КОЦОЙТЫ АРСЕН

ЦЫППАР ТУАЛЛАДЖЫ

   I
   Сосо къæлæт бандоныл бæхбадт æркодта, рæстæгæй-рæстæгмæ адауы  йæ
сау зачъе, аздухы куы иу рихи, куы иннæ.
   Бады  Сосо,  йæ  къухтæ бандоны къæлæтыл æруадзгæйæ,  хаттæй-хатт
лулæ йæ дзыхæй райсы, æмæ уæд фæздæджы бынæй хъуысы ахæм ныхæстæ:
   - Собрани æркæсæд, постановлени рахæссæд, доложит æй скæнæд.
   Дзуры  Сосо,  йæ  былтæ  иучысыл асчъил  вæййынц,  цыма  схудынмæ
фæхъавы.  Уый не схуды, фæлæ йæ алыварс иннæ делегаттæ  -  цæгатæгтæ
дæр, хуссайрæгтæ дæр - худæгæй афæлдæхынц.
   Цæгатæгтæй исчи дзырд баппары:
   - Дæ рын схæрон, къацо, Икнеба.
   Сосо дзуапп дæтты:
   -  Ныр  Мишайы  очеред у говорит кæнын, стæй та  Володкæ  говорит
кæндзæн.
   Худт фæсабыр вæййы, стæй та фемæхсы.
   Цæгатæгтæй та исчи баппары дзырд:
   - Дзучъи ауæй кодтон. Жæбæх ашæл кодтон. Ицоцхле, къацо.
   Сосо зæгъы:
   - Значит æмæ неужели та цы сты?
   Цæгатæгтæй дæр исчи фæрсы:
   - Унда æмæ рогорц та цы сты? Къи цы у, къи?
   Афтæ   кæрæдзи   мæстæй  мардтой,  Дзæуджыхъæуы,  Ирыстоны   стыр
æрцыды(1917 аз) делегаттæй чидæртæ.
   Абон  у æрцыды фæстаг бон, æмæ ма Сосо фæстаг хатт йе 'взаг цыргъ
кæны цæгатæгты амæстæй марыныл.
   Куыддæр делегаттæ залы бамбырд сты, афтæ Ирыхъæуы делегаттæй  иу,
Зауырбег  Б., азылди залыл, кæмæндæрты цыдæр æмбарын кодта,  æдæппæт
иу-дыууадæсæн.  Уыцы  дыууадæсæй  цыппар  уыди  хуссайрæгтæ:   Сосо,
Пъауыле, Иуане æмæ Дато.
   Фæстаг æмбырд æхгæд æрцыди.
   Сосо йе 'мбæлттыл азылди, фæрсы сæ:
   - Цæут Зауырбеджы хуындмæ?
   Æртæ дæр, цыма дзырд бакодтой, уыйау хъæбæр загътой:
   - Зауырбегæн ацæуыны дзырд радтон, фæлæ нæ ацæудзынæн.
   Цæуылнæ  цæуынц, ууыл Сосо дис кодта, фæлæ сæ бирæ  рафæрс-бафæрс
нал фæкодта.
   
   II
   Пъауыле,  Иуане æмæ Дато бадтысты сæ номеры. Алчи дæр сæ  хинымæр
дзырдта:
   - Бирæ нæ афæстиат уыдзæн Сосо, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы.
   Фæлæ  Сосо  уыцы бон æппындæр нæ фæзынди. Фæзынди дыккаг  бон  11
сахатыл, райсомæй.
   Бацыди Сосо йе 'мбæлтты номермæ, лулæ дымгæйæ.
   Уыдонæй  иу  газет  касти, иннæ - чиныг,  æртыккаг  æд  дзаумæттæ
сынтæгыл уæлгоммæ ныффæлдæхти.
   Сосо бандоныл æрбадти, лулæ йæ дзыхæй райста æмæ сдзырдта:
   -  Хуынд  мондагæй цы ракæнат, уый куынæ зонут, уæ  фындзыл  цæлы
тæф  куы  ауайы, уæд хæддзуйæ куы фæцæут. Цы уыл æрцыди ныр? Зæгъ-ма
ды, Пъауыле, цæуылнæ рацыдтæ?
   Пъауыле иучысыл алæууыди хъуыдытæ кæнгæйæ, стæй загъта:
   -  Ницы  ахæм хабар ис, фæлæ сомыгонд дæн цæгатаг хæдзармæ хуынды
цæуыныл.
   Сосо йæ зачъе адаудта æмæ сдзырдта:
   - Зæгъ, радзур дæ "хабар", исты дзы ис, æвæццæгæн!
   Пъауыле радзырдта:
   -  Дыууæ  азы  цæуы,  афтæ æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы  иу  хъуыддаджы
тыххæй. Иубон фæцæуын фæтæн уынгыл, хуыйны, æнхъæлдæн, Калакаг уынг.
Иу  хæдзары дуармæ бадти ирон ацæргæ лæг. Йæ тæккæ рæзты цыдтæн  æмæ
æнæ сдзургæ кæм уыди!
   - Дæ бон хорз! - загътон.
   Загъта:
   - Хорз дæ хъуыддаг!
   Иу минут алæууыди, цыма хъуыды кæнгæйæ, стæй мæ фæдыл дзуры:
   - Уазæг, фысым дын стæм. Фездæх нæм!
   Мæн хъуыддаджы тыххæй тагъд цæуын хъуыди æмæ арфæ ракодтон.
   Араст дæн.
   Дзуры мæ фæдыл:
   - Уазæг, æвæджиау дзæбæх арахъ нæм ис, æмæ дзы фæйнæ аназæм!
   Æз зивæг кодтон.
   -  Фездæх,  уазæг!  -  дзуры та. Сыстади. Мæ  фæдыл  ракъахдзæфтæ
кодта.
   Цы амал ма уыди, фефсæрмы дæн зæронд лæгæй.
   Бацыдыстæм хæдзармæ.
   Бакастæн. Иу удгоймаг дзы нæй. Артдзæст дæр хуыстæй лæууыди.
   Æрбадтыстæм къонайы фарсмæ Дадайы бандоныл.
   Ныхæстæ кæнæм.
   Фæрсы  мæ туалты царды тыххæй. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны  иумæйаг
мыггæгты тыххæй дæр нæм ис ныхас.
   Бадæм дыууæйæ.
   Ныхас кæнæм.
   Æркæсын  сахатмæ. Уынын - æрæджы мын кæны. Фæнды  мæ,  фысым  куы
фæтагъддæр кæнид хъуыддаг.
   Фæлæ фысым бады, ныхас кæны, æндæр ницы.
   Æз  æмбарын  байдыдтон,  йæ ныхас фидар кæй  нæ  уыди,  йæ  зæрдæ
цæмæдæр кæй æхсайдта. Мæнмæ афтæ кæсын байдыдта, æмæ фысымтæм  арахъ
нæ  уыди, æмæ дисæй мардтæн: кæд сæм арахъ нæй, уæд ма цавæр "дзæбæх
арахъ" нуазынмæ хуыдта? Æмæ ноджы, æнæ хонгæ йæ ничи уагъта!
   Бадæм. Ныхас кæнæм.
   Æркастæн  та  мæ  сахатмæ. Æнхъæлмæ кæсын нал  уыди  мæ  бон  æмæ
загътон:
   - Бахатыр кæн, æрæджы мын кæны!
   Сыстадтæн.
   Фысым дæр сыстад æмæ загъта:
   -  Хорз  уынинаг уазæг бæргæ дæ, фæлæ ницæмæй цæттæ  стæм.  Æндæр
хатт дæ афтæмæй нæ ауадздзыстæм!
   Æз хæрзбон загътон æмæ рацыдтæн мæ фæндагыл.
   Иу  минуты бæрц цыппар лæджы æнæ дзургæйæ фæлæууыдысты.  Ничи  сæ
ницы загъта хабары тыххæй.
   
   III
   -  Мæ  хъуыддаг  уымæй диссагдæр у, - загъта Иуане æмæ  радзырдта
ахæм хабар.
   -  Фарон  сæрды æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы. Уырдыгæй мæ Беслæныхъæумæ
дæр  ныууайын  бахъуыди.  Уым фембæлдтæн иу рагон  зонгæйыл,  кæддæр
кæмдæр  иумæ ахуыр кодтам, йæ ном Бимболат. Царди Дзæуджыхъæуы  йæхи
хæдзары, кæцыйы ныхтæ цыдысты дыууæ уынгмæ.
   Бацин кодтам кæрæдзиуыл.
   Иттæг зæрдиагæй ныллæууыди Бимболат:
   -  Иу-дыууæ  æмбалы  ракæн демæ æмæ сомбон дыууæ  сахатмæ  æввахс
фæзын!
   Нæ  къухтæ  кæрæдзимæ  куы  радтам æмæ фæйнæрдæм  куы  ацыдыстæм,
уæддæр  йæ зæрдæ нæ фæлæууыди мæ рагон хæларæн, фæкасти ма  Бимболат
фæстæмæ æмæ дзуры:
   -  Иуане,  куыддæр нæ фæзынай, афтæ мæ амардтай, - мæ дзыхæй  дæр
дæм нал сдзурдзынæн!
   Уырыссаг  æмбисонд  мæ  зæрдыл æрбалæууыди:  "Старый  друг  лучше
новых двух".
   Сомбон  мæм дард касти, фæндыди мæ абон дæр мæ хæларимæ  фæбадын,
фæныхæстæ  кæнын.  Фæлæ цы гæнæн ис - банхъæлмæ кæсын  хъæуы  соммæ,
сомбон дард нæу.
   Райсом  11  сахатыл  машинæйы  куы  бадтæн,  уæд  хъуыды  кодтон:
адæймаг  кæимæ схъомыл уа, кæимæ сахуыр уа йæ лæппуйы бонты, уыдонæн
рохгæнæн  нæй амæлæты бонмæ... Куыд мыл бацин кодта! Бирæйы  аргъ  у
уыцы фембæлд. Куыд æнхъæлмæ кæсдзæн абон мæ фæзындмæ! Æвæццæгæн,  йæ
бинонты  æппæт  сæ  къæхтыл  слæууын  кодта,  æмæ  афонмæ  дыууæрдæм
згъорынц,  цæттæ  кæнынц  сæхи  уазæджы  фæзындмæ.  Уым  мæ   зæрдыл
æрбалæууыди  Бимболаты ныхас, зæгъгæ, искæйты демæ ракæн.  Нæма  мын
уыди  бæрæг,  кæй акæндзынæн мемæ. Бирæ куы ацыдаиккам,  уый  мæ  нæ
фæндыди, фæлæ иу искæй хъуамæ акодтаин мемæ.
   Раджы  ма  уыди, æмæ мæхи бульварыл фæстиат кодтон.  Мæ  зæрдæйыл
æрбалæууыди  Зураб. Зонзыстут æй, иу-дæс азы размæ  ралыгъди  ардæм,
иучысыл  хæдзар  балхæдта Ирыхъæуы, Терчы был, æмæ  уым  цæры.  Хорз
зонгæ  уыдыстæм  уыимæ. Ануазынмæ, ацæл кæнынмæ уый хуызæн  кæм  ис!
Сахат  æмæ æрдæджы бæрц уынджы æнхъæлмæ кæсыны бæсты араст дæн уымæ.
Бацин  кодта,  æз,  дам, æгас мæйы дæргъы æцæг цæл куынæуал  федтон,
йæхæдæг - цыбыркъух лæг - ницæмæй цæттæ уыди.
   Афойнадыл сыстадыстæм æмæ араст стæм Бимболаты хæдзармæ.
   Уынгты  ныл  æмбæлдысты  бæрæгбонон  арæзт  адæм,  дыгæйттæ   æмæ
фылдæртæ алырдæм цыдысты. Дуканитæ иууыл æхгæд.
   Зураб  ануазаг кæм уыди, уым æз хинымæр тарстæн, æгæр куы  срасыг
уа, мыййаг, æмæ æгъдау кæронмæ ахæссын куы нæ бафæраза. Бакастæн  æм
иуфарсырдыгæй - йæ цæсгомыл æхсызгондзинад фыст! Дзурын æм:
   -  Зураб, ардыгон ирон адæм æгъдауыл тынг хæцынц, æмæ хъуамæ æгæр
нуазынæй нæхи бахизæм!
   Зураб сразы ис мæ ныхасыл, æрмæст загъта:
   -  Æнаккаг  хуызмæ  хъуамæ нæхи ма 'руадзæм, фæлæ  дзы  хæрд  æмæ
нуæзт хорз куы уа, уæд дын зæгъын, хорз азилдзынæн æз фынгыл. Хъуамæ
æрæджиау  ма  зæгъон:  "Цæуылнæ  ма дзы  ахордтон,  цæуылнæ  ма  дзы
ануæзтон!"
   Уалынмæ   бахæццæ   стæм  Бимболаты  хæдзармæ.   Дзæбæх   хæдзар,
райдзаст.  Нæ зæрдæтæ барухс сты: æгайтма ирæттæ афтæ амалтæ  кæнынц
Дзæуджыхъæуы!
   Мæ  æвдисæн æнгуылдз бацарæзтон мырмыраджы цæппæрмæ, æмæ  зæлланг
айхъуысти дардмæ.
   Иу  минуты бæрц ничи ракасти, æмæ мæ зæрдæ æхсайын байдыдта, кæд,
мыййаг, Бимболаты хæдзар нæу.
   Уалынмæ дуары гуыдыры сызмæлди дæгъæл.
   Хъуыды кæнын: "Ныртæккæ разындзæн Бимболаты рухс цæсгом".
   Дуар даргъ хъыллист ныккодта.
   Нæ разы лæууыдис иу-дыууадæсазыккон лæппу.
   Лæууы æнæ дзургæйæ къæсæрыл.
   Æз дæр исдугмæ нæ сарæхстæн сдзурынмæ, стæй фæрсын:
   - Лæппу, Бимболат уæхимæ ис?
   - Нæй, - загъта лæппу. - Сæумæрайсом Джызæлмæ ацыди.
   Хъуыды кæнын: "Кæд лæппу ницы зоны, мыййаг".
   Фæрсын та йæ:
   - Дæ мад дæр нæй уæхимæ?
   - Уый дæр Бимболатимæ ис.
   Мах Зурабимæ бакастыстæм кæрæдзимæ.
   Лæппу фæрсы:
   - Куы 'рбацæуа Бимболат, уæд-иу цы зæгъон?
   - Ницы, мæ хур, ницы, - загътон æз.
   Афтæ ахицæн ис уыцы диссаджы хуынд.
   Ацы радзырдмæ байхъусгæйæ, Пъауыле сонт сдзырдта:
   - Федтат, федтат? Уый уын не 'фсымæртæ!
   
   IV
   Сосо  бандоныл  йæ  бадт  фендæрхуызон кодта,  лулæйы  фæздæг  та
скалдта æмæ баздæхти Датомæ:
   - Дæумæ дæр исты уыдзæн, æвæццæгæн? Радзур!
   Дато радзырдта:
   -   Кæд  æндæр  гæнæн  нал  ис,  уæд  æз  дæр  радзурдзынæн.   Æз
радзурдзынæн рагон нæ, фæлæ æрыгон хабар. Цыппар-фондз  боны  раздæр
æмбырды бацагуырдта мæн иу æнæзонгæ лæг, 40-45-азыккон. Бафарста мæ:
   - Æцæг Дзугкатæй дæ?
   Загътон:
   - Бæлвырд, Дзугкатæй.
   -  Уæдæ  мах  стæм æрвад, - загъта уыцы лæг. - Хъуамæ æз  саразон
куывд уый тыххæй, ахæм хорз лæгтæ нæ мыггаджы дæр кæй ис.
   Хуыйны  ме 'рвад Хъасболат, Дзугкаты Хъасболат. Бацамыдта мын  йæ
хæдзар.  Цæры  Ирыхъæуы.  Ис  ын хорз дыууæуæладзыгон  хæдзар,  цъæх
ахуырст,  уыдæттæ мын тынг лыстæгæй радзырдта. Æвæццæгæн,  ме  'рвад
йæхицæй æппæлаг уыди. Æнæуи мæм фæкасти хорз зæрдæджын æмæ раст лæг.
   Тынг  æхсызгон мын уыди Хъасболатимæ базонын. Тынг фæндонæй сразы
дæн йæ хуындмæ ацæуыныл. Афтæ мын загъта:
   -  Цал  дæ  фæнды,  уал ракæн де 'мбæлттæй æмæ нæм  сомбон  фæзын
сихор афон.
   Бамбырд  кодтон фондз æмбалы - нæхионтæй æртæ, цæгатæгтæй  дыууæ.
Ирыхъæу  афтæ  дард  нæ уыди фистæгæй цæуынæн дæр,  фæлæ  ме  'рвады
тыххæй  сфæнд кодтон автомобилыл цæуын. Автомобиль æххуырсын  мыййаг
нæ хъуыди - нæхи автомобильтæй иу мæхи къухы уыди.
   Рагацау  базылдтæн мæ автомобильмæ. Куы йæ ракодтон  æддæмæ,  уæд
нæуæджы  хуызæн æрттывта. Афойнадыл сбадтыстæм нæ машинæйыл  æмæ  йæ
ауагътам уæлæрдæм, Ирыхъæумæ.
   Хъасболат царди Ирыхъæуæн йæ уæллаг кæрон. Дыууæ-æртæ зылды,  æмæ
мæнæ фæхæццæ кæнæм.
   Иу  ран  мæ  цæст цæуылдæр аныдзæвди, ахæм цæуылдæр, æмæ  æнæбары
фæсындæг кодтон автомобилы цыд.
   Мæнæ  уынджы  æрцæуы,  æрхæццæ кæны лæгты къорд.  Цы  базонын  æй
хъуыди, иу дзы уыди ме 'рвад.
   Йæхæдæг дæр мæ базыдта.
   Ахъуыды  кодтон:  æвæццæгæн  нæ размæ  рацæуы  иунæгæй  нæ,  фæлæ
æмбæлттимæ.
   Æз автомобиль фæуромынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ уромын нал бахъуыди.
   Лæгты  къорд  автомобилы  фæрсты  фæраст  ис.  Хъасболат  фæстæмæ
дзуры:
   -   Йæ,   ме  'рвад,  æвæджиау  хонинаг  мын  бæргæ  дæ...   Цæй,
фембæлдзыстæм та, æмæ мын уæд афтæмæй нал аирвæздзыстут!
   Æз  ма  æфсоны зылд иу уынгыл акодтон, стæй разылдтон  автомобиль
горæты астæуырдæм.
   "Æвæццæгæн æй ферох ис", - хъуыды кодтон æз.
   Иу  дзырд  дæр  нæ  ничи  скодта æгас фæндаг.  Нæхи  цæл  кæнынмæ
бацæттæ кодтам æмæ ныр куыддæр ныхъхъус стæм. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ
æз мæхимæ кастæн афтæ, цыма цъыфы мидæг арф æрбадтæн.
   
   V
   Цыппар  лæджы  дæр дзæвгар æнæ дзургæйæ баззадысты. Хатæны  æнцад
уыди.  Хъуысти дзы æрмæст сау бындзы гуыв-гуыв рудзынджы  авгæй  æмæ
къулы  сахаты  нымад:  иу...иу...иу...  Цыппар  лæгæй  алчи  дæр  цы
фехъуыста, уый тыххæй хъуыдытæ кодта.
   Сосо    фыццагæй   зæрдиагдæрæй   цъырдта   лулæ   æмæ   фæздæджы
къуыбылæйттæ йæ сæрмæ азылдысты.
   -  Мæнæн дæр радтут дзырды бар! - загъта Сосо. - Ис мæнмæ дæр  иу
хабар,  радзурынæн  бæзгæ.  Æртæ  азы  размæ  æрхаудтæн  ардæм.   Иу
ирыхъæуккаг  æрхуыдта  йæхимæ иу-дæс лæджы. Уыдонæй  иу  уыдтæн  æз.
Араст дæн æндæр дыууæ хуынд лæгимæ. Хæдзары дуармæ куы бахæццæ стæм,
уæд нæ разы фегуырдысты ацæргæ ус æмæ лæг. Мыдхуыз фæтæн зачъе лæджы
риу  æмбисмæ æмбæрзта. Сыгъдæг ирон дзаумæттæ хорз фидыдтой уындджын
лæгыл. Уæздандзинад, æууæнкдзинад зындысты йæ райдзаст цæсгомыл.  Ус
лæууыди  йæ  разы.  Йæ уæлæ рагон сыгъдæг ирон  дарæс.  Тарбын  морæ
кæлмæрзæн  йæ уæхсчытыл æппæрст. Асæст бон мигъы скъуыдæй  хур  куыд
ракæсы, афтæ йæ цæсгом æрттывта.
   Нæ  къухтæ  нын  айстой, кæй сæм фæзындыстæм, уый  тыххæй  бузныг
дзургæйæ.  Бакодтой нæ фыццаг хатæнмæ æмæ нæ æндæрты бар  фæуагътой.
Сæхæдæг рацыдысты фæстæмæ ног уазджытæм.
   Мидæггаг хатæны баййæфтам иу-фондз лæджы - чи бадгæ кодта,  чи  -
лæугæ.
   Базонгæ стæм уыдонимæ, ныхас кæнын байдыдтам.
   Иугай, дыгай цæуын байдыдтой ног уазджытæ. Баистæм иу-дыууадæс.
   Уалынмæ бацыдысты фысымтæ дæр - уыцы хурау рухс дыууæ цæсгомы.
   Райдыдта  цæл.  Мæныл ныр цæуы 45 азы. Уынгæ дæр никуы  фæкодтон,
хъусгæ  дæр  никуы  фæкодтон ахæм цæлы тыххæй. Алы хæринæгтæ  фæдыл-
фæдыл  ивд  цыдысты.  Уыди  дзы физонджытæ,  пецы  фых  -  бур-бурид
фыдджынтæ,  лывзæтæ  æмæ  æндæртæ. Лывзæ  куы  бахастой,  уæд  хатæн
байдзаг  ис дзæбæх тæфæй. Арæзт уыди лывзæ карчы фыдæй, хъæдындзимæ,
бырцимæ  æмæ ма ноджыдæр, чи зоны, цæйтимæ. Уый ахæм адджын  хæринаг
уыди,  æмæ æнхъæл дæн, цыфæнды æфсæст адæймаг дæр æм нæ фæлæууыдаид.
Ныр дæр ма, куы 'рымысын уыцы лывзæ, уæд мæ комыдæттæ нæ уромын.
   Уыцы  ран  Сосо бахъуыды дардта, иннæ æртæ æцæг сæ комыдæттæ  кæй
аныхъуырдтой.
   -  Нуæзт  куы  зæгъай, - дзырдта дарддæр Сосо, - уæд  дзы  цы  нæ
уыди:  коньяк,  сæн, ирон двайно, хæдзары арæзт алыхуызон  наливкæтæ
æмæ бæгæны, диссаджы ирон бæгæны.
   Хъæлдзæг ныхас, зард, худт арæх, афтæмæй ныл æризæр ис.
   Уæд  кæцæйдæр  фæндыры  хъæр  ссыди -  уый  нæ  фысымтæн  рагацау
хъуыдыгонд  уыди  -  сыхæгтæй  иукъорд  чызджытæ  æмæ  лæппутæ   уым
æрбалæууыдысты.
   Бирæ фæхъазыдыстæм, фæкафыдыстæм, стæй та нæм фынгмæ фæдзырдтой.
   Фынгæй куы сыстадыстæм, уæд уыди æмбисæхсæвæй фылдæр.
   Иу  хъуыддагыл  хъыг  кодтой фысымтæ - хуынд  адæмæй  чидæртæ  не
'рцыдысты. Къорд хæттыты бахъынцъым кодтой фысымтæ уыдон  не  'рцыды
тыххæй.
   Цæл  цæл уыди, фæлæ фысымты рæвдаугæ ныхас, уыдон рухс цæсгом  æз
никуы ферох кæндзынæн.
   Уым  Сосо  бакасти  радгай  йе  'мбæлтты  цæсгæмттæм  æмæ  сындæг
сдзырдта:
   -  Дыууæ ныхасы ма мын аззади зæгъинаг. Ацы хуынд æртæ азы  размæ
нæ  уыди, фæлæ знон - Зауырбеджы хуынд. Фысымтæ кæй не 'рцыдыл  хъыг
кодтой, уыдон та стут сымах.
   Бульварты   æмæ   ныхæсты   цæгатаг  æмæ  хуссайраг   къуыдиппытæ
кæрæдзийыл  бирæ цыдæртæ æвæрынц. Уыдæттæм хъусгæйæ, хъуамæ  ныр  ам
дæр нæ уаиккам... Бадут ныр афтæ!
   Афтæ  фæци  Сосо  йæ ныхас, фæстаг хатт ма лулæйы фæздæг  скалдта
æмæ номерæй рацыди.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *