КОЦОЙТЫ АРСЕН

ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ

   "Хох  хохыл не 'мбæлы, фæлæ адæм - кæддæриддæр" - уый у  фыдæлтæй
баззайгæ уырыссаг æмбисонд. Ацы æмбисондæн йæ фыццаг æрдæг  мæнг  у,
йæ   дыккаг   æрдæг  та  гæды  у.  Хæхтæ  фембæлынц  иуæй-иу   хатт:
зæххæнкъуыст  куы  'рцæуы, уæд ма сæ сæртæ дæр кæрæдзиуыл  фæхойынц.
Уæдæ  адæм дæр фæиртæсынц кæрæдзийæ æмæ бирæ хæттыты кæрæдзиуыл  нал
сæмбæлынц: иу ирон Америкмæ куы ацæуа, иннæ та Австралимæ æмæ уымыты
куы амæлой, уæд ма æмбæлд кæм ис!
   Тепсыр  æмæ  йæ дыууæ рагон хæлары - Бибо æмæ Тебойы æхсæн  уыдис
æрмæст  дæс  версты, афтæмæй 30 азы дæргъы кæрæдзиуыл не 'мбæлдысты,
стæй  сæ  уæддæр хъысмæт фембæлын кодта. Афтæмæй, цы  æмбисонды  кой
скодтам, уый ам разындис æцæг.
   Тепсыр  цæры  горæты,  Тебо æмæ Бибо та,  горæтæй  10  версты  цы
хъæумæ  ис,  уым.  Тепсыр раиртæстис хъæуæй 30 азы размæ  æмæ  уæдæй
фæстæмæ, хъæу цы мыггаг у, уый нал федта. Бæргæ-иу афæнд кодта,  кæм
райгуырдис,  кæм  схъомыл  ис,  уыцы  бынæттыл  азилын,  фæлæ  никуы
бантыстис - исты æхсызгон хъуыддаг та-иу æй баурæдта, стæй  иудадзыг
ацы  горæты  нæ  уыдис йæ цард, дард бæстæты дæр куыста.  Иудзырдæй,
æрцыдис  ахæм  бон,  æмæ Тепсыр фембæлдис Бибо æмæ  Тебойыл  æмæ  сæ
уайтагъд  базыдта. Уайтагъд базыдта - уый зын бауырнæн у - æрмæстдæр
дæс азы нал фенгæйæ дæр адæм нал базонынц кæрæдзи. Фæлæ ацы фембæлды
ахæм  нысæнттæ уыдис, æмæ йыл уыдонмæ гæсгæ чидæриддæр  баууæнддзæн.
Тебо æмæ Бибо уыдысты Тепсырæн, хъæуы ма куы цардис, уæд йæ сыхæгтæ.
Бибо  уыдис  галиуырдыгæй сыхаг, Тебо та рахизырдыгæй  сыхаг.  Уыдон
æртæйæ  иу  бон бацыдысты хъæууон скъоламæ æмæ дзы æхсæз азы  фæстæ,
каст фæуæвгæйæ, иу бон рахицæн сты. Иумæ-иу æрвыстой уыдон сæ уæгъды
рæстæг,  иумæ-иу  райсомæй-изæрæй цыдысты  сæ  фæзмæ.  Цыдысты  арæх
кæрæдзи  хæдзæрттæм дæр æмæ-иу кæмæ уыдысты, уый-иу йæ мадæй  домдта
йæ  уазджытæн цæл. Афтæмæйты æртæ лæппуйы арвыстой сæ чысыл рæстæджы
дзæбæх  бонтæ,  æнæферохгæнгæ бонтæ. Адæймаг  йæ  цæрæн  бонты,  куы
фæндагыл  уæвгæйæ,  куы  та  куысты уæлхъус,  æмбæлы  бирæ  адæмимæ,
фæзынынц  ын хорз зонгæтæ, хæлæрттæ дæр. Ферох вæййынц ахæм зонгæтæ,
ахæм  хæлæрттæ, фæлæ, адæймаг йæ чысылы рæстæджы кæимæ  схъомыл  уа,
уыдон  ын  æппæтæй зынаргъдæр вæййынц, уыдонæн ферохгæнæн нæ  вæййы.
Тепсырæн  йæ  ныййарджытæ  цæрæг адæм уыдысты,  радтой  йын  дарддæр
фæндаг  æмæ  мæнæ  дохтырæй кусы. Тебо æмæ Бибо та хъæууон  скъолайæ
куыд рацыдысты, афтæ баззадысты зæхкусджытæй.
   Фарон  мартъийы райдайæны, иу хъуынтъыз боны аходæн афон, рацыдис
Тепсыр  хъæдын  хиды былмæ, цæуын æй хъуыдис кæдæмдæр æмæ  трамваймæ
æнхъæлмæ  кастис.  Нæ горæты зæронд трамвай куыд цыдис,  уый  горæты
цæрджытæй  алчи  дæр зоны - цæстытæ-иу ныуурс сты æнхъæлмæ  кæсынæй.
Фæндаг  хус у, зæгъгæ, уæд адæймаг фистæгæй тагъддæр фæхæццæ  уыдаид
бынатмæ, фæлæ уыцы бон фæндаг æвзæр уыдис - митæмхæццæ цъыфы  къæхтæ
фадхъултæм   ныгъуылдысты,  æмæ  Тепсыр  æнæбары  æнхъæлмæ   кастис.
Хызынтæй   уæлæмæ   зындысты  арæхдæр  нартхоры   кæрдзын,   цæхджын
джитъритæ,  æнæсыф давæттæ, иуæй-иу хызынæй-иу тъараны  къæдзил  дæр
фæзындис.  Уæрдон  цæуæг нæ зындис, хидыл файтон  дæр  афтæ  -  хоры
зынаргъы  тыххæй  файтæттæ  нал  куыстой  æппындæр.  Вагзалмæ,  кæнæ
вагзалæй  цæуæг адæм сæ уæхсчытыл æмæ сæ къухты хастой сæ чумæдантæ,
чыргъæдтæ  æмæ æндæр дзауматæ. Фыдхуыз, æнкъард цæстæнгасимæ  фистæг
адæм   лæмæгъ  змæлд  кодтой  хидыл  дыууæрдæм.  Тепсыры  цæст   дзы
аныдзæвдис  2-3 лæгуæрдоныл, сæ мидæг уыдис цæмæйдæр дзаг  голлæгтæ,
афтæмæй  сæ  ластой  иугай æмæ дыгай адæймæгтæ. Тепсыр  зыдта,  уыцы
голлæгты  цы уыдис, уый - уый уыдис ацы стонг рæстæджы адæмæй  иуæй-
иуты чи ирвæзын кодта, уыцы "хойраг" - бардæ.
   Дардæй  æрбазындис  трамвай  æмæ  Тепсыр  бацин  кодта,  фæлæ  йæ
трамвай нал бахъуыдис... Мæнæ хидыл Терчы галиу фарсырдæм æрбацæуынц
дыууæ  лæгуæрдоны,  сæ  рæтæнæгъдтæ - фæстæрдæм.  Рæтæнæгъдты  астæу
бацыдысты  фæйнæ лæджы æмæ сыл афтæмæй размæ ахæц-ахæц кæнынц,  стыр
зынæй  сæ  тæрынц размæ. Сæ цæстытыл фыст уыдис æгæрон æнкъарддзинад
æмæ  фæлладдзинад. Уæрдæттæ цыдысты фæд-фæдыл. Фæкомкоммæ ис  Тепсыр
раззаг лæджы цæсгоммæ. Цыма йæ кæмдæр федта, уый хуызæн æм фæкастис.
Æдзынæгдæр  æм  бакастис - бæлвырд у, федта  йæ  кæмдæр.  Дæргъæццон
цæсгом, бурхил, цъынддзаст, йæ ныхыл зулмæ нос. Федта йæ, фæлæ йæ нæ
хъуыды  кæны.  Æвиппайды йæ сæрымагъз фæрухс ис -  базыдта  йæ:  уый
уыдис йæ рагон сыхаг, скъолайы æмбал æмæ хæлар, Бибо. Цы базонын  æй
хъуыдис  ахæм  нысæнттимæ! Бакастис фæстаг уæрдоны  хицаумæ.  Цыбыр,
бæзæрхыг  лæг, фæтæн роцъойы астæу - арф дзыхъ. Фындзы  бын  иуырдæм
æмæ  иннæрдæм фæйнæ 4-5 æрдуйы - уыдон уыдысты рихитæ. Роцъойыл  дæр
уымæ  гæсгæ  уыдаид, æвæццæгæн, иу 8-9 æрдуйы - уый та уыдис  зачъе.
Ахæм  нысæнттимæ цы базонын хъуыдис уымæн дæр - уый та уыдис йæ иннæ
сыхаг,  коса Тебо. Дыууæйæн дæр сæ цæсгæмттæ уыдысты рæсыд,  стонджы
рæсыд.  Цы базонын хъуыдис дохтырæн уый - бирæ федта ахæмтæ  базары,
вагзалы  æмæ æндæр рæтты дæр. Уыцы минут Тепсыры сæры сæхи бакалдтой
йæ чысылы бонтæй мысинæгтæ. Йæ зæрдæ бауынгæг ис. Æрлæууыдис Тепсыр,
æнæ дзургæйæ, раззаг уæрдоны размæ.
   -  Сто  надо, хозяин? - фæрсы тарстхуызæй Бибо. Баурæдта  уæрдон.
Фæстаг уæрдон дæр æрлæууыдис.
   -  Дзырд  даргъ ацæуы, - загъта Тепсыр, - фæлæ Бибо æмæ  Тебо  не
стут?
   Дзæвгар  æм  фæкастысты, дис кæнынц, чи уа  уый,  зæгъгæ.  Тепсыр
дæр, базониккой йæ æви нæ, уымæ æнхъæлмæ кæсы.
   Нæ йæ базыдтой.
   - Мах стæм æцæг, ды кæмæй зæгъыс, уыдон, фæлæ ды та чи дæ?
   -  Æвæццæгæн,  тынг  фендæрхуызон дæн, уый  йедтæмæ  мæ  куыд  нæ
æрхъуыды кæнут? Уе 'мбал Тепсыры нал зонут?
   Бибо  æмæ  Тебо сæ уæрдæттæ фæурæдтой æмæ цинтæ кæныныл фесты  сæ
рагон хæларыл. Сæ дыууæ дæр хинымæры дис кодтой, зæгъгæ, æртæйæ  дæр
æмгæрттæ  куы  стæм,  уæд Тепсыр цæй тагъд фæзæронд  ис,  цæй  халас
адардтой  йæ рихитæ. Тепсыр дæр кæсы йæ хæлæрттæм - иу  урс  дæр  сæ
никæй  ма  ис,  афтæмæй  цæстыты  фæрстæ  æнцъылдтæй  æхгæд.  Тепсыр
æппындæр  ууыл дис нæ кæны, уый зоны хорз, æмæ уæззау сау куыст  æмæ
зынвадаты  цард урсытæ æрæгмæдæр цæуын кæнынц, сæрымагъзы куыст  æмæ
нервыты  ифтыгъд та цæсгом æрæгмæдæр æнцъылдтæ кæнынц,  фæлæ  урсытæ
тагъддæр фæзынын кæнынц.
   Кастысты  æртæ  хæлары  кæрæдзимæ æмæ æхсызгондзинад  фыст  уыдис
æртæйы цæсгæмттыл дæр. Тепсыр хъуыды кодта: "Уал æмæ уал азы ма  фен
дæ  чысылы  бонты  æмбæлтты æмæ ма абад иумæ, ма аныхас  кæн...  Нæ,
хъуамæ  сæ  бахонон  мæхимæ".  Зивæг кодтой  Бибо  æмæ  Тебо  мидæмæ
цæуыныл, фæндыдис сæ тагъддæр сæ хæдзæрттыл сæмбæлын, фæлæ сæ Тепсыр
нæ  ныууагъта, бакодта сæ йæ хæдзармæ. Дард цæуын нæ хъуыдис  -  уым
хиды цур цæры Тепсыр. Уæрдæттæн дæр сарайы бынат разындис...
   Бибо  æмæ Тебо хъарм уатмæ куы бацыдысты æмæ ноджы Тепсыры  ныхас
иннæ  уатæй  куы  айхъуыстой, зæгъгæ, уазджытæн  исты  ацæттæ  кæнут
хæринаг,  иу  литр  арахъ  дæр  æрбадавут,  уæд  сæм  хуыздæр  кæсын
байдыдта, кæй æрбаздæхтысты, уый.
   Цалынмæ  æфсин хæринаг, нуазинаг цæттæ кодта, уалынмæ æртæ  лæджы
мысын байдыдтой хабæрттæ сæ чысылы бонтæй.
   Æнтъыснæгхуыз  уыдысты  уазджытæ,  сæ  ныхас  дæр,  цыма  æнæбары
дзурынц,  уый  хуызæн  уæззауæй  хаудта  сæ  дзыхтæй.  Бибо   уæддæр
хъæлдзæгдæр уыдис, фæлæ Тебо уыцы хъуынтъызæй бадтис, йæ ныхас кодта
мæстыйæ. Уый хинымæры хъуыды кодта: "Цы нын сты уыцы рагон хабæрттæ,
мах ныртæккæ уыдон мысыныл куы нæ стæм!" Æппынфæстаг сдзырдта:
   - Ис нæм, Тепсыр, уыдонæй ахсджиагдæр хабæрттæ, абоны хабæрттæ.
   - Цæмæй зæгъыс уый?
   - Цæмæй куы зæгъай, уæд нæ ныры царды хабæрттæ.
   -  Хъусын чысыл цыдæртæ, фæлæ горæтæй никæдæм цæуын æмæ бæлвырдæй
ницы зонын.
   -  Фесæфтыстæм, бабын стæм, Тепсыр, - райдыдта Тебо.  -  Цавæрдæр
колхозтæ  æрхъуыды кодтой нæ ног хицæуттæ æмæ нæ  уый  бабын  кодта.
Стонгæй мæлынмæ æрцыдыстæм. Бардæ хæрæм. Федтай - лæгуæрдæтты  бардæ
ласæм, уый дæр зынтæй æфты нæ къухты.
   Тепсыр  хинымæры  бацин кодта, мæнæ, зæгъгæ, хабæрттæ  сæ  фыццаг
гуырæнæй базондзæн.
   -  Радзурут-ма, уæ хорзæхæй. Æз мæнæ ам бадын æмæ бæлвырдæй  ницы
зонын  ныры  хъæууон цардæн. Уый зонын æрмæст,  æмæ  мæнæ  нæ  базар
смæгуыр ис, хъæутæй йæм ницыуал хауы.
   -  Гъе...  гъе...  Æгайтма йæ бамбæрстат, горæт хъæуы  тæфæй  кæй
цæры, уый! - йæ хъæлæс фæбæрзонд кæнгæйæ, загъта Тебо.
   -  Иудадзыг афтæ нæу, - фæлмæн сдзырдта Тепсыр. - Горæт æмæ  хъæу
кæрæдзи  руаджы цæрынц. Кæд хъæу дæтты горæтæн зæхкуысты  продукттæ,
уæд   горæт   дæр   бирæ  цыдæртæ  дæтты  хъæуæн  -  алы   дзауматæ,
инструменттæ,  машинæтæ, хъуымæцтæ æмæ æндæртæ. Ноджы  фабриктæ  æмæ
заводты кусджытæ царды раздæр цæуынц зæхкусджытæй æмæ уыдонæй æфтынц
хъæумæ  сæрымагъз  рухсгæнæг хъуыдытæ æмæ цард хуыздæргæнæн  фæндтæ.
Уымæ  гæсгæйæ хъæу æмæ горæт фидыдæй, цæдисгондæй куы цæрой, уæд  сæ
дыууæтæн дæр хуыздæр у.
   Афтæ  дзырдта  Тепсыр, фæлæ уыцы хъуыдытæн йæ сæры арф  бынат  нæ
уыдис. Цыдæриддæр йæ царды пайдайæн æххуыс у, уый хорз, æмæ йæ  фарс
дзурдзæн кæддæриддæр, йæ царды пайдайæн æххуыс цы нæ уа, уымæн та йæ
ныхмæ дзурдзæн. Мæнæ ныр хъуаг æййафæм хъæууон хæдзарады продукттæй,
æмæ  йæ  фæнды, цæмæй зæхкусджытæ знагдзинад ма кæной  горæтимæ  æмæ
цæмæй базар дзаг уа алы продукттæй.
   Тебо  æппындæр Тепсыры ныхæстыл разы нæ уыдис, фæлæ йæхи  ныхæстæ
ракæныныл кæм уыдис, уым ауыгъта йæ къух æмæ загъта:
   - Фæуæд афтæ дæр!
   Адаудта  Тебо йæ рихитæ иуырдæм, иннæрдæм, кæд дзы уыйас  дауинаг
ницы уыдис, уæддæр, стæй дзырдта дарддæр:
   -  Ацы  ног  хицæуттæ  куы ссыдысты, уæд  нæ  фыццаг  ницы  уыйас
хъыгдардтой. Цардыстæм нæхицæн дзæбæх. Налогтæ уыдысты æмæ -  нывыл.
Æнæ  налогæй паддзахадæн цæрæн нæй, уый мах дæр æмбарæм.  Иудзырдæй,
хъуыддаг  хорз цыдис фарон - æндæразы онг. Æнхъæл уыдыстæм æмæ  афтæ
уыдзæн  дарддæр дæр. Уалынмæ дын расидтысты, хицæнæй кусын, дам,  нæ
бæззы, пайда нæу, мæгуырдзинад æфтауы.
   Иумæйаг  цард,  дам, саразын хъæуы - фос иумæ, куыст  иумæ,  хæрд
иумæ.  Иумæ  куыст, иумæ хардз, дам, бæркадджындæр  сты,  тыхтæ  æмæ
фæрæзтæ,  дам, дзæгъæлы нæ сæфынц. Бирæ ахæм цыдæртæ дзырдтой.  Ахæм
дуг, дам, æрцæудзæн, иумæ цæргæйæ, æмæ кусын хъæудзæн бон æрмæст 2-3
сахаты, иннæ рæстæг та, дам, дæхи уыдзæн æмæ дæ куыд фæнда, афтæ  йæ
хардз  кæн. Бирæ дзæбæхдзинæдтæ дзырдтой. Хъуыддаг иуæй-иуты зæрдæмæ
цыдис, тынгдæр æрцæуæггæгты, батракты, æнæхæдзæртты зæрдæмæ.
   Хуыссæг  сæ  нал  ахста,  нал  лæууыдысты,  -  дзырдтой  ныхæсты,
æмбырдты  æмæ  æндæр  рæтты.  Æнæ колхоз  нал  лæууыдысты.  Хицауады
æрвыстытæ-иу  æмбырд куы сарæзтой, уæд-иу уыдон дыгай  къухтæ  схъил
кодтой, разы стæм, зæгъгæ... Нæ уыдис, Бибо, афтæ?
   -  Афтæ  уыдис  бæлвырд, - сдзырдта Бибо дæр.  -  Тынг  зæрдиагæй
лæууыдысты уыдон колхоз аразыныл. Фæлæ æрмæст уыдон нæ уыдысты,  уый
зæгъын  хъæуы. Æз зонын, хорз чи цардис, ахæмтæ дæр, колхоз аразыныл
зæрдиагæй   чи  лæууыдис.  Уыдис  дзы  æнахуыргонд  адæймæгтæ   дæр,
ахуыргонд  æмæ  фенгæ  адæймæгтæ дæр.  Дзырдтой  зæрдиагæй,  зæгъгæ,
колхоз ратдзæн адæмæн амондджын цард.
   Тебо та йæ къух ауыгъта, сагъæсы худт бакодта æмæ загъта:
   - Уыдис, уыдис ахæмтæ дæр. Уыдон та, баууæнд мыл, æлхæд уыдысты.
   -  Цытæ  дзурыс,  Тебо, цы! - бахудтис Бибо дæр.  -  Уыдон  æппæт
æлхæныныл куы ныллæууа хицауад, уæд хæрз бæгънæгæй куы баззайдзæн!
   -  Бæгънæгæй баззайдзæн, цы кæндзæн, уæддæр афтæ уыдис...  Бауадз
нæ  дзурын,  Бибо!.. Адæм худæгæй мардысты, мæнæ,  зæгъгæ,  хицæуттæ
сывæллæтты хъаст æрхъуыды кодтой. Иутæ та афтæ дзырдтой, адæм,  дам,
хицæн  хæдзæртты нал цæрдзысты, фæлæ æгас хъæуæн уыдзæн иу сарагонд,
йæ   дæргъ  хъæуы  сæрæй  хъæуы  бынмæ.  Уым,  дам,  иууылдæр   иумæ
хуысдзысты,  - иу хъæццулы бын - усæй, лæгæй, сывæллонæй,  зæрондæй.
Хъæццулы  хъуыддаг  афтæ нæ рауадис, фæлæ æнæуи  адæм  фесæфтысты...
Адæм  сæхæдæг  сæхи  фесæфтой. Нæ хъæуы ис авд  сæдæ  хæдзары  бæрц.
Уыдонæй  фыццаг баиу сты æхсай хæдзары. Сæ кусæнгарз, сæ  кусæг  фос
æхсæнмæ  радтой æмæ байдыдтой иумæ кусын... Дардыл цы  дзурæм!  Абон
æгас  хъæу  лæуд сты колхозы. Хицæнæй кусджытæ ма дзы ис  æрмæст  иу
фæндзайы бæрц.
   Райдыдтой кусын колхозонтæ, уалдзæгæй фæззæгмæ фæкуыстой. Цы  хор
сæм  æрцыдис,  уый хицæуттæ алухтой. Адæммæ рахаудта: кæмæ  иу  пут,
кæмæ  дыууæ. Уыдæттæй цæрæн нæй. Стонгæй мæлынмæ æрцыдысты адæм.  Æз
колхозы  лæуд нæ дæн, фæлæ æз дæр гæвзыккæй баззадтæн.  Мæнæ  фыццаг
хуытæ цы бардæ нæ хордтой, завод Теркмæ кæй калдта, уый æлхæнæм  æмæ
уымæй  ирвæзæм. Бардæ æнтыд у, фæлæ мах æнтыды хуызæн нæу. Мах æнтыд
æнæниз у, ам та цавæрдæр марг ис, æмæ йæ фыццаг иу-дыууæ боны  æхсын
хъæуы,  афтæмæй, кæд ма дзы æфсисадæй исты вæййы, уæд  уый  дæр  дон
ахæссы,  стæй дзы уый фæстæ дæ гуыбын дзаг кæн. Æххуыс ницы у,  фæлæ
тъæнгтæ дзаг дары. Уый дын, нæ уарзон Тепсыр, нæ цард.
   Тепсыры  хъустыл  æнæ уайгæ нæ уыдис... колхозонтæй  бирæтæ  хорз
кæй  нæ  куыстой,  саботаж кæй кодтой; уый  бамбæрста  Тебойы  галиу
ныхас,  бамбæрста,  Тебо советон хицауадæн  знаг  кæй  у,  ног  цард
къуылымпы чи кæны, уыдонимæ кæй ис, æмæ йын хъыг уыдис.
   -  Зæгъ-ма,  Тебо, - бафарста Тепсыр, - дзырдмæ  гæсгæ  уæ  айста
хицауад хор æви фылдæр?
   -  Цыдæриддæр  æрцыдис, уый ассывта, дзырдмæ дæр нал  кастис  æмæ
иумæ дæр.
   -  Уæдæ æз афтæ нæ фехъуыстон. Æз хъуыстон, зæгъгæ, адæмæй бирæтæ
фыдæнæн нывыл нæ бакуыстой æмæ сæм хор бирæ не 'рцыдис.
   -  Тепсыры  ныхас раст у, - сдзырдта Бибо. - Нæ нæм  æрцыдис  хор
хицауады  нормæйы  фаг,  нæхимæ дæр дзы ницы  рахаудта.  Цæмæн  афтæ
уыдис,  уый  æз зæгъдзынæн. Цалынмæ-иу хур арвы астæумæ  схæццæ  ис,
уалынмæ  бирæтæ куыстмæ нæ цыдысты. Кæрæдзимæ-иу хъæр  кодтой:  "Цæй
рацу,  цæй  рацу!" Иуæй-иумæ цалынмæ иу-дæс хатты нæ бадзырдтаиккой,
уалынмæ  хæдзарæй æддæмæ нæ цыдис. Чи йæхи рынчын  кодта,  чи  истæй
æфсон  горæт, кæнæ æндæр хъæумæ цыдис. Хуымгонд нывыл нæ уыдис,  тыд
нæ бæззыдис. Тауинагæй бирæ давд цыдис. Уый фæстæ рувын афон. Ставд,
хорз æвзартæ-иу цъыччытæ кодтой æмæ дзырдтой:
   -  Ставд  æвзар кулак у æмæ йæ марын хъæуы! Лыстæг, мæллæг  æвзар
та мæгуыр у, æмæ лæууæд, цæрæд йæхицæн!
   Хæмпæлгæрдæг  дæр-иу барæй æнæ лыгæй фæуагътой...  Агрономтæ  дæр
бирæ  рæдыдысты.  Куыст дзæбæх цæуа, уымæ нæ кастысты,  фæлæ  æрмæст
размæ тындзын кодтой. Дæ разы агроном Тасолтаны зоныс ды, Тебо, афтæ-
иу фæкодта:
   -  Цы  сæ  дзæбæхтæ кæнут? Размæ цæут, размæ цæут!  Æмæ  сводкæтæ
арвитыны  мæт  кодтой, газеттæ æмæ хицæуттæ сæ куыд  раппæлыдаиккой,
уый  мæт  кодтой.  Иууыл  диссаг  та нартхортонæнты  уыдис.  Адæм-иу
нартхæртты  алырдæм абырыдысты, сæхи расай-басай  кодтой,  хынджылæг
кодтой, нартхæрттæ кæрæдзиуыл æхстой. Тындæй æмæ æнæ тындæй дæр  цас
баззадис нартхор, уый йæхæдæг афæдзы æрдæджы фаг уыдаид æгас хъæуæн.
Иннæ  ахæм  картофы  къахт - йæ фылдæр сыджыты  бын  баззадис...  Цы
зæгъæм?  Хицæутты аххос дæр бирæ уыдис - куысты æвæрд  нæ  бæззыдис,
организаци  кæй хонынц, уый нывыл нæ уыдис. Хицæнæй кусджыты  тыххæй
куы  зæгъæм,  уæд бæлвырд, уыдон зæрдиагæй куыстой.  Фæлæ  мæнæ  ды,
Тебо,  хицæнæй кусæг дæ æмæ æппындæр нæ куыстай, æдзух ныхасы  бадтæ
æмæ дзæнгæда цагътай, иннæты дæр ма къуылымпы кодтай сæ кусынæй.
   -  Æмæ  æз  дæр æмæ иннæтæ дæр цæуыл хъардтаиккам нæхи?  Цасфæнды
бакус,  уæддæр дын хицауад дæ фæллой ассивдзæн. Фæлтау ныхасы  бадын
хуыздæр  у...  Стæй цæй колхоз у, цæй иумæйаг цард у?  Фыдæлтæй  дæр
хуымæтæджы  нæ баззадис æмбисонд: "Иумæ дзыккайæ хицæн  сир  хуыздæр
у".
   -  Æз  дæр  афтæ хъуыды кодтон, - загъта Бибо, - æмæ  галиу  митæ
уымæн  кодтон.  Рувгæ  дæр  хорз нæ кодтон,  губакк  кæнгæйæ  дæр-иу
бавдæлдтæн,  æмæ рувæн арф бацавтон æмæ-иу зæххы бын картофы  зæнгтæ
фæлыг  сты.  Афтæтæ кодтон. Кæнæ цал хатты мæхи срынчын  кодтон!  Иу
хатт  та уæртæ Дæргъæвсмæ бацыдтæн цæйдæр æфсон æмæ, колхозы  кусыны
бæсты,  уым  æгас  дыууæ къуырийы фæцардтæн мæ  хæстæджытæм.  Афтæтæ
кодтой  бирæтæ  æмæ хор дæр, картоф дæр уымæн не 'рцыдысты.  Афтæмæй
хицауад  дæр  æххæстæй нæ айста, цы йæм цыдис, уый.  Махмæ  дæр  дзы
ницыуал  рахаудта. Цы уыдис, уый нæхи аххосæй. "Кæмæн, дам,  кусæм?"
Ныр,  бардæ хæрынмæ куы 'рхаудтам, уæд хорз рабæрæг ис, кæмæн кусæм,
уый...  Уыныс, колхозтæй дзæбæх чи бакуыста, уыдонмæ дзæвгар рауадис
алцы дæр æмæ цæрынц сæхицæн.
   Бибо  цас галиу митæ нæ кодта, уыйас дæр сæ барæй ныббирæ  кодта,
афтæ  йæ фæндыдис, Тебо дæр куыд ныууадза йæ галиу митæ æмæ йе 'ргом
колхозмæ куыд раздаха.
   -  Æз кодтон галиу митæ, - загъта дарддæр Бибо, - æмæ сыл сæттын,
фæсмон сыл кæнын. Ды дæр, Тебо, кодтай галиу митæ. - Тебо бахудтис.
   -  Æмæ  сыл  цы  сæттын хъæуы! Ноджы фыддæр митæ дæр  кодтон  æмæ
кæндзынæн, цалынмæ ацы хицауад уа, уалынмæ... Акæс-ма, дæ  хорзæхæй,
адæм  сæргуыбыр  æмæ уæнтæхъилæй баззадысты, худын нал  фехъусдзынæ,
зарын дæр афтæ. А фæстаг аз та иууыл æрхаудтой, цыма сыл фæйнæ дыууæ
марды æрцыдис, уыйау сты. Хуызы цъыртт сæ нал ис, стджытæ æмæ царм -
уый  ма  сты... Зæгъ-ма, Бибо, ды дæр. Мæгуыр цард нæ кодтай.  Уыдис
дæм фос, маргъ, алцы дæр. Кæм дын сты, кæ?
   Бибо бахудтис:
   -  Æмæ дæуæн кæм сты? Дæхицæй йæ нæ зоныс? Хицауад дæр дзы айста,
фæлæ фылдæр мæхæдæг æрбайсæфтон. Кæй уæй кодтон, кæй хæргæ. Исгæ  сæ
кæнынц,  зæгъгæ, куы айхъуыстис, уæд сыл нал ауæрстон.  Хуыцауæй  дæ
бауырнæд, Тепсыр, иукъорд мæйты дæргъы минас кодтам алы бон дæр  куы
физонæг,  куы карчы фыд... æдзух, æдзух... Æрбайсæфтон  сæ  æмæ  ныр
мæнæ  бардæйæ  мæхи тыппыр кæнын. Хуыцау хорз, æмæ ма  мæм  иу  хъуг
баззадис.
   -  Æз  та  иу  хъуг  дæр нал ныууагътон мæхимæ æмæ  йыл  æппындæр
фæсмон нæ кæнын. Нæ мæ хъæуы. Уыцы куыйтæ йæ бахæрой, уый бæсты  уал
æнæ хъугæй цæрдзынæн. Уалынмæ кæд исчердæм кæниккой.
   -  Исчердæм  кæниккой? - фæзмæгау сдзырдта Бибо. - Æнхъæлмæ  кæс,
дæхи  уал  афтæмæйты рæвдау! Уалынмæ стонгæй ныммæлдзынæ.  Нæ,  фæлæ
райдайын  хъæуы  зæрдиагæй кусын. Мах галиу митæ  кодтам  æмæ  бардæ
хæрынмæ  уымæн æрхаудтам, фæлæ ма дæлæ Къостайыхъæумæ  акæс  -  хорз
бакуыстой  æмæ  сæм хорз æрцыдис алы хор, алы халсар, хицауадæн  дæр
радтой, цы йæм цыдис, уый, сæхæдæг дæр минас кæнынц.
   - Федтай сæ? - нæуырнæг фарст бакодта Тебо.
   -  Федтон  сæ.  Уырдыгæй чи ссыдис, ахæмтæй иу-æртæимæ  дзырдтон,
æмæ  уый  дæр  фенд  у,  уæдæ цы у! Ды та, зæгъын  дын  æй,  стонгæй
ныммæлдзынæ, кусыныл куы нæ ныллæууай, уæд.
   Тебо йæ риу бахоста:
   - Хуыцауыстæн æмæ зæххыстæн, æз стонгæй нæ ныммæлдзынæн.
   -  Хуыцауыстæн дæр æмæ зæххыстæн дæр, хæринаг дын куынæ  уа,  уæд
ныммæлдзынæ.
   - Æмæ мын уыдзæн, уыдзæн, хæринаг.
   -  Кусгæ  куынæ кæнай, уæд дæм кæцæй уыдзæн? Иу бæх ма дæм  уыдис
æмæ  уый  дæр  æрбайсæфтай æмæ мæнæ лæгуæрдонæй  бардæ  ласыс.  Гъы,
уæддæр, зæгъ-ма, кæм дын уыдзæн хæринаг?
   - Уый мæхæдæг зонын.
   - Зон дæхæдæг, фæлæ æфхæрд куы 'рцæуай, уымæй нæ тæрсыс?
   -  Æппындæр  нæ  тæрсын.  Кулак нæ дæн. Рæстæмбис  цæрæг  уыдтæн.
Æххуырст мæм никуы уыдис. Ныр та мæнæ стонгæй мæлын.
   -  Уæдæ  æз  дæр уый зæгъын, стонгæй цæмæй нæ мæлай,  уый  тыххæй
колхозмæ  бацу æмæ уым кус! Бадæтт гæххæтт! Æз æнхъæл  дæн,  æмæ  дæ
айсдзысты.
   - Колхозмæ? Æмæ уый бæсты мæхиуыл топп ныццæвын нæ базондзынæн?
   -  Дæуæн  дæ  бар дæхи, фæлæ, мæнæн мæ фæнд уый  у,  æмæ  ацы  аз
хъуамæ  зæрдиагæй бакусон. Æз афтæ зæгъын, æмæ хицауад йæ  адæмы  нæ
сафдзæн.
   Дыууæ  лæджы ма иучысыл абыцæу кодтой æмæ сæ алчи йæхи хъуыдытимæ
баззадис.
   Уалынмæ  хæринæгтæ фæзындысты стъолыл, се 'хсæн - арахъы  графины
цур - æртæ агуывзæйы.
   - Уæу, мæнæ ма кæдæй-уæдæй арахъ федтон! - бацин кодта Тебо.
   Бацин кодта Бибо дæр æмæ загъта:
   -  Бауырнæд дæ, Тепсыр, æхсæз мæйæ фылдæр уыдзæн, афтæ æз,  арахъ
цы ад кæны, уый нал зонын.
   Стъолыл  ницы диссаг хæринæгтæ уыдис. Бæргæ фæндыдис  Тепсыры  йæ
уазджыты  хуыздæр фенын, фæлæ хуыздæр истытæ зын ссарæн  уыдис  уыцы
рæстæджы.  Уазджытæ  зыд  æвнæлд  бакодтой  хæрынмæ,  æмæ  уыцы  зыд
æвнæлдæй  Тепсыр бамбæрста, цæй бæрц стонгдзинад æййафынц ацы  дыууæ
лæджы.
   
   х х х
   Раст  иннæ  уыцы  афон, иу райдзаст бон, куыддæр Тепсыр  службæйæ
сæхимæ   æрбацыдис  æмæ  йæ  пъалто  тыргъы  рагъæныл   ацауындзынмæ
хъавыдис,  афтæ дуар æрбахостæуыдис. Тепсыр бакодта  дуар.  Мæнæ  йæ
рагон хæлар - бурхил Бибо - лæууы йæ разы.
   - Мидæмæ, Бибо, мидæмæ!
   Æрбахызтис Бибо мидæмæ. Фарон йæ цъыф дзабыртæй уаты быныл  зынгæ
фæд  чи  ныууагъта, Тепсыры æфсин ма хъуыр-хъуыр дæр кодта,  зæгъгæ,
ахæм  æнæхсæст  адæмы цæмæн хоны Тепсыр йæ хæдзармæ. Ныр  мæнæ  Бибо
къалостæ  раласта æмæ сæ къуымы æрæвæрдта. Йæ къухы  дзæкъулы  мидæг
уыдис цыдæр, уый та мидæмæ бахаста.
   -  Тепсыр,  хъуыды  ма кæныс, - райдыдта Бибо,  -  сау  бæгæны-иу
уарзтам,  хæрзæнхъызт,  бадт æмæ хъæбæр куыд  уыдаид,  афтæ.  Бæгæны
скодтон æмæ, раст цы хуызæн уарзтам, ахæм рауадис. Æмæ уæд мæ зæрдыл
æрлæууыдис,  куыд  æрвыстам  нæ чысылы бонтæ  æмæ  загътон  мæхицæн:
"Тепсырæн дзы фенын кæнын хъæуы". Мæнæ иу дурыны мидæг æрбадавтон.
   -  Бузныг,  Бибо, дæ хуынæй, фæлæ бардæ нал хæрут,  цæй  бæгæныты
кой кæныс?
   Тепсыр  зыдта,  колхозонты цард кæй фæхуыздæр ис,  уый,  фæлæ  йæ
барæй афтæ бафарста.
   -  Нал  хæрæм,  Тепсыр, нал, - райгæ хъæлæсæй  сдзырдта  Бибо.  -
Бæгæны дæр нæм ис æмæ алцы дæр.
   Уыцы  дзырдтимæ  Бибо  дзæкъулæй сласта,  иу-дыууæ  четверты  кæм
цыдис, ахæм дурын.
   Тепсыр куыддæр фæкъæмдзæстыг ис æмæ загъта:
   - Дæ хуын бирæ, Бибо, фæлæ цæмæн ахæм фыдæбон кодтай дæхицæн?
   -  Æмæ  æрмæст  уый  тыххæй  не  'рбацыдтæн,  нæ,  Тепсыр,  æндæр
хъуыддаг  ма мæ уыдис æмæ бæгæны дæр афтæмæй радавтон мемæ...  Фарон
уыцы уазал æмæ фæллад куы уыдыстæм, уæд... Хъуыды ма йæ кæныс?
   Тепсыр ын фæурæдта йæ ныхас, уый кой та цы кæныс, зæгъгæ.
   -  Уый кой уый тыххæй кæнын, - загъта Бибо, - æмæ уæд æхсæз  мæйы
дæргъы  фыццаг  хатт фæхъæстæ дæн арахъæй, бæгæны та мæ  цæстæй  дæр
никуыуал федтон. О...  хæдæгай, иунæг хатт ма мын Тебо баназын кодта
бæгæны, уæд ма йæ бон уыдис, стæй уый дæр мæ хуызæн æргæвзыкк ис. Йæ
бæх  куы  æрбайсæфта,  уæд  цæмæй куыстаид,  уый  йæм  нал  уыдис...
Диссаджы лæг та куыд нæ у Тебо дæр! Йæ бæхыл бабаста гæххæтты гæбаз.
Гæххæттыл  фыст  уыдис афтæ: "Цæугæ, нæ бæх, колхозмæ"!  Афтæмæй  йæ
аскъæрдта.  Бæх  колхозмæ  нæ бацыдис, уый йедтæмæ  истæмæй  фæбæрæг
уыдаид.  Давгæ дæр æй ничи акодтаид - уыцы рæстæджы бæх ничи  давта.
Æвæццæгæн, бæх бирæгъты амæттаг сси.
   - Ныр та куыд цæры Тебо? - афарста Тепсыр.
   Бибо æрдиаггæнæгау батылдта йæ сæр.
   -  Ам  дæ разы куы дзырдта, æз, дам, колхозмæ дæр нæ цæуын, кусгæ
дæр нæ кæнын. Бавдæлдис, æмæ колхозы картоф хæрынæн бæзгæ куы фæцис,
уæдæй фæстæмæ йæ дзæкъулгай хæссын байдыдта йæ хæдзармæ. Нартхор дæр
афтæ  -  фыццаг  æй хъуыдыдыйæ хордта, стæй куы сцæттæ  ис,  уæд  æй
голлагæй  хæссын  байдыдта. Арæхсгæйæ куыста æмæ йæ бирæ  рæстæджыты
ничи  зыдта.  Фæлæ  иухатт лæгуæрдонимæ ацыдис æмæ  йыл  хъалагъуртæ
бафтыдысты... Фесæфта йæхи. Йæ хæдзары йын ссардтой уæрмы  мидæг  40
путы  картоф, нартхор дæр алы ран æмбæхст рæтты уыдис 50 путы  бæрц.
Суд  ыл уыдис æмæ йæ дæс азмæ ахастой, æхсæнады фæллой давыны тыххæй
цы закъон рацыдис, уымæ гæсгæ.
   Тепсыр  бахъынцъым  кодта.  Уый хорз адæймагæй  зыдта  Тебойы  йæ
лæппуйы рæстæджы æмæ æрæджиау куыд афæлдæхтис, куыд галиу сси,  ууыл
дис  дæр  кодта. Тебо фарон колхозы ныхмæ куы дзырдта æмæ  æртхъирæн
куы  кодта, зæгъгæ, кусгæ нæ кæндзынæн, афтæмæй мын хæринаг  уыдзæн,
уæд Тепсыр афтæ æнхъæл уыдис, æмæ фæбæр-бæр кæндзæн, стæй уæд Бибойы
фæндагыл  ныллæудзæн. Фæлæ уый йе 'ртхъирæн сæххæст кодта  æмæ  йæхи
æрбайсæфта.
   -  Ма  йыл  хъыг  кæн! - Сдзырдта Бибо. - Æз ын бирæ  фæдзырдтон,
фæлæ хъуыды дæр ницы æркодта.
   -  Хъыг  ыл кæнын, куыд мæ рагон хæлар, фæлæ галиуырдæм афтæ  кæм
ахæцыдис, уым ын афтæ хъæугæ дæр кодта.
   Бибо  цæуынырдæм йæ хъус адардта, нæ мæ æвдæлы, зæгъгæ,  фæлæ  йæ
Тепсыр баурæдта. Колхозонты цард æрмæст иу азмæ цæхгæр кæй фæхуыздæр
ис,  уый  зыдта,  æнæ  хъусгæ йæ нæ уыдис, фæлæ йæ  фæндыдис  Бибойы
дзыхæй  бæлвырддæрæй базонын хъæууон царды хабæрттæ.  Тепсыр  фылдæр
хиуарзондзинады цæстæй кастис хъуыддагмæ. Кæд дохтыр  уыдис,  уæддæр
фарон  авзæрстытæ  кодта хуыскъæлтæ æмæ давæттæ хæрыныл  æмæ  сæ  йæ
зæрдæ  цъæх  уыдис.  Ныр цин кодта, хъæууон цард кæй  фæхуыздæр  ис,
ууыл, зæгъгæ, тас ын нал у ныр йæ бинонтимæ хъуагдзинад æййафынæй.
   
   х х х
   Бибо  æмбæрста, куыд æхсызгон у Тепсырæн хъæууон царды  фæхуыздæр
æмæ   йæ  зæрдæмæ  бахызтис  уæлдай  циндзинад,  йæ  рагон  хæларимæ
æмзæрдион кæй сты, уымæй.
   Ныхас  кæнынц  хæлæрттæ.  Уалынмæ стъолыл  фæзындис  хæринаг  æмæ
нуазинаг дæр.
   -  Уыныс,  уыныс, - мидбылты худгæйæ, ацамыдта Тепсыр стъолмæ,  -
хъæууон царды фæхуыздæр махыл дæр фæзындис. Фарон, кæд ма йæ  хъуыды
кæныс,  уæд  нæ  разы  уыдис сапоны хуызæн æмыр, бардæимæ  хæццæгонд
нартхоры  кæрдзын. Ныр мæнæ хæрæм сыгъдæг сау дзул,  æвæццæгæн,  урс
дзулмæ дæр хæццæ кæндзыстæм.
   Бибо бахудтис:
   -   Бауырнæд  дæ,  Тепсыр,  хъæуы  уынгты  куы  фæцæйцæуай,   уæд
хъусдзынæ куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй зард æмæ хъæлдзæг ныхас.  Нæ
куыйтæ дæр та рæйын райдыдтой, фарон та æрмæст ниугæ кодтой.
   Хæлæрттæ  фæйнæ 2-3 агуывзæйы куы ануæзтой, уæд Тепсыр  баздæхтис
Бибомæ:
   -  Радзур-ма  мын,  дзæбæх  ивдтытæ ис  хъæубæсты  а  фæстаг  азы
дæргъы?
   -  Радзурдзынæн,  хуыцауыстæн, - фæцырд ис Бибо.  -  Хорз  ивæнтæ
æрцыдис,  хорз,  адæмæн  пайда  ивæнтæ.  Фарон  адæм  лæуд   уыдысты
саботажыл...
   Адæмæй  бирæтæ  фæливæнтæ  куы кодтой, сайгæ  куыст  куы  кодтой,
иудзырдæй, куыст къуылымпы кæнынæн алы мадзæлттæ куы хъуыды  кодтой,
уæд   хицæуттæ  уый  хуыдтой  саботаж.  Æрæджиау  адæм   бардæ   æмæ
хуыскъæлтæм  куы 'рхаудтой, уæд бамбæрстой, уыцы саботаж  сын  сæфты
хъуыддаг кæй у, уый æмæ фарон уалдзæг, мæнæ æз куыд зæрдиагæй  кусын
райдыдтон,  афтæ  сæ бирæ фылдæр хай бавнæлдта кусынмæ.  Иннæмæй  та
хицауад фæкъаддæр кодта хордæттыны нормæтæ æмæ, нормæйæ уæлдай  исæн
куыд  нæуа,  ахæм æгъдау дæр æрæвæрдта. Æртыккаг у,  æмæ  нæ  колхоз
дыууæ  дихы  конд æрцыдис. Цыппæрæм у æмæ бригадæтæ  бæрæг  куыстыты
хæйттыл   фидаргонд   æрцыдысты.  Бригадæты  сæр   æвæрд   æрцыдысты
бригадиртæ   хуыздæр  колхозонтæй.  Гъæйтт,  зæгъгæ,   соцерыс   æмæ
хъазуатонæй  куыст сцырын ис. Æз раздæр фæууон, æз хуыздæр  бакусон,
зæгъгæ-иу  кæрæдзи куы æристой, уæд диссагдæр цæмæ  бакастаис!  Бирæ
чидæртæ  уæддæр æмгæрон не 'рцыдысты колхозмæ, Тебойау  галиу  митыл
ныллæууыдысты. Колхозмæ чи бацыдис, уыдонæй дæр чидæртæ знаггад  æмæ
халæн куыст кодтой. Уыдæттæн хорз фæци хицауад - æнæ раргом дзы бирæ
нал  баззади  -  чи  ахæстонмæ бахаудта, чи æрвыст  æрцыдис,  иу  30
хæдзары  бæрц  та æд карк, æд хъуг сæ бынæттæй стадгонд  æмæ  æрвыст
æрцыдысты  цæрынмæ æндæр бæстæтæм... Афтæтæ, Тепсыр, гъе.  Бакуыстам
хорз  æмæ  хорз æрæмбырд кодтам нартхор, картоф, мæнæу нæм  хорз  нæ
зайы, зоныс дæхæдæг, мæнæу дæр нæм цасдæр æрцыдис. Уый фæстæ зæгъай,
æмæ нæм хорз æрцыдис хъæдур, джитъритæ, харбызтæ. Мæ хæдзары помидор
никуыма  федтон,  ныр  нæм уый дæр фæзындис.  Афтæтæ,  Тепсыр,  гъе.
Фыццаг нын фæйнæ чысылы авæрдтой, æмæ тарстыстæм, æндæр нын куынæуал
радтой,  уымæй. Уалынмæ кæсæм, æмæ фæллойы бонæн æрнымадтой  нартхор
16  килойы, мæнæу иу кило æмæ æрдæг, хъæдур дыууæ килойы. Фылдæр нæм
рахаудтаид  бæргæ,  фæлæ  нæ бригадиртæй  дыууæ  æнæмбаргæ  хъуыддаг
бакодтой. Бавдæлдысты æмæ хъæдур ног найгондæй уымæл сарайы ныккалын
кодтой  æмæ бамбыдис. Колхозонтæ сын дзырдтой, хусгæнинаг у  хъæдур,
зæгъгæ, фæлæ уыдон ныхасмæ хъусæг нæ фæцис.
   Тепсырмæ ацы хабар стыр хъуыддаг фæкастис æмæ афарста:
   - Зæгъ-ма, æмæ уыцы зиангæнджытæн уый тыххæй ницы уыдис?
   -  Уыдис,  уыдис,  куыд  нæ!  Партийæ æмæ  колхозæй  дæр  æппæрст
æрцыдысты.
   Тепсыр бамæсты ис.
   -  Ау, æндæр ницы? Уыдон иннæ згаггадгæнджыты фæдыл æрвитинаг куы
уыдысты!
   -  Æгъгъæд сын уыдис уый дæр... Дарддæр ахæм хабæрттæ. Картоф нæм
æрхаудта  куысты бонæн цыппæрдæс килойы æмæ алцы дæр афтæ. А  иннæтæ
ныууадзæм, фæлæ нартхор зæгъæм. Мах куыстам дыууæйæ æмæ нæм  рауадис
нартхор фондз мин килойæ фылдæр, иу дзырдæй, æртæ сæдæ путæй  фылдæр
уыдысты. Чи хæры уыйас хор, æмæ дзы нæхи иучысыл бацалцæджытæ кодтам
-  рагъы дарæс, хæдзары дзауматæ... Афтæтæ, Тепсыр, гъе. Тæккæ фарон
дæр ма быдыры æвзæр сараты рынчын кодтам уымæлæй, уазалæй. Ныр акæс,
ахæм  стантæ  нын  сарæзтой æмæ мæнæ æцæг хæдзæрттæ.  Алкæмæн  хицæн
сынтæггонд,  рагъæнтæ  дарæс ауындзынæн,  уæлвæйнæгтæ  æмæ  æндæртæ.
Сылгоймæгтæн  сæ  бынат  хицæн. Уый фæстæ хæрæндон...  Бауырнæд  дæ,
Тепсыр,  горæты æз ахæм рæсугъд æмæ сыгъдæг хæрæндон нæ  федтон.  Ис
нæм клуб дæр - газеттæ, чингуытæ, алыхуызон хиирхæфсæнтæ. Фæндыр дæр
нæм ис. Колхозонтæ сæ куыст куы фæвæййынц, уæд уайтагъд фæндыры хъæр
ссæуы  æмæ гъæйтт - уæртæ та фæсивæд зилæнтæ кæнынц. Кæс, æмæ  æндæр
ранæй  та  зарыны хъæр æрбайхъуысдзæн... Афтæтæ, Тепсыр,  гъе.  Сом,
иннæбон   бавналдзыстæм  уалдзыгон  куыстытæм.   Цин   кæнгæйæ   æмæ
зæрдæрухсæй  цæттæ  сты  иууылдæр куыстмæ.  Абабау!  фехъусдзынæ  ма
искæйы  колхозонтæй, нæ бакусдзынæн, зæгъгæ - уый  нал  ис,  Тепсыр.
Куыд  нын  дзурынц,  афтæмæй  ацы аз та  ноджыдæр  фæхуыздæр  уыдзæн
цард...
   Тепсыры  ма  фæндыдис ноджыдæр абадын, аныхæстæ  кæнын  йæ  рагон
хæларимæ,  фæлæ  стъолæй куы сыстадысты, уæд Бибо  нал  ныллæууыдис,
æхсызгон  хъуыддаг мæ ис, зæгъгæ. Нал æй баурæдта  уæд  Тепсыр  дæр,
æрмæст ма йын, йæ къух исгæйæ, загъта:
   -  Бибо,  хъæдур чи фесæфта, уыдон тыхджындæр æфхæринаг  уыдысты.
Мæнæ  иннæтæн  тæрсыны тыххæй адон æфхæрд æрцæуой,  уый  нæ  зæгъын.
Æмбæлгæ сыл кæны, æмбæлгæ, карз æфхæрд. Паддзахы хицæуттæм-иу  уыдис
ахæм  ахаст,  æмæ  адæмы  дзырдмæ æппындæр нæ  хъуыстой  -  "Вас  не
спрашивают!"  -  зæгъгæ-иу фæхъæр кодтой.  Ам  та  советон  хицауад,
адæмæн  сæхи  хицауад, афтæмæй кæсыс уыдонмæ: "Сымах хъуыддаг,  дам,
нæу.  Цы  уын  зæгъæм, уый кæнут, æндæр ницы!"  Ахæм  бригадиртæ  нæ
бæззынц ныр, æмгæрон сæ уадзын нæ хъæуы бæрнон куыстмæ.
   Ацы  дзырдтимæ дыууæ лæджы рахызтысты дуарæй, кæрæдзи  къухтæ  ма
райстой, æмæ Бибо тагъд къахдзæфтæй араст ис йæ фæндагыл.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *