КОЦОЙТЫ АРСЕН

ХАНИФФÆЙЫ МÆЛÆТ

   Абон  бакастæн  газеты, уæртæ, дам, кæмдæр хохы  цъассы,  горæтæй
сæдæ километры дæрддзæф, байгом ис рынчындон 25 сынтæгимæ, æмæ, дам,
хъæууон  совет уый охыл сарæзта стыр цины æмбырд. Куы бакастæн  уый,
уæд мæ зæрдыл æрлæууыди иу хабар. Рагон хабар. Уый уыди мæ уалдзыгон
бонты  рæстæджы.  Ныр  мæ æрæгвæззæджы бонты  хъуамæ  радзурон  уыцы
хабар.  Хъæуы йæ радзурын. Тынг хъæуы. Стыр зонды скъола  у  ивгъуыд
рæстæг, - фæкæсын æм-иу хъæуы хаттæй-хатт фæстæмæ.
   Уыцы  сылгоймаг,  Ханиффæ йæ ном, царди горæтæй  дыууадæс  версты
дæрддзæф,  стыр  хъæуы  (уыди дзы цыппар сæдæ хæдзары).  Фæтæныстæг,
фыдджын, цыма æхсыр æмæ туг йæ русты хъазыдысты, уый хуызæн хæрзуынд
уыди  Ханиффæ. Фæд-фæдыл ын, дыууæ азæй дыууæ азмæ, райгуырди цыппар
лæппуйы,  фæлæ рынчын никæд фæци. Йæ хæдзары йæхи йедтæмæ  сылгоймаг
фезмæлæг  нæ  уыди  æмæ-иу цы бон ныййардта, уыцы  бон  дæр  хæдзары
куыстытæ нæ уагъта.
   Иухатт  сыхæгтæ  фæфиппайдтой, Ханиффæ  тынг  æнкъард  кæй  уыди,
хæдзары куыстытæ дæр куыддæр æвæндонæй, химæ хъусгæйæ, кæй кодта. Йæ
лæг  Аслæнбег дæр фæхъуыды кодта Ханиффæйы æнкъарддзинад,  фæлæ  йæм
хъус не 'рдардта, æнæмæтæй быдыры куыстытæ кодта.
   Иу  райсом  сыхæгты ус цæйдæр тыххæй бауади Ханиффæмæ, бадзырдта,
фæлæ  йын  дзуапдæттæг нæ фæци. Къæсæры раз тымбылæй хуыссыди  куыдз
æмæ  йыл уый зивæг хъырнд скодта. Фæкасти сыхæгты ус кæртырдæм. Уымæ
кæронæй  бæлæсты  бын  хъазыдысты Ханиффæйы кæстæр  лæппутæ.  Сæ  иу
сдзырдта:
   - Нана хуысгæ кæны, рынчын у.
   Бацыди ус мидæмæ, уатмæ. Æцæг, Ханиффæ хуыссы уæлгоммæ, - йæ  сæр
хæцъилæй  баст,  йæ  цæстытæ дзæгъæлгаст кæнынц.  Рынчын  сыхаг  усы
æвиппайды нæ фæхъуыды кодта. Куы йæ ауыдта, уæд ын скъуынгæ хъæлæсæй
радзырдта йæ удхары сæр æмæ йын загъта:
   -  Фæкæс,  дæ  хорзæхæй...  Сывæллæттæ æххормаг...  Кæрдзын  конд
нæй...  Дон  хаст нæй... Адисæйæн (Аслæнбеджы хо -  зæронд  ус)  дæр
фехъусын кæн...
   
   х х х
   Рынчыны  цур бадтысты дыууæ усы - Аслæнбеджы хо Адисæ  æмæ  æндæр
зæронд  ус,  фæсус хъæлæсджын, æвæццæгæн, арахъимæ лымæн  чи  уыдис,
ахæм,   Адисæ  йæ  хуыдта  -  Зæлда.  Уый  дæр  цыдæр  хæстæг  уыдис
Аслæнбегæн. Дыууæ усы ныфсдæттæг ныхæстæ кодтой рынчынæн,  фæлæ  сæм
уый  нæ  касти, сæ ныхæстæ йæм хъуыстысты, уый ницæмæй  бæрæг  уыди.
Бындзытæ йæ хъыг дардтой æмæ цыма уыдон дæр не 'мбæрста, уый  хуызæн
уыди.  Адисæ  бæласы  къалиу  тылдта,  фæлæ  дзы  бындзытæ  тынг  нæ
тарстысты,  уайтагъд  та-иу абадтысты Ханиффæйы цæсгомыл.  Æвиппайды
къалиу йæ хъæбысмæ æрæппæрста!
   - Зæлда, мæ хур, Гæдианы фæрсын хъæуы.
   Зæлда  цыма  ныртæккæ райхъал ис йæ фынæйæ, уый хуызæн  базмæлыди
мидбынаты,  уæрæх  фегом кодта йæ цæстытæ, дыууæ къухæй  æрцавта  йæ
уæрджытæ:
   -  Цæй  мæрды  рох мæ баци. Ныронг цæуылнæ фарстам дæсныйы?  Фæлæ
уæд  Бæдтионы  бафæрсын хуыздæр нæу?.. Уæлæ, дам,  уæлæсыхы  кæмæдæр
æрфысым кодта... Уый диссаджы дæсны хонынц.
   Адисæйæн  Гæлиан  йæ  хæлар  уыдис æмæ  быцæуы  бацыди  Зæлдаимæ,
зæгъгæ,  Гæлиан хуыздæр дæсны у, уый фæрсын хъæуы. Быцæугæнгæ  дыууæ
усы  рацыдысты кæртмæ. Аслæнбеджы сæ афæрсын хъуыдис дæсныйы тыххæй.
Къæсæрæй куы рахызтысты, уæд сын судзгæ уæлдæф сæ былтæ ныццавта,  -
уаты уæлдæф рæууондæр уыдис. Змæлæг нæ уыдис кæрты, хæдзарон мæргътæ
дæр  алы къуымты, аууæтты бамбæхстой сæхи. Сарайы аууоны ныффæлдæхти
куыдз, æмæ, йе 'взаг раласгæйæ, лæф-лæф кодта. Устыты ныхасмæ йæ сæр
схъил  кодта  æмæ йæ фæстæмæ æрæппæрста. Аслæнбег бадти кæрты  кæрон
фæткъуы  бæласы  бын, йæхимæ хъусгæйæ, - лулæйы фæздæг  калдта.  Уый
ныртæккæ  хъуыдытæ  кодта дохтырты тыххæй. Къорд хæттыты  фехъуыста,
уыдон, дам, хос кæнынц алы низæн дæр... Фæлæ сæ кæм ссардæуа? Горæты
йедтæмæ  æндæр  кæм  ис дохтыр?.. Дыууадæс версты ардыгæй  уырдæм...
Уырдæм  æй ластæуа, æмæ ма кæм бахæццæ уыдзæн - уыцы æвзæр  фæндагыл
искуы йæ уд сисдзæн. Ардæм хонгæйæ... æрбацæудзæн, æви нæ, чи йын цы
зоны!..  Уыцы  хъуыдытæ  кæнгæйæ, Аслæнбег айхъуыста  устыты  ныхас.
Ныхæстæ  кæрæдзи дзыхæй исгæйæ йын устытæ дзырдтой дæсныйы бафæрсыны
тыххæй. Аслæнбег ахъуыды кодта: "Дохтыр зын ссарæн у. Кæд уыдзæн, цы
уыдзæн?.. Дæсны та нæ фарсмæ. Чи зоны, кæд ын феххуыс уаид".
   
   х х х
   Ханиффæ йæ низы хатт сыхаг усæн куы загъта, уæд уый бахудти.
   -  Мæ  къонайыл. Æмæ уый та цæй низ у? Дзæбæх алæмар дæхи,  æндæр
дзы исты ис?
   Аслæнбег  куы  фехъуыста  хабар, уæд  уый  дæр  загъта,  мидбылты
худгæйæ:
   - Уый кой дæр кæнут, йæхæдæг адзæбæх уыдзæн.
   Фæлæ  низ  йæхæдæг  нæ дзæбæх кодта, тыхджынæй-тыхджындæр  удхары
æфтыдта  Ханиффæйы. Сыхæгты устытæй йыл йæ зæрдæ кæмæн рысти,  уыдон
æм  бауай-бауай кодтой, мæт ыл кодтой, æххуыс цы сæ бон уыди,  уымæй
сæхиуыл  нæ  ауæрстой,  - чи дон хаста, чи кæрдзын  кодта,  чи  хъуг
дыгъта, чи та рынчынæн йæ бындзытæ сырдта. Устытæй мæрддзыгойы цæуын
чи  уарзта,  марды  уæлхъус гæды куыд дзæбæх кæмæ  касти,  хист  æмæ
сабатизæртæм  æнæзивæг чи уадис, уыдон дæр базмæлыдысты,  -  рагацау
æхсызгондзинад хъарын байдыдта сæ зæрдæтæм. Хъæуы зæронд лæгтæй  дæр
бирæтæ  сæ  кæрдтæ цыргъ кодтой, сæ былтæ сдæрдтой, хистмæ  æнхъæлмæ
кæсгæйæ. Сырхдзаст сауджын Бетъре æмæ йæ диакъон дæр сæхимидæг цыдæр
сусу-бусу кодтой, - уыдонæй пайдадæр кæмæн уыдаид мард: иуæй æхца  -
аргъауæггаг,  иннæмæй сæхи хисты хорз ныддæнгæл кæндзысты,  æртыккаг
та  -  сæ  хæдзармæ ахæсдзысты хæйттæ хордзены дзаг - æгас  бинонтæн
къуырийы фаг.
   Абон чидæриддæр зоны, гуыбыны хъæбæр æнцон дзæбæхгæнгæ кæй у,  йæ
хос  дыууæ-æртæ суарийы аргъ йедтæмæ кæй нæу, фæлæ уæды рæстæг  уыди
дæсныты рæстæг.
   
   х х х
   Гæлиан,  мыддзаст,  худгæбыл, бæрзондæрфыг, саулагъз  ус,  уæзбын
къахдзæфтæй  бараст  ис кæрты астæуты рынчыны  уатырдæм.  Йæ  фарсмæ
цыди,  иуцъус  раздæр къахдзæф кæнгæйæ, Адисæ.  Аслæнбег  æмæ  дыууæ
сыхаг  лæджы лæууыдысты кæрты. Гæлианы ауынгæйæ, йæ размæ къахдзæфтæ
кодтой, загътой йын "æгас цу".
   -  Æвдадзы хос ын фæуæд де 'рбакъахдзæф! - йæ худ сисгæйæ, загъта
лæгтæй иу.
   -  Оммен уæд! Мæ бон цы у, уымæй нæ бацауæрддзынæн... Хуыцау  уын
æй ма байсæд!
   Иннæ сыхаг дæр йæ худ фелвæста:
   - Оммен уæд, оммен!
   Аслæнбег æнцад лæууыди, ницы сдзырдта.
   Рынчыны  цур бадтысты æртæ усы. Дуар куы фегом ис æмæ дзы  Гæлиан
куы базынди, уæд уыдон уырдыг алæууыдысты.
   - Табу, табу... табу! - сдзырдта Гæлиан.
   Уыцы  дзырдмæ  Ханиффæ фæкасти, базыдта Гæлианы  æмæ  йæ  цæстытæ
ныфсы æрттывд фæкодтой, фæлæ уайтагъд ахуыссыдысты, - йæ удхар ыл йæ
тæккæ  тыхджынæй уыдис. Рæстæгæй-рæстæгмæ туг йæ сæрмæ калди æмæ  йæ
цæсгомы  хуыз  рафæлив-бафæлив  кодта,  куы-иу  басырх  ис,   куы-иу
бафæлурс ис...
   -  Сымах  уал уæртæ кæртмæ ацæут! - лæгъз хъæлæсæй загъта  Гæлиан
дыууæ усæн.
   Рынчынимæ баззадысты дæсны æмæ Адисæ.
   Бацыдис   дæсны   рынчынмæ   нывæрзæнырдыгæй,   сдзырдта   сындæг
хъæлæсæй:
   -  Табу, табу, зæдтæ, дауджытæ! Уе уазæг фæуæд! - Къалиу бандонæй
фелвæста  æмæ рынчынæн йæ бындзытæ асырдта, сыгъдæг къухты кæлмæрзæн
фелвæста æмæ дзы йæ хид асæрфта. Уый фæстæ Адисæмæ асидти иуварс, йæ
хъусы йын дзуры:
   -  Фæрсæггаг  дæттын хъæуы раздæр - æнæ уый фæрсæн нæй...  Æхцайæ
æртæ  сомы,  æвзист  сомтæ, стæй рынчынæн  йæхи  къухæй  куыст  исты
дзаума, ног дзаума.
   Ус  хъуыста  æмæ  йæ  сæрæй амыдта "хорз", хорз",  зæгъгæ.  Дæсны
æрбадти  бандоныл.  Адисæ ацыди Аслæнбеджы фенынмæ,  -  хъуамæ  иумæ
бауынаффæ кæной хъуыддаджы тыххæй.
   Гæлиан   йæ  фæрсæн  дзауматæ  рудзынджы  дæлвæйнæгыл  æрæвæрдта.
Рынчынæн  йæ  цæсгом  сыгъди, хъулон стъæлфытæ  йыл  бадти.  Къуымых
рыстæй рысти хуылф, фæлæ ус йæхи ныффидар кодта, йæ хъæрзт урæдта, -
йæ  разы  бады зæдтæ æмæ дауджытимæ "уынаффæ чи кæны", уыцы  адæймаг
æмæ йæм кæсын дæр нæ уæндыди.
   -  Ма  тæрс, мæ чызг, ма тæрс, - сдзырдта йæм Гæлиан, -  фервæзын
дæ кæндзыстæм.
   Уæд  Ханиффæ разылдта йæ сæр, бузныг каст скодта дæснымæ. Уалынмæ
Адисæ  æрбацыди,  радта  Гæлианмæ æртæ æвзист  сомы  æмæ  тинтычъийæ
басылыхъ  тъæпæн тыхтæй. Гæлианы цæстытæ фæрухс сты. Æхца йæ  дзыппы
авæрдта,  басылыхъ асгæрста йæ уырзтæй æмæ йæ рудзынджы  дæлвæйнæгыл
æрæвæрдта.  Адисæ  дуар æнгом æрбахгæдта, æмæ  уæд  Гæлиан  фæрсынмæ
бавнæлдта. Йæ фарст уыди дон æмæ фæрдыгæй.
   Кæрты  æбыхсгæ æнхъæлмæ кастысты лæгтæ (ныр уыдысты  фондз),  кæд
рацæудзæн Гæлиан, цы зæгъдзæн цымæ? Уаты дуармæ фæкæс-фæкæс  кодтой.
Къухтæй  сырдтой  сæ  бындзыты, сæрфтой сæ хид  -  чи  фæдджийæ,  чи
кæлмæрзæнæй.  Гæлиан дуарæй куы разындис, уæд фондз  лæджы  æмызмæлд
фæкодтой сæ бынæттæй, сындæг къахдзæфæй бацыдысты йæ размæ.
   -  Табу  уæд Тыбауы Уациллайæн! Уый аххосæй рынчын у уыцы  мæгуыр
sd, - загъта дæсны.
   Лæгтæ сæ худтæ фелвæстой:
   - Табу йын уæд!.. Табу йын уæд!..
   -  Нывонд  ын  æрхæссут, мартъийы мæйы чи  райгуырдис,  ахæм  сау
уæрыкк.  Сыхы хистæр йæ кувæг. Фæрсæн фæрдыг цы доны уыдис, уый  йын
ардыгæй  изæрмæ  баназын кæнут... Уæрыччы хом  нардæй  йын  йæ  буар
иууылдæр  байсæрдæнт,  - бацамыдтон устытæн...  Куыд  загътон,  афтæ
бакæнут,  уый йедтæмæ йын мауал тæрсут... Тæккæ райсом ыл фæзындзæн.
Уæхи фæндиаг уæд!.. Хæрзбон ут!..
   Гæлианимæ  кæрты дуары онг ацыди Адисæ, фæнд æм уыди -  суанг  æй
йæ хæдзармæ схæццæ кæнын, фæлæ йæ дæсны баурæдта.
   Адисæ  касти  дæсныйы  фæдыл. Федта, иу ран  Гæлиан  йæ  къахдзæф
фæсындæг  кодта,  йæ дæларммæ æркасти басылыхъмæ,  рахиз  къухæй  йæ
асгæрста,  стæй  уæд тагъддæр араст ис йæ фæндагыл.  Адисæйы  зæрдыл
æрлæууыди  -  уыцы  басылыхъ Ханиффæ буц лæварæн  фæцæттæ  кодта  йæ
мойæн... "Ныр ын æй хуыцау йæхицæн æнæнизы хос фæкæнæд!"
   
   х х х
   Æхсæвы  стыр минас уыди Аслæнбеджы хæдзары. Сыхы зæрæдтæй иу-дæсы
бæрц уым зæхбын хæдзары мидæг хъæлдзæгæй æрвыстой сæ рæстæг. Нывонды
уæрыкк физонæггондæй, тымбылфыхæй æмæ æндæр хуызты æвæрд уыди  даргъ
фынгыл,  æртæ-цыппар раны дзы хъæдын тæбæгъты мидæг фæлмæн уæливыхтæ
ленк  кодтой  царвы.  Бадт арахъ æмæ бæгæны кæрæдзи  фæдыл  зылдысты
уазджыты къухтыл. Сыхы хистæр арæхст уагъд кодта уаджидæуттæ. Уæлдай
фæдзæхст  кодта рынчыны. Цы аххос æм ис, уый йын хатыр куыд  уа,  йæ
мад æй куыд ныййардта, афтæ æнæниз куыд суа. Аслæнбег зыдта, уым  чи
бады,  уыдонæй йæм иу хæрам зæрдæ кæй дары, фæлæ ныр уый дæр зæрдиаг
куывд,  зæрдиаг арфæтæ кодта. Йæ хъæлæсы ахастæй та бæрæг уыдис,  йæ
ныхæстæ  æмæ  йæ  зæрдæйы фæндон кæрæдзимæ дард  кæй  сты.  Аслæнбег
æмбæрста  уый  æмæ йæхинымæры дзырдта: "Дзыхæй мын цы зæгъыс,  уыдон
мыл  æрцæуæнт,  зæрдæйæ  мæм цы фæндон дарыс,  уымæй  та  мæ  хуыцау
бахизæд!"
   Бирæ фæбадтысты уазджытæ. Иуæй-иутæ дзы афтæ бахъæлдзæг сты,  æмæ
та-иу  уайтагъд исты зарæг бахъырныдтой. Æппынфæстаг  хистæр  райста
нуазæн æмæ загъта:
   -  Ацы  æмбырд  у  куывд,  æмæ куывды зарын  дæр  хъæуы.  -  Уыцы
дзырдтимæ нуазæн авæрдта, зарын чи зыдта, ахæммæ. Афтæмæй ма, заргæ-
худгæйæ,  уазджытæ  дзæвгар  абадтысты  -  æмбисæхсæв  уыдаид,  афтæ
фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.
   Лæгтæ  хæдзары  минас  куы кодтой, уæд,  дæсныйы  амындмæ  гæсгæ,
устытæ  сбæгънæг кодтой Ханиффæйы æмæ йæ сæрстой нывонд уæрыччы  хом
нардæй, куы йæ иуæрдæм фæлдæхтой, куы иннæрдæм, æмæ йæ хъæрзынæй уат
байдзаг ис. Сæрст æй куы фесты, уæд рынчын ус уадзыгæй баззадис.
   Уыцы  æхсæв  Аслæнбег  дæр фаг расыг уыди, фæлæ  расыгæй  дæр  йæ
зæрдæйæ цух нæ кодта мæт... Афарста, куыд у, зæгъгæ, рынчын, æмæ йын
"иухуызон у" куы загътой, уæд ацыдис хæдзармæ хуыссынмæ. Рынчыны раз
та радгай бадтысты æнæфæцухæй Адисæ æмæ сыхæгтæй иу ус.
   Рыст,  фæллад,  хуыссæгхъуаг æмæ ноджы  нуæзты  тæфагæй  Аслæнбег
тарф  фынæйæ фæхуыссыди стыр аходæны афонмæ. Йæхæдæг нæ райхъал  ис,
Адисæ йæ райхъал кодта. Куы базыдта, рынчын уæззаудæр у, зæгъгæ, уæд
тагъд-тагъд йæ дарæс скодта йæ уæлæ, йæхи ахсадта æмæ кæртмæ рауади.
Уаты  дуарæй  иу  каст  бакодта, агуырдта - йæ  къай  фæлурсæй,  æнæ
змæлгæйæ,  цæстдзагъырæй хуыссы уæлгоммæ, - йæ цуры иукъорд  устытæ,
чи  лæугæ  кæны,  чи бадгæ. Дуар ахгæдта фæстæмæ - худинаг  у  лæгæн
искæйты  цур  йæ усы размæ цæуын, мæлгæ куы кæна, уæддæр.  Йæ  фæдыл
рауади йæ хæстæг ус - Зæлда.
   -  Дæ ныфс ма асæттæд, Аслæнбег... Фыддæр хуызы вæййынц рынчынтæ,
уæддæр фервæзынц... Фæлæ æнцад бадын нæ хъæуы... Дзырдтон знон  дæр,
Бæдтионы  фæрсын хъæуы, зæгъгæ... Бафæрсæм æй ныр -  хорз  дæсны  йæ
хонынц...  Мæ  мæрдтыстæн, уымæй цы диссæгтæ дзурынц,  ахæмтæ  никуы
фехъуыстон... Гæлиан уый раз ницы у, ницы, æппындæр.
   Аслæнбег  хорз  зыдта, Зæлда æмæ Гæлиан рагæй хыл  кæй  сты,  æмæ
уымæ  гæсгæ  Зæлдайы  ныхæстæн  бирæ  аргъ  нæ  кодта.  Уæддæр   арф
ныхъхъуыды кодта, - цы кæна, цы хуыздæр æрхъуыды кæна ныр?..  Хардзы
тыххæй  къуылымпыдзинад нæй... Бафæрсид Бæдтионы дæр, æмæ  та  уымæй
дæр куы ницы рауайа... Алæууыдис æнæ дзургæйæ дзæвгар, стæй загъта:
   - Дохтыры хос мæм æцæгдæр кæсы. Арвитын хъæуы горæтмæ...
   Дохтыры   коймæ  Зæлда  фесхъиудта.  Йæ  цæстытæ  мæсты   æрттывд
фæкодтой. Схъиугæ хъæлæсæй загъта:
   -  Кой  дæр  æй  мауал скæн, дæ хорзæхæй! Дохтыртæ æнад  куы  сты
зæдтæн, дауджытæн... Дохтыртæ фыдбылыз куы сты.
   Аслæнбег  ма  ныхмæ  цыдæр  сдзурынмæ  хъавыди,  фæлæ  йын  Зæлда
ахгæдта йæ дзых.
   - Кой дæр æй мауал скæн!.. Кой дæр нал, дæ хорзæхæй!
   -  Бафæрсут,  кæд  ыл истæмæй уæ зæрдæ дарут,  уæд!  -  сразы  ис
Аслæнбег.  - Хардзы тыххæй ницы бацауæрддзынæн. - Ус фæныфсджын  ис,
фæцырд ис æмæ загъта:
   -  Æхцайæ  иу  сом,  æвзист сом æмæ исты ног дзаума.  Æндæр  ницы
хъæуы фæрсæггаг.
   Лæг  бирæ  нæ ахъуыды кодта, - ахæм сахат ауæрдын ницæуыл  хъæуы,
загъта:
   -  Уæртæ дзы кæмдæр иу тын ис æмæ йæ ахæссут! - Систа æвзист  сом
æмæ уый дæр радта усмæ.
   Зæлда  æмæ  Адисæ  æвæстиатæй араст  сты  хъæуы  сæрмæ,  Бæдтионы
фæрсынмæ.  Бæдтионмæ  бафтын  афтæ æнцон  нæ  уыди,  -  бирæ  устытæ
лæууыдысты   рады,  хуынтимæ,  фæрсæггаг  лæвæрттимæ.  Уаты   тыргъы
фезмæлæн  нæ  уыдис. Зæлда æмæ Адисæ дæр æрцахстой  рады  бынат  æмæ
æнхъæлмæ  кæсын  байдыдтой. Тыргъы афтæ  æнтæф  уыдис,  æмæ  устытæй
кæлмæрзæн  йæ  сæрыл никæмæн баззади, систой сæ  æмæ  сæ  сæ  къухты
дардтой,  сæ  хид  уысмæн асæрф-асæрф кодтой къухтæй,  кæлмæрзæнтæй.
Фæрсæг адæм ноджыдæр цыдысты, рад фылдæрæй-фылдæр кодта.
   Бæдтион дардæй æрцæуæг дæсны кæй уыдис, уый тыххæй йæ кад  фылдæр
ахадыдта,  -  æнæзонгæ, æнæбавзаргæ истæмæй адæм фылдæр  фенхъæлынц.
Гæлиан  -  бынæттон  дæсны  -  уыдта  Бæдтионы  æнтыстдзинæдтæ   æмæ
фырмæстæй  цы  ракодтаид,  уый нæ зыдта.  Алы  æвзæрдзинæдтæ  мысыди
Бæдтионы  дæсныдзинадыл, нæ йыл ауæрста алцæмæй  дæр  æгад  кæныныл.
Дзырдта афтæ дæр, Аслæнбег, зæгъгæ, йæ фыццаг фарст фесæфта, нал  ын
феххуыс уыдзæн.
   Хур  арвы  астæумæ  куы схæццæ ис, уæд Адисæ  æмæ  Зæлда  дæсныйы
уатмæ  бахызтысты. Дæсны бирæ ракал-бакал фæкодта  йæ  къамтæ,  стæй
систа трефты дамæйы æмæ загъта:
   -  Ай  у  Зины  авд  усæн  сæ хистæр. Фæмæсты  ис  цæйдæр  тыххæй
Ханиффæмæ æмæ йыл рахаттис. Йæ зæрдæ йын балхæнын хъæуы. Æрхæссут ын
нывондæн   фондзмæйдзыд  сыл  сæныкк.  Авд  усы,  рынчыны   хæдзармæ
хæстæгдæр   чи   у,  ахæмтæ,  скувæнт  уыцы  нывонд   рынчыны   цур,
дуарæхгæдæй.  Ногуагъд  арахъ  сæ  нуазинаг.  Нывонд  æрхасты  фæстæ
рынчыны  æрæвæрут фидар хъæццулыл æмæ йæ афтæмæй царыл  æрцауындзут.
Уым  æй  сахаты  бæрц æнæрынцойæ фæхеры кæнут,  -  уый  йæ  фервæзын
кæндзæн.
   Радзырдтой Адисæ æмæ Зæлда Бæдтионы амындтытæ Аслæнбегæн.  Уæлдай
ницыуал загъта Аслæнбег:
   -  Кæнут,  куыд уын бацамыдта, афтæ! - Фæлæ уæддæр Аслæнбегæн  йæ
зæрдæ  æхсайдта  дохтыртæм. Устытæй никæмæн ской кодта,  афтæмæй  се
'рвадæлты  лæппутæй иуы абадын кодта бæхыл æмæ йæ  арвыста  горæтмæ,
загъта йын: "Хардзыл ма бацауæрд, æрбакæн дохтыр".
   
   х х х
   Адисæ,  Зæлда æмæ ноджы Аслæнбеджы хæстæджытæй фондз  зæронд  усы
æрæхгæдтой сæхиуыл уаты дуар. Сæ разы стыр тымбыл фынгыл сæныччы фыд
аджы  фыхæй,  тæф  калы.  Астæуæй  хъæдын  тæбæгъы  мидæг  дзаджджын
уæливыхтæ.  Адисæйы фарсмæ нарæгхъуыр дурыны мидæг  ногуагъд  арахъ.
Устыты  хистæр  райста сыкъа æмæ лæгъз хъæлæсæй,  йæ  цæстытæ  бынмæ
æруадзгæйæ (уæлæрдæм кæсын не 'мбæлдис, - уæлейы зæдтæ æмæ  дауджытæ
сты,  дæлимонтæ та бынæй сты, зæххы бын, зæгъгæ), зæрдиагæй  скуывта
Зины  хистæр усæн, арф ныуулæфгæйæ дзы хатыр куырдта Ханиффæйæн,  цы
аххосджын  дзы фæцис, уый тыххæй. Куырдта дзы, цæмæй йæ  тæккæ  абон
сæнæниз кæна.
   Ханиффæ  ныр фылдæр рæстæг хи не 'мбаргæйæ хуыссыди, фæлæ  куывды
дзырдтæй йæ хъустыл цыдæртæ ауади æмæ уый дæр арф ныуулæфыдис. Нæ йæ
фæндыди  мæлын  -  цард  æм хорз касти, йе 'нахъом  сывæллæттæн  дæр
тæригъæд кодта - цытæ кæндзысты, куыдтæ уыдзысты. Уайтагъд  та  йæхи
нал  бамбæрста  æмæ зынулæфт кодта. Бындзытæ бадтысты  йæ  цæсгомыл,
хордтой йæ, фæлæ сæ не 'мбæрста. Авд усы дæр ууыл нал уыдысты. Уыдон
бадтысты  фынджы  алыварс æмæ сæ алцы дæр  ферох  ис,  мæнæн  фылдæр
бантысайæ æвнæлдтой хæринæгтæм, быннозт кодтой арахъ сыкъайæ. Фыццаг
сæ ныхас уыди сабыр, лæгъз, хиуылхæцгæ, фæлæ фæстагмæ уат байдзаг ис
худтæй, хъыллистæй, æмхæццæ ныхасæй. Иу тæнтъихæг зылынфындз ус  дзы
уыдис, Ханиффæйы æмхæрæфырт, æмæ æппын бынат уый нал кодта, йæ  кæл-
кæл, йæ хъыллистытæ, йæ æнæуаг ныхасæн кæрон нал уыди. Йæ фарсмæ  чи
бадтис,  уый-иу æй басхуыста, зæгъгæ, нæ фидауы афтæ, фæлæ уымæн  йæ
идон  аскъуыди  æмæ ауагъта йæхи уæгъд быдырты. Адисæ  иннæ  устытæй
æвзонгдæр  уыди, æмæ устытæ, цыма цины куывды бадтысты,  уый  хуызæн
кæй  дардтой  сæхи,  уый йын хъыг уыди, фæлæ йæ  хъыгдзинад  ницæмæй
æвдыста.
   Рынчын  иннæ  устытæй ферох ис, æрмæст ма йæ Адисæ хъуыды  кодта,
фæкæс-фæкæс æм кодта, бындзытæ-иу асырдта. Йæ сыхаг ус ма йын  бустæ
дæр бакодта:
   - Цы фест-фест кæныс?.. Дæхицæн бынат куынæуал арыс!
   Адисæ  йедтæмæ  иннæтæ тынг æхсызгонæй арвыстой сæ  рæстæг.  Фæлæ
фынг  куы  рафтид ис, дурынæй арахъы цæллахъ куынæуал хъуысти,  уæд,
цудтытæ  кæнгæйæ, сæ бынæттæй стын байдыдтой. Зылынфындз ус сыстынмæ
куыд  хъавыди, афтæ æд бандон афæлдæхти. Адисæйы фæдджийыл фæхæцынмæ
хъавыди,  æмæ  йын  нæ  фæрæвдз  ис, бандоны  бынæй  алывыд  скалдта
Адисæйыл,  ды  мæ фесхуыстай, зæгъгæ. Куы сыстади,  уæд  дардыл  нал
фæхъуыды  кодта,  фæлæ  фæтæргай ис æмæ  алыгъд  йæ  хæдзармæ.  Бирæ
рахъуыды-бахъуыды фæкодтой устытæ рынчыны ауындзыны тыххæй æмæ  ницы
æрхъуыды кодтой, - царыл, бæндæн цæуыл абастæуыдаид, ахæм ницы уыди.
Уæд Адисæ ауади кæртмæ Аслæнбегмæ:
   -  Цы  кæнæм, Аслæнбег, бæндæн цæуыл абастæуа, ахæм куы  ницы  ис
царыл?
   Аслæнбег,  лулæйы  фæздæг  калгæйæ,  æнкъардæй  рацу-бацу   кодта
кæрты. Фæлæууыди. Æнæ сдзургæйæ, йæ сæрæй ацамыдта сарамæ.
   Рынчын  хуыссыди  хи  не 'мбаргæйæ, хаттæй хатт-иу  ныхъхъæрзыди,
æрра кæстытæ-иу акодта йæ алыварс æмæ та-иу æрæнцой ис. Æхсæз усы йæ
систой  дыууæ  хъæццулы  уæлæ æмæ йæ рахастой  сарамæ.  Сахаты  бæрц
фæцархайдтой  устытæ  хъæццулты кæрæттыл бæндæнтæ  бабæттыныл,  стæй
бæндæнтæ  хъайвантыл фидар кæныныл. Аслæнбегæн  йæхицæн  бацæуæн  нæ
уыди  сарамæ,  йæ  усы  цурмæ, æфсæрмы кодта, фæлæ  йæ  хойæн  аивæй
амбарын кодта, зæгъгæ, хъæццултæн æртонынæй тас у, æмæ ма гуыры  бын
иу-дыууæ  раны  бæндæн ауадзын хъæуы. Уыцы амынд дæр æххæстгонд  куы
фæцис,  уæд рынчыны дыууæрдæм рауз-бауз байдыдтой. Рынчын  хъæццулты
мидæг  байдыдта тæлфын, хъæрзын æмæ уынæргъын, æвæццæгæн æй йæ хуылф
тынгдæр хъыгдарын байдыдта.
   - Уынут, уынут? Уый йын феххуыс уыдзæн, - сдзырдтой чидæртæ.
   - Ныронг дæр æй афтæ хъуыди, афтæ, - загъта устытæй иу.
   - Куыд уынæргъы! Уый дзæбæхырдæм у, гъе!
   - Цæрæд бирæ Бæдтион - уый у йæ ирвæзынгæнæг!
   -  Тынгдæр!.. Ноджыдæр! - дзырдтой алырдыгæй. Афтæ,  æгас  сахаты
бæрц  хъæццулты  мидæг  рахау-бахау кодта  рынчын,  тæлфыди,  æрдиаг
кодта.  Уыцы тæлфт, уыцы æрдиагмæ устытæ зæрдиагдæр, кæрæдзи  ивгæйæ
рассон-бассон кодтой рынчыны. Сеппæтæн дæр сæ хид цъыкк-цъыкк  кодта
зæхмæ,  асæрф-асæрф  æй кодтой, бафæлладысты,  уæддæр  сæ  куыст  нæ
уагътой. Фæстагмæ рынчын нал тæлфыди, нал æрдиаг кодта.
   -  Ныр  æгъгъæд  уыдзæн, - загътой уæд устытæ  æмæ  стыр  зынтимæ
æристой  рынчыны зæхмæ. Уыцы сахат Аслæнбег кæимæдæр  лæууыди  кæрты
дуармæ.  Йæ  зæрдæ  рысти æнæрынцойæ, йæ хъуыдытæ уыдысты  Ханиффæйы
тыххæй.  Цы  ма  йын  æрхъуыды  кæна?..  Фыдæлтæй  баззадис  дæсныйы
бафарст,  æмæ йын дыууæ дæсныйы бафарста... Ныр зæгъынц  дохтыртæ...
Æмæ  кæм  сты?  Чи  сыл  хæст кæны? Арвыста  горæтмæ  тæргæ-бæхæй...
Дыууадæс версты - иуæрдæм, дыууадæс - иннæрдæм...
   Нæ  бацауæрста æхцайыл, цы муртæ ма йæм уыдис, уыдон радта æрвыст
лæгмæ,  чи  зоны,  кæд  сразы уаид дохтыр æрбацæуыныл...  Фæлæ,  куы
рацæуа, уæддæр кæд хæццæ кæндзæн?.. Уæртæ уал æй рауил-бауил  кæнынц
дыууæрдæм... Нæ зонын, уый йын хуыздæрырдæм фæуа... - Ахæм хъуыдытæй
дзаг  уыди  Аслæнбеджы сæр. Фæлæ сын æддæмæ раргомгæнæн нæ  уыди,  -
худинаг  уыди хи усы кой кæнын искæмæн, мæлгæ куы кæна, уæддæр,  æмæ
мæнæ  ныхас кæны йæ сыхагимæ, йæ зæрдыл æппындæр чи нæ æмбæлы,  ахæм
хъуыддæгты тыххæй... Уалынмæ кæрты айхъуысти устыты куыд æмæ æрдиаг,
-  уыцы  минутыл  æристой уыдон Ханиффæйы зæхмæ.  Нал  змæлыди,  нал
улæфыди  Ханиффæ,  йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты.  Аслæнбегимæ  цы
сыхаг лæууыди, уый бараст ис кæртмæ, йæ сæр хойгæйæ, хъæрæй кæугæйæ.
Аслæнбег  дуармæ баззади, - нæ йын уыди мидæмæ цæуæн, нæ  йын  уыдис
кæуæн - худинаг у хи усыл кæуын.
   Уайтагъд  сыхбæстæ æмæ уый фæстæ хъæубæстыл айхъуысти: Аслæнбеджы
ус Ханиффæ, дам, амардис.
   Устытæ  чыртæ-чыртæй цыдысты Аслæнбеджы хæдзармæ. Кæрты дуарæй-иу
куыддæр фæмидæг сты, афтæ-иу байдыдтой кæуын. Иу хъæлæс фесхъиудтаид
чыры   æхсæнæй,  ныдздзынæзтаид,  йæ  фæдыл  æй  æмдзыхæй   иууылдæр
айстаиккой... Цыбыр рæстæгмæ хæдзар йæ тæккæ дзаг бацис устытæй.  Иу
ус,  йæ хъæлæсы уадындзтæ тыхджын кæмæн уыдысты, ахæм, кодта хъарæг,
дзырдта,  æвæццæгæн,  алы  ран дæр цы  ныхæстæ  кодта,  уыдон.  Уыцы
ныхæстæм гæсгæ иннæ устытæй алчи дæр йæхи зиан хъуыды кодта æмæ ууыл
куыдта.  Æвæццæгæн дзы Ханиффæйы мардыл æцæг куыд  кодтой  иугæйттæ,
иннæтæ та иууылдæр куыдтой сæхи мæрдтыл... Афтæмæй хæдзар байдзаг ис
богъ-богъ  æмæ æрдиагæй, æмæ уыцы богъ-богъ, уыцы æрдиаг  хъуыстысты
дардмæ  æмæ  æгас  сыхбæсты зæрдæтæ дæр уынгæг кодтой.  Уый  у  ирон
устыты  куыд.   Цыдысты  алырдыгæй лæгтæ дæр къордгæйттæй,  тæфæрфæс
кодтой  æмæ  дуармæ,  иннæ  адæмимæ, ахстой  сæхицæн  бынат.  Кæд-иу
уыдонимæ,  Аслæнбегæн  хæстæг чи æййæфта,  ахæм  уыдис,  уæд-иу  уый
фæхицæн  ис иннæтæй æмæ-иу, сæр хойгæйæ, хъæрæй кæугæйæ,  бараст  ис
кæртмæ. Ахæмтæн сæ куыды ныхæстæ уыдысты иухуызон:  "Уæу, мæ  хæдзар
куыд  фехæлд,  цæй  дзæгъæлæй нæ ныууагътай! Цы ма кæндзыстæм  нырæй
фæстæмæ!"
   Чи  зоны,  ахæм кæуæгмæ æппындæр маст нæ хъардтаид,  æппындæр  æм
кæуын  нæ  цыдаид,  чи  зоны,  уыцы хъæртæ  кæнгæйæ,  иу  цæссыг  не
'рыппæрстаид  йæ цæстытæй, фæлæ уæддæр афтæ... Уый та у  ирон  лæгты
æнаккаг  гæды  куыд. Уæртæ Аслæнбег, æцæг йæ хæдзар  кæмæн  фехæлди,
æцæг  стыр маст кæмæн ис йæ зæрдæйы, уый нæ кæуы, иу цæссыг  дæр  нæ
разынди  йæ цæстытæй. Кæд уый фæразы нæ кæуын, уæд иннæты куыд  гæды
куыд у, æфсоны куыд.
   Кæрт  æмæ  уынг дæр хæдзары раз дзаг уыдысты адæмæй. Æппæтæн  дæр
сæ  цæсгæмттыл  фыст уыди æнкъарддзинад. Ныхас бирæ  нæ  хъуысти  сæ
астæуæй, цы дзырдтой, уый æнкъардæй. Фæлæ рох нæ уыди уæлмæрдхæрнæг.
Бирæтæ аивæй сæ хъус дардтой, кæддæра дзы цы уыдзæн æргæвст, цы  дзы
уыдзæн  нозтæй,  зæгъгæ.  Быдырæй  Аслæнбеджы  стыр  цъæх  гал   куы
æрбазынди,  иннæрдыгæй  та  æртæ фысы, уæд  бирæтæ  сæ  хъаматы  бын
асгæрстой сæ кæрдтæ, - кæд сын, мыййаг, сæ хæдзæртты ферох сты.  Уый
фæстæ дæлæсыхырдыгæй уæрдон куы 'рбазынди, йæ гуыффæйы авд-аст  стыр
дурыны  къæрмæджытæй æхгæд, уæд адæмæн сæ зæрдæтæ иудадзыг  се  'муд
æрцыдысты.  Уыдон фенгæйæ, йæ зæрдæ кæмæн нæ барухс ис, ахæмтæ  бирæ
нæ разындаид адæмы æхсæн.
   Хур  дзæвгар акъул ис, афтæ адæм æнкъардæй рараст сты марды фæстæ
Аслæнбеджы хæдзарæй. Адæм кæрты дуарæй æххæст нæма фæхицæн сты, афтæ
уынджы кæронæй æрбазынди файтон, йæ фарсмæ цыдис бæхджын. Уый  уыдис
дохтыр  йæ фæндаггон аптечкæимæ. Барæг та уыдис Аслæнбеджы æрвадæлты
лæппу.  Файтон  æмæ  барæг фæлæууыдысты, - хосты æххуыс  нал  хъуыди
Ханиффæйы. Файтон дохтыримæ фæстæмæ аздæхти.
   Бæдтионмæ  куы байхъуысти Ханиффæйы амæлыны хабар, стæй  дохтырмæ
æрвысты хабар, уæд загъта:
   -  Дохтырмæ  кæй арвыстой, уый аххосæй амарди уыцы  мæгуыр  ус...
Зæдтæ, дауджытæ æмæ дæлимонтæ дæр нæ уарзынц дохтырты.
   Афтæ амарди Ханиффæ.
   
   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *