КОЦОЙТЫ АРСЕН

ЦÆУКЪА ÆМÆ ФЫРКЪА

                      (Радзырд - фантази)
                      
   Иу  зæхкусæгмæ  уыди бур цæукъа æмæ сау фыркъа.  Хæдзары  хицау
йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр хорз зылдысты цæукъа æмæ фыркъамæ, фаг
сын лæвæрдтой æвзаргæ хæринаг, сæ цæрæн бынат сын сыгъдæг дардтой.
Дзæбæх  цардæй цæукъайы хъуын слæгъз ис æмæ сыгъзæринау æрттывтытæ
калдта,  фыркъайы  хъуын  та  къæбæлдзыг  кодта,  ногзад  бухайраг
уæрыччы хъуыны хуызæн. Уæддæр уыдон сæ цардæй разы нæ уыдысты.  Сæ
хицау  сæ дардта æдзух кæрты кæнæ скъæты мидæг, уыдон та  сæ  хъус
дардтой  кæртæй æддæмæ, фæндыди сæ сæрибарæй цæрын. Хаттæй-хатт-иу
кæрты  дуарæй  куы  аирвæзтысты, уæд  та  сæ-иу  уайтагъд  фæстæмæ
æрбасырдтой.  Фыркъа  коммæгæсдæр  уыди,  æнцонæй  фæстæмæ  здахын
куымдта,  фæлæ  цæукъа бирæ маст кодта йæ хицауæн,  нæ  куымдта-иу
фæстæмæ  здахын, тынг æвæндонæй-иу бацыди кæртмæ.  Басырдта  сæ-иу
хицау  фæстæмæ, дуæрттæ сыл-иу сæхгæдта, сæ разы сын-иу  парахатæй
алы  хæринаг ныккалдта. Нæ, фыркъа æмæ цæукъамæ уыцы цард  æгъгъæд
нæ  касти, ноджыдæр æмæ ноджыдæр лыгъдысты кæртæй æддæмæ æмæ  маст
кодтой сæ хицауæн.
   Иухатт  хицау  æрлæууын кодта йæ разы фыркъа æмæ  цæукъайы  æмæ
сын зонд амонын байдыдта. Уый сын дзырдта:
   -  Мæ хорз фыркъа æмæ цæукъа, æвзаргæ хæринагæй уæ хæссын, хорз
уæм зилын, уæ цæрæн бынат фырсыгъдæгæй æрттывтытæ калы. Зæгъут, цы
хъуаг  ма  стут? Цæмæн лидзут кæртæй æддæмæ? Сымах уæ  хъус  дарут
быдырмæ,  хъæдмæ,  фæлæ уым цæры бирæгъ, фыркъа æмæ  цæукъайы  фыд
бирæ чи уарзы. Уый уæ бахæрдзæн. Тынгдæр дæуæн дзурын, Бури. Ды дæ
амидингæнæг æмæ фыццаджыдæр ды фесæфдзынæ.
   Фыркъа  æмæ цæукъа æнувыд хъуыстой сæ хицауы ныхæстæм.  Фыркъа,
йæ   бурбын  цæстытæ  æрцъынд-æрцъынд  кæнгæйæ,  йæ  уæззау  дымæг
тилгæйæ,  хъуыды  кодта: "Хицау раст зæгъы. Æз  ам  æппындæр  ницы
хъуаг дæн, хорз хæринаг мын фаг ис, зылд хорз, цæрæнуат хорз,  тас
мын  ницæмæй  у. Уым та... Чи йын цы зоны? Кæд дзы  æцæг,  мыййаг,
бирæгъ цæры, уæд мæ бахæрдзæн. Ме 'мбал - бур хæйрæг - æнцад бадын
нæ  зоны, æдзух алы фыдуагдзинæдтæ хъуыды кæны. Хъуамæ æз  уый  ма
фæзмон".
   Цæукъа,  йæ  даргъ  зачъе тилгæйæ, йæ зондджын  цæстытæй  касти
комкоммæ  хицауы  цæсгоммæ  æмæ  хъуыды  кодта:  "Уыцы  кæрдæгджын
къуыппытыл куынæ фæхизон, мæ фæстаг къæхтыл лæугæйæ, хъæды бæлæсты
сойджын  къалиутæм  куынæ сивазон, быдыры сыгъдæг  уæлдæфæй  куынæ
аулæфон,  къуыппытæ  æмæ дзыхъытыл куынæ фæгæппытæ  кæнон,  фæлмæн
цъæх  кæрдæгыл куынæ атылдтытæ кæнон, уæд мæ мæ цард ницæмæн хъæуы
-  иухуызон, æнтъыснæг æмæ æгад цард смаггæнаг скъæты мидæг. Дæуæн
та, нæ хицау, цасфæнды дзур, дæ ныхæстыл æз бирæ нал æууæндын".
   Хицау йæ ныхæстæ фæци фыркъа æмæ цæукъайæн æмæ сæ ауагъта.
   Уыцы  бонæй фæстæмæ фыркъа кæрты дуарæй никуыуал акасти. Цæукъа
та  тынгдæрæй-тынгдæр йæ хъус дарын байдыдта æддæмæ. Сфæлмæцыдысты
дзы хæдзары бинонтæ, æнцой сын нал лæвæрдта æппындæр.
   Иу  æхсæв,  райсомырдæм,  бон  цъæх  нæма  кодта,  афтæ  цæукъа
сыстади  йæ  хуыссæнæй,  йæхи  аивæзтытæ  кодта  æмæ  бакасти   йе
'мбалырдæм, - уый хуыссыди хуыр-хуыргæнгæ. Цæукъа йæ басхуыста  йæ
къахæй,  -  райхъал кæнынмæ йæ хъавыди, фæлæ уымæ райхъалы  фæндæй
ницы  уыдис.  Уæд цæукъа æрлæууыди скъæты рудзынджы раз,  æрбадти,
асхуыста  йæхи  зæххæй,  атыдта рудзынг æмæ  агæпп  кодта  кæртмæ.
Минуты  бæрц алæууыди иу ран, алырдæм кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ.  Æдзæм
уыди  кæрты мидæг, рудзынджы састы уынæр никæй райхъал кодта.  Уæд
цæукъа  бацыди  бырумæ, æрлæууыди йæ разы, асхуыста  та  йæхи  æмæ
фестады быруйы æддейы. Афардæг ис.
   Ралæууыди райсом. Хъæу райхъал ис, сызмæлыди, суынæр кодта.
   -  Цон,  - загъта хæдзары хицау, - рауадзон цæукъа æмæ фыркъайы
скъæтæй.  -  Байгом кодта дуар æмæ уыны - фыркъа йæ фарсыл  хуыссы
æмæ   æнцойæ  сынæр  цæгъды,  рудзынг  саст,  цæукъа  нæй  скъæты.
Фæдзырдта хицау бинонтæм æмæ сын загъта:
   -  Цæукъа афардæг ис. Йæ агурын дзæгъæл у, - афонмæ йæ бирæгътæ
бахордтой.  Абонæй  фæстæмæ уæ цæст тынгдæр дарут  фыркъамæ...  Нæ
фæлæ йæ скъæты дуарæй æппындæр æддæмæ мауал уадзут.
   Фыркъа хицауы дзырдтæ куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ бауынгæг  ис,
фæсмон æм
   æрцыди æмæ хинымæр загъта: "Ме 'мбал - бур хæйрæг - раст  уыди,
- алидзын
   хъуыди мæн дæр".
   
   х х х
   Уыцы  афон  цæукъа,  фæстæмæ нал кæсгæйæ,  лыгъди  размæ,  уыцы
рæсугъд  рæттæм, кæцытæ йын бон рæвдыдтой йæ цæстæнгас,  æхсæв  та
йын  хъыгдардтой йæ фынæй. Бонизæрмæ уый æвзæрста, ныронг кæй нæма
зыдта,  ахæм æхсызгондзинæдтæ. Сæрибарæй тыдта сойджын кæрдæг.  Йæ
фæстæгтыл  лæугæйæ,  ивæзта хъæддаг бæлæстæм  æмæ  хордта  сойджын
къалиутæ æмæ сыфтæ. Уый ратул-батул кодта фæлмæн кæрдæгыл,  фыццаг
хатт улæфыди хъæддаг сыгъдæг уæлдæфæй.
   -  Гъе  ныр  базыдтон сæрибардзинады цин, гъе ныр æз бавзæрстон
адджын  цард, - дзырдта цæукъа йæхицæн... - Фæлæ уæддæр  уый  куыд
рауади, куыд цардтæн ныронг смаггæнаг скъæты?
   Хур  аныгуылди. Талынг кæнын байдыдта. Цæукъа равзæрста йæхицæн
æхсæвиуаты   бынат  æмæ  æрхуыссыди.  Куыддæр  рæдзæ-мæдзæ   кæнын
байдыдта,  афтæ йæ фындзыхуынчъытыл ауад цавæрдæр æнахуыр,  ныронг
кæй нæма бавзæрста, ахæм смаг. Хи бахъахъхъæныны æмбудындзинад  æй
фæгæпп  кæнын  кодта  йæ къæхтыл. Алфæмбылай  уыди  æдзæм,  æрмæст
æхсæвы  ирдгæ æнкъуыста бæлæсты сыфтæртæ, æмæ уымæй хъуысти сындæг
æмæ æнæскъуынгæ сыф-сыф. Уыны цæукъа: сындæг æм хæстæгæй-хæстæгдæр
цæуынц  дыууæ тымбыл зынджы. Бамбæрста, уыдон бирæгъы цæстытæ  кæй
сты...  Йæ  зæрдæ бауынгæг ис. Йæ буарыл азгъордта  лыстæг  ризæг.
Фæзынди  йæм  мæлæты тас. Афтæ уыди æрмæст иу  секунды  бæрц.  Уый
фæстæ секунды цæукъа загъта йæхицæн:
   -  Лидзынæй  нæ фервæздзынæн, лидзгæ нæ акæндзынæн. Амæлдзынæн,
фæлæ  хъазуатон тохы. - Фидар ран æрлæууыди, къæхтæ уæрæх айсгæйæ,
йæ  сæфтджытæ зæххы æрсагъта æмæ бацæттæ кодта йæ сыкъатæ цæвынмæ.
Зыдта,  хорз зыдта, йæ цард иунæг цæфыл ауыгъд кæй у, - куынæ  йын
фæрæстмæ уа уыцы иунæг цæф, уæд фесæфти. Зыдта цæукъа, цы ран  æмæ
куыд  ныццæвын  хъæуы,  уый дæр. Хæстæгæй-хæстæгдæр  кæнынц  дыууæ
зынджы. Мæнæ ис. Багæпп кодта бирæгъ, фæлæ уый уыди йæ фæстаг гæпп
- цæукъайы рахиз сыкъа йын батыдта йæ хъуыр æмæ йæ тугæйдзаг кæрон
азынди  къæбутæй. Афæлдæхти бирæгъ, йæ гæндзæхтæ бацагъта æмæ  æнæ
змæлгæйæ  баззади. Цæукъа зынтæй раласта йæ сыкъа бирæгъы  хъуырæй
æмæ  та  лидзын  байдыдта,  æнæ  фæстæмæ  фæкæсгæйæ,  дарддæр  æмæ
бæрзонддæр,   дарддæр  æмæ  бæрзонддæр.  Хатгай  фæкæлы,   бæлæсты
зыкъуыртæ æмæ сындзытæ йæ тонынц, фæлæ та уайтагъд фесты æмæ лидзы
дарддæр. Мæнæ та сыфтæрты æхсæнæй фæзындысты хуры рухсы стъæлфытæ.
Мæнæ хъæд фæци æмæ райгом ис арв. Цæукъа æрлæууыди. Йæ разы цы ныв
разындис,  уымæ  баззади кæсгæйæ. Бæрзонд, бæрзонд зындысты  митæй
æхгæд  хæхты  цъуппытæ, сæ фæрстыл хъазыдысты райсомы хуры  тынтæ,
дæлдæр  -  сау  гæмæх  хæхтæ,  ноджы  дæлдæр  -  кæрдæгæй  æмбæрзт
къуыппытæ,  ноджы æмæ ноджы дæлдæр - къутæрджын къуыппытæ.  Æгæрон
цинæй цæукъайæн йæ зæрдæ скафыди йæ риуы. Бамбæрста цæукъа, уым...
уыцы  бæрзæндтыл  кæй  ис йæ цæрæн бынат. Æнæ баулæфгæйæ,  ауагъта
йæхи  размæ,  -  дарддæр  æмæ бæрзонддæр  сæрибары  цардмæ  уæгъды
бæрзæндтыл.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *