КОЦОЙТЫ АРСЕН

СÆГЪ ÆМÆ ЧИНЫГ

                         (Индийаг таурæгъ)
                      
   Раджы,  тынг раджы, Индийы стыр бæстæйы цардысты æртæ æфсымæры  -
иу  фыд, иу мадæй гуырд. Хистæр æфсымæр хуындис Къуындзих, астæуккаг
- Къабуз æмæ кæстæр - Бырынкъ.
   Дуне  сфæлдисæг Буддæ адæмтæн чингуытæ куы уæрста, уæд  ацы  æртæ
æфсымæрæн дæр радта диссаджы рæсугъд чиныг.
   Радта Буддæ чиныг æмæ загъта:
   -  Хъахъхъæнут ацы чиныг, хурæй ма басудзæд, уазалæй ма ныссæлæд,
уарынæй ма ныххуылыдз уæд, фыдызнаг уын æй ма фæхæссæд! Цалынмæ  уый
уæ  къухты уа, уалынмæ уын фыдгулы цæст нæ разиан кæндзæн,  тыхгæнæг
уын  тых  нæ бакæндзæн. Уæ быдыры - хорзад, уæ фосдоны - фосзад,  уæ
бинонтæ - æнæниз æмæ амондджын.
   Афтæ  зæгъгæйæ,  Буддæ  йæ  къух  арвырдæм  фезмæлын  кодта,  æмæ
уайтагъд   йæ   тæккæ   къæхты   раз   æрæнцади   сыгъзæрин    асин.
Цæстыфæныкъуылдмæ  сфардæг ис Буддæ уæларвмæ. Уым  сыгъзæринцъарджын
баз йæ нывæрзæн акодта æмæ, хуыр-хуыр кæнгæйæ, йæ фæллад уагъта.
   Уæд  æртæ  æфсымæры сфæнд кодтой Буддæйы хæрзиуæджы тыххæй  куывд
саразын. Æрæвæрдтой стыр тæрсы бын æртæ дурыны дзаг цывзыджын арахъ.
   Бирæ   фæкуыстой  æртæ  æфсымæры  Буддæйæн,  бирæ  йын  фервыстой
зæрдиаг арфæтæ.
   Æртæ   кæхцы  куы  равдæлон  сты,  æртæ  дурынæн  сæ  бынтæ   куы
сзындысты,  уæд  æртæ æфсымæры дæр, кæм бадтысты, уым  афæлдæхтысты.
Уыдон   афтæ  хъæбæр  хуыссыдысты,  æмæ  сæ  хуыр-хуырæй   хæстæгдæр
къæдзæхтæ зæлыдысты, хъæды мæргътæ та хæстæг нал уæндыдысты.
   Уыцы  афон  кæцæйдæр рафтыди сау сæгъ. Рæсугъд чиныг куы  ауыдта,
уæд   ыл  йæхи  ныццавта  æмæ  йæ  фæткъуыйы  сыфтæртæй  адджындæрæн
бахордта.
   Дыккаг   бон  æфсымæртæ  райхъал  сты  аходæн  афон.  Сæ   зæрдыл
æрбалæууыди Буддæйы лæвар æмæ йæм бауадысты фенынмæ.
   Нал ссардтой чиныг.
   Авд  мæйы  æмæ авд боны æфсымæртæ æрдиаг кодтой сæ чиныджы  сæфты
тыххæй.  Авд  мæйы  æмæ  авд боны сæ маст кæрæдзиуыл  калдтой,  стæй
фæйнæрдæм фæцыдысты.
   Къуындзих  фæцыди  æмæ  цæгатаг  паддзахæн  стражник  ныллæууыди.
Къабуз  ахызти  хæхты сæрты хуссарырдæм æмæ цавæрдæр æлдарæн  цагъар
ныллæууыди.  Бырынкъ  фæцыди  æмæ  Стыр  Кæсæгæн  фаджысмæрзæг   æмæ
къæхтæхсæг ныллæууыди.
   Бирæ  азтæ  аивгъуыдта, бирæ дон ацыди Терк  æмæ  Леуахийы.  Æртæ
æфсымæры  сфæлмæцыдысты  æцæгæлон бæстæты æгад  куыстæй.  Сæ  зæрдыл
æрбалæууыди сæ райгуырæн бæстæ.
   Иу бон, иу сахат æрцыдысты стыр тæрсы бынмæ.
   Уыди диссаджы сæрдыгон бон. Хуры тынтæ цæстытæ тартæ кодтой.
   Æртæ æфсымæры дзыназын байдыдтой:
   - О Буддæ, Буддæ! Æркæс, куы нæ ферох кодтай!
   Буддæ  авæрдта  сыгъзæрин  асин уæларвæй  зæхмæ,  æрлæууыди  стыр
тæрсы бын æртæ æфсымæры æхсæн æмæ загъта:
   -  Æз  уæ  нæ  ферох кодтон. Уæхæдæг уæхи ферох кодтат...  Зæгъут
ныр, цы уæ хъæуы!
   Æртæ æфсымæры æмдзыхæй загътой:
   - Чиныг!
   - Чиныг!
   - Чиныг!
   Радта  та Буддæ æфсымæртæн чиныг, фыццагæй рæсугъддæр, хуртæ  æмæ
дзы мæйтæ хъазыдысты.
   Æфсымæртæ йыл кæрæдзи тонын байдыдтой.
   Бæстæ хъæрæй байдзаг ис:
   - Хицæн чиныг мын!
   - Хицæн чиныг мын!
   Æппын  бынаты нал лæууыд кæстæр æфсымæр. Уый-иу куы фæхъæр кодта,
уæд-иу Буддæ йæ хъусты хуынчъытæ æнгуылдзтæй ахгæдта.
   Æппынфæстаг,  хъæлæба  къаддæр куы нæ  кодта,  уæд  Буддæ  райста
чиныг  фæстæмæ,  фæсидти сау сæгъмæ æмæ йын  чиныг  цъаргай  бахæрын
кодта.
   -  Нæ  уыдзæн сымахæн иу чиныг дæр! - загъта Буддæ æмæ  сыгъзæрин
асиныл уæларвмæ сфардæг ис.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *