КОЦОЙТЫ АРСЕН

ГАБО

   Байон...  Ахуыргæнæджы  иууылдæр хуыдтой  афтæ...  Байон  æрхоста
линейкæ партæйыл:
   -  Хетагуров!  Габо!  Æнæ  ныхасгæнгæ нæ  лæууыс!  Асурдзынæн  дæ
къласæй. Дæу дæр, Бурийы дæр.
   Дыууæ  лæппуйы  сæ  хъус-хъусæй ныхас фæурæдтой  æмæ,  цыма  ницы
уыдысты,  уыйау ахуыргæнæгмæ хъусæг сæхи акодтой. Фæлæ  цæй  хъуыст?
Уайтагъд  та-иу  сæ  сæртæ  кæрæдзимæ  бахæстæг  кодтой  æмæ   та-иу
райдыдтой дзурын.
   Ахуыргæнæг  линейкæйæ стъолыл æрæнцой кодта, тызмæг каст  бакодта
дыууæ лæппумæ æмæ загъта:
   -  Хъыгдарут.  Сымах абон ахуыр кæныныл не стут  æмæ  цæугæут  уæ
хæдзæрттæм. Зонут, æмæ ма дарддæр афтæ куы кæнат, уæд уæ иудадзыгдæр
асурдзынæн скъолайæ.
   Габо   -  къæсхуыр,  саулагъз  лæппу,  11-12-азыккон,  цыма   йын
ахуыргæнæджы тæрхон тынг хъыг уыд, уый хуызæн æнкъардæй  сыстад  æмæ
сæргуыбырæй араст ис дуарырдæм. Йæ фæдыл цыди иннæ лæппу дæр, - хæрз
æнкъард та уый зынди. Уый уыди Габойæ бæрзонддæр æмæ уæнгджындæр,  -
цыдаид ыл æртындæс азы, бурхил кæй уыди, уый тыххæй йæ хуыдтой Бури.
   -  Адонæй  ницы  рацæудзæн,  - загъта ахуыргæнæг,  лæппутæ  дуары
æддейы куы фесты, уæд, - тынгдæр зæгъын Хетæджы-фырт Габойæ,  уый  у
зивæггæнаг, фыдуаг митæм та - æмхиц.
   Сыстад  иу  лæппу  йæ  бынатæй,  йæ  цæсгом  æлхынцъытæ  кæнгæйæ,
сдзырдта:
   - Мæ сæр тъæппытæ хауы, ауадз мæ нæхимæ.
   - Æфсон нæ кæныс, Дзанайы-фырт?
   - Æппындæр нæ.
   - Цæугæ!
   Лæппу  тагъдгомау ацыди къласæй. Куыддæр дуары  æдде  фæци,  афтæ
асырдта иннæ дыууæйы æмæ йæхи се 'хсæн фæкодта.
   - Цом уæдæ? - фæрсы сæ.
   - Цом, уæдæ цы кæнæм! - сдзырдтой иннæтæ иумæ.
   Габо загъта:
   - Æз мæ къухтыл хæцъилтæ стухдзынæн, кæннод мын басудздзысты.
   -  Мæн ахæмтæй ницы хъæуы, - загъта Бури. - Мæ хъуыддаг хицæн  у.
Æз галы дæр афæлдахдзынæн.
   Габо баздæхти Дзанайы-фыртмæ:
   -  Дæ  хъуыддаг та у æрмæст фæд сафын. Æргом рæтты-иу лидз,  куыд
дæ уыной, афтæ. Æййафгæ та дæ уæвгæ нæ бакæндзысты.
   -  Сымах  сарæхсут,  уый  йедтæмæ æз  мæ  хъуыддаг  хорз  сæххæст
кæндзынæн, - загъта Дзанайы-фырт.
   Уыцы ныхæстыл æртæ лæппуйы фæхицæн сты.
   
   х х х
   Уыд  фæсæхсæвæр афон. Мæй нæ касти, фæлæ стъалытæ  арвы  къуырфыл
æнæрынцойæ тыбар-тыбур кодтой, æмæ æхсæв тынг талынг нæ уыди. Цымийы
хъæу  уыди  æнцад,  æвæццæгæн,  цæрджытæн  сæ  фылдæр  схуыссыдысты,
куыйтæн  дæр  сæ  хъустыл тасдзинад никæцæй уади  æмæ  сæ  хуыссæнты
фæлдæхтытæй лæууыдысты. Афтæ уыди, фæлæ хъæуæн йæ уæллаг кæронмæ куы
ссыдаис,  уæд  дзы  иу ныллæг хæдзарæй айхъуыстаис  хъæлдзæг  ныхас,
хаттæй-хатт-иу ныхас фæмынæг уыдаид æмæ дзы хъуыстаид зард.
   Дæу  нæ  фæнды  уырдæм бацæуын æмæ дæхи равдисын, фæлæ  дæ  фæнды
базонын, цы ис уыцы хæдзары. Ды ссардтай гамхуд æмæ бакастæ  дуарæй,
хæдзары дуарæй нæ, хæдзары устытæ хæринаг кæнынц, æндæр дзы ницы ис,
- ды бакастæ, тыргъы æддейы цы стыр уат ис, уырдæм.
   Уæртæ иу-æртын лæджы, - æппæты рæбынæй хистæртæ, иннæтæй чи  куыд
кæстæр у, афтæ бады дæлдæр. Æртæ лæппуйы дзы ис уырдыгстджытæ, уыдон
дæттынц   бадджытæн,  æгъдаумæ  гæсгæ,  арахъ,  бæгæны.  Хаттæй-хатт
хæдзарæй  æрбадæттынц  исты ног хæринæгтæ æмæ сæ  уæд  уырдыгстджытæ
райсынц  æмæ æрæвæрдтытæ кæнынц бадджыты раз. Бадджытæ сты хъæлдзæг,
-  куыд  нæ  уой  хъæлдзæг,  уый у чындзæхсæв,  зарынц,  гаджидæуттæ
уадзынц  ног лæг æмæ усы цæрæнбоны тыххæй, авд лæппуйы  æмæ  сын  иу
цъæх чызг куыд райгуыра, уый тыххæй!
   Уалынмæ нæ разы фегуырдысты дыууæ лæппуйы 12-13-азыккæгтæ.  Уыдон
лæууыдысты кæрты, æхсæвы талынджы, хæдзары рудзынгæй мидæмæ кастысты
æмæ ныр ам, талынг тыргъы, къуымы амбæхстысты. Ды сæ уыныс. Уыдон дæ
нæ  уынынц.  Иу  ус  рахызти хæдзары къæсæрæй  -  йæ  къухты  тæбæгъ
цæрвджын уæливыхтимæ, йæ фæдыл рахызти дыккаг ус - йæ къухты  тæбæгъ
тæфкалгæ фыдджынтимæ.
   Дыууæ  лæппуйæ  стырдæр  фесхуыста раззаг  усы,  йæ  къухтæй  йын
тæбæгъ  атыдта æмæ æхсæвы талынджы аныгъуылдысты. Къаннæгдæр  лæппу,
æвæццæгæн,  йæ  ныфс нæ бахаста дыккаг усæн йæ тæбæгъ  байсынмæ  æмæ
фыдджынтæ,  куыд  уыдысты  кæрæдзи  уæлæ  æвæрд,  афтæ  сæ  тæбæгъæй
фелвæста  хæцъилтæй  тыхт  къухтæй  æмæ  сæ  уæртæ  фæхæссы   æхсæвы
талынджы.  Сæ  иу  рахизæрдæм  ауади, иннæ  галиуæрдæм.  Уыцы  минут
хæдзары  дуарды раз фегуырд æртыккаг лæппу æмæ уæртæ  фæлидзы.  Уыцы
лæппуйы  фæдыл æфтыд фæци, уынæрмæ цы уырдыгстæг рауади,  уый,  фæлæ
марадз æмæ йæ баййаф, æгас скъолайы Дзанайы-фыртæй уайагдæр нæ уыд.
   Уыдон  уыдысты, знон фæндтæ чи кодта, уыцы æртæ лæппуйы.  Ды  сын
дæхинымæры  загътай: "Молодецтæ", "молодецтæ" сын загътой  бадджытæй
дæр  чидæртæ. "Æй-джиди! æз дæр ма уыдон цахъæн куы уаин, уæд æз дæр
афтæ  бакæнин", - дзырдтой уыцы чидæртæ сæхинымæры. Ахæм фыдуаг митæ
фидыдтой  æрмæст  къаннæг  лæппутыл æмæ  уыцы  рæстæджы.  Ныр  уыдон
æгъдауы нал сты, нал фидауынц.
   Лидзæг  лæппуйы  цы уырдыгстæг асырдта, уый ницæимæ  фæстæмæ  куы
раздæхт,  æмæ  та бæстæ куы 'рæдзæм ис, уæд æртæ лæппуйы  кæрæдзиуыл
фембæлдысты æмæ хорз минас фæкодтой. Уæлдай хæринæгтæ бавæрдтой  æмæ
дзы райсомæй скъолайы мидæг сæ иннæ æмбæлтты дæр хорз федтой.
   Ахуыргæнæг   Байон  бирæтау  хус  ахуыргæнæг  нæ  уыди.   Æвдæлон
рæстæджы уый арæзта ахуыргæнинæгтимæ беседæтæ, сывæллæтты-иу  ерысæй
хъæбысæй  хæцын  кодта,  дугъы сæ-иу уайын  кодта  æмæ  ноджы  æндæр
ахæмтæ.   Уыцы  бон  ахуыргæнæг  расидти,  зæгъгæ,  стыр  переменæйы
рæстæджы  уыдзæни  дугъ призтимæ. Мæйы дæргъы-иу  ахæм  дугътæ  уыди
дыууæ-æртæ хатты. Иу рауадæн-иу дугъы уадысты дæс лæппуйы. Ацы  хатт
дугъæттимæ  фесты  Габо  æмæ  Дзанайы-фырт  дæр.  Фыццаг   ауайгæйæ,
дугъæттæ   згъордтой  гуппарæй,  стæй  кæрæдзи  фæдыл  адаргъ   сты.
Хетæгкаты Габо æнæнхъæлæджы аиртæст иннæтæй æмæ суанг финишы онг  йæ
бынат   никæмæнуал  радта.  Йæ  фæстæ  дыккаг  æрцыди  Дзанайы-фырт.
Ахуыргæнæг æрхоста Габойæн йæ уæхск æмæ загъта:
   -  Молодец,  Габо! Ды хъуамæ ахуыры хъуыддаджы дæр фæстейы  мауал
зайай.
   Габо  райста  фыццаг приз - дæс тетрады æмæ, цингæнгæ,  азгъордта
къласмæ.
   Ахуыры  хъуыддаджы Габо хуыздæр ницæмæй кодта,  зивæггæнаджы  ном
йæ  рагъæй  нæ  хаудта,  фæлæ  та  чысыл  фæстæдæр  фесгуыхти  æндæр
хъуыддаджы.
   Иу   къорд  лæппутæ  сæхи  надтой,  Нарыдон  Арыдонимæ  кæм  баиу
вæййынц,  уымæ  хæстæг. Æнтæф рæстæг уыди, æмæ  лæппутæ  сæ  зæрдæйы
дзæбæхæн хъарм доны раленк-баленк кодтой.
   Иу  чысыл лæппу, ленк кæнын хорз чи нæ зыдта, ахæм баирвæзти  арф
ранмæ  æмæ  ныгъуылын  байдыдта. Иннæ лæппутæй  чидæртæ  сæ  дарæстæ
фелвæстой  æмæ  лидзæг фесты, чидæртæ та кæсгæйæ баззадысты  æнамонд
чысыл  лæппумæ.  Æвиппайды Габойы цæстытæ  арвы  ферттывдау  цæхæртæ
акалдтой,  баппæрста йæхи, лæппу ма кæм фæзын-фæзын  кодта,  уырдæм,
галиу къухæй йæ фесхуыста уæлæмæ, йæ сæр ын схъил кодта, йæ дзых гом
куыд  уыдаид, афтæ æмæ йæ уæртæ раласы. Иу минут тас уыди, сæ  дыууæ
дæр  доны  бын куы фæуой, уымæй. Габо йæхæдæг дæр тарсти уымæй,  уый
бæрæг  уыди  йæ  дзагъыр цæстытæй. Иннæ лæппутæн  сæ  улæфт  банцад,
афтæмæй  йæм  кастысты. Уалынмæ былмæ рахæццæ ис æмæ  лæппуйы  зæхмæ
æруагъта. Цавæрдæр диссагæй лæппуйы дзых разынди сыгъдæг, - дон  дзы
нæ бакалд, æмæ хъуыддаг æрмæст тарстыл ахицæн ис. Лидзæг лæппутæ дæр
фæстæмæ раздæхтысты æмæ сæ дарæс æнцойæ сæ уæлæ кодтой.
   Дис  кодтой иууылдæр Габойыл. Уый уыди тæнтъихæг арæзт,  æмæ  йæм
ахæм тых, ахæм ныфс разынын æнхъæл ничи уыд.
   Æгас  хъæу  дæр  уайтагъд базыдтой уыцы хабар æмæ бузныг  уыдысты
Габойæ.  Уæлдай бузныг дзы уыдысты лæппуйы мад æмæ фыд. Лæппуйы  мад
хуынимæ  æрцыди  Габойы  мадмæ  æмæ, цæссыгтæ  калгæйæ,  арфæтæ  æмæ
хъæбыстæ фæкодта Габойæн.
   Дыккаг бон ын ахуыргæнæг загъта:
   - Нæ дæ ныууадздзынæн, хъуамæ ды байдайай хорз ахуыр кæнын!
   Ацы  хатт  ахуыргæнæджы фæндон сæххæст ис  -  Габойæн  йæ  ахуыры
хъуыддаг  зынгæ  хуыздæр кæнын байдыдта, æмæ йе  'мбæлттимæ  хъæууон
скъола хорз каст фæци.
   Сæрды  кæроны Габо ацыди горæтмæ. Уырдыгæй иукъорд рæстæджы фæстæ
æрбайхъуысти,  Габо, дам, реалон скъоламæ бацыди. Аивгъуыдтаид  æртæ
азы бæрц, афтæ та æрбайхъуысти, Габо, дам, Уæрæсемæ ацыди.
   1941-æм азы, фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста,  уæд
советон адæм иууылдæр тынг æнувыдæй хъуыстой фронты хабæрттæм. Цмийы
ног  ахуыргæнджытæй  иу бадти скъолайы дуармæ,  папирос  дымдта  æмæ
фæкæс-фæкæс кодта, постхæссæг-иу кæцæй фæзынди, уыцырдæм, фæндыди йæ
тагъддæр  ног хабæрттæ базонын. Бирæ йæ бахъуыди æнхъæлмæ кæсын  æмæ
сфæлмæцыди.  Уалынмæ  уынджы тигъæй æрбазынди  постхæссæг  Тома,  йæ
цæсгом рухс, мидбылты худы.
   - Цæй хъæлдзæг дæ абон, Тома?
   - Хъæлдзæггаг ис газеты æмæ уымæн дæн хъæлдзæг.
   - Зæгъ, цавæр у!
   - Нæ зæгъдзынæн. Дæхæдæг æй бакæсдзынæ. - Афтæмæй ацыди Тома.
   Кæсы  ахуыргæнæг газет æмæ æвиппайды фестади йæ бадæнæй,  фестади
æмæ рауай-бауай кæны, рауай-бауай кæны æмæ дзуры:
   -  Мæнæ диссаг! Мæнæ стыр диссаг! Уал æмæ уал азы йæ кой, йæ хъæр
куы никæцæй хъуысти!
   Йæ  фатеры  дуар  ахгæдта  æмæ тагъд къахдзæфæй  араст  ис  хъæуы
уынгты.  Йæ  ных  сарæзта Хетæгкаты хæдзарырдæм. Фыртагъдæй  дзы  йæ
лæдзæг  райсын дæр ферох ис, æмæ йæм ныр стыр гæрæм куыдз куы рагæпп
кодта,  уæд  æй цæмæй баиргъæвтаид, уый нæ уыди. Газет дардта  галиу
къухы,  рахизæй  та-иу зæхмæ фæлæбурдта, цыма  куыдзыл  дур  цæвынмæ
хъавыди,  уыйау, афтæмæй йæ йæхимæ не 'рбауагъта, цалынмæ йæм  фысым
йæхæдæг хæццæ кодта, уæдмæ. Ахуыргæнæг, газет тилгæйæ, загъта:
   -  Дæ  фырт Габо удæгас æмæ æнæниз у, цытджын лæг сси. Йæ  хæстон
стыр  сгуыхтдзинæдты тыххæй йын советон хицауад радта генерал-майоры
цин.
   -  Уæ,  стыр хорз дыл æрцæуа!.. Мидæмæ... мидæмæ рацу.  Уæртæ  нæ
зæронд  æфсинæн йæ цæстытæ кæуынæй куы бахуыскъ сты.  Мах  æй  рагæй
куынæуал федтам! Ныр генерал-майор!
   Бацыдысты мидæмæ.
   - Уæ не 'фсин, цины хабар нын æрбахаста ахуыргæнæг.
   Зæронд ус сыстади сæ размæ.
   - Нæ зонын, цæй цины хабар мыл сæмбæлдзæн!
   Ахуыргæнæг та газет бæрзонд систа.
   -  Дæ  фырт  Габо æнæниз, удæгас у. Йæ хæстон стыр сгуыхтдзинæдты
тыххæй йын советон хицауад радта генерал-майоры цин. Мæнæ ацы газеты
фыст ис уый.
   Усæн  йæ  цæссыгтæ  фемæхстысты æмæ къорд рæстæджы  сдзурын  ницы
фæрæзта.
   Æппын æрæджиау къуыхцгæйæ сдзырдта:
   -  Уæ,  стыр  хорз  дыл  æрцæуа, махæн уый чи  фехъусын  кодта...
Габо...  Габо... мæ лæппу! Уæдæ мын удæгас æмæ æнæниз у!  Æмæ  ноджы
генерал-майор!.. Куывд, нæ лæг, куывд!
   Æмæ та йæ цины цæссыгтæ фемæхстысты.
   
   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971   


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *