КОЦОЙТЫ АРСЕН

"ФЫДÆБОНЫ ЧЫЗГ"

   Колхозонтæ сæ сихор ахицæн кодтой.
   Хæрæндонæй  рацæуынц  æртæйæ. Сæ  иумæ  -  чиныг,  йæ  сыфтæ  йын
рафæлдах-бафæлдах кæны.
   - Цы уын дзы бакæсон?
   - Диссагдæр чи у, ахæм исты.
   - Зæрдæйыл чи æмбæла, ахæм.
   - Ис ахæм.. . Æрбадæм уæртæ уым бæласы бын бандоныл.
   Æрбынат кодтой.
   Рацæуынц  дыууæйæ. Иуæн йæ къухты шашкæты фæйнæг,  иннæйы  къухты
та шашкæты лагъз.
   - Амбулдзынæн дæ абон.
   - Фыццаг хæттыты хуызæн та æмбылды фæуыдзынæ.
   Рацæуынц   иннæ   колхозонтæ  дæр  -  нæлгоймæгтæ,   сылгоймæгтæ,
зæрæдтæ, фæсивæд. Зæрæдтæ æрбынат кодтой къулы рæбын, хурмæ (уалдзæг
у,  уазал  у  нырма)  ныхас кæнынц, дзурынц  алы  хабæрттæ.  Фæсивæд
къордгæйттæ кæнынц, дзурынц, чи кæй бауарзта, чи кæй нал  уарзы,  чи
кæй куры.
   Мæнæ  рацыди  иу чызг фæндыримæ æмæ æрцагъта тымбыл кафты  цагъд.
Фæсивæд  базмæлыдысты,  байстой сæхи станы цур  фæзмæ,  æрлæууыдысты
зиллакк, лæппутæ иуырдыгæй, чызджытæ - иннæрдыгæй.
   Чидæр фæзынди хæдвæндæй:
   -  Æз дæн абон амонæг. Хъусут мæнмæ!.. Зиллакк ауæрæхдæр кæнут!..
Чызджытæ, чи уæ ракафдзæн раздæр?
   Рацыди  иу  чызг, аленк кодта йæ къæхты фындзтыл. Йæ  фæстæ  йæхи
ауагъта иу лæппу, хъæртæгæнгæ:
   - Урц... урц!.. Æс... æс!..
   Рацыди æндæр чызг.
   Айхъуысти кæйдæр хæлæггæнæг хъæлæс:
   - Стахановты раздзог! Кафты дæр йæхи разæй кæны!
   Амонæг дзуры:
   - Темболат, кæм дæ?
   Амонæг зыдта, Темболат Динæйы кæй уарзы, уый.
   Темболат  ракъахдзæф  кодта, фæлæ ам æрцыд æнæнхъæл  цыдæр  -  иу
чидæр фæраздæр ис æмæ уæртæ зилдух кæны Динæимæ.
   -  Æгъдау халыс, Тузар! - сдзырдта йæм амонæг, фæлæ йæ уый хъуыды
дæр не 'ркодта.
   Роликтыл  тулæгау  ауагъта  йæхи  Динæ,  рæсугъд  азылдтытæ  кæны
ивæнты йæ къухтæ, цæстытæй хъазы, мидбылты худт æрвиты Тузарæн.  Уый
уынгæйæ  Темболат та мæстæй судзы. Фæлæ мæнæ Динæ фæсындæгдæр  кодта
йæ кафт æмæ иуварсмæ фæласы йæхи.
   Уый  æмбарынгæнæн  у  кавалерæн, ома кафт фæци.  Тузар  йæ  бынат
бацахста  лæппуты  'хсæн,  фæлæ  Динæ  зиллаччы  астæуæй  нæ  ацыди.
Фæндырдзæгъдæг  бамбæрста  Динæйы фæнд  æмæ  та  базмæлын  кодта  йæ
фæндыр.
   Мæнæ  та фæленк кæны Динæ, ныр йемæ зилæнтæ кæны Темболат, къухтæ
фæйнæрдæм айсгæйæ, къæхтæй здухæнтæ кæны æмæ та фæхъæр кæны:
   - Урц... Урц!.. Æс... æс!..
   Чызг  цæстытæй  хъазы,  мидбылты  худы  Темболатмæ,  ныфсытæ  йын
дæтты.
   Фæсивæд сæхимидæг хъус-хъусæй:
   - Фыдæбоны чызг у ацы Динæ!
   - Сайæгой у!
   - Хъаруджын чызг у!
   Уый  фæстæ  кафынц æндæртæ. Фæсивæды фæндыди "симд" акафын,  фæлæ
уымæн рæстæг нæй, - мæнæ улæфты рæстæг фæци, æмæ та куыстмæ бавналын
хъæуы.
   
   х х х
   Динæ  асæй у рæстæмбис, мыдхуыз цæстытимæ, æлвыд къæбæлдзыг  сæры
хъуынтимæ.  Уыди йын даргъ дзыккутæ - фадхъулты онг, фæлæ  сæ  фарон
алвыдта. Бирæ аххытæ æмæ оххытæ фæкодтой бинонтæ, фыццаг хатт чызджы
æлвыдæй  куы  федтой, уæд. Йæ мад æм æгас мæйы дæргъы дзыхæй  дзургæ
дæр  нал  скодта, суанг ма йæ хæдзарæй асурыны фæнд дæр кодта,  фæлæ
йын  фæстагмæ  ныххатыр  кодта, - хъæубæсты чызджытæй  æрмæст  Динæ,
мыййаг, куы нæ у æлвыд.
   Динæмæ  куысты мидæг уыди хицæн арæхстдзинæдтæ æмæ  æгас  бригады
фыццаг  стахановон дæр уый тыххæй сси. Йе 'мбæлттæ йæ фарстой,  куыд
дын  æнтысы, зæгъгæ, уыйас нартхор тонын кæнæ картоф къахын. Уый сын
æмбарын  кодта, æмæ йын иуæй-иутæ айстой йæ куысты методтæ, фæлæ  йæ
нырма æййафгæ ничи акодта.
   Алы  куыстмæ  дæр Динæ у арæхстджын, æмæ йæм йе 'мбæлттæй  бирæтæ
хæлæг  кæнынц...  Афон ын уыди моймæ цæуынæн дæр. Кусджытæ  -  бирæ,
фæлæ  сæ  Динæ  хъуыды дæр нæ кодта. Иу рæстæджы цымыдис  адæймæгтæм
афтæ  кæсын байдыдта, цыма йæ зæрдæ дзуры Темболатмæ, æмæ уый тыххæй
бирæ  радзур-бадзур кодтой, уый фæстæ сæм афтæ кæсын байдыдта,  цыма
Темболаты  нæ,  фæлæ  Тузары уарзы æмæ  уæд  та  уый  койæ  ирхæфсын
байдыдтой  сæхи.  Фæлæ  Динæ йæхæдæг æппын никæмæн  æргом  кодта  йæ
зæрдæ.
   Тузар   æмæ  Темболат  уыдысты  сахъ  лæппутæ,  æмгæрттæ,   æмас,
хæрзконд,  рæсугъд. Сæ алкæмæ дæр афтæ касти, цыма Динæ  уый  уарзы.
Барвыстой  минæвæрттæ  - фыццаг Темболат, уый  фæстæ  Тузар.  Чызджы
ныййарджытæ разы кодтой сæ иуæн дæр, иннæмæн дæр, фæлæ чызг  йæхæдæг
цæхгæр "нæ" загъта сæ дыууæйæн дæр.
   -  Цу, бамбар нын чызджы зæрдæ! - дзырдтой хъæубæсты. - Цæмæй сты
æвзæр курджытæ? Æмæ йæм кæсут - "нæ", дам.
   -  Уый  Темболат  дæр  нæ  уыдзæн, Тузар дæр,  фæлæ  æндæр  исчи.
Сусæгæй  ацæудзæн Динæ ЗАГС-мæ æмæ ууыл ахицæн уыдзæн  хъуыддаг,  йæ
ныййарджытæ йæ æрæджиау базондзысты.
   -  Цалынмæ йыл дзурæг арæх ис, уæдмæ йæхи хъал кæндзæн,  стæй  иу
ницæйаг лæгмæ фæцæудзæн.
   Ахæм æмæ уымæ гæсгæ койтæ цыди хъæубæсты Динæйы тыххæй.
   Темболат æмæ Тузар та кæрæдзимæ хæрам сысты: афæдзы æрдæджы  бæрц
кæрæдзимæ нæ дзырдтой. Колхозонтæ бафиппайдтой, дыууæ лæппуйы  æхсæн
хæрамдзинад  æгæр кæй стыхджын ис, тарстысты се 'хсæн исты  фыдбылыз
куы 'рцæуа. Барвыстой чызгмæ иу дзырддзæугæ зæронд лæджы. Ницы нывыл
дзуапп радта Динæ, афтæмæй фæстæмæ фæцыди минæвар.
   -  Арт  у,  арт, ацы чызг! - дзырдта уый хинымæры, йæ урс  рихиты
бынæй  хин  худт  кæнгæйæ... - Фæлæ куы ницы  фыдбылыз  æрцæуид  уый
тыххæй!
   Динæ-иу, æцæг дæр, хаттæй-хатт йæ цæст ахаста уыцы дыууæ  рæсугъд
лæппуйыл, æмæ сæ искæмæ моймæ ацæуа, уый тыххæй йæм хъуыды дæр никуы
æрцыди.  Фæлæ сæ исчи куысты куы фесгуыхид, уæд æм бæгуыдæр  фæцæуид
моймæ.  Ныр, зæронды фæстæ кæсгæйæ, чызг хъуыды кодта: "Сахъ лæппутæ
та  куыд  нæ сты, хæрзконд, рæсугъд, тыхджын, фæлæ лодыртæ,  ницæйаг
колхозонтæ. Абоны онг сæ иу дæр стахановон не сси... Æрмæст сæм  уый
ис - æддаг уынд!.. Фæлæууæнт, æз сын исты кæлæн сараздзынæн!.."
   
   х х х
   Иухатт колхозонтæ рывтой нартхор Цæлыччы быдыры.
   -  Дзæгъæлы фыдæбон кæнæм, - сдзырдта иу, - ницы райсдзыстæм  ацы
æнамонд зæххæй.
   -  Бæгуы  дæр  ницы  райсдзыстæм, - загъта æндæр.  -  Хур  та  йæ
басудздзæн, иу хал дæр дзы нал баззайдзæн.
   Динæ куыста дзурджытæм хæстæг æмæ ныхасы йæхи фæкодта:
   -  Ферганы каналы тыххæй фехъуыстат? Йæ дæргъ у дыууæ сæдæ  æвдай
километры.  Узбекистаны колхозонтæ йæ сæхæдæг сарæзтой цыппор  фондз
боны дæргъы. Ферганы стонг быдыр бафсæсти донæй.
   Динæйы раз чи уыд, уыдон æм ныхъхъуыстой.
   -  Ацы  ран,  æмбæлттæ, фæндзай километрæй фылдæр  нæ  уыдзæн,  -
дзырдта  дарддæр Динæ. - Ау, мах нæ бафæраздзыстæм фæндзай километры
иу  мæймæ  бакусын? Цæйут æмæ байдайæм кусын! Стонг быдыр бафсæддзæн
донæй æмæ дзы алцы дæр хорз зайын байдайдзæн.
   Ныхъхъуыды кодтой колхозонтæ. Алырдыгæй айхъуыстысты дзырдтæ:
   - Раст зæгъы Динæ!
   - Цæуылнæ сараздзыстæм?
   - Дыууын бонмæ йæ сараздзыстæм?
   - Фынддæс бонмæ!
   Бауынаффæ   кодтой  улæфты  рæстæджы  колхозонты  фæнд   сæрдарæн
базонын кæнын.
   Цæлыччы колхозонты фæндонты тыххæй уайтагъд хабар айхъуысти  иннæ
бригæдтыл æмæ сыхаг колхозонтыл.
   -  Фыдæбоны  чызг  у уыцы Динæ, - дзырдтой колхозонтæ,  -  цы  та
сфæнд кодта?
   
   х х х
   Республикæйы   партион  æмæ  советон  организацитæ   æрлæууыдысты
хъуыддаджы сæр, æмæ куыстытæ сцырын сты.
   Инженертæ  кæронмæ сбæрæг кодтой каналы трассæ.  Æвæрд  æрцыдысты
шурфытæ æмæ трассæйы бæрæггæнæн нысæнттæ.
   Куысты рæстæджы Темболат амбæлди Динæйыл.
   - Цæй-ма, цы зæгъыс, Динæ, мæнмæ æви Тузармæ?..
   Динæйæн  йæ  фæнд  цæттæ уыди, фæлæ уæддæр иу  секунды  бæрц  æнæ
дзургæйæ алæууыдис, стæй бахудт æмæ загъта:
   - Каналы куыстытыл хуыздæр æвдисæгтæ кæмæ разына, уымæ...
   Чызг  фæцæуы.  Лæппу  лæугæйæ баззади. Ныхъхъуыды  кодта.  Æхсæны
хъæзтыты  Тузарæн  бар ницæмæй уагъта. Ам дæр се 'вдисæгтæ  æмхуызон
куы  разыной, уæд та? Хъуыддаг уæд æнæ лыгæй баззайдзæн,  æндæр  цы?
Нæ, хъуамæ сбæрæг кæна хъуыддаг. Аййæфта чызджы.
   -  Хъус-ма,  Динæ, нæ куысты æвдисæгтæ æмхуызон куы разыной,  уæд
та куыд уыдзæн?
   - Уый тыххæй дзурын нæма хъæуы, - дзуапп радта чызг.
   Динæ йæ фæндон Тузарæн дæр фехъусын кодта.
   Райдыдтой  кусын.  Боныхъæд уыди хорз. Уалдзыгон  хур  æрттывтытæ
калдта  æмæ  йæ  хъарм  тынтæй  рæдау  тавта  кусджыты.  Дæсгай  мин
адæймæгтæ  киркæтæ  æмæ белтæй къахтой Цæлыччы быдыры  нард  саумæр.
Адæймагæн  ам  сæфтысты йæ фæллой, йæ рæстæг æмæ йæ  тауинæгтæ  бирæ
азты  дæргъы.  Ныр  мæнæ æрæмбырд сты ам адæм  æнæпайда  зæхх  донæй
бафсадыны тыххæй, кæд, чи зоны, хорз тыллæг дæттын байдаид.  Куы  иу
ранæй,   куы   иннæ   ранæй,  хъуыстысты  инженертæ   æмæ   техникты
амынддзинæдты  хъæртæ. Кæмдæрты дзы, дæлбазырты бын  хæринаггæнджытæ
цæттæ  кодтой хæринаг канал аразджытæн. Зард, худт, хъазæн  ныхæстæ,
бæхты уаст, цæлхыты гыбар-гыбур æмæ машинæты машинæты æхситтытæ  сиу
сты æнæскъуынгæ уынæры. Æнусты-æнусон уæйыг Хъазыбеджы хох, урс худы
бын, хъуынджынæрфыгæй касти, ныронг цы ныв нæма федта, уымæ, æмæ дис
кодта. Уыйбæрц цыдæртæ федта йæ цæрæнбонты. Йæ зæрдыл лæууы, лæгæтты
куыд  цардысты хъуынджын адæм къордгæйттæй æмæ хом фыд куыд хордтой.
Уый  федта,  куыд  цардысты адæм цуанæй æмæ кæрæдзи  стигъынæй.  Уый
фæстæ  уыдта  -  мæнæ кæрæдзи ныхмæ фесты дыууæ мыггаджы,  -  мæрдтæ
фæвæййынц  куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй, æмæ-иу афтæ ахаста  дæсгай
азтæ, цалынмæ дыууæ мыггагæй иу бынтон скъуыд фæцадаид, уæдмæ.  Мæнæ
хохаг  ирон йæхиуыл æрбабаста бæндæн, йæ кæрон ын афидар кодта михыл
æмæ  фæбыры хæрд къулыл, дæлæ кæмдæр кæрдæджы муртæ кæм зыны, уырдæм
æмæ  сæ  кæрды, кæрды сæ æмæ зары, æмæ йæ зард зард нæу, фæлæ æрдиаг
æмæ  хъаст  уæларвмæ йæ мæгуыр царды тыххæй. Мæнæ хохы цъассы  цæрæг
лæг  æрцыди быдырмæ, ауæй кодта цыхты гуымбыл æмæ хъуыны тыхтон,  йæ
хæрæгыл  сæвæрдта  нартхоры  уаргъ æмæ фæцæуы  фæстæмæ  йæ  хæдзармæ
къæдзтæ-мæдзтæ  къахвæндагыл. Хæрæг цæуы  размæ,  йæ  къæхтæ  хъавгæ
исгæйæ,  фæлæ  мæнæ  иу фæзилæны фæцудыдта æмæ йæ  уаргъимæ  ахаудта
æнæбын  дæлджинæгмæ.  Йæ  хицау, катай  кæнгæйæ,  кæсы  бынмæ,  фæлæ
дзæгъæл  у  йæ  каст - уырдæм фæндаг нæй. Бирæ, бирæ диссæгтæ  федта
Хъазыбеджы хох йæ царды бонты, фæлæ ныр цы диссæгтæ цæуы, ахæмтæ  йæ
фыны дæр никуы федта.
   Хæхтыл   гæрдынц  фæтæн  фæндæгтæ  æмæ  сыл  фæйнæрдæм   згъорынц
цавæрдæр  машинæтæ  æнæ  бæхæй, æнæ галæй,  йæ  сæрты  тæхынц  æндон
мæргътæ  дуæрттæ æмæ рудзгуытимæ, кæцытæй зынынц адæймæгтæ,  ныр  та
далæ  бынæй, Цæлыччы быдыры, фæндзай километры бæрц адаргъ сты  адæм
æмæ кæнынц ног диссаг - донæй бафсадынмæ хъавынц, донхорыг чи нæ  у,
уыцы  зæххы, райсынмæ хъавынц хъæздыг тыллæг уыцы зæххæй, кæцы  уыди
адæмæн æрмæст мæстæймарæн.
   
   х х х
   Тузар   æмæ  Темболат  уыдысты  диссаджы  кафаг  лæппутæ,   бæхыл
хъазынмæ  дæр сæ ничи æййæфта, чызджытимæ дæр зæрдæмæдзæугæ  ныхæстæ
акæнынмæ   тынг   арæхстысты,  фæлæ  куысты  мидæг   нымад   уыдысты
фæстæгтимæ.  Ныр  ма уыдон никæмæ расидтысты ерысы куыстмæ,  сæхæдæг
дæр  ерысмæ сидтæн дзуапп никуы ма радтой. Колхозы мидæг сæ ном уыди
"ницæйаг колхозонтæ". Каналы куыстмæ куы бавнæлдтой, уæд сын  фыццаг
ницы  уыйас æнтысти, сæ сыхæгтæ къахтой фылдæр кубометртæ. Фæлæ  ныр
дыууæ æндæуæгъы бахъуыди сæ хъару равдисынæн, æмæ сæ алчи дæр кусгæ-
кусын  хъуыды кодта ахæм мадзæлттæ, сæ æнтыстдзинад сын чи  фæфылдæр
кодтаид,  æмæ  рæхджы сæ дыууæ дæр федтой, фылдæр  сын  æнтысын  кæй
байдыдта. Кусгæ кодтой хицæн участокты, фæлæ сæ зæххы хъæд  иухуызон
уыди  æмæ  уымæ  гæсгæ  рамбулыны фадæттæй  хъауджыдæр  нæ  уыди,  -
хъуыддаг  æнцади  хи  фылдæр  хъарыныл æмæ  куысты  методтæ  хуыздæр
кæныныл.  Бирæтæ куыстой каналыл ерысæй, мæнæн фылдæр бантысайæ,  æз
фæраздæр  уонæй, фæлæ уæлдай тыхджын ерыс цыди Темболат  æмæ  Тузары
æхсæн, - æмæ куыннæ - чи фæуæлахиз уыдаид, уымæ æнхъæлмæ касти  стыр
амонд. Уыдон бонæй-бонмæ зынгæ фылдæр кодтой сæ æнтыстдзинад.
   Канал  арæзт фæци. Хуымæтæджы дон бабырста каналмæ æмæ уынæргæнгæ
æмæ  фæйлаугæ  ауагъта  йæхи  дæлæмæ -  дарддæр  æмæ  дарддæр.  Адæм
фырцинæй  цæссыгтæ  калдтой, худтысты, кафыдысты,  сæ  худтæ  уæлæмæ
æппæрстой.  Æмæ куыннæ - нырæй фæстæмæ Цæлыччы быдыры  дзæгъæлы  нал
сæфдзысты адæймаджы рæстæг, фæллой æмæ тауинæгтæ, нырæй фæстæмæ  дзы
абухын   байдайдзæн  уæлæмæ  алы  халсар,  йæ  уындæй  рухс  кæндзæн
адæймаджы зæрдæ.
   Канал байгомы охыл куывд йæ тæккæ цырыныл куы уыд, уæд Тузар  æмæ
Темболат  бахыгътой  сæ куысты бæрæггæнæнтæ -  Тузар  баззади  састы
бынаты. Бацыди Темболат Динæмæ, фæрсы йæ:
   - Зоныс хабар?
   - Зонын.
   - Уæдæ цы зæгъыс?
   -  Цы зæгъын? Æз мæ дзырд нæ сайын, - кæд дæ фæнды, ныртæккæ  дæр
цом ЗАГС-мæ.
   Тузар сæ хъуыды дардта. Бацыди Темболатмæ, йæ къух ын райста  æмæ
загъта:
   -  Арфæ  дын  кæнын дæ уæлахиздзинады тыххæй. Дæ хай  уыди  чызг.
Фидыц æмæ амондимæ цæрут.
   Дыууæ   знаджы  уæдæй  фæстæмæ  балымæн  сты  æмæ  арæх  фæсидынц
кæрæдзимæ   ерысæй   куыстмæ.  Ныр  уыдон  ничиуал   хоны   "ницæйаг
колхозонтæ".

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *