КОЦОЙТЫ АРСЕН

ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ

   Уаргæ  бон  уыдис,  æмæ æмбæрзт файтон Ванойы рестораны  дуармæ
хæстæг-хæстæг  бацыди. Рагæпп дзы кодта иу  æртыназыккон  лæг,  йæ
зачъе  даст,  рихитæ  биноныг здыхт. Йæ сæрыл уыди  сау  сгæлладæй
фæлмæн  худ,  сау  адаргæ сæрдыгон пъалто дзæбæх фидыдта  хæрзконд
уæнгтыл.
   Файтонæй  рагæпп  кæнгæйæ,  фæстæмæ  фæзылди,  йæ  къух  мидæмæ
бадаргъ кодта æмæ сдзырдта:
   - Рахиз, Леуан, мæнæ ам хус у!
   - Афардæг у! Исты зæронд дæн, дæ къух цы радаргъ кодтай!
   Уыцы  ныхæсты  фæстæ рагæпп кодта файтонæй нывыл бæрзонд,  фæлæ
тынг  бæзæрхыг æмæ гуыбынджын лæг. Урс куырæт æмæ уæрæх сау  цухъа
сау  ронæй  æлвæст уыдысты ставд астæуыл. Къæхтыл -  æрттивгæ  ног
цырыхъытæ,  сæрыл  -  сау уæлдзармын стыр  худ.  Бур  рихитæ,  бур
цыргъгонд  зачъе нæ фидыдтой нæрст сырх цæсгомыл. Чи  йæ  федтаид,
уый загътаид: "Ацы лæг цардæй къæртт æппары".
   Уый  фæдыл рагæпп кодта файтонæй æрмæст царм æмæ стджытæй  конд
лæг,  формæйы пъалтойы, йæ сæрыл фуражкæ кокардæимæ, йæ  уæхсчытыл
чиновничы  пъагонтæ. Пыхцыл сау рихитæ хуыйы хъисы хуызæн  алырдæм
ныллæууыдысты.
   Рестораны  дуар  байгом  ис  æмæ  йæ  хицау,  ныллæг  акув-акув
кæнгæйæ, дзуры:
   - Мидæмæ, мидæмæ! Æгас нæм цæут, Леуан!
   Леуанæн  рестораны  хицау рагæй зонгæ уыди.  Йæ  къух  æм,  æнæ
кæсгæйæ, авæрдта æмæ афарста:
   - Стыр кабинет уæгъд у?
   Сæ  галиу  къухты салфеткæтæ, афтæмæй базгъордтой Леуанмæ  æртæ
официанты. Сæ цæсгæмттæ дардтой афтæ, цыма сыл стыр æхсызгондзинад
сæмбæлди.
   Рестораны хицау дæр ма йæ сæрæй акув-акув кодта.
   Иууылдæр æмдзыхæй дзырдтой:
   - Уæгъд у, уæгъд. Рацæут!
   Фæцæуынц.  Æппæты разæй    иу официант, фæрсырдæм цæугæйæ,  уый
фæстæ къниаз
   Леуан,  йæ  гуыбын  размæ    хæсгæйæ. Уымæй чысыл  фæстæдæр  йæ
дыууæ æмбалы.
   Рестораны хицау дæр ма    сæ фæдыл кæсы.
   
   х х х
   Афæдзæй  фылдæр рацыди, афтæ амарди Леуаны фыд -  къниаз  Иосеб
Амилатари. Уый уыди стыр ахуыргонд лæг, æфсæддон куысты лæуд. Стыр
кадимæ  арвыста  уый  йæ цæрæнбонтæ. Кад паддзахы  раз,  кад  æгас
Гуырдзыстоны, кад йæ зæххыл цæрæг мæгуыр хизанты (  Чысайнаг  ирон
адæм)  астæу.  Йæ  ис,  йæ бон, йæ зæххытæ  хъахъхъæдæй  алæвæрдта
къниаз  Иосеб  йæ  иунæг  фырт  Леуаны  къухтæм,  афтæмæй  ингæнмæ
бацыдис.
   Хъыг  кодта бæргæ Иосеб, тынг хъыг, Леуан æрдæгахуыргондæй  кæй
баззади, уый тыххæй, фæлæ уымæй йæхимæ азым ницæмæй хаста.  Радав-
бадав  æй  фæкодта иу скъолайæ иннæмæ: иу ран дæр ахуыр  кæнын  нæ
фæрæзта Леуан. Æхца æххуысæй, гæртæмттæ дæттынæй дæр ницы рауади -
дыккаг къласæй уæлдæр никуы схызти. Цæл æмæ алы фыдуаг митыл  фæци
йæхи хуызæн цæлуарзаг æмбæлттимæ.
   Афæндтæ  кодта  Иосеб йæ фырты бафхæрыныл,  кæд  раст  фæндагмæ
раздæхид,  зæгъгæ, фæлæ фæнд фæндæй баззади, ауыгъта  лæппуйыл  йæ
къух æмæ загъта:
   -  Цæргæ  мын кæнæд! Нæ фыдæлтæ ахуыргондæй æмбисæндтæ  куы  нæ
бакодтой.
   Уæдæй  фæстæмæ лæппу йæхи бар баззади. Кæдæмдæриддæр-иу  ацыди,
-  Калакмæ,  Кутаисмæ  æмæ æндæр рæттæм,  зыдта  æрмæст  цæл,  æмæ
зæрдæхъæлдзæг цард.
   Ныр,  афæдзæй фылдæр цæуы, афтæ Иосебы ис æмæ бон  æххæстæй  йæ
къухтæм æрхаудтой.
   Цъитиджын хæхты рæбынæй Чсан æмæ Къаспийы станцæйы онг,  æстдæс
хъæуы цы зæххытыл цардысты, уыдон иууыл Леуаны къухы уыдысты. Уыцы
хъæутæй  æппæтæй иста йæ зæххыты мызд: хор, царв,  цыхт,  мыд  æмæ
æндæр хъæууон продукттæ, æхца дæр фидыдмæ гæсгæ.
   Иосебы  мардæй рацыдаид, æвæццæгæн, иу мæйы бæрц,  афтæ  Леуан,
иу  мин  æхца йæ дзыппы, афтæмæй Калакмæ ацыди. Леуан тынг  уарзта
машинæйы цæуын æмæ-иу кæддæриддæр иста бынат 1-аг къласы. Фæлæ ацы
хатт  йæ  ацыдæй  дыууадæс боны йедтæмæ  нæ  аивгъуыдта,  афтæ  йæ
чидæртæ федтой Къаспийы станцæйы III-аг къласæй рахизгæ.
   -  Барæй  афтæ  кæны, - загътой, чи йæ зыдта, ахæмтæ.  -  Барæй
афтæ кæны, уый йедтæмæ йæм æхца, мыййаг, нæй?
   
   х х х
   Уæдæй  фæстæмæ  Калакмæ арæх цæуын байдыдта Леуан.  Йæ  зæххытæ
дæр  къаддæр кæнын байдыдтой чысылгай. Иосебы амарды афæдзы  бонмæ
18 хъæуы зæххытæй аст хъæуы зæххытæ уæйгонд фесты. Ныр та иу хъæуы
зæхх ауæй кодта, афтæмæй æрцыди Калакмæ.
   Уазджытæ  кабинетмæ куы бацыдысты, уæд сын официант  сæ  уæллаг
дарæстæ райста æмæ сæ рагъæныл сауыгъта, стæй, салфеткæ йæ  къухы,
афтæмæй дуары раз æрлæууыди æмæ æнхъæлмæ касти.
   Даргъ  чиновник  пианинойы  фарсмæ æрбадти  æмæ  дзы  гуырдзиаг
цæгъдтытæй цыдæр райдыдта.
   Леуан диваныл арф æрбадти æмæ фæхъæр кодта:
   -  Человек,  подавай! - Чысыл ифтыгъд кæй уыди, уый  йыл  бæрæг
зынди.
   Официант хæстæг æрлæууыди.
   Леуан уæд фездæхти.
   -  Мито,  цы ми кæныс, марадз, зæгъ истытæ, алы емынæ  рахæссын
кæн!
   Афтæ   дзырдта   Леуан   æртыккаг   æмбалмæ,   кæцы   чиновничы
фæндырдзагъдмæ хъырнын райдыдта...
   Мито,  цæлтыл  ахуыр  чи уыди, ахæм адæймаг,  прейскурантыл  йæ
цæст ахаста æмæ ранымадта цыдæртæ.
   Уайтагъд салат æмæ арахъ фынгыл фегуырдысты.
   Чиновник фелвæста агуывзæ æмæ фæхъæр кодта:
   - Къниаз Леуаны цæрæнбоны тыххæй фæйнæ!
   Леуан   æмбæрста,  йе  'мбæлттæ  йын  зæрдæлхæнæн  кæй  кæнынц,
гæдыдзинадæй йыл кæй цæуынц, фæлæ йæм уый хорз касти,  йæ  зæрдæмæ
цыди, иннæтæй афтæ уæлдæр кæй у.
   - Цæрæд къниаз Леуан! - фæхъæр кодта йæхæдæг дæр.
   Мито базарыди "Цæрæнбоны зарæг".
   - Аназæм уал, - сдзырдта Леуан, - стæй зардзыстæм!
   Фæйнæ   дыууæйы  куы  анызтой,  уæд  Леуан  йæ  агуывзæ  фынгыл
атылдта.
   - Ай цы у, ай?.. Сæн, сæн рахæссут тагъд!
   - Загътон, къниаз, загътон, ды цы сæн уарзыс, уый.
   Дуар  байгом  ис æмæ официант бахаста стыр тæбæгъы физонæг  æмæ
йæ фынгыл æрæвæрдта.
   Леуан  йæ  мидбынаты базмæлыди æмæ йæ дыстæ  дыууæ  цонгыл  дæр
мидæмæ фæбырын кодта.
   -  Пæу...  пæу...  пæу!.. - сдзырдта Леуан. - Уый  хъуыддаг  у,
уый,  æндæра салаттæ-йедтæ ницы сты... Сæн, сæн тагъд!..  Молодец,
Мито! Ды мын куынæ уаис, уæд сæфт уаин, æндæр цы!..
   Мито  ахъуыды  кодта: "Ды æхца фид хæринæгтæн, уый  йедтæмæ  сæ
агурын мæ бар уадз!"
   - Митойы цæрæнбоны тыххæй! - бæрзонд систа йæ агуывзæ Леуан.
   - Хорз æмгар у æмæ йын хорз æмгæрттæ хуыцау радтæд!
   -  Цæй  бирæ,  Мито, - загъта чиновник дæр. - Хорз æмгар,  хорз
адæймаг дæ æмæ уыцы мыггагыл фæсмон куыннæ фæкæнай, уыцы амонд дын
хуыцау радтæд!
   Бакъуырццытæ кодтой агуывзæтæ æмæ анызтой.
   Гъе   ныр  байдыдтой  хæлæрттæ  зæрдиагæй  цæл  кæнын.  Хæрынц,
кувынц, нуазынц. Басырх сты, куы сæ иу базары, куы иннæ.
   Уалынмæ дуар байгом ис.
   Леуан фæгæпп кодта йæ бынатæй.
   - Мидæмæ, мидæмæ, Суликъо! Рагæй дæ куынæуал федтон!
   Суликъо худы.
   -  Рагæй? Æртыккаг бон! Иу чидæр мын загъта, ам дæ, зæгъгæ, æмæ
ма дæ фенынмæ æрбауадтæн. Райсом цæуынмæ хъавыс, æнхъæлдæн?
   Бæрæг  уыди Суликъойæн йæ цæсгомыл, аназаг кæй у. Ныр дæр  цыма
кæмдæр ахуыпп кодта, уый хуызæн уыди.
   Леуан  æй  фынджы  фарсмæ  бакодта æмæ  йæ  æрбадын  кодта.  Йæ
бакастмæ гæсгæ уый уыдаид, æвæццæгæн, Леуаны цахъæн.
   Æцæгдæр, афтæ разынди, Леуан ын йе уæхск æрхоста æмæ загъта:
   -  Мах  дыууæ  азы  гимназы фæрсæй-фæрстæм фæбадтыстæм.  Хъуамæ
кæрæдзи рох ма кæнæм! Молодец, кæй мæ бацагуырдтай, уый тыххæй!
   Уыцы ныхæстæ Леуан загъта зæрдæбынæй.
   Суликъо дæр сдзырдта:
   - Бæлвырд афтæ у, бæлвырд афтæ у!
   Фæлæ  хинымæры та афтæ хъуыды кодта: "Дæ гимназы мæт  мæ  бæргæ
нæй, мæнæ куы аминас кæнин, уый йедтæмæ".
   Суликъо  нозтæй иучысыл иннæты цæмæй аййæфтаид, уый тыххæй  йын
аназын  кодтой  фæд-фæдыл  иу арахъ æмæ дыууæ  сæны.  Стæй,  уымæй
фæстæмæ нозтой æмхуызон. Леуан фыццаг æрбацæугæйæ дæр аназгæ  уыди
æмæ ныр тынг бахъæлдзæг ис. Чиновникыл дæр бæрæг кæнын байдыдта йæ
нозт.
   -  Сандро,  нырма  куынæма  райдыдтам нуазын,  афтæмæй  расыджы
хуызæн  куы  дæ? - бадзырдта чиновникмæ Леуан. - Марадз,  фæндырæй
нын ацæгъд исты! Æз та уын æндæр исты æрхъуыды кæнон.
   Сандро  бацыди  пианиномæ, Леуан та мырмыраг  бацагъта.  Бацыди
официант,  Леуан  йæ къух фынгыл æркъуырдта,  æмæ  агуывзæты   æмæ
тæбæгъты зæланг ссыди.
   - Человек, а человек! Дæ чахохбили хорз уыди.
   -  Бузныг,  æгайтма  уæ зæрдæмæ фæцыди! - загъта  официант  æмæ
бахудти.
   - Ныр ма цы хъæуы, уый зоныс?
   - Нæ зонын.
   - Дыууадæс авджы сæн... Афтæ, Мито?
   -  Афтæ,  уæдæ цы, - йæ бынатæй стгæйæ, сдзырдта  Мито,  -  кæд
нуазæм, уæд нуазæм... Æз афтæ уарзын, гъе!
   Бацыди  Мито пианинойы размæ æмæ Сандройы фæндырдзагъдмæ  расыг
хъæлæсæй зарын райдыдта.
   Леуан та фынг æрцавта.
   - Ноджыдæр цы хъæуы, уый зоныс?
   - Нæ зонын.
   - Цыппар порцийы физонæг æмæ цыппар порцийы чызджытæ!
   Уый  фехъусгæйæ,  Мито  худæгæй бакъæцæл ис.  Суликъо  мидбылты
худти, Сандро та, йæ фæндырдзагъд нæ уадзгæйæ, дзырдта:
   - Уый дæр хорз, уый дæр фидауы, уый дæр бæззы, афтæ дæр вæййы!
   Официант  ахæм  домæнтæ бирæ фехъуыста рестораны уазджытæй  æмæ
æппындæр дис нæ фæкодта. Мидбылты бахудти æмæ ацыди кабинетæй.
   
   х х х
   Райсомæй, гостиницæйы номеры, зæрдæрухсæй нæ райхъал ис  Леуан.
Йæ зæрдыл æрлæууыдысты знон изæры митæ æмæ хæрдзтæ. Къуыри йедтæмæ
нæ  цæры  Калачы, афтæмæй цы мины æрдæг рахаста йæ  хæдзарæй,  уый
иууылдæр хардзгонд фæци. Цы чысыл муртæ ма йæм аззади, уыдон дысон
бахардз кодта. Хардз иууылдæр ахицæн кæныны фаг дæр нал сси, фондз
æмæ  ссæдз  сомы  фæхъуаг  ис  æмæ уыдоныл  та  рестораны  хицауæн
къухæвæрд  радта.  Ныр мæнæ гостиницæйы номерæн дæр  дыууæ  туманы
фидын  хъæудзæн... Ам дæр та къухæвæрд хъæудзæн, фæлæ  фæстæмæ  йæ
хæдзармæ  цæмæй  ацæуа, уый дæр æм куынæуал  баззадис!  Стыр  мæты
бацыдис  Леуан.  Йæхи æхсын дæр æй ферох ис, афтæмæй,  иу  къуымæй
иннæ къуыммæ рацу-бацу кæнгæйæ, хъуыдытæ кæны: "Ай цард нæу. Нырма
Калачы  йæ  зæрдæйы  фаг никуыма фæци, афтæмæй йæ  зæххытæй  æмбис
йедтæмæ  нал баззади. Нæй, зæхх уæй кæнын раст фæндаг нæу.  Фæлтау
зæххы  мызд фæфылдæр кæнын хъæуы... Фидæнт зæхкусджытæ. Æнæ  фидгæ
дæр сын цы хос ис! Кæдæм ацæудзысты? Кæмдæриддæр зæхх
   -   æлдæртты   къухы.   Лæвар  сын  исчи   ратдзæн?"   -   Афтæ
хъуыдытæгæнгæйæ, бирæ рацу-бацу фæкодта Леуан йæ номеры.
   "Цæуын,  цæуын,  - загъта æппынфæстаг. - Цæуын  æмæ  раст  æртæ
хатты  фæфылдæр  кæндзынæн мæ зæххыты мызд! Бирæ хатыртæ  фæкодтон
уыцы  хизантæн æмæ æгъгъæд у. Снард сты, схъал сты, уæддæр "мæгуыр
стæм, мæгуыр стæм" дзурынц. Æгъгъæд у ныр! Цæуын!"
   Ацы  хатт  дæр та йæхи ныффидар кодта къниаз Леуан æмæ æртыккаг
къласы  сбадти. Алы хуымæтæджы адæм йæ алыварс, - сæ чъизийы  смаг
кæлы.  Хуыцауæй бузныг, æмæ йæ дард цæуын нæ хъуы, уый йедтæмæ  нæ
бафæразид. Уыцы хæрджытимæ иу вагоны бадыны бæсты фæлтау  фистæгæй
ацæуид.
   Машинæ  куы æрлæууыди, уæд Леуаны сæры æрмæст иу хъуыды  уыдис:
йæ  зонгæтæй йæ куы ничи фенид æртыккаг къласæй рахизгæ. Фæлæ нæй,
цыма  барæй  афтæ  арæзт уыди, уый хуызæн вагоны раз  фегуырди  йæ
зонгæ,  свираг  æлдар Росеб. Хорзау нал фæци Леуан,  фæлæ  йæ  мæт
дзæгъæлы уыди.
   Дыууæ æлдары куы ацинтæ кодтой кæрæдзиуыл, уæд Росеб загъта:
   -  Æртыккаг  кълас дæр иуæй-иу хатт хорз вæййы фистæгæй  цæуыны
бæсты.
   Леуан  афтæ æнхъæл уыдис, æмæ уый æфхæрыны ныхас у æмæ  фæмæсты
ис, фæлæ Росеб дзырдта æддæдæр:
   -  Мæсты ма кæн, Леуан, æз дæр ахæм ран фæвæййын. Æхца куынæуал
вæййы, уæд цы гæнæн ис æндæр?
   -  Нæхи  аххос  у,  -  райдыдта Леуан. - Сфыдуаг  кодтам  кусæг
адæмы. Нæ зæххытæ нын лæвар хæрынц. Цы чысыл мызд сæ исæм, уый дæр
афойнадыл нæ фидынц... Фæлæ ныр мæнæн мæ фæнд конд у. Цæуын нæхимæ
æмæ мæ зæххыты мызд æртæ хатты фæфылдæр кæндзынæн.
   -  Нæ бафиддзысты. Æвиппайды уый бирæ у. Дыууæ хатты фылдæр уал
æгъгъæд у.
   -  Нæ  бафиддзысты, зæгъыс? Зæхх мæн у æви нæу? Уæдæ мæ  цас
фæнды,  уыйас  исын  мызд. Бирæ кæмæ  фæкæса,  уый  сыстæд  æмæ
афардæг  уæд, кæдæм æй фæнды, уырдæм. Уыдонæн сæ  куыд  æмæ  сæ
хъæстытæм  хъусын нæ хъæуы. Абонæй фæстæмæ тæригъæд цы  у,  уый
æппындæр нал зонын. Сæ хъуырæй сын ласдзынæн, цы мæм
   цæуы,  уый.  Дæ  хъустыл ауайдзæн, Росеб, æз сæ  куыд  æртымбылтæ
кæндзынæн, уый.
   Афтæ зæгъгæйæ, Леуан бараст ис хæрæндонмæ.
   -  Цом,  Росеб,  абон мæ дзыпп афтид у, фæлæ дæ  хардзæй  иу  авг
аназæм...
   Бауырнæд  дæ,  Росеб,  фæндаджы фаг ма тыххæй  сдæн.  Хъусыс,
хъусыс, æртыккаг къласы фаг!
   Бацыдысты хæрæндонмæ.
   
   х х х
   Леуанмæ  чапартæн(   Æлдарæн  лæггадгæнджытæ)  æххуырст  уыдысты
цæцæйнæгтæ æмæ цæгатаг ирæттæ.
   Азылдысты  уыдон  Леуаны  зæххытыл цæрæг  хъæутыл  æмæ  фехъусын
кодтой  æлдары  фæнд: абонæй фæстæмæ, зæххы мызд цас  уыдис,  уымæй
æртæ  хатты фылдæр уыдзæн. Кæй нæ фæнды уыцы мыздыл цæрын,  уыдонæн
бар  ис, кæдæм сæ фæнды, уырдæм алидзын дыууæ къуыри æмгъуыдмæ,  чи
нæ алидза, уыдон хъуамæ Леуанимæ контракт ныффыссой.
   Цы  фараст  хъæуы  ма баззади Леуаны зæххытыл,  уыдонæй  сыстади
æрмæст  иу  лæг  йæ  ус  æмæ  йæ дыууæ сывæллонимæ  æмæ  загъта  йæ
сыхæгтæн:
   -  Цæрут  сымах  ам,  уæ бар уæхи. Фæлæ æз  цæуын  ардыгæй.  Нал
бафæраздзынæн  æз æлдары æфсондз хæссын. Фæлтау, цыппар  стæм,  æмæ
стонгæй куы амæлæм, уæд хуыздæр.
   Алыгъди.  Иннæтæ  баззадысты æмæ сразы сты туджы  хæсау  фиддон
фидыныл.  Кæдæм  алидзой?  Алы  ран  дæр  къниæзтæ,  алы  ран  дæр
æлдæрттæ, чи йæ зоны, хуыздæр кæмæ уыдзæн.
   Къниазы   зæххытыл   чи   баззади,  уыцы   зæхкусджытæ   рæхджы
бамбæрстой, бирæ кæй нæ бафæраздзысты афтæмæй цæрын.
   Дыууæ-æртæ  хатты авзæрстой Леуаны чапартæ ног  æгъдауыл  æвæрд
фиддонтæ æмбырд кæныныл, фæлæ сын ницы æнтысти. Зæхкусджытæ  зынæй
фæрæзтой  фыццаг, чысылдæр фиддонтæ фидын дæр, ныр æртæ хатты  куы
фæфылдæр сты, уæд та ма сæм кæй бафæрæзтаиккой фидын!
   Леуан мæсты кодта.
   Афæдзы  æмбисмæ зæхкусджытыл æрæмбырд ис стыр  хæстæ,  кæцытæ
бафидын,  сæ ис, сæ бон æххæстæй куы ауæй кодтаиккой, уæддæр  нæ
бафæрæзтаиккой.
   Леуаны  хъуыди  æхца. Леуан агуырдта æхца. Æхца  йæм  фаг  нæ
цыди зæхкусджытæй æмæ мæсты кодта.
   Æппынфæстаг  хъуыддаг  паддзахы  закъоныл  ацыди.   Тæрхондон
фæтæрхон  кодта  зæхкусджыты фиддонтæ тыххæй  байсын  тæрхондоны
пъырыстыфы руаджы.
   
   х х х
   Изæрдалынгтæ  кодта. Æнцад, райдзаст изæр  уыди.  Къахыр  мæй
бæрзондæй  кастис Захъоры хъæумæ, йæ алыварс хæхтæм, къуылдымтæм
æмæ  фæзтæм. Адæм æмбырдтæ уыдысты ныхæсты, уынгты æмæ хæдзæртты
сæрты.  Боны  уæззау  куысты  фæстæ  сæ  фæллад  уагътой,   сæхи
ирхæфстой.
   -  Акæсут-ма, - сдзырдта фæсивæдæй чидæр, - цы бирæ  барджытæ
æрбацæуы.
   Кæсынц   адæм,  æмæ  æцæг  æрбацæуынц  Ахалгуырдыгæй   иу-дæс
барæджы. Цæуынц комкоммæ ардæм.
   Хъæуыхицау  Лексойы дæр хуыцау ныхасы фæкодта.  Йæ  сæры  мæт
бацыди:  чи  сты,  цавæр  сты, цæмæн цæуынц  ардæм?  Хъæуыхицауы
хъуыддæгтæ æвзарынмæ ма цæуæнт, уæд Лексо фесæфти. Хæрæмттæ  йын
бирæ  ис  æмæ  рахъæр уыдзысты йæ гæртæмтты хъуыддæгтæ,  йæ  алы
галиу митæ.
   Йæ   хæлæрттæй  дыууæ-æртæйы  айста  йемæ  Лексо  æмæ  фæцæуы
барджыты размæ.
   Уыдон  уыдысты Пхалгуры тæрхондоны пъырыстыф æмæ  йемæ  фондз
стражничы. Цыдысты Леуаны хæстæ æмбырд кæнынмæ, фыццаг Захъормæ,
стæй та дарддæр.
   Бамбæрстой  адæм, фыдбылыз сæм кæй æрбацыди æмæ  сæ  хъæлдзæг
ныхæстæ æмæ сæ аргъæуттæ ферох кодтой. Алкæй сæры дæр æрбадти иу
хъуыды: "Цы уыдзæн, цы, сомбон?"
   -  Прр...  а...ашу дать помещение мне и моим людям! -  загъта
Лексойæн пъырыстыф.
   Кæдæм  сæ  ачындæуа, иу адæмы хуызæн хæдзар нæй  æгас  хъæуы.
Хъарм уалдзæг у,
   фæлæ сын уæддæр нывыл бынат агурын хъæуы.
   Лексо  ахуыргæнæгимæ аныхас кодта... Скъолайы æрбынат  кодтой
пъырыстыф йæ
   адæмимæ, бæхтæ ауагътой скъолайы цæхæрадоны хизынмæ.
   Пъырыстыф басидти Лексомæ, загъта йын:
   -  Райсом  иу  адæймаг дæр йæ фос быдырмæ ма аскъæрæд.  Исчи  куы
фæаууон кæна йæ фос, уæд дзуапп дæтдзынæ ды!
   Адæм  мæты бацыдысты. Пъырыстыфы зæрдæ балхæныны тыххæй  кусарт
акодтой,  сæн  балхæдтой,  арахъ дæр  ссардтой  æмæ  сæ  барвыстой
скъоламæ. Уым бамбырд сты хицæуттæ - сауджын, диакъон æмæ æндæртæ.
Хъæууон ахуыргæнæг цæйдæр æфсон йæхи кæдæмдæр асайдта.
   
   х х х
   Изæрæй  пъырыстыф  бафæдзæхста  хистæр  стражникæн,   цæмæй
райсом раджы æгас хъæуы фос скъолайы кæртмæ æрæмбырд кæна.
   Хур  нæма скасти, афтæмæй адæм иууыл сæ къæхтыл лæууыдысты.
Бирæтæ æхсæв æппындæр нæ бафынæй сты.
   Бæрзонд,  хъæуы  сæрмæ  хибаргомау æвæрд  уыди  иу  хæдзар.
Чапартæ уырдыгæй райдайынмæ хъавыдысты хъæуыл зилын.
   Рацыди сæ размæ хæдзары хицау 80-аздзыд зæронд лæг Гарсеван
æмæ загъта:
   -  Бирæ фæфыстам мах æлдарæн, бирæ нын фæцъырдта нæ туг...  Кæд
хуыцау хуыцау у, уæд хъуамæ æмбара растдзинад æмæ зылындзинад. Кæд
уый  уыцы  æгъдау  не 'взары, уæд мах хъуыддаг нæхимæ  исæм...  Нæ
ауадздзыстæм мах нæ фос ардыгæй!..
   -  Цæйут,  раскъæрут  фос иууылдæр скъолайы  кæртмæ!  -  загъта
хистæр  чапар.  Уый  бадти бур кæсгон бæхыл,  барæй  йæ  дыууæрдæм
раздах-баздах кодта.
   Гарсеваны  хистæр  фырт,  къæдзæхы  йас  лæг,  ратыдта  æмбонды
кæронæй  хуылыдз  мих  æмæ  йæ æруагъта  хистæр  чапарыл.  Ахауди,
афæлдæхти чапар, бæх дæр уыцы цæфæй йæ фæстаг къæхтыл æрлæууыди.
   Иннæ  стражниктæ бакалдтой сæхи цæвæгмæ æмæ йæ сбастой.  Акасти
уый  алырдæм, цымæ не сдзурдзысты иннæ адæм йæ фарс? Нæй, иууылдæр
сæхи ницы уынæг скодтой.
   -  Мæн  сбастат,  - загъта уæд уый чапартæн. - Æрцауындзут  мæ,
амарут  мæ.  Уый  ницы у. Фæлæ уый зонут, ахæм  царды  уагæн  бирæ
ахæссæн нæй.
   Чи хъуыста уый дзырдмæ?
   Хур  къуылдымы  сæрмæ иу адлийы бæрц нæма суади,  афтæ  Захъоры
фос иууылдæр æмбырдгонд уыдысты скъолайы кæрты.
   Уыдис  уым  бæхтæ, галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ хуытæ.  Хæринагæй
сын ницы дзæбæх уыдис уым æмæ алыхуызон хъæр кодтой, уасыдысты, се
стонг зонын кодтой.
   Æмбонды  æддейы  къордгæйттæй æмбырдтæ  кодтой  адæм,  сындæг
ныхас кодтой, сæ рис кæрæдзийæн зонын кодтой.
   -  Иу  адæймаг æгас хъæуы, бирæ хъæуты туг цъира, уый  куыд  раст
хъуыддаг у? - дзырдтой сæ æмбаргæдæртæ.
   -  Дæлæмæ æрхау, хуыцау, дæлæмæ! - дзырдтой ранæй-ран устытæ дæр.
- Кæд ахæм галиудзинад равзарын нæ фæразыс, уæд ды цæй хуыцау дæ?!
   Хур  дзæвгар  суади, афтæ пъырыстыф дæр,  хъæуыхицау  дæр,
чиновник  дæр  рацыдысты  æмæ æмбонды  æддейы  чи  дурыл,  чи
къодахыл  æрбадтысты.  Чысыл  фæстæдæр  сауджын  дæр   уырдæм
рацыди.
   Æнхъæлмæ  кæсынц иууылдæр, кæд фæзындзæн Леуан. Дзырдмæ  гæсгæйæ,
уый хъуамæ фараст сахатмæ ам уа. Æнæ уый та аукционæн райдайæн нæй.
   Пъырыстыф  сауджынимæ  сындæг  ныхас  кодтой.  Сæ  разы  лæууыди
Лексо,  галиу  къух  æхсаргардыл æвæрд. Хъусы  ныхасгæнджытæм  дæр,
фæндаджырдæм  дæр  фæкæс-фæкæс кæны.  Ахуыргæнæг  хибарæй  æмбондыл
банцой кодта, йæ сæр æруагъта æмæ цæуылдæр хъуыдытæ кодта.
   - Æрбацæуынц, - сдзырдта Лексо.
   -  Æрбацæуынц,  æрбацæуынц! - Уыцы дзырд уайтагъд  адæм  æппæтыл
айхъуысти.
   Пъырыстыф галиу къухы армæй йæ цæстытæн аууон акодта æмæ кæсы.
   - Диссаг нæу, дыууæ йедтæмæ не сты! - дзырдта пъырыстыф.
   - Дыууæ бæхы та дзы æнæ барджытæ ис.
   Адæм,  æнæ  дзургæйæ, кастысты фæндаджырдæм. Устытæй  кæмæндæрты
сæ  рустыл  цæссыгтæ æрттывтой. Сывæллæттæ дæр  сæ  хъæзтытæ  ферох
кодтой  æмæ  æнкъардæй  фæндаджырдæм  кастысты.  Уыдон  æмбаргæ  нæ
кодтой, цы у, цавæр у, цæмæ æнхъæлмæ кæсынц адæм, фæлæ цыдæр  æвзæр
хъуыддаг  кæй цæуы, уый, хистæртæм кæсгæйæ, сæ зæрдæтæм  истой.  Иу
зæронд лæг йæхи нал баурæдта æмæ, йæ къухтæ арвмæ схъилгæнгæйæ,  йæ
хъæлæсы дзаг ныууынæргъыдта:
   - Йæ, хуыцау, нæ тæригъæд!..
   Барджытæ  тæргæ-скъæрдæй æрбахæстæг кæнынц. Пъырыстыф,  сауджын
æмæ   хъæуыхицау  дзургæ  нал  кодтой,  фæлæ,  æдзынæгæй  фæндагмæ
кæсгæйæ, сæ алчидæр дис кодта: цы хабар у, кæдæм тæрынц сæ  бæхтæ,
кæнæ дзы дыууæ бæхыл барджытæ цæуылнæ ис?
   Барджытæ пъырыстыфы раз рагæпп кодтой сæ бæхтæй. Уыдон  уыдысты
Леуаны
   чапартæ.  Сæ цæсгæмттæ фæлурс. Цæстытæ тарст хуыз. Бæрæг  уыди,
цыдæр стыр
   хъуыддаг  зæгъинаг кæй сты. Пъырыстыф дæр ныффæлурс  ис.  Цыдæр
сдзурынмæ
   хъавыди, фæлæ не сфæрæзта.
   - Зæгъут, цы хабар у, лæппутæ? - бафарста хъæрæй Лексо.
   -   Леуан  æмæ  Батырбег,  нæ  хъуыддагаразæг,  мард  фесты,  -
сдзырдта ризгæ хъæлæсæй чапартæй иу.
   Пъырыстыф,  цыма тæфсæгæй рынчын уыди, уыйау æмрызт скодта  æмæ
сыстади  йæ  бынатæй. Йе 'фсæр æфсæрыл нал ныдзæвди, афтæмæй  каст
Лексомæ.
   - Кæм мард фесты, куыд мард фесты? - бафарста та Лексо.
   Чапарты  радзырдмæ гæсгæ, хъуыддаг æрцыди афтæ. Леуаны хæдзарæй
рараст  сты цыппарæй: Леуан, йæ хъуыддагаразæг Батырбег æмæ  дыууæ
чапары. Фæндаг иу ран цыди хъæдбыны, нарæг фæндаг, - барджытæн дзы
цæуæн уыдис æрмæст кæрæдзийы фæдыл. Æппæты разæй араст ис чапартæй
иу,  уый фæстæ Леуан, Леуаны фæстæ Батырбег, æппæты фæстæ та  иннæ
чапар. Хъæдæн йæ тæккæ тармæ куы бахæццæ сты, уæд фæд-фæдыл  дыууæ
гæрахы  фæцыди,  æрмæст дыууæ гæрахы. Леуан уым æрхаудта,  йæ  бæх
иуфарсырдæм  алыгъди.  Иннæ  бæх  пыхсытæм  йæхи  баппæрста,   æмæ
Батырбег  дæр уым рафæлдæхти. Леуанæн нæмыг йæ ныхы астæу сæмбæлди
æмæ  къæбутæй ахызти, Батырбегæн та рахиз хъусы фарсмæ бахызти æмæ
иннæрдыгæй  атыдта.  Чапартæ бауадысты,  гæрах  чердыгæй  фæцыдис,
уыцырдæм. Бæлæстæ тар æхгæддæр кæм уыдысты, уым топп хъавæн  арæзт
уыди.  Йæ  фæстæ пыхсытæ ссæст; дыууæ афтид гилдзы  дзы  ссардтой.
Бæрæг уыди, дыууæ лæджы дæр иу къухæй мард кæй фесты.
   -  Цымæ  мæн  нæ  амардзысты?  - къуыхцытæ  хъæлæсæй  бадзырдта
пъырыстыф Лексомæ.
   Хъæуыхицау уымæн дзуапп нæ радта, фæлæ фæхъæр кодта чапартæм:
   - Бадгæут уæ бæхтыл!
   Йæхæдæг  дæр  цæттæ  бæхтæй иуыл абадти, иннæуыл  абадын  кодта
пъырыстыфы  стражниктæй  иуы  æмæ йæ  Душеты  хицæуттæм  хъæргæнæг
арвыста. Æртæйæ ауадысты фæдисы, фыдбылыз кæм æрцыди, уырдæм.
   
   х х х
   Сауджын  кæм  бадти,  уым бадгæйæ баззади.  Барджыты  фæзынынæй
нырмæ  иу  дзырд  йæ  дзыхæй нал схаудта. Ныр пъырыстыф  уымæ  дæр
бадзырдта:
   - Цымæ мæн дæр амардзысты?
   Сауджын  æвиппайды  дзуапп радтын нæ бафæрæзта,  фæлæ  æрæджиау
сындæг сдзырдта:
   - Цæмæн дæ амарой, цы кодтай ды та!
   Гъе ныр æрбадти пъырыстыф фæстæмæ йæ бынаты.
   Адæм  куы бамбæрстой хабар, уæд дзыхълæудæй баззадысты. Зыдтой,
аххос  уыдоныл кæй æвæрдзысты, æмæ сын стыр мæт бацахста сæ сæртæ.
Зыдтой  уыдон,  хорз зыдтой, куыд фарсдар сты хицæуттæ  æлдæрттæн.
Æмбæрстой,  æлдары  амарыны  тыххæй хъæуыл  стыр  зындзинæдтæ  кæй
сæмбæлдзæн.
   Дыууæ   сахаты  бæрц  рацыдаид,  афтæ  Лексо  æмæ   йе   'мбæлттæ
æрбаздæхтысты. Уыдон азылдтытæ кодтой марæн бынаты алыфарс,  марæджы
фæд  ссарыны тыххæй, фæлæ ницы ссардтой. Æрмæст уыцы иу  ран  хъавæн
арæзт уыди, йæ фæстæ бæласы къабузтæ цагъд, зæхх над. Кæд рагуалдзæг
уыди, уæддæр зæхх фæхъæбæртæ ис æмæ фæд никæцæй сбæрæг ис.
   Лексо пъырыстыфимæ аныхæстæ кодта, æмæ, аукционæн аразæн кæй  нал
уыди,  уый тыххæй фос скъолайы кæртæй рауадзын кодтой. Фос æлхæнынмæ
Душетæй  æмæ  Ахалгурæй цы къупецтæ фæцыди, уыдон дæр араст  сты  сæ
хæдзæрттæм.
   Лексойæн  йæ  зæрдæ æхсайдта æрмæст ацы хъæумæ. Чи уыдаид  æндæр?
Хъуыды  кодта, марæджы куыд сбæрæг кæна, ууыл. Уый куы сбæрæг кæнид,
уæд  хицæуттæй  æрмæст бузныг йедтæмæ, чи зоны,  исты  хæрзиуæг  дæр
райсид.
   Иуфарсырдæм  амбырд кæнын кодта Лексо адæмы æмæ бæрæг  кодта,  чи
ис хъæубæстæй æдде. Ничи разынди æдде фыййæутты йедтæмæ.
   Уыцы ран æм иу хъуыды æрцыди æмæ загъта хинымæры:
   "Ссардтон  æй,  Душет  нæ,  фæлæ  Калачы  хицæуттæй  дæр   бузныг
райсдзынæн!"
   Уый  ахъуыды  кодта  Никъойы тыххæй:  Никъо  уыди  фыййау,  дæсны
топпæхсæг, æхсарджын.
   "Æй,  æй, - хинымæры сдзырдта Лексо. - Афтæ арæхст цæф æндæр ничи
ныккæндзæн.  Дыууæйæн дæр сæ сæртæ фæцæф сты - уый  у  Никъо,  æндæр
ничи".
   Ахъуыды  кодта  Лексо:  цымæ  иунæг  уыдаид  Никъо,  æви  ма  йын
æххуысгæнæг  уыдаид, кæнæ ма йæ фæнд зонæг исчи ис?  Фæлæ  уый  ахæм
адæймаг  у,  æмæ иунæгæй сфæнд кодтаид, иунæгæй баххæст  кодтаид  йæ
фæнд.  Никъо йæхæдæг ауыгъд æрцæудзæн, уый зоны Лексо,  фæлæ  ма  йæ
фæнды хъæубæстæй искæйты фæтъыссын.
   "Уыдон  ам  куынæуал уой, уыцы хæрæмттæ, уæд æз ам паддзахы  цард
кæндзынæн, æндæр цы?" - Афтæ дзырдта хинымæры Лексо.
   -   Лексо,   акæс-ма,  цымæ  уæртæ  уый  цавæр  уа?  -  бадзырдта
хъæуыхицаумæ сауджын.
   Акасти  Лексо.  Дард,  Ахалгуры  фæндагыл  цавæрдæр  стыр   къорд
змæлыди, змæлыди ацырдæм, хæстæгдæр кодта. Акасти пъырыстыф дæр  æмæ
загъта:
   -  Æвæццæгæн, кæй арвыстай, уыцы хъæргæнæг æввахс искуы  фембæлди
исты хицæуттыл, кæнæ æфсæддон отрядыл, æмæ уæртæ æрбацæуынц.
   Пъырыстыфы  тынг фæндыди, æмæ ацы налат зæхкусджытæ  тынг  æфхæрд
куы æрцыдаиккой. Йæхинымæры ныронг дæр уый хъуыды кодта, æфсæдтæ куы
фæзыниккой, куы æрбадаиккой ам æмæ адæмæн хицауады тых куы  бамбарын
кæниккой!  "Уыдон  сты", зæгъгæ, хъуыды кодта ныр  хинымæры  æмæ  йæ
зæрдæ фæфидар ис. Акасти адæмырдæм æмæ ныхъхъæр кодта:
   - Сволочь теперь узнаете, как убивать честных подданных царя!
   Сауджын  дæр,  хъæуыхицау дæр, ахуыргæнæг  дæр,  адæм  дæр  кæсын
байдыдтой Ахалгуры фæндаджырдæм.
   Æцæг, бирæ адæмы къорд чысылгай змæлы, æввахсдæр кæны.
   Иу ус ныдздзынæзта.
   -  Æрбацæуынц  нæм, æрбацæуынц! Нæ къонатæ нын байхалдзысты!  Цæй
бон ныл æркодта, цæ?!
   Иукъорд   устытæ   кæуын  байдыдтой.  Лæгтæ  кастысты,   кастысты
фæндаджырдæм,  стæй  уыдон  дæр хъынцъым кæнын  райдыдтой.  Æцæг  сæ
бынсæфт  бакæндзысты  ныр.  Ехсæй  сæ  нæмдзысты.  Сылтæй  хынджылæг
кæндзысты. Сæ фос сын байсдзысты.
   Хъæуыхицау,  сауджын  æмæ  пъырыстыф цинæй  мардысты,  сæхинымæры
цыдæртæ  дзырдтой. Æрмæст ахуыргæнæг лæууыди хибарæй  æмæ  æнкъардæй
æнхъæлмæ касти уый дæр: "Цы уыдзæн, цы?"
   Æрбаввахс сты цæуæг адæм æмæ сæ сæрмæ цавæрдæр тырысатæ  разынди.
Ахуыргæнæг,  дис  кæнгæйæ,  æдзынæг  ныккасти.  Дис  кæнгæйæ,  кæсын
байдыдтой уæд пъырыстыф, сауджын æмæ хъæуыхицау дæр.
   Ноджыдæр  куы æрбаввахс сты цæуджытæ, сæ зард дзæбæх хъуысын  куы
байдыдта, уæд ахуыргæнæг сæ размæ ацыди.
   Сауджын,  пъырыстыф æмæ хъæуыхицауæн сæ цæсгæмттæ  ныддаргъ  сты,
афтæмæй хæлиудзыхæй кастысты цæуджытæм, - уыдон уыдысты дыууæ сæдæйы
бæрц.
   Уæртæ  сæхи  ахуыргæнæг  сырх тырыса йæхимæ  райста,  бæрзонд  æй
систа  æмæ æрбацæуы иннæты разæй. Цæуджытæ адæмы размæ куы 'рбахæццæ
сты, уæд ахуыргæнæг йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
   - Æгас нæм цæуæд революци! Æгас нæм цæуæд сæрибар цард!
   Адæм   ницы   æмбæрстой,  дис  кæнгæйæ,  хъуыстой  æмæ   кастысты
æрбацæуæг адæммæ.
   Уæд  ахуыргæнæг  тырыса скъолайы сæрмæ афидар  кодта,  стæй  стыр
дуры сæрмæ сгæпп кодта æмæ, гæххæтт йæ къухы, афтæмæй райдыдта:
   -  Хорз  адæм! Тугцъир хицауад нал ис. Паддзах Никъала йæ бынатæй
æппæрст  фæци,  йæ  министртæ - йæ хистæр  æххуысгæнджытæ  ахæстæтты
бадынц. Хорз адæм! Рагæй-æрæгмæ цæмæ бæллыдыстæм, уый ныр æрцыди.
   Æрцыди  сæрибар царды рæстæг. Уæ ис, уæ бон, уæ фæллой  уæхи  бар
уыдзысты.  Нал ис абонæй фæстæмæ æлдар, зæххытæ иууылдæр  уæ  къухты
уыдзысты!
   Адæм   сæ   мидбынаты  змæлын  байдыдтой,  кæрæдзимæ  бакæс-бакæс
кодтой, фæлæ дзургæ ничима ницы кодта.
   Сгæпп кодта дурмæ æндæр дзурæг, ног æрбацæуджытæй.
   -  Хорз  адæм!  Æгас Уæрæсейы паддзахы æвæрд хицæуттæ  чидæриддæр
уыди,  иууылдæр ахст æмæ сырд фесты сæ бынæттæй. Алы ран дæр  кусынц
ныр   æвзаргæ  хицæуттæ.  Абон  сымах  дæр  равзарут  уæхи   æхсæнæй
хицауадгæнæг комитет!
   Уыцы  сахат æрбакодтой дзурæджы размæ хъæуыхицауы æмæ пъырыстыфы.
Пъырыстыфы  цæсгом  уыди  гæххæттæй урсдæр,  йæ  былтæ  æнæкæрæдзимæ
хæццæгæнгæйæ, уæгъд змæлд кодтой. Хъæуыхицау йæхиуыл хъæддых хæцыди,
фæлæ  алырдæм тарст каст кодта, бæрæг уыди, йæ зонд алырдæм кæй сси,
чердæм цы кæна, уый кæй нал æмбæрста.
   Ног æрбацæуджытæй иу бацыди æмæ пъырыстыфæн сындæггай йæ кард  йæ
уæхсчытæй систа, стæй бавнæлдта хъæуыхицауы кардмæ дæр.
   -  Ма æвнал мæ кардмæ! Ацы кард мæнæн мæ фыдæлтæй баззади æмæ  йæ
нæ  ратдзынæн.  Кæд хъæуыхицау нал дæн, уæддæр мын æй ныууадзут!  Æз
дæр иннæ адæмы хуызæн æфхæрд адæмæй дæн æмæ уын знаг нæ разындзынæн.
   -  Ма  йыл æууæндут! - баппæрста дзырд ахуыргæнæг. - Уый паддзахы
къæбылатæй у. Уый адæмы уæйгæнæг у!.. Райсут ын йæ кард,  йæ  хъама,
йæ дамбаца. Сæ дыууæйы дæр уал ныккæнды ныппарут, стæй фендзыстæм!
   Тарст  адæм  уыдæттæ  куы  федтой, уæд  сæ  бауырныдта,  æцæг  сæ
цагъарон æфсондз кæй ахаудта; фырцинæй чи цæссыгтæ калдта, чи худгæ,
чи  кафгæ  кодта. Ныронг знаг чи уыди, уыдон дæр фырцинæй кæрæдзийæн
хъæбыстæ æмæ пъатæ кодтой.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *