КОЦОЙТЫ АРСЕН

ДАДОЛТЫ МÆТ

   Къамады  чи  нæ уыди, уый хъуамæ йæхицæй ма раппæла,  зæгъгæ,  æз
Ирыстоны зонын мæ къухты хуызæн.
   Хорз  хъæу у Къамад, æнахуыр хъæу. Хæдзæрттæ дзы уыйас бирæ  нæй,
æрмæст  21,  æвæрд сты тынг бæрзонд, кæмдæр æврæгъты  бын.  Дзоныгъ,
кæнæ  уæрдон  кæд аэроплан схæсса Къамадмæ, уый йедтæмæ  сын  ссæуæн
нæй.   Уырдæм  фæндаг  ис  æрмæст  базырджын  мæргътæн,  кæнæ   ахæм
цæрæгойтæн,  къахæй  цæуын хорз чи зоны: хæрæг, адæймаг,  куыдз  æмæ
æндæр ахæмтæн.
   Уым  Ныхасы  фендзынæ, сæдæ азы кæуыл цæуы,  ахæм  зæронд  лæгты,
сæгæй  хъулонгонд ронбастмæ зачъетимæ. Уыдонæй бирæтæ, горæт  цы  у,
уый  нæ  зонынц.  Кæцæй горæт та! Сæ быны, дæлвæзы стыр  хъæумæ  дæр
никуы æруагътой сæхи.
   Хуыцау  дæ  ма срæдийын кæнæд уыдон раз, зæгъгæ, ис ахæм  уæрдон,
æврæгъты  æмвæз  маргъау чи тæхы, кæнæ, зæгъгæ, сæдæ  верстмæ  дыууæ
адæймаджы,  æнцад  дзургæйæ, кæрæдзи хъусынц. Куы  срæдиай,  уæд  сæ
цæсты ницыуал уыдзынæ, гæдыйы ном дыл сбаддзæн.
   Къамады  адæм  тынг  уарзынц "Тутыры нозт". Бæзджын  къуымæл  æмæ
арахъ хæццæйæ къуырийы бæрц нывыл æмбæрзтæй куы фенхъизой, уæд уый у
"Тутыры  нозт".  Уазæгæн дæр буц нуазинагæн  уый  радавынц  æмæ  дзы
хъæзынкъусæй иу куы акъахы, уæд дыккаг нал фæкомы.
   Афтæ у Къамады хъæу.
   
   х х х
   Къамады    цæгатгæрон    царди    хибаргомау    Дадолты    Сымси,
дыууиссæдзазыккон бурхил æмæ гуыбырфындз лæг. Дæс азы рацыдис,  афтæ
Сымси  ус æрхаста, фæлæ йын зæнæгæй ницы ис. Йемæ ма цæрынц йæ дыууæ
абадгæ  хойы.  Иуыл цæуы 32 азы, иннæйыл - 34. Хистæр хуыйны  Гатъи,
кæстæр - Фатъи.
   Сымсийы  бинонтæ  сыхæгтæй æвзæрдæр, мыййаг, нæ  цæрынц,  кусынц,
амалтæ кæнынц.
   Фæлæ мæнæ ацы æнамонддзинад...
   Тынг галиутæ конд у дуне.
   Иуæй-иуæн  йæ  сывæллæттæ афтæ сбирæ вæййынц, æмæ  сæ  йæ  уд  йæ
хъуырмæ  свæййы, Сымсийæн та ныр дæсæм аз иу сывæллон дæр  нæма  ис.
Иуæй-иу  чызгыл курджытæ ныккæлынц, æмæ æдзух "нæ, нæ"  кæны,  Гатъи
æмæ Фатъийыл та сæ цæрæнбонты иу сдзурæг дæр нæма уыди.
   Йе, уастæн, дæлæмæ фæуайа уыцы хъысмæт, кæд куыд галиу у!
   
   х х х
   Иу  зымæгон хъуынтъыз боны, Сымси суг ласынмæ куы уыди, чындз æмæ
дыууæ  чызджы  къонайы  фарсмæ къуымбил куы  пырдтой,  уæд  хæдзармæ
бауади сыхæгты ус зынггур.
   - Ног хабар нæ фехъуыстат?
   Уыдон сæ хъустæ ацæттæ кодтой хъусынмæ.
   - Цавæр хабар?
   - Ныртæккæ Биганон уæртæ Тызмæгатæм æрфысым кодта.
   Æртæ сылгоймаджы æмдзырд скодтой:
   - Дæсны Биганон?
   -  Уæдæ, йæ нывонд æрбауон!.. Уымæ хуыцауæй курдиат ис. Уый зæдты
æмбал у.
   Æртæ   сылгоймаджы   æнæ   дзургæйæ  бирæ  ракæс-бакæс   фæкодтой
кæрæдзимæ æмæ бамбæрстой кæрæдзи хъуыдытæ.
   Куыддæр сыхаг æхсныфы уæлæ зынгтæ фелвæста æмæ дуары æдде  фæцис,
афтæ хæдзар байдзаг цины ныхас, цины уынæрæй.
   - Гъе ныр ма исты зæгъыс, Гатъи?
   - Æмæ ма ды исты зæгъыс, Фатъи?
   -  Йæ рынтæ йын ахæрон Биганонæн. Уый зæдты æмбал у, зæдты æмбал,
- загъта чындз, йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусгæйæ.
   Гатъи сыстади, йæ цыргъ фындз размæ адардта æмæ загъта:
   -  Биганонæй  дæсныдæр  æгас  Ирыстоны  нæй.  Уый  нын  зæрдиагæй
бафæрсæд, уый йедтæмæ 30-азыккон хъал барæг мæнмæ курæг æрбалæудзæн.
Фатъимæ  дæр  исчи зындзæн. Дæуæн та, чындз, фырыхъулы хуызæн  лæппу
æрбайгуырдзæн.
   Фатъимæйæн  хъыг уыди Гатъийы дзырд "исчи зындзæн".  Сыстади  уый
дæр.
   -  Дæумæ,  Гатъи, 30-азыккон курæг зындзæн. Мæнмæ та...  мæнæ  йæ
уынын  мæ  разы...  Мæнмæ  та  курæг æрбалæудзæн  25-азыккон  тæгиаг
барæг... О... о... мæнæ, уынын æй мæ разы.
   Чындз  йæ  ходыгъдты  ныхæстæм  уыйбæрц  нæ  хъуыста.  Уымæн   йæ
сæрымагъзы фæйлыдтой æндæр хъуыдытæ. Бирæ фæлæууыди йæхимæ хъусгæйæ,
стæй сдзырдта:
   - Æз мæ лæппуйыл цы ном сæвæрдзынæн, уый зонут?
   - Цы?
   - Алымæт. Тынг рæсугъд ном мæм кæсы.
   Фæлæ ходыгъдтæй дæр алчи йæхи тыххæй хъуыды кодта. Гатъи загъта:
   -  Мæ  мойаг  хуыйны  Зауырбег...  Рæсугъд  ном  нæу?..  Бæрзонд,
хæрзконд лæппу. Раст мæнæ сымах куыд уынын, афтæ йæ уынын мæ разы.
   Фатъийæн та хъыг уыдысты Гатъийы ныхæстæ.
   -  Ныр  цытæ дзурыс, Гатъи? Бæрзонд, хæрзконд лæппу мæ мойаг  куы
у!  Фæлæ  мын  Зауырбег нæ хуыйны, Хъауырбег хуыйны. Куыд  хæрзконд,
куыд уындджын у! Æвæццæгæн, æгас Ирыстоны ахæм нæй!
   Чындз  та йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусын байдыдта. Бæрæг уыди,  цыдæр
зæгъынмæ та кæй хъавы. Хинымæр дзурæгау райдыдта:
   -  Мæ  лæппу... мæ лæппу! Алымæт, мæ уды гага... Цы хуызæн дзæбæх
лæппу  уыдзæни!.. Æгас Къамады... Нæ, æгас Ирыстоны уымæй  дзæбæхдæр
лæппу  нæ  уыдзæн. Æз ын тæккæ райсом цæттæ кæнын райдайдзынæн  худ,
цухъа æмæ æндæртæ.
   Чындз йæ цæстытæ бацъынд кодта.
   -  Мæ хуры чысыл, Алымæт, рауай-ма ардæм, рауай!.. Дæ разы та  дæ
къухтæ рыджы куы счъизи кодтай!
   Афтæ  цас фæдзырдтой чындз æмæ дыууæ ходыгъды, уый бæрæг нæ уыди,
фæлæ  сын иуцыдæр сæ хъуыдытæ æндæрырдæм фæцарæзта: уынгæй айхъуысти
цæуджыты уынæр. Гатъи цæрдæг фестади æмæ акасти рудзынгæй.
   Бамбæрстой  чындз  æмæ йæ ходыгъдтæ, адæм дæснымæ  кæй  фæцæуынц,
æмæ сæхи цæттæ кæныныл фесты.
   Алкæмæ   дæр  сæ  разынди  æвæрд  æхца,  тынтæй,  цъындатæй   кæй
бакуыстой, фæлæ ма сæ æхцайы йедтæмæ алкæй дæр хъуыди исты дзаума  -
æнæ дзаумайæ фæрсæн нæй.
   Гатъи загъта:
   -  Зонут, цас хуыздæр лæвæрттæ ракæнæм Биганонæн, цас ын æхца дæр
фылдæр радтæм, уыйас нын хуыздæр бафæрсдзæн.
   Чындз та йæхи базмæлын кодта.
   -  Йæ  нывонд  æрбауон,  æз  ын ницы бацауæрддзынæн,  æрмæст  мын
Алымæты фенын кæнæд!
   Æртæ  сылгоймаджы  æрæвæрдтой фæйнæ дыууадæс сомы  æхца.  Лæварæн
чындз   рахаста  зæлдаг  кæлмæрзæн.  Гатъи  рахаста  хæрдгæйæ  арæзт
дзабыртæ.  Фатъи   та раласта кæцæйдæр батист къабайаг.  Йæхицæн  æй
æвæрдта куадзæнмæ, фæлæ цы гæнæн ис, мой йын куы уа, уæд ын къабатæй
фылдæр цы 'лхæндзæн!
   Æхца  дæр,  дзауматæ  дæр цæттæ уыдысты фæрсынæн,  фæлæ  хъуыддаг
ууыл нæма ахицæн ис.
   Æртæ дæр дзырдтой:
   - Æз цæуын! Æз цæуын!
   Бирæ  фæхъаугъа  кодтой. Чысыл ма бахъæуа,  кæрæдзи  дзыккуты  сæ
къухтæ асадзой.
   Æппæрстой  хæлттæ  дæр. Кæй хал-иу схаудта,  уый-иу  цæуыныл  куы
фæци,  уæд  та-иу  ыл иннæтæ ныххæцыдысты, ды, дам, дæхицæн  хуыздæр
бафæрсдзынæ. Ногæй та-иу бахъуыди хæлттæ исын. Æппынфæстаг æртæ  дæр
иумæ ацыдысты.
   Дадолты æртæ сылгоймаджы кæд уыйас нæ бафæстиат сты, уæддæр  бирæ
адæм  баййæфтой Тызмæгатæм. Хæдзары тыргъ дзаг уыди адæмæй  -  иууыл
устытæ.  Кæмæн йæ дæлармы зынди хъуымацы гæбаз, кæмæн  исты  дзаума;
иуæй-иутæ   æрбадавтой   семæ   хæбизджынтæ,   физонæггонд   кæрчытæ
двайноимæ, наливкæимæ - уыдон та дæсныйæн уæлдай зæрдæлхæнæн. Диссаг
уыди,  афтæ  тагъд  куыд  ацæттæ кодтой уыцы  хæринæгтæ,  æвæццæгæн,
уыдонæн раздæр зындгонд уыди Биганоны ссыды бон, фæлæ йæ иннæ адæмæй
æмбæхстой.
   Хъæр,  цъæхахст,  æлгъыст æмæ алыхуызон  уынæр  хъуысти  тыргъæй.
Алчи  дæр  йæхи  хъардта Биганонмæ раздæр бахæццæйыл. Устытæ,  размæ
бырсгæйæ,  кæрæдзи схуыстытæ æмæ тъæппытæ кодтой.  Иу  ус  æгæр  куы
бырста  размæ, уæд ын иу æндæр йæ тæбæгъæй физонæггонд карк фелвæста
æмæ  йæ  кæртмæ фехста. Карчы хицау ма йæ фæдыл рауади, фæлæ йæ  нал
раййæфта: дыууæ куыдзы йыл сæхи ныццавтой æмæ йæ ратон-батон кодтой.
Уыцы  тохы  мидæг кæмæндæрты сæ цæсгæмттæ фæцъæррæмыхстытæ  сты.  Иу
усæн  та  йæ  дзыккутæй  бындзыг атындæуыди  æмæ  йæ  ныр  йæ  къухы
тамбылтæй дардта.
   Дадолты  æртæ  сылгоймаджы  куы  бацыдысты  тыргъмæ,  уæд   уыдис
æмбисбон,  хур  къæдзæхты аууон фæци, афтæ сын стыр  зынæй  бантысти
Биганоны уатмæ бацæуын.
   
   х х х
   Дари  æмæ зæлдаджы фæлыстæй бадти къæлæт бандоныл Биганон. Къæлæт
бандон   ахæм   уыди,  æмæ  йыл  нывыл  адæймæгтæй   дыууæ   уæгъдæй
æрбадтаиккой,  фæлæ  дзы  Биганон, цыма тыхтъыст  уыди,  уый  хуызæн
бадти.  Сæвджын  ус у Биганон. Æвæццæгæн, Дадолты  чындз  æмæ  дыууæ
чызджы иумæ æрбадгæйæ уыйас нæ аййафиккой.
   Биганонæн  бæрзæй  нæ уыди æппындæр, кæд ын уыди  бæрзæй,  уæддæр
дзы  æддæмæ ницы зынди: сæр цæрдæвæрдау зынди гуырыл. Чи зоны,  исчи
уыдаид  Беслæныхъæуы  æмæ федтаид фæззыгон цæттæ  настæ.  Вæййы  дзы
сырхбын бур настæ, афтæ дыууæ путмæ æввахс сæ уæз. Уыдонæй иу æрæвæр
хосы  мæкъуылы сæр, уæд уый дардæй бакæсгæйæ уыдзæн Биганоны хуызæн.
Биганонæн ис худгæ гыццыл цæстытæ. Чи зоны, уыцы цæстытæ фыццаг афтæ
гыццыл нæ уыдысты, фæлæ сæ нард алырдыгæй куы балхъывта, уæд  ма  сæ
зынди  уынгæг  дыууæ хуынчъы. Былтæ дæр уыдысты нæрст фырнæрдæй  æмæ
сыл æдзух бадти æмхуызон мидбылты худт.
   Дадолты  æртæ  сылгоймаджы  дуары мидæг  куы  фесты,  уæд  сагъды
хуызæнæй баззадысты, фезмæлын дæр нал уæндыдысты, дзурын дæр - никуы
ма  федтой  уыдон  ахæм  хæрзуынд сылгоймаг.  Куыддæр  тæрсæгау  дæр
кодтой: æнцон нæу, зæдтимæ уынаффæ чи кæны, уый раз лæууын.
   -  Æрбадут  уæртæ  бандоныл,  уæ хорзæхæй!  -  рæвдаугæ  хъæлæсæй
сдзырдта Биганон.
   Къулы  рæбын иуфарсырдыгæй æвæрд уыди даргъ бандон, ууыл  рæнхъæй
рабадтысты Дадолты æртæ сылгоймаджы.
   -  Цы  зæгъут,  мæ  хуры чысылтæ? - фæлмæн хъæлæсæй  сæ  бафарста
Биганон.
   Æвиппайды   сæ   ничи  сарæхсти  дзурын,  фæлæ   æрæджиау   Гатъи
фæхъæбатыр æмæ загъта:
   -  Æз  æмæ  уæртæ  уый,  мæ хо, æгæр абадтыстæм,  æнхъæлдæн,  æмæ
дæхæдæг зоныс... Уæртæ фаллаг та нæ чындз у. Куы йæ æрхастам,  уæдæй
цæуы дæс азы, æмæ йын зæнæгæй ницы ис... Зоныс дæхæдæг...
   Биганон арф ныуулæфыдис, йæ сæр дыууæрдæм батылдта.
   -  Куыд  æвзæр  сты адæм, куыд! Куыд хæлæг сты! Кæрæдзи  куыд  нæ
уарзынц! Ахæм хинтæ араз дæ сыхæгтæн?!
   Ацы  дзырдтæм  хъусгæйæ, Дадолты сылгоймæгтæй  алчи  дæр  хинымæр
ахъуыды кодта: "Диссаг нæу, цы тагъд базыдта хъуыддаг!"
   Гатъи   рамбырд  кодта  лæвæрттæ  æмæ  сæ  рудзынджы  дæлвæйнæгыл
æрæвæрынмæ хъавыди, фæлæ йæ Биганон фæурæдта:
   - Уым нæ, мæнæ сæ мæ разы къуымы æрæвæр!
   Къуым   дзаг   уыди  алы  мыггаг  дзауматæй,  сæ   цæнд   стъолæй
фæбæрзонддæр ис. Уыдоны уæлæ æвæрд æрцыдысты Дадолты дзауматæ дæр.
   Биганон  афтæ æнхъæл уыди, æмæ фæрсджытæм æндæр ницы ис фæрсæггаг
æмæ  йæ  цæсгом  тар дардта. Гатъи фæхъуыды кодта  хъуыддаг,  райста
æмбæлттæй æхца æмæ загъта:
   -   Дæ  рынтæ  дын  бахæрон,  зонæм,  зонæм,  цытæ  хъæуы,  уыдон
иууылдæр... Мæнæ фæйнæ дыууадæс сомы...
   Биганоны  тар  пух цæсгом фæрухс ис. Хæмпус къухты  ассæста  æхца
æмæ сæ йæ дзыппы афснайдта.
   -  Афтæ,  мæ  хуртæ, афтæ, - загъта Биганон. -  Адæм  нæ  уарзынц
кæрæдзи... Алы фыдбылызтæ аразынц, хинтæ кæнынц...
   Адаргъ  кодта Биганон йæ къух стъолы сæрты донæй дзаг  агуывзæмæ,
ныппæрста  дзы  æрттиваг цыдæр, æнгузы йас æмæ дон змæнтын  байдыдта
къæцæлæй...  йæхæдæг цыдæр æнахуыр дзырдтæ кодта  рæстæгæй-рæстæгмæ.
Чындз   æмæ  дыууæ  чызджы  тарстхуызæй  кастысты  дæсныйы  змæлдмæ.
Рацыдаид  æртæ  минуты  бæрц, афтæ Биганон  бакасти  фæрсджытæм  æмæ
сындæггай сдзырдта:
   -  Нæ  уын  зæгъдзынæн,  чи у, фæлæ уын  уæ  сыхæгтæй  чидæр  хин
скодта. Уæ амонд у, æмæ афойнадыл фæзындыстут фæрсынмæ.
   Æртæ сылгоймаджы кæрæдзимæ бакастысты.
   - Ис нын, ис, знæгтæ, - сдзырдта Гатъи.
   - Ис уын знæгтæ, фæлæ сæ хинтæн та хос ис мæнмæ.
   Биганон  тынгдæр  сызмæста  дон агуывзæйы  æмæ  йæм  рухсмæ  бирæ
фæкастис.  Ацы  хатт  бирæ фенкъуыста йæ сæр.  Йæхинымæр  та  хъуыды
кодта: "Адонæй ма исты ратонын бантысид, чи зоны".
   -  Сæ  арт  бауазал уа уыцы знæгтæн! - загъта Биганон. - Диссаджы
тыхджын  хин нæ сарæзтой! Тынг зын фæрсæн уын у æмæ ма хъуамæ  фæйнæ
фондз сомы самал кæнат.
   Ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæйæ, æртæ сылгоймаджы сдзырдтой:
   - Дæ нывонд æрбауæм!..
   - Дæ фæхъау фæуæм!..
   - Дæ рынтæ дын ахæрæм!..
    - Нæ амонды тыххæй цы бацауæрддзыстæм!
     Кæрæдзимæ  бакæстытæ кодтой æртæ сылгоймаджы æмæ та  бамбæрстой
кæрæдзи:  "Æхца ма уыйас кæм ис, фæлæ йын нæ морæ тын радтæм!"
     -  Нæ  зæды  хай,  -  загъта Гатъи, - æхцайы  бæсты  дзаума  нæ
айсдзынæ?
    - Дзаумамæ гæсгæ у.
    - Диссаджы морæ тын нæм ис. Афæдзы дæргъы йæ æртæйæ фæуæфтам.
     Биганон сразы ис тын исыныл, фæлæ æртæ сылгоймагæй иуы  дæр  нæ
фæндыди  тын   хæссынмæ  цæуын, алчи дæр  сæ  тарстис,  зæгъгæ,  уый
фæсаууон дæсны иннæтæн  хуыздæр куы афæрса.
     -  Уæд  та  дын  æй  фарсты  фæстæ æрбахæсдзыстæм!  -  сарæхсти
зæгъынмæ чындз.
    Биганон банкъуыста йæ сæр.
   -  Нæй уый гæнæн. Дзаума мæ разы куынæ уа, уæд фарстæн нæй рæстмæ
ацæуæн.
   Ницыуал  гæнæн уыди æмæ Гатъи ауади тынмæ. Цас цæуын æй хъуыди  -
дыууæрдæм иу-дæс минуты.
   
   х х х
   Биганон  тын  къухæй ауыдта æмæ йæ йæ фарсмæ æрæвæрдта,  -  бæрæг
уыдис, йæ зæрдæмæ кæй фæцыди.
   Райста  та дæсны агуывзæ æмæ йæ æртыккаг хатт тынг бирæ фезмæста,
бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта, стæй загъта:
   -  Æртæмæйдзыд хъулон сæныкк снывонд кæнут дæлимонтæн...  Сæ  бон
аивгъуыдта, фæлæ уый ницы кæны. Уæхи йедтæмæ дзы æддагон адæймаг  ма
фæхъæстæ  уæд.  Иу  хæрд  æй  бакæнут  уæхæдæг  æртыццæг  æхсæв.  Йæ
уæлдæйттæ,  йæ царм æмæ йе стджытæ йын аууон ран баныгæнут,  уыдонæй
дæр  куыд ничи фæхъæстæ уа, афтæ. Цы 'хсæв снысан кæнат, уыцы  æхсæв
уæм  хъуамæ уазæг ма уа, хъуамæ уæ дзауматæй сыхæгтæм, мыййаг,  мацы
баззайа. Дзидза хæрын хъæудзæн æдзæххæй, æнæ кæрдзынæй.
   Ныр  уын  зæгъон  иннæ  'гъдæуттæ. Сæныкк  æргæвдын  хъæуы  галиу
къухæй.  Куы  сфыца,  уæд скувын хъæуы зинæн  æмæ  кæстæр  дæлимонтæ
æппæтæн.  Стæй дзидзатæ сивыры мидæг къонайы раз ныууадзут,  уæхæдæг
рацæут  хæдзарæй,  дуар  рахгæнут æмæ банхъæлмæ  кæсут  сахатырдæджы
бæрц.  Хъуамæ  дзы  зин йæхæдæг, кæнæ йæ кæстæр æнæзæгъинæгтæй  исчи
ацахода. Кæд дзы дзæвгар комдзаггонд разына, уæд уæ куывд тынг æхцон
у  дæлимонтæн,  кæд дзы зына-нæзына ахуырст разына,  уæд  дæр  хорз.
Ахæссут  ацы  дыууæ  гыццыл авджы. Мæнæ  ацы  нозт  арæзт  у  бæлоны
æппарæнтæй. Æлгъ ыл, мыййаг, ма кæнут... Бæлонæй фылдæр уарзондзинад
никæмæ  ис... Уый хъуамæ баназой хæрды размæ дыууæ чызджы. Мæнæ  ацы
нозт  та  у арæзт хуыйы æппарæнтæй. Уымæй фылдæр цот никæмæн цæуы...
Уый  та  хъуамæ  баназа чындз... Цæут ныр! Дæлимонтæ уын  уæ  фæндтæ
сæххæст кæнæнт!.. Цы уын дзырдтон, уымæй мацы ферох кæнут. Исты  дзы
куы ферох кæнат, уæд-иу мæнæй хъаст ма ракæнут. Уæхи аххос уыдзæн!
   Сæ   къæхтæ  зæххыл  цыма  нал  хæцыдысты,  уыйау  цыдысты   æртæ
сылгоймаджы  сæ  хæдзармæ. Изæры, Сымси куыстæй куы 'рцыди,  уæд  ын
радзырдтой хабар, радзырдтой, кæд æмæ куыд аразын хъæуы сусæг  куывд
дæлимонтæн,  æрмæст не схъæр кодтой, фæрсæггаг фæйнæ  дыууадæс  сомы
æхца кæй радтой, уый.
   -  Иу  тын ницы кæны... Зынаргъ нын нæ бафарста, - загъта  Сымси.
Уымæн  æхсызгон уыдис, афтæ кæй сарæхстысты йæ бинойнаг æмæ йæ хотæ.
Биганон  хуымæтæджы  дæсны  нæу, бирæ фехъуыста  уый  тыххæй  Сымси.
Уастырджийы   куы  бафæндид,  æмæ  ацы  къонайы  фарсмæ   бæгъæмзæнг
сывæллæттæ рауай-бауай куы кæниккой. Гатъийы æмæ Фатъийы тæригъæддаг
бадтмæ дæр куы нал кæсид!
   
   х х х
   Фарсты  бонæй  фæстæмæ  лæг  дæр,  æртæ  сылгоймаджы  дæр   зынгæ
фæхъæлдзæгдæр сты. Фыццаг тызмæг ныхас æмæ бустæй фылдæр цы хъуыстис
ацы хæдзары! Ныр æдзух сабыр ныхас, рæвдауæн ныхас. Æрмæст ма-иу лæг
куыстмæ  куы ацыдис, уæд-иу хаттæй-хатт Гатъи æмæ Фатъи абыцæу  сты,
сæ  мойæгты  тыххæй  дзургæйæ. Алчи дæр сæ йæхионы  хуыдта  хуыздæр,
рæсугъддæр, хъаруджындæр. Ахæм быцæу дæр-иу бирæ нæ ахаста, уайтагъд-
иу айрох ис.
   
   х х х
   Сымси  рагацау бацагуырдта æртæмæйдзыд сæныкк. Бинонтæ йæ хæдзары
къуымы бастæй хастой, алчи йын йæ комдзаг йæ дзыхæй æвгъау нæ кодта.
   Мартъийы  мæйы,  фыццаг  æртыццæг  æхсæв,  хъæубæсты  уынæр   куы
никæцæйуал  хъуысти, алчи, æвæццæгæн, йæ фыццаг фынæйы  куы  бацыди,
уæд Сымсийы сæныкк дæр къуыдырфыхæй сивыры æвæрд фæцис.
   Æвæццæгæн, сæ цæрæнбонты Дадолтæ нырæй зæрдиагдæр никуы  скуывтой
хуыцауæн  дæр,  зæдтæ, дауджытæн дæр. Зæрдæйы бынæй цыдысты  Сымсийы
куывды  ныхæстæ,  зæрдæйы  бынæй æртæ сылгоймаджы  дæр  æрвыстой  сæ
фæндонтæ дæлимонтæм, фæдзæхстой сæхи.
   Сымси  систа сивыр æмæ йæ къонамæ хæстæг æрæвæрдта. Цыппарæй  дæр
рацыдысты тыргъмæ, хæдзары дуар фидар бахгæдтой.
   Лæууынц  Дадолтæ  тыргъы.  Улæфын дæр сæ  дзæбæх  ничиуал  уæнды,
афтæмæй хъусынц мидæмæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ куы сæ иу, куы иннæ  авæры
йæ хъус дуарыл.
   Æвиппайды Гатъи йæ иу къахыл скафыди, æнæ дзургæйæ къухæй  амоны,
зæгъгæ,  сымах дæр байхъусут. Цыппар дæр сæ хъустæ дуарыл  авæрдтой,
цыппар дæр къухтæй æмæ цæстытæй кæрæдзийæн æмбарын кæнынц: ис,  дам,
ис.  Цин  кæнын байдыдтой иууылдæр. Стыр æхсызгондзинад  фыст  уыдис
Сымсийы  цæсгомыл, фæлæ уый йæхиуыл хæцыди, иннæтау уæлдай змæлдтытæ
нæ  кодта.  Иннæтæ сæхицæн бынат нал ардтой, куы-иу сæ  иу  сгæппытæ
кодта, куы иннæ. Зæххыл дæр-иу абадтысты фырцинæй. Рацыдаид иу-ссæдз
минуты бæрц, афтæ та Сымси йæ хъус авæрдта дуарыл, ныхъхъуыста, стæй
загъта:
   - Нал хъуысы уынæр. Афон у мидæмæ цæуынæн!
   Сымси  разæй,  иннæтæ  йæ фæстæ, афтæмæй бацыдысты  хæдзармæ,  сæ
цæстытæ сивырмæ ныццавтой.
   Сивырмæ  æххæст  нæма бахæццæ сты, афтæмæй ауыдтой,  дзидзатæ  сæ
æвæрдыл  кæй  нал  сты,  æмæ, цингæнгæйæ, сивыры  алыфарс  абадтысты
дзуццæджы.
   -  Куыд зыд хæрд дзы акодта! - сдис кодта Гатъи. - Кæсут-ма, мæнæ
дзы иу хай та зæххмæ раппæрста.
   - Фыртагъдæй, æвæццæгæн, - сындæг сдзырдта Сымси.
   - Мæнæ дзы ацырдыгæй дæр ис æвнæлд!
   - Мæнæ дæр дæндагдзæф!
   Афтæ  æмдзырд  кодтой цыппар адæймаджы, сивыры  алыфарс  фырцинæй
тæлфгæйæ, цæстытæ сивырыл зилгæйæ.
   Дадолтæ  сæ  цинæй  чысыл куы фæсабыр сты, уæд  æрхъуыды  кодтой,
афойнадыл хæрын дæр кæй хъæуы.
   Сылгоймæгтæ  рахастой сæ нуазинæгтæ. Чындз йæ  нуазинаг  базмæста
æмæ  йæ  уайтагъд авджы хъуырæй ацъырдта, фæлæ дыууæ чызджы  дзæвгар
абыцæу  кодтой,  сæ  нуазинаг уаргæйæ: сæ алкæй  дæр  фæндыди  хосæй
фылдæр аназын.
   Æрбадтысты бинонтæ сивыры алыфарс хæрынæввонг.
   -  Афтæ  нæ,  -  загъта  Гатъи, - хъуамæ ахуыст  хæйттæ  æмхуызон
байуарæм!
   - Байуарæм, байуарæм! - сдзырдтой иннæтæ дæр.
   Бавнæлдтой  бинонтæ хæрынмæ æмæ иу сахатмæ сивыры аззадис  æрмæст
къæхтæ  æмæ сæр. Уыдон бахæрынæн ницыуал бафæрæзтой бинонтæ  æмæ  сæ
кæрты, къулы рæбын, баныгæдтой.
   Фырæфсæстæй, уæззау улæфгæйæ, ацыдысты бинонтæ сæ хуыссæнтæм.
   Уыцы сахат кæрчытæ дæр фыццаг уаст ныккодтой.
   Æрæгмæ  сыстадысты райсомæй Дадолтæ. Хур хæхты сæр бæрзонд ссыди,
афтæ бинонтæ бамбырд сты къонайы алыварс.
   Афтид  æмæ æдзæх дзидзайæ фырхæрд, æвæццæгæн, бинонтыл афтæ рогæй
нæ  ауади, - рынчынты хуызæн уыдысты иууылдæр. Дзургæ дæр  нывыл  нæ
кодтой кæрæдзимæ.
   Чындз цæмæдæр фæкомкоммæ ис къуыммæ.
   Иннæтæ дæр фæкастысты уырдæм.
   Гатъи фестади. Хъæр кæны:
   - Фесæфта къуым... Читт! читт! афардæг у!
   Гæды дуарæй агæпп кодта.
   Гатъи къуыммæ лыстæг кæсы.
   - Кæд скалдта йæ дзыхæй æнæууылд дзидзайы комдзæгтæ!
   Лæджы  зæрдæ фæгуырысхо ис: "Нæфæдджиаджы дзидзайæ ма  бахæрæд!..
Уæдæ æндæр кæм бахордтаид?.."
   Дзуры иннæтæм:
   -  Чызджытæ, дысон дуар æхгæд куы уыди, уæд цымæ гæды мидæгæй  нæ
баззади?
   Цыппарæн дæр фыдхъуыдытæ сæ сæрты абадтысты.
   Чындзæн   йæ   зæрдыл   ныр   æрбалæууыди:   дысон   мидæмæ   куы
фæцæйцыдысты, уæд уый уыди фæстейы æмæ, куыддæр къæсæрыл  бакъахдзæф
кодта, афтæ йæ цæстытыл ауади, гæды куыд рагæпп кодта тыргъырдæм.
   -  Уæдæ  уый  уыди  аходæг  дæр, уый!  -  æрдиаггæнæджы  æнкъуыст
бакодта  Сымси йæ сæр. - Дæлимон афтæ дзæгъæл æппæрст  нæ  ракодтаид
дзидзаты зæхмæ.
   Хъыпп-сыпп  нал  хъуысти хæдзары иу-дыууæ  минуты  бæрц.  Дадолтæ
цыппарæй дæр сагъдау аззадысты хæдзары астæу.
   -  Мæнæ  уæ къæсса! - бадзырдта къæсæрæй сыхæгты гыццыл лæппу.  -
Дысон мæ ферох ис æрбадавын.
   Къæсса къæсæры мидæгæй æрхаудта, лæппу азгъордта фæстæмæ.
   Æвæццæгæн,  ирд  боны  арвдзæфыл афтæ  нæ  фæдис  кодтаиккой  ацы
цыппар адæймаджы, ныр къæссайыл куыд фæдис кодтой: "Цæй сæфты рох сæ
фæцис уый æрхæссын?! Куыд никæй зæрдыл æрлæууыди, сæ иу дзаума  æддæ
кæй баззади, уый?!"
   Фыццаджы дæр лæгæн æрцыди йæ зæрдæ йе 'муд.
   -  Хæлиудзыхтæ! - мæсты хъæр фæкодта Сымси. - Хорз сæххæст кодтат
Биганоны амындтæ! Цин кæнут ныр уæ мойæгтыл æмæ уæ сывæллæттыл!
   Уæззау  къахдзæфтæй рацыди Сымси хæдзарæй, фæлæ уайтагъд фездæхти
фæстæмæ æмæ бадзырдта къæсæрæй:
   -  Уæртæ  æххæст фенут сæныччы уæлдæйттæ дæр. Куыдз сæ  ракъахта,
бафсæста йæхи æмæ дзыхъхъы фарсмæ хуыссы.
   Æртæ  сылгоймагæй хъыпп-сыпп йæ дзыхæй никæмæнуал хауди, фæлæ  сæ
алчи дæр хъуыды кодта ног фарсты тыххæй: хъуамæ та бацæттæ кæной ног
фарстæн æхца дæр, исты лæвæрттæ дæр.


   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *