ГÆДИАТЫ СЕКЪА

ПОЭЗИ 
Сæргæндтæ:

"ИРОН ФИЙЙАУ"-1905

ДУГЪОН Рауай, хорз, рауай,нæ-дугъон! Хусйары хор дын — хæрынæн, Хос дын цæттæ — иухурон, Сау хохы фæз дын — цæрынæн, Дзæмдзæмы дон' дын — нуазынæн. Къуыбар зæлдагæй дæ сæрфдзыстæм; Хохы къæсæртæ дын—хъазынæн, Де 'хсæвбынат дын мæрздзыстæм... Дугъæттæй фыддæр бæргæ нæу, — Йæ разы куы уаид тæгæна, Дæттиккам ын сырх мæнæу, — Цæмæй хуырджыны нæ кæла. ФЫДЫБÆСТÆ Бæрзондæй кæсынц дæлдæр-уæлдæртæ, Къуыбаргай згъæлынц цъитийы фæзгъæртæ Кæрæдзимæ кæсынц хуссар-цæгæттæ, Фæйнæрдæм хæцынц хохы кæрæттæ... Сау суадазттæ бæрзондæй ызгъорынц, Енкъард къæдзæхты хъырныныл домынц. Уылæнтæгæнгæ, сау денджызы мигъ, Æрхыты нæргæ, сау хохыл æрдих. Ныттар вæййынц сау хохы æрхытæ, Уæд нал фæзынынц хохы цыргъытæ. Дымгæйæн дзурынд фугæ бæлæстæ, Сæр къулгæнгæйæ, сае хъасты ныхæстæ. ÆНУСЫ КÆСДÆР Нæ зонын, мæхимæ куыд кæсын, — Мæ цард мын ныхæлдта мæ кад; Мæхи уын нывондæн куы хæссын, — Мæнæн дæр куы 'рцæуид мæ рад. Уæрдонджын, сугдзауæй — мæ цард, Мæ бонтæ 'рвитын æз зынтæй. Мæ зæрдæ сагъæстæй — æнкъард, Хъæлдзæг нæ фæкæны фынтæй. Цæмæн дæн адæмæй фыддæр? — Мæ амонд куы кæнид фæндаг; Куы нæ дæн искæмæй зыддæр, — Мæнмæ дæр куы вæййы мæ фаг?.. Цæмæн мыл-иу худынц нæ хъалтæ, Мæ уæрдон, мæ суджы æлвасыл? Мæнæн дæр — ифтонг мæ галтæ, Мæ цæвæг — фидар хæлдасыл. ТÆХУДЫ Тæхуды, фыдæлты æвзагæй Йæ хъуыдытæ ан зоны хъарын, Кæмæн цæуыйц радæй, зæлдагау, Йæ дзыхæй йæ дзырдтæ, йæ зарын. Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ, Йе, искуы ирон лæджы царды Куы фенин децæгæй мæ фынтæ. Тæхуды, æфсымæртау, размæ Куы цæуиккам рухсмæ цæрдæгæй, Казрæдзи зæрдиагæй уарзгæ, Куы кæсиккам размæ хъæлдзæгæй. Уæзданæй, фæрсагæй, уæййагæй, Хъæздыгæй, мæгуырæй æмзæрдæ Куы уаиккам! Баууæнд, нæ бæстæ Нæ заид фæстейæ хъуагæй. Тæхуды, нæ кæрдæдæджын къултæй Нæ фиййæутты зарæг куы цæуид, Най хъалтæ, нæ хуыздæрты зæрдыл Нæ сау цард, нæ зын цард куы лæууид. Сæ ныфсджын хъæлæс сын куы хæссид Нæ хæхтыл, нæ фæзтыл сæ дымгæ, Сæ цинтимæ цинтæ куы кæнид, Рæвдыд сын куы зарид сæ хъыгмæ. Тæхуды, нæ сонтзæрдæ адæм Куы уарзид нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Сæрибар быдырон тымыгъ æй Нæ ахæссид дардмæ нæ фæстæ. ÆНКЪАРД ХЪУЫДЫ Ех, ныр сæрибарæй ацæр дæ уалдзыгон бонты, Цæргæсау, дæ заердæ уæлæуæз тæхæд! Ныссадз ныр ныфсджынæй дæ худ къул, дæ къухтæ — дæ синтыл, Дæ цард дæм йæ мидбылты худгæ кæсæд! Ыскæс-ма цъæх арвмæ, нæ уалдзыгон арвмæ: йæ цæстытæ ризынц, æрттивынц, кæсынц; Ыскæс-ма нæ ф-идар къæдзæхтæм: дæ разы, Уæйгуытау, тыхджынæй, ныфсджынæй лæууынц. Æнцадæй æрбахъуызынц мигътæ нæ арвыл, Æнцадæй нæ хæхтыл æрбадынц уæззау... Нæ арв-иу йæ мигътæй къуыригай фæкæуы нæ цардыл, Нæ хæхтæ дæр уадзынц сæ цæссыг, мæнау. Ех, æмæ алхатт дæр хорз бон куы кæнид, Куы хъуысид нæ хохæй-быдырæй нæ зард!.. Фыдмигътау, æрбахъуызынц, мигътау, æрбатыхсынц Нæ сонт сæртыл сау хъуыды, мæт æмæ 'нкъард!.. ХÆХТЫ МАСТ Хæдтулгæ уæрдоны сцæйцыдтæн, уарзон, нае бæстæм, Хæдтулгæ уæрдонæй æз кастæн: Зындысты мæм дардæй нæ рæгътæ, нæ хæхтæ, Зындысты нæ цъититæ, урссæр къæдзæхтæ, — Ысурс ысты митæй — сæ мастæй. Æнкъардæй сæ хъæбысты бакодтой хъæуты, Цыдæртæ сын сусæгæй дзурынц: «Фæкæсут уæ бæстæм, уæ къултæм, уæ къуымтæм!..» Æнкъардæй, сæркъулæй, кæугæйæ, нæ лæгтæй Зæрдиагæй бирæ фæкурынц... Кам хъусынц нæ лæгтæ, кæм ма уарзынц урссæр къæдзæхты Кæм ма 'мбарынц хæхтæн сæ хъыг дæр!.. Æркæлы нæ цъититы цæссыг, нæ къултыл, нæ фæзтыл Фæуайы, хæл-хæлгæнгæ, кургæ, нæ лæгтæй, Фæдзуры сын хæхтæн сæ дзырдтæ. Каем хъусынц нæ лæгтæ — фæтæрсынц нæ хæхтæн сæ митæй, Фæлидзынц кæдæмдæр сæ бæстæй... Куыд цæрынц æнæфыдыбæстæ, куыд кæсынц сæ хъыгмæ, сæ цинмæ,— Куыд кæсынц сæ хæхтæм, сæ фæзтæм, сæ Ирмæ, Куы нæ сæ уынынц, уæд, сæ цæстæй? МÆ БÆЛАС Дæумæ дзурын, мæ бæлас, — Мæ цард æмæ мæ дарæг! Фехъус, мæ хур, мæ ныхас, — Радзурон дын мæ зарæг. Сæрды 'нтæф дæ куы судзы, Зымæг ихау ныссæлыс, Тæгъды зæй1 дыл фæрсудзы, Цонг, къабазгай ызгъæлыс. Иууыл де 'ккой куы бадынц Каркæй, цъиуæй, цæргæсæй; Дæ бындзæфхад дын къахынц Хуыйæ, бæхæй, хæргæфсæй. Мæлдзыг дæр дыл ысхилы, Уый дæр йæ тых æвзары, Йæ сау бырынкъ ыстилы, — Дæу фыдæбонæй мары. Æнцад лæууыс, гобиау, Æппындæр сæм нæ дзурыс. Куы бафсæдынц, къориау, Уæддæр сæ мызд нæ курыс... Ма мыл фæхуд, мæ уарзон, Æмбæхст, сырдау, фæцардтæн, Кæй нæ зынын, уый базон, — Дарды дуджы фæкалдтæн. ЧЕРМЕН Тылаттатæ байуæрстой Æрнæджытæ — гæмæхтæ; Черменæн хай равзæрстой Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Уæд Чермен уыд хæтынмæ, — Лæбурдта-иу, бирæгъау, Сау хъулгъайы сæттынмæ, — Æрбатардта иу рæгъау. Бадти йæ мад æнкъардæй Арты фарсмæ къонайыл: — Сайдзысты дæ мæнгардæй, Ма-иу баууæнд Хъобаныл! Абон сæрвæт байуæрстой, Дæуæн дзы хай нæ радтой, Æвзæрæн дæ равзæрстой, Лæг у, зæгъгæ, нæ загътой! —Хъахъхъæ, Нана, мæнмæ дæр, Цæттæ мæ гал, мæ гутон, Зæххæй кæм уа фæлмæндæр, Уым уыссадзон мæ гутон. Куы фæтæрсон не 'взæртæй, — Мæ хъару 'мæ мæхæдæг, Уæд фæхъæуон ме 'мгæрттæй, Хæрам мын уæд дæ фæдæг! Чермен дын хуым бакодта Дзæбæх æнцад, æнцойæ, Тылаттаты бадомдта, Тарстысты-иу йæ койæ. Бамбæхстысты, сабийау, — «Кæдæм лидзæм, кæцырдæм?!.» Чермен дæр дын, таубийау1, Хуым бакодта фæрсæрдæм. КЪÆВДА Къæвда сахæттæ Æнкъардæй тæхынц, Нæ къорд сагъæстæ Нæ зæрдыл лæууынц... Нæ сау хæхтыл мигъ Æрæнцад, æрбадт. Нæ бæстæ, нæ Ир, Фыдбонæй ныттад... Нæ саутар хъæдты, Уылæнтæгæнгæ, Бæлæстæ сæтты Фыдбоны дымгае. Нæ тыгъд быдыртæ Лæхъирæй лæууынц, Нæ сахъ тырæнтæ1 Цæуылдæр кæуынц. Нæ хæхты къултæ — Лæбырд æмæ къæй. Цы 'рцыд? — Нæ къуымтæ, Куы 'руайут сæрæй... Къæвда у, фыд бон, Фæрнджын нæу нæ бон, Нæ зæрдæ, нæ зонд, Уæлдайдæр ныссонт... Уырны мæ, фыццаг, Æрцæудзæн рæстæг, Нæ хъæлæсы дзаг Ныззардзыстæм уæд... Уырны мæ, хæстæг у Иыр ахæм рæстæг: Къæвдайы фæстæ-иу Кæны хорз фæззæг... Нæ бæстæ фæрухс и, — Æрзилы йæ рад. Цæмæдæр ныхъхъус и Нæ зæрдæ æнцад... Нæ хуры тынтæ, Кæс, мигъыл тыхсынц, Ыстæй сæрибарæй Нæ бæстæм кæлынц. Нæ хуры тынтæй Фæрухси нæ цард, Нæ маст, нæ зынтæй Нæ зæрдæ фæдард. Ныккувæм ныр, цæй, Нæ адæм цæмæй Ныр сыста фæрнæй Йæ уæззау фынæй! Ныккувæм, зæгъæм: «Нæ уарзон зæдтæ, Ма нæ ныууадзут Гъе, ныр, гъе, дзæгъæл!» ХЪАРÆГ «Дуне махæн у нæ бæстæ, Дуне уарзæм-иу, зæгъынц, — Мах цæрæм, хæрæм, нæ фæстæ Урссæр цъититæй, нæ хæхтæй Мацы баззайæд», — зæгъынц. Уазал зæрдæтæн кæм зынд у Хæхтæн, къæдзæхтæн сæ хъаст. Цавæр цæстæй-иу фæкæсынц, — Ризгæ зæрдæтæн сæ быны Рох куы нæ кæны сæ маст. Дардыл быдыртыл фæлгæсынц, Дардмæ хорз фырттыл кæуынц. Урссæр, сау цæсгомджын хæхтæ, Къултæ, хъæдтæ 'мæ нæ дæттæ Зæрдыл, сау чызгау, лæууынц. Дæттæ уалдзыгон фæхъарынц, Хæхты маст дзырдтæ кæнынц, Сабыр сонт дымгæтæ уайынц, Къултыл, дугъæттау, фæуайынц, Сусæг аргъæуттæ кæнынц. Уазал зæрдæтæ кæм хъусынц, Хæхтæн не 'мбарынц сæ маст, Иухуызон быдырты кусынц, Хæхты, къæдзæхты нæ мысынц Уарзон адæмæн сæ цард. Махыл худынц: «Уарзут, уарзут, Хæхты, къæдзæхты, — кæнынц, — Чъизи, сау хæхты ыстаут, Уазал цъититы нæ фаут!» — Махæн худгæйæ зæгъынц... Уадзут!.. Уарзон бæстæй лидзæнт — Махæй, бафсæдынмæ дард, Уым хъæздыг рæтты фæхизæнт, Урс дзул, цаийæ нæ ивæм Мах нæ хохы дæтты зард! ЧЫРЫСТИИЫ ЦЪУПМÆ1 Цæргасæу, ды дардмæ фæлгæсыс, Паддзахау, ды хæхтæм кæсыс, Ды мæимæ, хуримæ уарзон ныхæстае, Зæрдиаг тæрхæттæ кæныс. Ды мигътимæ сусæгæй дзурыс, Ды дымгæтæм хъусыс æнцад, Сæрибар тымыгътæн дæ цуры, Дæ къултыл æрзилы сæ рад. Ды боныгон адæмæн арфæ Сæ куыстæн, сæ цардæн кæныс; Æхсæв та, æнусон цырагъау, Кавказы æврæгътыл лæууыс. Цырагъау, ды рухс кæныс дуне, Паддзахау, уынаффæ кæныс. Цæргæсау, дæ кастæй, дæ уындæй Нæ зæрдæты ризын кæныс... Нæ Ирмæ дæр ракæс, дæ фырттæм: Дæ арфæмæ 'нхъæлмæ кæсынц, Дæ разы, дæ къултыл, дæ фæзтыл, Дæ диссаг хъæбысты цæрынц. Фыд къæвда, фыд уарынæй бахиз Нæ хуымтæ, нæ кæрдæг фæзтæ, Дæ ныфсæй ысрухс кæн нæ зæрдæ, Дæ рухсæй — нæ талынг бæстæ! ИУНÆГ Æлдар дын нæ дæн,— Мæхи не стауын. Уæййаг дæр нæ дæн, — Мæхи нæ фауын... Райгуырдтæн мадæн Хæрз зыбыт-иунæг, Бындар мæ фыдæн — Хохы цард иу лæг. Мæ фыды хæдзар... Фæздæг-иу кодта, Сыджытæй — йæ цар, Хъарм-иу нæ кодта... Мæ фыд дæр нæ кодта Æнцой йæ бæхыл: Бæстыл иу кодта... Нæ хæцыд зæххыл. Стуртæ йæм уыд Иу æхсæзы йас. Хъардта сыл йæ уд, Уый уыд йæ минас. Кæмæн-иу — дзыкка, Кæмæн — хæбизджын. Адæмы хуыдта, Йæхæдæг — низджын. Чи-иу æй фæхуыдта, Уый — йæ цард, йæ хур, Чи-иу æи сыстыдта, — Уæрста сын йæ мур... Йæ фостæ радта Уæд ирæды 'фсон: «Мæ фыртæн, — загъта, Ныр ус æрхæссон»... Ус мын æрхаста Уæд сывæллонæй. Хорз мæ куы сбаста Мæн æвæндонæй. Нæ зондæн æххуыс, Нæ куыстæн ахъаз... Гъе, уый, да-м, дын ус, - Ныр хæдзар араз! Уайтагъд ус амард, Кодтой йыл хъарæг. Махæй уый адард, — Дзæнæты бадæд. Иунæгæй мæ мад Хæдзары куыста, Алæбон дæр — над: Мæ фыд æм бырста. Фондз азы фæсад, Адзалмæ куывта, Йæ цæстæй нæ каст, Афтæмæй куыдта. Мæ иунæг, зæгъгæ, — Йæ зæрдæ-иу рыст. Мæ уындмæ бæлгæ Ингæнмæ ныххызт. Мæ мад дын амард, — Баззадтæн сидзæр. Мæ хъарм хур адард, — Зæгъын дын уый даер. Иу мæгуыр сауджын Нæ бæстæм æрцыд. Фæдæн ын адджын, — Мæ цурæй нæ цыд. Сахуыр мæ кодта Чысыл чиныджы. Йæ фырт мæ хуыдта, Зыбыт-иунæджы... Амард мæ фыд дæр, — Баззадтæн иунаег. Мæ цард ыскуыддæр, — Нал мын уыд иу лæг. Кæм и 'рвадæлон, Гъе, фыды лымæн?! Хæдзар равдæлон,— Амал нæй сылæн. Ирæд цы радтон? — Хæдзары ницьги. Мæ хъæрмхуыпп — касдон, Мæ кæрдзын — цъити, Лæггуыф — мæ хуыссæн, Мæ бандон — цъæх дур, Цæссыг — мæ фыссæн, Ме 'вдисæн — нæ хур. Уæддæр дын балцы Куы 'рымысыдтæн... Мæ къæрид кæрцы Хохы ныссыдтæн. Мæн дын ыскодтой Иу бæрзонд хъæумæ. Хорз дæр мæ федтой, — Ардыгæй — дæумæ. Æвзæр ныссыдтæн, — Нал бæззыд мæ уынд. Усгур æрцыдтæн, — Уый та ма ды суæнд! Мæнæн рынчынæй Мæ цæфтæ бастой. Арахъхъ бырцджынæй1 Мæ размæ хастой. Рынчынгæс чызгай Мæ цуры бадти... Йæ фыд къуыригай. Фосимæ хатти... Куы мæм-иу фæкаст Кæуындзаст цæстæй, Зæрдæ-иу фæфаст Чызгайы мæстæй. Загъта: — Мæгуыр лæг, Къайæн дын бæззын, Куы фенай мæкъулæг, Гъе, уæд мæм фæзын. Цы дардыл дзурын, — Уалдзæг дæр æрцыд: «Уæ чызджы.курын»,— йæ фыд мæм хæцыд. Фыд у тынг хъæздыг, — Кæм дын-æм уæндын. Æз уый цур — мæлдзыг, — Тынтæ нывæндын. «Æртæ 'фсымæрæн Иу хо — сæ кæсдæр У дæ фыдаенæн; — Мæ дзырд — мæ хæст дæр. Нæ дын æй дæттын, — Цас фæнды фæдзур, Мæ дзырд-нæ сæттын, — Цæугæ ныр, мæ хур!..» Цæрын та систон Афтид хæдзары, — Мæ уд кæм истон: Фыд ран лæг ц' ары?! Зымæг дæр æрцыд — Нæ хохы зындон, Сæмбæлди мыл дзырд: «Чызгæн уфæндон». Араст та дын дæн Æртæ лæджимæ. Ысбæлццон та дæн Мæ лæдзæджимæ. Фыдуаг лæг — фысым, Зулмæ нæм кæсы: «Уадзут мæ хуыссын!» — Хылмæ нæм бырсы. Мæ дзурæг — Сослан — Æвзагæй — Сырдон: «Федтай нæ хорз ран, — Каркау нæ ныттон! Фырдзырдæй фыркуыст Хæдзарæн—хуыздæр: Лæууы дæм æххуырст — Дæ чызг ратт ды дæр». «Фондз азы мæм кус Ирæды тыххæй, Уæддæр мау цъус, Цух — мады бæххæй2... Фыдимæ дзурæм... Æхсæвæр хæрæм... «Дæ чызджы курæм... Ганисы цæрæм»... Цы дардыл дзурын, — Фыд дæр ысразы... Арахъхъы дурын Лæууыд нæ разы. Мидæг-мой лæгæн Йæ кад — хъæмпы хал, Нал мын уыд гæнæн, — Сæфти мæ бын-хай. Уыцы чызг хуыцау Мæ хай фæкодта; Æнæ мæн, бецау, Кæрдзын нæ хордта... Æмкъай ыссардтон Уыцы рæстæджы. Ус дæр æрхастон Стыр зымæджы. Æвадат бæсты Мæгуырæй цардтæн... Кодтон-иу мæсты, Сыдæй дзы мардтæн. «Фæлидзæм, — загъта, — Ацы фыд бæстæй!..» Йæ куыст-иу райста Æхсæвы цæстæй... Хъæуи-хъæу цæргæ Иры кæвдæсы, Фылдæр-иу — кæугæ, — Ныр дæр æй мысы. Кæмæн-иу — дондзау, Кæмæн — сугсæттæг, Кæмæн — æргъомдзау, Кагмæн — дурдæттæг. Тæригъæд фæкæнæг Махæн кæм уыди! Табу, не скæнæг, Нæ сæр дæу уыди. Мах нæ ныууагъта Иудадзыг сæфтæй: «Адонæн, — загъта, — Хай хъæуы бæстæй!..» Мах æрцардыстæм Цытджын калачы. Дзæгъæл нал ыстæм Хуыцауы руаджы. Табу нæ фыдæн — Уæларвон тыхæн! Табу йæ фыртæн: Нал ыстæм ихæн. Хæрзты хæзнадон — Цæрæг сыгъдæг уд, Ды — царды суадон, Æрцу нæм æмуд... Зæнæгæй — æфсæст, Исæй дын — мæгуыр. Лæгты 'хсæн — ыссæст, Мæ дарæс — бызгъуыр... Дунеты — бæсты Дин куы агурай, Уæларвон хæрзты Уымæй рамбулай... Æхсæвы фынтау, Афонтæ сайынц, Уалдзыгон митау, Нæ бонтæ тайынц. Лæгæн зонд — фæндаг, Амонд — йæ хæссæг. Мæгуыры мæстаг — Йе 'гад, йæ бырсæг. Фæрсыс мæ, уæххай, Мæ ном — «ганисаг». Хорзæй — æнæхай, — Уый дын мæ диссаг. ГУТОН Уæ мæ гутон, мæ гутон! Дæ галтæ сты къуыбырсы, Адæмæн дæ æлутон, — Дæ базыр зæхх ныббырсы. Де 'фсæн, дæ дзыргъа—æндонæй, Хъарман' хъæдæй — дæ гинон, Зæхх фæлдахыс æнцонæй, — Афæйлау æй, нæхион! СИДЗÆР Баталынг бæстæ... Хур æрныгуылди... Мæйрухс йæ фæстæ Тары фæныгъуылди. Райгæ изæры Мæйдар бамбæрзта. Бæгънæг сидзæры Уазал бавдæрзта... ИРОН ХЪÆЗДЫГ Бæхты рæгъау, фысдзугтæ — Нæ хъæздыгæн йæ фæллой. Арæх уыны фыддугтæ, Уый нæ кæны цæлæнцой. Йæхицæй дын æппæлдзæн: «Бирæ — мæ фос, мæ бæхтæ»... Цыхты мур дын æрсæтдзæн, Кæндзæни дын дзæбæхтæ. Арæх хынцдзæн йе 'хцайы, — Хъæздыг кæсы йæхимæ: Райсом раджы йæ цаи, — Каердзыны мур цæххимæ. Кæрдзыны мур, цъæх арахъхъ, - Уый йæ минас изæрмаг. Изæрæй дын йæ садахъ1 Абæтдзæни цæхгæрмæ. Æхсæв-бонмæ зилахар Райдайдзæни æдзухæй. Йæ топпы къæдз иу сахат Нæ цух кæны йæ къухæй. Фыдудæнæй фæцæры, Фаджыс мæрзæг, дондзауæй... Фæлмæн къæбæр нæ хæры, Ныйихсийы хосдзауæй. Куы ныммæлы бæгънæгæй, Уæд ын кæнынц хистытæ, Равзарынц ын хæрнæгæн Иу азыккон куистытæ. Фæлдисынц ын фыдызгъæл, — Зымæг, дам, дын ма сæлæд. Дæ уæлæ уæд цъæх ызгъæр, — Знаг дын тых ма кæнæд. Дæ фæндон, дæ бар — дæхи, Дæ уарзонтимæ фæцæр... Нал дæ хонæм мах нæхи, Буд—дæ цырагъ, сæкæр хæр! Дæ ингæн — рухс, дæ мæрддзаг Нæуæгæй тон дзæнæты. Хæлар дын уæд дæ фыццаг... Бахаудыстæм дæ мæты. Мæнæ дæ чызг дæ цуры йæ риу хойы, дзыназы, Йæ дзыккутæм лæбуры, Йæ сæр æнцад нæ уадзы: Бахордтай йын йæ ирæд, Ауæй йæ кодтай, бæхау. Ныр уый бæгънæгæй сирæд, Ды бамбидзынæ ...ау. ХЪОМГÆС Алхаст цæгæрæй, Йæ риу гæбæрæй, Хъомгæс хатти... Йæ фырт тызмæгæй, Сæрдæй, зымæгæй Ныхасы бадти... Æфхæрдта хъуаджы... Кæйдæрты 'руаджы - Уый цард ыссардта. Йæ цард æххæстæй, Йæ кад æмбæхстæй Уый Туркæн радта. Фесæфт нæ хохæй, Баззади рохæй Нæ кæлæнгæнæг. Нæ фыдыбæстæй Фæлыгъди мæстæй Нæ фæндырдзæгъдæг1. Æнахуыр бæсты Кодта-иу мæсты, Афтæмæй ныммард. Хуыздæр æнхъæлæй Баззад ысхъæлæй, Нæ хохмæ ныддард. Фæсмон фæкодта, Кæрдзын нæ хордта Уый йæ фырмæстæй. Халонау, атахт, Фесæфти уайтагъд Нæ уарзон бæстæй. Фыд сахаты дыргъ, — Не 'хсæн нын быдыргъ Уый куы ныссагъта. Нæ къорд бæлæстæ, Нæ хох, нæ бæстæ Дихæй ныууагъта. Иры байуæрста, Нæ нæ бамбæрста, Бузныг дзы не стæм. Мах иу бинонтæ, Уарзонтæ,хицонтæ Иугæйттæ фестæм. Фесæфта мах дæр, Йæхæдæг раздæр Баззад дзæгъæлæй. Турчы фæхатти, Тымбылæй бадти Мæсты гæмæлæй. Кæй хуыдта фæстаг, Кæй та-иу—фæрсаг, Кæй та— кæвдæсард, Йæхи та — æлдар, Кæм ын уыд æмгар, — Калди-иу йе ссад. Нæ бæсты мысыд, Йæ сау цæстысыг Урс базыл цæугæ Æнкъардæй касти, Мæстæй-иу фасти, Фылдæр та — кæугæ. Сар — йæ цæгæр саер! Нал æмбары хъæр, Ныммард сæтолæй. Мысыд фæстæмæ, Нал каст æддæмæ, Хæтæг йæ толæй2. Фыдуагæй фæцард, Нæ бæстæм ныддард, Фæлыгъд гæнахæй. Цы ма йын кæнæм?! Нал кæны кæлæн, Фесæфти махæй. ЗИВÆГГÆНАГ Цæмæн цæры уыцы лæг, Адæмæн чи у даринаг, — Æвзæр мадæй — фыдзæнæг, Æхсæн дурæй маринаг! Уæгъд нæ уадзы йæ базы, — Бон-изæрмæ фæхуыссы... Лæгау, фезмæлд нæ уарзы, Йæ куысты сæр нæ мысы. Стур дæр ма æфсæстæй Барæвдауы йе 'мгары. Æгасæй мард йæ цæстæй Нæ фендзæни йе 'мбалы. ХИСТ Лæгай, ма 'ппæл дæ тыхæй, Дæхи ма стау расыгæй; Фесæфдзынæ дæ дзыхæй, Хъæмпы халы басыгъдау. Куы ивгъуыйынц мин азы„ Изæры хур ныгуылдау; Адæмы цард чи уарзы, Уый нæ уыдзæн ныгъуылдау. Мæлæтæн дын йæ фæстæ Фæсмондзинад куы нæ ис, — Тондзынæ ма дæ фæрстæ, Дæ митæ-иу æрæмыс. Æрмæст де 'мбал уыдзысты Дæ хъуыддæгтæ, дæ митæ... Ам дзæгьæлы лæудзысты, — Æхца дæм куы уа кæритæ. Хистытæ дын кæндзысты— Хынджылæггаг æлæмтæ1; Мæрддзыгой дыл кæудзысты, Кæндзысты дыл уылæнтæ. Арахъхъ æмæ фыды мур Дæуæн цы 'ххуыс бакæна, Уый дын фена нæ фыдгул, Уымæй хуыздæр ма фена... Мæгуыртæн дæтт дæ исæй, Дзæгъæл дзырдæй дæхи хиз... Фæивылæм фæдисæй, — Тæригъæд у бирæ низ... УАЛДЗÆГ 1. Мæнæ дын æрцыди уалдзæг. Уалдзæг! Дæуыл цин кæнæм, Ды нæм æрцыдтæ уазæг, Цæй рæсугъд дæ, дис кæнæм. Уалдзæг—адæмæн уарзон Фæрыст нæ зæрдæ митæй. Кæй дæ уарзæм, уый базон, Нæ зæрдæ срухс дæ митæй. Зæххыл кæрдæг цъæх кæны, Быдыр байдзаг кæрдæгæй. Фиййау фостæн цæхх кæны, Фостæ хизынц хъæлдзæгæй. Бадынц нæууыл мæгуыртæ, Уазалы мæт сæ нал ис. Хуыссынц хурмæ цæнкуылтæ, — Хуыцау, фыд уарынæй бахиз! 2. Фæндон æмæ уарзон рæстæг — Нæ уалдзæджы бонтæ æхсæвтæ... Нæ хохы, быдыры цъæх нæууыл Куыд хæссæм æгасæй нæ сæртæ. Цъæх дараес ыскодтой нæ фæзтæ, Цæхсадта нæ сау хæхты уарын, Æртахтысты мæргътæ нæ бæстæм, Нæ бæлæстæй, цингæнгæ, зарынц. Хъæлдзæгæй сæ бонтæ æрвитынцг Нæ къуымтæй сæрибар быдырмæ, Сæ уарзон сау хъæдтæм, сæ цурмæ Сæ зарджытæй махмæ фæсидынц. Нæ быдырты кæрдæг, фæйлаугæ, Сæ зарæгæн дымгæ фæхъырны, Нæ хæхты, нæ хъæдты сдаугæ, Йæ сыф-сыфæй алкæй рæвдауы... Уæд афæлгæс: уалдзæг цы скодта — Ног цард та райдыдтой адæм, Хуымгæнгæ, хуымрувгæ — сæ бонтæ, Ысафтид сæ Ныхас, сæ бадæн. Сæ уалдзыгон зарджытæ дардмæ — Нæ хохмæ быдыртæй фæхъуысынц, Куы кувынц сæ зæдтæм уæларвмæ, Куы фудæлты кады фæмысынц. Мæ зæрдæ нырризы сæ зардмæ, Ныккувын-иу семæ æз дæр: Радтут сын, зæдтæ, сæ цардæн, — Цы сын у уæ зондæй хуыздæр. УАЛДЗЫГОН ЗАРÆГ Хъармдæр, хъармдæр хур æртавы, Уалдзæг рудзынгæй кæсы, Мит нæ хуссæртты фæтайы, Дымгæ сау мигътæ хæссы. Тагъддæр къултыл дæттæ згъорынц, Цинæй зарджытæ кæнынц, Рæгъты миты семæ хонынц, Далæ цъаламæ кæлынц. Тынгдæр, тынгдæр хъæрæй зарынц Хæхтæй сау сынт халæттæ, Хъарм, сæрибар дуг æвзарынц, Уалдзыгон хорз фадæттæ. Сонтдæр... сонтдæр дымгæ зилы, Хъазы нæууыл бон, æхсæв; Халтæ, сыфтæртæ фæтилы, Нæй... нæ сын дæтты улæфт. Заргæ, цинæй фæзты, къулты, Кафгæ, ленчытæ кæны; Адæмы раз зулмæ-мулмæ Дарддæр алидзы, тæхы. Радгай... радгай дидинджытæ Кувынц махæн урс сæртæй... Уалдзæг! Уалдзæг! Уый—дæ митæ... Бузныг... бузныг æз дæуæй! Ризгæ... ризгæ зæрдæ хъазы, Ризгæ, риу гуыпп-гуыпп кæны, — Худæг уалдзæг æй нæ уадзы, Худæг уалдзæг æм кæсы. Уалдзæг! уалдзæг! Æз дæ курын: Радт нæ адæмæн дæ иард, Дардыл айхъуыса сæ дзурын, Фæрнæй бирæ уæд сæ кад! УАРЗОН Мæ зæрдæйы дидинæг, Мæ цард æмæ мæ дарæг! Æрвитын дæм фидиуæг, Фæдзурдзæн дын мæ зарæг. Алæбон дæр дæу мысын, Сауцæст æмæ сауæрфыг, Æхсæв адæн нæ хуыссын, — Бакал мыл-иу сау æлыг! Урс дæллагхъуыр, фæлмæн риу, Нарæг астæу, гуырвидауц, Æвзагæй дæ зараг цъиу, Хъазты чырæн – сæ фидауц. Къутæр беццыкк, сау дзыкку, Сырх уадулæй сæрмадзаст, Дæу хъахъхъæны сахъ лæппу, Дæу тыххæй у дзæгъæлгаст. Ды куы зонис мæ зæрдæ, — Сахъ лæппуйæн йæ хъару, Уæд нæ зæгъис: «æвзæр дæ», Ацы дуне – мæ бар у... Мæ цард æмæ мæ уарзон! Хуры чызг дæр дæ цуры, Æнхъæл дæн, у фауинаг, Мæйы лæппу дæу куры, Дæу бавæййы давинаг. Æхсæв фыны дæ цуры, Сауцæст, демæ фæхъазын, Бон нал фенын мæ хуры, Дæу мысгæйæ, дзыназын. ДÆДАДЖИЫ ЗАРДЖЫТÆ Уартæ дын хъæдæй цы уасы, — Бурдымы 'фсон булæмæргъ; Лæппу чызгæн цы радты, --- Æвзисты 'фсон бур æгънæг. Бæхтæн мæ бæхгæс уæд хъæуы, Сырхбарц бæх сæм куы нæ уа; Чызгæн мæ лæхстæ уæд хъæуы, Æхца мæм бирæ куы нæ уа. Урс доны сæрмæ сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн ныуæзтон; Урс цонг дæ, чызгай, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн ныууарзтон. Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы, Уый, дам, уазалы тыххæй у; Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, Уый, дам, уарзоны тыххæй у. Рацъоны армы — гæны къух, — Дæ рацъон уымæй зондзынæн; Дæ рахиз цæст мæм фæныкъул, — Дæ уарзон уымæй зондзынæн. Абон — майрæмбон — бæрæгбон, Гъе, уый дын бæлвырд бæрæгбон; Тæхуды 'мæ дын, мæ уарзон, Дæуæй бæлвырд бæрæг зон! Кæд дæм бæндæн нæ уыди, Уæд та гæркъайæ цы кодтай; Кæд дын фæндон нæ уыди, Уæд ма мæ пъайæ цы кодтай? Тибы Тего кæндзынæн Хуымæллæг донæй æддæмæ; Никуы дæ ферох кæндзынæн Мæ мæлæн боны йеттæмæ.

ÆМБИСÆНДТÆ

БÆЛÆСТЫ ХЪАСТ Бæлæеты разæй Рагон тулдз бæлас Райдыдта 'гъдауæй Сæ хъасты ныхас: — Фæрæт нæ ныццагъта, — Нал нæ ис мыггаг... Тæрс та сын загъта: — Фæрæт нæу хъæстаг, Уый уæ нæ цæгъдид, — йæ хъæд у уæхицæй, Æнæ уый нæ кæсид Фæрæт къæбйцæй. ÆЫРДТЫ ЕМЫЙÆ Сырдтыл емынæ сыстад, Фæцæиыскъуыд сæ мыггаг. Мæрдтæй нал зынди быдыр, Загътой, «Нæ цард ысцыбыр!» Фиййауæй нал хъуыст гæрах, — Бирæгъ ысси куыд монах. Рувас дæр сау ыс кодта, Кæрчытæ дæр нæ хордта... Домбай æрсидти сырдтæм: — «Байхъусут-ма мæ дзырдтæм!» Æрæмбырдысты сырдтæ, Ракодта сын йæ дзырдтæ: —«Хуыцауæй зæрдæхудт фестæм, Хур дæр нал кæсы нæ бæстæм; Радзурæм ныр æмхуызон, — Ацы низ у нæхи 'фсон; Нæ тæригъæдтæ зæгъæм, Мах уый тыххæй ызгъæлæм. — Уый æфсон у ацы низ, — Тæригъæдджынтæ нæм ис... Фæндон-барæй нывондæн Йæхи æрхæссæд бæрзондæн! Кæд нæм хуыцау фæхудид Æмæ нын нæ низ фæсурид. О, æз дæр раст нæ дæн, — Фысты давыны фæдæн». Сырдтæ 'мхуызон сдзырдтой, Сыгьдæджытæй йæ ысхуыдтой: — «О, нæ паддзах, уый ма зæгъ, — Хуыцау радтæд дæ хорзæх... Æгайтма фысты хæрыс, Уый сын кад у æмæ намыс!.. Мах дæр фестæм ахæм ран, Загътам-иу: «Ныр цы ахæрæм!» Уый тæригъæдыл хыгъд нæу, — Сæныкк ахордтай, гъе, цæу!.. Гал дæр бацыд сæ цурмæ, — Йае дзых ысдардта хурмæ: — «Хур — ме 'вдисæн, мæ уынæг, - Иу хатт мæ уд фæуынгæг!.. Иу фондз азы раздæр уыд, Æххормаг аз бæстыл уыд. Куы нал ардтон хæринаг, Уæд дын ысдæн мæлинаг; Ысцыбæл дæн, ысмондаг, Сауджыны хосæй комдзаг Æз ахордтон, уый зонын, — Мæхи уын раст нæ хонын...» Сырдтæ æмхуызон ысдзырдтой: Тæригъæдджын æй ысхуыдтой. — «Цæмæн хордтай искæй хос, Тæригъæд у искæй фос!..» Сæ быны йæ рафсæрстой, Галы дын уым раргæвстой... Адæмæй чи у æнцаддæр, — Уый — аххосджын, æнкъарддæр. МИНАС Стонг аз æрцыди сырдтыл, — Æвдисæн кодтой сæ фырттыл.. Домбай арвыста хонæг,— Хъуыддаг, æгъдæуттæ зонæг. Сцæттæ кодта минас, — Фыд чи хордта йæхи йас... Æрæмбырд ысты сырдтæ, Фынгыл бадтысты хуындтæ, Тæрхъус, зыгъарæг, рувас Балæууыдысты иу фарс. Афон сахат фæстæдæр, — Нал сæ уагътой хæстæгдæр... Рувас загъта: —Ме 'мбæлттæ, Æрбайхъусут, ме 'мгæрттæ, Æххормагæй цæмæн цон, Æз бафсадон мæ хæлцон1! Уæртæ дзы бандон дæр ис, Фынджы уæлæ та — фыд ис... Фæранк дзырдта рувасмæ: — Дæхи уал айс иу фарсмæ: Бандон пылæн æвæрд у, Хуыцауæй йын лæвæрд у, — Лыстæг сырдтæ фæстæдæр Бахæрдзысты æхсæвæр!.. Куы 'рбацæуа нæ къахджын, — Йæ дзабыртæ фæсалджын! Уый у сырдты Батырадз, Уый цур уын нæй дзырды рад!.. Йæ быны уæ фæкæндзæн, Уæ мад уыл уæд фæкæудзæн!.. Рувас, нæ разы лæу дард, Кæд лæугæйæ нæ хæрыс, Уый дæ сæрмæ нæ хæссыс, Уæд цу, дæ хæдзары бад!.. ФÆРАНК ÆМÆ ГÆДЫ 'Фæранк сау хъæды цуаны хатти, Никæмæй тарсти — йæ хъару зыдта, Йæ разы гæды къуылдымыл бадти, Фæранк фæлæууыд, гæдымæ дзырдта: — Уæххай Гъе! Ме 'рвад, дæй чысыл ныддæ! Мах кондæй дæр иу, мыггагæй дæр уæд, Фæлæ рагæй дæр хуыснæгыл зылдтæ, Рагæй бæрæг у, гайлагау, рæуæд! Рагæй нæ мыггаг худинаг кæныс, Рагæй сахуыр дæ сæфты хуыснæгыл, Рагæй сайæггæд аргъæуттæ кæныс, Рагæй сахуыр дæ сæфты хуыссæгыл. Цъынддзаст, сусæгæй кæрдзынтæ давыс, Рагæй нæ кæныс нæ мыггаджы кой, Æдзухæй артдзæсты фæныкыл бадыс, Рагæй нæ лæууыс дæ хæстæджы 'нцой. Рагæй бæргæ дæ хурхæй маринаг, Ды куырмæй лæгæн йæ хæйттæ сайыс; Бæргæ йын нæ дæ фрсæн даринаг, Фæлæ дæ аргъæуттæй лæджы фæсайыс. Уæд гæды сдзырдта: — Цы кæнон, ме 'рвад, Æз лæджы къухмæ æнхъæлмæ кæсын, Раджы фесæфтон ме 'рдынæн йæ фат, Зымæг та цуаны уазалæй тæрсын!.. ДОМБАЙ Домбай нал уыд йæ сæрæн, Базæронд и, ныммæллæг, Æрымысыд хуыздæрæн: Рынчын, дам, дæн мæхæдæг! — Базæронд дæн, мæ хуртæ, Фæрынчын дæн мæ низæй. Сафтид ысты мæ дуртæ, Фæхъадæджын дæн мæ исæй, Æрбацæут мæм, сырдтæ, Арсæй, бирæгъæй, сагæй, Фехъусут мын мæ дзырдтæ, Бафæрсут мæ мæ уагæй. Рагæй сæйын мæ хуынчъы, Дзурын зынæй фæразын, Сæвæрут мын мæ бичъы, — Кæд ма уемæ фæхъазин. Бирæгъ æм бауад раздæр, Домбай дæр йæхи систа, Домбайы цæф фæраздæр, — Бирæгъ уым йæ уд систа... Сырдты иугай фæсайдта Зæронд домбай йæхимæ, Хурхæй-иу сæ ныммардта, Фæлывта сæ йæ хинæй. Рувас домбаймæ касти Иу къуыбырæй хæстæгмæ. Домбай дæр дын ныффæлдæхт Йæ иу фарсыл цæхгæрмæ. — Бафæрс мæ, рауаи, рувас, Рынчын дын дæн, фæмæлын! Цы дын ракодтон уыйас, — Æз дæ уындмæ куы бæллын. — Мæрдтæм фæдау, мидæмæ Æддæмæ дæ цæуæг нæй, Куы мæм дзурай фидæнмæ,— Мæнæн дæумæ цæуæн нæй. ТЫХДЖЫН Бирæгъ, арс æмæ рувас Иумæ цуаны хаттысты... Къæдзæхрæбын хурварс, Холыйы цур бадтысты... Рувас райдыдта дзурын: —Æрбайхъусут, ме 'мбæлттæ, Уæ дыууæйæ дæр курын, Мæ уарзонтæ, ме 'мгæрттæ, Махæй чи у рагондæр, Ацы холы уый фæуæд, Æз æй дæттын абон дæр, Уадз æмæ йæ уый хæрæд. Рув;ас фондзыссæдз азæй Хисдæр йæхи ысхуыдта, Бирæгъ, — хъаймæты разæй Райгуырдтæн, — уый ысдзырдта. Арс та загъта: фондз азы Æрмæст цæуы мæ гуырдæй, Сæргуыбырæй мæ разы Æнцад лæуут ныгъуылдæй. Рувас ыстонгæй уасы, Бирæгъ мæстæй нынниудта... Тыхы дон хæрдмæ ласы, — Арс холыйы ныххордта. ХАЛОН ÆМÆ ЦЪИУ — Тулдзыл, дам, фæткъуы æрзади!.. Халон дын афтæ ысдзырдта. Цъиу худæгæй ныммарди, — Гæды дзырд æй ысхуыдта. Цъиуы ныхас халонмæ Маст, хъылмайау, фæкасти... — Кæсут ма ныр адонмæ, — Цъиуæн халон нæ састи. — Куыд мын уæндыс уый зæгъын, Тулдзыл фæткъуы нæ зайы. Райдайдзæн уый ызгъæлын, Уидздзысты йæ къæссайы. Мæ гæды дзырд де 'цæгæй Хуыздæр кæй у, уый бамбар, Мæ цыргъ ныхтæ де 'фцæгæй Нал сисдзынæн, мæ цагъар! — Халон цæра æвзонгмæ, -- Дæ гæды дзырд ме 'цæгæй Хуыздæр кæсы дæ зондмæ, Дæ ныхтæ сис ме 'фцæгæй. Зонын, мæнæн дæ цуры Мæ бон кæй нæу ысдзурын; Мæ зæрдæ хъаст нæ куры, Мæ фæрстæм ма лæбурын. ХУЫ ТУЛДЗЫ БЫН Хуы рагон тулдзы бын Гуыркъотæй бафсæст. Ныккаст æм хуры тын, — Ныххуыссыд, бамбæхст. Райхъал хуыссæгæй: Цæй, сыстон, — загъта, Йæ фындзы сынæгæй Тулдзы бын къахта. Уæд бæласæй халон Нæл хуымæ дзуры: — Ныр дæуæй тулдз хъалон Мыздæн цы куры? Ма йын къах йæ уидаг, Бахуыскъ уыдзæн тулдз!.. — Сыскъуыйæд йæ мыггаг, Мауал дзы уæд гуырдз! Æз ыл мæт нæ кæнын, Пайда дзы ис цъус; Æз гуыркъо куы хæрьга, — Уадз кæнæд уый хуыскъ!.. Мæн гуыркъо нард кæны, — Бæлас та мын цы у?! Сыст дæр мæ нал хæры, — Ныббæзджын мæ фиу!.. Ысдзырдта тулдз бæлас, — Хуы кодта хæргæ: — Куы хъусис мæ ныхас. Куы скæсис хæрдмæ. Уæд фенис, гуыркъотæ Мæныл кæй зайынц, Ныууадзис дæ богътæ, — Уæнгтæ чи марынц... КУЫДЗ ÆМÆ ГАЛ Куыдз хосыл хуыссыди Æмæ йæм галы нæ уагъта. Гал æм курæг ыссыди, — Хуыснæгау дзы нæ давта: — Цæмæн рæйыс ды мæныл? Курын, сыдæй мæ ма мар, Иузæрдыг дæн æз лæгыл, Фыдзæрдæ мæм ды ма дар. Æз лæгæн дæн йæ дарæг, Æргомæй дын æй зæгъын, Ме 'фцæг куегæйæ фæнарæг, — Бауадз мæ, сыдæй мæлын. Зыд лæджы цæст — зынæфсис, — Дæхæдæг дæр нæ хæрыс, Искæмæн дæр нæ дæттыс, Бынтон сæфт у дае намыс. КÆСАГ, ХÆФС ÆМÆ ЦЪИУСУР Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур Денджызæй ластой иу дур. Сæ фæнд иумæ нæ цыди: Кæсаг донмæ хæцыди, Хæфс æй ласта сурæрдæм, Цъиусур та йæ хурæрдæм. Абон дæр ма уыцы дур Денджызы ис уый, мæ хур! УЫГ ÆМÆ ХАЛОН Уыг рагон бæласæй Халонмæ дзырдта Къæмдзæстыг ныхасæй; — Йæ зылын зыдта: —Мæргътæ мыл æмвæнд Ыскодтой фарон, Ме 'фхæрд у æгъгъæд, Зæсъын дын, халон. Бон мæ нæ уадзынц Æддæмæ кæсын, Мæ сæр мын ныффадынц, Састæй йæ хæссын. Ысдзырдта йæм халон: — Кодтай уæрирæ, Ды мæргътæй хъалон Фæистай бирæ. Ныр дæр ма давыс Æхсæв кæрчытæ, Фыдæбонæй марыс Зæххыл цæрджыты. Дæ зæрдæ уыд сындзау, Дæ хъуын та — фæлмæн: Ныр уым ды, чындзау, Æндад лæу, дæрмæн!..1 КУЫДЗ, УАСÆГ ÆМÆ РУВАС Урс куыдз æмæ цъæх уасæг Хъæуыл сæхи фæхастой, Хуыснæггæнаг, фыдуазæг Æмгæрон-иу нæ уагътой. Куыдзмæ бадзырдта уасæг: — Кæркуасæнмæ ды фæрæй, Уый фæстæ дын мæ зарæг Ныккæндзынæн æз хъæрæй... Уасæг уасыд бæласыл, Куыдз дын зæххыл бафынæй; Йæ хъæр æрцыди рувасыл, Нал æнцади кафынæй. Рувас загъта уасæгæтн: — Хъæуккагæн дын бæздзынæн, Фынг хæссæг дын — уазæгæн, Фаджыстæ дын мæрздзынæн! Уасæг дзырдта рувасмæ: — Æз хъæуыхицау нæ дæн, Нæ дæ тæрсын бæласмæ, — Дыгæйттæ хæрыс хæрдæн. Дæ разы хъæуыхицау Бæласы цур бафынæй, Дæ къахæй ма йæ сфицау, Чи зоны, нæу тарф фынæй. Куыдзы басхуыста рувас, Куыдз абадти йæ сыдзыл, — Ратыдта йын йæ иу фарс, Фæхæст ын и йæ фындзыл. Рувасы куыдз ныттыдта, Хъæуккаджы мæт æй дал уыд, Йæ цъæх кæрц ын нывзыдта, Сæскъуыдта йын йæ сау уд. ХУЫ ÆМÆ ФЫС Хуы 'ппæлыди йæхицæй: — Адæмæн дæн æз сæ цард, Хор мын дæттынц къæбицæй, Дисны бæрц вæййы мæ нард; Аргæ кæнын къæрдгæйттæ, Къуыбырхъустæ, гæмæхтæ, Уæд райдайын тæргæйттæ, Богътæ кæнын, гæрæхтæ... Уæд æм уæрыкк ысдзырдта: — Дистæ кæнын, куысыфтæ, Пехуымпар дæ не стыдта, Залмы сыфау — дæ хъустæ. Кæд æз иу арын, уæддæр Дæуыл мæхи нæ барын, Мæнæн ыскæнынц уæддæр, Цъыфтыл мæхи нæ хъарын. Мæн аргæвдынц нывондæн, — Хуыцауы уарзон у нæл фыс, Хуын мæ кæнынц бæрзондæн, Ды та уал уым цъыфы хуысс. ЛÆГ, УÆИЫГ ÆМÆ РУВАС Лæг сау хъæды цуаны хатт, — Йе 'хсæвæйраг агуырдта. Уымæ дардаей рувас каст, — Йæ цæсты сындз ауыдта. Рувас уайтагъд фæлидзæг, Фæстæмæ дæр нал фæкаст, Фыдгул афтæ фæризæд, Уыцы сахат уый куыд тарст. Уæйыг фарста рувасы: — Кæдæм лидзыс, зинты сайд? — Иуран бадти хурварсы, — Йæ хъуынджын кæрц — ихау салд. — «Кæдæм лидзын, зæгъон дын: Æпбацæуы цуанон, Æз уымæ сыпп нæ уæндын, Амардзæн мæ иу афон». — Стыр диссаг фехъуыстон, — Искæмæй та куыд тæрсыс: Æз сау хохы фесхуыстон, — Ныллæбырди, ныцъцъæл ис. Куыд дзы тæрсыс уагæры, Цавæр уыдзæн уыцы лæг!.. Зæххы 'нкъуыстæй н'акаелы Хохы сæрæй иу сынæг... Уалынмæ лаег æрбакаст, Уæйыг дæр йæхи ысдардта; Лæг топпы рагъæй акаст, — Уæйыджы цæст ыскъахта. Уæйыг куырмæй фæлидзæг, Къултыл хоста йæ фæрстæ, — Ныр йæ тыхыл фæмизæд, — Дзæгъæл баззад йæ бæстæ. Рувас фарста уæйыджы, — Иу баисты хуссары: — федтай йæ, цы, нæ лæджы? Чи ц' агуры, уый ссары. — Уæддæр мыл цæф кæй не 'руад, Уый дын зæгъын, мæ уарзон, Амардтаид мæ де 'рвад, Тыхджын кæй у, уый базон. Йæ иу ...... æй мæ цæстæн Раст йæ гагуы фелвæста. Хицау нал и мæ бæстæн, — Мæ бын-хай мын фесæфта. ФÆРАНК, ЛÆГ ÆМÆ ГÆДЫ Лæг сау хъæды бæлас фаста, Йæ дзæккор уæлæуæз хаста. Фæранк æмæ гæды дардæй Лæгмæ кастысты æнкъардæй. Фæранк фарста уæд гæдыйы: — Уый цы фады, цы рæдийы! Уæд гæды фæранкæн загъта; — Йæхи дын, мардау, æруагъта: — Гъе, уый — лаег, зæххыл — дзыхджын, Хæсты боны -— фæндæй тыхджын... — Цон, фенон æй, — фæранк загъта, Гæдыйы та уым ныууагъта. — Цæй, хæцæм, лæг, æз æмæ ды: Дæу сыстыдта нæртон гæды... — Ныр куыд хæцæм? — Лæг ын загъта, Йæ гæрзты 'фсон æм æрхаста: — Мæ гæрзтæ дын мемæ не сты, Мæрдырох мæ хъæуы фесты. — Ацу, 'рхæсс сæ! — Фæранк загъта, Йæхи 'нцадæй зæхмæ 'руагъта. Лæг ын загъта: — Фæлидздзынæ, Хъæды сырдты та уидздзынæ. Фæранк загъта: —Æз нæ лидзын, Хæсты боны дæр нæ ризын. Лæг ын загъта: — Дæ дзæмбытæ Хъæды фасты сæ рæбынтæм Ныссадз, уæд дыл баууæнддзынæн. Фæранк æркаст йæ дзæмбытæм, — Ныссагъта сæ йæ рæбынтæм. Лæг рахоста фастæй цурчы, Рацахста йæ, цыма зулчъы. Фæранк баззади ауыгъдæй Бæласы фасты алгъывдæй. Лæг дæр ацыд йæ гæрзтæм, — Дард æй нæ хъуыд йæ бæстæм. йæ фарсмæ ракодта иу мих, — Уæд фæранчы сæр фæдих. УЫЗЫН Уызын не 'ххæст къутæрмæ, Æмæ бæласмæ ивæзта. Нæ йæ уагътой уæтæрмæ, — Уый та хæдзармæ 'фсæрста. ЦÆРГÆС ÆМÆ УЫЗЫН Уызын куырдта цæргæсæй: —Нал фæразын цæндгæсæй!.. Цæргæсæн зæгъы уызын: — Ныр аппарои æз мæ зын. Ысхæсс мæ ды æврагьмæ, Акæсон дзы фæсрагъмæ, Хъыг кæнын ам бадынæй, Æппын мын нæй бафынæй Ды мæ тæхын сахуыр кæн, — Мæ зæрдæ мын барухс кæн!.. Цæргæс загъта:— æнцад бад,— Æз дæ нывонд, дæуыл мард, Дæуæн тæхын дæ бон нæу, Базыртимæ дæ конд нæу!.. Нал æй уагъта уæд уызын: — Цасдæриддæр мын уæд зын... — Каед нæ хъусыс мæ зондмæ... Ысхаста йæ бæрзондмæ; Бæрзондæй йæ рауагъта, — Тæхын æфсон рахаудта... Уызын дурыл куы сæмбæлд, — Фыдхъуыддаг ыл уæд сæмбæлд... Хæрзты хуызæн куы нæ уай, Стонг, сыдæй куы мæлай, Уæд сын æфстау цы дæттыс, Гъе, семæ 'ргъом цы бæттыс?! ДЗУЛ ÆМÆ СÆН Сæн афтæ зæгъы: «Кæн мыл фыдæбон, — Æнæ мæн нæ бæззы ницæй бæрæгбон, Æз къуымых кæнын æхсаргарды ком, Знæгты скæнын, мад-фыртау, æнгом». Дзул афтæ зæгъы сæнæн: «Æнæ мæн лæгæн нæй цæрæн; Ды йын дæ æрмæст цæлæн, Дæ бирæ нызт у уымæн кæлæн». Сæн афтæ зæгъы: «Уæ, гормон, дзул! Де 'фсир ныкъкъули иуæрдæм зул, Мæныл дæр æрвæсс, æз дæр дæн къул, — Æмхуызон мæм кæсы фæз æмæ къул. Дзул афтæ зæгъы: «Стæм дыууæ 'мгары, Фæлæ дæ фæдыл лæг зонд нæ ары, Де стыр зæрдæйæ къулхудæй зары, Дæ риуыгътытæ йын йæ уæнгтæ мары». АГ ÆМÆ ФЫДИС Уæларт аг дын йæхи стыдта: Æз, дам, денджыз-æнæбын. Уымæ фыдис афтæ сдзырдта: — Куы дын зонын дæ рæбын; Æз дæ къуымты куы 'рзилын, Зонын дын æз дæ хабар, Дæ муртæ дын куы суилын, Æргом мын дæ, уый бамбар.

"ГАНИС"-1906

ГАНИС Бæрзонд сау хæхтæ, Цъæхсæр къæдзæхтæ, Уынгæг нарæг ком, — Мæ гуырæн бæстæ; Фæци мæ фæстæ Хадæн ривæддон. Урс дон Арагуи Къæдзæхтæ арауы, Æхситтæй зары; Сырхыты хохæй, Бæрзхъæды къохæй Арагуи хъары... Фугæ бæлæстæ Сусæг ныхæстæ - Дымгæйæн сидынц; Уæлхохы фæзтæ, Урссæр цæргæстæ Йæ сæрмæ зилынц. Сау хохы цæндтæ, Хуырджын бæрзæндтæ, Сурдтæ дзы симынц; Хъуызгæ зарæгæй, Сусæг хъарæгæй Сæ зынтæ сидынц. Арвы нæрынæй, Тызмæг уарынæй Сау хох лæбыры. Цъиусуры тасæй, Фæлдзæгъдæг хасæй Мæга ныгъуылы. Лæгау лæг — ыстæм, Нæ зонæм — цы стæм, Иугæйттæй сæфæм. Лæг нæм чи вæййы, Уый искæй тавы, Мах та цъыф сæрфæм. Уæххай, мæгуырæг, Дунетæй иу лæг Кæй нæ рæвдыдта! Æнамонд кæсдæр, Йæ фыды хæс дæр Чи нæ фæлгъуыдта. Æвадат сындзы Къутæрыл хæцы Мæгуыры фæрæз. Мæстæй ныззары, Йæ уæлæ дары Цъæх хъисын пæлæз. Ыстонг, уазалæи, Хуыцауы азарæй Бирæгъ дæр тæрсы. Бирæгъ дæр зоны, — Йæ мæгуыр боны Куыдзы бын хуыссы. Мæнæ стыр диссаг: Сау хъæды иу саг, Хъæргæнгæ, цæры; Хохы лæнчыты Размæ цæуджыты Зæвæтæй цæвы. Сау хъæд фердузтæ, Ныры тæрхъустæ — Сырдты паддзæхтæ. Сау айнæг хæхтæ, Сусæг гæндзæхтæ Цæгъдынц къæдзæхтæ. Сау айнæг хæхтæ, Фидар къæдзæхтæ Бындзарæй ризынц; Зынаргъ дзæнхъатæ, Æвзист хæзнатæ Кæмæндæр уилынц. Уæххай, дзæгъæл бын, Æрцыд дыл дæ фын, Баззадтæ дзæгъæл. Де 'взист буарæн, Де 'мбæхст дуарæн Ссардтой дæгъæл. Зындоны тасæй Фæсном ныхасæй Мæ фынтæ хъарын! Кæлмхæсты зынтæ, Тæфсæджы фынтæ Къæдзæхтæн зарын. Уæд та ма цæй, Донласт хуылыдзæй Цæмæй ма тæрсы. Сæфон-арæзон, Хуыцауы бафæрсон, - Мæгуыр уый фæрсы. Мæ зæхх — æрхытæ, Лæбырд, пырхытæ, Цæрæн дзы нал ис. Мæ гуырæн бæстæ Фесæфт мæ фдестæ, Фехæлди Ганис. МÆ ФÆНДАГ Бафхæрдта мæ мæ амонды цалх, Не скастæн иу хатт мæ цæстæй. Радта мын уый масты нуазæн: Баназ, дам, уый, — цу дæ бæстæй. Удæгасæй фыдæбон кæн, Уый дыл æвæрын дæ хæсæн. Загътон: фæлидзон искуыдæм, Кæд ыссарин æмбæхсæн. Фæлæ уæддæр ме 'намонд Уад алы хъæуы мæ цурмæ. Лæвæрдта мын йæ нуазæн, Мæ маст ыссыди мæ хъуырмæ. Уыцы нуазæнæй мæ зæрдæ Ыскодта сау цъар, сау агъуд. Никуы фæцухи мæ сæрæй Сидзæры дарæс — дзала худ. АКÆС Кæй базыдтон хæрамгæнæг, Кæм фæцардтæн хæдзаргæнæг, — Нал фæразын ацы зынтæй. Æз не ссардтон мæхи 'мхуызон, Æдасæй æз кæд æрхуыссон, — Нал цух кæнын мæ фыдфынтæй. Фæлмæн дзырдтæ — мæ цæсты раз, Мæ фæстæ та — фыдуаг ныхас... Агурын уый, — чи мæ уарза. Мæ сусæг дзырд кæмæн зæгъон, — йæ мардыл æз куыд лæзæрон, Уый мæ мардыл куыд дзыназа. Гæды митæй нæ дуне — 'дзаг. Иу иннæмæн ыстæм ызнаг; Сайæм нæхи фæлмæн дзулæй. Кæрæдзийы нал æмбарæм, Нæ хъуыддæгтæ нал æвзарæм, Алы къуымты лæууæм пырхæй. Йæ хуыздæртæ сæн ныуазынц, Нæ фыддæртæ куыд дзыназынц! Чи ’мбары нын нæ мæгуырты?! Кæрæдзи хæрæм дзыхæй, Кæдæмдæр ма лæсæм тыхæй, Хъахъхъæнæг нæй нæ гæлхурты. ФÆДЗÆХСЫН Фæстæгтæн æз фæдзæхсын Мæгуыр ирон чиныджы. Ма бауадзут рæмыхсын Иры бындар иунæджы. Уе 'вдæлон сахат иууыл Рох ма кæнут ирон дзырд. Кадджын фыдæлты риуыл Ыскæндзыстут номы цырт. Денджызы астæу нæ мыггаг Куы фесæфа — тæссаг у. Ма рох кæнут уæ хъуыддаг, Хъуаджы бæх хæссаг у. Мах фæкуыстам цыдæртæ, Сау бындз галæн æмбалау, Радтæд хуыцау æндæртæ, Куыд рухс кæной цырагъау. МÆНГ ДУНЕ Диссаг у, диссаг, нæ дуне, — Сывæллæтты хъазæн къори. Кæронмæ йæ дзырд нæ хæссы, — Гæды куыдзмæ ахæм хор и'... Зæххыл адæм гуыргæ-мæлгæ, Арты стъæлфæнтау, ысхъиуынц. Цæсты ныкъуылдмæ цин кæнынц, Цæсты ныкъуылдмæ сниуынц. Арвъг'рттывдау лæг фæзыны, Арвы 'рттывдау æрбайсæфы, Иннæ лæг та мигъы бынæй, Стъалыйау, куы 'рбакæсы. Куыройы хъуырмæ нæмгуытæ Згъæлæгау, адæм гуырынц. Доны фынкæй царды науы Иу чысыл сахат фæзынынц. Доны сæрыл, цæппузырау, Абады 'мæ нал фæзыны. Хъауджыдæр нæй: дуне дæу куы уа, Гъе, куы цæрай нæртон зыны. АМОНЫНДЗИНАД Лæг куы дæ æмæ лæджы хуызæн, Æвзæр ма дзур дæ хæстæгæн. Хæринаг дæтт дæхи куыдзæн, Аргъ ын ыскæн дæ рæстæгæн. Кæд лæг дæ, уæд-иу баузæл Дæ хæстæгыл дæхи хуызæн. Æвзæргæнæгау, ма у æвзæр, Æрмæст ма тав дæхи хуыссæн. ФЫСЫМ Адард дæн мæ фыдыбæстæй, Хур мыл баталынг, изæрау. Хъазыбеджы хохрæбынты Федтон мæгуырæй нæ рæгъау. Мадау, мæн дæр барæвдыдта, Æхсырæй хæсдзынæн, — загъта. Царвы дурын куыдз бахордта, Хъæстæл та уæд мæнæн радта. ХОСДЗАУ Мæ гутон — мæ дарæг, Мæ галтæ —мæ цард. Зæгъын дын мæ зарæт, Вайхъус мæм æнцад... Дæргъауæдз — мæ хуымтæ, Мæ хосгæрст — æфтыд. Зæгъон дын мæ зынтæ: Нæ уыдтæн рæвдыд. Фæхудынц мыл хъалтæ: Нæ зарыс дзæбæх; Хæрзифтонг — мæ галтæ, Мæ фæндаг — уæрæх.

ÆМБИСÆНДТÆ

ДОМБАИ ÆМÆ ЗЫГЪАРÆТ Домбай æмæ зыгъарæ! Иумæ цуаны цыдысты; Зыгъарæг уыд ыскъæрæг, — Сæ дыууæ дæр зыд ысты. Сагтæ ахста, сæгуыттæ Домбай — фæлтæрд цуанон. Зыгъарæг дын йæ хъустæ Æрæппæрста, уьгй базон. — Фылдæр хæрыс, мæ лымæн, - Афтæ загъта зыгъарæг, — Равзарыс ын йæ фæлмæн, Дæхи скæные фыдуарæг. — Каед дæ нæ фæнды, дæхæдæг Цуаны хæт иунæгæй, Æз цæрдзынæн мæхæдæг, Нæ тæрсдзынæн иу лæгæй. Зæронд домбай æрдонгæа Ахсы сырдты нарддæрты. Зыгъарæг та ыстонгæй Ахсы мысты къаддæрты. ДАМКЪА ÆМÆ КЪУЫДЫР КУЫДЗ Дамкъа нæ цыд хæдзарæй, Хицауы раз хъазыди, Къуыдыр куыдз та уазалæй Дуаргæрон басыди. Къуыдыр куыдз дын дамкъамæ Хъырнгæ 'мхасæн бадзырдта: — Цы хорз фæдæ не 'лдарæн, Куыд хорзæн дæ базыдта?! Хæринæгты дзæбæхтæ Ды куы 'взарыс фæлмæнæй; Æхсин дæр дæм хæлар у, Бадзуры дæм дæрмæнæй. Боныцъæхæй изæрмæ Мæхи, фатау, фæхæссын, Изæрæй та цæхгæрмæ Дуаргæрон ныххуыссын. Хуыснæг, æндæр ызмæлæг, Цъиутæхæг дæр нæ уадзын; Рæстæй зилын мæхæдæг, Гæды митæ нæ уарзын. Къæбылатæ, дамкъатæ Минас кæнынц дзæбæхæй; Къуыдыр куыйтæ, егартæ Фæхаудысты къæдзæхæй. МАИМУНИ Маймуни айдæны каст, Йæ хуыз уыдта æвзæрæй. Йе 'взæр уындæй зæрдæ тарст, Йæ сæрмæ каст цæгæрæй. Ныххудти дын кæл-кæлæй Маймуни, фæлдæхтбыл. Цыма хæрæг сындз хæры, Уыйау худти нæ фыдсыл. йæ фындз ысхъæл хæрдæрдæм, Йе 'рфыг æфтыд йæ цæстыл. Ахæм æвзæр кæм уыдзæн Дæларв зæххыл, нæ бæстыл. —Цæуыл худыс, нæ фыдсыл? — Сырдтæ 'мхуызон ысдзырдтой. Йæ дæндæгтæ зыхъхъырæй Цæуыл худти — нæ зыдтой. Маймуни дын афтæ зæгъы: —Бакæсут-ма æвзæрмæ, Айдæны мидæг цы худы Боныцъæхæй изæрмæ. Фæр.анк дæр ын дзуапп радта: — Дæхæдæг дæ уыцы 'взæр, Айдæны мидæг кæй уыныс, Куы фесæфид де 'взæр сæр! Иу йæхиуыл худы, Дыууæ — кæрæдзийыл, Æртæ — искæуыл. ЦÆРГÆС ÆМÆ ГАККУКК Иухатт дын цæргæс Лæвæрдтæ кодта. Гаккукк йæ цуры Цыдæртæ хордта. Булæмæргъдзинад Гаккуккæн лæвар Радта æмæ загъта: — Булæмæргъау, зар! Гаккуччы зарæг Мæргътæм хъыг фæкаст. Æвзæр у! — загътой, Гаккукк дын фæтарст. Цæргæсмæ хъæстмæ Гаккукк ысмидæг: — Мæ зарæг рæстмæ Нæу, уый ис сидæг... Цæргæс ын загъта: — Мæ бок у лæвар, — Æз хуыцау нæ дæн, Фылдæр мын нæй бар... Бæрзæндты хæтын, Паддзах дæн уый зон, — Дæу æндæр фестын Кæнын нæу мæ бон. МЫСТ Мыст æппæлыд йæхæдæй: — Тыхджындæр цæй мæхицæй, Хурæн куырдта йæ чызджы — Йæ сауцæст,. сауæрфыджы. Хур ын загъта: — Тыхджындæр Мæнæй мигъ у, ныфсджындæр. Бамбæрзы мын мæ тынтæ, Адæм фенынц фыдзынтæ. Ракур, мæ хур, мигъы чызг, Саулагъз у мæ сауæрфыг. Мыст та мигъæй ракуырдта, Йæхимæ йæ рахуыдта: — Ратт мын, — загъта, — дæ чызджы, Дæ сауцæст, сауæрфыджы. Мигъ ын загъта: — мæнæй уад Тыхджындæр у, хæты тагъд. Фæхæссы мæ фæсхохмæ, Куы йын кæсис йæ тохмæ, Мыст та уадæй ракуырдта, Йæхимæ Йæ рахуыдта: — Курын дын, уад, дæ чызджы, Дæ сауцæст, сауæрфыджы. Уад ын загъта: —Мæнæй гал Тыхджындæр у, уый æмбар - Йæ ных саразы уадмæ, Нæ мæ дары уæлфадмæ... Гал фæзылдта йæ иу фарс, Мыстæн загъта йæ ныхас: — Мæнæй тыхджындæр уидаг у, Гутонæн уый фыдызнаг у. Бауромы дæс цæды, Фехалы йын йæ фæды. Мыст уидагæй ракуырдта, Йæхимæ йæ рахуыдта: — Курын, уидаг, дæ чызджы, Дæ сауцæст, сауæрфыдæьг. Уидаг загъта: —Мæнæй мыст Тыхджындæр кæны йæ куыст, Тыхджындæр ууый мæнæй, Уастæн фæкæна дæдæй! Мæ бындзар мын ыскарста... Мыст мысты чызджы æрхаста.

"ЦÆСТЫ СЫГ"-1910

ИРЫСТОН Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Нæ кæмттæ, нæ дон, Лæнчытæ, уæлвæзтæ, — Дзæнæт у, уый зон. Цъититæ, сау хæхтæ Бæрзондæй кæсынц, Фыдæлты таурæгътæ Дымгæтæн кæнынц. Нæ хъæдтæ — бæлæстæ, Нæ саугæнд — æввар. Мæ уарзон, мæ фæстæ Хъæлдзæгæй ныззар... Нæ хуссар фæцъæхтæ. Цæгат ма — зæйуат. Æрхытæ — дыдæгътæ, Ком комыл æруад. Нæ кæмттæ — лæгæттæ, Къæдзæхтæй — æмхæст. Сау мигъты лæтæртæ Нæ хæхтыл — æмбæрзт. Нæ сæрвæт — кæрдæдæджын, Нæ хуымгæнд — цæндтæ. Нæ хæдзар—фæздæдæджын, Нæ сихор — цæттæ... Ирон лæг йæ бæстæй Куы сиса йæ къух — Йæ туг ын йæ фæрстæй Уæд цъирынц æдзух. Дардмæ ныл йæ зæрæг Нæ мæтæй хъæрзы, Нывондæн нæ сæртæ Æрхæссын бæззы. МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ Мæгуыр лæг куыстæн дæр Нæ зоны фæрæз, — Йæ сæрæй фæуæлдæр йæ хъалон, йæ хæс. Æххормаг—йæ зæнæг, Хæрзбæгънæг — йæ ус, Фырмæстаей йæхæдæг Йе стджытыл ныххус. Куы мæла, уæддæр æй Ныууадзынц кæугæ, Бæгъæмвад, бæгънæгæй, — Кæнынц ыл хъæртæ. Фæлмæн дзырд ызгъалы Сау хохы къæдзæх, Калм дæр æй æмбары, Байхъусы дзæбæх. Мæгуыры хæдзары Уад тымыгъ хæссы. Фынæй йæм нæ хъары,— Уынæргьгæ хуыссы. Артау, судзы зæрдæ, Фæрстæм лæбуры: «Уæу, Нана, цы фæдæ!» Мæрдтæм æм дзуры. Нывондæн куы хæссид Искæуыл йæ сæр, Исчи йæ куы фæрсид: «Куыд цæрыс ды дæр?» Йæ бæхæн куы кæрдид, Æнæвгъау, кæрдæг, Уæд афтæ нæ кæнид Хæрзцола, мæллæг. Быдыры куы кæнид Гутонæй хуымгæнд, — Афтæ тагъд пæ хæлид йæ хъуыддаг, йæ фæнд. Æхсырфæй куы кæрдид Сырх мæнæу дзæбæх, Ыстъæлфгæ, уæд цæуид Уæрдоны йæ бæх. Æдасæй куы хæссид Сау хъæдмæ фæрæт, — Хуыздæр æм нæ кæсид Йæ цардæй мæлæт. Йæ куыстæй æндæртæ Цæл-инас кæнынц, Сæ къухтæй фæндыртæ Хъæлдзæгæн цæгъдынц. ЦЪИУ ЙÆ ЛÆППЫНЫЛ ХЪАРÆГ КÆНЫ Ма тæх дын загътон, нырма лæппын дæ, Кæдæм атæхай, уый нæма зоныс; Дардæй мæм хъуысдзæн фынау дæ зынтæ, — Ихуарыны 'фхæрд тых нæма хоныс. Ахстон фæкодтон хос, хъæмпыхæлттæй, Мæ уалдзæджы цин ды бæргæ уыдтæ. Сайд дыл æрцыди уалдзæджы сæнттæй, Æркалд дыл цъити, къæдзæх хох-дуртæ. Загътон дын: ма тæх, нырма лæппын дæ, Хорз нæма зоныс уарын афонтæ, Быдыртæм акæс, — ихдзагъд хъæмпытæ, Кæнынц уым сагъæс цъиуты лæппынтæ. Ныр мæ саузæрдæ цæгаты мигъмæ Æхсæвæй-бонæй кæугæ дзыназы; Ныр дæм сау цæргагс кæд кæсы тигъмæ, Йæ къæдз цыргъ ныхтæй кæд дæуæй хъазы... Кæд дæ сау тæнхъуын цыбыр коцбра Цæргæс бындзыггай йæ ныхтæй исы; Кæд дæ сонт буар, додой мæ къона, Цæгаты бæсты ихæнæй ризы!.. Кæд дæ урс буар искуы ихы бын, Æндондзæх дурау, уарынæй тайы; Кæд дæ сонт зæрдæ, уæ мæ хуры тын, - Фысы уæрыккау, ме 'рдæм æхсайы!.. ХÆФСЫТЫ КЪАРОЛ ХЪАЗАР Æрæмбырд кодта хæфсыты Хъазар: — Ыскæнæм, — загъта, — нæхицæн хæдзар. — Хо-о-рз! — Загътой хæфсытæ, Ысуасыдысты æмхуызон. — Йæ бын ын ыскæнут пылыстæг, Сæууон ыстъалы — йæ цар. Æргъæу ын састæрут йæ къултæ, Мæнмæ йын радтут йæ бар... — Хо-о-рз! Загътой хæфсытæ, Ысуасыдысты та æмхуызон. Омæ нæ уæд та цы сайдтай, — Нæ хæхтæ, нæ бæстæ — лæбырд, — Сæрибардзинад нын куы загътаи, - Цæмæн фæсайдтай дæ дзырд? ФЫН Дысоны.фынтæ, дысоны... Терчы фæйнæ фарс æрзылдтæн; Адæм мæ тынг буц ыскодтой, Теркæй та бузныг нæ уыдтæн. Уæлхох быдыр у Ирыстон, Йæ бакаст зæрдæ рæвдауы. Уылæнтæгæнгæ, Æрыдон Теркæй дын хъазын фæлгъауы. Терк æмæ Æрыдон — лымæнтæ, Сур зæхх æртахæй рæвдауынц. Æрджынарæджы рæбынты, Хъæбыстæгæнгæ, фæкафынц. Хъæрмыдон цъитирæбынæй Æнæнизы хос фæрсудзы, Алы низтæ мæ кæлæнтæ йе 'хсидгæ донæй ныссудзы. Ирдгæйы сыгъдæг уæлдæфæй Хъæздыгдæр баестæ нæ уыдзæн. Æз никуы федтон, Ирыстон, Алцæмæй æххæст дæхуызæн. Лæджы туг, лæгау, кæмæ ис, Гъе, уый йæ хонæд сызгьæрин. Æз æндæр хъуыды куы кæнин, Уæд иунæг дзырд дæр нæ зæгъын. Æхсæв дыл мæйрухс ызгъæлы, Ирыстон, нæ уд, нæ зæрдæ. Бон дæ хурзæрин рæвдауы, Нывонд дын феста нæ сæртæ. Куы дыл-иу цъити ныууарыд, Куы дæ рагуалдзæг рæвдыдта. Амонды цалх-иу рæстæрдæм Цыдæр зæды хай фæзылдта... Æврагъы сау тар æрхæцыд Хохæй, быдырæй æмхуызон. Фыццаг хорз цардæй — зæрдæхъал, Абон æнкъард у Ирыстон. Терчы бафарстон мæ фыны: «Цæуыл æнкъард дæ, зæгъ мын æй?» Хохы цæссыджы æртæхтæ,— Фæлæууыди уæд цæуынæй. Ирыстонæй гуырд цæсты сыг, Сау хохы бынæй лæдæрсыс... Чи уын ныссаста уæ зæрдæ, Кагуындзастæй мæм куы кæсыс?.. Куы туджы малы тылдыстут, Куы хъæлдзæг рæстæг æрвыстат, Æфсымæртау, иу уыдыстут, Афтæмæй иумæ фæкуыстат. Ныр уын цы фæци уыцы 'хсар, Зæхмæ куы 'руагътат уæ сæртæ?.. Афтæ цæстмæ-цæст куыд ферох, Пы уын аивта уæ зæрдæ? Дон æмæ хæхтæ, быдыртæ Æнкъард цæстæнгас куы дæтты, Адæмты царды тыхстдзинад Хуыздæрты зæрдæ ныссæтты... Уæд Терк æнкъардæй ысдзырдта: — Искæй низы низ нæ хоныс? Фæстагмæ махмæ цы кæсы, Уымæй ды бæрæг нæ зоныс... Тых нын нал хъæуы, нал дæр хæст, Æнæ хъæр-цъистæй куы мæлæм. Æнцад-æнцад кæмæдæр Æхсæвæй-бонæй лæдæрсæм. Хист нæ фæкодта йæ быны; Ирæдæй хæдзар-фæнык нæй. Уастæн, фæбада хæрам уд Зындоны цады рæбынæй! Ирон лæг хицау нæ арæм, — Чи ма нын райса нæ хæстæ. Æнцад-æнцад фæцæуы Кæйдæрты къухмæ нæ бæстæ. Æппын æнæтуг, хæдмæлæй Сау хъæды дзæгъæл фæхилæм. Искæй хуымы стæм цыргъ æхсырф. Нæхимæ гыццыл ныхилæм. Гъе, уый дын нæ мæт, нæ сагъæс, Фæнды йæ фых хон, фæнды — хом. Хуыздæрæнхъæлæй фæстагмæ Зынæй-зындæрмæ фæцæуæм... Афтæ та сдзырдта Терчы дон, — Фезмæлыд, денджызы аныгъуылд... Мæ фыны фынтæ — диссæгтæ, Æхсæв, мæйрухсау, аныгуылд. Бирæтæ федта зынтимæ, Къæвда æмæ хур бон Ирыстон, Уæддæр бынтонæй нæ фесæфт, Зиан не 'руагъта йæхи 'фсон. Æнусмæ цæрай, нæ бæстæ, Адæмыл хыгъд уæнт дæ зæнæг. Курын дæ, хуыцау — дæ саби, Арфаг сын ракæн дæхæдæг. Райхъал дæн æмæ рабадтæн, Иунæгæй уаты хуыссыдтæн. Фынтæй хъæлдзæг уыд мæ зæрдæ, Ныр та фырмæстæй ыссыгътæн. Хурмæ баззайа сæ хæдзар, — Махæн нæ цардæй чи хъазы! Сæхи амарой сæ кардæй, — Нæ сæр нын хуыскъæй чи' дасы. Цасдæр фыд-зынтæ бавзарак, Уыйас дæ номæн — хуыздæр кад- Мауал рахъыг кæн, Ирыстон, Нæ фесæфдзæни дæ хорз цард. Хохы цъупп быдыр нæ комы, Сæнæфсир сындзыл нæ зайы. Æцæгæлонæй æфсымæр — Гæды дзырдтæй нæ ныссайы. Дысоны фынтæ, дысоны, Сæ уынд мын уыди æхсызгон. Фæлæ мæ афтæ хæрзбынсайд Фæкæндзысты, уый нæ зыдтон. ТЕРК Арвыком — гæмæгътæ, Æрæг ком, уынгæг. Æрхытæ-къæдзæхтæ — Йæ дымгæ — бæрæг. 'Терчы дон пырхкалгæ, Кæдæмдæр лæбуры. Фæйлауæн, фæйлаугæ, Фæйлауæны суры. Дур дурыл æппары, Бæрæгдæр — йæ фæд. Къæдзæхтыл фæкалы Урс-урсид йæ сæт. Нарæгæй фæдæлæ, Банцади йæ хъæр. Цæф сырдау, уæлæмæ Нал исы йæ сæр. Æнцадæй фенкъуысы Ирыстон-фæзæй, Цæугæ ныр, денджызы Æнусмæ ныссæй.

"ЦÆСТЫ СЫГ"-1911

ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ Æрцæгъд, æрцæгъд, фæндырдзæгъдæг, Дæ фæндырæн — æртæ тæны; Исты нын зæгъ ныры дугæй, — Ай нæ рæстæг цытæ кæны? Лæхстæ кæнæм æнахъазæй, Нæ цæсты сыг, донау, кæлы. Радзур нын уый, цы хуыздæр у: Нæ сау зæрдæ куы фæсæлы. Ма фæтæрс лæг, нæртон дæ кæд, Дæ удæн та цы хицау ис?! Радзур дзæбæх дæ зарджытæ — Фыдæлты кад, ныры намыс. Бамбарын кæн Ирыстонæн, — Дзæбæх æрцæгъд дæ фæндыры, Куыд æрвитынц сæ рæстæджы, Гъе, сын сæ цард цы хъыгдары! ЦАРД Мæгуырты цард куыд ыстауаем, — Хъæбæр кæрдзын цæххы тулынц; Хъæздгуыты цард куыд ысфауæм, - Нард физонæг хъармæй курынц. Хъæздыг адæм зæрдæрухсæй Алы райсом цай нуазынц, Мæгуыртæ та зæрдæхусæй Ихджын донæй сæ ком уадзынц. Хъæздыг адæм сæ кæрцытæй Тъæнджы мæйы сæхи стауынц, Мæгуыртæ та бæгънæджытæй Уазал къуымты хæрдмæ хауынц. Хъæздыг адæм сæнæфсæстæй Хъарм хæдзæртты хъæрæй зарынц, - Мæгуыртæ та фырыссæстæй Сæ былалгъыл кæуын дарынц. МÆ ЗÆРДÆ Æз — къуыдыркалм, сыджыты рын Мæхи фысеæг нæ хонын; Дугъонтимæ цьг нымайут Мæн, — сæпп-еæпп дæр нæ зонын. Афтæ цыдæр дзымандытæ, Сонт хъуыдытæ фæзарын. Нæ сагъæстæ куы базонин, Ууыл мæхи фæхъарын... Тызмæг уарын хохы рыгтæ Сæ бындзарæй ныммæрзы... Зæрдæ сау катай ыскæны, Бæсты сау мигъ нымбæрзы... Терчы дон сæ фæйлауæнтæй. Урс денджызы ныккалы. Залты цъити, æнусы мит Уæд нæ хæхтьг ныууары... Булæмæргъ зары, сау цъиу дæр- Уый зарджытæй æмбары; Æз дæр ма сын куы бахъырнон,— Хъыг уый искæй цы дагры? Хуыцау радтæд булæмæргътæ, Сау цъиутимæ куыд зарой: Адæмы маст, бæсты сагъæс Сæ зæрдæтыл куыд дарон... ИРОН ЧИНЫГЫЛ ЧИ НÆ АРХАИЫ, УЫЦЫ ИРОН АДÆМÆНЛÆВАР Байрагыл нæ бадут, — Бæх та махæн нæй. Кæрæдзи нæ уарзут, Уæ зæрдæ ныкъкъæй. Цалынмæ бæх арат — Байрагмæ кæсут. Базонут уæ фадат, — Сæрмæ йæ хæссут. Искæй хорз саулохæй Дæ байраг — хуыздæр. Хæсдзæн дын сау хохæй Бæрзæндты дæ хъæр. Сырæздзæн нæ байраг, Бæх уыдзæн — саулох. Нал уыдзæн уæд тъайлаг Нæ бæстæ, нæ хох. Йæ уасын, йæ хъæрæй Нæ бæстæ нæрдзæн. Хорзæй уæд — æвзæрæй Уый немæ цæрдзæн. Хурæй нæм хæсдзæни Бæрæг дзырд дзæбæх, Зондæй та уыдзæни Хох æмæ къæдзæх. КЪОСТА Рухсаг уæд Къоста, — Кодта ныл сагъæс, Уый тыххæй нæ кæны Ирыстонæй рох. Нæ загъта йæхицæн Нæ цард, нæ дарæс, Фæкодта рынчынæй Рæстдзинадыл тох. Йæ дзыхæй фæцыди Зæлдагау, йæ дзырд. Æгъдауæй фæфыста Йæ сæры фынтæ. Таубитæм нæ хъуыста, Хуыдта сæ-иу сырд, Йæ зондæй нывæзта Сызгъæрин тынтæ. Цырагъау, фæсыгъди Уый адæмы 'хсæн. Рухсаг уæд, æнусмæ Уæд уымæп йæ кой. Йæ къухæй нæ иста Æдзухæй фыссæн, Нæ кодта йæхицæн Æхсæв дæр æнцой. Йæ зæрдæ фæдзырдта Йæ бæсты сагъæс. Ныссау и, ныддур и Йæ бæсты мæтæй. Фæдардта цъæх цухъхъа Фыдæлты дарæс. Нæ тарсти рæстагыл Цæттæ мæлæтæй. Нæ талынг бæстæн уыд Ирд цæлхыдзаг мæй. Йæ рухсæй æрттывта Нæ сау хæхбæстæ. Йæ сæрæй лæбырди Сызгъæрины зæй... Цæмæй дын фиддзыстæм Дæ бирæ хæрзтæ. Фæхицæн нæ фæтæг Йæ уарзон бæстæй, Ыскæут йæ цыртыл Йæ уарзон лæгтæ. Æфхæрд уыд мах тыххæй Хуыцауы рæстæй, Фехæлдысты уымæн Йæ хорз фæндæгтæ. Нæ хæхтæ лæбырынц Тызмæг уарынæй, Нæ быдыр фæуыдзæн Лакъоны бынат. Йæ зæрдæ фæрысти Хъуызгæ зарынæй, — Кæд искуы батæфсид Нæ хохы цæгат. Тыхуадæй ныссæттынц Нæ хорз бæлæстæ... Уромын нæ комы Нæ тæвд цæсты сыг. Кæмæн ма фæдзурæм Нæ сонт ныхæстæ! Мæлæт нын ныхæлдта Нæ зонды мæсыг. Уæу, нæ хъал лæппутæ Бæрзондæй кæсынц... Тæрсын, куы фехæла Нæ номы гæнах. Нæ тæрхононтæ та Хæппæй дæр тæрсынц, Ничиуал сæ кæны Нароны гæрах. Махмæ сарæх ис Сусæг дывзагон, Знагау, нал уарзæм Кæрæдзийы цард. Хæлæгау, нæм уасы Фыдбоны халон, Уæддæр ма нæ зонæм Нæ судзаджы мард. Ма ферох кæнæм, ма, Нæ хорз фыды 'взаг. Цæмæй ма фесæфа Нæ мыггаджы кой. Базонæм нæ хæстæг, Гъе, нæ фыдызнаг!.. Къуылыхæй слæууæм Нæ лæдзæджы 'нцой. Ныззарæм æмбырдæй Иунæджы зарæг! Радзурæм зарджыты Зæрдæхалæн дзырд! Ракæнæм фæндырæй Сагъæсты хъарæг, Скæнæм Кьостайæн Номхæссæны цырт. Рухсаг у, рухсаг, Нæ бон æндæр циу, Дунеты хорз лæг, Рæстдзинадыл мард, Атæх æмæ фест Рухс дзæнæты цъиу, Ацы дунетыл Нæ амæлдзæн дæ кад. САГЪÆС Сау лæгтимæ куы нæ уаин, Уæд ма фылдæр фæцардаин... 0, ме 'мбæстон, Демæ фестон! Банызтой мын мæ туджы цъыртт Се схуыст ныхас, сæ тызмæг дзырд. О, ме 'фсымæр, Ды — мæхи 'мсæр! Базæронд дæн æнафонæй, Бадомдтой мæ æнахъомæй... 0, ме 'мбæстон, Цард дын фестон! ХÆРЗБОН Фæрсыс: цы мæ ис ныхасаг?! Радзурон дын мæ хабар: Ныры онг уыдтæн дæ уæфсаг, Ныр мæ мауал хон дæ цагъар. Хæрзбон, фервæзтæн дæ хæстæй, Ныр мæ мацæмæйуал дом. Дардмæ фæлыгътæн дæ мæстæй, Дæ цæст мæ нал уындзæн æргом. Куы мæ-иу æргæвстай цыргъ кардæй, Куы та дæ фæндыд мæ цæрын, Фæлæ мæ зæрдæ æнкъардæй Ысхъæлдзæг кодтай, — нæ зæгъын. Чи зоны, искуы дæ фынты Дæхи дæр фенай зæрондæй. Уæд-иу æрымыс мæ зынты, Дæхи ма сраст кæн æфсонтæй. Чи зоны, исчи мæ хуызæн Дæу дæр куы 'фхæра йæ сонтæй, Уæд базондзынæ мæ тухæн, — Æз кæй ба^зæрстон зæрондæй, Бæргæ дын уыди хъуыдиаг, — Зæронды 'фхæрын нæ хъуыди, Йæ амондыл кодта æрдиаг, Де 'нцой æнкъардæй лæууыди. Хæрзбон, фервæзтæн дæ мастæй, Ныр мæ мацæмæйуал дом. Мæ зæрдæ ныссау дæ кастæй, Уæддæр ма дын зæгъын — «хæрзбон» ДИДИНÆГ Дидинæг æнкъардæй Сындз къутæры бын Ысхъыг и йæ цардæй, Нал сæфы йæ рын. Йæ марæг сындзытæ Йæ алварс лæууынц, Сау къогъо бындзытæ Йæ уæлæ цæуынц. Уалдзыгон дидинæг Дымгæты фæрсы, Афтæмæй, мæгуырæг, Æнхъæлмæ кæсы: — Каед уыдзæн мæ рæстæг, Кæд æркæсдзæн хур?! Мæ бынат ныммæстæг, Кæд бауыдзæн сур? Мæйрухс мæм нæ кæсы, Нæ мæ тавы хур, Иу лæг мæ нæ фæрсы, Фæдæн сын ызмур. Кæдмæ мын тондзысты Сындзытæ мæ сæр?! Кæдмæ мыл омдзысты Сæхæдæг æвзæр?! Куы 'ркæсид мæныл дæр Уалдзыгон хъарм хур! Нæ уæндын зæгъын дæр: Мæ зæрдæ ныддур! ТУХСАГ УÆНТ Рухсаг уæнт фыдаелтæ, Гас сæ чи у — цæрæд. Фæкодтой хъуыддæгтæ: Мæрдты сын —дзæнæт! Хæринаг нæ хордтой, Нæ — дарæс хуыздæр. Афтæмæй фæкуыстой Хæрæгæй фылдæр. Æхсæвæр нæ хордтой, Лæппутæн æй — уадз. Сæ фырттыл фæкодтой Ыскъолаты хардз. Æнхъæлмæ кастысты Фыдæлтæ бæргæ: Фырттæ нæ дардзысты - Кæнæнт ньтн цæргæ. Каст фесты фæсивæд, Цæуынц ныр фиййау. Иу ма сæ фезюæлæд Рæстæрдæм, лæгау! Сæ кафтæй нырризы Сæ къахы бын зæхх. Иу дæр сæ нæ зæгъы Хисдæрæн дзæбæх. КУСÆГ ЛÆГ Кæд лæг дæ Уæд фезмæл, лæгау, Куыстæнма кæн Дæ хъару æвгъау. Изæрæй мыс Райсомы куыст, Райсом та-иу Хæрзраджы сыст. Ифтонгæй дар Гутон дзæбæх. Хъæлдзæгæй зар, Ма у лæмæгъ. Дæ галтæ дар Хосæй æфсæст, Уæд кæндзынæ Цардыл æрмхæст. Мæхъитæ би Бæрз талатæй. Дæхи базон Дæ фадатæй. Куыдзæн æппар Æхсыд ыстæг... Дзæгъæл ма саф Куысты рæстæг. Нартхор бакæн, Мæнæу — фылдæр. Ма дзы ныууадз Хæмпæл, гæн дæр. Хъуццытæ дар Æртæ-цыппар. Нæ дын уыдзæн Гъеуæд ызнаг. ДЫУУÆ ТЫХЫ Хъармдæр-хъармдæр тынг æртавы, Хур арвы астæуæй кæсы. Хурыл сау мигъ йæхи 'ппары, Дымгæ митуазал хæссы. Тынгæй-тынгдæр хуры тьгнтæ Комæй-коммæ нывæвдынц. Ихуарынæй хохы зымтæ Сæхи дагъты ныуæрдынц. Фылдæр-фылдæр дидинджытæ Фылдæр зайынц цæхгæрæй... Сау сынт, халон фидиуджытæ Банцайдзысты сæ хъæрæй. 'Тагъддæр-тагъддæр хохы дæттæ Къæдзæхбынтæй фæхъарынц; Хуры тæвдæй ихæн дæттæ Уалдзыгон бон фæтайынц. МАСТ Æвзæры хорз кæньй? Лæгæн у тынг зын, Уый митæм кæсын Лæгæн у тынг рын. Фыдуаг фыртæй фыдуаг куыдзæв Æнцондæр у йæ хæссын. Ыскъæфдзæн дæ фыдызгьæлтæ, Æндæр дзы æз нæ тæрсын. Фыдуаг фырт дын дæ хæдзары Ныккæндзæни хæлæттаг, Фæдавдзæн дын дæ фæллæйттæ, Нæ дьпгуадздзæн уæлæрттаг. Расыгæй йæм куы бакæсай, — Райдайдзæн уæд гæппытæ, Уæд уый мæстæй лæджы зæрдæ Фæцæй кæны тъæппытæ. Ахæм фыртæй æнæзæнæг Хуыздæр кæсæд дæхимæ: Адæн хæрын нæ бауадздзæн Хъæбæр кæрдзын цæххимæ. АХБОЛ ÆМÆ МИЛА Ахболмæ дын Мила куыдз уыд, Зынджытæ хауд йæ цæстытæй. Карды цæфтæй æнæ ныуæс Иу дæр нал уыд йæ фæрсчытæй. Йæ хицауы фæхъахъхъæдта Зæрдиагæй зæронды онг; Фосы 'мгæрон никуы уагъта Æзæргæнæг, бирæгъы 'рдонг. Цал хатты уыд карды цæфтæ, Цал хатты фæци гæрæхтæ, Уæддæр-иу Мила, райгæйæ, Йæ дзыхæй калдта цæхæртæ. Цал хатты уый бирæгъты 'рдонс, Карчы цъиутау, ныппырх кодта! Уæд-иу Мила йæ фырбуцæй Алæбон дæр хъуымыз хордта. Мæйдар æхсæв æрсытимæ Цал хатты уый хæсты бацыд! Ныр зæрондæй дуаргæрон Ихы сæрыл уынджы басыд. Йæ хъæрæй-иу фосы фæдыл Хуыснæг хæтын нæ уæндыди... Уæд Милайыл йæ хицау дæр Къæсæрмæ дæр нæ хъæцыди. Хæринаг ын хорз лæвæрдта: Дзулы ссадæй фæлмæн цымгæ. Ныр стонгæй зыр-зыр кæны Дуаргæрон, сым-сымгæнгæ Милайæн-иу йе срæйынæй Маргъ тæхын дæр нæ уæндыди, Ныр бындзыты йæ цæстыты Ахстон кæнын æрфæндыди. Ныр Милайæн зæрондæрдæм йæ хуылф, артау, фæздæг уадзы, Йæ царм фыдыл ныхъхъæбæр и, Хицау дæр ма йæ кæм уарзы. Дыуаргæрон ныттымбыл и, Нал ын уадзы холлаг дарын; Нал, дам, бæззы, ныззæронд и, Фæнд ыл кæны топпæй марын. Сырдты фæд-иу мæйдар æхсæв Сау хъæды дæр нæ рæдыди. Ныр зæрондæй йæ хицауы Йæ фесафын æрфæндыди. САНИБА Санибайы хæхтæ Бæрзондæй кæсынц. Цъи-умы фæзгъæртæ Æрхытæм кæлынц. Сау айнæг къæдзæхтæ, Нарæг ком — уынгæг, фыдæлты гæнæхтæ, Нал сæ и цæрæг. Хур вгакаст, нывæнды Хохæй-хохмæ тын. Мæгуырты æрфæнды Хаттæй-хатт мæлын. Райсом раджы сысты, — Хъæздыг ма хуыссы, Афтæмæй йæ куысты Сагъаеетæк тыхсы. Бон-изæрмæ калы Тугæмхæццæ хид, Изæрæй ныххауы, — Нал æм хъуысыг сидт. Суг сæм нæй, сæнæрттæ, - Уазалæй мæлвгнд, Зæппадзьы сæ мæрдтæ Хæррæгътæй. лæууынц. ЗЫМÆГ Фæхæцыдис их, Уад тымыгъ хæссы, Сау денджызы мигъ Нæ хæхтæм бырсы. Сæхгæдта зымæг, Нал нæм кæсы хур. Æврагъ фæтызмæг, Йæ зæрдæ ныддур. Мит халас хæссы, Мæгуыртæ ниуынц. Хæдзæрттæм бырсы,- Уазалæй ризынц. МАРТЪИ Мартъи, мартъи, хæххон зымæг, Быдырты мит фæтайы; Дæхи скæныс нæртон тызмæг, Нæ зæрдæ дæм æхсайы. Мит ныууары сардзины бæрц, Арвы мигътæй æмбæрзы: Чи та скæны йæ цæртты кæрц, Чи уазалæй æргъæвсы. ХАЛОН — Ныууадз мæ, халон, нал дæ фæразын, Дæ хъæрæй мæ зæрдæ риссы! — Æнкъардæй, мæстджынæй мæхиуыл дзыназын, Фырмæстæй мæ зæрдæ ризы.

ÆМБИСÆНДТÆ

ЦЫРЫХЬ ÆМÆ КЪАЛОС Цырыхъ загъта къалосæн: — Сымагæй бæстæ марыс- Уый дæм хæссын аххосæн, — Дæхи сыгъдæг нæ дарыс. Къалос загъта цырыхъæн: —Хæрзгæнæг хорз кæм ары... Хорз мын фæдæ иу мыхъхъæн, Дæ уайдзæф мæ фæмары. Куы бацæуыс хæдзармæ, — Уым гауызтыл фæхъазыс, Нæ фæкæсыс де 'мгармæ, Мæн фæсдуар ныууадзыс. Æз дæ дарын сыгъдæгæй, Уый куы зонис, уæд бæргæ Уæд нæ дзурис тызмæгæй, Нæ мыл кæнис хъæртæ. ДЗÆБИДЫР ÆМÆ МÆЛДЗЫГ Дзæбидыр хохы сæр Цад-доны ныккаст, Федта дзы йæ сытæ, — Диссаг æм фæкаст: — Адон та цы хæссын Мæ сæрыл, загъта, — Æгас къæдзæхтæ!.. Мæлдзыджы фарста. Мæлдзыг ын загъта: — Иу хатт уæм кастæн, Куы хæцыдыстут Сау хохы рындзыл, — Уæ сыкъаты хъæр Хох йемæ хаста. Цы хæцыдыстут, Цы уын уыд æмбис? Бæстæ æмхуызон у, — Уе 'ппæтæн дæр ис... Цæрын нæ зонут, Уарзондзинад нæй, Уастæн фæкæна Хæрам уд дæдæй! Махмæ ма бакæс! Сæдæ-сæдæ иумæ Куыд цæрæм, Кусгæ дæр — иумæ, Сихор-æхсæвæр Иумæ куыд хæрæм... Кæрæдзи уарзæм, Зыд дæр нæ кæнæм, Чи нæ хъыг дары, Уыдон фæтæрæм. Дзæбидыр йæ сæр Æруагъта дæлдæр, - Фæлæ сыкъатæ Нæ хауынц уæддæр. РУВАС 1 Æдзæрæг бæсты Рувас уыд æлдар. Фæсном ныхæсты Хъуыды кæн, æмбар. Иу гæды рувас Бæстыл фæхатти; Чи сайдта уыйас, — Иу ран нæ бадти. Йæ цармæй загьта — Цъæх хъисын пæлæз. Цардæн ыссардта Сайынæй фæрæз. Æвнæлдта зыдæй, Кодта уæри-рæ, Бындзыты мыдæй Фæхордта бирæ. Æфсæстæй уымæ Бакастæ, уæд цы: Ысхæццæ хурмæ йе 'взаджы фæрцы. Æрсытæн — цагъар, Уыдон дæр сайдта, Бындзытæн — æлдар, Мæстæй сæ мардта. Йæ гæды дзыхæй Сырдты фæсайдта, Бæлæсты дыргъæй Бирæ фæхаста. Афтæмæй рувас Бирæ фæцарди. Фæкодта минас, Уæддæр ныммарди. 2 Рувас, арсæй, бирæгъæй, — Ысхан ысты нæ сырдтæ: Сæрра, дам, и нæ домбай, — Райдыдтой йыл мæнг дзырдтæ. Домбай æцæг базæронд, Нал у, мæгуыр, йæ сæрæн. Сырдтæ кæнынц йæ разы Мæстæймарæн, ыскъæрæн. Домбай нал у зæгъынæн, Ныххæррæгъ и, не змæлы. Ныр та рувасæй хуыздæр Хъæды сырдтæм не 'взæры. Бакæс æм, уæд ысдомбай, — Кæй ма фæрсы истæмæй. Бæрзонд ныхас, тауби дзырд- Кæм ма тæрсы искæмæй! Æз æй фыстонгты1 мидæг Куы сфæйлауон кæрийау, — Хорз нал кæсдзæн йæхимæ Гæды рувас, нæ фиййау. ДОМБАЙ Æрæмбырд ысты иуран Фæранк, арсæй, бирæгъæй. Зæронд домбай къутæры Хуыссыд, мæгуыр, иунæгæй. Зыгъарæг дæр сырдтимæ Фæлæууыди фæндгæнæг: — Цæй, домбайы фæнæмæм, Хъыг нæ дары йæхæдæг. Домбайы дын афсæрстой, Нæртон над ын ыскодтой. Зыгъарæджы ассæстой, Хъуыды дæр æй нæ кодтой. Сырдтæ иууыл дзæбæхæй Фæцыдысты фæйнæрдæм. Зыгъарæг та фæлдæхтæй Нал улæфыд йæ дзыхæй. Домбай йæ маст иууылдæр Зыгъарæгæй ысуагъта. Нал дзы баззад иу мур дæр, Фыдджынау æй ыскарста. Афтæ, мæ хур, тыхджынæй Дæхи хъахъхъæн мæллæгæй, Кæннæуæдæ цытджынæй Баззайдзынæ хаерæгæй. ДЗÆБУГ ÆМÆ ХЪÆСДАРÆГ Дзæбуг æмæ хъæсдарæг Иумæ кодтой ныхæстæ. Дзæбуг загъта: — Æнæ мæн Ницы скæнис мæ фæстæ. Æфсæйнаджы æз хойын, Ныцъцъæл вæййы, дзуллагау, Ды та иуран куы бадыс, Ныффæлдæхыс голлагау. Хъæсдарæг дæр ысдзырдта, Афтæ зæгъы дзæбугæн: — Каед иуранæй не змæлын, Уæддæр зын у мæ удæн. Æнæ мæн ды цы скæнис, Цы бакусис, мæ лымæн? Ысхъиудтытæй, гæппытæй Ницы бæззы зæгъынæн. Афтæ быцæу фæкодтой Дзæбуг æмæ хъæсдарæг. Хисдæр чи у дыууæйæ, Уымæн фæу æвзарæг. ХУР ÆМÆ ХÆФС Иу хатт хур куыдта, Мæимæ дзырдта: —Мæ лæппу амард— Мæ иунæг бындар, Стъалыты æлдар, Чысыл мын ацард... Уæд æм хæфс дзуры: — Æз дæр дæ цуры Куы фæдæн мæрдджын. Мæ фырт амарди, Чысыл мын ацарди Мæ хъæбул — цæстджын. Уæд æз куыд лæууын, Куы нæ уал кæуын Мæ хъамбулцæстыл. Цъыфдзасты бадти, Ирддзастæй касти Дунеты бæстыл. Хур загъта: — Уæууау, Кæд мæ фырт дæуау Æвзæрæй фæцыд, — Афонмæ дæр ын Куы хъуыд амæлын, — Уый та дын мæ дзырд. Йæхæдæг рахатт, Бæстыл та ракаст, Бæстæ ныррухси. Ныккасти йæм хур, Хæфсы цад ныссур, Хæфс уым ныххуси. ХАЛОН ÆМÆ ХÆРÆГ Халон æмæ хæрæг Æрбадтысты къуыбырыл. Халон загъта: — Нæхæдæг Цæй бавзарæм зарыныл. Æрбахъырн мын дæхæдаег Бæзджынгомау, дзæбæхдæр... Ныууасыди нæ хæрæг, Ныннæрыди къæдзæх дæр. Халон загъта хæрæгæн: — Хорз нæ фæци нæ зарæг. Хæстæг ма мæм æрбабад, Мæ цард æмæ мæ дарæг! Æрбадтысты хæстæгдæр, Райдыдтой та сæ зарæг. Фæлæ уæддæр нæ фæхорз, — Сæ фыдхъæлæс — сæ сафæг. Уæд булæмæргъ къуыбырæй Афтæ дзуры зарджытæм: — Кæд уыдыстут дæснытæ Ахæм диссаг кадджытæм?! Цасдæриддæр фæзарат, — Æвзæр уыдзæн уæ зарæг. Уæхи цыфæнды хъарат, — Уæ фыдхъæлæс — уæ сафæг. ХÆЛЫНБЫТТЫР Куы мæргъты сайдта, куы мыстыты... Мæргътимæ-иу маргъæй тахт, Мыстытимæ 'мгарæй хатт. Æрæджиау æй базыдтой Æмæ йæ сæхицæй расырдтой. Ныр хæлынбыттыр налдæр маргъ у, Налдæр мыст: Æхсæв тæхы, Бон у 'мбæхст.

"КУЫРМ ФÆНДЫРДЗÆГЪÆГ"-1912

ТÆХУДЫ Тæхуды, адæм иу куы уаиккой, Куы уарзиккой кæрæдзийы бæлвырд, Куы 'ххæст кæниккой иунæгæн Йæ фæдзæхст, йæ ныхас, йæ дзырд. Сæрибар дуг, æмвæнд æфсымæрдзинад, Быдырты цæуид, нæргæ. Афтæ тыхст-уырыд нæ уаиккой Сæ цардæй уæлæуыл бæргæ... НЫРЫ ДУДЖЫ ЦАРД Цард ыстыхст, ысмæгуыр — Алæрдæм кæлæнтæ. Æрцæгъд-ма, мæ фæндыр, Ныззарæнт дæ тæнтæ Радзур, цæй, куыд цæрæм Æнæ зæхх, æнæ дон. Цы дарæм, цы хæрæм, — Ыскъуыдтæ нæ хæдон. Кæмæн нæй кæрдзын дæр, Чи 'фсæстæй ныхъхъæрзы, Кæй фæнды мæлын дæр, Чи бæстæ ныббырсы. Ысмæллæг нæ саулох, Нысхъистæ йæ уæрдон. Пырхытæ нæ сау хох, Хæрзафтид нæ хордон. Цы кусæм? Цы змæлæм? -— Алæрдæм — къæдзæхтæ. Цы сдзурæм? Цы зæгъæм? - Нæ дзыхты — къæбæлтæ. Нæ бонгуыст — хæлæйфаг, Алæрдæм хæлиутæ, Нал арæм хæлайфаг, Хæрзæргом — нæ риутæ. Цы кæнæм? Куыд цæрæм? Катайаг — нæ зæрдæ. Лæг кæм ис? Цы зæгъæм? Сагъæссаг — нæ сæртæ! Кусæг лæг — æнæхай, Аргъ ын нæй йæ куыстæн, Æнæуый цы зæгъай, — Хъæмпы мур — йæ лыстæн. Сындзын арт — йæ фæндаг, Къæдзæхтæ — йæ хуымгæнд; Зæгъынæн — найуæндаг, Йæ цардæй — хæрзныгæд. Оххай-гъе! Иу лæгæй Нæ хъусæм рæвдыд дзырд. Цы кæнæм иунæгæй? Нæ зæрдæ куы ныфсырд. Цардæнхъæл кæрдзынæй Не 'фсадæм нæ гуыбын. Куы сæйæм кæрз рынæй, Кæм ма ис фыды бын?! Æххормаг ыстонгæй, Сонт ныхас лæхурæм. Бирæгътау, æрдонгæй Фæйнæрдæм лæбурæм. Æххормагæй фыс дæр Кæрдæгмæ лæбуры. Æфсæстæй бирæгъ дæр Хуыссы мæ нæ дзуры. ÆНÆРХЪУЫДЫ ХÆСТ Мæ гутон — æдзæттæ, Мæ галтæ — быцæу; Хуымгæнæн æрхæццæ, Мыггаг нæй — мæнæу. Йæ дзыргъа — дыдæгътæ, Æфсæн нæу æндон; Йæ рæтæн — æндæхтæ, Гæрзбаендæны 'фсон. Йæ гинон — лыстæг уис, Зылынтæ — йæ конд. Æри-ма, цы нæм ис? — Куысты сæрæн зонд. Сау бадынц нæ бонтæ, Арв; мигъæй — æхгæд. Мауал кæн æфсонтæ: Фæлæу уал, æгъгъæд!.. Æрцæудзæни рæстæг, Бæрæгбон кæндзæн... Ыскæудзæн хъæбуллæг, Цæсты сыг мæрздзæн. РÆСТÆГ Ныббар мын, фæрсын дæ, байхъус мæм дзæбæх: Куыд фесæфт нæ цардæн йæ рæстæг, йæ кад? Ыстъæлфгæ нал цæуы саргъы бын нæ бæх, Хъыримаг ферохи, сызгæ ис нæ кард. Цалынмæ бæззыди нæ хъару, нæ тых, Уалынмæ нæ кодтам ызнагæн лæхстæ: Нæ разæй лæууыди нæ фæтæг хъæддых, Никæмæн лæвæрдтам нæ гуырæн бæстæ. Ном сæм-иу фæкасти фыдæлты хæрзтæм, — Знагæн нæ уагътой нæ бæстæ хæссын. Фæлæ ныр мах — уыдон фæлгæтæг, — цы стæм? Зæгъ-ма мын, ноджы дæ уымæй дæр фæрсын: Нæ сылтæ нал дарынц сæ сæрыл кæрдæн, Урс худæй раивтой сæ сæры дарæс. Уыдонмæ кæсынæй куыд раны фæдæн, Ныхъхъæрзы мæ зæрдæ, ныккæны сагъæс. Иууыл сæ нæ фауын, ныббарут мын æй, Æмхуызон нæ кæнын адæмы хæрзты, — Чи дары сæрбæттæн, чи — бæгъæмсарæй, Чи дары нымæтхуд кæрдæны бæсты. Æнæуи цы зæгъай: лæппутæ — цæттæ, Цырыхъæй, къалосæй, æппæтæй — æрмхæст. Изæрæй фæкæнынц къæрныхы фæндтæ, Сыхаджы бæхтæ, дам, радавæм æххæст. Иууыл сæ нæ кæнын æмхуызон хуыснæг, Рæстытæй мæхиц.æн уайдзæфæй тæрсын, Къæрныхтæн фесæфæд сæ дуджы рæстæг, Рæстытæн мæ зæрды нывондæн хæссын. Ирæд дæр нал сæфы, йæ бындур ныззылд! Ысцыбыр нын кодта нæ чысыл мыггаг. Фырзыдæй нæ зæрдæ нæ хъуырмæ куы ссыд, Зæрдиаг уæй кæнын — хæрзбыны хъуыддаг. Хистытæ райдыдтам хуыздæрæи-хуыздæр, Бинонтæн нал дæттæм кæрдзыны къæбæр. Æлæмтæ, бадæнтæ — фылдæрæй-фылдæр, Цæй ныр цу—: афтæмæй хъæлдзæгæй фæцæр! Ноджыдæр цы зæгъай: арахъмæ — цыбæл, Ыстырдæр цы къус у, гъе, уымæй хырхынц, Сæхимæ фæкæсынц, цыма сты цыдæр, Расыгæй къæрныхмæ хъазыуат бырсынц. ЗÆРÆДТЫ САГЪÆС Хæхтæ ризынц фырмæстæй, Бæстæ кæны лæбырдтæ: Нæ саефт уынæм нæ цæстæй, Ныууагътой нæ нæ фырттæ. Фырт фыдæн мур нæ дæтты, Нал ын фиды йæ хæрзтæ. Рæхыстæй йæ ныббæтты, Бахордта йын йæ бæстæ. Фырт йæ фыдыл не 'рвæсы, Мадæй федта йæ мæлæт. Хæдзармæ мур не 'рхæссы, Фæнды сыдæй ныммæлæд. ИРЫСТОН Нæ уарзæм нæ бæстæ, ныууагътам нæ хох, Кæмдæрты дзæгъæлзад, дзæгъæлмард кæнæм, Фæкодтам нæхи 'гъдау, нæхи 'взаг бынрох, Кæмдæрты сылæмгад кæрдзынтæ хæрæм. Урс сынтау, сæфдзæни нæ мыггаг, нæ кой, Исчи-ма зæгъдзæни: уыдысты кæддæр. Агурæм кæмдæрты нæ удæн æнцой, Нæхицæй ыскæнæм искæмæн кæсдæр. Ирон лæг, дæ бæстæ сагъæстæй хъæрзы, Ныууагътай сидзæрæй дæ гуырæн бæстæ; Чидæр дын дæ тугæй рувæстæ хæссы, Фæлыгътæ кæдæмдæр кæрдзынты фæстæ. Æгъдау дае ныббаста, нал дын ис гæнæн, Æрду дæр дæ бон нæу, æнцад лæу фысау! Раджы дын ыскодта Хинæйдзаг кæлæн, йæхи дæм равдыста, сауæрфыг чызгау... Сау хæхты, сау хъæдты уæгъд удтæ, сынтау. Нæ зыдтой цагъарад, нæ зыдтой æлдар. Æгъдау дæ ныббаста, мауал кæс, сырдау, — Бацагур дæхицæн зондхæссæг æмгар. Амондæй цух уыдтæ раджы дæр бæргæ, Нæ зыдтай рæстæгæн йæ фæстаг бæллон; Домбайау, фæхаттæ сау хъæдты. нæргæ, Æгъдау дын ныббаста дæ фæстаг кæрон. Ныр дæр ма нæ зоныс, куыд сæфы дæ кой, Цаддонау, лæдæрсы денджызмæ дæ уд... Нал арыс дæ бæстыл хорызад кæфой, — Æркæс-ма дæ митæм, дæхиуыл фæхуд. Нæ сæфы иу боныл дзыллæтæй мыггаг, Иутæ иннæтæм æнцад лæдæрсынц... Ирыстон, базон æй, дæ сæфты хъуыддаг, — Дæ зæнæг кæмæндæр сæхи фæдзæхсынц. Абон дæм хорз кæсы минæстæ кæнын, Райсом дæм æркæсдзæн ыстыр маст, хъæрзын. Хуыздæр у дæ бæстыл райгуырын, мæлын, Мæлæт у искæмæн тæбæгътæ сæрфын. Ма ныууадз иудадзыг дæ зæнæг дзæгъæл, Ма бауадз сабиты, мыдадзау, тайын; Исчи дыл æркалдзæн сызгъæрин цæхæр, Ма баком, Ирыстон, искæмæн сайын! АХУЫМПАР 0, хуыцау, ды зоныс Мæ зæрдæ, мæ рад, Дæхимæ мæ хоныс, Фæнды дæ мæ цард. Дæ хуызыл ыскодтай Мæ зæрдæ, мæ конд. Уд дæр мын цæвæрдтай, Радтай мын дæ зонд. Æз зонын дæ бартæ, Кæнын сæ æххæст, Фæлæ мæ нæ хъалтæ Нæ уарзынц æрмæст. Æз сын хорз куы кæнын, Уыдон мæ нæмынц. Сæ хъыгыл куы скæуын, Уæддæр мæ фæзмынц. Æз зонын дæ фæндон, Дæ бартæй мæм ис. Цу мемæ, — кæдæм цон, Ды зоныс мæ рис... Адæмæн фæдзурын Дæ бартæ, дæ дзырд. Сæ зæрдæ ныддурын, Ферох сæ дæ цыт. Æз æрмæст дæу зонын, Дæуæн дæттын кад. Дæ номæй дæ хонын, — Сараз сын сæ цард. Фæнды дæу алкæмæн, 0, бæрзонд æлдар, Сæ рæдыд адæмæн Дæхæдæг ныббар. Мæн æрхæсс нывондæн, Мæ уд дын дæттын, Ме 'фцæгыл æфсондзæн Де 'гъдæуттæ бæттын. Ныббар сын, нæ зонынц, Не 'мбарынц фæндаг. Сæхи раст фæхонынц, Сысты дæм уæндаг! Фæлæ сæм бæрзондæй Дæхæдæг æркæс. Мæ уд сын нывондæй Сæ сæрыл æрхæсс. Ныббар сын мæн тыххæй Сæ рагон æлгъыст, Сæххæст кæн дæ дзыхæй Дæ рагон æвдыст... МЕ 'МБÆСТОНÆН ДЗУАПП Бæрзонд сау хæхтæн сæ дуртæй Сау хъуына згъæлы фырмæстæй. Чидæр фæхæссы дзæкъултæй Мæгуырты фæллой нæ бæстæй. Иунæгæй ма зæгъ — нæ тæрсын, Уæззау дур къухæй — зын исæн; Дардæй мæм хъуысы дæ хъæрзын,— Хос ма йын ыссар дæ низæн. Марды хъæрæй хох ысризы, Сау айнæг ныккæны йæ цъæхахст. . . . . . . . . . . . . Каед дæ фæнды, уæд ныззарæм Сау хохы рындзæй, цæргæсау; Нæ рагон тыхмæ цы 'вналæм, — Ныры дуджы стæм зæрдæсау. Хосгæрдынæн дæм цæвæг нæй, Хуымгæрдæны — 'хсырф къуымыхæй, Дæ бæстæ— лæбырд, æмыр къæй; Мауал мын æппæл дæ тыхæй. Æнафоны хæрд гуыбынæн Марджы хуызæн у, нæ тайы; Ыстыр арт хъæуы гуыдынæн, Кæннæуæд къæйыл ныззайы. Ма 'ппæл æнæгал кæвдæстæй, Мардагрцыдау дæм фæкæсдзæн, — Чи ма аззади дæ бæстæй, Уый дæр дын цæргæс фæхæсдзæн. Цалынмæ рæстæг æрцæуа, Уалынмæ фæлæу æмбæхстæй, — Сидзæр гуыдыныл куы скæуа, Гъе, уæд-иу ракæс дæ цæстæй! МÆ ЛЫМÆН ЛÆГÆН Фыццагон æгъдау зæгъдзынæ: Егарæй-иу лæг æлхæдтой; Куы 'рхъуыды кæнай, хъæрздзынæ: Кæвдæсарды стур æнхъæлдтой. Ныр — иууылдæр иу, æмхуызон, Дæлдæр-уæлдæрæй бæрæг нæй. Иу уæнг, чи загъта, ныффыссон, — Фылдæр хай уымæн дзæнæтæй. Егарæй цы лæг æлхæдтой, Уый фырт йæ дзырдæй бæрæгдæр. Сæ фыдæлты сын æфхæрдтой, Ныр сæхи хонынц уæлдæрдæр. НЕ 'ХСИНÆН НАРД ГОГЫЗЫ ФЫДНÆТАИЫ Цыппурс æрцыди — бæрæгбон: Мæгуыртæ кодтой хомыстæ. Не 'хсины къухы йе 'хцадон: Базары 'лхæдта гогызтæ. Йæ фæстæ лæууыд зæронд лæг, Йæ къухæй хæцыд чыргъæдыл; Йæ риу æгомæй, æнæгънæг; Æхсинæн цыди йæ фæдыл. Йæ дзабыртæй зынд фæсæлттæ, Йæ худ — ыскъуыдтæ, гæмæхтæ; Йæ рихи ныссалд — фæдзæлттæ, Йæ цухъхъа — зæронд, хæррæгътæ. Зæронд лæг чи уыд, зæгъон æй, Æхсины мойæн йæ фыд уыд. Ахæм нæ федтон зæххонæй, Зæрдæйы мардта йæ фыдуынд. Сæ размæ 'рбацыд æндæр лæг, Арæзт, æппæтæй æххæст уыд; Зæрондау, нæ уыд фыдмæллæг, — Йæ гуыбын нардæй ныррæсыд. Гогызтæ 'взæрста уæззауæй, Нард ысты, загъта, нæ сайы; Æхсин ысдзырдта уæзданæй: — Нард гогызы фыд мын нæ тайы. Рæсыд лæг чи уыд, зæгъдзынæн; Æхсинæн уыди йæхи мой... Ахæмтыл зарæг фысдзынæн, Цæмæй сæ фыды нæ нæмой. Цалынмæ гогыз æвзæрста Цолагомауæй, фыдæй нард, — Уыдон тинты кæрц æмбæрзта, - Зæронд уазалæй фæцæймард. ТÆРИГЬÆДДЖЫН Мæнгæрдтæ фæхордтон Лæипуйæ нырмæ, Къæрныхтæ фæкодтон Гуыбыныл быргæ. Лæгмарæй фæцардтæн, Дывзагон куыдзау... Зындонмæ мæ 'ппардзæн, Зонын æй, хуыцау. Мæгуыртæн тæригъæд Нæ кодтон, лæгау, Къæрныхæй мæ ирæд Бафыстон — рæгъау. Хуыцауæй нæ тарстæн, Æфсæрм мæм нæ уыд. Уæлæмæ нæ кастæн, Фесæфтон мæ уд. Бирæгъау, лæбурдтон Адæммæ цаердæг, Хуымгæнæн нæ зыдтон, Хосгæрдæн фæззæг. Ныр зæронд хæррæгъæй Фæсмонæй мæлын. Хаудзынæн цæхгæрæй Зындонмæ, зæгъын... Ыскуыдта йæхæдæг, Йæ уатыл æрхауд. Йæ цуры удхæссæг Нывæрзæн æрбадт. Йæ уд ын ысласта, Хъыс-хъысгæнгæ, уæд, Хуыцаумæ йæ схаста, — Арфæгонд фæуæд. — Акæнут æй, — загъта Хуыцау, — дзæнæтмæ, — Цæсты сыг æруагъта, Куы цыд мæлæтмæ: «Дæ фæстаг боны скъуыд, Дæ цæсты сыгæй, Фервæзтæ ныр, скъуыхт, Зындоны сыгъдæй!» Афтæ йæм ысдзырдта Цытджын иу хуыцау... Йе 'ргом æм фæзылдта: «Цæугæ ныр, лæгау!» ФИЙЙАУЫСАГЪÆС Фыццаг лæг уыд сæрибар, Зæххыл-иу куыста уæрæхæй. Уый фæстæ нал уыд йæхи бар, — Цæджындзыл баст у уæрдæхæй. Хосгæрст ын уыд йæхи фаг, Хуымæн дæргъауæдз æвзæрста. Задæй бæгæны цæдæджинаг Къуырийæн иу хатт æхсыста. Хæбизджын минас нæ хуыдта, — Бур физонæг, сау бæгæны. Æлдар, цагъарад нæ зыдта — Ныр лæг сдзурын нæ уæнды. Фосæн нæ хъуыди хизæггаг, — Уæгъдибарæй-иу фæхызтой. Уастырджийæн-иу кусæрттаг Алы бæрæгбон аергæвстой. Ныр фос ыскуынæг, ысцыбыр, Зæххыл нал арынц хъæмпытæ. Къухтыл æвæрд ис æрмгуыдыр, Къæхтæй ма кæнæм гæппытæ! ЦЫ ФЕДТОН Мæгуыр лæджы зонд куы уаид, Уæд уый мæгуыр нæ уаид, Бæгънæг æмæ æххормагæй Тæригъæдæй нæ марид. Бакус ын зæгъ къуырисæры, — Æнцой бон у, зæгъдзæни, Нæ йæ уырнынц дæ ныхæстæ, Цыдæр сæнттæ цæгъддзæни. Къуырисæр, дам, рыны бар у, Бахиздзæн нæ йæ рынæй, Йæ сонæй нæ хызт уадздзæни, Бафсаддзæн нæ цæрынæй. Бакус ын зæгъ майрæмбоны,— Æнцой бон у, зæгъдзæни, Куы бакусон майрæмбоны, — Их, дам, хуымтæ цæгъддзæни. Уациллайæн уæрыкк хъæуы, Ыстыр мæтæй нæ хуысдзæн, Æгас мæйты хъæздыг лæгмæ Иу уæрыккыл фæкусдзæн. Уастырджийæн нæл фыс хъæуы, Уæрыччытæй нæ комы, Агурдзæни æфстау æхца Кусæрттагæн дæс сомы. Ахæм фæндтæй мæгуыр кæнынц Фылдæр ирон мæгуыртæ... Нæ, дам, кусын, æнцой бон у, — Нæ рамæрздзæн йæ цуртæ. Афтæтæ сты мæгуыр лæгæн Йæ митæ 'мæ йæ даутæ. Кæд дæ бон уа, уæд сын ыскув, — Минасæн ис æгъдаутæ. БАЛКЪАН ÆМÆ ТУРЧЫ ХÆСТ Цард тыхсы дугæй... Сармадзан нæрсы, Нæмгуытæ дзугæй Бæрзæндты хæссы. Тымбылæй калы Йæ дзыхæй цæхæр, Æнæвгъау мары, Лыг кæны цæхгæр. Пырх кæны бæстæ, Быдыртæ къахы, Дзыллæты хæрзты Ингæнмæ калы. Пырхытæй лæууынц Быдырты,хуырау, Зæдтæ сыл кæуынц, Дис кæны хуыцау. Цæргæсæй, сынтæй, Тугиаджын хæрынц, Цæф лæгтæ зынтæй Удисæн кæнынц. Дургай ызгъæлынц, Сау хохы цæндтæ; Дзыхъхъыты змæлынц Сау туджы цæдтæ. Абон мах ыстæм, Райсом — иннæтæ, Уæд цæмæн къахæм Раздæр ингæнтæ?.. МА ФÆСАЙ Ма фæсай дæхи дæр, Ма фæсай дæ бæстæ. Мадау дæ рæвдауы, Ма фесаф йæ хæрзтæ. Нæ газет - нæ зæрдæ, Нæ чиныг, — нæ зонд! 0, хуыцау, ыскæн æй Ныртæккæ бæрзонд! Мачиуал фæсайæд, Æрфыссут уæ къух. Иучысыл бакусæм Æмдыхæй æдзух. Кæд æппын махæй дæр Номы хъæр цæуид. Мах тыххæй адæмтæй Исчи хорз зæгъид. СÆРД Тагъддæр-тагъддæр зæхх ыстæвди, Бæлæстæ 'фтауынц сыфтæр. Хæхты-быдырты фæсæрди, Кусын райдыдта бындз дæр. Мæргътæ зарынц, бæстæ нæрсы, Дæттæ кæнынц уылæнтæ. Урс цъити хох хурæй тæрсы, Цæгат кæны хъулæттæ. Мит рынчын у, зымæг хъæрзы, Сæрд райдыдта бæрæгбон, Дымгæ мигътæ дардмæ хæссы, — Цард нун æрцыд уæларвон. Сæрибар дуг, царды бартæ Сæрд равдыста йæ хæрзтæй. Басур сты ихджын малтæ, Зымæг кæуы фырмæстæй. АЗАУ ÆМÆ ТАЙМУРАЗЫ ЗАРÆГ Таймураз: Уарзон, уарзон, мæ хуры хай. Æз дæ уындæй куы нæ 'фсæдын. Мæнæн кæм ис дæ хуызæн къай, Дунейы цард дæуыл дæттын. Уарзон, кæм дæ, кæцон бæсты? Ыскæн дæхи, дæ уд уæлдай; Зонын, кæныс кæмдæр мæсты, Ралидз ахсæв ме 'рдæм тæргай. Азау: Уарзон, цæуын де 'рдæм цæрдæг Мæйдар æхсæв боны хуызæн. Мæ зæрдæ сси мæстæй мæллæг, - Ме знæгтимæ кæнын тухæн. Уарзон, кæм дæ, фервæзын кæн Кæфхъуындарæй дæ уарзоны; Фыдхиуаджы къухты фæдæн, — Цы кæндзынæн, нæма зонын.

ÆМБИСÆНДТÆ

СÆГЪ ÆМÆ СЫЧЪИ Сычъиимæ дзырдта сæгъ, — Фæрсын дæ æмæ мын зæгъ: Дзæгъæл хæтынæй уыйас цы 'нхъæл дæ, Заууат фæкодтай хохы хæтæнтæ. Цуанон дæ куы ссары, Уæд дæ ныммары. Фæлтау мемæ цæр æдасæй, дзæбæх, — Нæ дæ цуанон хъыгдардзæн, нæ хох, нæ къæдзæх. Уæд æм сычъи дзуры, Йæ мидбылты худы: —Ау, мæ лымæн, уый мын куыд загътай? Ды лæджы къухы хорзæй цы ссардтай, Ахæст, дæ, ахæст, уый нæ зоныс, цы? Алæбон дын лæг дæ хурхыл хæцы. Цы сахат æй фæнды, уæд дæ раргæйды. Дæ нард фыд — бæркад. Æз хохы рындзыл бон сæрибарæй Æрвитын мæ цард. Уадз мæ, уадз, ме 'фсымæр, сæрибар хæтон. Ахæсты бæсты фесæфон бынтон. ТЕУА ÆМÆ ХÆРÆГ Теуа загъта хæрæгæн: «Хиз, мч хъæр кæн, æнцад лæу!: Куы нæ базона хуымгæс, Уæд нæ хъуыддаг дзаебæх нæу». Хæрæг уæддæр йæ хъæрæй Нæ банцади, зарыди. Хуымты мидæг алæрдæм Цæхгæрмæты кафыди. Уалынмæ йын хуымгæстæ Йæ фаерсджытæ ныннадтой. Теуа фæлыгъд кæдæмдæр, — Хæрæджы уым ныммардтой. * * * Исчи дын зонд куы амона, Уæд æм байхъус æнцадæй. Кæннæуæд дæ, хæрæгау, Ныммардзысты фырнадæй. ДЫУУÆ ФЫСЫ — Æрмæст нæ бирæгъ куы хæрид, уæд та цы кæны, Иу фыс иннæмæ бадзырдта. Фæлæ нæ æхсынкъ тынгдæр хъыгдары, джыбы та нын нæ туг бацъырдта. — Замана уый у, — загъта иннæ фыс, — Æфсæдæн сын нæй Æхсынчъытæ æмæ джыбытæн, Уастæн, фæкæной дæдæй! Бирæгъы бар нæ куы уадзиккой, Уæд та нын циу! Фæлæ нын бахордтой Ацы æдзæсгæмттæ нæ фиу! БАИРАГÆМÆ ЙÆ МАД Байраг эгъордта йæ мады разæй, Мад æй нæ уагъта, бирæгъæй йын тарст. Уæддæр нæ лæууыд, — йæ мады 'вастæй Дзæгъæлы хатти, йæ коммæ нæ каст. — Макæ! — загъта байрагæн ефс, Мæ коммæ дæр-иу кæс, Дзæгъæл ма цу. Бирæгъ дæ куы ссара искуы, — Бахæрдзæн дын де сгуы, Йæ дæндаг арц у. Байратæн бирæ фæдзырдта, Йæ коммæ нæ каст, Тар хъæд-иу кæм фæдта, Уырдæм-иу фæраст. Байраг йæ мадмæ Нал цыди æввахс. Иу хатт ын бирæгъ Атыдта йæ фарс. * * * Дæ хисдæры коммæ кæс, Йæ дзырдтæ дæ зæрдæмæ хæсс. Хорз дæм м'а кæсæд дæхи зонд, Кæннæуæд дыл æрцæудзæн Уыцы байраджы æмбисонд. ДОМБАЙ ÆМÆ МЬГСТ Домбай мыст æрцахста, Хæрын дæ, зæгъгæ йын загъта. —Хуыцау, дæ хорзæх радтæд, ма мæ бахæр!— Сдзырдта мыст. Дæуæн дæр искуы феххуыс уыдзæн бахъуаг бон Мæ куыст. Домбай бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Цымæ мын цы феххуыс уыдзæн мыст? Цы йæ бон у, цы — йæ куыст. Æмæ йæ куы бахæрон, уæддæр цы? Гъе, хуылыдз нæу, гъе, хус, Гъе, комдзаг нару, гъе, рус. Фæлтау æй ысуадзон, цæуæд, Фæндараст кæнæд! Мысты суагъта: — Цæугæ ныр! Ацу, æмæ та хуымты быр. Уыйфæстæ домбайы цуанонтæ Æрцахстой. Йæ къæхтæ йын бæндæнæй хорз Ысбастой... Куы райхъал домбай, уæд дæндæгтæй Цæхæр акалдта. — Ехх! — загъта домбай, — царæфтыд фæдæн, Арахъхъ мæ амардта. Уалынмæ дын мыст кæцæйдæр Æрсæррæтт ласта, Домбайы бæстытæ адзæнгæл ласта. Домбай фестади, хъæргæнгæ, Сау хъæды цæуы. Мыст дæр æм фæстейæ дзырдта: — Дæ хорз дын бафыстон, зæгъы. ДОМБАИ ÆМÆ БИРÆГЪ Домбай хуыссыд бæласрæбын, Саджы мард йæ разы лæууыд. Бирæгъ æм бацыди хæстæг, — Загъдæнхъæл дзы нæ уыд. — Цы мын кæндзæн, — загъта бирæгъ, — Домбай мæнæй тыхджындæр нæу. Холымæ æрæвнæлдта, хæры. Домбай йын фæрсылæй зæгъы: — Зыд ма кæн, мæ хæдзар, фæлæу, Холы иудадзыг дæуæн нæу!.. Бирæгъ бахудт æмæ фæкаст, — Домбайæ дæр уыйас нæ тарст. Æрæвнæлдта тынгдæр, хæры. Домбай та йын хъæрæй зæгъы: —Хуыздæр дын у, ныууадз, фæцу! Холы мæхицæн дæр бæрц у... Бирæгъ уæддæр хæры, тындзы, Саджы мардæй пæхи хынцы. Домбай фестад, загъта мæстæй: — Нал мæ фæцæудзынæ хъæстæй! Домбай бирæгъы ныццавта, Йæ фæрсджытæй йын дыууадæс Иунæг риуыгъдæн ныссаста. ГАККУКК ÆМÆ ЦЪИУ Гаккукк йæхæдæг цæуæт нæ кæды, фæлæ уалдзæг цъиуы сусæгæй цъиуы ахстоны æйчытæ æрæфтауы æмæ сæ цъиу къуыртт рауадзы йæхи æйчытимæ æмæ сæ ысхъомыл кæны. Куы схъомыл вæййынц гаккуччы лæппынтæ, уæд цъиуты ахсын æмæ хæрын райдайынц, цæвиттон, се схъомылгæнджыты. Гаккукк дзырдта цъиумæ: — Мондаг кæнын дæ фиумæ, Хæрдзынæн дæ, уый зон! — Уæ-ххай! — загъта цъиу, — Цы дын ракодтон, диу! Цы мæм хæссыс æфсон? Фæлмæн куы уыди мæ ахстон, Хъанау, буц дæ ысхастон, къогъотæ дын хастон, Хъæбулау дæ уарзтон, Уæд мæ цæмæн дæрыс? — Йейы! — загъта гаккукк, — Æз хæстæг куы мысон, Мæ зæрдыл сæ куы фыссон, Уæд куыд цæрдзынæн, зæгъ?! Бындзытæ ахсын нæ зонын, Къогъотæ мын нæ комынц, — Цы мын ратдзæни зæхх? Йæхи ныццавта цъиуыл. Бæлон сæм дзуры: — 0, мæ хæдзар, цъиу, цъыбыртт! Куы нæ уал кæныс сыбыртт, Цæуыл нæ кæныс фæрæз? Уый нæ зыдтай раджы,— Гаккуччытæ куы хастай, Къогъотæ сын куы ахстай Гъеныр дын фиды дæ хæс. Бæлон ныхæстæ дзырдта, Гаккукк та цъиуы тыдта. * * * Ацы æмбисонд дын лæвар Дæттын, фæлæ йæ æмбар. ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС Цæргæс æмæ халон Лымæнтæ скодтой, Æнæ кæрæдзи Къæбæр нæ хордтой. Халонæн цæргæс Кодта лæвæрттæ Сæгуыты фиутæ, Сагæн йæ нæрдтæ. Уæддæр ма халон Фæлмæнтæ 'взæрста, Хæйттæ фæсаууон Йæ рæтты 'фсæрста. Цæргæс а'м дзуры, Халонæй куры: Цы кæныс халон?! Бирæ дæ уарзын, Фæлæ дæ хъалон Миййаг нæ дарын. Хæйттæ цы 'мбæхсыс, Фаг нæу мæ лæвар? Кæд афтæ кæныс, Уæд цæр дæхи бар. Ныппæррæст ласта, Уæларвмæ сфардæг, Халон та баззад, — Хæдмæлты уазæг. ФИЙЙÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ Фиййæуттæ нæл фыс аргæвстой, Нард нæл фысы фыд хордтой. Куыйтæ сæм æнхъæлмæ кæсынц, Æхсыд стджытæ сын дæттынц. — Ехх! — загъта зæронд куыдз, Дзуг мах хъахъхъæнæм, Сырд, æвзæргæнæг дзугмæ Æмгæрон нæ уадзæм, Фæлæ нæ уæддæр тæрынц, Æхсыд стджытæ нын дæттынц. БУЛÆМÆРГЪ ÆМÆ УÆРЦЦ Булæмæргъ загъта уæрццæн: — Хорз кæй зарын, уый тыххæй Мæн ахæсты фæдарынц, Телтæй быд чыргъæдæй Мæн ракæсын нæ уадзынц. — Ехх! — загъта бынæй уæрцц. — Дæ зарæджы аххос у, Дæ бырынкъыл хæц! Маргæ дæ кæй нæ кæнынц, уый хорз, Ахæстоныл хъæц. * * * Хатт зарæг дæр бæззы, Хатт зарынæй дæр тæрс, Фадат дын куы уа дзурынæн, Уæд зæгъынæн дæр бæзз. ЦÆРГÆС ÆМÆ ЦЪИУСУР Цæргæс карк аскъæфта, Бæласыл ысбадт, Цъиусур æм дзырдта: — Цæй, хæрæм æй тагъд! Цæргæс ын загъта: — Скъæфын чи зоны, Уый хæрын дæр зоны, — Ды уал æнцад бад. * * * Дæ цæхтон кæм нæ уа, Уым дае кæрдзын ма тул. Куы нæ дæ фарстæуа, Уæд æм-иу ма. Дзур. УАЛЛОН ÆМÆ КАЛМ Уаллон калмыл йæхи барста; — Æз дæр дæ дæргъæн дæн, — загъта. Фæлæу, мæ лымæн! — сдзырдта калм. Тынгдæр аиваз уæрæх дæ царм. Уаллон айвæзта йæхи, — Аскъуыд æмæ ныппырхи. * * * Кæимæ дзурай, уый зон, Цы уай, дæхи уый хон. СУСÆНЫ МÆИ Хур æнтæф æркасти, Бындзытæ хæцынц, Хъомтæ бызычъи кæнынц. Хъомгæстæ сæ уромынц, Лæхстæ сын кæнынц, Иумæ лæуут, сын зæгъынц, Каеннæуæд зонут: Бындзытæ уæ хæрынц! * * * Æмдзырд адæмæн Сæ фæнд нæ хæлы, Куы фæхицæнтæ уой, Уæд сæ бындз дæр фæтæры. ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС Халон загъта цæргæсæн: — Цæй, иумæ хæтæм, Холытæ бирæ ис хъæугæрон, — Иумæ сæ хæрæм. —Гъей!—загъта цæргæс халонæн,- Æз хæдмæлхор нæ дæн; Æз мæхæдæг кæй не 'рцахсон, Уый хæрæн мын нæй. Цу, дæхæдæг, хæдмæлтæ хæр, Мæн ма мар хъæрæй! * * * Дæхæдæг кагй нæ бакусай, Уый хæрын æфсæрмы кæн. Худинаг у искæй фæллой Хæрын лабгæн. ХАЛОН Халон уæрцц ахсынмæ хъавыд, Уæрцц ын ахсын нæ куымдта. Уæд бæласæй цæргæс Халонмæ ысдзырдта: — Бынбауай! — загъта цæргæс халонæн, - Зон дæ хъару æмæ дæ асы, Фыдæлтæй баззад æмбисонд: «Халон, дам, уæрцц нæ ахсы!» Фæлтау дæ хицæн бад, хæдмæлтыл зил. Сымаггæнаг холытыл та Дæ бырынкъ ыстил. АРТ ÆМÆ АГ Арт тынгæй-тынгдæр Аджы бын сыгъди, Агæн йæ сыр-сыр Уæлартæй цыди. — Уæххай, гъе! — Загъта артæн. — Фыцæгау мæ сфыц. Цас мын зын кæны дæ цæхæр, — Уый дæр-иу æрхынц. Кæннæуæд æгæр куы стæвд уон, Куы скæлон миййаг... Лæхстæ йын кодта Уæлартæй дæр аг. Арт æм кæм хъуыста, æндзæрста йæхи. Аг йæ сæрмæ ссыд, Слæпирдта, — ракалд йæ былтæй, Арт дæр ныххуыссыд. * * * Хæтæг-хæтæг цæл ары, - Æгæр хæтæг цæф ары. УАГЪЫЛЫ — Ехх, — загъта уагъылы, — Сырх-сырхид æрттивынц Мæ дыргътæ дзæбæх, Фæйнæрдæм æрзилынц Къабæзтæ уæрæх. Сæнæфсир йæ цуры Æртасыд, æрзад, Уагъылы йæм дзуры, Сыстыдта йæ цард: — Алаз дын дæ сæртæ Лыг кæнынц, кæрдынц, Быркуыты дæ сæнтæ Æнхъизын кæнынц. — Уæххай, гъе! — Сæнæфсир Ысдзырдта мæстæй, — Кæд сдæн дæ хуызæн, — Фесæфон бæстæй. Цас раттыс дæ дыргъæй, Уыйас та гæбаз, Ратоныс дæ тыхæй, Мæгуыр лæджы фарс. БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪÆДХОЙ Бирæгъ фæтарсти Хъæдхойы хъæрæй, Бирæгь фæзылди: — Фыдæбон дæ хай, Хъæдхой, дæ сарæй! Уыцы къуырт-къуырттæй, Рагæй-æрæгмæ Хæдзар нæ кæныс, Гъе, цыргъ æхсырфæй Дæргъауæдз хуымтæ Миййаг нæ кæрдыс? — Уæххай! — зæгъгæ, Хъæдхой ысдзырдта, — Куы дæ базыдтон, Гъе, уæдæй нырмæ Фосы фæдыл Уыцы зылд кæныс, Урс уæрыччытæ, Бурхъус фыстæ Уыцы хæрд кæныс... Фæлæ дыл æз дæр Кæрц нйкуы федтон, Гъе, дæ даргъ худыл Быдтæ нæ быдтон. * * * Фыццаг зон дæ бон, — Чи циу, уый йæ хон. МЫСТ ÆМÆ УЫРЫ Мыст, худгæ, уырымæ дзырдта, Хæрзæггурæггаг дзы куырдта: — Гæдыйы, дам, домбай æрцахста, Æдас, сæрибар цард нæм хуыцау æрхаста. Гæды нæ нал ахсдзæн, Фесæфт йæ кой! Нал æруадздзæн домбай уый æнцой! — Е-е-е-е! — загъта уыры. Мæ хур акæнай, мыст! Искæй ныхасæй ма кæн дæ куыст. —Сырдтæм гæдыйæ тыхджындæр нæй, Уастæн, фæкæна йе схæссæг дæдæй! ХАЛОН ÆМÆ ИДÆДЗ УС Халон идæдз усы карчы цъиу аскъæфта, Æмæ йæ хордта. Идæдз ус æй фæстейæ сырдта, хъæргæнгæ, Йæ фæстæ ызгъордта. — Бабын уай, — загъта, — халон! — сдзырдта Идæдз ус. Цы фаг дын у мæ карчы цъиу? Иу комдзаг, иунæг рус. Фæлтау хъазтæ куы хæссис, Бур-бурид — сæ фиу, Раст дын афæдзваг уаид Иу хъазæн йæ риу. Фæлæ æвзæр дæ, æвзæр, халон, Фесæфа дæ сæр! Мæргъты фыддæр дæ! — зæгъин дын Цæхгæр.

"ФЫНТÆ"-1914

НЫСТУАН Райдыдтам та кусын, Арфæ кæн, хуыцау. Дæ хорздзинæдтæ Ма фæкæн æвгъау. Мæ зæрдæ ныддури, Фырмæстæй хъæрзын: Куы ницы та скæнæм, Уымæй дын тæрсын. Мауал æй ныууадзæм. Не 'взагыл нæ тых Æмхуызон бавзарæм, Ныллæууæм хъæддых. Цæмæй ныл ма худой Фæстагон фæлтæр, Нывондæн æрхæссæм Уый тыххæй нæ сæр. Райдайæм æмдыхæй Æфсымæрты куыст. Мачиуал ныккæнæд Æвзæр сылы хуыст. Цал хатты нæ газет Худинаг фæци?! Æрцæуæнт, фæсивæд, — Нæ Ирæй кæм ци... Æгъгъæд у, додойæ Нал исæм нæ сæр. Ныр уæддæр фезмæлæм, Адæмау, хуыздæр. Цъиу дæр ма йе 'взагæй Сыстауы йæхи. Махæн та не 'взагыл Фæхæцæг кæм и! О, хуыцау, фæкæс нæм, Раст фæндаг нын радт! Нæ уарзон кусджытæн Та — æнæниз цард. Мæлæтæй нæ тæрсын — Иу хатт у нæ хæс, Фæлæ дын фæдзæхсын: Худинагæй тæрс! ОС-БÆГЪАТЫРЫ МАДЫ ХЪАРÆГ Ракæс-ма, ракæс, базон дæ марæджы, Чи ма дын райсдзæн дæ туг! Рæхыстæй сбастой дæ бындар, дæ дарæджы, Чи ма дын аргæвддзæн хистæн йæ хъуг? Чи ма нæм бадзурдзæн тохæй, нæ хорз адæм, Чи ма нын райсдзæни кад? Аскъуыди, атъæпп, йæ зæрдæ дæ сау мадæн, Хæрздзæгъæл баззад йæ мард... ÆФСÆДХОН Знаг æрбацæуы, лæбургæ, Йæ карды ныфсæй нæ бæстæм, Топпы нæмгуытæ, лæхургæ, — Бавналæм мах дæр нæ гæрзтæм! Нæ Фыдыбæстæ нын куы байсой, — Сау хох ныккæндзæн æрдиаг. Нæ рæзты бæхтыл куы хъазой, Уый нын уæддæр у хъуыдиаг. Нæ сылтæн куы сисой сæ кæрдæн, Чызджытæй куы кæной хынджылæг, Нæ хуымтæй куы скæной уыгæрдæн, — Нæ цард ныууыдзæн хæрзмынæг. Уистæй нæ куы тæрой сæ разæй, Лæгтæн куы байсой сæ гæрзтæ, Куы нæм ныббырсой æмварсæй, Тыхæй куы байсой нæ бæстæ. Нæ фое нын куы байсой, нæ хортæ, Хæдзæрттаей куы скæной бæхдæттæ, Куы нæ ныккæной фæлхортæ, Сæхи нын куы скæной æлдæрттæ; Худинаг нæ истой сæ сæрмæ Кавказы хохæн йæ зæнæг, Карды цæфæй-иу цæхгæрмæ Ызнаджы лыг кодтой сæхæдæг! Худинаг куы райсæм нæ сæрмæ, Фыдæлтæн куы скъахæм сæ цырт, Нæхи куы 'руадзæм æвзæрмæ, — Ничиуал кæндзæн нæ дзырд. Бавналæм, бавналæм нæ гæрзтæм, Знаджы фæсурæм нæ бæстæй. Ма йæ бауадзæм нæ бæстæм Нæ къухы нæ кард æлвæстæй! СЫРДТÆ Хæхтæ, быдыртæ куы змæлой, — Сау хъæд фæздæгæй нæ зындзæн. Сырдтæ домбæйтты куы нæмой,— Туг, цæтджинагау, æнхъиздзæн. Хур уæд не 'мбæхсдзæн йæ тынтæ, Бонвæрнон хъуызгæ нæ цæудзæн, Сырдтæ зардзысты сæ фынтæ, — Хъырнæг æмбал сæ нæ хъæудзæн, Цуанон йæ топп нывæрдзæн, Сырдтæ уыдзысты сæрибар! Ыстонг кæрдзыныл нæ кæудзæн, Ничиуал хондзæн йæхи 'лдар! СИДЗÆР ЛÆППУЙЫ ФЫС ÆМÆ БИРÆГЪТÆ Сидзæр лæппуйы фысыл æртæ бирæгъы æрæмбырд Æмæ йæ тыдтой. Æзхуыздæронæй — алчи йæхирдæм. Тындзыдтой. Изæры афтидæй æрцыд. — Дæ фыс цы фæци? — загъта, Йæ мад æм хæцыд. —Æртæ бирæгъы йæ ныттыдтой, — Лæппу йæ мадæн загъта. — Дыууæ бирæгъы æддæрдæм хæцыд, Æртыккаг — ме 'рдæм ласта. — Нæ, Нана дæ фæхъхъау фæуа! — Мад йæ лæппуйæн загъта. — Алчи дæр дзы йæхирдæм хæцыд. Де 'рдæм дзы иу дæр нæ ласта.

ÆМБИСÆНДТÆ

ФÆРАНК, ГÆДЫ, АРС ÆМÆ БИРÆГЪ Раджы кæддæр фæранк æмæ гæды æрвад уыдысты. Алыхатт кæрæдзимæ хуынды цыдысты. Иу хатт дын бирæгъ гæдыимæ фæхыл, — Нал æй уагъта зæххыл. Гæды сниудта, схъæр кодта: — Цы фæдæ, фæранк, бирæгъ мæ хæры, Мæ бæстæй мæ тæры! Фæранк гæдыйæн сæрхъызæг рауад: —Æз дын мæнæ дæн, ма тæрс, ме 'рвад. Фæранк бирæгъы сырдта, Артау æй сыгъта. Арс та бирæгъы сæрыл фæлæбурæг — Сырдтæм загъд æрцыд: Каерæдзи ныммур кодтой, ныллæхурæг: Чи — æнæкъах, чи — æнæхъус, Кæмæн йæ фындз хауд, — Сæ туг лæсæнтæй уад. Сырдтæ кæрæдзийæн фыдмитæ ныккодтой: Чи — афæдз, чи — дыууæ, чи — æртæ басад, Бæстæ та куыд уыд, афтæмæй баззад. УЫРД ÆМÆ РУВАС Æргомæй ызнаг уыдысты, сусæгæй — лымæн, Кæсæгты нæрдтæ рувасæн бирæ фæхаста, Рувас дæр æй бирæ уарзта. Иу хатт кæсæгтæ уырдыл бахъаст кодтой судмæ. Бахордта нæ, загътой, уырд, сæфы нæ мыггаг. Равзарут нын нæ хъуыддаг. Суд æрбадтысты тæрхоны: арс, бирæгъ æмæ зыгъарæг. Рувас дæр семæ уыд — рæстдзинад æвзарæг. Стæрхон кодтой уырдæн мæлæт, Цы фæнды, дам, кæнæд. Сауындзæм æй, загътой, Йæ къæхтæ йын ысбастой. Рувас уырдыг сыстад æмæ афтæ зæгъы: — Мæлæт ын ницы 'фхæрд у ацы налатæн. Æз уымæн хуыздæр æрхъуыды кодтон, Ныры онг уымæн ницы ысдзырдтон: Бавдæлæм æмæ йын йæ къæхтæ суадзæм Æмæ йæ доны арфы ныппарæм. Гъе, уый йын уыдзæн æфхæрд, Мæлæт ын нæу æгъгъæд! — Хорз, — загътой суды лæгтæ: — Афтæ бакæнæм уæдæ. Уырды доны ныппæрстой, Фæлæ цы фæци, уымæн та цы 'мбæрстой. Уырд доны куы смидæг, Уæд æрбайсæфт йæ ризæг. КЪАННÆГ ÆМДЗÆВГÆТÆ, ЗОНДАМОНÆНТÆ КЪАННÆГ ÆМДЗÆВГÆТÆ * * * Гъей, джиди, искуыцæй исчи Мæ зæрдæмæ куы ныккæсид! Исчи нæ сагъæстæ Йæ зæрдæмæ куы ныххæссид! * * * Ахуысс, ахуысс, афынæй у, Мæ мады зæнæг. Рæхджы дæм у æрцæуинаг Сагъæс, хъæргæнæг. ИРЫ ФÆСИВÆД Худинаг уæм куыд нæ кæсы Æнцад бадын фыддæрадæн. Иу уæ, лæгау, куыд нæ тæрсы Фесæфынæй Иры 'взагæн! КУЫРМ Исты куы уынин, уæд бæргæ Дæуæн дæр хай кæнин мæ рухсæй; Нæ кæнин мæхиуыл уæд кæугæ, Адæммæ нæ кæсин уæд фæлурсæй. ФÆЛЛАД Фæллад лæгæн фæлладуадзæн: Сæрибар дуг, æнцад бадæн; Фæлæ мæнæн мæхи 'руадзын Никуы вæййы мæхи радæн. ДАИРАН. ТАМАРЫ ФИДАР Фæнды мæсыг фæндтæй фехæлд, Зæрдæ ныссау, ныддури, Дургай далæ Теркмæ фезгъæлд, Терк дæр мæстæй ныссури. * * * «Хуры тын» æрбакаст— Нæ зæрдæ ныррухс. Курæм дæ, хуыцау, Бакæ нын æххуыс! ЛÆджы ЗÆРДÆ Кæй цы уырны, Уый у йæ дин. Чи цы кусы, Уый та — йæ кад. Кæй чи æфхæры, Уый у йæ хин.. Чи кæй тавы, Уый та — йæ мад. ТÆХУДЫ Тæхуды ирон лæг Йæхи куы зонид, Йæхи, æнæмæнг, Бæстон куы хонид. Ирон адæм цытæ сысты?! Чи гуырдзиаг, чи уырыссаг, Чи тæтæйраг, чи кæсгон... Никуы федтон ахæм диссаг, Ныр куыд сæфы Ирыстон!.. УДХÆССÆГ Мæлæтæй та цæмæн тæрсыс? Дæ цуры ку' ис кæддæриддæр. Рамбæхс-бамбæхс цæмæн кæныс? Ыссардзæн дæ кæмдæриддæр. ТÆХУДЫ Тæхуды, йæ ныййарджытæ Бирæ кæй уарзтой, Кæй ахуыр кодтой Чиныджы дзæбæх; Æмгæртты 'хсæн-иу Зондæй кæй фарстой, Кæмæн нæ лæууы Балы 'хсæн йæ бæх. РÆСТÆГ Каркæй, кæркгæсæй Цъиуæй, цæргæсæй, Иууылдæр æмгæрттæ; Бæхæй, хæргæфсæй, Уырсæй, сыл ефсæй Иууылдæр æлдæрттæ. МÆРДТÆМДЗÆУÆГ Уадзын дунеты фæлывдæй, Æз нал хъусдзынæн сæ маст. Мæрдты раст лæгæн бæлвырдæй, Æз радзурдзынæн сæ хъаст. ÆФХÆРД Мæ тых фесæфт, мæ ныфс асаст, - Нал фæразын улæфын; Зæрдæйы туг мæстæй бацахст, Æхсæв-бонмæ уынæргъын. МЛЕТ Зæхх куы фыхти, йæ арты тæф Уæд къæдзæхты хæрдмæ хаста; Касфьщæгау, урс тæппæлттæй, Ныры хæхты хæрдмæ ласта. БÆЛЦЦОН — ЛАРСÆЙ «Лæтæртæ — лæтæртæ Сау мигъы тымбылтæ Хохæй-.хохмæ тæхынц. Денджызы тымыгътæ, Æврагъы тъыфылтæ Арвы комы нæрынц. СÆНА Сæнайы хæхтæ — Сау чысы дæгътæ, — Сау æндæрг хæссы. Дзæгъæлдзу дымгæ, Рæбынты ниугæ, Фæндæгтæ мæрзы. КЪОБ Бур-бурид — сæ хуымтæ, Кæрдинагæввонг; Фезмæлут, лæппутæ, Ма кæнут æвзонг. РАСЫГГÆНДЖЫТÆ Тузарæн ис Æртæ фырты: Иу —уырдыглæууæг, Иннае — уарæг, Аннæ — зарæг, Тузар — бадæг. Расыгæй кæнынц Сæхицæн цæсгом. Ай дын сæ митæ, — Куыд фæнды сæ дом. ИРОН ЛÆГ Ирон лæгæн арахъхъ дæтт, Æмæ дæ æдзухдæр ыстаудзæн. Йæ цуры та дæ дзых бæтт, — Зон, исчи дæ фæсайдзæн. ГОЙАТЫ ЧЫНДЗ Уастæн, ныммæлай зыдæй, — Бинонты чи мары сыдæй! Уастæн дыл бахæца кæрз рын, — Мæгуыртæн чи нæ дæтты кæрдзын! ХАДЗЫ — ЧАБÆДЗАУ Куы 'ргæвдыс хуыцауæн нывонд хъуырмайнаг2 Куы 'рхæссыс йæ размæ дæ куывд, — Уæд марыс зæххыл цаерæг удгоймаг, Нæ зæгъыс: ныббар мын, нæ фыд! ЗОНДАМОНÆНТÆ НЫФС Дæ ныфс куы асæттай, Уæд сæфт дæ, уый зон, Дæхи зæрондæй дæр Лæппу-лæгтæй хон. МÆГУЫРЫ ФÆНДАГ Мæгуырæн йæ фæндаг уæлæуыл — æхгæд, Мæрдты цы уыдзæн, уымæн бæрæг нæй. Ды йæм бадзурынц, — алцæуыл æгъгъæд, Уæлдай ысдзурын йæ бон нæу хъæрæй. ХÆРАМ ЛÆГ Æвзæр лæгмæ æвзæр ныхас Йæ удæй дæр хуыздæр кæсы; Цы йын дæттай—дзæгъæл фæлхас, Нæ йын хъæуы, нæ йын бæззы. ХЪАЛТÆ Уадз æмæ хъалтæ минæстæ уарзой, Сæ сой æнхъиза сæ сæрæй хæрдмæ. Уыдон пъадвалты сæны тæф уадзæнт, Цалынмæ æгас уой, нæл хуыйау, уæдмæ. * * * Лæг дæм худгæ куы дзура, Уæд æй зон, уый де знаг у. Лæг дæ исты куы кура, Уæд ын æй ратт,—де 'мгар у. * * * Лæг кæмæй райгуыра. Уый зæрдæ хæссы. Цы бирæгъы фена, Уый цæстæй кæсы. МÆГУЫРЫ ДУГ Зонын, мæ уындæй дæ зæрдæ Никуы фæдзуры — бафсæдон. Уæддæр мæгуырæй гæндзæхтæ Дæ разы цæгъдын алæбон. ПОЭТ Цы поэт искæмæ хъуса, Уымæн йæ аргъ у хъампыхал; Искæй фæндонæй куы куса, Уæд нæу иууыл йæхи бар. ХЪÆБАТЫР Зындзинады фидар лæууын Лæгæн хъæуы, чъырын сисау. Нæ йын бæззы, чызгау, кæуын. Хъынцъым кæнын, æвзæр усау. Лæг йæхæдæг йæхи митæй Йæхицæн у фыддæр ызнаг. Дæхи хъахъхъæ лæджы хинтæй, Бæстæ сафы хæрам девзаг. СÆРИБАР Цагъарадæй фæнык къæфын Хуыздæр кæсæд дæхимæ дæр; Искæмæнты цырыхъ сæрфын Макуы 'рхæссай дæ сæрмæ дæр. * * * Ахуырдзинад цы пайда у, Зондджын куыст дзы куы нæ кæнай; Цæмæн хъæуынц бкрæ юстае; Дзæбæх кæрдзын куы нæ хæрай? * * * Хорзгæнæг лæг дуне сæттьг, Æвзæргæнэдг бон дæр тæрсьг, Æхсæв-бонмæ хъгьугæраетты, Æрра куыдзау, дзæгъæл лæсьг. * * * Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны, Æвзаджы цæф — æрæгмæ. Фыдæвзагæй бæстæ хæлы, — Макуы йæ 'рхæсс дæ сæрмæ. * * * Мæгуыр лæгæн йæ хæринаг йæ тугæй у æлхæнинаг. * * * Куыстæй йæхи чи нæ дары, Уый кусæджы туг лæмары. * * * Иутæ кусæгæн йæ куыст уарзынц, Йæхи та йын мæстæй марынц. * * * Мæгуыр кусæг йæ къæбæрæй Кæйдæриддæр рæвдауы, Магуса та йæ къæйныхæй Кæмдæриддæр фæлгъауы. МАГУСАТÆ Бирæ хуыссынц, чысыл кусынц, Адæмы туг цъырттгай дуцынц. СУГДЗАУ 1 Фьфгуыстæй — фæлмæцыд, Æнæскаст, æнкъард, Йæ зæрдæ — мæстæй сыгъд, Тыхст-уырыд — йæ цард. 2 Тыхджын мæгуырæн Йæ уæнгтæ бæтты, Йæ куысты мызд ын Ысхуыстæй дæтты. * * * Ахуыргæнæгмæ хъус, Дæ бонтæй иу дæр ма саф. Хуысгæ-иу кæн цъус, Дзæгъæлы дæр-иу ма каф. ЦАЛЫНМÆ ÆГАС ДÆН Куы амæлон, уæд мæ хорз Йæ хъæуы, — Цалынмæ æгас дæн, уалынмæ мæ рæвдау. Фæсарæфт хæринаг зæрдæмæ нæ цæуы, — Цыдæриддæр йæ афоныл фæлгъау. ГÆДЫЙЫ КЪАХ ЦЫБЫР У Сæр бахъуыди æвзæр лæджы, Уæд де 'фсымæр, дæхи уыдзæн; Куы нæ уал уа фыд уынгæджы, Уæд дæм кæсдзæн куыдзы хуызæн. СÆУУОН ФИЙЙАУ Сæууон фиййау, Уырызмæгау, Йæ худинаг куыд æмбæхсы, Бон хъæууынгты, къуымзил лæгау, Гуыбыр-гуыбыр фæцæйлæсы. РÆДАУ ÆМÆ ЧЪЫНДЫ Рæдау лæгмæ йæ фыдгул дæр Хæлар вæййы кæддæриддæр. Чъынды лæгмæ йæ хъæбул дæр Хæрам вæййы кæмдæриддæр. САБАТИЗÆРХÆССÆГ Сывæллæттæ сыдæй мæлынц! Сабатизæр кæдæм хæссыс? Хæринæгтæ уыдон хъæуынц, Хæлæйфаг сæ цæмæн кæныс? ÆМБИСОНД Зылын къæцæл дон нæ ласы, Растæн та йе 'фхæрд бирæ у. Ыстонг уасæг хорз нæ уасы, Æфсæстæй куыдз дæр бирæгъ у. ДЫУУÆ БОЦКЪАИЫ Дыууæ боцкъайы тылд, Иу афтид уыд, иннæ — 'дзаг. Афтид схъиудтытæ кодта, Уæддæр нæ фæци фыццаг. ПЪАЛТЪО Пъалтъо дар, Зондæй фæнды Мацы 'мбар, Уæддæр дын кад кæндзысты, Дæ пъалто дын сæрфдзысты. Пъалтъо дыл куы уа, — Дуне — дæу; Куы нæ дыл уа, — Æддæ лæу! * * * Куы зæгъын бæззы, Куы зæгъын даер нæ. Дæ куырой цы ссы, Кæрдзын уымæй кæ. * * * Хорз лæг адæмæн царды хос хæссы, Фыд лæг адæмæн сæ уындæй тæрсы. Хорз лæг адæмæн цæры, Фыд лæг адæмы хæры. * * * Æдзæсгом лæг цыдæриддæр фæразы, Йæ къæйныхæй кæмдæриддæр фæхъазы. МÆСТЫГÆР Мæстыгæр лæг йæ фырмæстæй, Цы фæдзуры, уый нæ зоны; Йæ сау цæсгом, цъыфы сдерстæй, Адæмæй хуыздæр фæхоны. ФЫД ÆМÆ ФЫРТ Зæронд лæг дæн, ма мæ хъыгдар, Ма мыл хъæр кæн фыддзыхæй, — Разындзæн дын ахæм бындар, Дæу чи 'фхæрдзæн мæн тыххæй. МÆ ГÆДЫ ЛЫМÆНМÆ Кæд дæ фæнды мемæ цæрын, Уæд мæ ма сай цæстæнгасæй; Æз дæу тыххæй мæрдтаем цæуын, Ды мыл худыс уæлбæласæй. * * * Дзæгъæлдзыхæн ныббар, Зондджын демæ цæрдзæн, Лæджы дзырдæй фæлвар, Сабыр куы уа — бæздзæн. * * * Æнæбары бæх дыгæйттæ хæссы, Мæгуыры зæрдæ хæппæй дæр тæрсы. * * * Зынгæй куы хъазай, — Дæ къух дын судздзæн. Донæй куы хъазай, — Хуылыдз дæ кæндзæн. Зæххæй куы хъазай, — Сыдæй дæ мардзæн. * * * Зæрдæ фæндтæ ссары, Зонд сæ лыстæг луары. * * * Дæ къух хæстæг куы нæ 'ххæсса, Уæд æй дардмæ ма иваз. Дæ царды дуг куы нæ бæзза, Уæд хъуыды кæн, ма-иу хъаз. * * * Æвзæрмæ ма кæс, — Хорз йæхи хъары; Адæмы сагъæс Йæ зæрдыл дары! * * * Хорзæн йæ кой нæ сæфы, Æвзæр — удæгасæй мард; Хорз адæмæн фæцæры, Æвзæр кæны йæхи нард. * * * Йæ куыстæй йæхи чи дары, Уый адæмы дæр рæвдауы. * * * Чи у кадджын, чи — къуылых, Чи та — барджын, чи — æдых. * * * Гæртам куы исай, уæд æй зон, Ацы хатт дæм ыссардзысты æфсон. * * * Искæмæн куы уай аггæл, Уæд дæ хорзæй ма 'ппæл. ИРОН ЛÆГ АМЕРИКÆЙЫ Ирон лæг цæфæй цæфы 'хсæн Æнхъæлмæ кæсы. Хуыздæр æнхъæлæй йæ сæры фæтаев Цæфæй æрхæссы. СОСЛАНБЕГÆН Зонын, зонын, ма мæ хъыгдар, Мауал мыл кæн æвдисæнтæ; Рагæй нæ дæ лæгæн æмгар, Мауал мыл хæсс æмбисæндтæ… Ныууадз мæ, халон, Дæ хъæрæй тæрсын. Кæдмæ дын барон Фыдуацтæ хæссын?! комдзог «Комдзог фæуай» — фыдæлтæ Æлгъыстæн уый нымадтой, Ныр Ирыстоны æвзæртæ Сæхи уымæй ысхастой. КУЫ ДÆ ФÆНДА Зондджыны фæрс, Æдылыйæн амон. Дæ ныхасмæ кæс, — Зон ын-иу афон. * * * Æххормаг бирæгъ кæртмæ лæбуры, Мæстджыны зæрдæ хæрд дæр нæ куры. * * * Æнæфсæстæй ирон лæг Хуыцауы дæр нæ мысы, Куы бафеæды йæхæдæг, — Уæд та бæстæ ныббырсы. Мæ дзырдтыл чи худа, Уый иры 'хсæн фæцуда! * * * Æнæгъдау митæ бирæ уынын мæ цæстæй, Хаттæй-хатт дзырд нал фембарын мæ мæстæй. * * * Дæхи куы фауай, уæд дæхи стауыс, Дæхи куы стауай, уæд дæ дзырд сафыс.

ПРОЗÆЙÆ ФЫСТ ÆМДЗÆВГАЕТÆ

УАЛДЗÆГ Уалдзæг æрцыд. Акæс бындзытæм; акæс мæргътæм, акæс мæлдзыджытæм, фос, æппæтмæ: базмæлыдысты, кусынц. Бæстæ йæ фынæйæ райхъал. Цалынмæ хъал у, уалынмæ бакусын кæн дæхицæн, куы та бафынæй уа, уæд зон, дæуæй фæхицæн. Акæс, акæс, иу уалдзыгон бон æгас зымæгæй фылдæр кусы, милуантæй дæр æй нæ раздахдзынæ, куы аивгъуыйа, уæд. Зæххы æфсæрмы бафтау, халсар, алы хор дзы байтау, Фæззæг куы рæмбырд кæнай дæ фæллой, уæд зымæгимæ хæцдзынæ, дæ исæй мæгуыртæн дæтдзынæ. ÆРÆГВÆЗЗÆГ ИРЫСТОНЫ Æрæгвæззæг хъарм боны хур дард арвы кæрон йæ цæсты зулæй хохы хуссæрттæм йæ мидбылты худт, урс къæдзæх хæхтæ, æвзистау, æрттывтой. Хуссар лæнчытæ бур цъæнут хуыз лæвæрдтой. Цæгаты их фæхæцыд, Хохы сæртыл зымæг урс сарыхъ атыхта. Барджын цæстæнгасæй быдырмæ кæсынц. Стыр, арф кæмтты æрæгвæззæджы фæлм фæздæгхуыз дзылæрттæй ныббадт. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ сыфтæртæ, заргæ, йæ разæй згъордтой. Хохы сырдтæ—гæрæм, сырх, зæрдæхъалæй гæппытæ кодтой: «Ехх, загътой, иууылдæр ахæм сæрибар дуг куы уаид!» Фæлæ иу рæстæг бирæ нæ хæссы. Æрæгвæззæг фæци. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. Сау мигъ хæхтæ, кæмттæ æрæхгæдта. Бæстæ баталынг. ЗЫМÆГ ИРЫСТОНЫ Арв хъулæттæ райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. Сау мигъы уылæнтæ хæхтæ, бæстæ æрæмбæрзтой. Митуарын фæйлауæнтæ кæны. Бæстæ æрæхгæдта. Зымæг йæ урс кæрц зæххыл айтыгъта. Бæстæйы сау къуыбыр нал фæзынд. Хохы сырдтæ къæдзæх рæбынтæй мæгуыр цæстæнгас дæттынц. Уадтымыгъ фæлдзæгъдæг хæссы, дзæбидыртæ йæм сæ ных сарæзтой. Халæтты уасынæй зæрдæ тартæ кæны. Фос схъуынтъыз сты, зымæг сæ æфхæры. Сыбыртт нал кæнынц. Хъæздгуытæ сæ кæрцытæ скодтой, мæгуыртæ уазалæй ризынц; Зæйты гуыргуырæй къæдзæхтæ арауынц. Хур дард арвы кæронмæ ахъуызыд, кæмдæр æнусон мæйдары аныгъуылд. Быдыр их фестад, мигъ æй бамбæрзта. Дон цæм ласы, æлхынцъытæ кæны. Уазал тынгæйтынгдæр йæ тых равдыста. Зæхх ныссалд, ныхъхъæбæр, бафынæй, амарди. Адæм хæдзæрттæй æддæмæ нал кæсынц. Зæронд лæг ма уæлхæдзар мит мæрзы: «Ехх, загъта, фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй, уастæн, фæкæна нæ зымæг дæдæй!» УАЛДЗÆГ ИРЫСТОНЫ Уалдзæг æрцыд. Бон фæдаргъи. Дон фæбур. Хуссар фæцъæхи. Цæгат фæхъулон. Бæстæ, сгæлладау, цъæх адардта, йæ мидбылты худы, уарзон, хъæлдзæг цæстæнгас дæтты. Бæлæстæ сыфтæр рафтыдтой. Хурыскæсæны ирдгæйæн фæлмæн хъырнынц. Зымæгæй æфхæрд фосы дзугтæ уалдзæджы цъæхæй сæ мондаг уадзынц. Сырдтæ хохы фидæртты бæрзонд хæтын райдыдтой. Сæ саеныччытæ сæ разæй гæппытæ кæнынц. Уалдзыгон мæргътæ алы 'взагæй зарынц, ахстæттæ кæнынц. Хур æрæндæвта. Мит дон фестад. Денджызмæ тындзы. Адæм уалдзæджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзыбыр кæны, чи мыггаг тауы, чи йæ фос хизæнмæ тæры. Зæхх йæ тарф фынæйæ райхъал æмæ цæрджыты базмæлын кодта. Бындзытæ, къогъотæ ратæх-батæх кæнынц. Уалдзæджы уддзæфæй чи нæ базмæлдзæн, ахæм уд кæм и? Зæронд лæгтæ ныхасы бадынц æмæ рагон таурæгътæ хæссынц. Чысыл лæппутæ сæ разы бадынц æмæ сæм хъусынц: «Оф, оф, — загътой, — уалдзæг—дзæнæт, де сфæлдисæгæн макуы уæд мæлæт!» СÆРД ИРЫСТОНЫ Сæрд æрцыд, æрæнтæф. Хур бæстæ судзы. Æнусы цъититæ лæбырынц, тайынц. Дзæбидыр сырдтæ цъити рæбынты, хохы фидæртты сæхи рæвдауынц. Угæрдæнты зæлдаджы хуызæн кæрдæг дымгæ фæйлауы. Хосдзаулæг кæттаг хæдоны, зæхх быныл дасы. Чызджытæ, чындзытæ ссивынц, цъæх хос улæнтæ кæнынц, мæкъуылтæ амайынц. Хуымтæ бур- бурид адардтой, цæттæ кæнынц. Хурыскæсæны ирдгæ сæ рæвдауы, æнцад сæ ауз-ауз кæны. Сау фосы дзугтæ бæрзонд æнæбындз хæхты, митгæрæтты ривæд кодтой, сынæр цæгъдынц. Фиййæуттæ æрдæгсæрст цыхтæй фугæхъæд артыл дзыгкатæ кæнынц. Фиййауы цард дæр иу бон æвзæр нæу! Кæрæдзи хонынц. Зæронд ус æфсинтæ хæндгуытæ æвæрынц, цыхтыты астæу садзæнтæ садзынц. Урсы къуырийы арвы дурын ма чысыл хъуаг уыд, æмæ йын хуыцауæхсæвы цæрвæхсидæн кæнынц. Адæм куыстмæ бавнæлдтой: хор, хосы акуыст кæнынц, хуым кæрдынц, угæстæ амайынц. Дзынга бындзытæ зыд кæнынц, хæцынц, кусын нæ уадзынц. Лæппу фæсивæд изæр — уагафон — фæззæджы зарæг кæнгæ æрцæуынц: «уæрæйдæ, — загътой, — æмгары зæрдæ хъыггæнæн фæззæг, дзулау фæлмæн дæ, царвау — сой».

ЗОНДДЖЫН ЛÆГТЫ НЫХÆСТÆ

Хорз куы кæнай, уæд хъуыды кæн, кæмæн кæныс хорз æмæ дæ хорздзинады бузныгад уыдзæн. Де 'взæр митæй иу куы ныууадзай, уæд дзы дæс та сæфгæ фæкæндзæн. Зондджын лæг алцы дæр æрмæст йæхицæй агуры, æвзæр лæг та алцæмæй дæр искæй домы. Китайаг æмбисонд Алы бон дæр хорз хъуыддаг цæттæ кæн. Зондджын лæг йæ зæрдæйы фаг хорз кæнын куы нæ фæразы, уæд ууыл мæт кæны, фæлæ йæ адæм куы нæ 'мбарынц æмæ йæ фыдгой куы кæнынц дзæгъæлы, уæд ууыл нæ мæсты кæны. Китайаг æмбисонд Æз æнхъæл дæн, æмæ лæг хорз куы кæна, уæд уымæй хуыздæр цард нæй. Нæй уымæй хуыздæр хъæлдзæгдзинад, лæг зæрдиагæй куы хъуыды кæна, зæгъгæ, хорзы бацыдтæн. Ацы хорз амонд æз бавзæрстон, æмæ уымæн æвдисæн лæууы мæ намыс. Сократ Адæймаджы хорздзинадыл сахуыр кæнын дæ бон куы уа, фæлæ йæ куы нæ ахуыр кæнай, уæд сафыс де 'фсымæры. Кæд дын адæймаг дæ зондамынд дзырдтæм нæ хъуса, фæлæ ма йын уæддæр дзурай, уæд та сафыс дæ дзырдтæ. Зондджын ахуыргонд лæг нæ сафы нæдæр йе 'фсымæрты, æмæ нæдæр йæ дзырдты. Адæм се 'взæр митæй иу куы нæ аппарой, дæс куы нæ фесафой, уæд æвзæрæй-æвзæрдæр кæнынц. Нæдæр дæ мад, нæдæр дæ фыд, нæдæр дæ хæстæг дæуæн уыцы хорз нæ ракæндзысты, дæ зонд дын цы хорз ракæна, æрмæст раст фæндагыл араст уæвгæйæ. Буддæ Адæм иууылдæр тар æмæ тæхгæ аууæтты хуызæн сты, æрмæст хæрзгæнæг лæджы никæцы тых басæтдзæн. Цицерон Фыд лæгимæ минасæй, хорз лæгиимæ бæлас калын æнцондæр у. Хъæздыгæй, мæгуырæй, тыхджынæй, æдыхæй, — чи нæ кусы, уыдон æвзæр сты. Руссо Кæд искуыцæй пайда исыс, цы нæ бакуыстай, ахæм исты, уæд уый зон, æмæ æндæр исчи кусы, æнæ пайда исгæйæ дæу тыххæй. Менониди Зæххы куыст чи нæ кæны, уымæн зæхх афтæ зæгъы: «Ды мæныл дæ дыууæ къухæй кæй нæ кусыс, уый тыххæй лæудзынæ искæй дуæрттæм, дзæгъæлдзутимæ, мæлæтмæ цæрдзынæ хъæздгуыты фæлхæрттæй». Зороастр Дыууæ æфсымæры уыд. Сæ иу хъæздыг уыд, паддзахæн куыста, иннæ та йæ къухты фæллойæ цард. Хъæздыг æфсымæр иу хатт мæгуырдæрæн афтæ зæгъы: «Ды паддзахы куысты цæуылнæ бацæуыс, цæмæй фервæзай тыхкуыст, мæгуырдзинадæй?» Уымæн мæгуыр дзуапп радта: «Æмæ ды цæуылнæ кусыс, цæмæй фервæзай æгад цагъарадæй? Зондджынтæ загътой: сыгъзæрин рон куы дарай, æмæ искæмæн цагъар куы уай, уæд уымæй хуыздæр у, дæхи уды фæллойæ афтид къæбæр куы хæрай, уый. Цагъарады бæрæгæн мæ къухтæ мæ риуыл авæр-авæры бæсты, мæ къухтæй чъьыр æмæ æлыг ызмæнтдзынæн. Цагъарады фæгуыбыр-фæгуыбыры бæсты кæрдзыны къæбæрæй цæрын хуыздæр у. Цасфæнды рæсугъд уæнт æлдары лæвар дарæстæ, — хи æвзæр дарæс хуыздæр у, æмæ кæд хъæздгуыты хæринæгтæ адджын сты, уæддæр хи фынджы кæрдзыны къæбæр хуыздæр дæр у». Саади Æнæтæригъæд хъæздыгдзинад æрмæст куыстæй ыссардзынæ. Иу хатт мысты лæппын йæ мадæн афтæ зæгъы: «Æвæдза махæн бирæ нæ хъæуы, фæйнæ хоры нæмыджы нын—æгъгъæд». Зæронд мыст ын афтæ зæгьы: «Кæд нын фæйнæ хоры нæмыджы æгъгъæд вæййы, уæддæр бирæ стæм, æмæ нын бирæ хъæуы». Зонд чи агуры, уый зондджын у, фæлæ йæхи зондджын чи хоны, уый та æдылы у. Албитис Стыр хъуыдытæ зæрдæйæ цæуынц. Вовенарг Зонд дæхи у, мæлæты онг кæддæриддæр демæ хæты. Руставели Дон къуыбыртыл куыд нæ лæууы, афтæ эонд дæр хъалты зæрдæты нæ лæууы, иу дæр æмæ иннæ дæр ныллæгдæр бынат агуры. Кæд дæ фæнды, адæм дæ хорзы кой кæной, уæд дæхи ма стау. Паскал Зондджын лæг йæхи не стауы, æмæ искæмæн дæр нæ уадзы йæхи стауын. Стыр ныхас хъæды бын дæр нæ фидауы. Ныры дуджы зонд æмæ кад пъалтойы мидæг ис. Æвзæр æфсины къæбиц — хæлæттаг. Фыдгой æвиппайды æртæ лæджы хъыгдары: фыццаг—кæй кой кæна, уый; дыккаг — кæмæн дзырдæуа, уый; æртыккаг — фыдгой чи кæны, уый. Дыууæ лæджы куы хыл кæной, уæд дыууæ дæр зылын сты. Рæстдзинадыл цæуæг мæгуыргур сайæг хъæздыгæй хуыздæр у. Соломон Цæмæйдæриддæр, раст адæймаг авд хатты фæкæлдзæн æмæ сыстдзæн, фæлæ чъизи уд адæймаг фыдæвзарæны нæ бафæраздзæн. Соломон Сывæллонимæ алы хатт дæр хъуамæ уай раст, æнæсайд. Хъуамæ æххæст кæнай, цы йын ныббæттай, уый. Кæннод æй фыдуаг æгъдауыл сахуыр кæндзынæ. Талмуд Иу хатт стыр зондджын лæджы фарстой: «Цы у ахуырдзинад?» Уый загъта: «Ахуырдзинад у адæмы базонын». Ноджыдæр та йæ фарстой: «Цæуыл баст у хорзкæнындзинад?» Уый та загъта: «Адæмы уарзондзинадыл!» Дæхæдæг дæхимæ тызмæг у, искæмæ та — фæлмæн, æма дын ызнаг нæ уыдзæн. Ныртæккæ сахат сыдæй амæлын хуыздæр у, æнæгъдаудзинадæй цардагурыны бæсты. Тъоро Æппæтæй уæлдæр уыцы лæг у, æмæ рæстаг, хорз хъуыддаджы тыххæй йæ фыдгой кæмæн фæкæнынц. Марк Аврели Макуы мацæуыл мæсты кæн, æмæ амондджын уай. Дæ лымæнтæй дæ иутæ фауынц, иннæтæ—стауынц. Дæ фауджытæм хæстæг балæу, де стауджытæй дарддæр ацу. Талмуд Хорз хъару æвзæр амондæн — хъомгæс. Лæг цæрæгойтæй уæлдæр уый тыххæй нæу, æмæ сæ æфхæра; уæлдæр уый тыххæй у, цæмæй сæ рæвдауа. Буддæ Æлгъыстæй, уæд надæй Цы нæ бавзæрстон! Уæддæр-иу «дæ-да-дæй» Куы ныццæлхъ ластон! Къоста Æнæхæс адæймаг нæ райгуырдзæн. Алы адæймагæн дæр йæ бон у йæ хæс бафидын, раст куы хъуыды кæна, уæд. Хаттæй-хатт æрдзыхъæд радты адæмæн фæндагамонæг лæг, тæхудиаг у, — уый бафиды йæ хæс. «Цардæй, дам, чи схъыг?»—адæм фæдзурынц, фæлæ цард хæст кæй у, уый нæ зонынц. Æдзæсгом адæмы 'хсæн цыфæнды хорз хъуыддаг райдайа, уæддæр æй нæ бамбардзысты. Адæмæн цы амонай, уый хуызæн дæхæдæг хъуамæ уай. Уæхи хъахъхъæнут мæнг пехуымпартæй, фысы цармы уæм чи æрцæуы, фæлæ мидæгæй та лæбурæг бирæгътæ чи сты, уыдонæй. Афтæ чи зæгъы, мæн сты ацы лæппутæ, ацы хæзнатæ, уый æнæзонд лæг у. Куыд уыдзысты уымæн йæ фырттæ æмæ хæзнатæ йæхи, йæхæдæг йæхи куы нæу, уæд. Буддæ Лæг армæст йæхæдæг йæхицæй амондджын у: нæдæр фырттæ, нæдæр исфæллой лæджы амондджын нæ кæнынц. Хъуыддаг кæнгæйæ фондзыссæдз лæджы бафæрс, афтæмæй бакæн дæ зæрдæйы фæнд. Руставели Иууыл фæразон æмæ тыхджындæр уыцы лæг у, йæхæдæг йæхи чи сæтты. Басæтдзынæ: мæстыгæры — сабырдзинадæй, хæрам лæджы — хорзы цæуынæй, чъынды лæджы — рæдаудзинадæй, гæды лæджы — æцæгдзинадæй. Дæамапада Æрмæст иунæг æргом æцæгдзинад хъуамæ уа адæмы 'хсæн. Конфуци Мин фæндаджы рæдийынмæ кæнынц, æрмæст иунæг фæндаг та æцæгдзинадмæ. Руссо Бар искæмæн, дæхицæн та æппындæр ма бар. Публи Сирус Фыд куы сысмаг уа, уæд ыл цæхх ныккæндзынæ, фæлæ цæхх куы сысмаг уа, уæд та ма йыл цы кæндзынæ? Мыд куы агурай, уæд бындзæй ма тæрс, кæннод дын бындз мыд нæ ратдзæн. Фæлтæр аивы, фæлтæр раивы, — зæххы зылд уæддæр йæ латтæй хæты. Дуне дæу куы уа, гъе, хæрзмæгуыр куы уай, уæддæр лæг йеддæмæ ницы дæ. Мæгуыргур куы зилай хæдзари-хæдзар, уый фæстæ адæмæн хицау, уынаффæгæнæг куы суай, зон-иу æй уæддæр, — лæг дæ, æндæр ницы. Тентекк хорз лæгæй цауд сабыр лæг хуыздæр у. Æнæзонд лæгæн æнæдзурынæй хуыздæр хос нæй, фæлæ æдылы лæг уый куы зона, уæд та æнæзонд нæ уыдзæн. Саади Бирæ диссæгтæ федтон, фæлæ уæддæр лæджы хъалдзинадæй диссагдæр нæ федтон. Бæттынц уæззау æмæ зынхæссæн æргъæмттæ æмæ сæ адæмы æккой æвæрынц, фæлæ сæм сæхæдæг сæ къухы æнгуылдзæй дæр не 'вналынц. Матвей Раджы дæр æмæ ныр дæр искæй хуымы цыргъ æхсырф сты ирон адæм. Дур дурыныл куы сæмбæлы, уæд дурынæн зын вæййы, дурын дурыл куы сæмбæлы, уæддæр дурынæн зын вæййы. Куыд фæнды йæ бар, — зындзинад дурыныл цæуы. Талмуд Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны, æвзаджы цæф — æрæгмæ. Хъæздгуытæ хъæлдзæгдзинад арынц мæгуырты цæстысыгæй. Мæ фæсаууон мæ фыдгой чи кæны, уый мæ тæрсы. Мæ цæсты раз мæ чи стауы, уый мæ нæ уарзы. Кусæг адæм сæрд цæттæ кæнынц зымæгмæ: хуым кæнын, хуым кæрдын, рувын, хос кæрдын, ссивын,—тындзынц алцæуыл, цæмæй сæ зымæг æдзæттæйæ ма æрæййафа, фæлæ мæлæты тыххæй хъуыды дæр нæ кæнынц. Йæ цардæн сæфынæй чи тæрсы, æмæ йæ цард тæрсгæ-ризгæйæ чи тоны, уый цардæй разы никуы уыдзæн. Кант Цы мæм ис, уый мæ нæ хъæуы, цы мæ хъæуы, уый мæм нæй. Дины æцæгдзинад хорз хъуыддæгтæй æмæ уарзондзинадæй у, мах та нывæндтæ кæнæм, арахъхъ æмæ физонæг хæрын кæнæм Хуыцауæн. Ус æмæ лæгæн сæ уд æмæ сæ буар хъуамæ æлхæнгæ æмæ уæйгæнгæ ма уой. Афтæ зæхх дæр, дон дæр, уæлдæф дæр, уый тыххæй, æмæ адæймаджы уд æмæ буар уыдоныл лæууы. Джон Рескин Чи нæ райгуырди, уый амондджын у, Чи не схъомыл, уый мæт нæ федта. O, мæлæт! Дæ кой куыд хъыг у, хъæздыгдзинады мидæг æнцад цæрæг лæгæн. Зирах Кæвдæсард лæгимæ фынгыл макуы сбад. Куы сбадай, уæд ын фынг йæхи бар ныууадз. Дæхи ма расыг кæн нозтæй, уымæ ис алы æвзæрдзинад. Апостол

ФИППАИНÆГТÆ

«ИРОН ФИЙЙАУ» Чиныг рухсмæ рацыд Дзæуджыхъæуы, 1905 азы, Суваловы типографийы. Титулон сыфыл фыст: Гæдиаты Секъайы дзымандытæ. Пс дзы 67 фарсы. Чиныг у дыууæ хайæ конд: фыццаджы сты æмдзæвгæтæ — 26, дыккаджы та — æмбисæндтæ — 22, æдæппæт—48 уацмысы, кæронæй—дзырдуат, иуæй-иу стæм дзырдтæ бацамонынæн. ДУГЬОН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 14. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Дугъоны хуызы автор æвдисы ирон чиныг. ФЫДЫБÆСТÆ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 1. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ÆНУСЫ КÆСДÆР. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 14. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ТÆХУДЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 30—31. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ÆНКЪАРД ХЪУЫДЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 32—33. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ХÆХТЫ МАСТ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 28. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. МÆ БÆЛАС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 15. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Тæгъды зæй—æнæ их тынг уарын (автор). ЧЕРМЕН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 24—25. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Тауби—уæздан, æлдар. КЪÆБДА. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 26—27. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. I. Тырын — лæппу. ХЪАРÆГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирой фиййау»-ы, ф. 29—30. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ЧЫРЫСТИИЫ ЦЪУПМÆ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 32—33. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Чырыстийы цъупп—Хъазыбеджы хох. ИУНÆГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 6—14. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Бырцджын—цывзыджын. 2. Мады бæх — сиахс чызджы мадæн кæй лæвар кодта, уыцы бæх. ГУТОЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 38. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Хъарман—сывылдзы хуызæн бæлас, фæлæ сывылдзæй хуыздæр. хъæбæрдæр (автор). СИДЗÆР. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 16. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ИРОН ХЪÆЗДЫГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 18—20. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Садахъ (сагъæдахъ)—фатдон, ам—гилдзæвæрæн. ХЪОМГÆС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 22—24. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Хъомгæсы хуызы нын поэт æвдисы Къуындыхаты Муссæ-йы. Уый XIX æнусы 60-æм азты фыццаг æмбисы слæууыд Турк-мæ лидзæг Цæгат Кавказаг пысылмон адæмы иу хайы сæргъ. 1. Нæ фæндырдзæгъдæг—Цалынмæ 1922 азы Мамсыраты Темырболаты зарджыты тексттæ Ирыстоныл сæмбæлдысты, уæдмæ æнхъæл уыдысты, цыма зындгонд æмдзæвгæ «Сагъæстæ» уыд Къуындыхаты Муссæйы, поэты мады 'фсымæры, фыст æмæ йæ уымæн хоны «нæ фæндырдзæгъдæг». 2. Тол—ныккæнд, подвал (автор). ЗИВÆГГÆНАГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 5—6. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ХИСТ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 16—17. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Æлæм—Марды кæнды фæдджыхъæды дзаума, дзуары хуызæн, йæ уæлæ адджын гуылтæ, къафеттæ, дыргътæ, æнгузы хæлттæ. УАЛДЗÆГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 33—35. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. УАЛДЗЫГОН ЗАРÆГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 35—36. Ам мыхуыр цæуы уыцы текртмæ гæсгæ. УАРЗОН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 36—38. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ, ДÆДАджиЫ ЗАРджыТÆ. Фыццаг хатт мыхуыр уыдыс-ты «Ирон фиййау»-ы, ф. 65. Ам мыхуыр цæуынц уыцы текстмæ гæсгæ. «Дæдадæй-ы адæмон зарæджы куплеттæ уæлдай арæх уы-дысты Хуссар Иры. Секъа сæ, æвæццæгæн, ныффыста, адæмæй сæ куыд фехъуыста, афтæ, йæхицæй сæм уабæрæг ницыуал баф-тыдта, æмæ йæ чиныг куы уагъта, уæддæр сæ йæ иннæ лирикон æмдзæвгæты фарсмæ уымæн нæ ныммыхуыр кодта, фæлæ сæ ахаста æппæты кæронмæ, æмбисæндты фæстæмæ. ÆМБИСÆНДТÆ БÆЛÆСТЫ ХЪАСТ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фий-йау»-ы, ф. 52. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. СЫРДТЫ ЕМЫНÆ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фий-йау»-ы, ф. 43—45. Ис ма йын æндæр вариант дæр «Куырм фæндырдзæгьдæджы», ф. 121—122. Ам мыхуыр цэеуы «Ирон фий-йау»-ы текстмæ гæсгæ. МИНАС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 46—47. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Хæлцон — ахсæн, уæцъæф; хызыны хуызæн чысыл исты (автор). ФÆРАНК. ÆМÆ ГÆДЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирой фиййау»-ы, ф, 47—48. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ДОМБАЙ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 51—52. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ТЫХджыН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 53. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгэе. ХАЛОН ÆМÆ ЦЪИУ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы ,ф. 50. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ХУЫ ТУЛДЗЫ БЫН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 39—40. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. КУЫДЗ ÆМÆ ГАЛ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, 56—57. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. КÆСАГ, ХÆФС ÆМÆ ЦЪИУСУР. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 43. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. УЫГ ÆМÆ ХАЛОН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, 56—57. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Дæрмаец—искæимæ ныхаскæнгæйæ, уæздан ахаст æв-дисæг дзырд. КУЫДЗ, УАСÆГ ÆМÆ РУВАС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 58—59. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстма" гæсгæ. ХУЫ ÆМÆ ФЫС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 60. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. 1. Куысыф—дискуысыф, ома, дисæй дисдæр (автор). ЛÆГ, УÆЙЫГ ÆМÆ РУВАС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 61—62. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ФÆРАНК, ЛÆГ ÆМÆ ГÆДЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 62—64. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. УЫЗЫН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 64. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ЦÆРГÆС ÆМÆ УЫЗЫН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 48—49. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. ДЗУЛ ÆМÆ СÆН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 21. Ам мыхуыр цаеуы уыцы текстмæ гæсгæ. АГ ÆМÆ ФЫДИС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон фиййау»-ы, ф. 64. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. «ГАНИС» Чиныг баззад къухфыстæй. 1906 азы 25-æм апрелы йын цен-зурæ бар радта мыхуыры рауадзынмæ, фæлæ ма йæ цы бахъыгдардта, уый бæрæг нæу. Сты дзы æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæнд-тæ. Къухфыст æвæрд ис ЦИЗИИ- йы Гæдиаты Секъайы архивы, фонд № 3, къухфыст № 2. ГАНИС. Фыццаг хатт мыхуыр уыд газет «Ног цард»-ы, 1907 аз, 19-æм август. Уым ын ис æндæр ном—«Сагъæстæ», йæ бы-ны — псевдоним «Фæсхохаг». Ам мыхуыр цæуы авторы къух-фыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 121—122. МÆ ФÆНДАГ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 7. ак-æс. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 8. ФÆДЗÆХСЫН. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 9. МÆНГ ДУНЕ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 10—11. 1. Фыццаг строфæйы цыппæрæм рæнхъы кæройнаг дзырд зын равзарæн у, мах æй бакастыстæм — «хор и», ома йæм ахæм ахаст ис. АМОНЫНДЗИНАД. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 11. ФЫСЫМ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 9. ХОСДЗАУ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 7. ÆМБИСÆНДТÆ ДОМБАЙ ÆМÆ ЗЫГЪАРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 34—35. ДАМКЪА ÆМÆ КЪУЫДЫР КУЫДЗ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 48—49. МАЙМУНИ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 48. ЦÆРГÆС ÆМÆ ГАККУКК. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 35—36. МЫСТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ганис», сыф 29—30. «ЦÆСТЫ СЫГ»—1910 АЗ. Чиныг «Цæсты сыгæн ис дыууæ варианты: иу дзы арæзт æрцыд 1910 азы, иннæ та— 1911 азы. Уыцы иу уацмысы æндæр æмæ æндæр варианттæй дарддæр сæ ис хицæн сæрмагонд уац-мыстæ дæр. Уымæ гæсгæ сæ дæттæм куыд сæрмагонд чингуытæ, афтæ. Дыккаг чиныгæй фылдæр уацмыстæ систам ацы чиныджы мыхуыр кæнынмæ, хуыздæр нæм кæй фæкастысты, уымæ гæегæ. «Цæсты сыг»—1910 ис ЦИЗИИ-йы Гæдиаты Секъайы архивы, фонд 3—5, къухфыст № 5. ИРЫСТОН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Цæсты сыг» — 10, сыф 55. МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с»— 10, сыф 50—51. Ацы æмдзæвгæ ма ис 56—57-æм сыфтыл дæр æидæр номимæ — «Мæгуыры сагъæс». ЦЪИУ ИÆ ЛÆППЫНЫЛ ХЪАРÆГ КÆНЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с»— 10, сыф 65—66. ХÆФСЫ/ТЫ КЪАРОЛ ХЪАЗАР. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с» — 10, сыф 8. ФЫН. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с»— 10, суф 52—55. ТЕРК. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 10, сыф 56. «ЦÆСТЫ СЫГ»—1911 АЗ. Чиныджы къухфыст æвæрд ис ЦИЗИИ-йы Гæдиаты Секъайы архивы фонд № 3, къухфыст № 3. ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд «Ирон газет»-ы, 1906 аз, 3 август. Уым ын уыд æндæр ном—«Хорз сахат», зæгъгæ. Ам мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» 11, сыф 12. ЦАРД. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с» — 11, сыф 14—15. МÆ ЗÆРДÆ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 25. ИРОН ЧИНЫГЫЛ ЧИ НÆ АРХАИЫ, УЫЦЫ ИРОН АДÆМÆН ЛÆВАР. Мыхуыры цæуы фыццаг хатт, авторы къух-фыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 11, сыф 27—28. 1. Тъацлаг — дзæгъæл, рохуат. КЪОСТА. Секъа цалдæр хатты фыста Къостайы тыххæй йæ хъуыдытæ æмдзæвгæтæй. Ацы æмдзæвгæйы вариант ис æмбырд-юнд «Ганис»-ы дæр, хуыйны «Фæдис». Текстæй, куыд зыны, афтæмæй фыст æрцыд, Къоста ма æгас куы уыд, фæлæ Ирысто-нæй хаст, уæд. Хъыг кæны, «арæх æй нал уынынц йæ уарзон лæг-тæ», зæгъгæ. Уыцы вариант мыхуыр æрцыд Секъайы равзаргæ уацмысты чиныджы 1959 азы. Къоста куы амард, уæд автор текст рацарæзта йæхимидæг, кæны йæ амæлæты хабæрттæ. Уыцы текст, фыццаджимæ æм-хæццæйæ, мыхуыр æрцыд газет «Ног цард»-ы, 1907 аз, 31-æм май, хуыйны «Фæдис», йæ быны фæсномыг—«Фæсхохаг». Фæстæдæр поэт уыцы æмдзæвгæйы дыккаг вариант ногæй рацарæз-та, цыдæртæ йæм бафтыдта, цыдæртæ дзы аппæрста, æмæ, мах куыд хъуыды кæнæм, афтæмæй у фæстагдæр æмæ фæуддæр текст. Ам мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с»— 11, сыф 10—12. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд газет «Советон Ирыс-тон»-ы, 1979 азы 5-æм май, публикаци — комментаритæ аразæ-джы. Ис ма уыцы æмдзæвтæйæн ноджыдæр иу вариайт, автор æй бахаста «Цæсты сыг»—10-мæ æмæ йæ цалдæр азы размæ Салæгаты Зоя ныммыхуыр кодта йæ чиныг — «Ирон прозæйы цыппар этюды», зæгъгæ уым (Салæгаты 3. М. Четыре этюда об осе-тинской прозе, Ордæоникидзе, 1970, ф. 25—26). САГЪÆС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 11, сыф 28. ХÆРЗБОН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц .с.» —11, сыф 5—6. Фыст æрцыд 1908 азы 4-æм декабры. ДИДИНÆГ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц .с.» — 11, сыф 12—13. РУХСАГ УÆНТ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ ,«Ц. с.»—11, сыф 13. КУСÆГ ЛÆГ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 11, сыф 14. ДЫУУÆ ТЫХЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ «Ц .с.»—11,сыф 26—27. МАСТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11,сыф25—26. АХБОЛ ÆМÆ МИЛА. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц .с.» -^11, сыф 8—9. САНИБА. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд газет «Хабар»-ы, 1909 аз, 2—7 май. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» —11, сыф 3—4. ЗЫМÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 16. МАРТЪИ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 26. ХАЛОН. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 17. ÆМБИСÆНДТÆ ЦЫРЫХЪ ÆМÆ КЪАЛОС. Мыхуыр цæуы авторы къух-фыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 34. ДЗÆБИДЫР ÆМÆ МÆЛДЗЫГ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 11, сыф 47. РУВАС. Мыхуыр цагуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»—11, сыф 30. 1. Фыстонгтæ—фыстытæ ДОМБАЙ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 30—31. ДЗÆБУГ ÆМÆ ХЪÆСДАРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 33—34. ХУР ÆМÆ ХÆФС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 34—35. ХАЛОН ÆМÆ ХÆРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.»— 11, сыф 32—33. ХÆЛЫНБЫТТЫР. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Ц. с.» — 11, сыф 35. «КУЫРМ ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ» Чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта Секъа 1912 азы, фæлæ рухсмæ нæ рацыд, баззад къухфыстæй. Уый у фыссæджы чин-гуыты гуырахстджындæр, уым сты Секъайы зынгæдæр прозæ-йон уацмыстæ, хъæздыг у поэзийæ дæр. Æвæрд ис ЦИЗИИ-йы Гæдиаты Секъайы архивы, фонд 6, сфыст 1, хъуыд. 15. ТÆХУДЫ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 79. НЫРЫ ДУджы ЦАРД. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 79. ÆНÆРХЪУЫДЫ ХÆСТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 80. РÆСТÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф», сыф 12. ЗÆРÆДТЫ САГЪÆС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 98. ИРЫСТОК. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 28. ПАХУЫМПАР. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 34—35. Ме 'МБÆСТОНÆН ДЗУАПП. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 83. Æмдзæвгæйы кæрон авторы къухæй ис фыст; «Ацы стихтæй Къостайы фæдисон хъæлæсæн дзуапп: «Додой фæкæнат, нæ тæрхоны лæгтæ, иу ма уæ фезмæ-лæд лæгау!» Ныхмæ æвæрд дзуапп». Фæстаг хъуыдыйад у хах-гонд авторы къухæй. МÆ ЛЫМÆН ЛÆГÆН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 106. НЕ -ХСИНÆН НАРД ГОГЫЗЫ ФЫД НÆ ТАЙЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 29. ТÆРИГЪÆДджыН. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 34. ФИИЙАУЫ САГЪÆС. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 105. ЦЫ ФЕДТОН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 78. БАЛКЪАН ÆМÆ ТУРЧЫ ХÆСТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 24. МА ФÆСАЙ... Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ. «К. ф.», сыф 14. СÆРД. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 46. АЗАУ ÆМÆ ТАЙМУРАЗЫ ЗАРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 56. ÆМБИСÆНДТÆ СÆГЪ ÆМÆ СЫЧЪИ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ. «К. ф.», сыф 118. ТЕУА ÆМÆ ХÆРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 102. ДЫУУÆ ФЫСЫ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 104. БАИРАГ ÆМÆ ИÆ МАД. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ «К. ф.», сыф 107. ДОМБАЙ ÆМÆ МЫСТ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 115. ДОМБАИ ÆМÆ БИРÆГЪ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 110. ГАККУКК ÆМÆ ЦЪИУ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 108. ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 117. ФИЙИÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 100. БУЛÆМÆРГЪ ÆМÆ УÆРЦЦ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.». сыф 101. ЦÆРГÆС ÆМÆ ЦЪИУСУР. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 104. УАЛЛОН ÆМÆ КАЛМ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 105. СУСÆНЫ МÆЙ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 100. ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ c8qc8, «К. ф.», сыф 108. ХАЛОН. Мыхуыр цæуы фывдаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 124—125. АРТ ÆМÆ АГ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къух-фыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 99. УАГЪЫЛЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 21. БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪÆДХОЙ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 100. МЫСТ ÆМÆ УЫРЫ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 123. ХАЛОН ÆМÆ ИДÆДЗ УС. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «К. ф.», сыф 109. «ФЫНТÆ» «Фынтæ» хронологон æгъдауæй Секъайæн у йæ фæстаг чиныг. Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта 1914 азы, фæлæ уый дæр рухс нæ федта, баззад къухфыстæй. Æвæрд ис ЦИЗИИ-йы Гæдиаты Секъайы архивы, ф. 3—4, къухф. 4. Чиныджы иумæ æмбырд сты æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, прозæйон уацмыстæ. НЫСТУАН. Фыццаг хатт мыхуыр уыд æур. «Чырыстон цард»-ы, 1915 аз, № 1, ф. 3. Ам мыхуыр цæуы авторы къухфыст-мæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 2. ОС-БÆГЪАТЫРЫ МАДЫ ХЪАРÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 2. ÆФСÆДХОН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 34—35. СЫРДТÆ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фын-тæ», сыф 20. СИДЗÆР ЛÆППУЙЫ ФЫС ÆМÆ БИРÆГЪТÆ. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт, авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 3. ÆМБИСÆНДТÆ ФÆРАНК, ГÆДЫ, АРС ÆМÆ БИРÆГЪ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 22. УЫРД ÆМÆ РУВАС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 32—33. КЪАННÆГ ÆМДЗÆВГÆТÆ ÆМÆ ЗОНДАМОНÆНТÆ Къаннæг æмдзæвгæтæ æмæ зондамонæнтæ пырх сты Секъайы къухфыстыты алырæтты, фылдæр-фылдæр та «Цæсты сыг»-ы дыууæ чиныджы. Сæ мид структурæ æмæ аивадон миниуджытæй, сæ цыргъзондæй хицæн кæнынц иннæтæй æмæ тырнынц иу циклмæ. Цикл йæхимидæг фæкодтам дыууæ дихы: фыццаджы сты къаннæг æмдзæвгæтæ, дыккаджы та — зондамонæнтæ. 1. Хадзы-чабæдзау — хадзы — (хаддæ) — Меккæмæ (абоны Сауды Аравийы горæд) цæуæг, Чабæ (каабæ) — кувæндон Меккæйы. Пысылмон дины мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ Мек-кæмæ цæуджытæ Чабæйы кувæндоны сæхи сыгъдæг кодтой тæригъæдтæй. 2. Хъуырмайнаг — фыс, гъе, гал кусæрттаг (автор). ПРОЗÆИÆ ФЫСТ ÆМДЗÆВГÆТÆ УАЛДЗÆГ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 11. ÆРÆГВÆЗЗÆГ ИРЫСТОНЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 23. Ис «Ц. с.» — 10-ы даер, уым -хуыйны «Æрæгвæззæг». ЗЫМÆГ ИРЫСТОНЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 24. УАЛДЗÆГ ИРЫСТОНЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 24—25. СÆРД ИРЫСТОНЫ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, «Фынтæ», сыф 25. «ЗОНДДЖЫН ЛÆГТЫ НЫХÆСТÆ» Ист, æвзæрст сты «Цæсты сыг»—1910-æм æмæ 1911-æй. Зондджын лæгты ныхæстæ кæй хоны Секъа, уыцы афоризмты æрæмбырд кодта чингуыты кæсгæйæ, кæмæй сæ райста, уы-дон нæмттæ сты сæ бынты фыст. Сæ иу хай та йæхи фæлгъаугæ зонды фæллой у. *ГÆДИАТЫ СЕКЪА. Рауагъдад "Ирыстон". Цхинвал, 1979.


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *