуры
хъæрццыгъамæ:
— Уæ, уæлæ хъæрццыгъа, Сосланмæ мын Хурыскæсæнмæ
фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын де знæгтæ цæрдудæй мæрдтæм
æрвитынвæнд скодтой æмæ тагъд æрбахæццæ у, зæгъгæ, уæд дын стыр
лæвар ракæнин.
— Ноджы фыддæр фыдтæ куы уынид Сослан! Алы ком, алы адаг сырды
мардæй байдзаг кæны, уæддæр ма мæ холы хæргæйæ æхсгæ фæкæны,—
загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис.
Уалынмæ 'рбатахти йæ сæрты хъуахъ гæнгæ халон. Сатана та уымæ
дæр мæлгъæвзагæй дзуры:
— Гъæйтт, ставдбæрзæй сау халон, Хурыскæсæнмæ мын
сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг куы фæцæуис Сосланмæ, дæ мады дын
зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын, мыккагмæ дæ зæрдыл кæй
фæдарай, ахæм лæвар ракæнин.
— Куыннæ дын фæцæудзынæн, Сатана, сынтхъæргæнæг æмæ
халонуасæг, дæ фырт Сослан комы дзаг сырдтæ куы ныццæгъды, уæд мын
уйгдонæй никуы ницы ныууадзы 'мæ! — загъта халон.— Фыддæр фыдтæ ма
дын куы уынин!
— Хауæггаг фæу,— ралгъыста йæ Сатана, æмæ халон атахтис.
Бады Сатана, кæуы, кæй ма фервитон фæдисхъæргæнæг, зæгъгæ,
катайы бацыд.
Уалынмæ нарæгбæрзæй дзæгъындзæг йæ разы абадт æмæ цъыррыкк-
цъыррыкк кæны. Сатана та уымæ дæр дзуры:
— Сослан Хурыскæсæны 'рдыгæй ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы
фæуис, дæ мады дын цæрдудæй зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын
стыр лæвар ракæнин.
— Сосланæн мæ цæст уый фена! — загъта дзæгъындзæг.— Дæхæдæг
дæр ма йæ хъуыды кæндзынæ, дæ кæркдонæй дын карчы айк куы
раскъæфтон, уæд мæ уисойæ куыд ныххафт ласта, уый. Никæд мæ ферох
уыдзæнис уый мæ дунейыл дæр, тыхæй ма дзы аирвæзтæн.
Уæд Сатанайы раз ныцъыбар-цъыбур кодта зæрватыкк.
— Цы кæныс, мæ ирвæзынгæнæг, цæуыл кæуыс?— дзуры зæрватыкк
Сатанамæ.
— Цæуыл ма дын кæуон,— загъта Сатана,— не знæгтæ мæ майрæмбоны
зындоны цады удæгасæй æппарынц; ме 'нæныййаргæ фырт дард балцы ис,
æмæ мæ сæрыл дзурæг нæй.
— Кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуы?— дзуры йæм зæрватыкк.— Иу хатт
мын мæ цъиуты гæдыйы дзыхæй куы байстай, æхсыры цады сæ куы
цынадтай, афтæмæй сæ мæ ахстоны куы нывæрдтай, уый ма мæ зæрдыл
лæууы.
— Уæдæ мын Сослан Хурыскæсæны афæдзбалцы ис, æмæ мын æм
фæдисхъæргæнæг куы фæцæуис, дæ мады дын де знæгтæ зындоны цады
æппарынц майрæмбоны, æмæ мæм тагъд фæзын, зæгъгæ.
— Уæ, номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдисхъæргæнæг куыннæ
фæуыдзынæн! Æз куыд ферох кæндзынæн, хорз Сатана, дæуæн дæ
дзæбæхдзинæдтæ,— загъта зæрватыкк,— фæлæ мыл куы нæ 'ууæнда, уæд
ын цы кæндзынæн?
Сатана йæ къухдарæн фелвæста æмæ йæ зæрватыччы хъуырыл
бакодта.
Айтыгъта уæд зæрватыкк йæ базыртæ æмæ тæхынтæ байдыдта
Хурыскæсæнмæ. Авд къуыри æмæ авд бонмæ Нарты Сослан йæ мигъæмдзу
бæхыл кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк Бонвæрноны скастмæ
фæхæццæ ис.
Иу ран, пыхсбыны, Сослан цъæх нæууыл хуыссы йæхицæн æнæ мæтæй.
Зæрватыкк ын ссардта йæ бынат. Бæласы цъуппыл абадтис æмæ уырдыгæй
мин æвзагæй ныууасыди:
— Гъæйтт, Нарты номдзыд нæрæмон Сослан, дæхицæн цъæх кæрдæгыл
цы дзæбæх хуыссыс! Дæ уарзон мад Сатанайы дын майрæмбоны де знæгтæ
удæгасæй зындоны цады æппаргæ куы кæнынц, æмæ уый йæ цæсты сыгтæ
цæппузырæй куы калы, хуры тынмæ æнхъæлмæгæсæгау дæ фæзынынмæ
æнхъæлмæ куы кæсы!
Сослан æм дзуры:
— Адæмы лымæн зæрватыкк, дæ ныхас дын æмбарын, фæлæ дыл цæмæй
баууæндон?
Зæрватыкк йæ хъуырæй Сатанайы къухдарæн фелвæста æмæ йæм æй
æрæ.ппæрста. Куыд нæ базыдтаид Сослан йæ мады къухдарæн! Йæ
мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæхыл уыцы иу æппæрст йæхи бакодта æмæ
фæцагайдта уырдыгæй. Цас рауади, хуыцау зоны, афтæ кæсы, æмæ иу
ран фæндагыл иу мæгуыр лæг ныффæлдæхтис æмæ уæлæмæ стын нал
фæразы.
— Гъæйтт, Нарты Сослан, æз де уазæг!— дзуры лæг Сосланмæ.
Сослан æм йæ бæхæй æргæпп ласта æмæ йæ фæрсы:
— Цы кæныс, цы дæ хъæуы? Цæмæй дын баххуыс кæнон?
— Стонгæй мæлын, æмæ мæ фервæзын кæ,— загъта лæг.
Сосланмæ, тагъд куыд кодта, уымæ гæсгæ хæринагæй ницы фæцис,
фæлæ йæ сæрмæ не 'рхаста стонг лæджы зæфцы фыдæй мæлынмæ
ныууадзын,— хъæды фæмидæг ис æмæ дзы уайтагъд саджы мард рахæццæ
кодта лæгæн. Арт ын акодта, стæй йын хæрзбон загъта. Мæгуыр лæг
дæр ын раарфæ кодта, уæдæ цы. Йæ бæх ныццæлхъытæ ласта Сослан æмæ
уайын байдыдта йæ фæндагыл.
Цæй бæрц та ауадис, чи зоны, фæлæ та кæсы, æмæ иу цæргæс йæ
дзæмбыты сывæллон рахæссы. Сослан фат фелвæста æмæ фехста цæргæсы.
Цæргæс æд сывæллон донмæ æрхаудис. Рагæпп ласта Сослан йæ бæхæй
æмæ сывæллоны донæй райста æмæ йæ йемæ рахаста. Хъæугæрон
сывæллоны мады, йæхи тыдта, афтæмæй баййæфта. Йæ сывæллоны йын
радта. Мад ын раарфæ кодта, мæгуыр сидзæргæс ус дæн, иунæг ацы
сывæллон мын ис, æмæ мын æй ды фервæзын кодтай, зæгъгæ.
Цæуын та байдыдта Сослан дарддæр йæ фæндагыл. Бахæццæ ис Нарты
хъæумæ, фæлæ йын æгæр байрæджы ис: йæ бацыдмæ йын йæ мады цæрдудæй
зындоны цады ныппæрстой.
Бæргæ ма багæпп кодта йæ фæстæ Сослан, фæлæ ницыуал: нал æй
ссардта. Раздæхтис фæстæмæ цадæй Сослан æмæ йæ хæрæмтты карз
бафхæрдта.
Уый фæстæ, мæрдты Барастырæй ракуррн, кæд мын мæ мады фæстæмæ
радтид, зæгъгæ, араст ис мæрдты бæстæм. Мæрдты дуармæ бацыдис æмæ
дуар бахоста.
Мæрдты Барастыр æм йæхæдæг рацыд, æмæ дзы Сослан йæ мады курын
байдыдта. Барастыр ын загъта:
— Тæригъæдджын хъуыддæгтæ дæр бирæ кæныс, фæлæ, дæ мадмæ
фæдисы цæугæйæ, стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, стæй
мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уымæ гæсгæ
дын дæдтын дæ мады,
Рауагъта Барастыр Сатаиайы. Сослан æмæ Сатана фæстæмæ ссыдысты
Нартмæ æмæ та цæрын байдыдтой дзæбæхæй.
СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА
Иу изæр Сослан Нарты хъæуы уынгты уæлæмæ фæцæуы. Иу тигъмæ
схæццæ ис, æмæ дзы лæппу-фæсивæд лæууынц. Сосланы нæ уынынц æмæ
дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
Дыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр лæууынц лæппу-фæсивæд æмæ
дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
Æртыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр та лæууынц фæсивæд æмæ
дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
«Мæ хуыцауы стæн, адоны мын æнæ бавзаргæ нæй», загъта Сослан
æмæ æрæмбырд кодта фæсивæды иу ранмæ.
— Гъей, мардзæтæ! — дзуры сæм Сослан. — Уарбийы 'фсæдтæ Хызыны
'фцæгыл ссæуынц, æмæ сын сæ ис, сæ хæзна байсæм. Алчи уæ æд
фæндаггаг, æд хæцæнгарз райсом боны цъæхыл рæвдзæй куыд рацæуа,
афтæ.
Сразы сты фæсивæд. Сослан сæ разæй, фæсивæд йæ фæстæ, афтæмæй
араст сты æмæ фæцæуынц. Хызыны 'фцæгмæ схæццæ сты. Акастысты
уырдыгæй, æмæ уарби дæлæ комы ссæуынц гыбаргыбур гæнгæ. Нарты
фæсивæдæй Уарбийы 'фсадмæ чи акæсы Хызыны 'фцæгæй, уый фæстæмæ
лидзæг фæвæййы: æфсæдты гыбаргыбурæй фæтæрсы.
Фæстæмæ фæкаст Сослан, æмæ иунæгæй аззад — иууылдæр алыгъдысты
йе 'мбæлттæ. «Гъей, куыйтæ! Уæдæ иуæхсæв хъæбæр куы дзырдтат, уæд
ныр цы фестут?» — загъта Сослан; йæхæдæг Уарбийы 'фсадимæ хæцын
байдыдта. Байста сын сæ ис, сæ хæзна,— хорздзинадæй сæм цыдæриддæр
ссардта, уыдон æмæ сæ 'рхаста Нарты хъæумæ.
Нарты хъæуы змæлæг нал ис. «Куы цыдтæн, уæд сæ дзæбæхæй куы
ныууагътон, уæд ныр цы фесты?» — зæгъгæ, хъуыды кæны Сослан. Иу
нæуæг чындз донмæ рацæйцыди, æмæ йæ фæрсы Сослан:
— Мæ хъæу, мæ дзыллæ цы фесты?
Ницы йæм дзуры чындз: уайсадгæ йæм кодта.
— Дæ хуыцауы тыххæй, уыцы æфсæрмытæ ныууадз, фæлæ-ма мын зæгъ,
нæ адæм цы фесты?— дзуры та йæм Сослан.
— Косер-рæсугъд йæ тæхгæ мæсыджы сбадти æмæ арвыл ныллæууыди
æмæ дзырд радта,— кæй фат мæм схауа, уый — мæ мойаг, зæгъгæ, æмæ
адæм уымæ кæсынмæ ацыдысты.
Уæдæ искæй фат раздæр куы схауа, зæгъгæ, Сослан уыцы иу тахт
аласта, адæм кæдæм ацыдысты, уырдæм. Уæлгоммæ æрхуыссыдис адæмимæ
Сослан быдыры. Фат фелвæста æмæ йæ фехста — Косер-рæсугъдæн йæ
цæугæ мæсыджы дуары уæллаг тарвазы ныссагъдис. Дыккаг фат фехста,
æмæ уый та рудзынджы уæллаг тарвазы ныссагъд. Равнæлдта Косер æмæ
фæттæ йæхимæ байста. «Мæ хур акæнæд, адон дыууæ дæр иу лæджы фæттæ
сты», загъта Косер æмæ йæ мæсыг æруагъта зæхмæ, дзыллæйы 'хсæнмæ.
— Адон кæй фæттæ сты, уый мæ мойаг; хæстæг мæм æрбацæуæд,—
дзуры Косер.
Фыр цинæй Сослан мæсыджы фæмидæг ис.
— Фæлæу, æрра, фæлæу, æрра! Мæсыгæн ницы бамбардзынæ — куыд æй
суадзын хъæуы, куыд æруадзын,— дзуры йæм Косер.
Сослан нæ байхъуыста. Уæд Косер фыддæрадæн мæсыг уæлæмæ
суагъта, йæхæдæг зæххыл баззади. Сослан хæрдмæ фæтæхы. Уый афтæ
æнхъæлдта, æмæ Косер дæр мæсыджы ис; агуры йæ, фæлæ йæ нæ ары.
«Уæдæ мæ уыцы налат фæсайдта!» — загъта мæстыйæ Сослан йæхицæн.
Уалынмæ мæсыг дæр арвы хæд бын ныллæууыди. Уыцы мæстыйæ ралиуырдта
Сослан мæсыджы сæрæй æмæ зæхмæ куы 'рхæццæ ис, уæд æй бынмæ йе
'мбæрц ныттыдта — авд дæлдзæхы фæци æмæ хæйрæджытæм ныххаудта.
Дунейыл дзæбæхдзинадæй йын цы нæ хæссынц хæйрæджытæ, ахæм нæй,
фæлæ уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр кæны Сослан.
— Уæ, нæ хорз уазæг,— дзуры йæм хæйрæджыты 'лдар,—
дзæбæхдзинадæй нæм цы ис, уыдон дын куы 'вдисæм, уæд дæр бонæй-бон
æнкъарддæр куы кæныс?
— Æз ахæм лæг дæн,— загъта Сослан,— æмæ йе цуан куы нæ кæнон,
йе хæцгæ, уæд цæрын нæ зонын!
Уалынмæ æрбайхъуысти, хæйрæджыты рæгъау фæтардæуы, зæгъгæ.
Хæйрæджыты 'лдар дзуры:
— Дзындз-аласайы йын раласут нæуазæгæн, æмæ йæ бавзарæм,
кæддæра, .дзыхæй куыд дзуры, лæгæй дæр ахæм лæг у. Фæдисы мачи
ацæуæд йæхи йеттæмæ.
Сбадтис Сослан Дзындз-аласайыл æмæ ацыдис фæдисы иунæгæй
хæйрæджыты рæгъауы фæстæ. Æрбатардта фæстæмæ рæгъау æд
тыхгæнджытæ.
— Амæн ауадзæн нал ис: ай хуызæн лæг мах бæсты никуы ис,—
загъта хæйрæджыты 'лдар.
Æмæ ракодта уæд йе 'ртæ уарзон чызджы Сосланмæ æмæ йын загъта:
— Ме 'ртæ чызджы дын бинонтæн дæдтын. Ахæм рæсугъдтæ никуы
ссардзынæ ды, дæ цæрæнбонтæ амондджын æмæ хъæлдзæгæй арвитдзынæ
семæ.
Бирæ фæхаттис Сослан, бирæ федта чызджытæ дæр, фæлæ уыцы
чызджытæй фыдуынддæр чызг никуы федта йæ цæрæнбонты. Уæддæр
хæйрæджыты 'лдары зæрдæ балхæныны тыххæй загъта:
— Бирæ бауарзтон дæ чызджыты, мæ хорз æлдар, фæлæ мын Нарты
бæсты æртæ усы ис. Нæ фидауынц уыдон æппындæр сæ кæрæдзиимæ: æдзух
дæр загъд æмæ хыл кæнынц. Нæ мын бафидаудзысты дæ буц чызджытимæ
дæр, æмæ дын æнамонд фæуыдзысты.
— Уæд та дæ цы ис, цы бон хъæуы махæй?— фæрсы йæ хæйрæджыты
'лдар.
— Æрмæст мæ дзыллæйыл куы сæмбæлин, æндæр мæ ницы хъæуы
сымахæй,— загъта Сослан.
— Ацæут æмæ дыууæ зæронд дзабыры рахæссут!— загъта æлдар йæ
адæмæн.
Ацыдысты æмæ йын дыууæ зæронд дзабыры æрбадавтой.
— Адон дæ къæхтыл бакъуыр æмæ ныккув Хуыцаумæ: «Хуыцæутты
Хуыцау, уæдæ мæ нæ дуармæ фестын кæн!»
Сослан дзабыртæ йæ къæхтыл бакъуырдта æмæ скуывта — уадидæгæн
йæ тæккæ дуармæ фестади.
Сатана йæ куы ауыдта, уæд ныццин кодта: «Хуыцау, дæ рынтæ дын
бахæрон, мæнæ ма мæ лæппу кæцæйдæр фæзынди».
Косер куы базыдта, Сослан фæстæмæ ссыдис, уый, уæд хъуыды кæны
йæхи мидæг: «цымæ ма мæм фыццаджы зæрдæ дары?» Йæ мæсыджы та сбадт
æмæ та арвæй зæххы астæумæ сдзæхст ласта.
— Сатана, цы бакæнон ныр? Уыцы налаты тыххæй авд дæлдзæхы куы
фæдæн, уæд афтæ сбадон мæхицæн?— дзуры Сослан Сатанамæ.
— Уымæн дын æз уынаффæ бакæндзынæн,— загъта Сатана.— Æз дæ
зилгæ дымгæ фестын кæндзынæн, æмæ йæм афтæмæй балæу.
Сатана йæ зилгæ дымгæ фестын кодта Сосланы, æмæ афтæмæй,
гъæйдæ-мардзæ, зилгæ-зилгæ фæцæуы уæлæмæ. Мæсыг кæм лæууыд, уырдæм
схæццæ ис æмæ рудзынгæй мæсыджы фæмидæг ис. Уыцы ран дымгæ фесæфт
— Сослан фестад.
— Гъæ, мæнæ налат, ныр та ма мын кæдæм ирвæздзынæ?!— дзуры
Сослан Косер-рæсугъдмæ.
— Æмæ æз цы кодтон, аххос дæхи 'рдыгæй куы уыд! Æз ардæм дæр
уый тыххæй куы ссыдтæн ныр, æмæ ма мыл иузæрдион уыдзынæ æви нæ,
уый базонон.
Бафидыдтой уым Сослан æмæ Косер-рæсугъд. Мæсыг баздыхтой æмæ
йæ зæхмæ æруагътой.
СОСЛАН МÆРДТЫ БÆСТЫ
Иу изæр куы уыдис, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы.
Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис.
— Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг?— фæрсы йæ Сослан.
— Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуы-ма сæмбæлд,—
загъта Уырызмæг.— Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран
хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ. Æхстбæрцмæ йæм бацыдтæн,
ме 'рдын æм фæцарæзтон, æмæ, гъа ныр фехсон, куыд загътон, афтæ мæ
фæттæ иууылдæр фæпырх сты, иу дæр дзы нал аззадис мæ фатдоны. Уæд
мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон, фæлæ та йæ æрцæвон, зæгъгæ,
куыд загътон, афтæ цирхъ мæ къухтæй асхъиудта, æмæ иунæг Хуыцау
зоны, цы фæци; саг дæр фестадис æмæ алыгъди. Бæргæ ма азгъордтон
йæ фæдыл, фæлæ ма ацу æмæ йæ ды ссар: уайтагъд æрбадæлдзæх и! Саг
та — ахæм саг, æмæ йæ хъуын уыди сыгъзæрин.
Уыцы ныхæсты фæстæ Сосланыл хуыссæг дæр нал æрхæцыдис, æхсæв-
бонмæ йæ фæрстыл ратул-батул фæкодта. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куы
фæхицæн сты, уæд йæ пæлæз йæ уæхсчытыл баппæрста, райста йе 'рдын,
йæ фатдон, йæ цирхъ æрбаста æмæ хъамылты дæлæмæ фæуайы, Уырызмæг
ын саг кæм бацамыдта, уырдæм.
Хур куыддæр скастис, афтæ йæ тынтæ сарæзта сагмæ. Саг æнцад
хуыссы æмæ сынæр цæгъды. Хуры тынтæ сагæй фæстæмæ здæхтысты лыстæг
хæрдгæ 'ндæхтæй æмæ цæстытæ къахтой, афтæ æрттывтой. «Уæдæ ацы
сырд мæ къухы куы бафтид, уæд ма Нарты бæстьг мæнæй кадджындæр кæм
уаид!» — загъта йæхицæн Сослан. Хъуызын байдыдта, халæй халмæ
хъуызæгау, æмæ йæм бахæццæ ис æхстбæрцмæ. Фат æрдыны авæрдта,
хуыцау, уæдæ мын ацы сырды мæ къухты бафтын кæ, зæгъгæ, скуывта
æмæ ныхъавыдис сагмæ. Гъа ныр æй фехсон, куыд загъта, афтæ. кæсы,
æмæ йæ фæттæ фæпырх сты — иу дæр дзы йæ фатдоны нал аззад. Саг йæ
бынатæй дæр нæ фезмæлыдис. Уæдæ ай худинаг куы кæндзынæн, зæгъгæ,
фелвæста Сослан йæ цирхъ æмæ сагмæ фæуайы. Саг айтæ-уйтæ нал
фæкодта, фæлæ уыцы-иу гæпп фæласта æмæ йæ ных Сау хохмæ сарæзта.
Уæдæ дæ æз уæддæр афтæмæй нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ, Сослан дæр йæ
фæдыл уайы.
Схæццæ ис саг Сау хохмæ æмæ иу лæгæты дуарæй фæмидæг ис. Уый
уыдис авд уæйыджы хъан — Хуры чызг Ацырухс.
Сослан дæр йæ фæдыл уыцы лæгæты смидæг ис æмæ уыны авд
æттæгуæлæ галуан, кæронæй дзы уазæгдон. Уый та уыдис уыцы авд
уæйыгæн сæ галуан. Бацыдис Сослан уазæгдонмæ æмæ бандоныл
æрбадтис. Къулыл ауыгъд уыдис хуыйысæр фæндыр; райста йæ Сослан
æмæ диссаджы цæгъдтытæ кæны. Афтæ рæсугъд цагъта, æмæ йæ цагъдмæ
сырдтæ 'мæ мæргътæ 'мбырдтæ кодтой, галуаны къултæ змæлыдысты,
хæхтæ йын хъырныдтой.
Йæ цæгъдынмæ дыууæ гыццыл лæппуйы рауадис. Сослан уæддæр йæ
цагъд нæ уадзы æмæ дзуры: «Æз дæн Нарты Сослан, æмæ мæнæн йе хæрд
куы нæ уа, йе хæст, уæд цæрын нæ зонын».
Лæппутæ авд æттæгуæлæйы сæрмæ уæйгуытæм суадысты æмæ дзурынц:
— Нæ уазæгдоны ис иу уазæг, фæндырæй цæгъды æмæ дзуры: «Æз дæн
Нарты Сослан, æмæ мæнæн йе хæрд куы нæ уа, йе хæст, уæд цæрын нæ
зонын».
Уæйгуытæ рарвыстой лæппуты Сосланмæ æмæ сын загътой:
— Ауайут æмæ йын зæгъут: «Кæд дæ хæрд, нозт хъæуы, уæд дын
Æнамæ бадзурæм, кæд дæ хæст хъæуы, уæд та дын Дадамæ бадзурæм».
Лæппутæ дæр фæстæмæ æрцыдысты æмæ йын афтæ радзырдтой.
— Ныртæккæ та хæрдæй цы кæнын,— загъта Сослан,— фæлæ кæд гæнæн
ис, уæд мæ хæст хъæуы.
Ссыдысты та лæппутæ уæйгуытæм æмæ сын загътой Сосланы дзуапп.
Уæд уæйгуытæ дæр рацыдысты æттæмæ æмæ цыргъ кæнынц, сæ мады
гуыбынæй семæ цы кæрдтæ рахастой, уыдон,— хъавынц Сосланы
аргæвдынмæ. Кæрты уыдис кусартгæнæн дынджыр фынг. Сосланы уыцы
фынгмæ раластой, гъæ, куыдзæй цы куыдз райгуырди, уæдæ нын нæ
саджы дæр хизынмæ ды нал уадзыс, зæгъгæ, æмæ йæ фынгыл равæрдтой.
Иу дæр ыл йæ кард æрхæссы, йннæ дæр — авдæн дæр фехæлынц сæ кæрдтæ
- иу дæр ыл дзы нæ хæцы. Уæд суагътой Сосланы æмæ загътой, цом, нæ
хъан Хуры чызг Ацырухсы бафæрсæм, зæгъгæ.
Бацыдысты Хуры чызгмæ æмæ йын дзурынц:
— Иу уазæг нæм ис; йæхи хоны Нарты Сослан; æргæвдæм æй, æмæ
йыл нæ кæрдтæ нæ хæцынц.
Хуры чызг уыцы ном куы фехъуыста, уæд загъта:
— Кæд Сослан у, уæд уый мæ мойаг у.
Уæйгуытæ йæ фæрсынц:
— Æмæ цæмæй базондзыстæм, Сослан у æви нæ, уый?
— Сосланæн йæ дыууæ уæны астæу ис æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф.
Сбæгънæг æй кæнут, æмæ кæд ахæм стъæлф уа йæ дыууæ уæны астæу, уæд
уый, æцæгæйдæр, Сослан у.
Рацыдысты уæйгуытæ Сосланмæ, рабæгънæг æй кодтой, æмæ йæ
чъылдымыл, растæндæр дыууæ уæны астæу, разындис æрдзæй рахæсгæ сау
стъæлф. Загътой Ацырухсæн, уазæгæн йæ дыууæ уæны астæу кæй ис
æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф.
— Уæдæ уый мæ мойаг Нарты Сослан у,— загъта Ацырухс.— Цæут æмæ
йæ бабуц кæнут, стæй ирæдыл дæр бафидаут. Уый Нæртон лæг у, рæдау
лæг у, æмæ йыл фосæй ма бацауæрдут.
Авд уæйыджы рацыдысты Сосланмæ, йе уæхсчытæ йын æрхостой, не
сиахс дæ, зæгъгæ, æмæ йæ бабуц кодтой, йæ усаг — Хуры 'чызг
Ацырухсы дæр ын фенын кодтой. Стæй рабадтысты сæ бандæттыл æмæ
райдыдтой ирæдыл дзурын.
— Нæ ирæд,— загътой уæйгуытæ,— у ахæм: денджызы был æфсæйнагæй
сау галуан, йæ цыппар фисыны Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа,
афтæмæй, стæй æртæ сæдæ сырды,— уыдонæй иу сæдæ сагтæ куыд уа, иу
сæдæ дзæбидыртæ, иу сæдæ та алымыккаг æндæр сырдтæ.
Сослан уый куы фехъуыста, уæд куыннæ фенкъард уыдаид, ахæм
ирæд мæ къухы кæм бафтдзæнис, зæгъгæ. Сыстадис уыцы 'нкъардæй æмæ,
уæнтæхъил, сæргуыбырæй, рараст ис йæ хæдзармæ. Сæхимæ куы 'рхæццæ
ис, уæд Сатанайæн радзырдта:
— Хуры чызг Ацырухс авд уæйыгмæ хъаны ис æмæ мын усæн цæуы,
фæлæ мæ æрцагуырдтой ирæд: денджызы был æфсæйнагæй сау галуан, йæ
цыппар фисыны Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа, афтæмæй, стæй æртæ
сæдæ сырды, уыдонæй иу сæдæ сагтæ куыд уа, иу сæдæ — дзæбидыртæ,
иу сæдæ та — алымыккаг æндæр сырдтæ. Ахæм ирæд æз аргæ не
скæндзынæн, уый хуызæн рæсугъды та æнæ ракургæ куыд ныууадзон?!
— Æрбад-ма мæ фарсмæ,— загъта Сатана,— æмæ мæм байхъус. Дæ
ирæдæн ссарæн ис, æз дын куыд зæгъон, афтæ куы бакæнæм, уæд.
Æфсæйнагæй сау галуан æнцон скæнæн у: мæнæ мæ диссаджы къухдарæн
куы ахæссай æмæ дзы денджызы был стыр зиллакк куы 'ркæнай, уæд
уыцы зиллаккыл фестдзæнис æфсæйнагæй стыр сау галуан; стæй дын æз
Æфсатийæ уадындз куы ракурон æмæ дзы ды уыцы галуанæй куы
ныууасай, уæд дæм сырдтæ иууылдæр сæхи къахæй æрцæудзысты. Фæлæ
Аза-бæласы сыфтæ ацы дунейыл никуыссардзынæ,— уыдон ракурын хъæуы
мæрдты бæсты хицау Барастырæй, æмæ дын сæ дæ мард ус Бедуха куы нæ
ракура, уæд дæ къухы нæ бафтдзысты.
— Хæрзбон у, уæдæ, æз цæуын мæрдты бæстæм,— загъта Сослан.
Бабадт йæ хъандзалсæфтæг бæхыл æмæ араст ис.
«Цымæ ацы 'рра æцæг ацæудзæн мæрдты бæстæм, æви цы кæндзæн?» —
загъта йæхи нымæры Сатана. Алы рæсугъд хæринаг скодта йæ мæрдтæн,
стæй хъæугæронмæ ацыди, ссардта уым гæдыйы мард æмæ куыдзы мард,
æрхаста сæ сæхимæ æмæ сæ йæ мæрдтæн ныффæлдыста иумæ — æвзæрæй,
хорзæй. «Гъе ныр Сослан кæд мæрдты бæстæм бацæуа, уæд æй уымæй
зондзынæн», загъта Сатана.
Цæуын байдыдта Сослан мæрдты бæстæм. Чи зоны, цас фæцыдаид,
фæлæ иуахæмы бахæццæ ис мæрдты бæстæйы æфсæн дуармæ.
— Дуар бакæн, Аминон!— бадзырдта Сослан дуаргæсмæ.
— Дуар мæ кæнг.æ нæу, куы амæлай, уæд йæхæдæг йæхи бакæндзæн;
мæрдтæм æгасæй цæуыны бар нæй,— дзуапп ын радта мæрдты бæсты
дуаргæс Аминон æмæ йын дуар нæ бакодта.
— Æз дæ уымæй нæ фæрсын, фæлæ дуар бакæ тагъд!— дзуры йæм
Сослан.
— Ды, мæ хæдзар, тыхджын дæ, дæуæн цы нæ бантысдзæн!—
радзырдта та йæм дуаргæс дæр.
Аминон йæ коммæ куы нæ бакасти дзæбæхæй, уæд Сослан дуар
барæмыгъта æмæ бацыдис мæрдты бæстæм.
Дуарæй куы фæмидæг ис, уæд кæсы, æмæ йæ размæ рацæуы бирæ
адæм, хæцæнгæрзтæй ифтонг. Райдыдтой йæм лæбурын æмæ йæм æртхъирæн
гæнгæ хъæр кодтой:
— Сау бон дæ баййафа, Сослан, мах дæу куы агурæм, кæдæм ма нын
ирвæздзынæ ныр?!
Сæхи йæм æппарынц, фæлæ йыл нæ хæст кæнынц, хæстæг дæр æм дзы
никæй къух хæццæ кæны. Сослан дæр,— цыма сæ хъуыды дæр нæ кæны,—
йæ цыды кой кæны æмæ дисы бафтыд, ай цавæр хъуыддаг у, зæгъгæ.
Даргъ уыд йæ фæндаг Сосланæн; цæуын та йæ хъуыдис лæгъз
быдыртыл, хæхтыл, цæдтыл, цæугæдæттыл.
Цæуын байдыдта æмæ ахызтис иу быдырмæ. Кæсы, æмæ дзы дунейы
адæм ауыгъдæй лæууынц, чи йæ къахæй, чи йæ цонгæй, чи йе 'взагæй,
чи та йæ хурхæй ауыгъд, сæ быны та дойнаг дуртæ цырынæй судзынц.
— Гъæйтт, Сослан, суæгъд нæ кæ, фервæзын нæ кæ ацы
хъизæмарæй!— дзурынц Сосланмæ.
— Сосланмæ ахæм бар лæвæрд нæй,— дзуры сæм фæстæмæ уый дæр.
Куыннæ та фæдис кодтаид уыдоныл дæр! Бахæццæ ис иу цадмæ;
кæсы, æмæ цады мидæг бирæ адæм хæфсытимæ, кæлмытимæ æмæ æндæр
ахæмтимæ доны аныгъуылынц æмæ та фæстæмæ фæзынынц.
— Гъæйтт, Сослан, мах де уазæг, фервæзын нæ кæ!— дзурынц æм
адæм.
— Сосланы бон ам ницы у,— дзуапп сын радта Сослан æмæ фæцæуы
йæ фæндагыл дарддæр.
Иу быдырмæ та бахæццæ ис. Уым цы нæ уыдис хоры мыккагæй,
фосæй, сырдæй æндæрæй, ахæм нæ уыд. Сырдтæ хызтысты фосимæ, æмæ сæ
фос тæрсгæ дæр нæ кодтой.
Быдыры уыди стыр дон; доны был сæдæ чызджы симыныл
ныххæцыдысты æмæ симынц, сæ раз та уыди алы æвидигæ хæринаджы
мыккагæй йе дзаг.
Чызджытæ Сосланы куы ауыдтой, уæд ыл ныццин кодтой:
— Сослан, цы зæд, цы дуаг дæ 'рхаста ардæм? Дæ лæджыхъæды
фæрцы 'рбафтыдтæ, æндæра ардæм æд кæрц нæй цæуæн,— дзурынц
чызджытæ.
— Исты мын бахæрын кæнут, стонг дæн,— загъта сын Сослан.
— Симгæ уал ракæн, стæй дын уæд бахæрын кæндзыстæм,— зæгъгæ,
йæ симыныл ныххæцын кодтой чызджытæ.
Сослан, рæсугъддæр цы дыууæ чызджы уыди, уыдоныл æрхæцыдис
æмæ, нæрæмон кæм уыдис, уымæ гæсгæ чызджытæй иуы цонг фелхъывта.
Ницы йæм сдзырдта чызг. Дыккаг хатт дæр та фелхъывта чызджы цонг.
Чызг уæд нал ныббарста, феуæгъд кодта йæхи, Сосланæн йæ базыгыл
фæхæст ис æмæ йæ ныззыввытт ласта стыр доны астæумæ. Сослан дæр æд
гæрзтæ доны аныгъуылы æмæ та фæуæле вæййы æмæ дзуры чызджытæм:
— Фæрæдыдтæн, ныббарут мын!
Чызджытæ загътой, ныббарын ын хъæуы, зæгъгæ.
Цы чызг æй фехста, уый йæ донæй систа æмæ йын загъта:
— Уæлæ дунейыл куыдтæ фæкæныс, ам афтæтæ кæнæн нæй.
— Стонг дæн, æмæ мын исты бахæрын кæнут,— дзуры та сæм Сослан.
— Махимæ цæр ам, уæлæуыл дунемæ мауал бæлл, æмæ дæ
бафсаддзыстæм; мæнæ нæ разы цы хæринæгтæ ис, уыдонæй мах куыд
æфсæст стæм, ды дæр афтæ æфсæст уыдзынæ сæ уындæй, хæргæ сæ нæ
кæндзынæ, афтæмæй,— загъта чызг.
— Хæрын фæтк кæм нæу, уыцы бæстæ мæн ницæмæн хъæуы,— загъта
Сослан æмæ араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Цæуы, цæуы æмæ та уыны ноджы диссаг: иу ран бадынц зæронд
лæгтæ; их сыл схæцыд, сæ зачъеты æрдджытæ сьш ихын сæрдасæнтæ
тонæгау дасынц. «Мæнæ стыр диссаг!» — загъта Сослан æмæ арает ис
дарддæр.
Бахæццæ ис иу æндæр ранмæ æмæ дзы уыны рæсугъд, æвзистæй
арæзт, галуан. Уыцы галуаны сыгъзæрин бандæттыл бады иукъорд
лæджы; сæ раз алы хорз нуазинаг, алы дзæбæх хæринагæй йе дзаг.
Араст та ис дарддæр. Кæсы, æмæ иу ран иу зæронд лæг æккойæ
хæссы хуыр æмæ змис хæлд, æнæбын тæсчъы бæрзонд хохмæ. «Ай та цы
диссаг у?» — загъта Сослан æмæ та араст ис дарддæр.
Кæсы, æмæ иу ран иу цъæх нæууыл гал ныууагъта астæумæ кæрдæгыл
йæ хизын, фæлæ зыдæй æууилы зæронд лæджы зачъе. «Ай та цы диссаг
у», загъта Сослан, «ахæм цъæх кæрдæг уа галæн, æмæ афтæмæй зæронд
лæджы зачъе æууила?»
Ацыдис дарддæр. Иу ран иу сакъадахмæ доны сæрты уыд хид арæзт;
хид та уыд ахæм, æмæ растæндæр — карды ком; сакъадахы та айчы
хъузджы мидæг бады зæронд лæг. Бадис та кодта Сослан.
Цæуы йæ фæндагыл дарддæр. Иу ран лæууы салд бæхы мард, йæ
фæйнæ фарс ус æмæ лæг бадынц, афтæмæй. «Диссаг та мæнæ!» — загъта
Сослан. Фæлæ ницы сдзырдта ус æмæ лæгмæ æмæ араст ис дарддæр.
Иу ран ус æмæ лæг хуыссынц; дынджыр галдзарм сæ быны тыд, иннæ
ахæм галдзарм — сæ уæлæ; фæйнæрдæм сæ ратон-батон кæнынц,— нæ сыл
æххæссынц. «Ай та цы диссаг у?» — загъта Сослан æмæ та араст и
дарддæр.
Кæсы та, æмæ лæг æмæ ус хуыссынц; тæрхъусдзарм сæ быны, иннæ
тæрхъусдзарм сæ уæлæ, æмæ сын алырдæм дæр уыдысты парахат. Бирæ та
фæдис кодта Сослан ууыл дæр æмæ та араст ис йæ фæндагыл.
Иу лæг æмæ усмæ æрхæццæ ис: лæг йæ хъæлæсæй цæхæр омдта, ус та
йæм йæ къухтæ дардта. «Оу, мæнæ та диссаг!» — загъта Сослан æмæ
ацыдис дарддæр.
Иу ран иу ус ставд теманæй хæхты скъуыдтæ æмпъузы. Бафæллад,
мæгуырæг, ус, фæлæ йын æрынцой нæй. Ныддис та кодта Сослан.
Цæуы дарддæр. Кæсы, æмæ иу ран ус стыр къæртайы дзаг æхсырæй
цыхт ахсы. Уый бæрц æхсырæй та цыхт ахъаззаг куыннæ хъуамæ схауид,
фæлæ дзы ус сисы æрмæст еууы нæмыджы йас гуымбыл. Чысыл фалдæр
иннæ ус уидыджы дзаг æхсырæй сисы æнæхъæн хохы йас гуымбыл. Ныддис
сыл кодта Сослан æмæ араст ис дарддæр.
Бахæццæ та ис усмæ: хуыссы уæлгоммæ, æмæ йæ риуыл стыр куыройы
фыдтæ ривадæй зилынц. «Ахæм диссаг ма уыдзæнис!?» — загъта Сослан
æмæ араст и дарддæр.
Кæсы, æмæ та мæнæ иу ран иу усæн йæ риуыл стыр куыройы фыдтæ
зилы, ссгæ та кæнынц сау дуры къæрттытæ. «Мæнæ цы диссаг ис!» —
загъта та Сослан йæхицæн æмæ та ацыдис дарддæр.
Бахæццæ ис иу æндæр усмæ. Кæсы, æмæ йæ дзидзитыл — гæккуыритæ
æфтыд. «Цымæ цы ракодта ай та?» — фæдис кодта йæхи мидæг Сослан
æмæ араст ис дарддæр.
Кæсы, æмæ иу ран ус хуыссы: йæ фындзы хуынчъытæй фæсмыны æмæ
хъуымацы гæппæлтæ зыныц, йæ рахиз цонг цъæх арт уадзы. «Ай та цы
диссаг уа, цы кодта?» — загъта Сослан æмæ араст ис дарддæр.
Кæсы, æмæ йæ разы зæппадз; зæппадзы бады иу лæппу, хæрз
бæгънæгæй, йæ мад æй куыдæй ныййардта, раст афтæмæй; йæ фындзы
хуынчъытæй рондз цæуы, йæ хъæлæсæй та туг кæлы. Батæригъæд ын
кодта Сослан æмæ та ацыди дарддæр.
Бахæццæ ис бирæ сывæллæттæм: алыхуызон дзаумæтты,
алыйазыккæттæ, цъæх нæууыл хъазынц. Уыдысты мæгуырхуыз: чи дзы
бæгъæввад уыд, чи ронбæгъд, чи та æнæ худ. Худтæ сæ рæтты тъыст
уыдысты, рæттæ сæ хъуырты 'фтыд, дзабыртæ — фæччиты. Сцин кодтой
Сосланыл. Чи йæ дзы йæ мад хуыдта, чи — йæ' фыд. фæтæригъæд сын
кодта уый дæр æмæ сæ барæвдыдта: алкæуыл дзы йæ дзаумæттæ, куыд
æмбæлдис, афтæ скодта. Стæй сбадтис йæ бæхыл æмæ араст ис
уырдыгæй. Сывæллæттæ йын фæсте арфæ ракодтой: «Сослан, фæндараст
фæу, цы хъуыддаджы фæдыл цæуыс, уый дæ къухы бафтæд!»
Фæдис сыл кодта Сослан æмæ ацыдис йæ фæндагыл дарддæр. Цæуын
байдыдта æмæ иу дуармæ бахæццæ ис. Дуарыл бахызти, æмæ дзы мидæгæй
гадза, заинаг гадза, фæсдуар хуыссы. Сослан йæ рæзты фæцæуы. Гадза
йæхæдæг фынæй уыд, фæлæ йæ къæбылатæ йæ хуылфæй рæйынц.
Бирæ фæдис кодта Сослан æмæ араст ис дарддæр.
Иу æрхы был еууы кæрийы уæлхъус хызын æмæ голлаг кæрæдзийы-
барынц быцæуæй. Голлаг афтæ зæгъы: «æз фылдæр дæн!» Хызын дæр афтæ
зæгъы: «нæ, æз фылдæр дæн!» Голлаг йæхи байдзаг кæны, хызыны йæхи
ауадзы, æмæ хызын æмбис дæр не свæййы; хызын йæхи байдзаг кæны,
голладжы ауадзы йæхи — голлаг йæ былтæй акæлы.
Куыннæ йæм фæкастаид диссаг уый дæр Сосланмæ!
Ацыдис дарддæр. Иу ран быдыры — æртæ тæлм бæласы. Сæ быны
хуыздарм дзабыр æмæ сæрак дзабыр кæрæдзиимæ тох кæнынц — бæласыл
бырынц. Хуыдзарм дзабыр бæласы цъуппмæ сбырыд, сæрак дзабыр бынæй
баззадис; «Куыд диссаг у, хуыдзарм дзабыр сæрак дзабырыл фæтых
уа!» — загъта Сослан йæхи мидæг.
Цæуы дарддæр. Кæсы йæ размæ, æмæ хохæй быдырмæ ставд бæндæн
баст; йæ бынты ацæуæн нæй, йæ сæрты — ахизæн. Уалынмæ йæ кæрон
феуæгъд ис æмæ иуырдæм батылд. Ныддис ыл кодта Сослан æмæ та араст
ис дарддæр.
Кæсы, æмæ иу ран хохæй быдырмæ бæндæн райвæзы æмæ та фæстæмæ
хохмæ батымбыл вæййы.
Бахæццæ ис иу обаумæ. Кæсы, æмæ обауыл фыцы æртæ цæдæджинаджы
пæлхъ-пæлхъæй, саджы сыкъатæй сæ быны цырын арт. Дыууæ кæройнаджы
кæрæдзимæ æппæрстой агъдгай æмæ армгай дзидзатæ, астæуккагмæ дзы
басы цъыртт дæр нæ хаудта — сурæй сырсыр кодта. «Цы диссаг уа?—
загъта Сослан.— Иумæ æвæрд куы сты, æмæ дыууæ кæройнаджы кæрæдзимæ
дзидзатæ куы 'ппарынц, уæд дзы астæуккагмæ басы цъыртт уæддæр
куыннæ хауы?!»
Араст ис уырдыгæй дæр. Кæсы, æмæ та мæнæ диссаг: иу ран,
фæндаджы был, усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ хæцынц иумæ. хъæбысæй;
куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы се 'ннæ. Бирæ фæхæцыдысты, стæй,
æппын фæстаг, фæрсæй-фæрстæм ныллæууыдысты фæндагыл. «Ай та цы у —
ме 'намонд æви мæ амонд?» хъуыды кæны Сослан.
Цæуынтæ та байдыдта æмæ иу ран уыны рифтæгтæ. Мæнæ цы рифтæгтæ
ис, зæгъгæ, сæм ехсы хъæдæй æрæвнæлдта уæлбæхæй, æмæ йæ ехсы хъæд
фæсаст. «Мæнæ диссаг», зæгъгæ, загъта, «уæлбæхæй барæг фелвасын,
ацы рифтæгтæ мын фезмæлын дæр нæ бакуымдтой». Йæ бæхæй æргæпп
кодта æмæ рифтæгтыл йæ иу къухæй схæцыд; нæ йын скуымдтой сисын.
Йæ дыууæ къухæй сæм февнæлдта, схæцыди, æмæ йæ уæрджыты сæртæй
дæлæмæ зæххы афардæг ис. Фыр дисæй фæджих ис. Стæй йæхиуыл схæцыди
æмæ схызти.
Ныууагъта рифтæгтæ æмæ араст ис дарддæр. Фæндагыл уыны
алыхуызон æндæхты къуыбылой. «Ацы къуыбылойæ мемæ куы айсин»,
загъта Сослан йæхицæн. Æрхызтис йæ бæхæй æмæ нывæндын байдыдта йæ
цонгыл æндах. Нывæнды, фæлæ къуыбылой къаддæр нæ кæны. Сфæлмæцыди
Сослан нывæндынæй, ныууагъта къуыбылойы æмæ араст и дарддæр.
Рауадис иу чысыл. Кæсы, æмæ та иу ран быдыры иу къуыбылой —
размæ тулгæ-хæлгæ кæны, фæстæмæ тулгæ-тухгæ, æмæ йын нæ хæлын
æнтысы, нæ тухын. «Ай дæр та диссаг!» загъта Сослан æмæ араст ис
дарддæр.
Кæсы, æмæ та йæ фæндагыл ноджы бæхсныджы къуыбылой бæхы къæхты
разæй тулы. Фæстæмæ ракаст, æмæ йын фæсте йæ бæхы счъилтæ хойы.
Стæй дзы фæхицæн и, Дисы бацыд Сослан. «Æвæццæгæн мыл исты
фыдбылыз цæудзæнис!» загъта йæхи нымæры.
Араст ис дарддæр; кæсы, æмæ Нарты фыдæлтæ бадынц; сæ разы
фынгтæ æвæрд, алы хæринаг, алы нуазинагæй се дзаг, афтæмæй,
фынгтæн сæ кæрон та — гæдыйы мард æмæ куыдзы мард. Кæсынц Нарты
зæрæдтæ сæ фынгтæм, фæлæ сæм æвналгæ нæ кæнынц. «Ай та цы диссаг
у!» — зæгъы Сослан. Хъыг дæр ын куыннæ уыдаид!
Араст ис дарддæр.
Бахæццæ ис уалынмæ йæ ус Бедухайы бынатмæ, æмæ,— уæу, мæнæ
диссæгтæ!— Бедухайæн йæ гуыр уым, йæ сæр уым нæй. Йæ цæссыгтæ
згъалы Сослан, йæхи кæуынæй мары.
— Мæ усæн йæ сæр йæ гуырыл цæуылнæ ис?— фæрсы иннæ мæрдты.— Æз
ардæм уый фенынмæ куы 'рцыдтæн.
— Иæ сæры дæр тагъд ардæм хъæуы,— загътой йын мæрдтæ.
Æмæ 'цæг — уайтагъд сæр уым фестад æмæ аныхæст гуырыл.
— Цы кæныс, дæ цæстытæ афтæ сырх цæмæн сты, цæуыл куыдтай?—
фæрсы йæ Бедуха.
— Цы бакæнон, æрбацыдтæн æмæ дын дæ сæр дæ гуырыл куы ыæ
'рбаййæфтон, уæд мæм хъару нал разынд мæ цæссыг бауромынæн,—
дзуапп ын радта Сослан.
Бирæ фæцин кодтой кæрæдзийыл, стæй Бедуха фæрсы Сосланы:
— Мæрдты бæстæм удæгасæй фæндаг куы никæмæн ис, уæд дæу цы
зæд, цы дуаг æрхаста ардæм уыцы хæстифтонгæй?
Сослан ын радзырдта:
— Авд уæйыджы хъан — Хуры чызг Ацырухс мын усæн цæуы, фæлæ мæ
æрцагуырдтой ирæд: æртæ сæдæ сырды æмæ денджызы былыл сау æфсæн
галуан, йæ цыппар фисыны Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа, афтæмæй.
Æфсæн галуан скæнын æмæ æртæ сæдæ сырды ссарын уæлæуыл мæ бон
бауыдзæн, фæлæ Аза-бæласы сыфтæн дунейыл никуы и ссарæн, мæрдты
бæсты йеттæмæ, æмæ мын сæ ды куы нæ ракурай мæрдты бæсты хицау
Барастырæй, уæд мæ къухы нæ бафтдзысты.
— Уыдон дын æз ракурдзынæн Барастырæй, фæлæ уал мын уæлæуыл
хъуыддæгтæй исты радзур,— загъта Бедуха.
— Бедуха, æмæ диссагæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр мæрдты
бæсты куы сты!
— Уагæр цы диссæгтæ федтай?— фæрсы йæ Бедуха. Æмæ байдыдта
Сослан дзурын, мæрдты бæсты цыдæриддæр федта, уыдон.
— Æрбахæццæ дæн æз,— загъта Сослан,— мæрдты бæсты æфсæн
дуармæ. Дуаргæс мын дуар нæ кодта, мæрдтæм удæгасæй цæуыны дзырд
нæй, зæгъгæ. Уæд дуар æрбатыдтон æмæ тыхæй æрбацыдтæн мæрдты
бæстæм. Дуарæн мидæгæй куы фæдæн, уæд кæсын, æмæ мæ размæ бирæ
адæм рацæуы æд хæцæнгæрзтæ. Сæхи мæм æппарынц, æртхъирæнтæ мæм
кæнынц, кæдæм ма нын ирвæздзынæ ныр, зæгъгæ,— хæццæ мæм сæ никæй
къух кодта. Ницы сæм сдзырдтон æз æмæ сæ цыма хъуыды дæр нæ кæнын,
уыйау мæ цыды кой кодтон.
— Уым диссагæй ницы ис,— загъта Бедуха.— Уыдон иууылдæр сты,
дæ къухæй мæрдтæм чи бацыдис, уыцы адæм. Нæма амардтæ, æмæ дæм сæ
къух уымæн нæ хæццæ кæны, дæуæй сæ маст райсын сæ бон уымæн нæу,
фæлæ куы амæлай, уæд дæ тыхсын кæндзысты.
— Рацыдтæн уырдыгæй,— дзуры дарддæр Сослан,— кæсын, æмæ иу ран
дунейы адæм ауыгъдæй лæууынц: чи дзы йæ къахæй ауыгъд уыд, чи йæ
цонгæй, чи йе 'взагæй, чи та йæ хурхæй; сæ быны — дойнаг дуртæ
цырынæй судзынц. Цавæр диссаг у уый та?
— Уыдон цы бакодтой, уый сæхуыдтæг сæхицæн бакодтой. Уыдон
уæлæуыл бирæ 'взæрдзинæдтæ фæкодтой, ныр сæ мæрдты бæсты
зындзинæдтæй фидынц: афæдз сæ кæмæн æртæ боны, кæмæн къуыри, кæмæн
фылдæр ахæм хъизæмар æвзарын тæрхонгонд у мæрдты хицауæй.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу цадмæ. Кæсын, æмæ дзы
бирæ адæм хæфсытимæ, кæлмытимае æмæ æндæр ахæмтимæ доны
аныгъуылынц æмæ та фæстæмæ фæзынынц. Дзырдтой мæм: «Фервæзын нæ
кæ, Сослан!» — фæлæ сын æз загътон, Сосланы бон ам ницы у, зæгъгæ.
Цы кодтой, мæгуыртæг, уыдон та?
— Уый та уыдис зындоны цад. Сæ уæлæуыл царды давынæй æмæ
хахуырæй цы нæ бакодтой уыдон, ахæм нæ уыдис; ныр сын мæрдты
'гъдауæй ахæм тæрхон ис.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу быдырмæ та 'рбахæццæ дæн. Уым цы нæ
уыдис хоры мыккагæй, фосæй, сырдæй, ахæм нæй. Сырдтæ хизынц
фосимæ. Быдыры ис стыр дон; доны был сæдæ чызджы симыныл
ныххæцыдысты, сæ раз та алы хæринаг, алы нуазинагæй йе дзаг. Семæ
мæ симыныл ныххæцын кодтой. Æз сæ куырдтон хæринаг, æмæ мын афтæ
зæгъынц: «Махимæ цæр, уæлæуыл дунемæ мауал бæлл, æмæ дæ уæд
бафсаддзыстæм,— нæ разы цы хæринæгтæ ис, уыдонæй ды дæр мах хуызæн
æфсæст уыдзынæ». Æз сын загътон, зæгъгæ, хæрын фæтк кæм нæу, мæн
уыцы бæстæ ницæмæн хъæуы. Цы диссаг у уый та?
— Уый уыдис дзæнæты быдыр; чызджытæ та уыдысты, куринагæй æмæ
куырдуаты чи амардис, ахæмтæ. Хæринæгтæ та, уæлæуыл дунейы сын кæй
ныффæлдыстой, уыдон сты. Ныр сæ разы, куыд федтай, афтæ лæууынц,
æмæ сæ уындæй æфсæст сты.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын, æмæ та мæнæ ноджы диссап иу ран
бадынц зæронд лæгтæ, их сыл схæцыд; сæ зачъеты 'рдджытæ сын ихын
сæрдасæнтæ дасыны 'фсон тонынц.
— Уыдоны-иу адæм рæстæнхъæл тæрхоны лæгтæн равзæрстой, фæлæ
раст тæрхон нæ кодтой: тыхджынтæн-иу кæддæриддæр сæ фарс
хæцыдысты, кæм гæртам, кæм та зонгæйы фæдыл. Гъе ныр ам мæрдты
'гъдауæй сæ тæригъæдтæ фидынц.
— Уырдыгæй рацыдтæн. Æрбахæццæ дæн иу æвзист галуанмæ. Уыцы
галуаны сыгъзæрин бандæттыл иукъорд лæджы бады, сæ раз хорз
нозтæй, хорз хæрдæй йе дзаг, фæлæ сæм æвналгæ нæ кæнынц.
— Уыдон уæлæуыл давгæ никæмæй кодтой, хорз фæуыныл куыстой,
бирæ уарзтой мæгуырты æмæ сын æххуыс кодтой. Сæ разы цы хæринæгтæ
ис, уыдонæн сæ уындæй æфсæст сты.
— Рараст дæн уырдыгæй. Иу ран иу зæронд лæг бæрзонд хохмæ хуыр
æмæ змис æккойæ хæссы хæлд, æнæбын тæсчъы. Цы ракодта, цымæ, уый
та?
— Уый та-иу уæлæуыл кайаг уыд арæнæй, афтæмæй мæгуыр адæмæн сæ
зæххы гæппæлтæ давта. Ам сæ ныр фиды.
— Рацыдтæн уырдыгæй, æмæ та мæнæ диссаг: иу ран цъæх нæууыл
гал ныууагъта астæумæ кæрдæгыл йæ хизын, фæлæ зыдæй æууилы зæронд
лæджы зачъе. Дис дæр ыл куыннæ фæкодтаин: ахæм цъæх кæрдæг уа
галæн, æмæ афтæмæй зæронд лæджы зачъе æууила!
— Дис дæм ма кæсæд уый дæр. Уый-иу алы куыстафон цæдисæмбал
скодта æмæ-иу йæхи галæн цъæх хос лæвæрдта, искæй галæн та —
хъæмпы муртæ. Уый дын ныр йæ хъуыддаг.
— Уырдыгæй рацыдтæн. Иу ран сакъадахмæ доны сæрты ис хид
арæзт, растæндæр карды комы хуызæн, сакъадахы та айчы хъузджы
мидæг бады зæронд лæг.
— Уый та йæ цæргæ-цæрæнбонты уæлæуыл иунæгæй царди — нæ йын
æмбал уыди, нæ — хæлар; бæрæгбонæй, къаты бонæй нæ зыдта, уазæг
циу, уый. Ныр ам, мæрдты бæсты дæр, иунæгæй йæ бонтæ 'рвиты.
— Уырдыгæй рацыдтæн. Федтон иу ран салд бæхы мард, йæ фæйнæ
фарс ус æмæ лæг бадынц.
— Уыдон уæлæуыл мæрддзæст уыдысты, сæ фæллойæ сæ цæст хæрын нæ
уарзта, æмæ мæрдты бæсты салд бæхы фыдæй се 'ххормаг сафынц.
— Рацыдтæн уырдыгæй,— дзуры дарддæр Сослан,— кæсын, æмæ иу ран
ус æмæ лæг хуыссынц; дынджыр галдзарм сæ быны тыд уыдис, æндæр
ахæм галдзармæй æмбæрзт уыдысты; фæйнæрдæм сæ ратон-батон кодтой —
нæ сыл æххæссыдысты. Цæмæн афтæ уа уый та?
— Уый уымæн афтæ у,— загъта Бедуха,— æмæ сæ уæлæуыл царды
уыдон кæрæдзийы нæ уарзтой, сæ цæргæ-цæрæнбонты кæрæдзийы ратон-
батон фæкодтой; ам дæр, мæрдты бæсты, баззадысты, уæлæуыл цы
уыдысты, уымæй.
— Рацыдтæн уырдыгæй,— загъта Сослан,— кæсын, æмæ та чысыл
ардæмдæр ус æмæ лæг хуыссынц; иу тæрхъусдзарм сæ быны тыд, иннæ
тæрхъусдзарм сæ уæлæ æмбæрзт, афтæмæй сын уыдысты алырдæм дæр
парахат. Уый та цæмæн афтæ уа?
— Уый дæм диссаг цæмæн кæсы?— загъта Бедуха.— Уыдон сæ уæлæуыл
царды бирæ уарзтой кæрæдзийы; ам дæр, мæрдты бæсты, не сты уыцы
уарзондзинадæй æнæхай.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу лæг æмæ усмæ æрхæццæ дæн. Лæг йæ
хъæлæсæй цæхæр омдта, ус та йæм йæ къухтæ дардта.
— Уыдон дæр сæхи фыдæй хъизæмар кæнынц,— загъта Бедуха.— Сæ
уæлæуыл царды-иу бинонты астæу сæхицæн сусæгæй хæринаг кодтой, ныр
уыцы давд мæрдты бæсты зындзинадæй фидынц: афæдз æртæ боны афтæ
куыд хъизæмар кæной, мæрдты хицау сын уый стæрхон кодта.
— Иу ран та иу ус ставд теманæй хæхты скъуыдтæ æмпъузы.
Бафæллад, мæгуырæг, фæлæ йын æрынцой кæнæн нæй уæддæр.
— Уый та уæлæуыл йæхи лæджы сайгæ кодта: æндæр лæг дардта, æмæ-
иу уымæн лыстхуыд кодта, æнæзивæгæй, йæхионæн та — ставд сынчытæ,
хъуырхъуыр гæнгæйæ.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран иу ус стыр къæртайы
дзаг æхсырæй цыхт ахсы. Уый бæрц æхсырæй йын æгасæй еууы нæмыджы
йас гуымбыл схауы. Йæ фарсмæ та, чысыл æттæдæр, æндæр ус уидыджы
æхсырæй сисы æнæхъæн хохы йас гуымбыл. Диссаг мæм фæкастысты.
— Ма дис кæн уыдоныл дæр,— загъта Бедуха, — уыдонæй, стыр
къæртайы дзаг æхсырæй еууы нæмыджы йас цыхт кæмæн схауы, уымæ
уыдис сæдæ хъуджы; бирæ йæм уыдис урссаг, фæлæ чъынды уыд:
бæрæгбон-иу дзы йæ сыхаг куы куырдта цыхты мур, уæд-иу ын нæ
лæвæрдта, нæй мæм, нæй мæм-иу кодта. Иннæмæ та æрмæстдæр иунæг
хъуг уыдис, фæлæ уый рæдау уыд: исчи-иу дзы куы куырдта урссаг,
фæнды бæрæгбон, фæнды къаты бон,— æнæ радтгæ-иу ын нæ фæци, йæхи
дæр-иу хъуаг ныууагътаид, уæддæр. Уый дын ныр сæ хъуыддаг мæрдты
бæсты!
— Уырдыгæй дæр та рацыдтæн æмæ æрбахæццæ дæн иу æндæр усмæ.
Уый хуыссыд уæлгоммæ, æмæ йæ риуыл стыр куыройы фыдтæ ривадæй
зылдысты.
— Уый та-иу искæй куыройыл æвастæй бавгæдта. Ныр дын уый йæ
хъуыддаг.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ та мæнæ иу ран ноджы иу усæн
йæ риуыл куыройы фыдтæ зилы, ссгæ та кæнынц сау дуры къæрттытæ.
— Уый та-иу арæх искæй ссинæгтæй давгæ кодта. Ныр сæ ам,
мæрдты бæсты, ахæм хъизæмарæй фиды.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу æндæр усмæ; уымæн та йæ
дзидзитыл кæд уыдис æфтыд гæккуыритæ. Цæмæн уа уый та?
— Уымæ-иу сыхаг ус сывæллон æрбахаста дзидзи дарынмæ; уый-иу
сывæллоны йæ кæлмæрзæны бын бакодта, фæлæ-иу ын дзидзи нæ
бадардта. Ныр ам, мæрдты 'гъдауæй, фиды йæ хæстæ:
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран иу усæн йæ фындзы
хуынчъытæй фæсмын æмæ хъуымацы гæппæлтæ зынынц, йæ рахиз цонг цъæх
арт уадзы. Цы диссаг у уый та?
— Уый та уæлæуыл хуыйæг уыдис, æмæ-иу алы хуыинагæй дæр æнæ
давгæ нæ лæууыд. Ам сæ ныр фиды.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ мæ разы — зæппадз. Зæппадзы
бады иу лæппу хæрз бæгънæгæй, йæ фындзы хуынчъытæй рондз цæуы, йæ
хъæлæсæй та туг кæлы. Куыннæ йыл бадис кодтаин.
— Ууыл дæр ма дис кæн,— загъта Бедуха,— уый уæлæуыл цæргæйæ йæ
мад æмæ йæ фыды коммæ никуы бакасти, тухийæ сæ мардта, иу æмæ
дыууæ 'лгъысты нæ баййæфта уыдонæй. Ныр ам фæсмон кæны æмæ афтæ
тынг кæуы, æмæ йæ фындзæй рондз цæуы, йæ хъæлæсæй та туг кæлы.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн бирæ сывæллæттæм: алыхуызон
дзауматы, алыйазыккæтæ, цъæх нæууыл хъазыдысты. Чи дзы бæгъæввад
уыд, чи ронбæгъд, чи та — æнæхуд. Худтæ сæ рæтты тъыст уыдысты,
рæттæ — сæ хъуырты 'фтыд, дзабыртæ — фæччиты, фæччитæ та сæртыл
тыд. Чи мæ дзы йæ мад хуыдта, чи мæ йæ фыд хуыдта; куыннæ сын
фæтæригъæд кодтаин: барæвдыдтон сæ, алкæй дзы йæ дзауматы, куыд
æмбæлд, афтæ сарæзтон. Рараст дæн, æмæ мæм фæсте дзурынц: «Сослан,
фæндараст фæу, цы хъуыддаджы. фæдыл цæуыс, уый дæ къухы бафтæд!»
— Уыдон уыдысты,— загъта Бедуха,— сидзæрæй чи амард, ахæмтæ.
Барæвдыдтай сæ, æмæ дыл сæ арфæ æрцæудзæн.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу дуармæ. Дуарæн йæ фæстæ
гадза, заинаг гадза, хуыссы. Куыддæр йæ рæзты æрбахызтæн, афтæ,
йæхæдæг фынæй уыди, фæлæ йæ хуылфæй йæ къæбылаты рæйын ссыди. Тынг
дис мæм фæкасти уый.
— Уый та уый нысан кæны, æмæ ахæм рæстæг æрцæудзæн, кæстæртæ
хистæртæн уынаффæгæнæг кæд уыдзысты, зонд сын кæд амондзысты.
— Иу ран та стыр æрхы был еууы кæрийы уæлхъус хызын æмæ голлаг
кæрæдзийы барынц быцæуæй. Голлаг афтæ зæгъы: «æз фылдæр дæн!»
Хызын дæр афтæ зæгъы: «нæ, æз фылдæр дæн!» Голлаг байдзаг кæны
йæхи, хызыны йæхи ауадзы, æмæ хызын æмбис дæр не свæййы; хызын
байдзаг кæны йæхи, голладжы ауадзы уый дæр йæхи, æмæ голлаг йæ
былтæй акæлы. Цымæ цавæр диссаг уа уый та?
— Нæртон лæг куы дæ,— загъта Бедуха,— уæд дæм уый куыд диссаг
кæсы?— ахæм заман скæндзæн, æмæ адæмæн æфсис нал уыдзæн, стыр æмæ
чысыл æмбæртæ суыдзысты.
— Уырдыгæй рацыдтæн. Иу ран быдыры æртæ тæлм бæласы; сæ быны
хуыдзарм дзабыр æмæ сæрак дзабыр кæрæдзиимæ тох кæнынц — бæласыл
бырынц. Хуыдзарм дзабыр бæласæн йæ цъуппмæ сбырыд, сæрак дзабыр та
йæ быны баззад. Куыннæ йыл фæдис кодтаин,— хуыдзарм дзабыр сæрак
дзабырыл фæтых уа, зæгъгæ.
— Хуыдзарм дзабыр нысан кæны сау адæмы, сæрак дзабыр та
уæздæтты. Ахæм заман æрцæудзæн, æмæ сау адæм уæздан адæмыл фæтых
уыдзысты, сæ разæй фæуыдзысты.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ хохæй быдырмæ ставд бæндæн
баст: йæ бынты ацæуæн нæй, йæ сæрты — ахизæн. Уалынмæ йæ кæрон
феуæгъд и æмæ иуырдæм батылд. фæдис ыл кодтон, фæлæ йын ницы
бамбæрстон,— загъта Сослан.
— Дæ фæндагæй, уæдæ, æцæг куы ницы бамбæрстай,— загъта
Бедуха.— Уый амоны уый, æмæ фæстагмæ дуне адæмæн дуар суыдзæн.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран хохæй быдырмæ бæндæн
райвæзы æмæ та фæстæмæ хохмæ батымбыл вæййы.
— Уый та уый у, æмæ фæстагмæ адæм хохæй быдырмæ царды хос
аразынмæ цæудзысты æмæ та-иу фæстæмæ хохмæ бацæудзысты,— загъта
Бедуха.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу обауыл фыцы пæлхъпæлхъæй
фæрсæй-фæрстæм æртæ цæдæджинаджы, сæ быны саджы сыкъатæй цырын
арт. Дыууæ кæройнаг аджы кæрæдзимæ æппарынц дзидзатæ армгай æмæ
агъдгай, ас тæуккагмæ дзы басы цъыртт дæр нæ хауы — сурæй сырсыр
кæны. Уый та цæмæн афтæ у?— бафарста Сослан,
— Диссаг дæм ма кæсæд уый дæр. Уый та уый амоны, æмæ ахæм
рæстæг æркæндзæн, æмæ æцæгæлон адæмтæ кæрæдзимæ æфсымæрæй æнгомдæр
суыдзысты, алы мыккæгтæ æфсымæртау хæларæй цæрдзысты, æрвадæлтæй
лымæндæр бауыдзысты.
— Уырдыгæй рацыдтæн,— загъта Сослан,— æмæ федтон ноджы
диссагдæр: иу ран фæндаджы был усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ хæцынц
хъæбысæй. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы — се 'ннæ. Бирæ
фæхæцыдысты, стæй, æппын фæстаг, фæрсæйфæрстæм æрлæууыдысты
фæндагыл.
— Уый та,— загъта Бедуха,— амоны уый, æмæ æрцæудзæн ахæм
рæстæг, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æмбартæ кæд суыдзысты, нæлгоймаджы
сæрыл кæд нал уыдзæн хъуыддаг.
— Цæуын та байдыдтон. Кæсын, æмæ иу ран мæ фæндагыл рифтæгтæ.
Мæнæ цы рифтæгтæ ис, зæгъгæ, сæм ехсы хъæдæй уæлбæхæй æрæвнæлдтон.
Тыхджын та куыннæ дæн — Нарты хъæзтыты-иу барæг уæлбæхæй
фелвæстон, фæлæ уыдоны, маразæгъай, змæлын дæр фæкæнон, мæ ехсы
хъæд асаст. Мæнæ диссаг, зæгъгæ, æргæпп кодтон бæхæй, схæцыдтæн .
сыл иу къухæй, нæ мын скуымдтой сисын; дыууæ къухæй сæм февнæлдтон
æмæ мæ уæрджыты сæртæй дæлæмæ зæххы афардæг дæн, уæддæр мын
фезмæлын дæр нæ бакуымдтой. Мæнæ стыр диссаг, зæгъгæ, загътон æмæ
сæ ныууагътон. Цымæ цы уыди уый та?
— Куыд сæ хъуамæ сфæрæзтаис!— загъта Бедуха.— Уыцы рифтæгтæ
сты адæймаджы хорздзинадтæ.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Фæндагыл лæууы алыхуызон æндæхты
къуыбылой. Уæдæ ацы къуыбылойæ куы айсин мемæ, зæгъгæ, загътон
мæхицæн æмæ йæ байдыдтон мæ цонгыл тухын. Тухын, тухын, фæлæ
къуыбылой уæддæр къаддæр нæ кæны. Фæдис ыл кодтон бирæ, фæлæ йæ
'мбаргæ нæ бакодтон.
— Уыцы къуыбылой нысан кæны дунейы сусæгдзинæдтæ: цас фæнды
тырнай сæ базонынмæ, базондзынæ дзы æрмæст хæрз чысыл,— загъта
Бедуха.
— Уырдыгæй рацыдтæн, æмæ иу ран быдыры ноджы къуыбылой: размæ
тулгæ-хæлгæ кæны, фæстæмæ та тулгæ-тухгæ, афтæмæй йын нæ хæлын
æнтысы, нæ — тухын. Уый та цæмæн уыд?— фæрсы Сослан.
— Уый диссаг нæу,— дзуапп ын дæдты Бедуха,— ахæм рæстæг
скæндзæн, æмæ адæм сбирæ уыдзысты æмæ зæхх баргæ кæндзысты.
— Рараст та дæн. Кæсын, æмæ мæ фæндагыл мæнæ бæхсныджы
къуыбылой, бæхы къæхты разæй тулы. Фæстæмæ фæкастæн, æмæ мын фæсте
мæ бæхы счъилтæ хойы. Уалынмæ дзы фæхицæн дæн. Дисы бацыдтæн;
æвæццæгæн мыл исты фыдбылыз цæудзæни, зæгъгæ, загътон мæхицæн.
— Ма тæрс,— загъта Бедуха,— ницы дыл æрцæудзæн уымæй, фæлæ-иу
уыцы къуыбылой дæ бæхы разæй куыд фæцис, фæсте та-иу ын йе счъилтæ
куыд бариуыгъта, раст афтæ у дæ зонгæты хъуыддаг дæр: ис дзы
ахæмтæ, æмæ дæм разæй худгæ фæкæны, фæсте та дын де счъилты
нуæрттæ лыг кæны.
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ Нарты фыдæлтæ бадынц, сæ разы
фынгтæ 'вæрд, алы хæринаг, алы нуази-нагæй се дзаг, афтæмæй,
фынгтæн сæ кæрон та гæдыйы мард æмæ куыдзы мард. Кæсынц Нарты
зæрæдтæ сæ фынгтæм, фæлæ сæм æвналгæ нæ кæнынц.
— Æмæ сæм куыд æвналой?— загъта Бедуха.— Уый, ды мæрдты бæстæм
куы цыдтæ, уæд сын Сатана ныффæлдыста куыдзы мард æмæ гæдыйы мард,
цæмæй, фæстæмæ куы ссæуай, уæд æй радзурай, æмæ уымæй базона дæ
балцы æцæгдзинад.
— Хорз,— загъта Сослан фæстагмæ, — бамбæрстон сæ ныр иууылдæр,
фæлæ .ма не 'мбарын уæддæр иу хъуыддаг: куы 'рбацыдтæн ардæм, уæд
дæ сæр дæ гуырыл цæуылнæ уыд? Уый та цы диссаг у?
— Æмæ уый та куыннæ зоныс?— загъта Бедуха.— Мæ сæр æдзух дæр
демæ вæййы. Æз дын ардыгæй бирæ 'ххуыс кæнын. Ардæм куы сфæнд
кодтай, уæд дæр дын фæндæгтæ мæ руаджы суæгъд сты, æндæра ма
удæгасæй исчи мæрдты бæстæм æрбацыдис? Ды дард балцы куы вæййыс
æмæ дæ сæрмæ сау асæст куы цæуы, уæд дын уый дæр æз вæййын, цæмæй
ма фæлмæцай хурæй. Хæсты куы вæййыс, уæд демæ чи фæхæцы, уыдонæн
сæ сæрмæ тыгъдызæй куы ныллæууы, уæд уый дæр æз вæййын, кæд де
'фсæдтæ фæтыхджын уаиккой, зæгъгæ.
Стæй рацыдис Бедуха æмæ ракуырдта мæрдты Барастырæй Аза-бæласы
сыфтæ, æрбахаста сæ Сосланмæ æмæ йын загъта:
— Кæд мæрдтæм Цсбугæ 'рбакодтай, уæд уый — дæ хъаруйы фæрцы,
æндæр, хуыцауы^вастæй, мæрдтæм фæндаг никæмæн ис, нæ дæр фæстæмæ
мæрдты бæстæй уæлæуыл дунемæ йс цæуæн. Ды дæр иугæр мæрдтæм
æрбацыдтæ, уæд дын фæстæмæ фæндаг нал ис. Фæлæ æз мæ цæстытæ куы
'рныкъулон, уæд дæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестдзысты, æмæ-
иу уæд цæугæ. Мæрдты адæм дæ фæсте сурдзысты, чидæр фæлидзы æмæ
мах дæр лидзæм зæгъгæ, фæлæ фæдмæ 'ркæсдзысты, æмæ мидæмæ
разындзæн; мæрдтæ раздæхдзысты фæстæмæ, алчи йæ бынатмæ. Фыдæбоны
лæг дæ, Сослан, стырзæрдæ лæг. Дæхи æнцад цæрын никуы
ныууадздзынæ! Цæрынæй хæрынмæ мæ коммæ никуы бакастæ, фæлæ дын
фæдзæхсын: ардыгæй куы ацæуай, уæд цыдæриддæр хæзнайыл сæмбæлай дæ
фæндагыл — кæсгæ дæр-иу æм ма фæкæн, дæ фæндаг-иу дар.
Бедуха куыд загъта, афтæ бакодта, æмæ Сосланæн йæ бæхы
цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестадысты.
Сослан хæрзбон загъта Бедухайæн, сбадтис йæ бæхыл æмæ рараст
ис мæрдты бæстæй.
Мæрдтæ дæр базыдтой, чидæр кæй фæцæуы мæрдты бæстæй, æмæ
мæрдты дуары 'рдæм ныххæррæтт кодтой йæ фæдыл; фæлæ, бæхы фæд
мидæджы 'рдæм здæхт у, уый куы федтой, уæд загътой, уый нæхи 'рдæм
æрбацыдис, зæгъгæ, æмæ сæ алчи йæ бынатмæ ацыдис.
Цас та фæцыдис Сослан, чи зоны, фæлæ иу афоны æрбахæццæ ис
мæрдты дуармæ.
— Дуар бакæн!— дзуры Сослан Аминонмæ.
— Сослан, иугæр мæрдты бæстæм æрбацыдтæ, уæд ардыгæй фæстæмæ
здæхæн нал ис,— дзуапп ын радта мæрдты дуаргæс.
Куы нæ йын кодта Аминон дуар, уæд Сослан æрцæфтæ кодта ехсæй
йæ хъандзалсæфтæг бæхы, рарæмыгъта дуар, афтæмæй тыхæй рацыдис
мæрдты бæстæй.
Цæуы, цæуы æмæ иу ран фæндагыл æрбамбæлдис сыгъзæринты
кæрийыл. Йе зæрдыл æрбалæууыд Бедухайы фæдзæхст, æмæ йæм нæ
бавнæлдта, фæстæмæ дæр æм нæ фæкаст. Цæуын та байдыдта ноджы; цас
рауадаид, чи зоны, фæлæ та иу ран уыны сыгъзæрин рувасы къæдзил.
Нæ та систа уый дæр Сослан, фæстæмæ дæр та йæм нæ фæкастис. Цæуы,
цæуы æмæ иу ран æрбамбæлдис иу худы зæрондыл. Худы зæронд куы
ауыдта, уæд дзуры йæхи нымæры: «цæмæн бакастæн мард усы коммæ,
мæхи æнæхай цæмæн фæкодтон ахæм хæзнатæй?!» Нал фæлæууыдис худмæ,
систа йæ, ацы худы зæронд нæ чындзытæн уæддæр ахæссон, нæ куыройы
сын фалгæрæттæ расæрфынæн бабæздзæн, зæгъгæ, æмæ йæ атъыста йæ
роны.
Цæуын та байдыдта Сослан, сæхимæ сæввахс ис, туацъæмæ схæццæ
ис. Туацъæйы йæ бæхæй æрхызтис, бæласыл æй бабаста, йæ саргъ ын
систа, стæй какон сындз ракодта æмæ йæ нæмын райдыдта йæ тых йæ
бонæй.
Бæхæн фыр надæй йæ туг алырдыгæй кæлы.
— Тагъд, дæ адзал цæмæй у, уый мын зæгъ,— дзуры Сослан бæхмæ,—
на 'мæ дæ ацы фыдæбæттæй не суæгъд кæндзынæн.
Бæх ницы дзуры. Уæд Сослан фæмæсты ис, фелвæста дынджыр бæлас
æд уидæгтæ æмæ йæ йæ бæхы сæрыл лыстæг пырх ныккодта. Цы ма
кодтаид бæх дæр — сдзырдта: «Мæ адзал мæнæн мæ къæхты хæфсытæй у;
бынæй мын мæ хæфсытæ куы нæ срæхойай, уæд мын мæлæт нæй:
хъандзалсæфтæг дæн. Уæдæ дæхицæн та дæ адзал цæмæй у?» — фæрсы бæх
Сосланы.
— Æз æгасæй дæр болат дæн, æрмæст мæ уæрджыты сæртæй фæстæмæ —
уыдон мын фæлмæн сты, æмæ Балсæджы цалхæй у мæ мæлæт: уый мæ
уæрджыты сæртыл куы нæ атула, уæд мын æндæр мæлæт ницæмæй ис,—
загъта Сослан.
— Гъе ныр дын æй Хуыцау ма ныббарæд,— бæх æм дзуры,— дæхи дæр
бабын кодтай æмæ мæн дæр. Дæ роны цы худы зæронд цæвæрдтай, уый-ма
фен — уый Гæтæджы фырт гæды Сырдон уыд.
Асгæрста Сослан йæ рон, æмæ худы зæронд уым нал ис. Бамбæрста
йæ уæд, цæуылнæ йын уагъта Бедуха исын, йæ фæндагыл цы хæзнатыл
æмбæлдаид, уыдон. Сырдон куы фехъуыста, цæмæй у Сосланæн йæ мæлæт,
стæй йæ бæхы мæлæт, уæд агæпп кодта Сосланы ронæй æмæ дæлдзæхмæ
уайыныл фæцис, хæйрæджыты паддзахмæ æфсадгур.
— Нарты Сослан адæмæн сæ туг банызта,— загъта Сырдон
хæйрæджыты паддзахæн,— йе стыр ныфс йæ бæх у, æмæ бæхæн йæ мæлæт у
йæ къæхты хæфсытæй, æмæ мын фатджын æфсæдтæ радт, бынæй йæ хæрдмæ
чи 'хса, ахæмтæ.
Радта йын хæйрæджыты паддзах æфсæдтæ. Уыдон дæлдзæхæй хæрдмæ
'хсын байдыдтой Сосланы бæхы æмæ йын æй амардтой йæ къахы хæфсæй.
Бæх куы мардис, уæд дзуры Сосланмæ:
— Æз мæлын, фæлæ мæ тагъд мæхæлыстыгьд акæн, мæ цармы мын
ныннæм хъæмп, сбад мыл, æмæ дæ афтæмæй, чи зопы, дæ хæдзарыл
сæмбæлын кæнон.
Сослан бæхы мард мæхæлыстыгъд акодта, йæ цармы йын хъæмп
ныннадта æмæ йыл саргъ авæрдта. Сбадтис ыл æмæ та фæцæуы йæ
фæндагыл.
Сырдон дæр та фехъуыста бæхы ныхас, тагъд та азгъордта
хæйрæджытæм дæлдзæхмæ æмæ сæм дзуры тызмæгæй:
— Тагъд, хæйрæджытæ, уæ фæтты бырынчъытæ зынг кæнут æмæ йæ
афтæмæй æхсут!
Байдыдтой тæвд кæнын хæйрæджытæ сæ фæтты бырынчъытæ; сырх зынг-
иу сæ скодтой æмæ сæ афтæмæй æхстой уæлзæхмæ. Хæйрæджыты тæвд
фæттæ сæмбæлдысты Сосланы хъæмпын «бæхы» гуыбыныл; хъæмп мидæгæй
схæцыд, æмæ «бæх» æгасæйдæр басыгъд.
Фистæгæй бацыд Сослан сæхимæ, йæ саргъ йе 'ккойы, афтæмæй.
Радзырдта Сатанайæн, цы федта мæрдты бæсты, уыдон иууылдæр.
Сатанайы дæр уæд бауырныдта, Сослан мæрдты бæсты кæй уыдис, уый.
Радта Сатана йæ диссаджы къухдарæн Сосланмæ. Сослан ахаста
къухдарæн æмæ дзы денджызы былыл стыр зиллакк æркодта,— фестадис
дзы æфсæйнагæй стыр сау галуан. Йæ цыппар фисыны йын ныссагъта Аза-
бæласы сыфтæ.
Стæй йын Сатана ракуырдта Æфсатийæ уадындз. Сослан уыцы
уадындзæй ныууасыд, æмæ галуанмæ æрцыдис æртæ сæдæ сырды: уыдонæй
иу сæдæ сагтæ уыдис, иннæ сæдæ — дзæбидыртæ, аннæ сæдæ та — æндæр
алымыккаг сырдтæ.
Авд уæйыджы куы федтой сæ ирæд, уæд радтой сæ хъан — Хуры чызг
Ацырухсы Сосланæн усæн.
СОСЛАНЫ МÆЛÆТ
Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ,
хæрынтæ байдыдтой; бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой. Арæх-иу цыдис
Сослан цуаны Зилахары быдырмæ. Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг.
Уæд та иуахæмы бафæнд кодта фæцæуын Зилахары быдырмæ дыууадæс
æмбалимæ. Ацыдысты. Зилахары быдыры æрцарæзтой сæхицæн мусонг.
Райсомæй-иу сихормæ фæцуан кодтой, стæй-иу æрцыдысты мусонгмæ сæ
фæллад уадзынмæ; сæ фæллад-иу суагътой æмæ та-иу изæрæй ацыдысты
цуаны.
Иу бон куы уыд, уæд та райсомæй цуаны ацыдысты æмæ сихормæ
фæстæмае сæ бынатмæ фæлмæстæй æрцыдысты. Цуанонтæ æркъултæ кодтой,
нæ фæллад суадзæм, зæгтьгæ. Сослан фæллад нæ зыдта æмæ, цалынмæ ме
'мбæлттæ сæ фæллад уадзынц, уæдмæ искуыты куы разилин, зæгъгæ,
рацыдис мусонгæй. Адард ис мусонгæй æмæ иу комы бацыд. Уым
бафтыдис иу цадмæ. «Ай æнтæфы ацы цадмæ куыд ницы 'рбацæудзæн дон
нуазынмæ», загъта йæхицæн æмæ æрбадтис цады был. Бады Сослан,
фæлгæсы алырдæм. Уалынмæ кæсы, æмæ иу хъуаз æрбацæуы дон нуазынмæ.
Афтæ рæсугъд уыдис уыцы хъуаз, æмæ йæ конд, йæ уындæн æмбал нæ
уыди, йæ дæллагхъуырæй Бонвæрнон тыбартыбур кодта. Сослан æм фат
фæцарæзта æмæ йæ, гъа, ныр фехсон, куыд загъта, афтæ хъуаз чызг
фестадис æмæ дзуры Сосланмæ:
— Æгас æрцæуай, Сослан!
— Хорз амонд дæ хай, хорз чызг,— дзуапп ын радта Сослан.
— Сослан, æз уæларвæй ардæм дæу фенынмæ куы 'рцæуын æмæ дыл
куы никуы æмбæлын, уæд кæм вæййыс? Ацал-ауал азы дæм æнхъæлмæ
фæкастæн, ныр мæ дæхицæн бинонтæн фæхон.
— Ам дзæгъæл чызгæй кæй арон, уыдон мæхицæн бинонтæн куы
хонон, уæд Нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзысты,— загъта Сослан.
— Макæ, фæсмон кæндзынæ, Сослан,— дзуры та йæм чызг.
— Дæу хуызæн цады бадæг дзæргъытæ Сослан бирæ федта æмæ уыдоны
бинонтæн куы хастаид, уæд йе 'ндон сау æфсæйнаг куы суыдаид.
Чызг æваст йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæкодта, базыртæ йыл фестадис,
ныппæрпæр кодта æмæ атахт. Сослан ма йæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ
ницыуал... Тæхгæ-тæхын ма иу дзырд скодта чызг:
— Нæртон Сослан, æз дæн Балсæджы чызг, æмæ дæм ныр бæрæг
уыдзæнис!
Чызг уайтагъд йæ хæдзармæ фæхæццæ ис, радзырдта йæ фыд
Балсæгæн, Сослан æй кæй бафхæрдта, уый.
Балсæг рарвыста йæ Цалхы: «Цæугæ æмæ Сосланы амар!»
Рараст ис гуыргуыр гæнгæ Балсæджы Цалх Сосланы марынмæ. Ныхъæр
кодта Балсæг Сосланмæ:
— Фæхъахъæн-ма дæхимæ, Нæртон гуырд!
— Æмæ дæм цы цæвæнгарз ис, цæмæй мæ амарынмæ хъавыс?— хъæр æм
кæны фæстæмæ Сослан.
— Цæвæн дзаума дæм фæцæуы!
— Æмæ йæм цы бадарон?— дзуры та йæм Сослан.
— Дæ ных æм бадар!
Болат Сослан æм йæ дыууæ æрфыджы астæу сарæзта. Ныццæлхъ æй
ласта Балсæджы Цалх æмæ Сосланы болат ныхæй фæстæмæ фесхъиудта,
цъæррæмыхст дæр æй нæ фæкодта. Фæлæбурдта йæм, бæргæ, Сослан, фæлæ
йæ бон нæ баци Цалхы рацахсын — аирвæзти Цалх.
Дыккаг хъæр та йæм ныккодта Балсæг:
— Фæцæуы та дæм!
— Цы йæм бадарон?— ныхъæр кодта Сослан.
— Дæ риу-ма йæм бадар!— дзуры йæм Балсæг.
Гуыргуыр гæнгæ та рауагъта Балсæджы Цалх йæхи Сосланыл. Болат
Сослан дæр та йæм йæ риу ныддардта.
Ныццæлхъ та кодта Цалх Сосланы риу. Цырд æм фæлæууыд Сослан
дæр æмæ, ныр фæстæмæ асхъиуа Цалх, афтæ йæм фæлæбурдта æмæ йæ йæ
болат къухтæй рацахста. Иæ быны йæ ракодта æмæ йын йæ фæрчытæй
дыууæ 'рбасаста.
Ныллæгъстæ йын кодта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд мын ма аскъуын, Сослан, æмæ мæхи «Балсæджы Цалх» нал
схондзынæн — «Сосланы Цалх» хондзынæн ардыгæй фæстæмæ мæхи.
— Фæсайдзынæ мæ, Балсæджы Цалх! — дзуры йæм Сослан.
— Хуыцауæй дын ард хæрын, куыд «Бæлсæджы Цалх» мæхи нал
схондзынæн, хондзынæн мæхи «Сосланы Цалх».
Баууæндыдис ыл Сослан, уæдæ цы, æмæ йæ суагъта, æмæ Цалх йæ
хæдзармæ афардæг ис. Сослан дæр рацыдис йе 'мбæлттæм.
Фæндагыл Нарты фыдбылыз Сырдон æрбамбæлдис Балсæджы Цалхыл æмæ
йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх!
— Сосланы Цалх мæ хон, Балсæджы Цалх мæ ма хон, æндæра мæ
Сослан амардзæн.
— Гъæ, фесæфай, Балсæджы Цалх! Дæ бирæ тых цæуыл фесæфт? Де
стыр кад цæуыл фесæфт?— зæгъы йын Сырдон.
— Ма дзур, Сырдон, æрдхорд лæг дæн!— загъта Балсæджы Цалх.
— Дæ кæстæр æнгуылдзæй туг рауадз, уымæй дæ ард ссæудзæн.
Сосланæн йæ адзал дæуæй у, æмæ ма йыд иу скъæрд ракæн дæхи,—
загъта Сырдон.
— О, фыдæбоны лæг у уый, иу хæст ма мыл куы фæуа, уæд мæ
дæндагæй дæр бахæрдзæнис. Ницы бакæндзынæн йемæ,— загъта Балсæджы
Цалх.
— Куырдалæгонмæ ссу æмæ йын болат фæрчытæ саразын кæн. Стæй
æрцу æмæ Сосланæн йæ уæрджытыл атул, хуысгæ куыд кæна, афтæмæй,—
зæгъы йын Сырдон.
Фæсасти Балсæджы Цалх Сырдоны ныхæстæй.
— Æмæ йæ кæм ссардзынæн хуысгæйæ, кæд ма йыл фембæлдзынæн?—
бафарста Балсæджы Цалх.
— Уый алы бон дæр вæййы цуаны Зилахары быдыры. Уым ын ис
мусонг. Сихорыл ын мусонджы æнæ хуысгæ нæй, æмæ уым цыдæриддæр
адæм уа,— æмбæлттæ ма йын уыдзæн, иунæг нæ уыдзæн,— се 'ппæтыл дæр-
иу ратул,— дзуапп ын радта Сырдон.
Фæцыдис Балсæджы Цалх Куырдалæгонмæ æмæ йын саразын кодта
болат фæрчытæ.
Сослан дæр цуан кæны Зилахары быдыры йæ дыууадæс æмбалимæ. Иу
бон улæфтафон рарвыста йе 'мбæлтты мусонгмæ:
— Ацæут мусонгмæ, уæ фæллад суадзут, сихор хæрын афон дæр у,
æз та ма искуыты разилон, тагъд мæ уырдæм хъæуы мæн дæр.
Дыууадæс цуаноны рацыдысты. Мусонджы æрхуыссыдысты — æхсæзæй
иуырдыгæй, æхсæзæй иннæрдыгæй — сæ къæхтæ кæрæдзимæ, афтæмæй.
Балсæджы Цалх дæр ныггуыргуыр ласта, Сосланы уым æнхъæлæй. Сар
мын ныр дæ сæр кæны, Сослан, зæгъгæ, йæхи рауагъта æмæ дыууадæс
цуанонæн дæр сæ зæнгтæ ахауын ласта. Дыууадæсæй дæр фæмард сты.
Уалынмæ Сослан дæр æд саджы мард æрбахæццæ ис.
— Æттæмæ-ма мæм ракæсут,— дзурьг йе 'мбæлттæм Сослан, фæлæ йæм
æттæмæ кæсæг нæй. Æрæппæрста саджы мард æмæ мидæмæ бацыд. Хорзау
нал фæци: йæ дыууадæс æмбалы мардæй лæууынц, се 'ппæтæн дæр сæ
зæнгтæ къуырд.
— Гъæ, Хуыцау мæ куыд федта! Ай Балсæджы Цалхы йеттæмæ ничи
уыдаид!— загъта йæхицæн Сослан æмæ æттæмæ рауад. Кæсы, æмæ
Балсæджы Цалх фæлидзы быдыры. Сослан æй фæсте фæсуры. Быдырты йæ
расур-басур систа.
— Бауром æй!— дзуры Сослан быдырмæ.
Ницы баурæдта быдыр, æмæ йæ Сослан ралгъыста:
— Авд азæй фылдæр дæ æнæ зылдæй пайда ма уæд!
Хохмæ балыгъди Балсæджы Цалх. Сослан дзуры хохмæ:
— Бауром æй, ме 'мбæлтты мын ныццагьта!
Ницы баурæдта хох дæр.
— Зæйбынтæ, хуырызгъæлæнтæ у!— ралгъыста йæ Сослан.
Балыгъдис Цалх хъæдмæ. Фæлидзы фæрвбыны.
— Ма ауадз, дæ хорзæхæй, фæрв, ме знаджы!— дзуры Сослан
фæрвмæ.
Нæ йæ баурæдта фæрв.
— Хъæды фыддæр фæу,— загъта Сослан,— дæ цъар дын ахорæнæн куыд
стигъой, дæхæдæг та хуыскъ куыд кæнай! Сусхъæд бæлас фæци йæ разы
Балсæджы Цалхæн.
— Гъæйтт, сусхъæд,— дзуры йæм Сослан,— ме знаджы мын бауром!
— Ставд бæргæ дæн,— загъта сусхъæд,— фæлæ йæ бауромын мæ бон
нæу — æгæр фæлмæн дæн.
— Æлгъыст фæу, уæдæ, ды дæр,— загъта Сослан сусхъæдæн,—
дидинæг рæсугъд куыд калай, дыргъ дыл куыд нæ зайа, афтæ, адæм дæ
'рмæст дæ цъары тыххæй куыд агурой!
Фатхъæдбынмæ баирвæзти Цалх.
— Ма ауадз, фатхъæд, фæуром мын æй!— дзуры уымæ дæр Сослан.
Нæ йæ баурæдта фатхъæд дæр, æмæ та уый дæр ралгъыста Сослан:
— Арты судзынæн дæ цы агурой адæм, афтæ дæ Хуыцау скæнæд!
Фæлидзы дарддæр Балсæджы Цалх; тæрсбыны фæуайы.
— У, мардзæ, тæрс, ме знаг фæлидзы, æмæ мын æй бауром!—дзуры
йæм Сослан.
— Ноджы дын фыддæр куы фенин: мæ иу бæлас хъæуваг уыдаид, фæлæ
мын уидаг æмæ къалиу нæ уагътай.
— Хуыцау дæ адæмæн æнцонгуыст фæкæнæд,— загъта тæрс бæласæн
Сослан.
Лидзы дарддæр Цалх. Тулдзбынмæ бахæццæ ис.
— Тулдз, ды мын.уæддæр бауром ме знаджы! Ницы баурæдта тулдз
дæр, ды мæ фæттæн мæ цъуппæй мæ уидæгтæм фæлыгтæ кодтай, зæгъгæ.
— Дæ уæлæ гыркъо зайæд, хæрынæн дын ма бæззæд!— загъта йын
Сослан.
Фæлидзы Балсæджы Цалх бæрзджыны.
Дзуры та Сослан уымæ дæр:
— Гъæйтт, бæрз, ма ауадз, чысыл мын ме знаджы æруром!
— Дæуæн знаг чи у, уый мæнæн дæр знаг у,— загъта бæрз,
æруагъта Цалхы размæ йæ лыстæг къæбæлдзыг къалиутæ, фæлæ Балсæджы
Цалхы бауромын йæ бон нæ бацис.
— Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физонæджы уæхстæн куыд
агурой адæм! — раарфæ йын кодта Сослан. Фæуайы Цалх дарддæр хъæды.
Æхсæры къутæрмæ фæхæццæ кæны. Æхеæры къутæрыл хуымæллæг стыхстис.
Сослан хъæр кæны хуымæллæгмæ:
— Йе, хуымæллæг! бауром мын æй, уый мæ тудæджын у: мæ дыууадæс
æмбалы мын амардта.
Хуымæллæг йæ бæндæнтæ рауагъта, Балсæджы Цалхыл стыхстысты æмæ
йæ ныуурæдтой.
Æхстбæрцмæ йæ баййæфта Сослан. Иу æхст æй фæкодта фатæй æмæ
йын йæ иу фарк ныппырх кодта, дыккаг æхст æй фæкодта — дыккаг фарк
дæр ныппырх ис. Стæй бауадис Цалхмæ æмæ йыл æрхæцыд. Æхсæры къутæр
æмæ хуымæллæгæн раарфæ кодта Сослан:
— Æхсæр бæлас, адæмæн дыл адджын дыргъ куыд зайа æмæ дæ дардмæ
куыд агурой, уыцы хорздзинад дæ уæд! Хуымæллæг, дæу та адæм сæ
хъæлдзæджы рæстæджы куыд агурой нуæзтыл кæнынмæ, ахæм дæ Хуыцау
фестын кæнæд!
Стæй фелвæста Сослан йæ цирхъ; æркъуыхтæ кæнон Балсæджы Цалхы,
зæгъгæ, куыд загъта, афтæ та йæм сдзырдта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд де уазæг, Сослан, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.
— Фæсайдзынæ та мæ,— загъта Сослан,— мæнгард дæ, æууæнк дыл
нæй.
Дзырд ын радта Балсæджы Цалх.
— Хорз, уæдæ,— загъта Сослан,— дæ бинонтæй мын дыууадæсы амар,
æмæ дæ удæгасæй уадзын.
Ард бахордта Балсæджы Цалх, йæ бинонтæй дыууадæс кæй
амардзæнис, ууыл, æмæ йæ ауагъта Сослан.
Фæцæуы æнкъардæй Балсæджы Цалх йæ хæдзармæ. Сырдон дæр та
базыдта, Балсæджы Цалхæн кæй нæ бантыст Сосланы амарын, уый, æмæ
иу ран йæ разы фестадис зæронд лæджы хуызы.
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх!— дзуры йæм зæронд лæг.— Цы
кæныс, цæй æнкъард дæ?
— Цы ма кæнон — Нарты Сосланæн дзырд радтон, æмæ мæ бинонтæй
дыууадæс хъуамæ амарон,— дзуапп ын радта Балсæджы Цалх.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Цæмæй дæ ард ма фехалай, уый
тыххæй дæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ
къухы ныхтæ,— загъта зæронд лæг.
Ницы йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, йæ цыды кой кæны. Иу
дзæвгар куы ацыд, уæд та Сырдон февзæрдис йæ разы зæронд усы хуызы
æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх! Цы кæныс, цæй æнкъардæй
цæуыс?
— Цы кæнон, дæ рын бахæрон,— загъта Балсæджы Цалх,— мæ
бинонтæй дыууадæс марынмæ цæуын. Сосланæн уый тыххæй ард
бахордтон.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Дæ ард цæмæй ма фехалай, уый
тыххæй дæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ къухы
ныхтæ.
Ницы та йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, фæцæуы дарддæр. Сырдон
дæр та разæй ауадис æмæ йыл иу ран æрбамбæлдис фыццагхъуынтæуадзæг
лæппуйы хуызы.
— Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы Цалх!— дзуры та йæм лæппу.— Цы
кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
— Нарты Сосланæн дзырд радтон, мæ бинонтæй дыууадæсы кæй
амардзынæн, ууыл, æмæ ныр цæуын мæ дзырд æххæст кæнынмæ,— загъта
Балсæджы Цалх.
— Маргæ с.æ цæуыл кæныс, дæ ард куыннæ фæдзæгъæл уа, афтæ дæ
бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн та йæ къухы ныхтæ,—
загъта лæппу.
Ницы байхъуыста уæддæр Балсæджы Цалх, фæцæуы сæхимæ. Иу чысыл
куы ауади, уæд хъуыды кæны йæхи нымæры: «цымæ мæ уыцы зæронд лæг,
зæронд ус æмæ лæппу сæхицæн цы агурынц? Цæй, æмæ мын кæй загътой,
уый бакæнон».
Ссыдис йæ хæдзармæ æмæ йæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы
ныхтæ ракодта, кæмæн йæ къухы ныхтæ æмæ æнцад сбадтис йæ хæдзары.
Бонтæ, къуыритæ рацыдис. Йæ мæстытæ ссыдысты Балсæджы Цалхæн.
Гæтæджы фырт гæды Сырдон дæр та йæм цæуын байдыдта.
— Гъей, мардзæ, Балсæджы Цалх, иу скъæрдма ракæн Сосланыл
дæхи, дæ маст дзы райс,— дзуры йын Сырдон.
— Мæнæ гæды гацца, ныууадз мæ. Ай æппæт фыдбылызтæ мын ды
уыдтæ.
Кæм ныууагътаид уыцы ныхæстæй йæ фæнд Нарты фыдбылыз Сырдон!
Йæ гæды 'взаг та суагъта Балсæджы Цалхмæ. Сразы та ис Балсæджы
Цалх, Ацыдис та Куырдалæгонмæ æмæ та йæ саст фæрчытæ сыгъдæг
болатæй саразын кодта.
Сослан дæр та Зилахары быдыры цуан кодта. Иу бон сырдмæ
гуыбыныл куыд фæцæй хъуызыди, афтæ йыл сусæгæй рауагъта йæхи
Балсæджы Цалх æмæ йын йæ уæрджытæ сæ тæккæ сæртыл атæхын кодта,
йæхæдæг æм сæ бинонты къæхтæ æмæ къухты ныхтæ бакалдта. Аздæхти
Цалх фæстæмæ æмæ сфардæг ис уæларвмæ. Сослан уыцы ран баззадис.
Кæсы Сослан, æмæ Нартмæ хъæргæнæг кæй арвита, ахæм нæй. Уалынмæ йæ
сæрты æрбатæхы цæргæс.
— Ахсæртæггатæм мын фæдисхъæргæнæг фæу, Уырызмæг æмæ Хæмыцмæ,
мæ дыууæ 'фсымæрмæ, Нарты Сослан Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй
мæлы, зæгъгæ.
— Фыддæр дын куы фенин!— дзуры йæм фæстæмæ цæргæс.— Фæлладæй-
иу быдыры искуы къуыппыл, йе бæласыл куыд абадтæн, афтæ-иу мæм дæ
фат фæдардтай,— æнæрай дзы фæуай!
Уалынмæ та йæ сæрты хъæрццыгъа æрбатахтис.
— Уæ, хъæрццыгъа,— дзуры йæм Сослан,— атæх, Ахсæртæггатæм мын
фæдисхъæргæнæг фæу, Сосланæн уын, зæгъ, йæ уæрджытæ Балсæджы Цалх
ахауын кодта.
— Куыннæ, куыннæ! Нарты Сатанайы бирæ кæрчытæй мын иу цъиу
ахæссын никуы бауагътай, уайтагъд та-иу мæм дæ фат фæдардтай,—
загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис дарддæр.
Æнхъæлмæ та кæсы Сослан. Æрбатæхы йæ сæрты цъыбар-цъыбур гæнгæ
зæрватыкк.
— О, уæлæ зæрватыкк,— дзуры та уымæ дæр Сослан,— атæх
Ахсæртæггатæм æмæ сын зæгъ Сосланæн уын Балсæджы Цалх йæ уæрджытæ
ахауын кодта, æмæ Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй мæлы, зæгъгæ.
— Хорз,— загъта зæрватыкк,— æвгъау лæг дæ ды ам æнæ
цæстылхæцæгæй амæлынæн, фæуыдзынæн дын æз фæдисхъæргæнæг: искуы-иу
мыл къæвда куы 'рцыди, уæд-иу мæ ды дæ роны бакодтай, бахъарм-иу
мæ кодтай, стæй-иу мæ хордоны нывæрдтай, æмæ-иу уым мæхи
бафсæстон. Дæ хорздзинæдтæ дын никуы ферох кæндзынæн æз.
— Адæмæн уарзон маргъ фæу, зæрватыкк,— арфæ йын ракодта Сослан
йæ фæстæ.
Æнхъæлмæ кæсы Сослан Нарты фæдисмæ. Уалынмæ йæм æрбатахт сау
сыыт; куы ауыдта Сосланы, уæд ныккуыдта:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, дæ фæстæ, мæ гуыбын мын æфсæстæй ды
куы дардтай: дæу фæрцы-иу мын алы ком, алы адаг фыдæй йе 'дзаг куы
уыдис!
— Хъыгæй ницыуал ис, фæлæ æрбацу æмæ мæ тугæй дæхи бафсад,—
дзуры Сослан сынтмæ.
— Гъеуæууæй, Сослан, уый мын цæмæн афтæ загътай, æз дыл хъыг
куы кæнын!— загъта йын сынт.
Сослан ын бамбæрста йæ зæрдиаг æмæ йын арфæ ракодта:
— Арвы кæрон куы уа холы, уæд дæр дæ цæстмæ туджы цæджындз
куыд лæууа, æмæ-иу æй уымæй куыд зонай, Хуыцау дын ахæм амонд
радтæд!
Атахтис сынт.
Æрбатахтис та уæд йæ сæрты халон æмæ кæуы Сосланыл:
— О, нæ алы боны дзаг фынг, алы ком нын фыдæй дзаг чи дардта,
куыд ма цæрдзыстæм дæ фæстæ!
— Рацу, мæнæ цы фыдтæ æмбидзæни, кæнæ цы туг ныццахстис,
уыдонæй истытæ ахæр, дæхи бафсад,— дзуры йæм Сослан,—хъыг кæнынæй
пайда нал ис.
Халон дæр æм йæхи æрбаласта, æмæ йæ уæд Сослан ралгъыста:
— Бон-изæрмæ адæмы куыд æлгъитай, фæлæ сыл де 'лгъыст куыд нæ
цæуа, æмæ æхсæв-бонмæ бæласы къалиуыл ауыгъдæй куыд лæууай,
афтæмæй дæ цард æрвит!
Уый фæстæ иæм цæуын байдыдтой сырдтæ. Фыццаг æм æрбацыд арс.
Йæхи тоны йæ дзæмбытæй æмæ дзуры:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал
уыдзынæ! Дæ хæрдæй хæрдджын уыдтæн, дæ нуæзтæй нуæзтджын.
— Мауал хъыг кæн, арс, хъыгæй ницыуал рацæудзæн, фæлæ мæнæ
мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад,— дзуры йæм Сослан.
— Уый та мын куыд загътай,— дзуры арс æмæ тынгдæр хъыг кæнын
байдыдта.
— Ахæм амонд дын Хуыцау радтæд, æмæ дæ фæд адæмыл тас куыд
æфтауа, стæй лæгæты фондз мæйы æнæ хæргæйæ куыд цæрай!—зæгъы арсæн
Сослан.
Арс ацыдис; уалынмæ та бирæгъ фæуайы йæ цурты. Бардиаг та йыл
кодта уый дæр:
— Цы ма кæндзынæн, дæу фæрцы æфсæстæй куы цардтæн, алы адаг
мын фыдæй куы дзаг кодтай! Ныр ма куыд цæрдзынæн æнæ дæу!
— Хъыг мауал кæн, бирæгъ, дæ хъыгæй ницыуал рауайдзæн,— дзуры
йæм Сослан,— фæлæ рацу æмæ мæнæ мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыцы
фыдтæй истытæ бахæр, дæхи сæ бафсад.
— Цæмæн мын афтæ бафæрæзтай,— ныккуыдта тынгдæр бирæгъ,— æз
уый куыд бакæндзынæн!
Бауырныдта Сосланы бирæгъы зæрдиагдзинад дæр, æмæ йын раарфæ
кодта:
— Фосмæ бацæуынмæ дын мæ зæрдæ куыд уа, раздæхынмæ та —
æнæкуырд чызджы зæрдæ, дæ бæрзæйы та мæ кæстæр æнгуылдзы хъару
куыд уа, уыцы амонд дæ уæд.
Бирæгъ дæр та ацыдис. Уалынмæ æрбалæууыд йæ цуры рувас,
цъыллинджытæ гæнгæ.
— Уæ, цы ма кæндзынæн æнæ дæу, Сослан!— æрдиаг кæны гæды рувас
дæр.
— Дæ кæуын ныууадз, рувас,— дзуры йæм Сослан,— фæлæ рацу æмæ,
мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад.
Рувас æм тугтæ стæргæ бацыдис æмæ йын йæ уæрджыты фыдтæм куыд
февнæлдта, афтæ йыл фæхъæр кодта Сослан:
— Æлгъыст фæу! Адæм дæ дæ цармы тыххæй куыд марой, дæ фыд та
хæрынæн куыд нæ бæзза, ахæм бон дыл æркæнæд!
Алыгъдис рувас дæр, уæдæ цы уыдаид...
* * *
Бахæццæ ис зæрватыкк Нарты хъæумæ, Ахсæртæггаты хæдзары
аххæрæгыл абадтис. Ныцъыбар-цъыбур кодта: «Сосланæн уын Балсæджы
Цалх йæ уæрджытæ ахауын кодта Зилахары быдыры, æмæ мæлы уым æнæ
цæстылхæцæгæй».
Нарт — хистæрæй, кæстæрæй — æмниуд ныккодтой, чыртæ-чыртæй
цæуынц фæдисы, æз фæразæйуонæй, Зилахары быдырмæ.
Сырдон йæ бæх разæй аскъæрдта. Сосланмæ раздæр бахæццæ ис æмæ
йын зæгъы:
— Гъе-уæууæй, Сослан, ныры онг дæр дæ мæлын куы хъуыдис, дæ
хъæу рацæуынц чыртæ-чыртæй, семæ — фæйнæ зарæгамонæджы, афтæмæй
цæуынц заргæ æмæ хъырнгæйæ!
Сослан уый куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ куыннæ скъуыдаид фыр
мæстæй!
Фæдис куы 'рхæццæ ис, уæд дзы лæг чи уыди — йæ рустæ тындтытæ,
ус чи уыди — йæ дзыккутæ тындтытæ.
Сослан сæм дзуры:
— Сырдон мæм иу æнæуаг ныхас æрхаста уæ разæй,
æмæ ма мын æй мæ цæстæн фенын кæнут.
Сырдоны ма чи ссардта,— афардæг ис æмæ бамбæхст.
Нарты фæсивæд рахастой Сосланы уырдыгæй. Фæнда гыл та Сырдон
сæ иуфæрсты йæхи цæуæг акодта æмæ дзуры:
— Уæ, мæгуыр дæ бон, Сослан, дæ уарзон æрвадæлтæ дын цы
бакодтой: калмы хæрвæй дын чырын сарæзтой, хæфсы цъарæй —
мæрддзаг.
Æрхастой Сосланы йæ хæдзармæ, æмæ сæм дзуры:
— Ме 'рвадæлтæ, удæгасæй мын мæ мæрддзæгтæ æмæ мæ чырын фенын
кæнут.
— Цæмæн дæ хъæуы сæ фенын, æнæзæрдæмæдзугæ мæрддзæгтæ æмæ
чырын дын не сты, Сослан. Махæн нæ тыхы рæстæджы тых ды куы
лæвæрдтай, уæд мах дæуæн æвзæр мæрддзæгтæ кæнæ æвзæр чырын кæй не
скæндзыстæм, уый нæ зоныс?
— Нæй гæнæн,— загъта Сослан,— Сырдон мын иу ныхас загъта, æмæ
сæм мæ зæрдæ 'хсайы.
Уæд æм рахастой йæ мæрддзæгтæ, фенын ын кодтой йæ чырын дæр:
йæ мæрддзæгтæ уыдысты сыгъдæг харæйæ, йæ чырын та — сыгъзæринæй.
Скæнын кодта мæрддзæгтæ удæгасæй йæ уæлæ æмæ чырыны нывæрын кодта
йæхи.
Уæд мæрдтæй Сосланмæ рацыдис Кæфтысæр-Хуый-æндонæлдар æмæ йæм
дзуры:
— Йе, Сослан! Мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис,
уый мæ фæнды.
— Цæй-ма, цы скуыхты фæдæ, цæй тыххæй дын ис дзæнæт?— фæрсы йæ
Сослан.
— Æз кæрдзындæдтон уыдтæн, æмæ мын уый тыххæй ис дзæнæт.
— Дæхи куы аласис, дæ кæфы смаг калгæ, мæн дæуимæ цæугæ чи
фена, уый мын цы зæгъдзæн?!
Рацыдис æм мæрдтæй уæд мæгуыр лæджы гал.
— Йе, Сослан, мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис,
уый мæ фæнды,— дзуры йæм гал.
— Цæй-ма, цы скуыхты фæдæ?— фæрсы уый дæр Сослан.
— Мæгуыр лæджы гал уыдтæн,— дзуапп ын радта гал,— алы лæджимæ
дæр цæдисæй фæкуыстон; сихоры хæрдыл-иу хицауы галæн — хос, мæнæн
та — фæлхортæ. Гъе уыдæтты тыххæй мын ис дзæнæт.
— Ацу,— загъта Сослан,— дæу дæ бæрзæй хордта, ныр æз та демæ
цæуон! Галы йеттæмæ куы ницы дæ.
Уæд æм рацыдис мæрдты бæстæй мæгуыр лæджы фырт.
— Сослан, лæппу дæн, нæ дæм уæндын, фæлæ мæнæн мæрдты дзæнæт
ис, æмæ мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.
— Ды та цы скуыхты фæдæ, цæмæн дын ис дзæнæт?— бафарста та уый
дæр Сослан.
— Æз мæ мадæн иунæг лæппу уыдтæн,— радзырдта лæппу,— æмæ мæ
'ртæ хъал барæджы сæ хуыцауы хъалæй амардтой. Куы мардтæн, уæд мæ
мадæн загътон: «Мæ гæрзтæ мын мемæ цæвæр, стæй мын-иу уыимæ æртæ
сабатæхсæвы сабатизæртæ скæн». Æд гæрзтæ мæ бавæрдта, æртæ
сабатæхсæвы мын сабатизæртæ скодта. Фыццаг хатт куы ахаста
сабатизæр, уæд Хуыцау уыцы æртæ хъал барæджы уæлмæрдты кæрæтты
æруагъта. Мæ мад устытæм дзуры: «Уæртæ уыцы барджыты æрбаздахут,
мæ фырты карæнтæ сты,— хорз сæ фенут». Æрбаздæхтой лæппуты. Хорз
сæ федтой. Араст сты лæппутæ; фæцæуынц. Сæ иу иннæтæм дзуры: «Ныр
æз куы нæ уыдаин, уæд уын ацы минас кæм уыдаид?» Алчи дæр сæ
йæхицæй æппæлы, мæ фæнд дзы уыд, мæ фæнд дзы уыд, зæгъгæ, æмæ
хъазгæ фæцæуынц. Уыдон базыдтой, дыккаг сабатæхсæв дæр та
сабатизæр кæндзысты, уый, æмæ та æрбацыдысты сæ хъал бæхтыл
уæлмæрдтæм. Хæрз æмбисонды уынд та сын уæд фæкодтой. Хæрз
хъæлдзæгæй та уæд афардæг сты хъазгæ, худгæ, ай нæ къæхты фæллой
у, зæгъгæ. Æртыккаг сабатæхсæвы дæр та æрцыдысты ууылты. Зыдтой,
сабатизæр та дзы кæй уыдзæнис, уый. Хорз та сæ федтой мæ рухсаджы
тыххæй, æмæ та араст сты, фæцæуынц хъазгæ 'мæ худгæ, фыццаг
æхсæвтæй тынгдæр. Мæн мæ ингæны къæйтæ нал баурæдтой, стыдтон сæ
хæрдмæ æмæ æртæйы дæр амардтон. Гъе уый тыххæй мын ис дзæнæт.
— Уæдæ æз демæ цæуын,— загъта Сослан,— мæрдтæй рацæугæйæ йæ
туг чи райста!
Стæй уæд йе 'фсымæртæм дзуры:
— Йе, Уырызмæг æмæ Хæмыц, ингæн мын скъахут æмæ мын-иу дзы иу
рудзынг Хурыскæсæны 'рдæм ныууадзут, хур мæм-иу дзы райсомæй куыд
кæса, афтæ, иу рудзынг — йæ тæккæ астæу, хур мæм-иу дзы.æмбисбон
куыд кæса, афтæ, æртыккаг рудзынг — Хурныгуылæны 'рдыгæй, уырдыгæй
та-иу мæм изæрырдæм куыд кæса хур, афтæ; мæ фæттæ мын-иу цæвæрут
мемæ æд æрдын. Фæлæ ма иу хъуыддаг: цалынмæ Балсæджы Цалхæй мæ туг
ист æрцæуа, уæдмæ мын нæй æрынцой, æмæ мын мæ туг чи райсдзæнис?
Нарт иууылдæр сæхи фæстæмæ аластой: йæ ныфс сæ ничи бахаста
Балсæджы Цалхмæ.
Уæд Сосланæн йæ хæрæфырт æрбалæууыд æмæ загьта:
— Сослан, Балсæджы Цалхы æз дæуæн дыууæ дихæй цыртæн куы нæ
ныссадзон, уæд ме 'мбæлтты 'хсæн мауал ацæуон!
Сослан уый куы фехъуыста, уæд ингæны йæхи нывæрын кодта, Куыд
бафæдзæхста, афтæ йын йемæ нывæрдтой йе 'рдын æд фæттæ æмæ йын йæ
ингæнæн сарæзтой æртæ рудзынджы.
Иу къорд бонтæ йыл куы рацыдис, уæд Уырызмæг æмæ Хæмыц загътой
Сырдонæн:
— Сосланы бæх æгæр хъал кæны æнæ бадтæй,— дæ хорзæхæй, абад-иу
ыл.
Гæтæджы фырт гæды Сырдон, цыма йæ нæ фæндыдис, уыйау кæуын,
æрдиаг кæнын систа:
— Мæ хæдзар фехæлд, уый зæгъын та мын уæ зæрдæ куыд тæры?! Ме
'фсымæры бæхыл!..
— Нæй гæнæн, Сырдон, бакоммæ кæс!
Цыма йæ нæ фæндыди, уыйау та скодта йæхи, фæлæ сын разыйы
дзырд радта æмæ бадын райдыдта бæхыл. Куы-иу фæцæйцыдис бæхмæ, уæд-
иу афтæ:
— Уæ, дæуыл та мын чи бады, мæ зæрдæ дыл бадын нæ комы!
Хъæугæрон-иу куы фæцис, уæд-иу бæх иуырдæм, иннæрдæм аскъæрдта,
йæхæдæг та-иу афтæ бакодта:
— Гъе, цы ма дын фенон, Сослан, дæ бынтæ мæнæн баззадысты!
Иу бон Сосланы бæхыл сбадтис æмæ йыл ацыдис уæлмæрдтæм. Уым æй
Сосланы ингæны алы фарс ратæр-батæр систа.
— Гъе, Сослан, цы ма дын фенон, дæ буц бæх мæнæн баззадис,—
хъæр кæны Сырдон Сосланы ингæны 'рдæм. Ацы бон дын дæхиуыл дæр
бæхбадт куы нæ скæнон, зæгъгæ, бæхæй рахызт æмæ Сосланы ингæныл,
раст астæурудзынгыл бæхбадт æркодта.
Куыддæр рудзынгыл æрбадтис, афтæ йæ бынæй Сослан фатæй сæхста,
æмæ,— дæ фыдгул афтæ,— фат растæндæр сæры астæуæй сгæпп ласта.
Сырдон уым ныммардис.
— Дæуæй уал мæ маст систон,— загъта Сослан.— Гъе ныр ма
Балсæджы Цалхæй мæ туг ист куы 'рцæуид, уæд æрынцаин.
Сосланæн йæ хæрæфырт Куырдалæгонмæ ссыдис æмæ йын загъта:
— Æфсæйнагæй мын егъау мæцъис сараз. Куырдалæгон ын стыр
мæцъис сарæзта. Лæппу мæцъис рахаста æмæ Балсæджы Цалхмæ фервыста:
— Хызы быдырмæ мæм хæццæ кæн, фæнды мæ демæ схæцын, æмæ
æмбæхсгæ ма бакæн!
— Æз кæддæриддæр цæттæ!— æрæрвыста йæм фæстæмæ Балсæджы Цалх.
Рацыдис дын лæппу йæ дынджыр мæцъисимæ Хызы быдырмæ. Балсæджы
Цалх дæр ыл йæхи рауагъта гуыргуыр гæнгæ, зилгæзилгæ.
Лæппу Цалхмæ фæцырд ис, йе 'фсæйнаг мæцъисæй йын йæ фæрчытæ
ныххырхта — иу дæр дзы йæ уæлæ нал аззадис.
Фæтарсти Балсæджы Цалх, йæхи ацц фестын кодта æмæ фæтæхы.
Лæппу дæр йæхи хъæрццыгъа фестын кодта æмæ йæ фæсуры. Сурынтæ йæ
байдыдта. Балсæджы Цалх та дзы фæтарстис æмæ цъæнутджын фæтæнмæ
йæхи баппæрста.
Лæппу дæр та йæхи лæг фестын кодта, йæ къухтæ кæрæдзиуыл
æркъуырдта. Къухтæй уый бæрц цæхæр акалдис, æмæ фæтæн æмсыгъд
скодта.
Балсæджы Цалх та фæтарстис; йæхи хъæддаг карк фестын кодта æмæ
фæтæны стахти. Сосланы хæрæфырт æй ауыдта, йæхи цæргæс фестын
кодта æмæ та йæ фæсуры. Балсæджы Цалх куы суынгæг ис, уæд ратахтис
Нарты хъæумæ æмæ къулбадæг усы хæдзары смидæг ис.
Лæппу дæр та йæ ауыдта, йæхи та лæг фестын кодта æмæ усмæ
бацыд.
— Ам дæ хæдзармæ цы хъæддаг карк æртахт, уый цы фæцис? Тагъд
мын æй зæгъ, æндæра дæ æд сывæллæттæ басудздзынæн!— дзуры лæппу.
Ус фæтарстис æмæ йын радзырдта:
— Уæлæ уæлмæрдмæ ссыдис, æмæ дзы нæуæгдæр цы мард ис, уый
ингæнмæ ныххызтис.
Лæппу йæхи богъа фестын кодта. Уæлмæрдты нæуæгдæр цы ингæн
уыдис, уымæ бацыдис æмæ йыл абухын байдыдта. Бынæй йæм Балсæджы
Цалх дзуры:
— Æнæрай дæ фæуа дæ хицау! Æз ам Сосланы хæрæфыртæй æмбæхст
дæн, æмæ мæ цæуылнæ ныууадзыс!
Иæ ныхас ын фехъуыста лæппу, йæхи лæг фестын кодта æмæ йæм
уырдыгæй дзуры:
— Багъæц, æмбæхст кæмæй дæ, æз дæр уый дæн! Фæлæбурдта лæппу
æмæ йæ ракъахта. Ингæнæй йæ фелвæста æмæ йæ Сосланы ингæнмæ
бахаста æмæ дзуры йæ хъæлæсы дзаг:
— Сослан, Балсæджы Цалх дын мæрдты фæлдыст фæуæд, дондзау æмæ
дын лæггадгæнæгæй фæхæтæд, уæлæуыл та дын цырт уьгдзæн!
Йæ цирхъ фелвæста лæппу, Балсæджы Цалхæн йæ сæрастæу ныххырхта
æмæ йæ йæ астæуыл æрфаста: йæ иу æрдæг ын Сосланы ингæнæн йæ
нывæрзæны ныссагъта, йе 'ннæ та йæ дæлфæдтæм.
СЫРДОН
СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД
Нарты рæсугъд Дзерассæ рацæйцыдис донмæ. Доны хицау Гæтæг
схудт Дзерассæмæ, йæ цæст æм æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры:
— Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод
дын дон нæ радтдзынæн! Фæтарст Дзерассæ Гæтæгæй, аздæхт æнæ донæй
æмæ бацыд сæхимæ. Дзерассæ та дыккаг хатт ацыди донмæ. Æнхъæл
уыдис, нал ыл сæмбæлдзæнис Гæтæг, фæлæ йыл сæмбæлд. Дзерассæйæн
гæнæн нал уыд, æмæ æмуд æрцыд Гæтæгимæ, æмæ йын райгуырд лæппу,
номæй та йæ схуыдтой Гæтæджы фырт Сырдон.
Сырдон райдыдта хъомыл кæнын æмæ зыдта æппæт дæр, цы уыди цы
уыдзæн, уыдæттæ. Нартимæ нæ фидыдта, цыди сыл сайдæй, æмæ йæ
сæхуыдтæг дæр сайдтой, фæлæ-иу æм кæд Нарт мæсты дæр сысты, уæддæр
æй уарзгæ дæр бирæ кодтой.
Сырдон уыдис зондджын æмæ мадзалджын Нæртон лæг.
НАРТЫ БАЛЦ
Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ
иннæтæ — сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иу бон араст сты.
Хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды кодтой: «гъей джиди, Сырдон дæр ма
немæ куы уаид,— дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у!»
Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы:
— Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз ныртæккæ ракæнин,
— Фæлæудзыстæм,— зæгъгæ, йын загътой,— æрмæст тагъд цу æмæ
фæстæмæ дæр тагъд фездæх.
Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ
балæууыд, æмæ мидæмæ дзуры:
— Йе, Сырдон, æттæмæ-ма ракæс, кæд ам дæ, уæд!
— Мæнæ дæн,— зæгъгæ, йæм радзырдта Сырдон æмæ йæм æттæмæ
рауади æмæ йæ бафарста:
— Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ? Хъусын дæм.
— Нарты хæрзтæ хæтæны фæцæуынц, æмæ ды дæр семæ куы уаис, уый
сæ фæнды.
Уæд Сырдон бакатæйттæ кодта æмæ æрæджиау афтæ зæгъы:
— Цæмæй ацæуон семæ, бæх мын куы нæ ис, уæд?
— Ау, уый та куыд загътай, Сырдон? Мах бæхтæ бæхтæ не сты,
уæдæ ма кæстæртæ цæмæн стæм? Кæм ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм
мах — бæхджын, ды — фистæг, афтæмæй цæудзыстæм.
— Хорз, — загъта Сырдон, йæ фæччитæ æрбатымбыл кодта æмæ араст
ис Нарты фæстæ балцы. Уæд иу ран Сырдон баййæфта Нарты
гуыппырсарты æмæ цæуын байдыдта фистæгæй сæ фæдыл. Иу дыууæ боны
куы фæцыдысты, уæд сæм Сырдон дзуры:
— Цæй-ма, Нарт, бæхыл хæссинаг мæ куы уыдыстут, æмæ мæ куы
ничи хæссы, фистæгæй цæуын куы нæуал фæразын, уæд мын цы зæгъынмæ
хъавут?
Уæд ын Уырызмæг загъта дзуаппæн:
— Бæх кæй хъæуы, уый йæ хъуамæ йæ хæдзарæй раластаид, уый
йеттæмæ ам дæуæн чи загъта, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ?
— Мæнæ мын уæ кæстæр загъта,— зæгъгæ, фæкодта Сырдон, йæхи
мидæг мæсты кодта, афтæмæй. Ныр Нарт рæсугъд уалдзыгон цъæх
кæрдæгыл хъазгæ сæ цыды кой кæнынц саргъы бæхтыл æмæ мæстæй марынц
Сырдоны: чи йын йæ худ аскъæфы, чи — йæ лæдзæг, чи та йæ цуры
бæхыл схъазы. Сырдон дæр йæхи нымæры дзуры: «фæлæуут, мæ бар дæр
уæ бауадз, æз уын æй бафиддзынæн ацы мæстæймарын!» Бадзырдта та
сæм ноджы:
— Цæй-ма, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ, мын куы загътат, уæд
куыд у хъуыддаг?
Уæд ын, чи йæ рахуыдта, уыцы кæстæр радта дзуапп:
— Гæды дзырдтæ цæмæн кæныс, Сырдон, чи дын загъта, бæхыл дæ
сæвæрдзыстæм, уый?
— Ды,— зæгъгæ, фæкодта Сырдон.
— Сайыс, Сырдон! Æз дын афтæ куы загътон: «Кæм ды — фистæг,
мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды — фистæг». Ам дæлæмæ кæсын,
æмæ æцæгдæр афтæ у нæ балцы хъуыддаг: ды фистæг дæ, мах бæхджын,
мах бæхджын стæм, ды та фистæг. Раст нæ ныхас куыд уыди, афтæ йæ
æххæст дæр кæнæм.
Уæд Сырдон бамбæрста, сайд ыл кæй æрцыдис, уый æмæ йæ сæр
ныттылдта, æндæр ницыуал загъта.
Иудзæвгар куы ауадысты, уæд бахæццæ сты иу стыр фурдмæ. Сырдон
фурды бахизыныл катайтæ кæны. Уæд æм Уырызмæг дзуры:
— Хæц, Сырдон, мæ бæхы дымæгыл, æз дæ фурды фале фæкæнон!
Сырдон ныххæцыд Уырызмæджы бæхы дымæгыл, æмæ бараст кодтой
фурды. Йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ 'сты, уæд Уырызмæг фæрсы
Сырдоны:
— Къухы ныхтæ æмæ къахы ныхтæ кæм фæчындæуы?
— Кæм сæ 'рæмысай, уым,— загъта Сырдон. Уæд Уырызмæг йæ бæх
ныуурæдта æмæ лыг кæнын райдыдта йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы
ныхтæ. Цалынмæ Уырызмæг йæ куыст кодта, уæдмæ доны фæйлауæнтæ
Сырдоны расхой-басхой кодтой, уæдæ цы уыдаид! Йæ къухы ныхтæ æмæ
йæ къахы ныхтæ конд куы фæци Уырызмæг, уæд йæ бæх æрцæфтæ кодта
æмæ доны фале фæци Сырдонимæ.
Бирæ та фæцыдысты, æмæ Сырдонæн йæ къахыл скæнинаг дæр ницыуал
уыди. Цæуынц, æмæ иу ран Сырдон иу обауы сæрмæ схызти æмæ дзуры:
— Гъей, Нарты фæсивæд, фосармæй уæ Хуыцау Нарты Уарæн фæзмæ
бауадзæд; Нарты чызджытæ уæлбылæй куы ракæсой, уæд уæ сæртæй
банымайдзысты, æмæ лæг хъадæджын куы уат, уæд зæгъдзысты, зæгъгæ,
сæ иуы ауæй кодтой æмæ йын йæ сæрмæ фос æртардтой!
Уæд Уырызмæг загъта:
— Ай дæр та æцæг у. Хæссын æй бахъæудзæн.
Æмæ Сырдоны радыгай сæ фæсæрцты æвæрын байдыдтой. Сырдон
бавдæлы æмæ, кæй фæсарц фæбады, уымæн йæ арт амбæхсы. Афтæмæй се
'ппæты æртытæ дæр бамбæхста. Уырызмæгмæ та æртæ арты уыдис.
Уыдонæй иу йæ фарсыл уыди, иннæ йæ астæубосыл, аннæ та йæ саргъы
базы бын. Уымæн дæр йе 'ртытæ бамбæхста Сырдон.
Цæуынц Нарты гуыппырсартæ, æмæ сыл бон баизæр ис. Сæ улæфт
уадзынмæ æмæ се 'хсæв æрвитынмæ, стæй сæ бæхты фæхизынмæ
æрлæууыдысты иу ран.
Уæд дын Уырызмæг дзуры йæ кæстæртæм:
— Лæппутæ, цуаны-ма суайут, кæд нын Æфсати исты радтид, кæннод
стонгæй куы нæуал фæразæм!
Лæппутæ ауадысты æмæ уайтагъд саджы мард æрдавтой, сугтæ
æрбамбырд кодтой æмæ арт кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд кæсынц, æмæ
дзы иуæн дæр йæ арт йæ фарсыл нал ис. Ныхас Уырызмæгмæ байхъуыст,
нæ æртытæ ахаудысты, зæгъгæ. Уæд Уырызмæг афтæ зæгъы:
— Алчи уæ йæ зонд йæ усы хъæбысы ныууадзы, афтæмæй балцы
рацæут. Иугай æртыты æвджид куыд рацыдыстут, мæлæты зын арæн куы
нæ сты æртытæ. Мæнæн дзы иу мæнæ мæ фарсыл ис, зæгъгæ, куыд
фæкодта, афтæ йæ фарсмæ февнæлдта, æмæ дзы артæн йæ кой дæр нал.
Хорзау нал фæци номдзыд Уырызмæг. Февнæлдта йæ астæубосмæ, агуры
арт æмæ астæубосыл дæр ницыуал ары. Уæд та фæсивæдмæ дзуры:
— Ауайут, лæппутæ, уæртæ мæ саргъы базы иу арт ис, æмæ йæ
ардæм радавут!
Лæппутæ ауадысты æмæ Уырызмæгмæ йæ саргъы баз гогызы марды
хуызæи тымбылтæй бадавтой, фæлæ уым дæр арт нæ разындис. Уыцы афон
Сырдон æрхы ныббырыд æмæ уым хæтæлы хустимæ йæхи цыдæртæ архайæг
скодта. Нарт сагъæсы бацыдысты æмæ дзырдтой кæрæдзийæн, ныр цы
кæнæм, зæгъгæ, фæлæ ницы хос ардтой. Æрæджиау Уырызмæг кæсы, æмæ
иу фарсы 'рдыгæй ауыдта рухсы цæст, æмæ дзуры Сырдонмæ:
— Йе, Сырдон, уæлæмæ рацу, æмæ дæм кæд зынг, мийаг, ис, уæд
нын арт акæн!
Сырдон дæр æм дзуры:
— Гъæ, уæ бон ныккалат, Нарты хъалтæ! Ныр та уын цæхæры кæфой
мæ фæччийы фистæгæй уæ фæдыл куы хæссин, уый уæ фæнды!
— Бавдæл, уæдæ,— загъта та йын Уырызмæг,— æмæ ацу, уæлæ рухс
кæцæй цæуы, уырдæм, æмæ нын зынг æрхæсс!
Сырдон дæр ницыуал уæлдай загъта Уырызмæджы ныхасыл. Араст ис,
рухс кæцæй цыдис, уыцырдæм æмæ иу чысыл куы ауади, уæд фæстæмæ
'рыздæхт æмæ гæды ныхæстæ ракодта:
— Зынг радтып нæ, фæлæ ма мын æгæрыстæмæй мæ хъæрмæ дæр нæ
ракастысты.
Уæд Нарты кæстæртæй иу араст ис зынггур æмæ бафтыдис рухсы
фæдыл авд уæйыджы хæдзармæ. Ракастысты йæм уæйгуытæ æмæ йыл бацин
кодтой:
— Мах зынггуры дуарæй не здахæм,— зæгъгæ, йын загътой æмæ йæ
сæ хæдзармæ бакодтой. Уым æй фидар фæхс бандоныл æрбадын кодтой,
сæхуыдтæг ын йæ быны бурæмæдз рауагътой, æмæ Нæртон гуырд бандоныл
ныффидар ис æмæ сызмæлын дæр нал фæрæзта. Æрæгмæ куы цыди, уæд та
Нарт сæ кæстæры хистæры арвыстой, æмæ та уый дæр кæстæры фæндагыл
ацыдис.
Æрæгмæ куы цыдысты кæстæртæ, уæд Нарты хистæртæ сæхуыдтæг
радыгай дæуын райдыдтой иуæй зынггур, иннæмæй та сæ кæстæрты
агурæг. фыццаг араст ис Сослан, æмæ та уый дæр йæ кæстæрты
æмбисонд баййæфта. Нал баурæдта йæхи Хæмыц дæр. Араст ис йе
'мбæлтты агурæг, фæлæ та уый дæр фæстæмæ нал зыны.
Тыхсы Уырызмæджы зæрдæ, йæхицæн бынат дæр нал ары йе 'мбæлтты
мæтæй æмæ фæстагмæ араст ис сæ фæдыл. Уырызмæг дæр та бафтыд
уæйгуыты хæдзармæ æмæ сæм мидæмæ бадзырдта:
— Йе, хæдзаронтæ, æттæмæ ма уæ исчи ракæсæд! Уæйгуытæ йæм
рауадысты æмæ йын загътой:
— Гъы, кæй агурыс? Кæд æмæ дæ кæстæрты, уæд уыдон дæр тагъд
рацæудзысты, фæлæ сæм мидæмæ æрбахиз æмæ иу арахъ хъармæй баназ.
Уыдонæн дæр æй артыл хъарм кæнынмæ авæрдтам, æмæ уымæн фæстиат
кæнынц! Æфсæрмы ма кæн, мидæмæ нæм рацу!
Уырызмæг йæхи нымæры зæгъы: «ацы фæлладæй иу арахъ куы аназин,
уæд æвзæр нæ уаид!» Фæраст ис уæйгуыты хæдзармæ æмæ куывды бадæгау
уым бадгæ баййæфта Нарты. Уырызмæгæн дзы иу дæр уæлæмæ нæ сыстад,
мæстыгæнæджы каст æм ракодтой, æмæ Уырызмæг дæр сæ уæле мæсты цæф
ныккодта бандоныл йæхи. Йæ быны йын бурæмæдз рауагътой, æмæ та уый
дæр уым бандоныл аныхæст. Ныр сæм бакæс, уæд цавддуртау бадынц
фæрсæй-фæрстæм Нарты бæлццæттæ. Сæ хуыз фæлыгъдис, æмæ сæ дынджыр
цæстытæй æнкъардæй кæсынц. Уæйгуытæн дæр се стыр аджы дон хæрдмæ
пæлхъ-пæлхъ кæны — хъуамæ дзы Нарты ныккалой æмæ сæ сфыцой. Авд
уæйыджы, иу иннæмæй тынгдæр, дзæнхъайы цæстыл сæ кæрдтæ цыргъ
кæнынц, æмæ сæм Нарты гуыппырсартæ куы бакæсынц, уæд сæ зæрдæ
ноджы тынгдæр бауазал вæййы.
Уыцы рæстæджы Сырдон бынаты арт бандзæрста, саджы мардæй
физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз бафсæста. Уыргтæ рафтыдта æд фиутæ
æмæ уыдон дæр сфизонæг кодта æмæ дзы иу йæ иу рихийыл æрцауыгъта,
иннæ та — йе ннæ рихийыл, æмæ уыргтæ куы басалдысты йæ рихитыл,
уæд афтæмæй араст ис уæйгуыты хæдзармæ; куы бахæццæ ис, уæд бахъæр
кодта:
— Цы фестут, Нарты хъалтæ! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст куы
кæнут, мæн та сау хъæды куы ныууагътат иунæгæй. Ие мæ арс куы
ныттона, йе мæ бирæгътæ куы бахæрой, уымæй дæр мын нæ тæрсут?
Æттæмæ дæр мæм куы нæуал зынут!
Уæд æм уæйгуытæ рауадысты æмæ йæм дзурынц:
— Мидæмæ рацу, уазæг, æмæ семæ абад ды дæр.
Сырдон дзуры уæйгуытæм:
— Гъæ, уæ бонæй уат, кæд мæнæн уыдонимæ бадæн нæй! Уыдон ме
'лдæрттæ сты, æмæ уыдонимæ куыд сбадон? Уый бæсты мын сæм
фæдзурут, æмæ цæуæм.
Фæлæ уæйгуытæ не сразы сты. Бакодтой Сырдоны сæ хæдзармæ.
Сырдон Нарты рæгъ-рæгъы бадгæ куы федта, уæд æй бамбæрста, уыдон
хуымæтæджы æнæзмæлгæ кæй не сты, уый, æмæ сæ фарсмæ бадын нал
бакуымдта, фæлæ-иу, уыдон æй куыд уыдтаиккой, афтæ йе 'взагæй
иуфарсы 'рдæм йæ рихийыл уырг астæрдта, мæстæймарæгау.
Уæд та йæм уæйгуытæ дзурынц:
— Сбад сæ фарсмæ ды дæр, уазæг!
— Нæ, мæнæн уыдон фарсмæ бадæн нæй, фæлæ мын æнæбын хуыскъаг
мигæнæны фæнык акæнут æмæ ууыл абаддзынæн; уый, æз кæуыл фæбадын,
ахæм у,— загъта Сырдон.
Уыдон дæр ын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык акодтой æмæ йыл
бурæмæдз ауагътой. Сырдон ыл куы 'рцæй бадти, уæд æй иуырдæм
фенкъуыста, æмæ фæнык æмæ бурæмæдз акалдысты. Сырдон æрбадти
бæстон æнæбын мигæнæныл.
Уæйгуытæ фæрсынц Сырдоны:
— Сымахырдыгæй кусæрттаджы нард цæмæй æвзарын!?
Сырдон сын загъта:
— Махырдыгæй кусæрттагыл сæ къух æрхæссынц, æмæ фæлмæн куы
вæййы, уæд уый нымайынц нарды нысаныл.
Уæйгуытæ дæр, дын, Нарты гуыппырсарты бæрзæйтыл сæ къухтæ
æруагътой æмæ сæ нардæй сгарынц. Сослан дынджырбæрзæйджын уыди,
æмæ уæйгуытæ нарддæрæн равзæрстой уый. Ратыдтой йæ йæ бынатæй æмæ
йæ фынгыл кусæрттаджы æвæрд æркодтой æргæвдынмæ.
Гъа ныр Сосланыл кард æрбауадзой, афтæ Сырдон фестад æмæ
фæхъæр кодта уæйгуытыл:
— Гъæй, бирæ хæрдæй номгæнджытæ! Цы ми кæнут?! Сæрæй та уæ
гуыбыны куыст кæнут?
Уæйгуытæ фæджих сты, ай куыд феуæгъд и, зæгъгæ, æмæ дзурынц
Сырдонмæ:
— Нæ гуыбыны куыст кæнæм, нæ гуыбыны! Уæдæ нын цы кæнын кæныс?
— Адон уæм цæмæн æрцыдысты, уый нæма базыдтат, фæлæ æндæр
куыстытыл фестут.
— Гъы, дæ хорзæхæй, зæгъ нын, уæдæ, цæй тыххæй æрцыдысты,
уый,— дзурынц Сырдонмæ уæйгуытæ.
— Уæдæ хъусут. Æгас Нарт дæр сбыцæу сты, куырды дзауматæй
хистæр кæцы у, зæгъгæ, æмæ уæм фæрсынмæ 'рæрвыстой мæнæ сæ
фæсивæды æмæ сæ хистæрты, æмæ сын бамбарын кæнут, куырды дзауматæй
чи хистæр у, уый,— зæгъгæ, сын загъта Сырдон.
Уæд уæйгуыты хистæр нал фæлæууыд æмæ загъта:
— Æвæдза, куырды дзауматæн сæ хистæр хъæстарæг у.
— Нæ, куынц хистæр у,— загъта дыккаг,— куынц куы нæ уа, уæд дæ
дзыхæй фу кæндзынæ?
— Æртдзыскæн куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнагыл дæ къухæй
ныххæцдзынæ?— загъта æртыккаг.
Уыдон ныхæстæм мæстæй амард цыппæрæм æмæ сыл фæхъæр кодта:
— Æмæ дзæбуг куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнаг дæ тымбыл къухæй
хойдзынæ? Дзæбуг хистæр у, дзæбуг!
Сырдон дæр ын йæ ныхас ацахста æмæ йæм дзуры:
—Ды растдæр дæ се 'ппæтæй дæр, æмæ ма сыл мæнæ дзæбугæй æрцу,
æмæ куырды дзауматæй чи хистæр у, уый сæхиуыл бавзарой!
Уæд дзæбуг кæмæ уыд, уый ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ дзы иуы сæр
ныххафта. Уый адыл кæрæдзиуыл ралæууыдысты уæйгуытæ æмæ,— дæ
балгъитæг афтæ!— кæрæдзийы пырх кæнынц. Йæ цæвæн-иу йæ къухæй
кæмæн ахаудта, уымæн та-иу æй Сырдон йæ къухмæ авæрдта æмæ-иу ын
загъта:
— Куы дæ амардта, куыд фыд-зæрдæ у де 'фсымæр!
Сырдоны ныхас ноджыдæр загъд цырынæй цырындæр кодта, цалынмæ
уæйгуытæ кæрæдзийы ныццагътой, уæдмæ.
Нарт ныуулæфыдысты, сæ цæстыты фæзындис рухсы цъыртт. Сырдон
æмæ Сослан истой уæлартæй, уæйгуыты агæй, тæвд дон æмæ йæ Нарты
бын уагътой, цалынмæ Нарт бандонæй фæхицæн сты, уæдмæ. Се 'гъдты
цæрмттæ бандоныл баззадысты, æмæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд
фæйнæрдæм ныкъултæ сты, раст бадæн сæ нал уыд, æмæ сыл Сырдон
худæгæй мардис, фæсте сæм дзырдта:
— Уæ, уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ,— фыр хъалæй сæ бæхтыл раст
дæр нал бадынц!
Нарт мæсты кодтой Сырдонмæ. Иу ран бæлас æрта-сын кодтой æмæ
йæ йæ рихитæй уымæ бабастой, стæй бæлас суагътой, æмæ Сырдон
бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззад.
«Гъе ныр мæ раны дæн, гъе», загъта Сырдон.
Иу дзæвгар фæци бæласыл ауыгъдæй, афтæ Бæлгъæйы 'лдары фийау
йæ бынты æхситтытæ гæнгæ йæ фос æрбаскъæры. Сырдоны куы ауыдта
фийау, уæд æм бæласы сæрмæ дзуры:
— Хуыцауы тыххæй, уæлæ лæг, уым цы ми кæныс?
— Ам цы ми кæнын, уый дын куы зæгъон, уæд мын мæ бадæн
агурдзынæ, фæлтау дæ цыды кой кæн,— загъта Сырдон.
— Ницы дæ агурдзынæн,—дæ хорзæхæй, уым цы ми кæныс, уый мын
зæгъ.
— Кæд мæ нал уадзыс, уæд дын æй зæгъдзынæн. Уæлæ, кæс, уæдæ,—
Хуыцау мæнæу най кæны, æмæ уый куы федтон, уæдæй нырмæ мæ зæрдæ
нал хæринаг агуры, нал нуазинаг.
— Дæ хорзæхæй, уæлæ лæг, æз Хуыцауы никуыма федтон, æмæ мын æй
фенын кæ,— загъта фийау.
— Нæ дын загътон, нæ, мæ бадæн мын агурдзынæ? Фийау басомы
кодта Сырдонæн, куыддæриддæр Хуыцауы фена, афтæ йын йæ бынат
фæстæмæ кæй радтдзæнис, ууыл. Сырдон, цыма йæ бæласæй рахизын нæ
фæндыди, уыйау дзуры фийаумæ:
— Уæдæ мæнæ бæласыл æрхæц, мæ бæстытæ мын суадз, æмæ дæ
мæхæдæг бæласы цъуппмæ фидардæр бабæдтдзынæн, кæннод, Хуыцаумæ
кæсгæйæ, фидар баст куы нæ уай, мийаг, рахаудзынæ.
Фийау бæлас æртасын кодта æмæ Сырдоны суæгъд кодта йæ
бæстытæй. Сырдон бæласы цъуппмæ фийауы бабаста, бæлас суагъта, æмæ
фийау бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззади. Кæсы фийау хæрдмæ, фæлæ
Хуыцауы никуы уыны æмæ дзуры Сырдонмæ:
— Мæ цæстытæй нырмæ куыд уыдтон, афтæ сæ нал уынæн!
Уæд æм Сырдон дæле дзуры:
— Фæлæу, мæ хæдзар, ма тæрс, иу чысыл ма куы фæуай бæласы
цъуппыл, уæд сæ æппындæр нал уындзынæ.
Йæхæдæг фийауы фосыл рахъæр кодта æмæ сæ Нартмæ æрбатардта.
Нарт дис кæнынц æмæ дзурынц се стыр Ныхасы:
— Нæ фыдбылыз та фосармæй æрцыди, мах та йын фесæфын æнхъæл
уыдыстæм. Уæд сæм Сырдон дзуры:
— Мæнæ уын фос, æмæ сæ байуарут! Мæн сæфт хонут, фæлæ сæфт
сымах стут. Бæлгъæйы быдыр æнæгæс фосæй байдзаг ис, æмæ уырдыгæй
йæхицæн нырмæ кусæрттаг чи не 'рыскъæрдта, сæфт уый у.
Уæд, дын, Нарт ныффæдис кодтой Бæлгъæйы быдырмæ.
Бæлгъæйы æфсæдтæ та сæ фийау æмæ сæ фос агурынмæ рацыдысты æмæ
Нартимæ кæрæдзийыл хæрхæмбæлд фесты æмæ кæрæдзиуыл ралæууыдысты.
Фæстæмæ куы раздæхтысты Нарты фæсивæд, уæд сæрвæтыл сæ фæндаг
ракодтой æмæ фыдæнæн Сырдоны бæхы хæмхудтæ ныллыг кодтой. Чидæр
уыцы хъуыддаг Сырдонæн фехъусын кодта. Сырдон араст ис рæгъаумæ
æмæ уый дæр Нартæн сæ бæхты къæдзилтæ ныллыгтæ кодта æмæ сын сæ сæ
хуылфыты фæтъыста; йæхæдæг æрбацыд æмæ Нарты Ныхасы æрбадт. Нарты
рæгъау æрцыдысты сæ хизæнуатæй. Кæсынц, æмæ, дын, мæнæ Сырдоны бæх
дæр ссæуы. Нарт æй куы федтой, уæд худæгæй бакъæцæл сты æмæ
фæрсынц Сырдоны:
— Уый дæ бæх худгæ куы ссæуы, Сырдон, цымæ цæуыл худы?
— Йæ разæй худинæгтæ уыны æмæ ууыл,— дзуапп радта Сырдон.
Уæд Нарт сæ бæхтæм бакастысты, æмæ дзы иу бæхыл дæр — къæдзил
нал. Нарт тынг мæсты сысты Сырдонмæ. Сафын фæнд æй скодтой, фæлæ
Сырдоны фесафын кæй бон уыд! Фурды-иу æй баппар, уæд-иу дзы сурæй
рагæпп ласта,— æмæ йæ уый тыххæй бирæ уарзтой Нарт.
Ахæм митæ кодта Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон.
ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНДИ
Нарт иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой
афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фау ма 'рхастаид, уый тыххæй.
Уæд сцæттæ ис хæдзар, æмæ загътой.
— Ныр фенын кæнæм нæ хæдзар Сырдонæн, кæддæра ма йæм исты фау
хæссы æви нæ?
Арвыстой, дын, Сырдонмæ Сосланы.
Сослан æм ныццыди æмæ йын загъта:
— Нарты æмбырды дæм дзурынц.
Уæд ын Сырдон загъта:
— Ацæудзынæн!..
Æмæ араст сты иумæ. Æмæ бацыдысты Нарты иумæйаг хæдзармæ. Нарт
се 'ппæт дæр уым уыдысты æмæ загътой Сырдонæн:
— Нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви ма йæм исты фау ис?
Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты.
— Хорз у, фæлæ ма...,— зæгъгæ, загъта Сырдон æмæ сыстад æмæ
рацыди.
Уæд æй Сослан фæсте расырдта æмæ йæ фæрсы:
— Сырдон, кæдæм лидзыс, куы ницы нын загътай?
— Æмæ уын цы зæгъон?— дзуры Сырдон.
— «Фæлæ ма...», зæгъгæ, цæмæн загътай?
— Хæдзар хорз у, фæлæ дзы астæуæй ницы ис, æмæ гъе уымæн.
Ацыдис Сырдон, æндæр ницыуал загъта, афтæмæй. Раздæхти Сослан
дæр фæстæмæ æмæ æмбырды радзырдта:
— Сырдон бафаудта хæдзар, астæуæй дзы ницы ис, зæгъгæ. Уæд
сæхи мидæг хъуыды кæнын байдыдтой Нарт, уый цæмæй зæгъы Сьгрдон,
зæгъгæ, æмæ сын Сослан загъта:
— Уый уымæй зæгъы, æмæ хæдзары нæй рæхыс.
Нарт, дын, уæд саразын кодтой стыр рæхыс æмæ йæ, куыд вæййы,
афтæ æрцауыгътой хæдзары астæу æмæ та загътой:
— Æрбахонын та хъæуы Сырдоны.
Æмæ та арвыстой Сырдонмæ æмæ та йæ æрбахуыдтой. Æрбацыд та
Сырдон Нарты æмбырддон хæдзармæ, æмæ йæ фæрсынц Нарт:
— Сырдон, фен аемæ зæгъ, хæдзармæ ма цы фау ис, уый.
Сырдон та фæракæс-бакæс кодта дзæвгар.
— Хорз у, фæлæ ма...,— зæгъгæ, та загъта Сырдон æмæ та рацыди.
Йæ фæдыл та рахызти Хæмыц æмæ йæ бафарста:
— Сырдон, хæдзар хорз куы схуыдтай, уæд ма «фæлæ ма...»,
зæгъгæ, та цæмæн загътай?
— Хæдзар хорз у, фæлæ Хурыскæсæны 'рдыгæй къуымы ницы ис, æмæ
«фæлæ ма» уый тыххæй загътон,— дзуапп радта Сырдон.
Араст та ис Сырдон сæхимæ. Хæмыц фæстæмæ баздæхти бадты адæммæ
æмæ сын раныхас кодта:
— Фауы та Сырдон ноджыдæр хæдзары, Хурыскæсæны 'рдыгæй къуымы
ницы ис, зæгъгæ.
Уæд та Нарт хъуыды кæнын байдыдтой, уый цæмæй зæгъы, зæгъгæ,
æмæ 'рхъуыды кодтой:
— Сырдон хæдзар фауы уый тыххæй, æмæ хæдзары къуымы сылгоймаг
нæй.
Уæд æрхуыдтой сылгоймаг æмæ, ног чындз куыд уа, афтæ йæ
сарæзтой æмæ йæ æрлæууын кодтой къуымы æмæ та загътой:
— Фæстаг хатт ма фæцæуын хъæуы Сырдонмæ!
Фæлæ йæм ничиуалгомау комы. Уæд Хæмыц загъта:
— Æз æм цæуын, мæ барма йæ уадзут — æз æй тыхæй дæр
ракæндзынæн.
Æмæ Хæмыц араст ис Сырдонмæ, æмæ ныццыди йæ дуармæ æмæ йæм
дзуры мидæмæ:
— Æттæмæ-ма ракæс, Сырдон!
Сырдон æм нæ кæсы æттæмæ. Æрæджиау æм ракасти æмæ йæ фæрсы:
— Цы кæныс, цы дæ хъæуы, Хæмыц?
— Нарты æмбырд дæм дзурынц сæ иумæйаг ног хæдзармæ, æмæ рацу!
Уæд ын Сырдон загъта:
— Хæрд æмæ нозтыл куы фæбадут, уæд мæм-иу цæуылнæ фæдзурут? Æз
нал ацæудзынæн,— æмæ фæстæмæ хæдзары 'рдæм фæзылди. Хæмыц æй
рацахста æмæ йæм дзуры:
— Æнæ рацæугæ дын гæнæн нæй.
Сырдон нæ комы. Уæд æй Хæмыц рацæфтæ кодта, куыд æмбæлди,
афтæ.
Сырдон дæр уæд тынг мæстджынæй ацыди Хæмыцы фæстæ Нарты ног
хæдзармæ. Куы бацыди, уæд хæдзары фæракæс-бакæс кодта æмæ загъта:
— Гъе! нырмæ хæдзар нæ уыди, ныр хæдзар у.
Нарт дæр ныццин кодтой, фау кæй нал разынди хæдзармæ, уый
тыххæй.
Сырдон раздæхт фæстæмæ, фæлæ тынг мæсты уыди, Хæмыц æй кæй
бафхæрдта, уый тыххæй. Уыцы мастдзинад бавæрдта йæ зæрдæйы. Æмæ
хъуыды кодта, цы маст ын скæнон, зæгъгæ, ууыл. Уæд, дын, Хæмыцмæ
уыди, авд азы хуыскъ чи уыд, ахæм хъуг, æмæ хæлди фыр нæрдæй.
Цыдысты йæм уынынмæ алы рæттæй. Сырдон ныффæнд кодта йæ радавын,
æмæ иу æхсæв куы уыдис, уæд бацыди, хъуг баст кæм уыди, уырдæм,
скъæтмæ, æмæ дуарæн бакæнынæн ницы амал ссардта. Фæстæмæ раздæхти
æмæ хъуыды кæнын байдыдта, цы йын саразон, къухы цы 'гъдауæй бафта
хъуг, зæгъгæ. Уæд иу бон бавдæлди æмæ бамбæхсти Хæмыцы скъæты.
Изæры фос куы 'рцыдысты, уæд Хæмыц йæ фос бакодта скъæты æмæ сыл
фидар сæхгæдта дуæрттæ. Сырдон дæр — мидæгæй. Фынæй афон Сырдон
мидæгæй æвдузæнтæ æфтауын байдыдта. Уайтагъддæр сæ раппæрста.
Бакодта дуар,. раласта хъуджы æмæ йæ аскъæрдта, хиды-хъус ын цы
хæдзар уыдис, уырдæм. Сырдонæн уыцы хæдзар кæм уыд, уый ничи
зыдта. Иæ бинонтæ цардысты уым. Хъæугæрон ма йын уыд хæдзар,
йæхæдæг та уым царди. Аргæвста уыцы ран хъуджы æмæ гъæйттæй йæ
бинонтимæ минас кодта.
Хæмыц зилын байдыдта хи хъæуæй, æттагон хъæуæй — алы ран, йæ
сæр йæ кой скодта йæ хъуджы фæдыл, фæлæ ницы ардта. Тъæпп хаудта
мæстæй.
«Цы ма бакæнон?— загъта Хæмыц.— Фæцæуон ма къулбадæг усмæ æмæ
уый бафæрсон». Къулбадæг усмæ бацыди æмæ йын загъта:
— Ахæм æмæ мыл ахæм ми сæмбæлди. Агурын мæ хъуджы æмйе никуы
ницы арын. Ныр мæнæ æрцыдтæн дæумæ фæрсынмæ, æмæ мын исты бацамон.
Уæд ын къулбадæг ус загъта:
— Нырмæ дæр куы 'рцыдаис, уæд дын бацамыдтаин дæ хъугдавæгмæ
фæндаг. Сырдонæн ис кæмдæр зæххы бын хæдзар,— æз дæр æй нæ зонын,—
æмæ йæ хъæуы ссарын. Уым ын ис ус æмæ зæнæг дæр, æмæ дæ хъуджы уым
агур.
— Æмæ йын цы 'гъдауæй ис ссарæн?— бафарста Хæмыц къулбадæг
усы.
— Райсомæй раджы йæ гадза куыдз рацæуы æттæмæ, æмæ йæ
бахъахъæн. Гадза ахст цæмæй æрцæуа, уый бакæн. Æмæ йын йæ къахыл
бабæдт уырдæндах. Нæ дын комдзæн уый йæ хæдзармæ, æмæ йын мæлæты
'мбис цæфтæ фæкæн, æмæ уæд цæудзæн, æмæ ды дæр йæ фæдыл цу — уый
дæ бахæццæ кæндзæн Сырдоны хæдзармæ.
Уæд хъахъæнын байдыдта Хæмыц Сырдоны куыдзы, æмæ иу райсом куы
уыди, уæд æй æрцахста æмæ йын йæ къахыл бабаста даргъ уырдæндах
æмæ йæ ныдздзæхстытæ ласта, фæлæ куыдз хæдзары 'рдæм нæ цæуы,
дыууæрдæм ралидз-балидз кæны, æндæр. Хæмыц дæр æй нæмы, уæдæ цы!
Куы сфæлмæцыд куыдз, мæлæты 'мбис æй куы фæкодта Хæмыц, уæд уыцы
иу раст акодта æмæ хидыхъус смидæг ис, Сырдоны зæххы бын хæдзары,
уырдæндах йæ фæдыл халгæйæ уагъта, афтæмæй. Хæмыц дæр йæ фæдыл,
æндах куыд амыдта, афтæ бацыдис Сырдоны хæдзармæ. Сырдон уым нæ
уыд. Сырдоны бинонтæ фæтарстысты, ай та цавæр бæллæх у, цæмæй нæ
ссардта, зæгъгæ. Аг дзидзайæ йе дзаг, æмæ фыцы. Хæмыц систа хъуджы
дзидзатæ, йæхæдæг хæдзары дуæрттæ фидар æрæхгæдта, аргæвста
бинонты æмæ сæ суæнгтæ кодта иууылдæр æмæ сæ аджы ныккалдта æмæ
сыл ахъаззаг бандзæрста. Йæхæдæг йе 'ккой скодта, йæ хъуджы мардæй
ма цы баззад, уый æмæ йæ рахаста сæхимæ. Уый фæстæ бацыд Нарты
Ныхасмæ. Сырдоны дæр уым баййæфта, фæлæ йын ницы ма загъта. Сырдон
Хæмыцы куы федта, уæд ныххудт æмæ афтæ зæгъы:
— Тæригъæд нæу Хæмыц,— исчи йын йе стыр хъуджы фыдтæ хæра,
йæхæдæг та стонгæй бада!
— Чи зоны, мæ хъуджы бахæрæг йæ хъæбулты фыдтæ бахæра,—
зæгъгæ, бакодта Хæмыц.
Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта, цыдæр фыдбылыз мыл æрцыди,
зæгъгæ, æмæ æнæдзургæйæ йæхи фæзылдта æмæ йæ хæдзармæ фæраст ис.
Хæдзары фæмидæг ис, ракæс-бакæс кæны æмæ йæ бинонтæй никæй ары.
«Аходæнæй сихормæйы бинонтæ! Цымæ кæдæм фæцыдысты?» дзуры йæхи
нымæры Сырдон. Фыдисыл йæхи ныццавта, фыдтæ асгарон, зæгъгæ, аг
сыстыдта, æмæ дзы скалдысты йæ бинонты уæнгтæ: кæмæн йæ сæр, кæмæн
йæ къах, кæмæн йæ цонг.
Исдугмæ сæццæйæ аззад; уый фæстæ йæ бинонты стæгдар агæй систа
æмæ йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты
зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны, æрбадти йæ хъæбулты
стæгдары цур æмæ цæгъдын байдыдта:
«Мæ лæппутæ, мæнæн уын мæ бсæ хæрнæг кæнын нæ бауьчдзæн, фæлæ
мын уæ иу хуынди Къонагæ. Къонагæ, марды фæлдисинагæй къонайыл цы
бавæрой, уымæй ды рухсы бад!»
Стæй та ныццæгъды æмæ зæгъы:
«Ме 'ннæ лæппу — Уæрагæ, марды фæлдисинагæй уæрагыл цы
'рывæрой, уымæй ды рухсы бад!»
Стæй та ныццæгъды:
«Ме 'ртыккаг лæппу —фуагæ, марды фæлдисинагæй фу цæуыл
бакæной, уымæй ды рухсы бад!»
Йæ фæсдуар уæрм уыди — стæгдар уым ныккалдта. Йæхæдæг йæ
фæндыр райста æмæ рацыд Нартмæ. Ныхасы йæ ныццагъта æмæ йемæ
ныззарыд:
— Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут! Нарт
загътой: «Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта, уæд нæ ацы лæг цы
баджиз дардзæн?!»
Уырызмæг æм радзуры:
— Кæд нын уый хуызæн хæзна дæ цæст уарзы, уæд не 'гасæн —
æфсымæр иумæйагæй; нæ алы ныхасы дын бар уæд хъусынæн, нæ
хæдзæрттæм дын фæндаг уæд æфсымæрау.
Нарт уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой: «Иууыл цагъды
куы фæуæм, уæд дæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ
мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»
СЫРДОН НАРТЫ КУЫД АСАЙДТА
Иу бон Нарт ацыдысты хæтæны. Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы
бафтыд сæ къухы, æмæ раз дæхтысты фæстæмæ.
Уæд Нарт зыдтой æнæбын цад тар хъæды астæу æмæ загътой: «Уыцы
цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм, æмæ кæд фесæфид». Цадыл
пыхсытæ мæнг калд æркодтой. Æмæ арвыстой Сырдоны цады комкоммæ
фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад кæй уыдис, уый æмæ дзы
ныххаудта. Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ амæлттæй
раирвæзтис цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахус кодта йæ дзауматæ
æмæ Нарты размæ азгъордта. Нарт Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты,
фæлæ сæм уый хъæр кæны:
— Фæлæуут-ма, Нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон, дунейы
диссаг!
Нарт æрлæууыдысты æмæ дисæй амардысты, уый Сырдоны хъæр куы у,
кæцæй ма фæзындис, зæгъгæ.
Сырдон сæм бацыди æмæ сын загъта:
— Мæ чысылæй нырмæ ахæм диссаг никуыма федтон.
Нарт æм дзурынц:
— Цы диссаг федтай, Гæтæджы фырт? Ма та нæ фæсай!
Сырдон сын загъта:
— Уæртæ уым иу цады цур федтон диссаджы сырдтæ: ралыгъдысты
сындзджын къохмæ. Фæтарстæн сæ æмæ ма амалтæй ардæм æрхæццæ дæн!
Сырдоны дзауматæ хусæй куы федтой Нарт, уæд сæ йæ ныхас
бауырныдта.
— Кæд цуаны цæут, уæд хуыздæр ран нал ссардзыстут, æмæ сæм
тагъддæр ацæут. Æз сæм мæхæдæг нал бауæнддзынæн, фæлæ къохы алы
фарс зилдзынæн æмæ уын, чердæм цæуой, уый амондзынæн,— зæгъы
Сырдон.
Бацыдысты Нарт сындзджын къохмæ. Зилынц сындзы, фæлæ цæй сырд
ссардтаиккой! Æхсæв-бонмæ сæ сындзытæ фæтыдтой: бæхæй, лæгæй сæ
туг калди, афтæмæй райсомæй сындзджын къохæй рацыдысты.
— Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ,— зæгъынц Нарт Сырдонæн.
— Нæ сæм бауæндыдыстут, Нарт, сындзы бамбæхстыстут, æмæ уый
адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг кæнут,— загъта Сырдон.
Нарт фæтарстысты, худинаг нæ кæндзæн, зæгъгæ, æмæ йæм дзурын
нал бауæндыдысты.
Афтæтæ кодта Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон.
СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА
Иу бон Нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны.
Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы:
— Уæдæ Нарт кæм сты,— куы ничи сæ зыны æттæмæ?
Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры:
— Мæн-иу ма схъæр кæн, фæлæ Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты.
Сырдон йæ хæдзармæ бацыди, йæхи арæвдз кодта æмæ араст ис сæ
фæдыл. Иу æртæ боны куы фæцыди, уæд сау хъæды æрынцад æмæ уым
бонасадæн кодта. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц.
Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры:
— Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл
кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у! Уæйгуытæ йæм дзурынц:
— Мах кæнæм уаргæ æмæ нæ фидауæм.
— Зæгъут-ма мын, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафидауын кæнин.
Уæйгуытæ йын зæгъынц:
— Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг,
æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ бахæццæ кæндзæн.
Фынджы та нымæтын ехсæй куы 'рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг
вæййы. Бæндæнæй та æнæхъæн хорхос куы сбæдтай, уæд дæр дын уæз нæ
кæндзысты.
Уæд сын Сырдон зæгъы:
— Уæдæ кæд мæнмæ хъусут, уæд уæ æз бафидауын кæндзынæн. Æз
фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæ 'рдæм, æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи
'рхæсса, уымæн фыццаг бар, уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн
та — фæстаг бар.
Уæйгуытæ сразы сты. Сырдон дæр сын сæ фæттæ æртæ 'рдæм фехста
æмæ сын загъта:
— Уайгæут ныр!
Уæйгуытæ дæр фæцагайдтой фæттæ агурæг уыцы иуырдæм, кæрæдзийы
сæрты схъиудтытæ гæнгæ, кæд æмæ сæ фæттæ алы рæтты уыдысты,
уæддæр.
Уæд дын Сырдон æрчъиагыл фынг авæрдта, райста йæ къухмæ бæндæн
æмæ сбадти 'рчъиагыл, йæхæдæг æм дзуры, æрчъиагмæ:
— Уæдæ мæ гъе ныр нæ уæлхæдзар фестын кæ! Уыцы ныхасмæ Сырдон
йæ уæлхæдзар фестади. Сырдон Нарты æрхуыдта æмæ сæ иннабонæй-инна
бонмæ хорз федта йæ фынджы фæрцы.
Уыцы бонæй фæстæмæ Нарт нал цыдысты балцы æнæ Сырдон.
СЫРДОН ЙÆ МÆРДТÆН ХИСТ КУЫД КОДТА
Нарты адæмæй иу дæр, иннæ дæр дзырдта:
— Сырдон, дæ мæрдтæн хист скæн, кæннод иннæ мæрдтæм æнхъæлцау
уыдзысты, дæхи цæмæн тæригъæдджын кæныс мæрдты æгъдауæй?
Иутæ ма йын фидис дæр кодтой:
— Дæуау исчи йæ мард æгадæй уадзы?!
Сырдон дзæбæх æмбæрста, уыцы ныхæстæ цæй фæдыл уыдысты, уый:
адæмы фæндыди мæгуыр Сырдоны иунæг хъуг бахæрын.
Æмæ Сырдон иукъорд рæстæджы йæхи ныхъус кодта. Æрæджиау зæгъы
Нартæн:
— Цæмæй мын хист кæнын кæнут мæ мæрдтæн, куы ницы мæм ис, уый
куы зонут, уæд?
— Æрæмбырд кæн дæ хæстæджытæ æмæ дæ лымæнты, æмæ дæм фæкæсæнт,
уæддæр дæ мæрдты æнæ хист ма ныууадз,— загътой Сырдонæн Нарт.
Марды кæндæн цы 'мбæлдис — хæрдæй, нозтæй — уый фаг
уæлдайджынтæй æрæмбырд кодта Сырдон. Суг æрласта, дыхъусыг аг
бавæрдта æмæ бæгæны кæнын байдыдта. Бæгæныгæнæг, æдылыдæр чи уыд,
уый скодта æмæ, кæд дыхъусыгæн ссæдз мæрты хъуыди зад, уæд дзы
Сырдон иунæг мæрт ныккодта. Афтæмæй къорд боны бæгæны фехсыста.
Кæрдзынгæнджытæ дæр, æдылыдæр чи уыди, уыдон æрхуыдта æмæ
иукъорд дзулы ракæнын кодта. Хисты бон куы уыди, уæд
бæгæныгæнджытæ, кæрдзынгагнджытæ æмæ хъæлагомау дыууæ
уырдыджыстæджы — уыдоны бамбырд кодта æмæ сын загъта:
— Сымах фыдæбон кæндзыстут, æмæ уæ исты ахæрын хъæуы раздæр,
кæннод æнæ хæрд баззайдзыстут.
Иу-дыууæ карчы æрбаргæвдын кодта æмæ сын уыдон бахæрын кодта,
нуазын дæр сын акодта, стæй сæ бæгæныты цæхгæртæ аразыныл фæцалх
кодта. Адæммæ хонджытæ фервыста. Йæхæдæг уырдыджыстджыты 'хсæн
ныхас ауагъта: каркæй айкæй кæцы раздæр сæвзæрди, зæгъгæ. Расыг
уырдыджыстджытæ быцæу кæнын райдыдтой; сæ иу зæгъы: карк раздæр
сæвзæрди айкæй, иннæ зæгъы: айк раздæр сæвзæрди каркæй. Загъдмæ
сын асайдта, æмæ кæрæдзийы схуыстытæ кæнын систой. Сырдон сæ цыма
иргъæвгæ кодта, уый хуызæн йæхи скодта æмæ бæгæныйы цæхгæртæ
рафæлдæхта, цыма йын æнæбары уыдис, уыйау. Куы сæ рафæлдæхта, уæд
æрдиаг кæнын байдыдта, æмæ хыл кæны лæуджытимæ:
— Фесæфтат мæ — Нарты адæммæ хонджытæ куы фервыстон, сымах та
мын мæ нуæзтытæ куы ракалдтат, уæд ма цы цæсгомæй рацæудзынæн
Нарты адæммæ!
Семæ куыд хъаугъа кодта, афтæ хистæртæй иу къорд æрбацыди
хистмæ, æмæ Сырдон сæ размæ рауади æмæ сын радзырдта:
— Мæ уырдыджыстджытæ фæбыцæу сты. Иутæ дзы загътой: айк раздæр
равзæрдис, иннæтæ загътой: карк раздæр равзæрдис, æмæ куы фæхыл
сты, уæд мын мæ бæгæнытæ ныккалдтой.
Уæд хистæртæ дæр кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ фæстæмæ сæ
хæдзæрттæм фæцыдысты. Æрцæуинаг ма чи уыд, уыдон дæр нал
æрцыдысты.
Цы 'рæмбырд кодта Сырдон хистæн, уыдон йæхицæн баззадысты.
ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА
Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын йс, тын хæсджын. Цыбыркъух лæг
уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæдтæг, фæлæ-иу фæстæмæ
аздæхт афтидæй. Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд. Æдзух ын
æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта Сырдон.
Иу æмгъуыдмæ та хæсдæдтæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ.
— Йе, Сырдон, уым нæ дæ?
— Сырдон ам нæй,— радзырдтой хæдзарæй.
— Кæм ис?
— Дæлæ хъæугæрон догъгъæрæг къахы. Хæсдæдтæг араст ис
хъæугæронмæ.
— Байрйай, Сырдон!
— Æгас æрцу!
— Сырдон, мæ тын мын! Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын
фæкодтай. Бафидын афон у ныр, цæсгом дæр дзы хъæуы.
— У, дæ хорзæхæй, мауал дзур, нæ уыныс, æз дæр мæнæ дæ кой кæй
кæнын, уый?
— Сырдон, уый та уæд куыд мæ кои у? Кæсын дæм, æмæ догъгъæрæг
куы къахыс!
— Куыд æнæмбаргæ фæдæ! Догъгъæрæг скъахдзынæн, дон æм
рауадздзынæн, йæ былтыл ын сындз ныссадздзынæн. Фос, хохмæ
цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ, сындзытыл сæхи хафдзысты, сæ хъуын
сындзыл баззайдзæн. Уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын
бауафдзынæн æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн.
— Ха-ха-ха,— зæгъгæ, хæсдæдтæг ныххудт йæ дзыхы дзаг.
— Цæуылнæ худай,— загъта Сырдон,— дæ тын дæ къух ссардта!
Уый адыл хæсдæдтæг йæ къух ауыгъта æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ,
уæдæ цы уыдаид!
Сырдон ма абон дæр сындз садзы.
СЫРДОНЫ ТОХЪЫЛЫ ÆРГÆВСТ
Сырдонмæ уыдис хæрзхаст тохъыл. Нарт æм бабæллыдысты æмæ йæ
сфæнд кодтой бахæрын. Иу бон та Ныхасы бадтысты æмæ дзурынц
Сырдонмæ:
— Хъаймæт æрхæццæ кæны, Сырдон, æмæ дæ тохъыл афтæмæй
фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм æмæ йæ аргæвдæм доны был.
Физонджытæ скæндзыстæм æмæ уæд Хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ.
Сырдон уæлдай ницыуал загъта, сразы ис.
Иу хур бон Нарт ацыдысты доны былмæ; Сырдон дæр аласта йæ
тохъыл. Æрбынат кодтой донбыл иу бæласы бын, раргæвстой Сырдоны
тохъылы æмæ йæ уайтагъд асыгъдæг кодтой. Цæй, нæхи уал ауазал
кæнæм, зæгъгæ, сæ дзауматæ раластой æмæ сæхи найын байдыдтой.
Сырдон баззад кусарты уæлхъус. Нарт сæхи найынц. Сырдоны Хуыцауы
'лгъыст сын сæ дзауматæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт
сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты донбылмæ. Сæхицæн загътой: «Цом
ныр æмæ Сырдоны тохъылæй нæхи хорз фенæм». Фæлæ кæсынц, æмæ сæ
дзауматæ цыдæр фесты.
— Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг йæхимæ фæхаста?— фæрсынц Нарт
Сырдоны.
— Мæнæ сæ арты бакалдтон,— дзуапп радта Сырдон.
— Ау, уый та куыд?
— Æмæ ма сæ цы кæнут, хъаймæт тагъд уыдзæн, зæгъгæ, куы
загътат, уæд,— зæгъы сын Сырдон.
Нарт кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ницыуал сдзырдтой.
СЫРДОНЫ МАРД
Нарты Сырдон куы марди, уæд йæ усæн ныффæдзæхста: «Сæрд мыл
мидгъуын кæрц макæд бадар, зымæг мыл тæвд дзул макуы бахæр æмæ уый
фæстæ уазал дон макæд бануаз!»
Нартæн дæр загъта, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм
хъуыса, уым мæ ма бавæрут, зæгъгæ.
Сырдон куы амард, уæд йæ ус йæ фыдæнæн мидгъуын кæрц дарын
байдыдта, зымæг та-иу тæвд дзул хордта, стæй-иу уазал дон банызта,
æмæ йæ дæндæгтæ разгъæлдысты.
Сырдоны мард Нарт фыддæрадæн бавæрдтой Ныхасы,. æмæ-иу адæм
кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыста: «Махæй,
уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!»
Уæд Нарты адæм загътой: «Амæн нын йе 'гасæй йæ мард ноджы
диссагдæр куы у æмæ нын фыддæрæн куы фæци; цæй, æмæ йæ скъахæм æмæ
йæ фурды баппарæм!» Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой. Сырдон
уыдис Донбеттыры хæрæфырт, æмæ фурды куы бахауд, уæд райгас ис æмæ
ссыд Нарты Ныхасмæ.
Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!»
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ
ХÆМЫЦ УС КУЫД РАКУЫРДТА
Нартыл фыд стонг аз скодта. Цы бахордтаиккой, уый сын нал
уыди. Цуаны хаттысты æмæ сырды фыдæй сæ царды уаг æрвыстой. Хæмыц
чи уыди, уый сын райдыдта Бурфæсалæй бур сæгуыттæ хæссын. Ууыл дæр
сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын райдыдта Хуыскъадагæй хуыскъ хъуазтæ
хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын Сау хохы сæрæй райдыдта
хæссын сау зымтæ уæргътæ-уæргътæй.
Уæд та, дын, иу бон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не
'рыййæфта, сырды мыккаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры
онг. Изæрæй кæсы, æмæ, дын, иу æрдузы цъæх кæрдæгыл хизы сагты
дзуг. Се 'хсæн — иу дынджыр урс саг. «Хуыцау мын радта», зæгъгæ,
дын, урс сагмæ ныхъавыди Хæмыц. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ
кæмттæ ныццарыдтой. Сагтæ фæпырх сты, фæлæ урс саг йæ бынатæй нал
сызмæлыд. Дис бафтыд Хæмыцыл: «Мигъ дæр куы никуы ис, уæд арвы цæф
дæр куыд уыдзæн?! Æндæр исчи йæ амара, æмæ адæймаг змæлæг дæр куы
никуыцæй зыны!» Уалынджы хъæдбынæй иу гыццыл лæппу фæзынди; саджы
мардмæ бауади, сæргæвста йæ æмæ йæ стигъы. Йæ иу фарс ын куы
астыгъта, уæд Хæмыц хи нымæры дзуры: «Додой дæ къона нæ кæны!—
иннæ фарсмæ та дын æй чи афæлдахдзæн? Кæд Хуыцауы фæнда, уæд сырды
мард мæхицæн зайдзæн». Фæлæ кæсы, æмæ лæппу сырды мард гæлæбуйау
фæфæлдæхта. «Ай бæллæхы гуырд цыдæр у», загъта Хæмыц æмæ къæцæлтæ
рамбырд кодта, ныццыдис лæппумæ, йæ сырды мардыл ын, цуанонты
'гъдаумæ гæсгæ, къæцæлтæ бакалдта æмæ йæм дзуры:
— Уæ, бирæ дын дæдта Хуыцау!
— Кæй нын дæдта, уый нын иумæ дæдтæд,— дзуапп ын радта лæппу,
йæхæдæг йæ нымæт атымбылтæ кодта æмæ дзуры Хæмыцмæ:
— Бадгæ мæм скæн, хорз уазæг!
— Нæ, фæкæсон дæм, кæннод дын иунæгæй зын уыдзæн,— зæгъы
Хæмыц.
— Мæхæдæг цы афснайон, уый Хуыцау куы радтид,— загъта лæппу;
февнæлдта саджы мардмæ, акой йæ кодта уайтагъд æмæ йæ бæласыл
ацауыгъта. Арт андзæрста; фыдты дзæбæхтæй цыппар уæхсты айдзаг
кодта æмæ сæ афизонæг кодта. «Æвæццæгæн ма йын æмбæлттæ ис, уый
йеттæмæ уый бæрц физонджытæ цæмæн кæны?» - хъуыды кæны Хæмыц. Фæлæ
дзы лæппу дыууæ Хæмыцы раз æрæвæрдта, дыууæ — йæхи раз. Лæппу
уайтагъддæр дыууæ уæхстыдзаг физонджытæ ахордта. Хæмыц иунæг
уæхстыдзаг дæр нæ фæци.
— Хæргæ цæуылнæ кæныс?— дзуры лæппу Хæмыцмæ.— Куыд тагъд
афсæстæ?— æмæ æртыккаг уæхст дæр йæхимæ æрбайста æмæ уый дæр
ахордта.
Стыр дистæ кæны Хæмыц, цы бирæ хæры, зæгъгæ. «Ай хуымæтæджы
гуырд нæу», зæгъы йæхи нымæры.
Лæппу фæсхæрд Хæмыцæн уат бакодта лæгæты хуылфы, æмæ Хæмыц
бахуыссыд; лæппу йыл нымæт æрæмбæрзта. Æрфынæй ис Хæмыц, уæдæ цы!
Лæппу райста сагдзарм; гæрзытæ дзы акодта æмæ дзы райдыдта идæттæ
аразын, сахсæнтæ аразын æмæ ехсытæ бийын. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ
Хæмыц райхъал ис æмæ фæрсы лæппуйы:
— Куыд бирæ бадыс, цæуылнæ фынæй кæныс?
— Нæй мæнæн фынæй кæнæн,— дзуапп радта лæппу, — цы хъæуæй
рацыдтæ, уым дæ куы фæрсой, цуаны кæимæ уыдтæ, зæгъгæ, уæд сын цы
зæгъдзынæ?— Хъуамæ демæ исты нысангæрзтæ ахæссай.
Бон æрбацъæх ис. Лæппу дзуры Хæмыцмæ:
— Кæрæдзийы куы нæ бафæлварæм, уæд нын æндæр амал нæй.
— Куыд бафæлварæм?— бафарста Хæмыц.
— Цуаны азилæм,— загъта лæппу.
— Азилæм!— зæгъгæ, фæкодта Хæмыц.
Ацыдысты иу стыр коммæ, сырдтæ арæх кæм уыди, ахæм коммæ.
Лæппу дзуры:
— Сурæг лæууыс æви комгæс?
— Æз сурæгæн цы бакæндзынæн?! Фæлтау комгæс ныллæудзынæн,—
загъта Хæмыц.
Лæппу иу тигъыл ссыди, иннæ 'рдæм æрзылди æмæ уарийы уаст,
цæргæсы цъæхахст ныккодта. Кæмдæриддæр сырды мыккаг уыди,— иууыл
ныкъорд сты æмæ æрлыгъдысты Хæмыцыл. Ницы сарæхст Хæмыц — сырдтæ
иууылдæр афардæг сты. Лæппу куы 'рцыди, уæд фæрсы:
— Цы фесты мæ сырдтæ?
— Мæныл æппындæр сырд не 'рцыд,— дзуапп ын радта Хæмыц.
Лæппуйæн хъыг куыннæ уыдаид Хæмыцы ныхас, фæлæ ницы загъта.
— Æнцад бад уæдæ, æмæ мæ ныр мæхи бар бауадз,— зæгъгæ, фæкодта
лæппу æмæ араст и фæстæмæ. Хъæр нал, фæлæ сырдты цæгъдгæ рацыд.
Амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сырды. Æрæмбырд сæ кодта æмæ сæ
æртæ дихы кæнын байдыдта. Хæмыц дис кæны: «Дыууæ æмбалы йеттæмæ
куы нæ стæм, уæд сæ æртæ дихы цæмæн кæны? Æвæццæгæн йæхицæн дыууæ
хайы исынвæнд кæны! Æмæ уый та куыд хъуамæ уа? Ацал-ауал азы
фæцардтæн, фæцыдтæн цæуæнты, фæхаттæн хæтæнты, æмæ мыл ахæм æфхæрд
куы никуыма 'рцыди».
Хæйттæгонд куы фæци лæппу, уæд дзуры Хæмыцмæ:
— Рацу æмæ айс дæ хистæрæггаг.
Хæмыц æрбацыд æмæ айста хистæрæггаг.
Ноджы та йæм дзуры:
— Ныр та æмбалы хай айс!
Хæмыц та æмбалы хай дæр айста.
Уый фæстæ лæппу хæрзбон загъта Хæмыцæн, йæ хай йе 'ккой
баппæрста, хуымæллæджы цъупп куыд баппарай, афтæ, æмæ араст ис
сæхимæ.
Хæмыц цин куыннæ кодтаид, мæ фæндаг хорз фæци, зæгъгæ. Ныхъæр
кодта Нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ
ис, уый бадæнимæ рацæуæд, уыдон кæмæ не сты, уый та — фистæгæй,
æмæ ахæссут уæхицæн сырдты мæрдтæ!» Нарт ныххæррæтт кодтой æмæ
афснайдтой сырдты мæрдтæ сæхимæ.
Хæмыц чысыл куы ауади сæхи 'рдæм, уæд æрсагъæс кодта: «Ныр мæ
Нарт куы фæрсой, де 'мбал чи уыд, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæн?»
Фæстæмæ раздæхтис æмæ лæппуйы сурынтæ байдыдта. Лæппу куы ауыдта
Хæмыцы, уæд йе 'ргъом æрæвæрдта æмæ æрлæууыди. Æрбаййæфта йæ
Хæмыц. Лæппу йæ фæрсы:
— Цы кæныс, цы-дæ ферох ис?
Хæмыц зæгъы:
— Ныббар мын, чи дæ, кæмæй дæ, уымæй дæ кæй нæ бафарстон, уый.
— Æз дæн,— зæгъгæ, загъта гыццыл лæг,— Донбеттыртæй равзæргæ,
мæ мыккаг — Быцентæй; цæрæм зæххы бын.
— Уæдæ ма дын иу ныхас зæгъын; чысыл уæвгæйæ ахæм хъаруджын чи
у, уыдонæй мæ стæггаг куы уаид, уый мæ фæнды.
— Хорз уаид — мах дæр фæнды, Нартимæ хæстæджиуæг куы кæниккам,
уый. фæлæ хъуыддаг афтæ у: мах стæм кæрзмаст, цыбырхъуыр, лыстæг
мыккаг — нæ бæрзæнд у дыууæ уыдисны, нæ уæрх та уымæй къаддæр. Тых
æмæ нæ лæджыхъæдæй æвзарын нæ хъæуы. Ис мын иу хо, æмæ дын æй
бæргæ радтиккам, фæлæ сымах стут фидисгæнаг; мах та фидисæй рынчын
кæнæм, уайдзæфæй— мæлгæ. Тæрсын, йæ бавæрын дæ бон куы нæ бауа!
— Дæдтгæ мын æй ракæнут, йæ бавæрын — ме 'вджид,— загъта
Хæмыц.
— Хорз уæдæ,— сразы ис лæппу, æмæ йын æмгъуыд скодта, уæд-иу
нæм фæзын, зæгъгæ.
— Уæд уæм цæугæ та кæдæм бакæндзынæн, кæм цæрут?— бафарста
лæппуйы Хæмыц.
— Раст-иу мæ фæд, мæ фæд рацу: æз мæ цирхъ фæрсмæ дардзынæн
æмæ саугъæды мидæг хъæууынджы хуызæн кæндзынæн; быдырмæ куы
ахизон, уæд та мæ иу къах зæххыл ласдзыцæн æмæ ауæдз гæнгæ
цæудзынæн суанг мæлдзыджыты губаччы онг. Гъе уым, зæххы бын — нæ
хæдзар.
Сæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Быцены фырт йæ сырды мæрдтæ
айста æмæ йæ хæдзармæ фæдгæнгæ араст и. Хæмыц дæр ссыди Нартмæ æмæ
йæ хъуыддаг радзырдта.
Æмгъуыды бон куы 'рхæццæ ис, уæд Хæмыц Нарты хæрзæджыты
рамбырд кодта, æмæ араст сты Быцентæм чындзхæссæг. Быцены фыртæн
хæрзбон цы ран загъта Хæмыц, уырдæм æрбацыдысты. Уырдыгæй хъæды
цагъдыл ацыдысты; быдырмæ куы рахæццæ сты, уæд та,— лæппу куыд
загъта, афтæ,— ауæдзыл бафтыдысты. Ауæдзыл цæуынтæ байдыдтой æмæ
мæлдзыджыты губаккмæ бахæццæ сты æмæ уым æрлæууыдысты. Сæ бæхтæй
куыд æрхызтысты, афтæ сæм Быценты фæсивæд мæлдзыджыты губаччы
бынæй сгæппытæ кодтой, сæ нымæттæ, сæ гæрзтæ сын айстой æмæ сæ
зæххы бынмæ ныххастой; уый фæстæ сын дуар сыгом кодтой æмæ сын сæ
бæхтæ дæр æмæ сæхи дæр уырдæм ныккодтой.
Хæрд æмæ нозт куыннæ сцæттæ кодтаиккой æмæ сæ уазджытыл куыннæ
бацин кодтаиккой Быцентæ!
Сослан къухылхæцæг уыди, æмæ иу афон бар ракуырдта, мæ хойы
фенон, зæгъгæ. Рацыдис уатмæ. Уым амæй ай рæсугъддæр чызджытæ
рæнхъ лæууынц. Арфæ сын ракодта Сослан, стæй фæрсы:
— Адонæй мæ хо кæцы у?
— Адонæй ничи у,— зæгъгæ, загътой Сосланæн,— дæ хо уартæ
хуысгæ кæны.
— Хъазгæ ма кæнут,— дзуры сæм Сослан,— фæлæ дзы мæ чындз чи у
ацы чызджытæй, уый мын зæгъут.
— Мæнæ дæ чындз,— зæгъгæ,— æмæ йæм гобæтты 'хсæнæй хæфс
фелвæстой.
Исдугмæ хъазын æнхъæл уыд Сослан, фæлæ йæ куы баууæндын
кодтой, сæ чындзыл æцæг хæфсы цъар ис, зæгъгæ, ууыл, уæд æттæмæ
рауади æмæ йе ’мбæлттæм хъæрæй дзуры:
— Хæмыц нырмæ дæр æнæ усæй уымæн баззади, æмæ хынджылæггаг
уыди; ныр Нарты хæрзæджыты дæр фæхудинаг кодта. Алчи уæ йæ бæхыл
сбадæд, æмæ цом нæ хæдзæрттæм!
Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ араст сты. Хæмыц баззад се 'ппæты
фæстæ. Быцентæ бавдæлдысты æмæ йын йæ саргъы, къуыдырæй æфтаугæты
æхсæн, цæвæрдтой уыцы хæфсы, æмæ афтæмæй æнкъардæй рараст кодта
Хæмыц дæр сæхимæ.
Æрхæццæ ис. Иæ бæх бафснайдта, йæ саргъ, сæргуыбыр æмæ
уæнтæхъилæй, ахъуыстмæ бахаста, къуыммæ йæ баппæрста æмæ
мæстæлгъæдæй йæ сынтæджы бафæлдæхт. Куы бафынæй ис Хæмыц, уæд хæфс
саргъæй ралæсти æмæ фестадис чызг — арвы рухс, зæххы фидауц, ахæм
чызг; йæ дзыккутæ йæ уæхсчытыл æрпырх сты æмæ фадхъултæм хæццæ
кодтой; сæ рухсæй агъуыст ныррухс и, цыма йæ цары хур февзæрди,
уыйау.
Хæмыц фехъал ис æмæ дзуры чызгмæ:
— Цы зæд, цы дуаг дæ?
— Зæд дæр нæ дæн æмæ дуаг дæр, фæлæ дæн, Быцентæй цы чызджы
ракуырдтай, уый. Бон мын хæфсы цъарæй ралæсæн нæй, æхсæв та хæфсы
цъары фæлæууæн!
— Уæдæ æрхуысс дæ хуыссæны.
— Æз хуысгæ нæ ныккæндзынæн,— дзуры чызг,— фæлæ-ма равдис, дæ
лæппуйæ дæ зæронды бонмæ усгуры дзаумайæ цы барæвдз кодтай æмæ дæм
цы ис, уый.
Хæмыц йæ хуыссæнæй фестад æмæ йæ чырыны дуар байгом кодта.
Куыннæ разындаид Хæмыцы чырыны хъуымацы дзæбæх æмæ тыны дзæбæх, йæ
лæппуйы бонтæй фæстæмæ цы фембырд кодта, уыдон.
Чызг хæсгард райста æмæ кæрдынмæ февнæлдта æмæ æхсæвæй бонмæ,
сæдæ лæгæн къахæй къухмæ цыдæриддæр хъæуы фæлыстæй, уый кæрдгæ дæр
æмæ хуыйгæ дæр бакодта. Дыккаг æхсæв дæр та арфтæ. Дыууæ сæдæ
лæджы фæлыст куы сцæттæ кодта, уæд зæгъы Хæмыцæн:
— Ныр бавдæл æмæ сæ Нартæн байуар, сæ хуыздæртæ — чи куыд
мæгуырдæр у — афтæмæй; нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ
бавналон, уымæн сæвидийæн нæй!
Куыд ын загъта чызг, афтæ бакодта Хæмыц. Æмæ дис кодтой Нарт,
Хæмыцæн уыцы дарæс кæм уыди, зæгъгæ.
БАТРАДЗЫ РАЙГУЫРД
Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта, бон-иу хæфсы цъары бадти ус,
æхсæв та-иу рахызти, афтæмæй. Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ усыл,
æмæ кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Уæд, дын, иуахæмы Хæмыц
Нарты стыр Ныхасмæ рараст ис æмæ йæ усмæ дзуры:
— Быценон, абон дын Нарты стыр Ныхасмæ æнае хæсгæ нæй!
Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта:
— Ма мæ ахæсс, кæннод дын мæнæй ницыуал пайда уыдзæн.
Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта,
афтæмæй ацыд Ныхасмæ.
Сырдон рагæй дæр Нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмыцæн йæ ус
йемæ кæй уыд, уый бамбæрста æмæ бавдæлд æмæ фæсивæды йæхиуыл
сардыдта, нæмут мæ, зæгъгæ. фæсивæд дæр æй нæмын райдыдтой. Уæд
Сырдон ныхъæр кодта:
— Гъæ, уæ хуыздæр амæла, Нарт!— сæ кæстæртæ сæ хистæрты
нæмынц, сæ хистæртæ та сæ устыты семæ хæссынц. Кæм бадæм, Нарты
зæрæдтæ — ай лæгты Ныхас у, æви устыты Ныхас? Нæ цæсгом фесæфтам,
æгъдау нæм нал ис. Кæсут-ма Хæмыцмæ — кæд æрхаста Быценоны йемæ
разагъды Нарты стыр Ныхасмæ!
Хæмыц куыннæ рамæсты уыдаид? Фестади æмæ Сырдоны риуæн тымбыл
къухæй ахæм сæргъæвта, æмæ йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты гæды
Сырдонæн. Бауадзыг ис, уæдæ цы, Сырдон, йæ хъæлæсæй туджы
къуыбæрттæ дæр скалди.
Сæхимæ æрцыдис мæстæйдзагæй Хæмыц, æмæ йæм Быценон дзуры:
— Бæргæ дын загътон, адæммæ мæ ма хæсс, зæгъгæ, æмæ мæм нæ
байхъуыстай. Ныр дæхи дæр байсæфтай æмæ мæн дæр:
уыцы уайдзæфы фæстæ мæнæн демæ цæрæн нал ис, æмæ бавдæл, æмæ
мæ кæцæй æрхастай, уырдæм мæ фæстæмæ фæхæсс.
Цы гæнæн ма уыд Хæмыцæн, æмæ йæ ахаста. Быценты дуармæ куы
бахæццæ сты, уæд ын ус зæгъы:
— Æртæ хорздзинады бакæнинаг дын уыдтæн, фæлæ дзы ныр иу
сæххæст кæнын йеттæмæ мæ къухы нал бафтдзæн;
мæ тæригъæд дæр æмæ дæ тæригъæд дæр фæхæссæд, ацы ми нын чи
бакодта, уый. Ныр дын цы зæгъон, уымæ хъус: дæуæй мæнмæ ис
нæлгоймаджы гурдз. Мæхи дзидзийæ куы схъомыл уыдаид, уæд ын
дунетыл æмбал нæ разындаид: кард æй нæ карстаид, фат дзы нæ
хызтаид. Фæлæ ма цы, гъа! Æрбадар дæ уæнтæ, æмæ дын гурдз уырдæм
ныуулæфон.
Хæмыц нæ разы кодта, дæхæдæг мын куы нæуал дæ, уæд ма уымæй
дæр цы кæнын, зæгъгæ.
— Нæй мын æй фæхæссген,— дзуры йæм ус.
Уæд Хæмыц бадардта йæ уæнтæ, æмæ йын сæм Быценон ныуулæфыд.
Хæмыцыуæнты астæу февзæрди сынкъ.
— Ацу æмæ-иу æй Сатанайæн радзур,— уый дын зæгъдзæн, йæ къæртт
кæнын афон кæд уыдзæн, уый,— загъта ус.
Уый адыл ус сæхимæ ныффардæг ис. Хæмыц дæр уæнтæхъил æмæ
сæргуыбырæй раздæхти сæхимæ æмæ Сатанайæн радзырдта йæ хъуыддаг.
Сатана райдыдта бонтæ 'мæ мæйтæ нымайын, æмæ афон куы 'рхæццæ
ис, уæд акъæртт кодта Хæмыцы сынкъ, æмæ дзы сырх зынгæй рагæпп
кодта, æрдæгæй уæлæмæ — æндон, уырдыгæй дæлæмæ — болат, ахæм
лæппу, æмæ асхъиудта денджызмæ.
Цъæх-цъæхид денджызы дон æгасæй мигъ фестад, арвмæ фæцыд, æмæ
денджыз ахуыскъ ис. Фæлæ куы 'руазал ис мигъ, уæд тыгъдызæйæ
æруарыд, æмæ та денджыз фæстæмæ айдзаг ис, йæ былтæй фæйнæрдæм
акалд.
БАТРАДЗЫ ДЕНДЖЫЗÆЙ КУЫД РАСАЙДТОЙ
Лæппу денджызы бын хъомыл кæнын байдыдта. Мæймæ-иу, æртæ азмæ
цас сырæза адæймаг, уый бæрц сырæзтис. Доны бычмæ йыл сæвæрдтой
ном — Хæмыцы фырт Батрадз, зæгъгæ.
Нарты сывæллæттæ-иу зымæгон цыдысты денджызмæ — ихыл хъулæй
хъазынмæ. Батрадз-иу их стыдта, сывæллæттимæ-иу хъулæй фæхъазыди
æмæ-иу сæ амбылдта. Уæд та иу хатт куы уыдис, уæд Нарты лæппуты
фыд æмбылд ныккодта Батрадз. Лæппутæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ æмæ
уым æнкъардæй бадынц.
— Цæуыл æнкъард стут?— бафарстой сæ Нарт.
— Куыннæ уæм æнкъард?! Денджызæй нæм иу иæ карæн æмæ не 'нгæс
лæппу рацæуы æмæ нын нæ хъултæ амбулы,— загътой лæппутæ.
Сатана базыдта, уый Хæмыцы фырт кæй у, уый.
Зилын райдыдтой Нарт, цæмæй лæппуйы денджызæй расайой, ууыл,
фæлæ ницы амал ардтои,— нæ сæм цыди æттæмæ.
Уæд иу бон Сатанайы фæрсынц:
— Цы бакæнæм, цы 'фсонæй расайæм уыцы лæппуйы æттæмæ?
Сатана сын загъта:
— Афтæ бакæнут, æмæ нæ зæронды денджызы былмæ ахонут, йæ сæр
ын схуылыдз кæнут æмæ йын æй дасут. Лæппу денджызæй рацæудзæн æмæ
дис кæндзæн: никуы федта, сæр куыд дасынц, уый. Æмæ-иу ын зæгъут:
«Кæд дæ фæнды, уæд дæуæн дæр адасдзыстæм дæ сæр». Уый сразы
уыдзæн. Ныддасут-иу ын йæ сæр æмæ-иу ын йæ сæры хъуынтæ доны
бакалут. Уый адыл лæппу донмæ нал бацæудзæн.
Ракодтой Уырызмæджы денджызы былмæ; уым æй æрбадын кодтой, йæ
сæр ын схуылыдз кодтой æмæ йæ райдыдтой дасын. Лæппу æцæг рацыди
донæй, йæ дыууæ къухы дыууæ галы рахаста, æмæ сæ портиау сæппар-
сæппар æмæ рацахс-рацахс кодта, афтæмæй, æмæ касти, сæр куыд
дастой, уымæ. Диссаг æм фæкасти сæр дасын; бахæлæг кодта æмæ
адасын кодта йæ сæр. Сатанайы дзырдмæ гæсгæ йын йæ сæры хъуынтæ
доны бакалдтой æмæ рацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр рацыд сæ фæдыл
æмæ бацыд Нартмæ æмæ уым цæрынтæ байдыдта.
БАТРАДЗЫ ХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ
Батрадзы митæ 'мæ æууæлтæм куы бакаст золынджын Сатана, уæд
бамбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Искæмæн исты фыдбылыз
куы скæна, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, æттæмæ нал уагъта Батрадзы æмæ
йæ иу хицæн талынг агъуысты бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ
цы уыдаид!
Иуахæмы йæм кæцæйдæр хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынди. «Ай æтте
рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?» — бафарста йæхи
нымæры Батрадз. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ дуармæ фæкомкоммæ ис,
йæ уæлныхты йæ рахаста æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — уынджы
Нарты сывæллæттæ кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд
Батрадз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд уынг цъæхахст æмæ
æрдиагæй баидзаг ис — йæ цонгыл-иу кæмæн фæхæцыд сывæллæттæй
Батрадз, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуыста, уымæн та-иу йæ
зæнг фæмур ис. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста,
цъæхснаг уисимæ разгъордта уынгмæ æмæ Батразы цъыччытæ кæнгæ
батардта сæхимæ.
Бирæ нæ рацыд, афтæ та иу бон раирвæзти Батрадз уынгмæ æмæ
ныфтыди Дæллаг Нартмæ. Дæллаг Нарты царди Нарты Бурæфæрныг. Уыдис
ын авд фырты. Тынг буц дардта Бурæфæрныг йæ авд фырты: уыдис сын
иу уæлдзармæй хорасан худтæ, иу фæсмынæй куырæттæ, иу сæракæй
зæнгæйттæ 'мæ дзабыртæ. Уыдысты æбуалгъ дæсны фатæй, æмæ Нарты
фæсивæды 'хсæн сæ сæрмæ никæй хастой. Хъал æмæ сæ ныфсджын уыд
Бурæфæрныг дæр. Уыцы бон дæр та хъазыдысты фатæй. Батрадз сæм
фæныкæйдзæгтæй йæхи баласта, бахæлæг сын кодта сæ хъазтмæ æмæ сæм
дзуры:
— Фатдзау уын лæууын ардыгæй изæрмæ, æмæ-иу мын иу æхст
радтут.
— Æмæ цы бакæндзынæ, æвзæр фæныкгуыз, нæ фæттæ хæссынæн?—
зæгъгæ, йæм дзурынц Бурæфæрныджы авд фырты.
— Иу фат дæр дзы зæхмæ не 'руадздзынæн, зæххы кæрæттæм-иу сæ
куы фехсат, уæддæр-иу сæ æрхæсдзынæн, æрмæст мын изæрæй иу æхст
радтут,— лæгъстæгæнæгау та сæм бадзырдта Батрадз. Сразы сты
Бурæфæрныджы фырттæ. Фæйнæрдæм, бæсты кæрæттæм, фехсынц сæ фæттæ.
Зæхмæ сын сæ не 'руадзы, афтæмæй сын сæ рауидзы Батрадз æмæ сæм сæ
æрбахæссы. Сихор афон сси, афтæ æфсымæрты кæстæр дзуры иннæтæм:
— Ацы фæныкæйдзаг мæгуыр сывæллоны тæригъæд нæ цæмæн хъæуы? Иу
æхст ын радтæм,— уадз æмæ йæхицæн бацин кæна,— æмæ йæ ауадзæм.
Бакастысты Бурæфæрныджы фырттæ сæ кæстæры коммæ æмæ радтой
Батрадзмæ фат æмæ æрдын. Батрадз сæм ракæс-бакæс акодта, стæй
дзуры Бурæфæрныджы авд фыртмæ:
— Æз афтæмæй нæ фехсдзынæн, фæлæ авдæй дæр уæ худтæ кæрæдзийы
мидæг акæнут æмæ сæ æрæвæрут мысанæн. Кæд сæ акъахон, уæд ма-иу
мын ноджы иу æхсты бар радтут.
Бурæфæрныджы хъал фырттæ цы 'нхъæл уыдаиккой фæныкæйдзаг
Батрадзæй! Кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты бахудтысты æмæ
æрæвæрдтой сæ худтæ. Батрадз фæхъавыди, æмæ худтæ фæйнæрдæм
фаркгай фæтахтысты. Хорзау нал фесты авд æфсымæры, фæлæ та, сæ
дзырдмæ гæсгæ, радтой Батрадзæн дыккаг æхсты бар дæр.
— Æрæвæрут ныр та уæ куырæттæ, æмæ сæ кæд нæ акъахон, уæд уын
ардыгæй фæстæмæ лæвар хæсдзынæн уæ фæттæ.
Бафæлварæм-ма, зæгъгæ, загътой сæхицæн Бурæфæрныджы фырттæ æмæ
æрæвæрдтой сæ куырæттæ дæр. Фæхъавыд та Батрадз, æмæ,— дæ фыдгул
афтæ!— гæлæбутау фæтахтысты фæйнæрдæм куырæтты гæппæлтæ. Мæстæй
хæлгæйæ райстой Батрадзæй се 'рдын æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй
ацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр, гомкъах, гомсæрæй, цыма æппындæр
ницы кодта, уыйау, æхситтгæнгæ араст ис сæ хæдзармæ æмæ сусæгæй
бацыд йæ талынг бынатмæ.
Бирæ рацыд, чысыл рацыд,— чи йæ зоны,— афтæ, дын, иу бон
Бурæфæрныг, афæдзбалцæй кæй æрыздæхт, уый тыххæй куывд кæнын
ныффæнд кодта. Иу комæй галрæгъау æртæрын кодта, иннæ комæй —
лыстæг фосы дзуг. Аргæвстой сæ. Æрæмбырд сты Дæллаг Нарт æмæ
куывды бадынц. Нæртон куывды, уæдæ цы! Куы фæхордтой, куы
фæнуæзтой, уæд Сырдон дзуры фæсивæдмæ, æрдын æмæ фатæй ахъазут,
зæгъгæ. Дæллаг Нарты фæсивæд, цы уыдысты, уымæй рацыдысты
хъазынмæ. Сæ хъазт йæ тæккæ тынгыл уыд, афтæ та, дын, Уæллаг
Нартæй æрæфтыд Батрадз фæныкæйдзæгтæй. Дæллаг Нарты æфсæст фæсивæд
æм хъазæгау дзурынц:
— Иу æхст фæкæн ды дæр, лæппу!
Фехста, æмæ йæ фат мысанмæ хаугæ дæр нæ бакодта. Нарты фæсивæд
ныххудтысты, уæдæ цы! Уæд сæм Батрадз дзуры:
— Æз ахæм мысан нæ фехсын, фæлæ уæ кæд фæнды, цæмæй фехсон,
уый, уæд мысанæн уæ фæттæ æрæвæрут.
Æрæвæрдтой сæ фæттæ. Батрадз фæхъавыди, æмæ Дæллаг Нарты
фæсивæды фæттæ лыстæг схъистæй хæрдмæ фæхаудтой, стæй митуарæгау
зæхмæ æркалдысты. Мардау фесты Дæллаг Нарты хъал фæсивæд. Батрадз
иннæрдæм азылд, зæххыл æрбадти, йæ къухтæ йæ роцъомæ сбыцæу кодта
æмæ та æхситтæй базарыд.
Иу лæппу куывды адæммæ бауад æмæ дзуры:
— Ахсæртæггатæй нын иу фæныкæйдзаг лæппу нæ фæсивæды фæттæ
лыстæг муртæ ныккодта!
Адæм фестъæлфыдысты. Сырдон та фæразæй ис æмæ рахъæр кодта
кæстæртæм:
— Æрбахонут-ма йæ ардæм — кæддæра цы хуызæн у.
Ацыдысты. Хонынц Батрадзы, фæлæ сæм уый фæрсмæ дæр нæ кæсы.
Уæд æм æввахс бацыдысты æмæ йыл схæц-схæц кæнынц. Маразæгъай, кæд
æй сызмæлын кæнын дæр фæразынц!
Баздæхтысты æмæ радзырдтой хъуыддаг. Сырдон та рахъæр кодта:
— Цæут æмæ йын зæгъут: «Ронгагур æрбацыдтæ æмæ рацу — баназ!»
Батрадзæн хъыг куыннæ уыдаид уыцы ныхас, фæлæ йæ маст
аныхъуырдта æмæ араст Дæллаг Нарты куывдмæ. Куы бахæццæ ис, уæд æм
Сырдон дзуры:
— Ахсæртæггатæ! хонгæ уæ чындæуа, æмæ цæугæ нæ кæнут, ма уæ
хуындæуа, æмæ уæд уæ сæрæй дуæрттæ кæнут!
Нал баурæдта ацы хатт йæ маст Батрадз: ракъуырдтытæ кодта, йæ
цуры чи лæууыд, уыдоны, æмæ дзы кæмæн йæ цонджы хъул фелвæст,
кæмæн — йæ син.
Уæд æм Бурæфæрныг уæле дзуры:
— Кæд ахæм æрдынджын æмæ фатджын дæ, уæд уартæ денджызы был нæ
фæсивæды æвзаргæтæ авдæй айк мысанæн дарынц, æмæ уыдонимæ бавзар
дæ хъару.
Фæзылди Батрадз æмæ æнæсдзургæйæ араст ис денджызы былмæ.
Бахæццæ ис авд лæппумæ, арфæ сын ракодта æмæ сæм дзуры:
— Æз сымахмæ æрцыдтæн — фехъуыстон, айк мысанæн дарут
денджызæн йæ иу былæй йе 'ннæ былмæ, зæгъгæ.
Уыцы ныхасмæ йæм лæппутæй иу авæрдта фат æмæ 'рдын. Фехста
Батрадз, æмæ фат денджызæн йæ тæккæ астæу ныххауд. Ныххудтысты та
йыл уыдон дæр, уæдæ цы!
— Æз афтæмæй нæ фехсын мысан,— зæгъгæ, та сæм дзуры Батрадз,—
фæлæ уартæ айкыл судзин ныссадзут, æмæ лæг чи у, уый йæ фехсæд.
Ныссагътой айкыл судзин. Æхсынц Дæллаг Нарты æвзаргæ фæсивæд,
фæлæ никуы 'мæ ницы. фехста Батрадз æмæ фат судзины быны ауад.
Айтæ-уйтæ нал фæкодта Батрадз, фæлæ авды дæр æргъом баст
акодта æмæ сæ Дæллаг Нарты Ныхасмæ æрбахаста. Уым сæ æрæппæрста,
йæхæдæг азылди, йæ къухтæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ та æхситтæй
заргæ араст ис сæхимæ.
ХÆМЫЦЫ ФЫРТ БАТРАДЗ ÆМÆ ДЕДЕНÆДЖЫ ФЫРТ АРÆХДЗАУ
Нарты хъæуы, Нарты Уырызмæджы хæдзары, Ахсæртæггаты зæронд
хæдзары цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана.
Къонайыл, дæлтъурыл, арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй
æмæ къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй. Артмæ бадынæй цъыхыры сысты
лæппуйы зæнгтæ. Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди
Нарты Сатана.
— Уазæг, æгас цу!
— Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис?
— Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу,— фысым дын
уыдзыстæм; хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды — фæздæгджын сихорæй,
кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй.
— Бузныг, хорз ус, арфæгонд у Хуыцауæй,— фæлæ мæ æхсызгон
хъæуы Нарты Сослан.
Нæ лæгтæ хуынды сты Ацæтæм, фæс-Нарт Хусдзæгаты.
— Фæндаг мын чи ацамонид Хусдзæгатмæ, иу ахæмы мын мемæ
бафтау, бузныг дæ уыдзынæн, хорз ус.
— Хæдзары нæ иу æнахъом саби йæ зæнгтæ арты фарсмæ дары; нæ
зонын, истæмæн дын сахъаз уа. Ныртæккæ дæм æй рарвитдзынæн.
Уый адыл Нарты Сатана уазæджы дуармæ фæуагъта, хæдзармæ бацыд
æмæ дзуры:
— Уæлæмæ, стъæлды фæуай! Кулдуармæ уазæг; уайгæ 'мæ йæ нæ
лæгтæм фæхон Фæс-Нарт Хусдзæгатмæ, Ацæты куывдмæ.
Фæныкгуыз дæлтъурæй фестад, йæхи айвæзта æмæ уазæджы уæлхъус
балæууыд.
Хусдзæгатмæ араст сты — уазæг бæхыл, фæныкгуыз фистæгæй.
Иудзæвгар куы ауадысты, уæд уазæг дзуры лæппумæ.
— Рауай, мæ фæсарц æрбабад.
Лæппу бакаст барæгмæ, барæджы бæхмæ æмæ загъта:
— Уазæг, дæ бæх, дыууæ чи ахæсса, ахæмы каст нæ кæны.
— Гъæ, куыдзы хъæвдын! Тагъд æрбахиз дын куы зæгъын, на 'мæ
дæм мæнæ ацы ехсæй хорз базилдзынæн дæ зонаджы тыххæй.
Лæппу балиуырдта барæджы фæсарцмæ, æмæ араст сты дарддæр.
Уалынмæ, сæ цыды кой кæнгæйæ, лæппу æрбалвæста бæхы фæрстæ йæ
уæрджытæй. Бæх ныццудыдта, æмæ ахст туджы къуыбæрттæ скалд йæ
хъæлæсæй.
— Нæ дын загътон, нæ, дæ бæх, дыууæ чи ахæсса, ахæм нæу,
зæгъгæ?
— Дæ бонæй уай, дæ бонæй, Хæмыцы фырт Батрадз!
— Хорзæй цæрай, хорзæй, Деденæджы фырт Арæх-дзау,— æмæ лæппу
барæджы фæсарцæй æргæпп кодта.
Фæндагыл иу тæссармæ сæ бахæццæ, афтæ Арæхдзау æрлæууыди,
бæхæй æрхызт æмæ дзуры лæппумæ:
— Нæ фæттæ фехсæм, Батрадз! Бавзар уал разæй.
— Уазæджы разæй фатдонæй не сласдзынæн æз мæ фат,— загъта
Батрадз.
Арæхдзау фатдонæй систа йæ фат, систа йе 'рдын, асгæрста фат,
æрдынбос. Куыд æмбæлд, афтæ æрбахæстытæ кодта æрдынбосыл æмæ
суагъта йæ фат; фат кæмдæр фæндагыл æрхауд.
Батрадз дæр фехста йæ фат.Фат Ацæты уæлкъæсæр ныссагъди.
Банкъуысыди Ацæты зæронд хæдзар, фынгæй хæринæгтæ æрызгъæлдысты
зæхмæ; куывды бадджытæ кæрæдзимæ бакастысты фæрсæгау.
— Уæ бадæнтæй ма змæлут, хорз адæм,— сдзырдта Нарты Сослан,—
уый нæ фыдуаджы фат у... Не 'рра æрбацæуы, не 'рра!
Чысыл фæстæдæр Деденæджы фырт Арæхдзау æмæ Хæмыцы фырт Батрадз
дæр бахæццæ сты Ацæтæм.
Хæдзарæй тагъдгомау йæхи райста Сослан, æгасцæуай загъта
уазæгæн; стæй фездæхт Батрадзмæ æмæ йын ныдздзæхст ласта йе
'хсæрфарс:
— Куыдзы хъæвдын! уый дын фат æвзарæггаг æнахъомæй.
Батрадз уыцы иу æхст фæкодта йæхи авд хохы сæрты æмæ сæ
хæдзары балæууыд.
Бады та фæныкгуыз къонайыл æмæ та къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй.
НАРТЫ БАТРАДЗ ÆМÆ ХЪУЛОНЗАЧЪЕ УÆЙЫГ
Нартæн сæ хæхты фæзындис Хъулонзачъе Уæйыг. Сæ фосы сын
хизæнуатмæ нал уагъта, æмæ цагъды кодтой фос.
Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм,
уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс Уырызмæг
арвыста хонджытæ Æртæ Нартмæ. Хонджытæ æппæт адæмы дæр æрхуыдтой.
Куывды Уырызмæг скуывта æмæ загъта:
— Нарты адæмæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг
айсæд!
Иу дæр йæ ныфс нæ бахаста.
Дыккаг хатт та Уырызмæг хонджытæ арвыста, ацæут æмæ ноджы
фылдæр адæм æрхонут, цъиузмæдæг дæр мауал ныууадзут фæсте, зæгъгæ.
Ацыдысты æмæ та æрхуыдтой адæмы.
Дыккаг хатт дæр та скуывта Уырызмæг, загъта та йæ ныхас, фæлæ
та уæддæр ничи исы кувæггаг.
Уæд Уырызмæг бафарста хонджыты:
— Исчи ма баззадис Нарты адæмæй æтте?
Хонджыты хистæр загъта:
— Уæлæ ма иу чысыл лæппу бæгъæввадæй фæнычы хъазы.
— Ацæут æмæ йæ тагъд ардæм æркæнут,— загъта Уырызмæг.
Хонджыты хистæр ссыдис лæппумæ æмæ йæ æрбахуыд.
Уырызмæг лæппуйы куы федта, уæд та æртыккаг хатт сдзырдта, йæ
ныфс чи хæссы, уый ацаходæд, зæгъгæ. Фæлæ Батрадз нæ бамбæрста,
Уырызмæг цæуыл дзырдта, уый.
Уырызмæг та ноджы хъæрдæрæй сдзырдта. Уæддæр та нæ фехъуыста
Батрадз ныхас: лæппутимæ хъазыныл фæци. Уæд Уырызмæг адæмæн се
'ппæты дæр æрыхъусын кодта йæхимæ, æмæ уæд Батрадз бамбæрста
хъуыддаг.
— Чи ацæудзæн Нарты адæмæн фосгæс, уый кувæггаг айсæд,—
зæгъгæ, куыддæр сдзырдта ацы хатт Уырызмæг, афтæ Батрадз бауад æмæ
кувæггаг райста. Кувæггаг та уыд — æртæ гуыдыны æмæ галы сгуы. Иæ
комы къулы сæ баппæрста лæппу æмæ сæ ахордта.
Дыккаг бон раджы раскъæрдтой Нарт сæ фос æмæ семæ рахастой
Батрадзæн лæвæрттæ: чи дзабыртæ, чи хызын, чи худ.
Батрадз аскъæрдта фос хизынмæ. Хизæнуатмæ схæццæ ис, фæлæ
Уæйыг нæ зыны. Батрадз сæгуыт амардта, йæ цармæй йын акодта
мусонг, йæ фыдæй та физонджытæ. Хъулонзачъе Уæйыг уыдис балцы;
хъуыддаг бамбæрста æмæ æрбацæуы. Батрадзы размæ æрбахæццæ ис æмæ
футтытæ кæны:
— Чи куыдз, чи хæрæг, ам мæ зæхмæ йæ ныфс чи æрбахаста?
— Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, кæд дæ сæт цæуыл калыс?—
дзуры йæм Батрадз.
Уæйыг бамбæрста, уый Батрадз кæй у, уый. Сабырæй æрбацыд йæ
размæ æмæ йæ фæрсы:
— Лæппу, ды Нарты Батрадзы нæ зоныс?
— Зонын, бæгуыдæр.
— Æмæ цавæр хъæзтытæ фæкæны?
— Мæнæ цавæр хъæзтытæ,— зæгъгæ, фæкодта Батрадз,— æрбынæй
кодта Уæйыджы, йæ сæр ын фæлыг кодта, михыл æй бакодта, бæрзонд æй
систа æмæ йæ æрбахæссы Нартмæ.
Нарты адæм изæрырдæм рацыдысты сæ фосмæ акæсынмæ. Михыл сæры
къуыдыр куы ауыдтой, уæд, Хъулон-зачъе Уæйыг æрцæуы, зæгъгæ,
фæтарстысты. Уалынмæ Батрадз æрбахæстæг ис; базыдтой йæ, сæ тарст
æрцыд, æмæ уæд йæ размæ рацыдысты.
Уæдæй фæстæмæ Нарты адæмы фос сæхи барæй хызтысты уæрæх
хизæнты.
БАТРАДЗ ИÆХИ КУЫД БАЙСÆРЫН КОДТА
Уæд, дын, Батрадз иуахæмы хъуыды кæнын байдыдта: «ныр куыд
дæн, афтæмæй мын искуы тыхгæнæг тых ссардзæн. Цæуон æмæ уæларв
Куырдалæгонæн мæхи байсæрын кæнон».
Араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры:
— Байсæр мæ, Куырдалæгон!
— Макæ, мæ хур!— дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыныс æмæ судзынæн
æгæр æвгъау дæ.
— Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон, æмæ дæ курын — байсæр мæ.
Уæд Куырдалæгоы сразы ис æмæ йын зæгъы:
— Уæдæ ацу æмæ мæй æвзалы фæсудз, мæй та дойнаг дзæнхъа фæлас.
Ацыд Батрадз æмæ мæй æвзалы фæсыгъта, мæй та дойнаг дзæнхъа
фæласта.
Куырдалæгон Батрадзы куынцгомы баппæрста, куыфгай йыл æвзалы
фæкалдта, стæй йыл дойнаг дзæнхъа самадта. Уый фæстæ йæм
дыууадæсæрдыгæй дыууадæс куынцы сарæзта æмæ йыл сæ мæйы дæргъы
фæдымдта. Мæй куы рацыди, уæд Куырдалæгон йæхи нымæры дзуры:
«афонмæ, мæгуырæг, ныссыгъди Хæмыцы фырт. Цон æмæ йын йе стæгдар
ракалон». Бацыдис æм æртдзыскæнимæ, æмæ йыл Батрадз фæхъæр кодта:
— Зынг мæм куы нæ хъары, уæд мæ хъазгæ кæныс, æви цавæр у?!
Стæй æнкъардæй мæлын, æмæ мын фæндыр рахæсс æмæ мæхицæн зарджытæ
кæнон.
Куырдалæгон ын фæндыр бахаста. Ногæй та йыл æвзалытæ ныккалдта
æмæ та йыл къуырийы дæргъы фæдымдта. Фæлæ та уæддæр Батрадзмæ зынг
нæ бахъардта.
Уæд ын Куырдалæгон афтæ зæгъы:
— Ацу, Батрадз, æмæ залиаг кæлмытæ амар,— уыдонæй куы нæ
скæнæм æвзалы, уæд дæ хуымæтæджы 'взалыты зынг не стæвд кæндзæни.
Ацыди Батрадз æмæ залиаг кæлмытæ фæцагъта. Схаста сæ
Куырдалæгонмæ, æмæ сæ æвзалы басыгътой.
Батрадз та куынцгоммæ бахызт. Куырдалæгон ыл æвзалы самадта
æмæ та йыл фæдымдта. Къуырийы фæстæ та бацыд Куырдалæгон, æмæ йæм
Батрадз хъæр кæны:
— Кæд фаг сзынг дæн, уæд мæ ам дымгæмæ ма дар, фæлæ мæ
денджызмæ аппар!
Куырдалæгон ыл æртдзыскæнæй ныххæцыд æмæ йæ денджызмæ
нынтъыхта. Денджыз сфыхти æмæ байсыст — арвмæ фæцыд тæфæй. Кæфтæ,
кæсæгтæ хуыскъыл аззадысты æмæ хъылдымтæ кодтой. Батрадз цъæх
æндон сси, æрмæст ма йæ иу тъанг æнæ сæрыдæй баззади, дон кæй
байсыст, уый тыххæй. Рацыд денджызæй, æмæ та денджыз донæй байдзаг
ис æмæ та фæйлауæнтæ байдыдта. Кæфтæ 'мæ та кæсæгтæн дæр сæ зæрдæ
се 'муд æрцыд, æмæ та арф-арфид денджызы фæйнæрдæм ленчытæ систой.
БАТРАДЗ УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДГА
Ахсæртæггаты гуыппырсартæ хæтæны ацыдысты. Хъæуы ма дзы
баззади æрмæст зæронд Уырызмæг. Æрæгмæ здæхтысты фæстæмæ
гуыппырсартæ. Адæм дзырдтой: «Ахсæртæггаты тыхджынтæ хæтæны
ацыдысты, кæмдæр сыл сæхицæй тыхджындæртæ сæмбæлди, æмæ,
æвæццæгæн, фæцагъды сты». Борæтæ загътой: «Ахсæртæггатæй змæлæг
нал ис, æмæ сæ фæллой хæссыны фыдæй лæууы. Уæлæ ма дзы иу зæронд
лæг ис, æмæ йæ, цом, ныммарæм æмæ æввонг фæллой рахæссæм!»
Иу бон æрæмбырд сты Борæтæ æмæ бауынаффæ кодтой: «Куывд
скæнæм, æрхонæм Уырызмæджы, баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм æмæ
Ахсæртæггаты фæллой нæхи бакæнæм».
Цалдæр боны фæстæ куывд сцæттæ ис Борæты æрда монгæ хæдзары,
æмæ загътой Борæтæ:
— Хонæг чи бацæудзæн Уырызмæгмæ?
Сырдон сæм дзуры:
— Æз бацæудзынæн æмæ йæ æрбакæндзынæн.
Бацыди Сырдон Уырызмæгмæ, йæ разы абадти æмæ йæм дзуры:
— Борæтæ куывд кæнынц се 'рдамонгæ хæдзары æмæ дæ хонынц. Кæд
дæ фæнды — рацу, кæд дæ нæ фæнды — ма рацу.
— Уый дын чердыгон ныхас у, ахæм хуынд дæр ма вæййы?!— загъта
Уырызмæг.
— Вæййы,— зæгъгæ, фæкодта Сырдон.
— Ацу, уæдæ, арфæ сын ракæн æмæ сын зæгъ: «Абон рынчын дæн,
æмæ куывдмæ ацæуын æмæ уым æгъдауыл фæбадын мæ бон нæ бауыдзæн».
Сырдон ацыди, Уырызмæг Сатанамæ дзуры:
— Базæронд дæн, не 'фсин, æмæ мын Нарт кад нал кæнынц, уый
йеттæмæ уый чердыгон хуынд у; кæд дæ фæнды — рацу, кæд дæ нæ фæнды
— ма рацу?
— Æцæг базæронд дæ, æцæг, мæ сæры хицау, æмæ дзурæджы дзырд
нал æмбарыс. Уый дыл Борæтæ фыдвæнд скодтой, æмæ дын æй Сырдон
æмбарын кодта,— загъта йын Сатана.
Сырдон Борæтæн куы загъта, не 'рбацæудзæн Уырызмæг, зæгъгæ,
уæд бакатай кодтой æмæ дзурынц: «Ног чындзы йæм барвитæм, æмæ ма
кæд йæ уд йæ мидæг ис, уæд ын æнæ 'рбацæугæ нæй».
Ног чындз араст ис. Бацыди æмæ дуар бахоста. Сатана йæм
ракастис.
— Махонтæ куывд кæнынц æрдамонгæ хæдзары æмæ мæ уæ зæронд
лæгмæ хонæг рарвыстой,— зæгъы ног чындз.
Сатана фæстæмæ баздæхти æмæ чындзы ныхас рафæзмыдта
Уырызмæгæн. Бæргæ ныккатай кодта Уырызмæджы зæронд, фæлæ ма йын
цæй æнæ сразы уæвæн уыд?!
«Хуыцау ма ныббарæд йæ рарвитджытæн!» — зæгъгæ, бакодта
Уырызмæг æмæ дзуры Сатанамæ:
— Ацу, мæ хур, æмæ йын зæгъ: «Нарты фæтк нæ фехалдзынæн, чындз
хонæгæн «нæ» зæгъæн нæй, æмæ ныртæккæ æмбæлдзынæн». Сатана рацыди,
йæ зæронды дзуапп чындзæн рафæзмыдта. Баздæхти фæстæмæ æмæ дзуры
Уырызмæгмæ.
— Тæрсгæ ма кæ, мæ зæронд! Мæнæ ацы зæлдаг кæлмæрзæн демæ
ахæсс, æмæ, тыхсын райдыдтай, зæгъгæ, уæд-иу æй зæхмæ æрæппар,
стæй дын уæд исты хос уыдзæн фервæзынæн. Мæнæ дын ноджы хæтæл.
Бакæн æй дæ кæрцы мидæгæй. Сбад-иу фистын гобаныл. Нозт-иу хæтæлы
уадз, æмæ гобаныл кæлдзæн æмæ уым хъардзæн.
Уырызмæг айста кæлмæрзæн æмæ хæтæл, йæ роны сæ бакодта,
сыстади, йæ тинты кæрц йæ уæнтыл æркодта, райста йæ цирхъ æмæ йæ
йæ кæрцы мидæгæй йæ сины æртъыста, афтæмæй араст ис куывдмæ.
Бахæццæ ис. Кæсы — Борæтæ цæлхæмбырдæй бадынц. Уырызмæджы куы
федтой, уæд сыстадысты, хистæрæй, кæстæрæй.
— Фарн уæ хæдзары æмæ уæ куывд барст, Борæтæ!— загъта сын
Уырызмæг.
— Æгас нæм фæцæуай, æгас, Уырызмæг!— дзурынц æм Борæтæ æмæ йыл
мæнгард цинтæ кæнынц. Сбадын æй кодтой уæле, авд рæгъы сæр. Куывд
райдыдта. Алы рæгъыл дæр Уырызмæгмæ дæдтынц авд нуазæны. Цас æй
фæнды, уыйас дзы нуазы Уырызмæг, иннæ хæтæлы уадзы, нозт гобаныл
кæлы æмæ уым хъары.
Сырдон зæххы хин, арвы кæлæн кæм нæ уыди!— базыдта Уырызмæджы
хъуыддаг æмæ йæ бамбарын кодта Борæтæн.
— Цæй, ныр бæхджыны нуазæнтæ баназæм,— зæгъгæ, радзырдтой
Борæты хистæртæ.
Сыстадысты. Уырызмæг йæ сæр ныттылдта, фæлæ «нæ» зæгъын йæ
сæрмæ нæ бахаста æмæ нозта. Нозт ын хæтæлы уадзæн нал уыд, æмæ
дзойдзой кæнын байдыдта.
— Нæ зæронд галæн йе 'ргæвдын афон æрхæстæг кæны,— зæгъгæ,
дзуры Борæты Бурæфæрныг кæстæртæм. Бамбæрста зæронд Уырызмæг, йæ
царды кæрон кæй æрхæццæ кæны, уый, æмæ зæлдаг кæлмæрзæн æрæппæрста
зæхмæ. Кæлмæрзæн Сатанамæ февзæрди. Сатана бамбæрста хъуыддаг.
Тагъд-тагъд æртæ мыдамæсты ракодта, Кувæн къуыппмæ ауади, æртæ
мыдамæсты æмæ ронджы дурынимæ, æмæ скуывта: «Хуыцауты Хуыцау, мæхи
Хуыцау! Кæд мæ истæмæн скодтай, уæд ме 'нæныййаргæ фырт Батрадз
Донбеттыртæм ис, æмæ ам цы фесты, уый ды радт!»
Скуывды хæд уæлвæд Батрадз фурдæй ратæррæст кодта æмæ Сатанайы
уæлхъус алæууыд.
— Цы 'рцыд, мæ мад?— фæрсы Сатанайы.
— Дæ зæронд фыдыфсымæры дын Борæтæ æгады мардæй марынц,—
дзуапп ын радта Сатана.
— Кæм ис, чердыгæй ис?— афарста йæ Батрадз.
— Борæты æрдамонгæ хæдзары.
Батрадз азгъордта. Бахæццæ ис Борæтæм æмæ хæдзары къæсæрæй
бахъæр кодта. Аххæрджытæ ныррызтысты йæ хъæрæй æмæ сæгтæ
æркалдысты, куывды бадджытæй бирæтæ фæсуртæ сты сæ бынæтты.
— Гъæйтт, зæронд, мард дæ æви ма мын æгас дæ?— бадзырдта
Батрадз Уырызмæгмæ.
Иæ зæрдæ куыннæ фæфидар уыдаид Уырызмæгæн, Батрадз фæзынди,
уый куы бамбæрста, уæд! Фыр цинæй дзурынмæ дæр нал арæхст, фæлæ ма
уæддæр радзырдта:
— Мард нæ дæн, фæлæ мæрдон æгас дæн.
— Уæдæ рындзыл бадыс æви сургæ ракæндзынæ?— фæрсы йæ Батрадз.
— Мæнæп сурын мæ бон нал у, фæлæ рындзыл абаддзынæн,— дзуапп
радта Уырызмæг æмæ къæсæрмæ рауад, йæ синæй йæ цирхъ фелвæста æмæ
йæ тарвазæй иннæ тарвазмæ хидæвæрд акодта, йæ ком мидæмæ, афтæмæй.
Сырдон та уайтагъд хъуыддаг бамбæрста æмæ тæссæй ердойыл сгæпп
кодта æмæ афардæг ис.
Батрадз хæдзары цæджындзтæй иу ратыдта æмæ, дæ балгъитæг афтæ,
стыггай ахаста Борæты се 'рдамонгæ стыр хæдзары къуымты. Кæй
нырриуыгъы, уый атæбæкк вæййы. Æттæмæ дзы чи лидзынвæнд кодта,
уыдон та Уырызмæджы цирхъыл æмбæлдысты, æмæ сæ гуыртæ æттæмæ
хаудысты, сæ сæртæ мидæгæй задысты.
Иуахæмы Батрадз астæуккаг цæджындзыл схæцыди æмæ хæдзары цар
уæлæмæ систа. «Лидзæн нын фæци», зæгъгæ, зыхъырмæ сæхи ныккалдтой,
Борæтæй ма удæгас чи уыд, уыдон. Батрадз сыл цар фæстæмæ æруагъта,
æмæ уым сагъдæй баззадысты.
Афтæмæй сухы цагъды фесты Борæтæ.
Батрадз Уырызмæджы дæларм бацыд æмæ йæ Сатанайыл сæмбæдын
кодта.
БАТРАДЗ ÆМÆ ТЫХЫ ФЫРТ МУКАРА
Батрадз уый хуызæн лæг рацыд, æмæ уæларв йæхи æмбæхстæй
дардта.
Нарт цæуæг уыдысты стæры. Стæй-иу тагъд не 'рыздæхтысты, æртæ
азы дæр-иу дзы баззадысты. Иу хатт та фæцыдысты фæсивæды дзæбæхтæ
стæры, Нартæн сæ гуыппырсартæ дæр семæ, афтæмæй. Иу афæдзмæ куы нæ
'рцыдысты, уæд Тыхы фырт Мукара, фæсте ма сæ чи баззад Нартæй,
уыдонмæ сæрвыста сæ уæзæгмæ: «Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæн чызг хъалон
фыстой; иу къорд азы уæ нал бацагуырдтон æз уыцы хъалон. Ныр мын
æй рарвитут, кæннод уæм тыхæй цæуын».
Нарт ныккатай кодтой: «Ныр цы кæнæм, куы никуы фехъуыстам ацы
хъуыддаг, уæд куыд бакæнæзм? Дæдтæм, æмæ нæ нæ зондджынтæ азымы
дардзысты; нæ дæдтæм, æмæ нæм цæудзæни, æмæ нæ тыхджын фæсивæд ам
не сты, æмæ йæ разы чи балæудзæн?!»
Сырдон сын загъта:
— Уымæн сымах æппындæр ницы æрхъуыды кæндзыстут, фæлæ Сатанайы
бафæрсут.
Цалынмæ уыдон уыцы фæндтæ кодтой, уалынмæ сæм схæццæ ис Тыхы
фырт Мукара. Бацыди, æмæ ма чи 'рлæууыдаид йæ разы, чи дзы уыд!
Схæцыди Мукара, æмæ Нарты чызджы дзæбæх æмæ чындзы рæсугъд кæм
уыди, уыдон аскъæрдта йæ фыццаг. Сатана сæ куы ауыдта, уæд, дын,
хъæрццыгъа рацахста æмæ йын зæгъы:
— Тагъд, тæхгæ Батрадзмæ æмæ йын зæгъ: «Лæугæ кæныс,— бадгæ
мауал скæн, бадгæ кæныс,— цæрдæг фест, дæ хъæумæ хæццæ кæн,
фесæфтысты». Кæд мын мæ ныхас фæхæццæ кæнай, уæд дын мæ карчы
цъиутæй бар радтдзынæн.
Батрадз уыцы афон бадтис уæларв.
Хъæрццыгъа атахти æмæ йæм схæццæ ис.
Батрадз уый куы фехъуыста, уæд уæле йæхи раппæрста, Нарты
уæзæгмæ 'рхауд æмæ йæ агъдрæбынтæм зæххы аныхсти. Йæхиуыл схæцыд,
фæгæпп ласта æмæ бауад Сатанамæ æмæ йæ фæрсы:
— Мæ мад, цы уынгæджы фестут?
Сатана йын зæгъы:
— Уæ мыккагыл нырмæ цы не 'рцыд, уый сыл æрцыд. Кæд дæм исты
хъару ис, уæд дæ сæр бахъуыд,— æмæ йын радзырдта хъуыддаг.
Батрадз æй фæрсы:
— Æмæ чердæм фæцæуы?
Сатана йын загъта:
— Фурды былм&ae