КОЦОЙТЫ АРСЕН

ЦЫ 'РЦЫДИ ФÆЗЫХЪÆУЫ ÆМБИСÆХСÆВ

   I
   Уыди райдзаст сæрдыгон райсом.
   Леуан  бадти  кæрты  дуары раз æмæ, æвдæлон  уæвгæйæ,  хæрынкъайæ
къæцæлтæ амадта.
   Леуан  царди Пыхсджынæн йæ тæккæ кæрон. Уый хæдзарæй æддæмæ  уыди
сæрвæт, сæрвæты æддейы та зындысты цъитиджын хæхтæ.
   Амайы Леуан къæцæлтæ, алырдæм дæр акæсы.
   Æвиппайды  къæцæл  æмæ  кард кæрæдзийæ фæхицæн  сты  æмæ  афтæмæй
аззадысты.  Дæлæ  Фæзыхъæуырдыгæй къахвæндагыл дыууæ  чысыл  лæппуйы
ссæуы.
   -  Чи  уой,  цымæ?  -  дис кæны Леуан. Ныккасти  æдзынæг  æмæ  сæ
базыдта. Уыдон сты йæ хæлар Габойы фырттæ, 10-азыккон Сандро æмæ  8-
азыккон Андро.
   Дыууæйæн  дæр æмдзыуарджын уыди Леуан. Цал хатты уыди сæ хæдзары,
цал хатты уыдысты ацы сабитæ йæ хæдзары, куыннæ сæ базыдтаид!
   Дæлæ схæццæ кæнынц.
   Цы  тарстхуыз  сты!  Цы тагъд цæуынц! Мацы  зиан  æрцæуæд  Габойы
хæдзарыл!
   Мæнæ схæццæ сты. Уæззау улæфынц. Æрлæууыдысты Леуаны раз.
   - Кæм уыдыстут, мæ хуры гыццылтæ, афтæ раджы? - фæрсы Леуан.
   Сабитæ лæууынц. Дзуапп радтын нæ фæразынц.
   Леуан банхъæлмæ касти, цалынмæ уыдон æрулæфой, стæй та фæрсы:
   - Дзæбæх сты Габо æмæ Тамарæ? Истæмæ уæ сæрвыстой, æвæццæгæн.
   Сандро æнцад лæууы, ницы дзуры.
   Уæд кæстæр лæппу Андро базмæлыди йæ бынаты æмæ сдзырдта:
   -  Габо  æмæ  Тамарæ нæ марынмæ хъавынц. Æхсæвыгон  дзырдтой  уый
тыххæй.
   - Цытæ дзурыс уый, лæппу? - мидбылты бахудгæйæ сдзырдта Леуан.
   Сандромæ  фыццаг зын касти йæ фæдыл æвзæрдзинад дзурын æмæ  уымæн
къуылымпы кодта дзурынмæ. Фæлæ ныр, Леуаны ныхас фехъусгæйæ,  хъæбæр
загъта:
   -  Афтæ  у,  афтæ. Андро раст зæгъы. Абон сын бонырдæм фехъуыстам
сæ ныхас. Тамарæ дзырдта Габойæн:
   - Куы æрæхсæв уа, уæд сæ амар æмæ бафснай!
   Леуан,  ацы дзырдтæм хъусгæйæ, адзæгъæлдзаст ис. Къæцæл аппæрста,
æрмæст  ма  хæрынкъа  ратух-батух кодта.  Уый  зыдта,  куыд  цъаммар
разынди Тамарæ, куыд нæ уарзы йæ мойы сывæллæтты. Ахæм адæймаг  исты
фыдмийæ нæ бацауæрддзæн.
   Сандро дзырдта дарддæр:
   -  Тамарæ  нæ  хæдзармæ куы 'рцыди, уæдæй фæстæмæ нæ æдзух  нæмы,
къухæй  дæр,  къахæй дæр. Нæ цурты, æнæ фесхойгæйæ, цæуын  нæ  зоны.
Хæринагæн нын дæтты уæлдæйттæ, уыдон дæр нын зæхмæ аппары.  Габо  та
йæм, уыдæттæ уынгæ, дзургæ нæ кæны.
   Ацы  ран  Сандро  скуыдта. Йæ фæдыл Андро дæр  сниудта,  цæссыгтæ
анхъæвзтой йæ цæсгомыл.
   Леуан  æмбæрста сабиты маст. Уый хорз зыдта, сæ фыды  хæдзар  сын
зындон  кæй  фестади.  Фæлæ хъуыддаг сывæллæтты марыныл  банцайдзæн,
ахæм хъуыды йæм никæд æрцыдаид, ныр дæр æй нæ уырны.
   Рæвдауы Леуан сабиты æмæ дзуры:
   -   Ма   тæрсут,  ма  тæрсут!  Уыдон,  æвæццæгæн,  хъазгæйæ  афтæ
дзырдтой... Цæут, мæ хуртæ, цæут фæстæмæ, мацæмæй тæрсут!
   Леуан  радта  сабитæн  фæткъуытæ  æмæ  кæрдотæ  æмæ  сæ  рæвдауæн
ныхæстимæ арвыста.
   Арвыста  сæ, фæлæ бон-изæрмæ уыдон тыххæй хъуыдытæ йæ  сæрæй  нал
хицæн кодтой. Æцæг амарынæй сын нæ тарсти- уымæ куыд æрхаудзæн  Габо
- фæлæ фыдран кæй сты, ууыл хъынцъым кодта Леуан.
   
   II
   Царди  Фæзыхъæуы  иу чызг - Тамарæ. Йæ ас рæстæмбис,  нарæгастæу.
Æрфгуытæ  дыууæ  сау  калмау æртыхстысты йæ худгæ  цæстытыл.  Тамарæ
иурæстæджы  царди Калачы, йе 'фсымæры бинонтимæ. Уым базыдта  фыссын
æмæ  кæсын,  базыдта сахайраг чызджытау дарæс дарын æмæ  химæ  зилын
пудрæйæ æмæ ахорæнтæй. Йе 'фсымæр куы амарди, уæд бацыди фæстæмæ  йæ
фыды хæдзармæ.
   Рæсугъд  нæ  уыди Тамарæ, йæ тæссармæ дæндæгтæ ма йæ фыдуынд  дæр
кодтой, уæддæр æм иннæ чызджытæ хæлæггæнгæйæ кастысты, лæппутæ та йæ
бæллыны  цæстæй  цух  нæ  уагътой. Тамарæ чызджытæм  бæрзонд  цæстæй
касти,  лæппутæй та хынджылæг кодта. Уарзон цæстæнгас  æмæ  мидбылты
худтæй-иу сæрра кодта лæппуйы, стæй-иу æй зонгæ дæр нал кодта.
   Афтæ  фæкомкоммæ ис Тамарæ Пугаты Габомæ дæр æмæ йæ сæрра  кодта.
Габо  -  уындджын, хæрзконд лæппу - йæхи зæрдæмæ дæр цыди. Чи  зоны,
куы  йæ  курид,  уæд ын комгæ дæр бакæнид. Уый Бакуйы  куыста,  æхца
æрæмбырд кодта æмæ æгас Фæзыхъæуы уымæй дзæбæхдæр ничи цæры.
   Афтæ  лæппу  дæр  нал  уыди  Габо, 30-азыккон,  ус  ын  ис  дыууæ
сывæллонимæ. Фæлæ Тамарæйы куы ауыны, уæд æй йæ ус дæр ферох  вæййы,
сывæллæттæ дæр.
   Уалынмæ  диссаджы хабæрттæ хъуысын байдыдтой стыр Уæрæсейырдыгæй.
Паддзах   ратылди  йæ  кады  бандонæй,  кæмдæр,  Сыбыры  цъыфдзасты,
æмбийынц   йе  стджытæ.  Фæзындысты  большевиктæ,  уыдон   фæсырдтой
æлдæртты,  кънйæзты  æмæ алы мыггаг мулкджынты. Большевиктæ  асастой
сылгоймаджы  рæхыстæ, ссæрибар æй кодтой, абонæй фæстæмæ нæлгоймагæн
цы бартæ уа, сылгоймагæн дæр уыцы бартæ уыдзæн.
   Ахæм диссæгтæ хъуысти Уæрæсейырдыгæй.
   Фæлæ   мæнæ  æрбахæццæ  сты  большевиктæ  Фæскавказмæ  дæр.  Мæнæ
фæзындысты  женотделтæ, мæнæ агурынц, делегаткæтæн чи  сбæзза,  ахæм
сылгоймæгты. Тамарæмæ дзырд лæвæрд никæцæй ма уыди, афтæмæй  йæхæдæг
райдыдта амонын чызджытæн æмæ лæппутæн ног царды æгъдæуттæ, куыд  сæ
æмбæрста, афтæ.
   Иухатт Цхинвалæй сæфтыди Фæзыхъæумæ иу партион.
   Уыцы  партион  иттæг дæсны разынди чиныджы. Цы нæ зыдта  -  Маркс
уæд,    Энгельс    уæд,   социализм,   коммунизм,    муниципализаци,
национализаци  æмæ  ноджыдæр  бирæ ахæм цыдæртæ.  Сылгоймаджы  барты
тыххæй дæр бирæ фæдзырдта.
   Чи  зоны,  цытæ фæдзырдта уыцы коммунист Тамарæйæн,  фæлæ  дыккаг
бон  Тамарæ ацыди Цхинвалмæ. Куы ссыди фондз боны фæстæ, уæд  хуыдта
йæхи  комсомолкæ æмæ делегаткæ. Йæ хуыз афтæ фендæр ис, æмæ йæ зонгæ
дæр  æвиппайды  ничиуал  бакодта. Йæ сæрыл уыди  кепкæ,  кæцыйæн  йæ
бырынкъ  размæ  ацыди хорз дисныйы бæрц. Кепкæйы бынæй  пыхцылгондæй
зындысты  дзыккутæ. Юбкæ хæццæ кодта æрмæст уæрджытæм,  цъындатæ  та
фатхъулты онг. Юбкæйæ цъындаты æхсæн зындысты бæгънæгæй рæсугъд, урс-
урсид  зæнгтæ.  Цы лæппу-иу фæкомкоммæ ис уыцы урс  зæнгтæм,  уый-иу
бауадзыгмæ бирæ нал хъуыди.
   Коммунист  ма Фæзыхъæуы куы уыди, уæддæр æвзæрста Тамарæ  папирос
дымыныл,  фæлæ хорз нæ арæхсти, æмæ йыл нæ фидыдта, фæлæ ныр  никæцы
нæлгоймаг  сарæхстаид афтæ рæсугъд йæ къухты папирос  дарын.  Куы-иу
спъæртт  кодта  папирос, уæд-иу фæздæджы цæгтæ  ленк  кодтой  уæлæмæ
кæрæдзи фæдыл. Иуæй-иухатт та-иу Тамарæ йæ былтæ амыр кодта,  æмæ-иу
уæд  фæздæг фындзы хуынчъытæй кæлын байдыдта. Рæсугъд дымдта  Тамарæ
тамако, тынг рæсугъд. Лæппутæ-иу æм кæсынтыл фесты.
   Тамарæ  зæрдиагæй райдыдта кусын сылгоймæгты æхсæн.  Амыдта  сын,
адæм  сæрибар  кæй  систы,  сылгоймагæн йæ бартæ  нæлгоймаджы  барты
æмбæрц  кæй  систы. Хъуамæ сылгоймаг дæр, æнæ искæй фæрсгæйæ,  цæуа,
кæдæм  æй  фæнда, уырдæм. Хъуамæ йын бар уа, кæй уарза, ахæм  лæгимæ
цæрын. Лæгтæ сахуыр сты сылгоймаджы фосыл нымайын, æфхæрдтой, надтой
йæ,  æмæ-иу  уый  фосау  фæстæмæ ницы дзырдта.  Æз  та  уын  зæгъын:
æппындæр сæ коммæ ма кæсут! Æфхæрд кæуыл цæуа, уый хицауадæн  хъусын
кæнæд.  Цæут, кæдæм уæ фæнды, уырдæм, цæрут, цы нæлгоймæгтæ  тынгдæр
уæ  зæрдæмæ цæуынц, уыдонимæ! Ныронг уыдон æвзæрстой, ныр та  хъуамæ
мах æвзарæм!
   Афтæ  æмæ  ноджыдæр  бирæ  ахæм цыдæртæ амыдта  Тамарæ  Фæзыхъæуы
сылгоймæгтæн.
   Тынг  зæрдиагæй  кусын байдыдта Тамарæ. Фæлæ  устытæй  бирæтæ  йæ
ныхæстæм нæ хъуыстой, æмбырдтæм нæ цыдысты. Бирæтæ та йыл худгæ  дæр
кодтой. Лæгтæ та, тынгдæр зæрæдтæ, знаджы цæстæй кастысты Тамарæмæ.
   Йæхи фыд дæр ын знаг фестади. Иухатт баздæхти Тамарæмæ:
   -  Цæй тамако дымд дын у уый? Исты нæлгоймаг дæ? Ныууадз де 'взæр
митæ,  дæ  цъаммардзинæдтæ. Мауал ралли-балли кæн, æппын хæдзар  куы
нал агурыс! Мæнæ дæ мад кусынæй нал у, æмæ йын иуцъус æххуыс кæн!
   Фыд  уыцы  ныхæстæ куы кодта, уæд Тамарæ йæ тæккæ  хæргæйæ  уыди.
Уый  афтæ  смæсты ис йæ фыды ныхæстæй æмæ æууылд хæринаг, ныхъуырыны
бæсты, æддæмæ ракалдта.
   Галиу  къух  сины  фæсагъта, рахиз къух  та  Цхинвалырдæм  адаргъ
кодта æмæ загъта:
   -  Ацы  хатт  дын хатыр уæд, баба, фæлæ ма дæ искуы ахæм  ныхæстæ
куы  фехъусон,  уæд дæ дæлæ Цхинвалы ахæстоны атъысдзынæн.  Сæрибары
рæстæг кæй æрцыди, уый дæм нæма бахъардта, æнхъæлдæн!
   Уымæй фæстæмæ фыд иу зул ныхас дæр никуыуал скодта йæ чызгмæ.
   Иннæ   зæрæдтимæ  дзургæйæ-иу  Тамарæйы  фыд  ныхæстæй  йæ   маст
суагъта, æлгъыста-иу цъаммар фæсивæды.
   - Хæрз сæфт фесты нæ фæсивæд! - дзырдтой-иу иннæ зæрæдтæ дæр.
   Хъæубæсты  бирæты зæрдæмæ нæ цыдысты Тамарæйы митæ.  Фæлæ  Пугаты
Габойæн хъауджыдæр нæ уыди. Уый зæрдæбынæй бауарзта Тамарæйы, æмæ йæ
цард уыимæ куы нæ сбæтта, уæд æй фæлтау нæ хъæуы ахæм цард. Ныр мæнæ
йæ  ус  рынчын у, чи зоны, нал фервæздзæн, æмæ уæд йæ хъуыддаг арæзт
у, фæлæ куы фервæза, уæд цы кæндзæн, нæ зоны...
   
   III
   Амарди  Габойы ус. Баныгæдтой йæ. Йæ фæдыл зæрдæбынæй куыдтой  йæ
дыууæ лæппуйы, Сандро æмæ Андро.
   Габо  дæр-иу куы 'рбаймысыди, куыд дзæбæх ацарди йæ усимæ фыццаг,
уæд-иу  ныхъхъынцъым кодта, фæлæ-иу йæ разы фегуырди Тамарæйы  хуыз,
æмæ-иу уæд уайтагъд айрох ис йæ маст.
   Йæ  усы  мардыл мæй нæма рацыди, афтæ Габо схъæр кодта  Тамарæйæн
йæ фæндон.
   Тамарæ  бирæ  нæ  фæхъуыды кодта. Габо  рагæй  йæ  зæрдæмæ  цыди.
Йæхæдæг  ныр,  æцæг,  делегаткæ у, фæлæ делегаткæйы  дæр  хæрын  æмæ
нуазын  хъæуы. Йæ фыды хæдзар мæгуыр у. Габо та амалджын лæг,  æвæрд
дæр  ын цыдæртæ ис. Уыимæ хъуаг ницæмæй æййафдзæн, стæй йын æнад дæр
нæу.  Кæд  æй  лæг  йæ куыст кæнын нæ уадза, уæд  Тамарæ  уымæн  хос
ссардзæн.
   Кæд æмæ йæ зæрдæ æндæр лæгмæ бахъаза, уæд æй чи хъуамæ баурома  -
сæрибар  ма  цæмæн æрцыди! Цæргæ Габоимæ кæндзæн, æнæуи  та  йæ  бар
йæхи.
   Фæлæ  а сывæллæттæ? Кæйдæр сывæллæттæ? Уыдон тыххæй нæ зоны, куыд
уыдзæн. Исчердæм сæ фæкæнæд Габо, æндæр ма дзы исты ис!
   Афтæтæ ахъуыды кодта Тамарæ æмæ загъта Габойæн:
   - Æз разы дæн, фæлæ дын сывæллæттæ куы ис... Уыдон та?
   Габо бахудти.
   - Куыд сывæллæттæ? Уыдон нæ цы хъыгдарынц?
   Тамарæ  ницыуал  загъта  Габойæн,  фæлæ  ахъуыды  кодта:  "Рæстæг
йæхæдæг  амондзæн, цы хъæуы, уый. Сæрибар уый тыххæй не 'рцыди,  æмæ
æз æнæбары искæй сывæллæтты хæссон!"
   Тамарæйы  фыдæн æхсызгон уыди, йæ чызг моймæ кæй  цæуы,  уый  æмæ
чындзæхсæвы  кой кодта, сауджыны кой, аргъуаны кой.  Фæлæ  йын  чызг
загъта:
   - Баба, дæу ничи фæрсы, æмæ дæхицæн æнцад бад!
   Чындзæхсæвы кой скодта Габо дæр.
   -  Революци  уымæн  у,  -  загъта чызг, -  æмæ  хъуамæ  алы  гæды
æгъдæуттæ ферох кæнæм!
   Ницыуал загъта Габо дæр.
   Чызг  ын  йæ  къух  йæ  дæлармы фæтъыста æмæ йæ  Фæзыхъæуы  загсы
балæууын кодта.
   Иукъорд боны фæстæ Габо баздæхти Тамарæмæ:
   -  Худынц  мыл ме 'мгæрттæ, мæ сыхæгтæ. Зæгъынц: "Фæхордта  адæмы
чындзæхсæвтæ, ныр йæхицæн æнцад сбадти!"
   - Плевать! Революци ма цæмæн у! - загъта Тамарæ.
   
   х х х
   Габо  разы  уыди  йæ цардæй. Æрмæст-иу, куыстæй  æрцæугæйæ,  арæх
хæринаг  цæттæ не 'рæййæфта, Тамарæйæн-иу йæхи дæр арæх нæ  баййæфта
хæдзары. Бирæ хъуыддæгтæ уыди Тамарæйы: куы-иу исполкомы бадти,  куы
комсомолты  æмбырды  уыди, куы та устыты æмбырды,  æмæ  кæй  æвдæлди
уыйас  хæдзары  хъуыддæгтæм! Цы гæнæн уыди, Габо-иу  йæхæдæг  ацæттæ
кодта исты хæринаг.
   Ус-иу  афтæмæй хæринаг куы баййæфта цæттæйæ, уæд-иу ныббузныг  ис
лæгæй, йæ былтæ-иу æм пъа кæнынæн бадардта.
   -  Æндæр  хатт  та æз сараздзынæн хæринаг. Хъуамæ  радгай  аразæм
хæринаг, ныр сылгоймаг æмæ нæлгоймаг æмсæр сты, - афтæ-иу загъта ус,
фæлæ фылдæр хæттыты хæринаг кæнын лæгмæ касти.
   Габо  ууыл бирæ мæт нæ кодта. Уарзон ус ын уыдис, æмæ ахæм лыстæг
хъуыддæгтæ  хъуыды нæ кодта. Бæргæ, Тамарæ делегаткæ æмæ  комсомолкæ
куы  нæ  уаид, уæд сæ цард ноджыдæр хуыздæр уаид. Фæлæ алцы  зæрдæйы
фаг кæм ис! Стæй афтæ хъуыды кодта: "Афсæддзæн æмбырдтæй æмæ уæд  йæ
хæдзары  сбаддзæн". Æцæг иу хъуыддагыл тынг хъынцъым кодта Габо.  Ус
сывæллæттæм знаджы цæстæй касти, æфхæрынæй сыл нæ ауæрста.
   -  Кæд  чысылгай æрфидауид семæ! - афтæ ныфс æвæрдта йæхицæн  уый
тыххæй дæр Габо.
   
   IV
   Иубон,  куыстæй æрæгмæ æрцæугæйæ, Габо баййæфта йæ усы æнкъардæй.
Хæринаг рахаста Тамарæ йæ лæгæн, фæлæ дзурынæй йæхи тигъ кодта.
   Габо фæтарсти, кæд ус рынчын у, мыййаг. Фæрсы йæ:
   - Цы дыл æрцыди, усай, цæй æнкъард дæ?
   -  Æнкъард  ницы дæн, нæ зонын, цæмæн дæм афтæ кæсы! - дисгæнæгау
дзуапп радта Тамарæ.
   Уыцы æхсæв ус хицæнæй схуыссыди, лæджы фæндтæм хъус не 'рдардта.
   Кæсы  лæг  уый фæстæ бонты. Ус æнкъардæй рацу-бацу кæны.  Хæдзары
куыстæй  фыццаг  дæр  ницы  кодта, æфсоны  æвнæлд  йедтæмæ,  ныр  та
æппындæр йæ хъус ницæмæуал дардта.
   Афтæ фæдыл-фæдыл аивгъуыдта иу фондз боны.
   Æппынфæстаг Габо йæхи нал баурæдта æмæ баздæхти усмæ:
   -  Зæгъ мын, Тамарæ, цы дыл æрцыди? Де 'нкъарддзинад мын мæ зæрдæ
куы сæтты. Зæгъ мын, цы маст дæ хъыг дары?
   Тамарæ   бирæ  ратигъ-батигъ  фæкодта  йæхи.  Æппынфæстаг  Габойы
æфцæгыл ныттыхсти æмæ зæгъы:
   -  Сывæллæттæ  дын кæй ис, уый мæ мары. Уыдон куынæ уаиккой,  уæд
мæ дуне, мæ цард ды уаис.
   -  Æмæ  нæ  цы  хъыг дарынц? - зæгъы Габо. - Цæрæнт сæхицæн!  Куы
бахъомыл уой, уæд ма нын æххуыс дæр уыдзысты.
   Ус йæ сæр банкъуыста æмæ сдзырдта:
   -  Сылгоймаджы зæрдæ афтæ нæу: йе иууылдæр, йе та æппындæр  ницы.
Хъуамæ  нæ дыууæйы астæу мацы уæлдай исты уа. Кæд дæ æз хъæуын,  уæд
уый тыххæй ахъуыды кæн!
   Лæг  ницы  уæлдай  фæндтæ  кодта, уый  æнхъæл  уыди,  æмæ  Тамарæ
басабыр уыдзæн, æмæ дзæбæх цæрын байдайдзысты.
   Фæлæ  нæй,  Тамарæ  йæхи ныддур кодта, лæджы  æмгæрон  нал  уадзы
йæхимæ, алы 'хсæв дæр ын йæ хъусы дзуры:
   - Фесаф искуыдæм дæ куыдзы хъыбылты!
   Иухатт ын Габо зæгъы:
   - Бацамон мын, мæ уды гага, кæдæм сæ фесафон!
   Тамарæ йæ галиу къухы æнгуылдзæй зæхмæ амоны:
   - Амар æмæ сæ бафснай дæлæ сыджыты бын!
   Габо  йæ  къухтæй  йæ  цæсгом амбæрзта æмæ кæртмæ  алыгъди.  Уым,
уынæргъгæйæ,   æрдиаг  кæнгæйæ,  йæхи  къуымты  бирæ   раппар-баппар
фæкодта. Стæй бацыди фæстæмæ хæдзармæ æмæ баздæхти усмæ:
   -  Тамарæ, мæ уды гага, мæ зæрдæйы лæууæн, цæмæн мын зæгъыс  уый!
Куыд мын марын кæныс мæ сывæллæтты!
   Бирæ  фæдзырдта Габо, фæлæ ус йæхи хъæццулы стыхта æмæ  лæгмæ  иу
дзырд дæр нал скодта.
   Габо   æхсæв  нал  фынæй  кодта.  Хъизæмарæй  сыгъди.  Йæ  фарсмæ
сылгоймаг,  уыцы сылгоймаг, кæй тыххæй уыдысты йе 'хсæвы  фынтæ,  йæ
боны  бæллын. Фæлæ йæ къух Бурсамдзелимæ1(1 Бурсамдзели - хох Хуссар
Ирыстоны) куыд не 'ххæссыди, афтæ уыцы сылгоймагмæ дæр не 'ххæссыди.
   Бонæй-бонмæ   тади  Габо.  Хуыз  дзы  нал  уыди.   Рустæ   мидæмæ
бахаудтой.
   "Æвæццæгæн,  зындоны фыдæбæттæ бирæ æнцондæр  сты",  -  загъта-иу
хинымæр Габо.
   Иу  изæр,  фæсахсæвæры, Габо тынг ласын байдыдта  йæхи  Тамарæмæ.
Лæгъстæ йын кæны, дзуры йын рæвдауæн ныхæстæ:
   -  О,  мæ хуры хай! О, мæ удылæууæн! Нал фæразын, нал!.. Цы аххос
мæм ис? Цы кæнон? Зæгъ мын!
   -  Бафснай уæртæ уыцы куыдзы хъыбылты! - æмæ мæ царды фæлæууæн ды
уыдзынæ! - афтæ уыди дзуапп.
   Габо  та  йæ цæсгом къухтæй амбæрзта æмæ адæргæй æрæппæрста  йæхи
уаты  астæрдыл.  Уым  бирæ фæуынæргъыдта, бирæ йæ  цæссыг  фæкалдта.
Цæссыгтæ  ахуырстой  рустæ æмæ къухтæ æмæ фæйнæджытæм  калдысты.  Ус
уыдта,  Габо сæттынмæ кæй хъавы, æмæ йæхи фæстиаг кодта уаты, айдæны
касти, æрфгуытæ-иу адаудта, цæсты бынтæ-иу алæгъз кодта.
   Сыстади Габо.
   Бацыди Тамарæмæ.
   Загъта:
   - Рахæсс бел, хуыдоны бын уæрм скъахын хъæуы!
   - Лæг куы разындтæ, лæг! - сцин кодта Тамарæ.
   Хъарм пъа ныккодта Габойы былтæн æмæ азгъордта бел агурынмæ.
   
   V
   Леуан  хъуыдытæ кодта уыцы сабиты царды тыххæй, сæ  абоны  хъасты
тыххæй.
   "Хуыцау  бахизæд  фыдбылызæй", - куывта  хинымæр  Леуан.  Афтæмæй
бафынæй ис.
   Æмбисæхсæвмæ   бирæ   нал   хъуыдаид,   афтæ   Леуан    мидфынæйы
ныууынæргъыдта æмæ фехъал ис.
   Фехъал  ис  Леуан  æмæ  æрфæсмон кодта ууыл,  цæуылнæ  байхъуыста
зæрдиагдæр  сабиты ныхæстæм. Куыд æвзæр фын федта  ныр!  Йæ  алыварс
туг,  тугæй къах æрæвæрæн нæй. Леуанæн йæ дарæс, йæ къухтæ  ахуырст.
Къухтæ кæрæдзиуыл асæрфы æмæ ныхæсæгау кæнынц.
   "Ай  хуымæтæджы нæу", - дзуры хинымæр Леуан. - Чи зоны, кæд  уыцы
сабитыл æцæг исты зындзинад цæуы, чи зоны, кæд æцæг тас ран сты!
   Рабадти Леуан йæ хуыссæны. Адæргæй цы акæна, уый нæ зоны.
   Фæстагмæ  нал  баурæдта  йæхи.  Йæ гæрстæ  акодта,  револьвер  йæ
дзыппы атъыста æмæ арасти Фæзыхъæумæ.
   Габойы хæдзарæй ма рухс зынди.
   - Бадынц ма, æнхъæлдæн, - сдзырдта хинымæр æмæ бахоста дуар.
   Иу-дыууæ  минуты дзуапдæттæг нæ уыди. Стæй Габойы ныхас фехъуысти
дуары фæстейæ.
   - Чи дæ ацы æнафоны?
   -  Æз  дæн,  æз,  - загъта Леуан. - Тъбеты уыдтæн æмæ  мæ  фæндаг
сымахыл ракодтон, абæрæг уæ кæнон, зæгъгæ.
   Дуар базыхъыр ис æмæ дзы Габо дзуры:
   - Мидæмæ дæ ракæниккам æмæ æнафон у.
   -  Махæн  та  цæй  æнафон  ис!  - загъта  Леуан  æмæ  бараст  ис,
дзургæйæ, мидæмæ. - Иу арахъ мын авæрут æмæ марш домой!
   Габо æнæбары иуварс айста йæхи дуары зыхъырæй.
   Уыцы  минут  Леуаны цæст æрцахста ахæм ныв: Тамарæ къухæй  амыдта
Габойæн - "Фæрæтæй йæ цæвæм... Уым æй бафснайæм". Ауыдта Леуан ноджы
къулы рæбын бел, уымæл сыджытæй ахуырст.
   Уыдæттæ  фенгæйæ,  Леуан асгæрста йæ дзыппы револьвер  æмæ  æнцад
сдзырдта:
   -  Иу  арахъ аназдзынæн æмæ, зарокъатæ кæнгæйæ, сфардæг  уыдзынæн
Пыхсджынмæ.
   Лæг  æмæ ус арахъмæ куы фесты, уæд Леуан бауади тыргъмæ -  уым-иу
хуыссыдысты сывæллæттæ.
   Ризгæ   къухæй  февнæлдта  хъæццулмæ,  раппæрста  йæ  æмæ   уыны:
тугæйдзаг гобаны лæууынц тугæй æхгæд дыууæ сæры гуыртæй хицæнгондæй.
   Йæ цæстытæ атартæ сты Леуанæн.
   Дамбаца   куыд   фелвæста,  дыууæ  гæрахы  куыд  фæкодта,   уымæн
фырмæстæй ницыуал бамбæрста.
   Æрмæст  йæ разы куы афæлдæхтысты дыууæ адæймаджы, уæд йæ зонд  йæ
бынаты æрбадти.
   Йæ   зонд  йæ  бынаты куы 'рбадти Леуанæн, уæд ма ноджыдæр  дыууæ
мардæн  сæ  ныхты  фæйнæ нæмыджы ныссагъта. Стæй  систа  йæ  дзыппæй
гæххæтт  æмæ  химикон  карандаш æмæ ныффыста  ахæм  ныхæстæ:  "Дыууæ
æнахъом  сидзæр  сывæллоны дардæй фæцыдысты мæнмæ, се 'мдзуарджынмæ,
æххуыс  æнхъæлмæ. Радзырдтой мын, сæ фыд æмæ йæ усы ныхас  æхсæвыгон
куыд фехъуыстой. Радзырдтой, марыны фæнд сæ куыд скодтой. Æз сыл  нæ
баууæндыдтæн, ницæмæй сын феххуыс дæн. Ныр мæнæ дыууæ дæр  æргæвстæй
хуыссынц. Æз амардтон марджыты, марын мæхи дæр.
   Леуан".
   Ацы  фыст  Леуан  фынгыл  æрæвæрдта æмæ  та  бацыди  сывæллæттæм.
Цæссыгтæ калгæйæ сыл цæхгæрмæ ныддæлгом ис æмæ ныхъхъæр кодта:
   -  О,  мæгуыр  сидзæртæ! Дардæй мæм фæцыдыстут  æххуыс  æнхъæлмæ,
фæлæ  уæм  æз нæ байхъуыстон. Сымахæн æххуыс радтын чи нæ бафæрæзта,
уый  уæ  фæстæ нал схæцдзæн цæрыныл. О: мæ уарзон Сандро æмæ  Андро!
Цæуын, цæуын æз дæр уемæ иннæ дунемæ!
   Сыстади æнцад Леуан æмæ револьверы фындз йæ риуы асагъта.
   Фехъуысти  иу гæрах, фæстаг гæрах. Уый фæстæ æгас хæдзары  хъыпп-
сыпп никæцæйуал хъуысти.
   Фæлæ   скæсдзæн  райсом  хур.  Сыхæгтæй  исчи  бауайдзæн   Габойы
хæдзармæ,  æмæ афтæмæй айхъуысдзæн дзыллæйыл, цæй диссаджы  фыдбылыз
æрцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *