КОЦОЙТЫ АРСЕН

МЫРЗÆДЖЫ КАРЬЕРÆ

   -  Скъолайы  æгъгъæд  акастис  нæ лæппу,  хъуамæ  йæ  ныр  куысты
ныллæууын кæнон, - загъта иу бон Додойты Бибо йе 'фсин Сæлимæтæн.
   -  Хорз,  -  загъта Сæлимæт. Ус æндæр цы загътаид! Кæд  лæг  афтæ
сфæнд кодта, уæд, æвæццæгæн, афтæ хъæуы.
   Уыцы  рæстæджы  Бибойы иунæг лæппу Мырзæгыл цыдис  дыууадæс  азы.
Уыдис  цъæхдзаст æмæ бурхил - раст йæ фыды къопи. Горæты, æфсæйнаджы
дуканийы  йæ  куы ныууагътой, уæд иучысыл акуыдта, иу къуырийы  бæрц
ахъыг  кодта  -  мысыдис йæ ныййарджыты хæдзар, фæлæ  уый  фæстæ  йе
'мбæлттимæ ацахуыр ис æмæ йæм уæд горæты цæрын дзæбæх кæсын  дæр  ма
байдыдта.
   Дуканийы  Мырзæг  куыста  куы цумайæ, куы  ахорæнтæ  змæста,  куы
дукани  æфснайдта,  куы  та-иу хицауы фатеры  лæггад  кодта.  Мырзæг
зæрдæргъæвд  лæппу  уыдис. Хъæуы скъолайы уый  хорз  базыдта  кæсын,
фыссын,  ам, горæты та йын цыдæриддæр уæгъд рæстæг задис, уый  хардз
кодта чингуытæ кæсыныл. Нудæс азы йыл куы ацыдис, уæд йæ ныййарджытæ
фæд-фæдыл  амардысты,  æмæ иудадзыг йæхи бар баззадис.  Хорз  æм  нæ
кастис  æфсæйнаджы дуканийы куыст, куыд хъуыста йæ зонгæтæй, афтæмæй
хъуымацы  дуканийы  куыст бирæ сыгъдæгдæр хъуамæ  уыдаид,  стæй  дзы
цыдæр  амалтæн  гæнæн цыма ис, афтæ йæм кастис. Баивта  Мырзæг  йæхи
фæндонæй  хъуымацы  дуканимæ.  Цыбыр рæстæджы  дзы  тынг  сдæсны  ис
хъуымац  барынмæ. Цæст нæ хæцыдис йæ къухтыл. Фондз адылийæ  æнцонæй
æхсæз  адылийы  уайын кодта. Дуканийы хицау дæр цинæй  мардис,  ахæм
приказчикыл кæй фæхæст ис, ууыл.
   Иухатт басидтис хицау Мырзæгмæ æмæ йæ фæрсы:
   - Кæрц фæлдахын цы у, уый зоныс?
   Дзæгъæлы  фарста уымæй хицау Мырзæджы - Мырзæг арф æмбæрста  кæрц
фæлдахыны  хъуыддæгтæ.  Уæдæ ма æндæр цæй  кой  уыдис  приказчиктæм,
кæрæдзиуыл-иу  куы фембæлдысты, уæд! Уæдæ ма æндæр цæмæн  бæллыдысты
приказчиктæй  бирæтæ - сæхæдæг дуканийы хицæуттæ  куы  суаиккой  æмæ
кæрцытæ  куы  фæлдахиккой! Фæлæ, æвæццæгæн, æппæтæй фылдæр  æмбæрста
уыцы хъуыддаг Мырзæг.
   Уый  бирæ  хъуыдытæ  кодта  кæрц фæлдахыны  тыххæй,  бирæ  фæндтæ
гуырдис йæ сæрымагъзы, фæлæ сæ никæмæн хъæр кодта.
   Хицау куы бафарста Мырзæджы, цы у кæрц фæлдахын, зæгъгæ, уæд  уый
æвиппайды, фырцинæй, дзурын дæр ницы сарæхстис. Æрæджиау сдзырдта:
   - Кæрц æз хорз афæлдахдзынæн.
   - Зонгæ йæ кæныс?
   - Кæрц æз хорз афæлдахдзынæн, кæд æй фæлдахын хъæуы, уæд.
   Уыцы  сахат  дуканийы хицау бамбæрста, ацы адæймаджы ахуыр  кæнын
кæй нæ хъæуы, уый æмæ йын загъта:
   -  Хæстæгдæр  æртæ-цыппар  боны  афæлдах  кæрц!  Дæс  туманы  дын
ратдзынæн.
   - Уый нæ уыдзæн, æри дæс æмæ ссæдз туманы!
   Ацы  ран  дуканийы хицау бамбæрста, Мырзæг æхцайæн дæр  аргъ  кæй
зоны, уый æмæ загъта:
   - Хорз, ратдзынæн дын дæс æмæ ссæдз туманы.
   Мырзæг  афæлдæхта  кæрц.  Дуканийы хуыздæр  хъуымæцтæ  цы  уыдис,
уыдон  аивæй  æндæр дуканитæм алæвæрдта, æмбæхсгæ дæр  дзы  бакодта.
Дуканийы ма чысыл цыдæр муртæ аззадис. Хæстæгдæр æхсæвтæй иуы дукани
ссыгъдис. Ацу æмæ равзар, цы дзы уыдис, цас дзы уыдис, цæй аргъ  дзы
уыдис!  Хъуымæцты  сыгъдонтæ сæмхæццæ сты уæлвæйнæгтæ  æмæ  стойкæты
сыгъдонтимæ.  Æппындæр дзы равзарæн ницы уыдис.  Хъуымæцтæ  иууылдæр
уыдысты  хæсыл  ист, æмæ кæмæй ист уыдысты, уыдон,  сæ  фос  бынсæфт
фæуыны бæсты, сразы сты сомæн дыууæ суарийы райсыныл.
   Ныхъхъæздыг  ис  æмбойны дуканийы хицау. Мырзæг дæр  йæ  дæс  æмæ
ссæдз  туманы  æххæстæй райста. Сыхаг дуканитæ æмæ дарддæр  дуканиты
хицæуттæ  æмбæрстой хъуыддаг æмæ сæ алчи дæр йæхимæ сайдта Мырзæджы,
фæлæ  йын  йæхи  хицау йæ мызд дыууæ хатты фæфылдæр кодта,  æмæ  уый
никæдæмуал ацыдис. Кæрц фæлдахын зонын хъуыдис, кæмæн-иу нæ фæрæстмæ
ис, уый-иу ахæстоны сбадтис.
   Уый  фæстæ  Мырзæджы  хъуыддæгтæ, æнæ къуыхцгæйæ,  хуыздæр  цæуын
байдыдтой.  Мæнæ,  загъта, рæхджы мæхицæн ахæм  хорз  дукани  байгом
кæндзынæн, æппындæр кæй хуызæн нæма уыдис æгас горæты.
   
   х х х
   "Фабриктæ,  заводтæ, дуканитæ, зæххытæ байстой, сæ  хицæутты  сын
фæсырдтой,  фæмардтой",  -  ахæм  хабæрттæ  хъуысын  байдыдтой  дард
Цæгатырдыгæй.  Хабæрттæ  æмæ  семæ  хъуыддæгтæ  дæр  хæстæгæй  цæуын
байдыдтой,  схæццæ  сты ацы горæтмæ дæр. Мырзæг мæстæй  йæ  дæндæгтæ
æрхафта кæрæдзиуыл æмæ сæ хъыс-хъыс ссыдис.
   -  Мæ  размæ  хуыцау  цæмæн æрхаста ацы фыдбылызы  хъуыддаджы!  -
æрдиаг кодта Мырзæг.
   Бирæ  нæ  ахаста уыцы æрдиаг. Куы бамбæрста Мырзæг, мæнæ, зæгъгæ,
большевиктæ  бæлвырд æмæ цæхгæр фæуæлахиз сты, уæд сæм  йæхи  хæстæг
ласын байдыдта. Ног хъуыдытæ фæзындис йæ сæры, ног фæндтæ дзы рæгъæд
кæнын  байдыдтой!  -  Горæты мæн хъуыддаг нал  ис,  загъта  хинымæры
Мырзæг  æмæ  йын  Къутæрджынхъæуы цы  хæдзары  къуым  баззадис,  уым
æрцардис.  Йе  'рцæрыны  бонæй мæйæ фылдæр нæ  рацыдис,  афтæ  цыдæр
æххуыстæ фæцис большевиктæн, хабæрттæ сын хъусын кодта, ноджы кæмдæр
дыууæ-æртæ  гæрахы фæкодта, уыдон фарс лæугæйæ, æмæ  йæм  уæд  уыдон
æууæнчы  цæстæй кæсын байдыдтой. Дарддæр Мырзæг йæхи алы  хъуыддаджы
дæр  хицæутты  фарс дарын байдыдта. Уый фæстæ ма иу мæй  аивгъуыдта,
афтæ  нымад  æрцыдис  партийы кандидатæй.  Мæгуыр  зæхкусæджы  фырт,
сидзæр,  иунæг,  уæртæ иу базаргæнæгмæ æххуырстæй  куыста.  Уæдæ  чи
хъуамæ  хуыздæр бацæуа коммунистон партимæ! Службæйы  бынат  дæр  ын
уайтагъд разындис.
   Чиныджы  дæсны,  уырыссагау  дæсны, дзырдарæхст  -  Мырзæг,  йæхи
фæндмæ гæсгæ, æвæрд æрцыдис милицæйы хицауы бынаты.
   Æвзæргæнджыты  ахсгæйæ, хотыхтæ исгæйæ, бирæ  феххуыс  ис  Мырзæг
хицауадæн.  Æппын  æнхъæл  кæм ничи уыдаид,  ахæм  ранæй-иу  раласта
топпытæ,  револьвертæ,  пулеметтæ æмæ æндæртæ.  Тынг  зæрдиаг  кусæг
разындис  Мырзæг.  Тынг  бузныг дзы уыдысты горæты  хицæуттæ,  хъæуы
партчыры  секретарь дæр ын бæрзонд аргъ кодта. Фæлæ  уый  хицæуттимæ
йæхи  куыд  дардта,  адæмимæ  афтæ нæ  уыдис.  Дзургæ  фылдæр  кодта
уырыссагау æлгъыст хæццæйæ.
   -  Æз Къутæрджыны паддзах дæн, æз, æмæ уын... - Ам та-иу диссаджы
æнахуыр æлгъыстытæ ракалдысты йæ дзыхæй.
   Нæ  цыдис  æппындæр  адæмы зæрдæмæ уыцы æлгъыст.  Адæм  тарстысты
Мырзæгæй,  хæрам æм кодтой, хæрам æм тынгдæр уый тыххæй кодтой,  æмæ
бирæты  æппын æнæ аххосæй ахста, æфхæрдта. Горæтмæ йыл къорд хæттыты
хъæстытæ дæр бацыдис, фæлæ уымæн горæты йæ бынат фидар уыдис.  Зылды
милицæйы хицау-иу арæх дзырдта:
   -  Уæртæ  Мырзæджы хуызæн кусджытæ куы уаиккой иннæтæ  дæр.  Фæлæ
кæм ис уый!
   
   х х х
   Иухатт  Мырзæг  бадтис хъæусоветы. Цыдæртæ  фыста.  Йæ  рихитæ-иу
адаудта,  йæ  цъæх цæстытæ-иу мæстыгæр зылд акодта куы иуæрдæм,  куы
иннæрдæм, æмæ уым чи уыдис коммунисттæй, æнæуи адæмæй, уыдон  дзурын
дæр дзæбæх нæ уæндыдысты, цыма скъоладзаутæ уыдысты æмæ ахуыргæнæгæй
æфхæрдмæ æнхъæлмæ кастысты, уый хуызæн сæхи дардтой.
   Уалынмæ  дуар  байгом  ис,  бацыдис  къæнцылармæ  Къутæрджынхъæуы
æфсæддон комиссар - Тæбойты Андыри æмæ салам загъта. Мырзæг æм кæсгæ
бакодта, фæлæ саламæн дзуапп нæ радта.
   - Саламæн дзуапп дæттын дæ сæрмæ нæ хæссыс, æвæццæгæн?
   -  Бæгуыдæр  нæ  хæссын  мæ  сæрмæ дæу  хуызæтты  саламæн  дзуапп
дæттын,  -  галиу рихи аздухгæйæ, зулмæ бадзырдта Мырзæг.  -  Ды  дæ
оппортунист,  бюрократ,  дæ хъуыддæгтæ хорз  не  'ххæст  кæныс.  Цæй
коммунист дæ ды?
   -  Мæ хъуыддæгтæ куыд æххæст кæнын, уый æвзарын дæумæ нæ кæсы. Ды
мæнæн хицау нæ дæ.
   -  Мырзæг  дæуæн - хицау. Æз æппæтæн дæр - хицау. Ам мæн  йедтæмæ
хицау нæй... Æз дæн Къутæрджыны паддзах, уый зон, æмæ дæ...
   Ацы ран уæладзыгджын æлгъыстытæ ракалдысты Мырзæджы дзыхæй.
   -  Цавæр  дзынга  дыл фæхæцыдис, дæ хорзæхæй? -  сабыр  дзургæйæ,
фидыдырдæм здахы Андири хъуыддаг, фæлæ дзынгайы кой, уæлдайдæр адæмы
æхсæн, февзæрдæр кодта хъуыддаг.
   Мырзæджы   цъæх  цæстытæ  туджы  разылдысты,  фæйнæрдæм   цæхæртæ
акалдтой. Уым цы адæм уыдис, уыдонæй иутæ, фыдбылызæй тæрсгæйæ, сæхи
айстой къæнцыларæй, иннæтæ ма баззадысты, фæлæ тарстхуызæй кастысты.
   -  Извинись  сейчас, иначе застрелю тебя как собаку! - дамбацайыл
къух æрæвæргæйæ, фæхъæр кодта Мырзæг.
   -  Уый  хуызæн дамбаца мæнмæ дæр ис, фæлтау дæхицæн æнцад бад!  -
сабыр, фæлæ хъæбæр хъæлæсæй загъта Андыри.
   Уыцы минут къæнцылармæ бацыдис хъæусоветы сæрдар.
   Басабыр  кодтой хылгæнджыты. Андыри ацыдис. Мырзæг  ма  йæ  фæдыл
сдзырдта:
   -  Бюрократ.  Оппортунист!  Сайды фæрцы йæхи партимæ баласта  æмæ
йæхи коммунист хоны.
   Хъæусоветы   сæрдар  йæ  бандоныл  æрбадтис  æмæ  уæд   баздæхтис
Мырзæгмæ:
   - Дæу аххос та уыдаид, æндæр цы! Æгæр хылгæнаг дæ, æгæр, Мырзæг!
   Мырзæг  та  йæ  цъæх цæстытæй мæстыгæр дзагъултæ  акодта,  тымбыл
къухæй стъол æрхоста æмæ загъта:
   -  Ды  дæр коммунист нæ дæ, ды дæр партимæ сайдæй балæстæ. Æз  уæ
дыууæйы дæр уæ бынæттæй куынæ сисын кæнон, уæд лæг нæ уыдзынæн.
   -  Сисын  кæн, дæ хорзæхæй, Мырзæг, фæлæ ныр басабыр у.  Мæнæ  нæ
хъуыддæгтæ ис, æмæ нæ ма хъыгдар!
   Мырзæг  ма,  алырдæм  йе 'ртхъирæнтæ æмæ йе  'лгъыстытæ  калгæйæ,
абадтис  иучысыл, стæй рацыдис къæнцыларæй, æргомæй  куыд  æртхъирæн
кодта, афтæ уыцы сахат хинымæры дæр сфæнд кодта уыцы дыууæ лæджы  сæ
бынæттæй сисынæн исты амал скæнын.
   
   х х х
   Андыри  куы  базыдта, зæгъгæ, Мырзæг йæ æртхъирæн æххæст  кæнынмæ
бавнæлдта,  алы  хъæстытæ æмæ хахуыртæ хæссы уæллаг  хицæуттæм,  уæд
загъта йæхицæн:
   - Хъуамæ, бирæгъ фысы куыд бахæры, афтæ мæхи хæрын ма бауадзон!
   Андыри  æмæ Мырзæг иу сыхы цардысты, се 'хсæн æртæ-цыппар хæдзары
йедтæмæ нæ уыдис, æмæ кæрæдзиуыл арæх æмбæлдысты.
   Хæлар  нæ уыдысты, фæлæ кæддæриддæр, фембæлгæйæ, кæрæдзийæн салам
лæвæрдтой,  æрмæст-иу алы хатт дæр раздæр Андыри загъта салам.  Уымæ
уый  æппындæр æгад нæ кастис, фæлæ Мырзæг раздæр никæд  æмæ  никæмæн
раттаид салам.
   Афтæ  уыдис  адæмимæ,  горæты хицæуттæн  та  йæхæдæг  кад  кодта,
йæхæдæг  раздæр салам лæвæрдта, йæ къахы фындзыл цыдис сæ разы,  алы
зæрдæлхæнæнтæ сын кодта.
   Къутæрджынхъæуы  Мырзæгмæ хæрам чи нæ уыдис, ахæм  адæм  бирæ  нæ
равзæрдаид.   Хæрам  æм  уыдысты  йæ  загъдæмхиц,  йæ  фыддзых,   йæ
къæйныхдзинады  тыххæй,  стæй  бирæты  дзæгъæлы  кæй  æфхæрдта,  уый
тыххæй. Фæлæ æрмæст адæмыл нæ уыдис хъуыддаг. Хæрам уыдысты Мырзæгмæ
хъæуы мидæг исты хицауадон бынаты лæуд чи уыдис, уыдон дæр - хъыг сæ
дардта  сæ  куысты мидæг, æнæгъдауæй йæхи цы хъуыддаджы  нæ  тъыста,
ахæм  нæ  уыдис, ноджы нал фæрæзтой, йæхи æппæтæн хицау  кæй  кодта,
уымæй.
   Æмæ  Андыри сфæнд кодта Мырзæджы галиу хъуыддæгтæ хурмæ  ракалын.
Хибарæй радзырдта хъуыддаг хъæусоветы сæрдарæн. Сæ фæнд иу скодтой.
   
   х х х
   Андыри  кастис  уынгмæ рудзынджы зыхъырæй, фæлæ дзы  дзæбæх  ницы
уыдта.  Боныцъæх  афон бæргæ уыдис, фæлæ мигъ  афтæ  бæзджын  бадтис
зæххыл,  æмæ  иукъорд уæрдæттæ уæлæрдæм, хъæдырдæм, куы сивгъуыдтой,
уæд  Андыримæ  зындысты æрмæст сау æндæргты хуызæн æмæ æрмæст  уымæй
равзæрста,  чердæм  цыдысты,  уый.  Андыри  базыхъыр  кодта  рудзынг
тынгдæр æмæ æнхъæлмæ кастис дарддæр. Абадтис ма иу-дæс минуты  бæрц,
æмæ  цæст  чысыл хуыздæр уынын байдыдта. Æвæццæгæн, мигъ  фæтæнæгдæр
ис.  Кæсы Андыри. Мæнæ горæтмæ фæндаджырдæм æрцæуы иу уæрдон, бадынц
дзы  дыууæ  лæджы.  Базыдта сæ: иу уыдис Мырзæг,  иннæ  та  йæ  фыды
æфсымæры лæппу - Ахмæт. Уыимæ иумæ хъомыл кодтой æмæ "кусгæ" дæр ныр
иумæ  кæнынц. Уæрдоны цыдæр дзауматæ дæр зындис. Арахъ горæтмæ ласта
арæхдæр   Ахмæт.  Мырзæг  та-иу  искуы-иухатт  ацыдис,  æндæр   исты
хъуыддæгтæ  ма-иу  æй куы уыдис, уæд. Ныр дæр æй,  æвæццæгæн,  æндæр
исты хъуыддаг ис æмæ тынгдæр уый тыххæй фæцæуы.
   Андырийæн   хорз   бæлвырдгонд  уыдис   хъуыддаг,   æппындæр   æм
гуырысходзинадæй  ницы  уыдис.  Кæрты  саргъæвæрдæй  лæууыдис   бæх.
Фæстиат кæнæн нæ уыдис. Абадтис Андыри бæхыл, базонын кодта хъуыддаг
советы  сæрдарæн,  йæхæдæг тæргæ бæхæй фæсвæд  фæндæгтыл  горæтырдæм
афардæг ис.
   Хъæуы   советы   сæрдарæн  дæр  йæ  фæнд   цæттæ   уыдис.   Дыууæ
милиционермæ фæдзырдта, партчыры секретарæн бамбарын кодта  хъуыддаг
æмæ  уый  дæр  рацыдис йемæ, ракодта ноджы хъæусоветы секретары  æмæ
дыууæ  хъæуккаджы  æвдисæнтæн.  Бараст  сты  Мырзæджы  хæдзармæ.  Иу
милиционер баззадис дуармæ, хъуамæ макæй рауагътаид хæдзарæй æддæмæ.
Иннæтæ  бацыдысты кæртмæ. Кæрты дуар разындис уæгъд ссыд, æвæццæгæн,
бинонтæ  тынг  нæ тыхстысты уый æхгæныныл. Уынæрмæ хæдзарæй  рауадис
Мырзæджы  ус.  Йæ  дыстæ  уыдысты тыгъд рæмбыныкъæдзты  онг.  Ус  йæ
мидбынаты  алырдæм  азылдтытæ кодта æмæ фæстæмæ тарстхуызæй  бауадис
мидæмæ.  Тагъд къахдзæфтæй йæ фæдыл æрбараст сты æнæхонгæ  уазджытæ.
Уынынц: Мырзæджы ус æмæ йæ файнуст - Ахмæты ус тагъд-тагъдæй  халынц
ифтыгъд  арахъуадзæнтæ.  Аджы сæр хæтæлæй уæгъдгонд  фæцис  æмæ  тæф
æддæмæ цавта.
   - Ныууадзут сæ, куыд сты, афтæ! - фæхъæр кодта советы сæрдар.
   Дыууæ  усы адæргæй цы акодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой. Тас  æмæ
дис  фыст  уыдысты сæ цæсгæмттыл. Куыд нæ кодтаиккой дис дæр!  Дыууæ
азы  дæргъы  æнæмæтæй "куыстой" - цæй джигулæй тарстаиккой  милицæйы
хицауы  хæдзары!..  Лæг  йæхæдæг ам куы  уыдаид,  уæд  сæ  бæргæ  не
'рбауагътаид, схъæртæ сыл кодтаид, фæсырдтаид сæ, фæлæ ныр цы  гæнæн
ис"
   -  Хуын  хæссын  мæ хъæуы æмæ уый æнæбары иучысыл  двайно  кæнæм,
æндæр дзы ницы ис, - ризгæ хъæлæсæй сдзырдта Мырзæджы ус.
   -  Иучысыл  нæу, æвæццæгæн, - загъта советы сæрдар æмæ бараст  ис
хæдзары   рæбинаг  къуыммæ.  Уым  лæууыдис  стыр  нарæгхъуыр   дурын
къæрмæгæй  æхгæдæй.  Дурын  йæ тæккæ дзаг уыдис  ногуагъд  двайнойæ.
Агуиан дæр йе 'рдæджы бæрц уыдис.
   - Адон йедтæмæ ма уæм ис? - фæрсы сæрдар.
   - Кæцæй нæм ис, адон дæр хуыны æнæбары рауагътам.
   Акæстытæ  кодтой  джигулгæнджытæ æмæ æцæг хæдзары  æндæр  ницыуал
зындис.  Фæлæ уыцы минут милиционер ацамыдта хæдзары рæбинаг къулмæ.
Уым  зына-нæзына  бæрæг дардта чысыл дуар. Уый уыдис  къæбицы  дуар.
Къæбицы  дзæбæх  акъахдзæфгæнæн нæ уыдис,  афтæ  дзаг  разындис  алы
мыггаг  дурынтæй. Уыдис дзы стыртæ, чысылтæ, хъулæттæ,  буртæ,  фæлæ
иууылдæр   уыдысты   нарæг  хъуырджынтæ,  иууылдæр   æхгæд   уыдысты
къæрмæджытæй.  Æхсæнмæ-æхсæнты  дзы  зындысты  авджын  четверттæ,  -
Мурзæг сæ куыд фæиста сæ хицæуттæй, афтæмæй лæууыдысты. Дурынтæ дзаг
сты  хуымæтæджы арахъæй, уым æнхъæлмæ кастысты сæ дыккаг  рауагъдмæ.
Мырзæджы  ус  дзургæ  ницыуал  скодта,  фæлæ  йæ  цæссыгтæ  чысылгай
бырыдысты йæ хуыздзыд рустыл. Иннæ ус кæугæ нæ кодта, фæлæ æнкъардæй
лæууыдис къонайы фарсмæ.
   Хъæуы  советы секретарь биноныг ныффыста акт. Джигулгæнджытæ  æмæ
æвдисæнтæ дзы сæ къухтæ æрæвæрдтой.
   Уайтагъд  хабар  айхъуыстис  æгас хъæуыл.  Цин  кодтой  иууылдæр,
Мырзæджы галиу митæ кæй рабæрæг сты, уый тыххæй. Хицæуттæ дæр,  иннæ
адæм  дæр ма æнхъæлмæ кастысты Андырийы æрбаздæхтмæ горæтæй: уый  та
кæддæра цы хабæрттæ æрбахæссид?
   Андыри æрбаздæхтис. Уый радзырдмæ гæсгæ хъуыддаг уыдис афтæ.  Арв
асæст  уыдис æмæ уый тыххæй цы афон уыдис, уымæн бæлвырд  зæгъæн  нæ
уыдис,  фæлæ горæты змæлæг бирæ нæма зындис, афтæ Андыри тæргæ-бæхæй
милицæйы  хæдзары дуармæ балæууыдис. Радзырдта хабар, æмæ  йын  æртæ
лæджы йемæ радтой.
   Мырзæг  йæ каисты хæдзармæ нæма бахæццæ ис, уый бæрæг уыди уымæй,
æмæ  уыцы  хæдзармæ  хæстæг  рæтты сæхи фæстиат  кодтой  æртæ-цыппар
сылгоймаджы голлæгтимæ. Андырийæн зындгонд уыдис, æмæ уыцы  голлæгты
мидæг  æмпылдæй  лæууыдысты лалымтæ. Афтæ-иу  хастой  ардыгæй  товар
арахъæй  базаргæнджытæ...  Уалынмæ дард,  уынджы  кæрон,  æрбазындис
уæрдон.  Бадынц дзы дыууæ лæджы. Уæрдон æрбахæццæ ис  уыцы  хæдзармæ
æмæ уайтагъд кæрты фæмидæг ис. Йæ фæдыл иугай бацыдысты голлагджынтæ
дæр.
   Андыри  йе  'мбæлттимæ  банхъæлмæ каст иуцъус,  -  сæ  фæнд  афтæ
уыдис,  æмæ  хъуамæ "базар" уым йæ тæккæ тынгæй баййафой.  Афойнадыл
дуары  раз  куы балæууыдысты, уæд дуар æхгæд разындис. Дуары  хостмæ
ничи  кастис  æддæмæ,  æмæ уæд æртæ лæджы сæ  уæхсчытæй  æмæ  къæхты
цæфтæй батыдтой дуар.
   -  Цы  хуыцау  дæ æрбахаста, Андыри, мæ каистæм,  -  худгæйæ,  сæ
размæ  рауадис Мырзæг æмæ сæ дзырдтыл дарынмæ хъавыдис  кæрты,  фæлæ
уыдон  бараст сты мидæмæ. Уыцы-иу цыдæй дыууæ уаты фæуагътой -  ницы
сæ  уыдис, - фæлæ æртыккаджы смидæг сты. Уым "базар" йæ тæккæ тынгыл
уыдис  -  арахъ четвертæй барстой æмæ йæ æлхæнджыты лалымты уагътой.
Цикъæйау фæлурсæй æрбазынди дуарæй Мырзæг, йæ къухы - дамбаца.
   -  Акæн  дæ  куыйты  фæстæмæ, кæннод дæ  марын!  -  фæхъæр  кодта
Мырзæг.
   - Ам дæу йедтæмæ куыдз нæй!
   Уыцы  дзырдтимæ  Андыри - уæнгджын лæппу -  иу  лæбурдæй  ацахста
Мырзæджы цонг.
   Гæрах  ацыдис.  Нæмыг  атыдта  рудзынджы  фæйнæгын  фæрсаг,   æмæ
уынджырдыгæй  авджы  мурты  зыланг-мылуанг  ссыди  тротуары  дуртыл.
Фæлæбурдтой милиционертæ Мырзæгмæ æмæ йæ сбастой. Товар æлхæнынмæ цы
устытæ   æрцыдысты,   уыдон  æнæфæхъуыдыйæ  сæхи   фæаууон   кæнынмæ
хъавыдысты, фæлæ дуармæ цы милиционер лæууыдис, уый сæ баурæдта.
   Ныр  Мырзæгæй тас нал у, зæгъгæ, уый куы базыдтой адæм, уæд иугай
цæуын байдыдтой хъæстгæнджытæ хъæусоветмæ. Иу радзырдта, зæгъгæ, дзы
Мырзæг,  æртхъирæн кæнгæйæ, хаст уæрыкк байста,  джигул  дæр  æм  нæ
уыдис, æндæр дæр, фæлæ уыцы уæрыччы иннæты 'хсæн куы ауыдта, уæд  йæ
зæрдæмæ  фæцыдис. Дыккаг радзырдта, зæгъгæ йæм арахъы тыххæй  джигул
кодта.  Дæс  туманы сыгъзæринæй чырыны къуымы хæцъилы тыхт  уыдысты,
систа  сæ æмæ сæ ахаста. Æртыккаг загъта, зæгъгæ йæм Мырзæг  хотыхтæ
агурыны æфсон джигул кодта, стъолы лагъзы ауыдта сыгъзæрин сахат æмæ
йæ ахаста.
   Афтæ  адаргъ сты хъастгæнджытæ кæрæдзи фæдыл, кæрон сын цыма  нал
уыдзæн, уый хуызæн зындис. Аскъуыдис Мырзæджы дывæрсыг карьерæ.  Уый
уыдис 1922-æм азы.
   Уæддæр,  æвæдза, афойнадыл райгуырдис. Уый иу-къорд азы  фæстæдæр
куы райгуырдаид, уæд ын йæ къупецаг хъуыддæгтæ дæр нæ бантыстаиккой,
"паддзахæй" ацæрын та йын дыууæ азы нæ, фæлæ дыууæ боны  дæргъы  дæр
нæ бантыстаид.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *