КОЦОЙТЫ АРСЕН

ХЪУСОЙ

   Сугъарты  хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй,  æвæццæгæн,  ыл
иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты
кæрæттæ разындысты лыг æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой
ном "Хъусой".
   Хъусой  уыди  лæгъзхъуын,  стæй  хæрзуынд  æмæ  йæ  бинонтæ  тынг
бауарзтой,  тынгдæр  та  дыууæ  лæппуйы  -  дæсазыккон   Гаппо   æмæ
астазыккон  Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй  йæ  хастой,
хъазыдысты  йемæ.  Чысыл  куы фæхъомыл ис Хъусой,  æдæрсгæ  разгъор-
базгъор кæнын куы байдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой  дыууæ
лæппуйы.  Куыддæр-иу  скъолайæ æрцыдысты, афтæ  кæс,  æмæ  та  уæртæ
кæртмæ  фæуайынц  -  Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр,  æмæ-иу,  къæдзил
тилгæйæ, сæ размæ фæци.
   Зæрдæхъæлдзæгæй  рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди,  ууыл  та  дис
кодтой Сугъартæ дæр, сыхæгтæ дæр.
   Байрæзыди  Хъусой,  стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ  тыхджын  куыдз.
Куыйтæ  кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатыр цы  хъæуы,
фæлæ-иу  Хъусой  та  иунæгæй  рагæпп  кодта  æмæ-иу  сыхæгты  куыйты
фæйнæрдæм  фæтардта.
   Сугъартæ  цардысты горæты кæрон, æмæ, сæ хæдзарæн  хорз  гæс  кæй
фæзынди, уый сын æхсызгон уыди. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин
кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди.
   Акодтой-иу  дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ.  Уым-иу  разгъор-
базгъор  кодтой  куыдзимæ,  ноджы йæ  ахуыр  кодтой  фæстаг  къæхтыл
лæууын,  исты  дзауматæ  хæссын. Тынг  æмбаргæ  разынди  Хъусой  æмæ
алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта.
   Уыди  хæдзары  чысыл сывæллон дæр, дæсмæйдзыд. Уый  дæр  фæцахуыр
Хъусойыл,  йæ  разы-иу  йæ цыппарыл рабыр-бабыр  кодта.  Куыдз  дæр,
къæдзил  тилгæйæ,  хъыллистытæ кодта, ницæмæй хъыгдардта  сывæллоны.
Сывæллон-иу  йæ  гыццыл къухæй куыдзы нæмын куы райдыдта,  уæддæр-иу
уый  цины  хъыллистытæ кодта, æндæр ницы. Афтæ  зынди,  цыма  Хъусой
зыдта, сывæллон æнæмбаргæ кæй у, æмæ йæм мæстыгæнæн кæй нæ ис.
   Хъæлдзæг  уыди  Хъусойы цард. Над, æфхæрд ыл  нæ  цыди  бинонтæй.
Хæринагæй  хъуаг не 'ййæфта - бинонты уæлдæйттæ - къæбæртæ,  стджытæ
кæддæриддæр йæ разы фаг. Фæлæ æрцыди ахæм бон дæр, æмæ æфсин  Госæма
æнæхъæн фых карк дæр бахæрын кодта Хъусойæн.
   Хъуыддаг  æрцыди афтæ. Иу изæр Госæма лæууыди уаты рудзынджы  раз
æмæ  касти  уынгмæ. Хæдзары размæ, нарæг уынджы, йæ гыццыл  сывæллон
хъазыди  Хъусоимæ. Йæ цыппарыл рабыр-бабыр кодта, йæ гыццыл  къухтæй
куыдзы  цъыччытæ  кодта.  Хъусой йæ гуыбыныл  хуыссыди,  хъыллистытæ
кодта,  алырдæм  дæр-иу афæлгæсыди. Госæма касти йæ уарзон  хъæбулмæ
рудзынгæй.  Фæлæ  мæнæ  æвиппайды мады зæрдæ  ныссæххæтт  кодта,  йæ
цæстытæ  атартæ  сты: Хъусой йæ дæндæгтæ фæсагъта  сывæллоны  дарæсы
чъылдымырдыгæй  æмæ  йæ, хæрхæргæнгæ, радавта  къулырдæм.  Кæцæй  йæ
радавта, ууылты та уыцы минут тарст бæх уæрдонимæ, гыбар-гыбургæнгæ,
ауагъта йæхи дæлæрдæм.
   Госæмайæн   фырцинæй,  фырбузныгæй  йæ  цæсты   сыгтæ   рудзынджы
дæлвæйнæгыл æркалдысты.
   Хорз та куыд нæ у хæдзары ахæм куыдз дарын!
   
   х х х
   Æрцыди   ахæм   рæстæг,   уый  уыди  фæззæджырдæм,   æмæ   Хъусой
сывæллæттыл цин кодта, фæлæ семæ хъазынмæ йæ хъус нал дардта. Æрцыди
ахæм  бон  дæр,  æмæ  сарайы къуымæй æддæмæ нал ракасти.  Сослан  ын
уырдæм  хæринаг бахаста, фæлæ куыдз хæринагæй дæр йæхи атигъ  кодта.
Лæппу тынг тарсти Хъусойæн амæлынæй æмæ хъынцъым кодта.
   Аивгъуыдта   æхсæв.  Сосланæн  йæ  зæрдæ  куыдзимæ  дзырдта   æмæ
сæумæрайсом, бæгъæввадæй, ауади сарамæ. Нæма бахæццæ уырдæм, афтæ йæ
хъустыл  ауади  къæбылаты  хъист-хъист.  Бамбæрста  лæппу  хъуыддаг,
куыдзы  хуыссæнмæ нал бахæццæ, фæлæ фæстæмæ фездæхти  æмæ  йæ  мадмæ
дзуры:
   - Нана, нана, Хъусойæн къæбылатæ ис.
   Госæма  нæ  бацин кодта, ницы сдзырдта лæппуйы уацхъуыдмæ.  Уымæй
лæппу  бамбæрста,  йæхи хъуыды æмæ йæ мады хъуыды  къæбылаты  тыххæй
кæрæдзимæ дард кæй сты.
   Мад  куы  ницы  сдзырдта  къæбылаты тыххæй,  уæд  та  Сослан  нал
фæлæууыди æмæ базгъордта сарамæ. Ацы хатт бацыди хæстæг, уыны: куыдз
йæ  фарсыл  дæргъæй  хуыссы хосæй лыстæныл. Æртæ  гыццыл  къæбылайы,
цъынд  цæстытимæ, йæ гуыбыны раз змæлынц. Мад уайтагъд йæ сæр  схъил
кæны æмæ та сæм ныккæсы, ратымбыл кæны йæхи æмæ сæ астæрдтытæ кæны.
   Аивгъуыдта  æхсæв.  Райсом  раджы дыууæ  лæппуйы  иумæ  бауадысты
сарамæ. Кæсынц: къæбылатæ рабыр-бабыр кæнынц лыстæныл. Хъусой куы сæ
разы  алæууы, куы та иуварс ацæуы æмæ уырдыгæй бакæсы йæ къæбылатæм.
Кæсы Хъусой лæппутæм дæр æмæ йæ къæдзил тилы, цин сыл кæны: адон сты
йæ  хæлæрттæ,  йæ  хъазæг æмбæлттæ. Уый афтæ  æмбары  хъуыддаг,  æмæ
къæбылатæ  йæхицæн куыд уарзон сты, хъуамæ лæппутæн дæр афтæ  уарзон
уой.
   Гаппо дзуццæджы æрбадти æмæ сдзырдта:
   - Дыууæ дзы йæхи хуызæн сты, æртыккаг - æндæр хуызон, цъæхбын.
   - Рæсугъд куыйтæ уыдзысты, - загъта Сослан.
   Лæппутæ  къæбылатæм  фаг куы фæкастысты, уæд  бауадысты  хæдзармæ
цай цымынмæ. Сæ фыд бадти стъолы фарсмæ, мад та самоваримæ архайдта.
   - Иуы дзы ныууадзæм нæхицæн, - дзырдта фыд.
   -  Нæ нæ хъæуы сæ иу дæр, уый дæр та куы нæ хæссæм, - загъта мад.
- Хъусой нын йæхæдæг æгъгъæд у.
   Ацы  ныхæстæм  байхъусгæйæ, Сослан дис кодта, цæуыл  дзурынц,  цы
фæкæнынмæ хъавынц, уæдæ, къæбылаты?
   -  Аппарæнт  сæ,  уæдæ, æртæйы дæр, - загъта  фыд.  -  Теркмæ  сæ
ахæссæнт æмæ сæ уым баппарæнт.
   Сослан кæуынхъæлæсæй дзуры йæ мадмæ:
   - Ма сæ аппарут, нана. Куыд рæсугъд сты, уый куы зонис!
   Гаппойы дæр нæ фæндыди сæ аппарын æмæ загъта:
   -  Куы  схъомыл  уой, уæд нын нæ кæрт, нæ хæдзар хъахъхъæндзысты.
Цæмæн сæ æппарут?
   Сосланы  хъуыдытæ æндæр уыдысты. Уый афтæ фæндтæ  кодта  хинымæр,
мæнæ бахъомыл уыдзысты æмæ семæ хъаздзæн, быдырмæ-иу сæ акæндзæн æмæ-
иу   уым  иумæ  дугъы  уайдзысты.  Иннæмæй  та  тæригъæд  дæр  кодта
къæбылатæн,  йæ цæстытыл уади, Терчы сæ куы баппарой,  уæд  сæ  доны
фæйлауæнтæ куыд фæцæйскъæфдзысты, - куы фæбынæй уыдзысты, куы  та-иу
фæзындзысты.
   Лæппуйы рустыл цæсты сыгтæ æруади.
   -  Нана, баба! ма сæ аппарут! - зæрдæбынæй куырдта Сослан. - Ахæм
дзæбæх сты, æмæ диссаг.
   Фæлæ  мад  æмæ  фыдæн  сæ фæнд конд фæци  æмæ  ма  æрмæст  хъазæн
ныхæстæ кодтой сæ сывæллæттæн.
   Бинонтæ  райсомы  цай куы ахицæн кодтой, уæд фыд баздæхти  хистæр
лæппумæ:
   - Гыццыл чыргъæд райс æмæ уыцы къæбылаты доны баппар!
   -  Æмæ Хъусой дæр афтæ зæгъы? - сдзырдта Гаппо. - Æвналын дæр сæм
куынæ уадзы. - Лæппуйы фæндыди къæбылаты исты амалтæй фервæзын кæнын
æмæ уымæн афтæ дзырдта.
   Фæлæ Госæмайæн хъуыдыгонд уыди хъуыддаг. Уый загъта:
   -  Куыдз ныртæккæ стонг у. Æз æй хæринагмæ расайдзынæн, сымах  та
уæд къæбылаты фелвасут æмæ сæ ахæссут!
   Хистæр  лæппу  бамбæрста, мад æмæ фыд сæ фæнд кæй нал  аивдзысты,
æмæ  ницыуал  дзырдта къæбылаты ирвæзын кæныны тыххæй,  фæлæ  Сослан
былæфтыдæй,  æнкъардæй  лæууыди.  Уый  дис  кодта:  цæмæн   æппарынц
къæбылаты,  цæуылнæ  сæ бауадзынц стыр кæнын?  Йæ  цæстытæ  та  доны
разылдысты, æмæ та дзуры, йæ мадмæ:
   -  Нана, тæригъæд не сты, цæмæн сæ æппарут?.. Ныууадзут сæ!  Куыд
дзæбæх сты, уый куы зонис!
   Госæма   йæ   лæппуйы  ныхæстæм  мидбылты  бахудти  æмæ   куыдзæн
хæринæгтæ æмбырд кæнынмæ фæци.
   Стонг  куыдз, къæдзил тилгæйæ, рауади усы фæдыл тыргъмæ.  Стджытæ
æмæ къæбæртæ куы ауыдта къуымы, уæд йæ гуыбыныл æрхуыссыди æмæ зыдæй
хæрын райдыдта.
   Уыцы  рæстæджы  хистæр лæппу, Гаппо, къæбылаты  чыргъæды  авæрдта
æмæ  кæрты  дуары  æдде фæци. Сослан дæр йæ фарсмæ  уади,  чыргъæдмæ
ныккæс-ныккæс кæнгæйæ.
   Хъусойæн  йæ  зæрдæ йæ къæбылатæм æхсайдта, йæ хъуыдытæ  уыдонимæ
уыдысты,  фæлæ  хæрын дæр хъуыди æмæ тагъд-тагъд хи  æфсадыны  куыст
кодта. Æппынфæстаг йæ зæрдæ нал фæлæууыди уæддæр, дзыхыдзаг фелвæста
стджытæ  æмæ  къæбæртæ æмæ азгъордта сарамæ. Къæбылаты уым  куынæуал
уыдта,   уæд   джихæй  аззади  иу  минуты  бæрц.  Хæринæгтæ   дзыхæй
æрызгъæлдысты,  хæрын  æй айрох ис. Асмыстытæ кодта,  асхъиудта  æмæ
æррайау  æрзылди  сарайы къуымты. Рауади Хъусой сарайæ,  ракæс-бакæс
акодта  æмæ  кæрты бырумæ сгæпп кодта. Уырдыгæй дардмæ  афæлгæсгæйæ,
азылдтытæ  кодта йæ сæр алырдæм. Бæрæг уыди, йæ сæрымагъз дисæй  æмæ
мæтæй  фæйлауæнтæ кæй кæны. Уайтагъд фæзылди фæстæмæ,  рахаста  йæхи
дæлæмæ æмæ, смудгæйæ, дуары æдде фæци.
   
   х х х
   Дыууæ  лæппуйы  куыддæр Терчы былмæ бахæццæ сты, афтæ  Хъусой  сæ
разы балæууыди. Чыргъæды йæ къæбылаты куы ауыдта, уæд йæ цинæн кæрон
нал уыди, хъыллистытæ кодта, йæ къæдзил æнæрынцойæ тылдта... Æгайтма
йæ  зынаргъ  къæбылатæ  адонмæ разындысты, йæ хæлæрттæм,  йæ  хъазæг
æмбæлттæм, ныр сын ницыуал тас у!
   Фæлæ  мæнæ  Гаппо галиу къухæй чыргъæд бæрзонд систа, рахизæй  та
къæбылаты фæд-фæдыл доны астæумæ фехста.
   Хъусой   зæрдæхалæн  ниуд  ныккодта  æмæ  йæхи  доны   баппæрста.
Иуæрдæм, иннæрдæм аленк кæны, фæлгæсы алырдæм. Иу къæбылайы  ма  дзы
ауыдта,  - дæлæ йæ фæласы дон. Ныхъхъынцъым кодта, нынниудта Хъусой,
ауагъта йæхи йæ хъæбулы фæстæ æмæ йæ ацахста.
   Кæстæр  лæппу,  Сослан, бацыди Терчы хæдбылмæ æмæ  касти  Хъусойы
катаймæ.  Йæ  цæсты  сыгтæ дыууæ уæрæх фæндаджы акодтой  рустыл  æмæ
дыууæ  цыхцырæгау ныллæууыдысты зæхмæ. Гаппо та йыл худгæ кодта  æмæ
дзырдта:
   - Аку, аку... Уыдон афонмæ дæллаг хидмæ ныххæццæ сты.
   Уалынмæ  дыууæ  лæппуйы раз, къæдзил тилгæйæ, фегуырди  Хъусой  -
къæбыла йæ дзыхы, мæллæг хъист-хъист кæны.
   Хъусой  тынг  ахуыр  уыди Гаппо æмæ Сосланыл,  бирæ  фæхъазыдысты
иумæ,   бирæ   фæзылдысты  быдырты,  кæрæдзи   уарзтой,   кæрæдзийыл
æууæндыдысты  алцæмæй дæр. Ныр, Гаппо къæбылаты доны куы  баппæрста,
уæддæр  Хъусой  афтæ æнхъæл уыди, æмæ хъазгæ кæны.  Фæлæ  ацы  хъазт
æппындæр йæ зæрдæмæ нæ цыди. Чердыгон хъазт у уый? Йæ уарзон  гыццыл
къæбылаты йын фелвас æмæ Терчы бавзил! Мæнæ ма дзы иу ссардта,  фæлæ
иннæтæ кæм сты, кæм сæ агура?
   Хъусой къæбылайы йæ разы куы æрæвæрдта, уæд æм Сослан бауади  æмæ
йын йæ хуылыдз хъуын къухæй сæрфы, куыдз дæр та йæ къæдзил батылдта.
   Гаппойы  зæрдæйыл лæууыди йæ ныййарджыты фæдзæхст æмæ  бараст  ис
къæбыламæ. Сосланы рустыл цæсты сыгты фæд куы ауыдта, Хъусой йæм куы
бакасти  æнкъард æмæ дисгæнгæ цæстытæй, уæд Гаппойæн  дæр  йæ  зæрдæ
æрбауынгæг  ис,  фæлæ гæнæн нæй - дард фæхаста йæ  къух  æмæ  фехста
къæбылайы Терчы астæумæ.
   Къæбылайы  фæдыл та Хъусой дæр баппæрста йæхи доны. Бирæ  раленк-
баленк  фæкодта, бирæ рацагур-бацагур фæкодта, фæлæ ницыуал  ссардта
ацы хатт.
   Лæппутæ йæм кастысты былæй, тæригъæд ын кодтой æмæ йæм дзырдтой:
   - Хъусой, Хъусой! Цом нæхимæ!
   Хъусоймæ  ахæм  дзырдтæ нал хæццæ кодтой æмæ  дзы  цалынмæ  хъару
уыди,  уалынмæ  агуырдта  йæ къæбылайы,  стæй  йыл  доны  фæйлауæнтæ
тыхджындæр  кæнын куы байдыдтой, уæд рабырыди былмæ. Нал тылдта  ныр
йæ  къæдзил  лæппуйы уынгæйæ. Дæрддзæф æрлæууыди æмæ сæм  æнкъардæй,
уайдзæф æмæ зæрдæхудты цæстæй касти.
   Нал  куымдта Хъусой доны былæй хæдзармæ цæуын, тыххæй йæ атардтой
дыууæ  лæппуйы  сæ хæдзармæ. Кæрты мидæг куы фесты, уæд  Гаппо  дуар
фидар сæхгæдта æмæ бацыди хæдзармæ. Фæлæ Сослан кæрты баззади куыдзы
раз.  Куыдз иу ран сагъдау лæууы, йæ къæдзил уæгъд зæбул, йæ цæстытæ
зæхмæ, иу ранмæ арæзт.
   Сослан  дзуры куыдзмæ лæгъз хъæлæсæй, рæвдаугæйæ, фæлæ  йæ  куыдз
цыма  æппындæр нæ хъусы, уыйау æм кæсгæ дæр нæ кæны, сагъдау  лæууы.
Уæд  лæппу бауади хæдзармæ æмæ радавта йæ хай - карчы сынæг,  куыдзы
раз æй æрæвæрдта æмæ фæлмæн хъæлæсæй дзуры:
   -  Ахæр,  Хъусой,  ахæр!..  Ахæр,  Хъусой!  Æз  та  дын  ноджыдæр
рахæсдзынæн!
   Нæ фезмæлыди йæ бынатæй куыдз, хæринагмæ дæр не 'ркасти.
   Иу  минуты бæрц фæлæууыди лæппу Хъусойы раз, æнкъардæй йæм касти,
стæй та йæм баздæхти лæгъстæгæнæгау:
   - Ахæр-ма, Хъусой, цæй!
   Хъусой  нæ  хъусы, Хъусой не змæлы. Фæлæ мæнæ æвиппайды  ныррызти
йæ  сæрæй  йæ  къæхтæм,  стæй, цыма йæ исчи рæхойгæ  фæкодта,  уыйау
фесхъиудта  æмæ  кæрты  дуарырдæм  аппæрста  йæхи.  Дуар  æхгæд  куы
разынди,  уæд быруйы сæрты агæпп кодта уынгмæ. Сослан  ма  йæ  фæдыл
рауади, фæлæ куыдз чердæм алыгъдис, уый бæрæг нал базыдта.
   "Алыгъди  нын! Нал нæм æрцæудзæн!" - сдзырдта хинымæр  лæппу  æмæ
æнхъæлæй  Терчырдæм  араст  ис. Уым бирæ рафæлгæс-бафæлгæс  фæкодта,
фæлæ ницы ссардта æмæ раздæхти фæстæмæ хæдзармæ. Цыди сындæг, ракæс-
бакæс кæнгæйæ, æмæ та-иу уайтагъд сдзырдта:
   - Афтæ нын хъæуы! Афтæ нын хъæуы, афтæ!
   Доны  былæй  иучысыл  куы  рауади, уæд дзыхълæуд  фæкодта,  дард,
дæлæрдыгæй, донвæды ауыдта Хъусойы хуызæн куыдзы. Ныккасти  æдзынæг.
Бæлвырд,  уый  уыди Хъусой. Ныллæуу-ныллæуу кæнгæйæ, æдзух  донырдæм
кæсгæйæ, доны былтыл дæлæрдæм цыди Хъусой.
   Сослан  азгъордта уыцырдæм, фæлæ йын комкоммæ фæндаг нæ  разынди.
Уæд дардыл азылди Сослан, фæлæ куыдзы кæм федта, уым æй нал ссардта.
Ацыди ма дæлдæр, фæлæ куыдз никæцæйуал фæзынди.
   Бон-изæрмæ  бинонтæ  æнхъæлмæ  фæкастысты  Хъусойы  æрбаздæхынмæ,
фæлæ уый никæцæйуал фæзынди. Тынг фæхъыг кодтой бинонтæ, тынгдæр  та
лæппутæ,  Хъусойы  сæфтыл.  Æхсæвы Сослан  хуыссæг  дæр  нал  ахста,
æрæджиау  куы  бафынæй  ис,  уæддæр йæ фыны  уыдта  Хъусойы  æмæ  йæ
къæбылаты.
   Дыккаг  бон  иннæ  хæттытæй раздæр райхъал ис Сослан.  Йæ  фыццаг
хъуыды  уыди Хъусойы тыххæй. Кæд, мыййаг, фæзынди, зæгъгæ, азгъордта
сарамæ  бæгъæввадæй. Кæсы, æмæ Хъусой йæ лыстæныл хуыссы, иу къæбыла
йæ разы.
   Цингæнгæйæ бауади Сослан куыдзмæ хæстæгдæр æмæ йæм дзуры:
   - Хъусой, Хъусой, æз дын хæринæгтæ радавдзынæн!
   Сосланы  ауынгæйæ, куыдз иуцъус йæ къæдзил базмæлын  кодта,  фæлæ
йæм фыццагау цины хъыллистытæ нал разынди йæ хъазæг æмбалæн.
   Хъусой хуыссыди йæ рахиз фарсыл, йæ фарсмæ мард къæбылайыл  галиу
къахы дзæмбы æвæрд.
   Бинонтæн  æхсызгон  уыди  Хъусойы  фæзынд.  Госæма  амбырд  кодта
къæбæртæ,  стджытæ æмæ сæ бахаста Хъусойы размæ. Куыдз  та  цъус  йæ
къæдзил базмæлын кодта, фæлæ хæринæгтæм кæсгæ дæр нæ ракодта.
   -  Ахæр,  Хъусой,  ахæр! - лæгъз хъæлæсæй  дзырдта  Госæма,  фæлæ
куыдз нæ ракасти уæддæр хæринæгтæм.
   Бон-изæрмæ бинонтæ абæрæг-абæрæг кодтой Хъусойы. Уый йæ хуыст  нæ
фендæрхуызон  кодта,  дзæмбы  фыццагау  -  мард  къæбылайыл   æвæрд,
хæринæгтæ дæр йæ разы æнæвнæлдæй лæууыдысты.
   Ус  сфæнд  кодта мард къæбылайы исчердæм аппарын, афтæ  æнхъæлæй,
æмæ йæ кæд Хъусой айрох кæнид æмæ та хæрын райдаид. Бавнæлдта Госæма
мард къæбыламæ, дзæмбыйы бынæй йæ раласынмæ хъавыди, фæлæ куыдз афтæ
мæсты  ныууынæргъыдта, æмæ ус иуварс аппæрста йæхи. Уæд Хъусой  мард
къæбылайы йæ дзыхы фелвæста æмæ кæрты быруйы сæрты агæпп кодта.
   
   х х х
   Къуырийы бæрц рацыди Хъусойы алыгъды бонæй. Сугъартæ хъыг  кодтой
сæ  куыдзы алыгъдыл, фæлæ ма сæ цъус ныфс дæр уыди, зæгъгæ, йæ  маст
куы ссæуа, уæд та кæд бацагурид йæ хæдзар.
   Иу  изæр Гаппо æмæ Сослан ацыдысты быдырмæ, хъомы размæ. Раджы ма
уыди,  хъом нæма зындис æмæ лæппутæ сæхи фæстиæттæ кодтой,  разгъор-
базгъор  кодтой къутæрты æхсæнты. Афтæмæй фæкомкоммæ сты иу  къутæры
бын  куыдзы  мардмæ. Куыдз фæлдæхт уыди рахиз фарсыл,  раззаг  галиу
къахы дзæмбы æвæрд уыди мард къæбылайыл. Уый уыди Хъусой. Лæппутæ йæ
базыдтой  иу  бакастæй.  Æвæццæгæн,  куыдз  амарди  дыууæ-æртæ  боны
раздæр: смаг кæнын байдыдта. Уæддæр æм лæппутæ бацыдысты хæстæг.
   Сосланы   былтæ   уайтагъд  фесчъил  сты.   Рустыл   фæбырыдысты,
фæдгæнгæйæ, цæсты сыгтæ. Ныккуыдта йæ хъæлæсы дзаг Сослан.
   Уæд Гаппо дæр нал бурæдта йæхи æмæ ныдздзынæзта:
   - Нæ зонын, нæ зонын, цæмæн ын фесæфтой йæ къæбылаты!
   
   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971   


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *