КОЦОЙТЫ АРСЕН

ХУС КЪÆБÆРТÆ

   Абонæй раздæр никуы сыстади йæ хуыссæнæй студент-медик Тембол.
   -  Сæфын,  сæфын!  - дзырдта хинымæры. - Сæфын  æцæгæлон  адæмы
æхсæн!  Нал  фендзынæн  мæ  райгуырæн хæхтæ,  мæ  ныййарджыты,  мæ
хæстæджыты!
   Темболатæн  йæ зæрдæйыл лæууыди зноны бон. Дыууæ раны  очередты
фæлæууыди  æмæ  куы бамбæрста, уыдон сомбонмæ дæр  кæй  нæ  ахицæн
уыдзысты,  уæд  сæ  ныууагъта.  Æртыккаг  ран  бахæццæ  ис   бæргæ
кæрдзынуæйгæнæн  дуканийы  хуылфмæ,  фæлæ  дзы  къæбæр   дæр   нал
баййæфта.
   Рацыди дуканийæ æмæ хинымæры сдзырдта:
   - Æй-джиди, иу нартхоры кæрдзын!
   Кæрдзын æлхæнын кæй къухы нæ бафтыди, уыдон, æлгъитгæйæ, хъуыр-
хъуыргæнгæйæ, фæйнæрдæм цыдысты.
   Алырдыгæй хъуысти ныхас:
   - Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны!
   - Уый жулик у, жулик!
   - Адæм анархийы бын фесты, сæфтмæ æрцыдысты!
   Хъуыста  Тембол уыцы ныхæстæм, фæлæ сæ йæ зæрдæмæ арф нæ  иста,
- абон цы бахæра, уый тыххæй уыди йæ зæрдиагдæр хъуыды.
   Ницы ссардта зноны бон. Стонгæй схуыссыди.
   Ныр,  йæ хуыссæнæй куы сыстади, уæд йæ хъуыды уыди афтæ:  "Абон
ма куы ницы ссарон, уæд, æвæццæгæн, райсом хæринаг агурынмæ ацæуын
дæр нал бафæраздзынæн".
   -   Æнæ   ссаргæ  нæй!  Æнæ  ссаргæ  нæй!  -  дзырдта   Тембол,
керенкæты (  Керенскийы рæстæджы рауагъд гæххæттын æхца) тыхтон йæ
дзыппы тъысгæйæ.
   Рацыди хæдзарæй. Æрæгвæззæджы уазал ын йæ былтæ ныццавта.
   -  Зындзинадыл ног зындзинад! - сдзырдта Тембол. - Зымæг дæр та
мæнæ куы ис!
   Ауагъта  Тембол  йæхи уынджы, алырдæм ракæс-бакæс  кæны  -  кæд
исты хæринаг уæййаг ссарид.
   Адæм  уынгты алырдæм цыдысты. Цæсгæмттæ фæлурс, уадултæ  мидæмæ
хауд,   цæстытæ   стонг  æрттывд  кæнынц.  Иуæй-иутæ   фырстонгæй,
фырæдыхæй, æрбад-æрбад кодтой тротуарты былтыл. Уыдис дзы  ахæмтæ,
тротуартыл-иу чи æрхауди æмæ уым фæлдæхтæй чи баззади. Ахæмтæм  иу
фæкæсæг нæ уыди, алчи йæ цыд кодта.
   Уыцы  адæм  иууыл уыдысты иу хъуыдыйы бын: искуы  исты  хæринаг
куы ссариккой.
   Картоф,  кæрдзын, къабуска, ссад æмæ бахæрды кой йедтæмæ  æндæр
дзырд   никæй  дзыхæй  хауди.  Цæуджытæй  кæмæндæрты  сæ  фæсонтыл
зындысты  стыр  голлаггæндтæ, уæхсчытæм фидаргонд.  Уыдон  уыдысты
ахæмтæ, дард хъæутæм чи цыди хорагур.
   Темболæн  хъæутæм  цæуыны фадат нæ уыди, - æнæ  зонгæйæ  хъæуты
аргæ дæр цы скодтаид.
   Цæуы  базарырдæм.  Уырдæм  нæма  бахæццæ  ис,  афтæ  иу  чидæр,
салдаты дзауматы, йæ иувæрсты ауади æмæ сындæг сдзырдта:
   - Ис хус къæбæртæ.
   Тембол  æвиппайды  нæ бафæрæзта сдзурын, фæлæ  уæддæр  фездæхти
фæстæмæ æмæ аййæфта салдаты.
   Сындæг æй фæрсы:
   - Кæм дын сты?
   - Мæ фатеры.
   - Цас сты?
   - 10 джиранкайы бæрц.
   "Æвзарыны  фадат  нæй, цы ис, уый исын хъæуы".  -  Афтæ  хъуыды
кодта Тембол æмæ загъта:
   -  Цом,  кæм  цæрыс? - Аргъæй нæ фарста. Цасфæнды аргъ  уæнт  -
керенкæтæ йæм фаг ис.
   Дард цардис салдат, горæты кæрон, Пресняйы.
   Уырдæм  авд  верстæй  къаддæр нæ  уыди.  Фæлæ  Тембол  дард  нæ
нымадта,   æнæзивæг  фæраст  ис  салдаты  фæдыл.  Салдат  æркалдта
голлагæй  хус  къæбæртæ.  Уыдысты чъизи, цъыфæйдзæгтæ,  æвæццæгæн,
бирæ  ракал-бакал фесты. Тембол чъизийы мæт дæр нал кодта, йæ  мæт
уый уыди æрмæст, йæ къухы цæмæй бафтой.
   Сбарстой къæбæртæ, разындысты аст джиранкайы.
   
   х х х
   Стонг, фæллад ферох сты Темболæй, 7 версты та йæ фæстæмæ  цæуын
хъæуы, уый
   хъуыды дæр нæ кодта.
   Цингæнгæйæ, рараст ис Тембол йæ хæдзармæ.
   Дзæкъул  хаста галиу къухы, рахизæй чысылгай иста къæбæртæ  æмæ
мыртт-мыртт  кодта. Куы-иу æрхæцыди къæбæрыл, уæд-иу  æхсæры  хъæр
кодта.
   Тембол  æмбæрста, цæуджытæ йæм хæлæджы цæстæй кæй кæсынц æмæ-иу
барæй тынгдæр къæрццытæ кодта.
   Афтæмæй,  хæргæйæ,  иу-дыууæ сыхы бæрц  ауади  Тембол  æмæ  уым
фæхъуыды кодта: "Ай цы кæнын, ай? Куы сæ ахæрон, уæд ма уый  фæстæ
та цы кæндзынæн?"
   Нал хордта Тембол, йæ цыд дæр фæсындæгдæр кодта.
   Æвиппайды фæстæрдыгæй йæ хъустыл ныхас ауади:
   - Пъалто дæр хорз у, фæлæ йе 'фцæккот диссаг у!
   Æндæр хъæлæс сдзырдта:
   - Адæм дзы бирæ ис... Хъайла дзы бæргæ акæниккам!
   Фыццаг хъæлæс ыл афтыдта:
   - Иу авг арахъ дæр самал кæниккам!
   Тембол  бамбæрста,  ныхас уый тыххæй кæй  у.  Змæлд  тынг  уыди
уынджы   æмæ  тæрсгæ  уыйас  нæ  фæкодта,  фæлæ  уæддæр   тагъддæр
акъахцæфтæ кодта, аййæфта раздæр цæуджыты æмæ уыдонимæ  цыди.  Уый
хъуыста, ныр стигъджытæ тынг кæй сарæх сты, фæсфæд уынгты æмбисбон
дæр  кæй  стигъынц  цæуджыты. Уыцы хъуыдыты фæдыл  Темболы  зæрдыл
æрлæууыдысты  йæ райгуырæн хæхтæ, йæ хæстæджытæ, йæ хъæубæстæ,  йе
'мгæрттæ. Хъуыдытæ кодта хинымæры: "Цымæ ныр уым дæр афтæ  хæлд  у
цард?  Мæскуыйы  хуызæн анархи уым дæр уыдзæн! Уæд уырдæм  цæуынæй
дæр цы пайда ис?.. Иу сæрхъæн æппæрст æрцыди паддзахы бандонæй æмæ
дзы æндæр уый хуызæн æрбадти! Хъуыддагæй ницы æвдисы, афтæмæй йæхи
паддзахады сæр хоны, министрты къамтау райс-байс кæны. Ныр дæр  та
ардыгæй кæмæдæрты асидти".
   Тембол Керенскиймæ хаттæй-хатт афтæ мæсты кодта, æмæ йыл  хибар
ран амбæлгæйæ, уæд ыл марынæй нæ бацауæрстаид.
   
   х х х
   Цæуы Тембол. Хъуыдытæ кæны.
   Ныр  æртыккаг  бон  къултыл арæхæй-арæхдæр  кæнынц  большевикты
плакаттæ:   "Фидыддзинад  æмæ  кæрдзын!",  "Фесæфæд  империалистон
хæст!", "Фабриктæ æмæ заводтæ - кусджытæн, зæхх - гутондартæн!"
   Темболы  хъустыл знонæй нырмæ уайы, Петрограды цыдæр хъуыддæгтæ
кæй  цæуы,  ам  дæр  большевиктæ сæхи  кæй  цæттæ  кæнынц  хицауад
райсынмæ. Хуыздæр разындзысты большевиктæ, æви æвзæрдæр, уымæн  та
хæйрæг йæ зонæг...
   Цæуы  Тембол,  хъуыдытæ  кæны  Керенскийы  тыххæй,  Большевикты
тыххæй,  фæлæ йæ дзæкъул дæр сæрæй нæ хицæн кæны. Уайтагъд  та  йæ
схъил кæны уæлæмæ æмæ йæм бакæсы.
   Цин  кæны  йæ хус къæбæртыл, дзуры хинымæры: "Къуырийы  фаг  сæ
скæндзынæн, уалынмæ та кæд исты амал кæнин".
   Мæнæ  фæхæццæ кæны йæ хæдзармæ, иу цæхгæрмæ уынгыл ма йæ ауайын
хъæуы.
   Æвиппайды   йæ   размæ  фегуырдысты  дыууæ  лæджы   милиционеры
дзауматы.
   - Стой! - фæхъæр кодта сæ иу.
   Темболæн  йæ  цæстытæ  атартæ  сты.  Цы  хабар  у,  уымæн  ницы
æмбæрста.
   - Цы хæссыс? - бафарста милиционертæй иу.
   - Мæнæ иучысыл хус къæбæртæ балхæдтон.
   Иннæ милиционер сдзырдта:
   -  Балхæдта! Адæм стонгæй мæлынц, ай та голладжы дзаг  фæхæссы.
Цом участокмæ!
   Тембол  бамбæрста  хъуыддаг, йæ зæрдæ  ныхъхъынцъым  кодта,  йæ
уæнгтæ æрызгъæлдысты.
   Иу милиционер райста дзæкъул æмæ æртæ дæр араст сты.
   Ауадысты иучысыл, афтæ иу милиционер дзуры иннæмæ:
   - Цæй, йæхи йын ауадзæм, цæмæн æй сафæм!
   - Ауадзæм, цæуæд! Тæригъæд у! - загъта иннæ.
   Уынджы лæугæйæ баззади Тембол.
   - Фылдæр ма дзы уæддæр куы ахордтаин! - дзырдта хинымæры.
   Лæууы  зæхмæ  кæсгæйæ, иуырдæмдæр нал цæуы.  Афтæ  зынди,  цыма
лæугæйæ фынæй баци.
   Алæууыди    2-3   минуты,   афтæ   фестъæлфыди.   Иуфарсæрдыгæй
æрбайхъуысти  пулеметы къæр-къæр, фехъуысти  ноджы  иукъорд  топпы
гæрæхтæ.  Уалынмæ  сармадзаны гæрах  фæцыди  æмæ  нæмыг,  нæргæйæ,
уæлдæф  айгæрста, йæ фæдыл дыккаг, æртыккаг. Стæй алырдыгæй  топпы
гæрах æмæ сармадзанты нæрынæн кæрон нал уыди.
   Лæууы  Тембол. Цы хабар у, уый тыххæй йæхицæн дзуапп дæттын  нæ
фæразы.
   Алырдæм адæм тагъд-тагъд уайын байдыдтой.
   Сæ   иугай   ныхæстæй   Тембол   бамбæрста,   большевиктæ   кæй
сыстадысты,  æмæ  ахъуыды  кодта:  "Цыфæнды  уæд,  цыфæнды  уæд!..
Керенскийы дугæй хуыздæр йедтæмæ фыддæр нæ уыдзæн!"
   - Цæвут пулеметтæ! Цæвут сармадзантæ! Цардæн уаг скæнут!
   Афтæ сдзырдта Тембол хъæрæй æмæ уæд фенкъуысти йæ бынатæй.
   
   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971   


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *