КОЦОЙТЫ АРСЕН

ЦАРДЫ ЗИЛДУХÆНЫ

   Æвæццæгæн,   хæдзар  уыди  ног  арæзт,  кæнæ  ног   цалцæггонд.
Чъырæйдзаг къултæ митау урс дардтой. Хатæны бурахуырст астæрд афтæ
æрттывта,  æмæ-иу Буцæ йæ нарæг сынтæгыл куы рахъил ис æмæ-иу  куы
'ркасти  бынмæ,  уæд-иу  айдæны уынæгау  йæхи  уыдта.  Йæ  сæнтсау
сæрыхъуынтæ  фыццагау  уырынгтæ  бадтысты,  сау  цæстытæ  дæр   ма
фыццагау  æрттывтой,  фæлæ цæсгом фыццаджы хуызæн  нал  уыди.  Ацы
хуызæнæй Буцæ æппындæр нæ хъуыды кæны йæхи: уыди дзагдзæсгом,  ныр
рустæ бахаудтой, кæрæдзиуыл сæмбæлынмæ сæ бирæ нал хъæуы.
   Цы  ми  кæны,  цы  хуыссы  ам Буцæ?  Ацы  афон-иу  Санибайы  йе
'мгæрттимæ  хъæлдзæгæй æрвыста рæстæг. Кæм цуаны цыдысты  фæсивæд,
кæм-иу  бамбырд  сты  иумæ  æмæ исты ног  чингуытæ  кастысты,  кæм
хъæзтыты кафыдысты, кæм-иу куывдтыл дæр азылдысты.
   Куыд  æхсайы  ныр йæ зæрдæ уыцы хъæлдзæг цардмæ! Фæлæ  кæм  ис,
мæнæ   ам,  рынчындоны  хуысгæйæ,  баззади...  Йæ  зæрдæ  бауынгæг
Буцæйæн,  йæ  цæстытæ доны анхъæвзтой, æрбалæууыди  йæ  зæрдыл  йæ
уарзон  мад  Зæлда дæр. Куыд хъынцъым кæндзæн ныр йæ фырты  æрæгмæ
цыдыл!  Æвæццæгæн,  æхсæв дзæбæх фынæй дæр нал  кæны  йæ  мæтæй...
Афонмæ та йын Зæлда йæ разы авæрид хъæрмуст гуылтæ фæлмæн цыхтимæ,
кæнæ физонæггонд бæдул!
   -  О, нана, цы кæндзынæн, цы, куынæ уал дæм фæзынон, ам мыййаг,
ныгæд  куы  'рцæуон! - ныдздзынæзта Буцæ хинымæр æмæ йæ  сæр  базы
атъыста.
   Сæры бын уайтагъд цæссыгæй ахуылыдз сты къухтæ æмæ баз.
   Нæ  зоны,  нæ  зоны  Буцæ, фæцæудзæн ма  афтæмæй  йæ  райгуырæн
бæстæм,  æви  ам, уазал Петербурджы, фæуыдзæн йæ цард!  Æвæццæгæн,
ам,  æцæгæлон  бæсты, иу цæссыг ыл ничи æркалдзæн,  афтæмæй  æхгæд
æрцæудзæн  цъыфдзаст  ингæны...  Æмбæлттæй  ма  уæддæр  исчи   куы
аззадаид ам. Фæлæ нæй, куыддæр ахуырафон аивгъуыдта, афтæ  цæуыныл
фесты иууылдæр сæ хæдзæрттæм.
   Хуыссы Буцæ ингæнау æнцой хатæны æмæ удхарæй мæлы. Бон иу  хатт
фæзыны дохтыр, дыууæ-æртæ дзырды скæны æмæ фæстæмæ лидзæг фæвæййы.
Фæзыны  рæстæгæй-рæстæгмæ  рынчынгæс чызг,  фæлæ  хионы  хъыг  æмæ
æцæгæлоны  хъыг иу не сты. Йæ бинонтæй искæй хъæлæс куы  фехъусид,
уæд йæ зæрдæ фæфидар уаид, бæргæ, фæлæ дард сты уыдон, фендзæн  ма
сæ  искуы,  уый ныфс дæр æй нæй... Ацы хатæн йæ урс къултимæ,  бур
ахуырст  пъолимæ, ингæнау æнад сси Буцæйæн... Уæртæ ма  къуымы  иу
афтид сынтæг, уым ма уæддæр исчи куы хуыссид, ныхæстæй уæддæр сæхи
рæвдауиккой.
   Хъынцъым  кæны  Буцæ  йæ  райгуырæн бæстæ  ныууагъдыл  æмæ  ацы
фыдран бахаудыл. Хъынцъым кæны, мысы йæ царды бонтæ.
   Реалон  скъола  каст  куы фæци, уæд цæй стыр  бæрæгбон  уыд  йæ
ныййарджытæн!  Хæсгæ фыр æмæ дыууæ фысы æргæвст  уыди  йæ  куывды,
дыууæ тъæпæнбыны бæгæны, арахъ æнæнымæцæй. Цин кодтой бинонтæ  æмæ
æгас  хъæубæстæ йæ каст фæудыл... Стыр бон уыд уый, никæд æй ферох
кæндзæн...  Рацыди  ацы  æгæрон  уазал  горæтмæ.  Уый  уыди  фарон
августы. Ныр у июль... 10 мæйы... Уыдонæй аст мæйы диссаджы  тагъд
аивгъуыдтой, фæлæ фæстаг дыууæ мæйы ныддаргъ сты.
   
   х х х
   Технологон  институтæй  фондз  минуты  цыдæй  дарддæр  нæ  уыди
Буцæйы  фатер.  Хорз  хатæн ссардта. Дыууæ рудзынджы  кæртмæ,  алы
дзаумайæ фаг ифтонг. Зымæг - хъарм. Æфснайд вæййы афойнадыл. Цы ма
хъæуы  æндæр - ахуыр кæн фæндоны бæрц. Фæлæ нæй! Алцы зæрдæйы  фаг
кæм ис!.. Буцæ йæ сæр æргуыбыр кæндзæн лекцитæ цæттæ кæнынмæ, кæс,
æмæ та дуар чидæр хойы. Зоны раздæр Буцæ, уый та у Верæ Петровнæ -
фатеры хицауы ус. Йæ мой ам куы вæййы, уæд бæргæ нæ цæуы, фæлæ лæг
йæ  куыстмæ куы ацæуы, уæд ус уайтагъд ам æрбалæууы. Кæд  ын  Буцæ
"æрбад"  зæгъа, уæд æрбаддзæн къæлæтджыныл, æмæ дæ къух  ауигъ  дæ
куыстыл.  Кæд  ын  "æрбад" нæ зæгъа, уæддæр бирæ фæдзурдзæн,  стæй
тынг  æвæндонæй ацæудзæн... Цы хъæуы ам ацы усы, ницы  йын  æмбары
Буцæ! Цал хатты баззадысты уый тыххæй йæ куыстытæ æнæххæстæй!..
   Буцæмæ   æвзæр   адæймаг  нæ  кæсы  Верæ  Петровнæ,   уындджын,
зæрдæмæдзæугæ ус у. Цæудзæн ыл иу 30 азы бæрц, йæ бур  сæрыхъуынтæ
- хъуымбылтыхт къæбутырдыгæй. Хорз ус у Верæ Петровнæ, зæрдæхæлар!
Фæлæ  Буцæйы цы хъуыддаг ис уымæ, Буцæ æрцыди ардæм ахуыр  кæнынмæ
æмæ  йæ  куы  ничи хъыгдарид, уæд ын æхсызгон уаид...  Хаттæй-хатт
фатерæй  хъæлæба дæр фехъуысы - Верæ Петровнæ æмæ йæ лæг арæх  хыл
кæнынц, Буцæйы уыцы хъæлæба дæр хъыг фæдары, фæлæ уый афтæ  нæу  -
кусын æм куы фæцæуы, уæд хъæлæба хъуыды дæр нæ кæны.
   Ныр  мæй  рацыди  Буцæйы ам æрцардæй. Мæнæ та стъолыл  æргуыбыр
кодта,  архайы рессин æмæ ресфедерæй. Æвиппайды та лæппуйы хъустыл
ауади  хъæлæбайы  уынæр.  Йæ фæстæ - бандæтты  гуыппытæ,  тæбæгъты
зæлланг, стæй усы цъæхахст.
   - Цæй æнамонд бон мæ хуыцау æрбахаста ардæм!
   Уый фæстæ фехъуысти бæзджын хъæлæс:
   - Тыххæй дæ ничи ласта ардæм. Æнхъæлдæн, барвæндонæй æрцыдтæ!
   Ацы дзырды фæстæ дуары гуыпп сармадзаны хъæрау фехъуысти.
   "Исты  фыдбылыз дзы æрцыди, æвæццæгæн", - фæхъуыды  кодта  Буцæ
æмæ  рацæйуади  уатæй - кæд дзы, мыййаг, йе 'ххуыс истæмæн  хъæуы.
Фæлæ уыцы минут дуар чидæр æрбахоста.
   - Мидæмæ, мидæмæ! - сдзырдта Буцæ.
   Æрбауади  Верæ  Петровнæ.  Йæ цæсгом  сырх  æвæццæгæн,  мæстæй.
Цæстыты бын æрттывтой дыууæ гыццыл цæстысыджы.
   -  Нал  фæразын,  нал, афтæмæй цæрын! - уыди йæ  фыццаг  сныхас
усæн.
   Æрбадти,  æнæ  хонгæйæ,  диваныл æмæ къухæй  ацамыдта  Буцæйæн,
зæгъгæ, ам æрбад ды дæр.
   Буцæ  æрбадти усы фарсмæ дæрддзæфгомау. Ус æм бабадти хæстæгдæр
æмæ тагъд-тагъд дзурын байдыдта:
   -   Лæг  йæ  куыстæй  куы  'рцæуы,  уæд  загъдæн  æфсон  агурын
байдайы... Хæринаг дæр нæ бæззы, тæбæгътæ дæр сыгъдæг не  сты  æмæ
ноджыдæр ахæм цыдæртæ мысы... Ныр дæр та азагъд кодта æмæ  афардæг
ис.
   Буцæ  нæ  зыдта, цы сдзырдтаид усы хъæстытæм æмæ æнцад хъуыста,
йæ цæстытæ уаты пъолы атъысгæйæ.
   -  Нал  фæразын,  нал... Кæдæм ма мæ сæр фæхæссон,  уымæн  ницы
зонын! - загъта æппынфæстаг æмæ ноджы хæстæгдæр бабадти лæппумæ.
   Уыцы  минут  лæппу цыдæр рæвдауæн ныхас зæгъынмæ хъавыди  усæн,
фæлæ  йын нæ бантысти: ус ын йæ дыууæ къухæй йæ сæрыфæхстæ ацахста
æмæ йын йæ былтæн æнгом æмæ даргъ пъа ныккодта.
   Стыр  æфхæрд  фæкасти уыцы пъа лæппумæ. Йæ  цæссыгтæ  æвиппайды
фемæхстысты æмæ цæсгомыл бынмæ афæд кодтой.
   Къухтæ  сæрыфæхстæй куы фæхицæн сты, былтæ былтæй  куы  феуæгъд
сты,  уæд цæссыджы æртæхтæй иу къорд бахаудтой гом дзыхы æмæ æвзаг
ацахуырстой.  Ныр йедтæмæ Буцæ никуы бавзæрста, куыд  цæхджын  сты
цæссыгтæ,  фæлæ  йын ныр ахæм хъуыдытыл фæстиат  кæныны  фадат  нæ
уыди... Хъуамæ усæн исты уайдзæф зæгъа.
   Фæлæ,  Буцæ  йæ  цæстыты уæлæмæ нæма схъил  кодта,  афтæ  дуары
гуыпп фæцыд.
   Ус уаты нал уыди.
   Нæ фезмæлыди Буцæ йæ бынатæй.
   
   х х х
   Ацы хабарыл рацыди 3-4 боны.
   Буцæ  сихор хæрынмæ бацыди иу аслам хæрæндонмæ. Æрбадти.  Никуы
ма  уыди  ам æмæ фæлгæсы, цавæр у, зæгъгæ, ацы хæрæндон. Хæринаджы
кæлдтытæ  ныхъхъæбæр сты стъолæмбæрзæныл æмæ кæм бур дардтой,  кæм
саубын.  Хуылыдз ма дзы кæм уыди, уымыты ныггуппартæ сты бындзытæ.
Буцæйæн  йæхи раз тамакойы æртхутджытæ дæр дзыгуыртæй  лæууыдысты.
Æвæццæгæн, стъолæмбæрзæнтæ дæр æхсад арæх не 'ййæфтой, цагъд  дæр.
Ноджы  ацы тæф. Къухнæ уыди тынг хæстæг, туаг къабускайы  тæф  дзы
бæзджынæй калди æмæ фындзы хуынчъытæ æхгæдта.
   Буцæ хæрæндоныл йæ цæст куыд хаста, афтæ йæ разы æрлæууыди  урс
куатæджын  чызг. Буцæ йæм скасти. Комкоммæ йæм арæзт уыдысты,  æнæ
ныкъулгæйæ, чызджы дыууæ цъæх цæсты. Уыцы кастмæ нæ баурæдтой сæхи
Буцæйы цæстытæ æмæ фæстæмæ стъолæмбæрзæны чъизийыл андæгъдысты.
   "Цы   мæм  кæсы  комкоммæ  ацы  чызг?"  -  хъуыды  кодта  Буцæ.
Иуфарсæрдæм фæкасти, - сыхаг стъолырдыгæй дæр æм касти æндæр чызг,
-   уый  дæр  куатæджын.  Цы  базонын  хъуыди,  адон  уыдысты   ам
кæстæриуæггæнджытæ.  Скасти  та Буцæ  уæлæмæ  -  чызджы  цæстæнгас
зæрдиагæй зылди йæ цæсгомыл.
   - Что вам угодно? - фехъуысти чызджы адджын ризгæ хъæлæс.
   - Цы уæм ис сихорæн? Æри-ма картæ!
   Буцæ  равзæрста йæхицæн хæринаг. Иу-æртæ минуты фæстæ  та  чызг
фæзынди хæринæгтимæ.
   Лæппу та йын ацахста йæ комкоммæ каст.
   - Ныр йедтæмæ дæ никуы ма федтон ам, - сдзырдта чызг.
   - Кæм мæ федтаис, ныр йедтæмæ никуы ма уыдтæн ацы хæрæндоны.
   Чызг йæхи æрбахæстæгдæр кодта.
   - Ардыгон цыма нæ дæ, уый хуызæн мæм кæсы.
   - Дыууæ мæйы дæр нæма цæуы, афтæ Кавказæй æрцыдтæн.
   - Уырдыгон дæ?
   Лæппу  дзуапп  нæма  радта,  афтæ  æндæр  фынджырдыгæй  тæбæгъы
зæланг ссыди, æмæ чызг уырдæм ауади.
   Буцæ  хæрын  райдыдта  æмæ хъуыды кодта: "Цы  хынцфарст  у  ацы
чызг! Махмæ афтæ худинаг у".
   Иу  хатт,  хæргæ-хæрын,  лæппу йæ цæст  ахаста  хæрæндоныл  æмæ
федта: чызг та йæм дардæй комкоммæ кæсы.
   -  Дзæбæх  чызджы  хуызæн у, фæлæ æгæр  къæйных  каст  кæны,  -
сдзырдта хинымæр Буцæ.
   Уалынмæ  чызг  æрбахаста дыккаг тæбæгъ æмæ  хæстæг  æрбалæууыди
лæппумæ.
   - Дæ фатер кæм ис? - сындæг бафарста чызг.
   "Ай  æцæг  хынцфарст куы у", - фæхъуыды кодта  Буцæ  æмæ  фæрсы
чызджы:
   - Цæмæн дæ хъæуы?
   Чызг йæхи тынг бахæстæгдæр кодта æмæ хæрз сындæг сдзырдта:
   - Зæгъ мын дæ адрес, æмæ дæм æз бацæудзынæн.
   Лæппуйæн   йæ  цæстытæ  атартæ  сты.  Æвиппайды  ницы  сарæхсти
дзурын. Æппынæрæджиау загъта:
   - Хъуамæ нæлгоймаг райдайа ахæм ныхас. Чызгæн не 'мбæлы афтæ!
   Ацы дзуапмæ чызг бахудти æмæ та тæбæгъы зæлангмæ ауади.
   Буцæйæн  йæ  хъуыдытæ атахтысты йæ райгуырæн бæстæм,  азылдысты
хæхтыл,  быдыртыл, Дзæуджыхъæуыл. Ныр цы уыны, ахæмæй дзы  никуыма
ницы федта.
   -  Ай æндæр дуне куы у, æндæр! - сдзырдта Буцæ хинымæр. Уым  та
чызг йæ разы фегуырди æмæ, мидбылты худгæйæ, сындæг сдзырдта:
   - Абаддзыстæм, аныхас кæндзыстæм!
   Кæмдæр та стъол æрхостой, æмæ та чызг уырдæм ауади.
   Ныронг  Буцæ  амы цардмæ лыстæг нæма æркасти. Нæ  уыди  рæстæг,
фыццаг экзаментæ, стæй фатеры мæт, стæй та зæрдиагæй ахуыр кæнынмæ
бавнæлдта  -  хъуамæ  йе  'мбæлттæй фæстæдæр  ма  зайа...  Хъуыста
цыдæртæ,  уыдта  зæронддæр студенттæ чызджытимæ  куыд  рауай-бауай
кодтой, фæлæ йæ хъус æппындæр ахæм хъуыддæгтæм  нæ дардта.  Иухатт
æй  иу  æмхъæуккаг  студент  базонгæ кодта  иу  уырыссаг  чызгимæ,
ныууагъта  сæ  иумæ, йæхæдæг афардæг. Буцæйы не 'вдæлди,  цавæрдæр
лекци йæ сæрæй нæ хицæн кодта, уайтагъд хæрзбон загъта чызгæн  æмæ
йæ  фатермæ ацыди... Йæ зæрдыл æрбалæууыди Буцæйæн Верæ Петровнæйы
пъа, ныр ацы чызджы ныхæстæ дæр, æмæ сдзырдта хинымæр:
   - Нæ, махмæ афтæ нæу. Ай æндæр дуне у!
   Хæрд фæци Буцæ æмæ кардæй тæбæгъ æрхоста.
   Чызг  æрбауади.  Цыдæр  зæгъынмæ  ма  кæй  хъавыди,  уый  лæппу
фæхъуыды кодта, тагъд-тагъд æхца ахицæн кодта æмæ дуары æдде фæци.
   
   х х х
   Иухатт  ирон  студенттæй чидæртæ бамбырд сты се  'мбæлттæй  иуы
фатеры.  Уым,  бæгæны нуазгæйæ, хъæлдзæг ныхас  кодтой.  Буцæ  дæр
радзырдта  Верæ  Петровнæйы пъайы тыххæй,  стæй  хæрæндоны  хабары
тыххæй.
   Лæппуты худтæн кæрон нал уыди.
   Æппынфæстаг сæ иу загъта Буцæйæн:
   - Ду...р...р...ак!
   Иннæ йын загъта:
   - Дзидзидай!
   Æртыккаг загъта:
   - Фæлæууæд, мах æй тагъд ацахуыр кæндзыстæм!
   
   х х х
   Иухатт  та Буцæ, æвдæлон уæвгæйæ, рæстæг арвитыны тыххæй киномæ
бацыди.   Нывтæ  æвдисын  нæма  райдыдтой,  адæм  рæстæг  æрвыстой
тыргъты. Чи бадгæ кодта, чи лæугæ, чи рацу-бацу. Кæсы Буцæ,  уæртæ
йе  'мбæстон  студенттæй  æртæ. Бадынц чысыл  фынджы  алыфарс  æмæ
лимонад нуазынц, семæ цавæрдæр дыууæ чызджы. Ауыдтой студенттæ дæр
Буцæйы. Сæ иу æм йæ къухæй фæсидти.
   Бацыди  Буцæ, студенттæн сæ къухтæ райста, чызджытæн  йæ  сæрæй
акуывта.
   Лæппутæй иу чызджытæм бакасти.
   -   Нæ  зонут  кæрæдзи?  -  Базонут!..  Не  'мзæххон...  Ногфых
студент.
   Буцæ  йæ ном загъта. Чызджытæй иу æнæбæрæг цыдæр сдзырдта, фæлæ
иннæ, цæхæрхуыз сæрыхъуынджын, хъæрæй загъта:
   -  Анна Калашникова, цыбырдæр Анет, медикон факультеты кæсæг...
Мæ фыд дæр дохтыр у... Рынчын куы уай, уæд-иу æм фæбæрæг кæн!
   Буцæ бахудти:
   -  Бузныг  дæ  саламæй,  фæлæ рынчын кæныны  фæнд  æппындæр  нæ
кæнын.
   Æрбадти  Буцæ дæр семæ. Иууылдæр хъæлдзæг ныхас кодтой, дзырдтæ
кæрæдзи дзыхæй скъæфгæйæ.
   Анет  йæхи чи хуыдта, уыцы чызг йæ каст æмæ йæ ныхас Буцæйырдæм
скодта. Буцæ уыдта, ацы дзæбæх чызг ын иттæг зæрдиагæй йæ цæсгомыл
кæй  фæлгæсы,  æмæ  йын  æхсызгон уыди. Йæ зæрдыл  æрлæууыди  Верæ
Петровнайы пъа æмæ мидбылты бахудти... Нæ, ацы чызджы пъайы тыххæй
йæ цæссыгтæ не 'ркæликкой.
   
   х х х
   Дзæнгæрæг  ныццагъта.  Адæм сæ бынатæй  фенкъуыстысты,  æвдисæн
залмæ  фæцæуынц.  Буцæ æмæ Анет бацыдысты иумæ, сбадтысты  фæрсæй-
фæрстæм.  Сеансы  фæстæ  чызг загъта,  лæппуйы  цæстытæм  комкоммæ
кæсгæйæ:
   - Нæхимæ мæ ныххæццæ кæндзынæ? Æнафон у ныр.
   Лæппумæ  дзæбæх касти ацы чызджытимæ дзурын дæр, цæуын дæр  æмæ
загъта,
   - Тынг æхсызгонæй дæ ныххæццæ кæндзынæн. Кæцы ран цæрыс?
   Чызг бахудти:
   -  Нæ  дын  æй  зæгъдзынæн. Куы ныххæццæ уæм,  уæд  æй  дæхæдæг
фендзынæ.
   Сахаты  æрдæджы  фæстæ æрлæууыдысты рæсугъд,  фондз  уæладзыгон
хæдзары раз. Чызг загъта:
   -  Ай  у  нæхи  хæдзар. Нæхæдæг цæрæм дыккаг  уæладзыджы.  Цом,
нырма баддзысты, базонын дæ кæнон мæ ныййарджытимæ!
   Буцæмæ  ацы афон искæй хæдзармæ цæуын аккаг нæ касти æмæ цæйдæр
æфсон  тагъд  цæуыныл фæци сæхимæ. Чызг дзы уæддæр  дзырд  райста,
куыд сæм хæстæгдæр хуыцаубоны фæзындзæн сихормæ.
   Фыццаг  хуыцаубоны нæ, фæлæ уый фæстæ дыууæ хуыцаубоны  дæр  нæ
фæзынди Буцæ Калашниковтæм.
   
   х х х
   Уыди   уазал  æрæгвæззæг  изæр.  Буцæ  бадти  йæ  хатæны,   æнæ
тузуркæйæ,  туфлиты  мидæг, фæлмæн къæлæт  бандоныл  йæхи  фæстæмæ
ауадзгæйæ,  къæхтæ  бандоныл  сæвæргæйæ,  архайдта  "Сопротивление
материалов" бамбарыныл. Йæхицæн дзырд радта Буцæ, зæгъгæ,  цалынмæ
фæстаг лекци биноныг бамбара, уалынмæ не схуысдзынæн.
   Фæлæ  мæнæ  æвиппайды  йæ  хъустыл ауади  дуары  хост.  Куыддæр
"мидæмæ" сдзырдта, афтæ бырсæгау смидæг ис уаты Анет.
   -  Æз дæм æрбацыдтæн хыл кæнынмæ! Дзырд радтай æмæ нæ фæзындтæ!
- афтæ райдыдта Анет.
   -  Фæлæуу,  фæлæуу, - фестгæйæ, сдзырдта Буцæ. - Æлгъитыны  фаг
дæр  дын  рæстæг  уыдзæн! - Райста чызгæн йæ пъалто,  худ  æмæ  сæ
рагъæныл сауыгъта.
   Уым цавæрдæр фыдуаг хъуыдытæ фегуырди лæппуйы сæрымагъзы...
   - Æй-джиди! - сдзырдта хинымæр. - Ахæм дзæбæх чызг!..
   Фæлæ, æвæццæгæн, йæхимæ уæлдай дзырд дæр скæнын нæ бауадздзæн.
   Сбадтысты. Ныхас кæнынц студентты царды тыххæй.
   Буцæ цай рахæссын кодта.
   Ныхас кæнгæйæ, цай дæр ахицæн кодтой.
   Аивгъуыдта дыууæ сахаты бæрц, уыди раст дæс сахаты.
   Буцæйы  сæрымагъз  æхгæд уыди лекцитæй,  ам  та  йын  студентты
царды  кой  кæнынц... Анет куы сыстид æмæ йæ хæдзармæ куы  ацæуид,
уæд Буцæйы æндæр бæргæ ницы хъæуы ацы сахат.
   Фæлæ  чызг бады, цæуыны фæндæй йæм ницы ис. Райдыдта  та  ныхас
абоны хабæртты тыххæй.
   Сахат ныццагъта иуæндæс.
   -  Афон  цы  тагъд цæуы! - дисгæнæгау сдзырдта Буцæ.  Уый  афтæ
æнхъæл  уыди, æмæ афоны кой куы скæна, уæд чызг фæхъуыды  кæндзæн,
цæуын афон кæй у, æмæ ацæудзæн сæхимæ.
   Нæй,  чызг  бады, ныхас дардæй-дарддæрыл нывæнды.  Буцæ  мæстæй
мæлы, йæ лекциты мæт йæ сæрæй нæ хицæн кæны, фæлæ æнæбары йæ ныхас
у  хъæлдзæг,  ницæмæй æргом кæны æддæмæ йæ æцæг  хъуыдытæ...  Мæнг
уыдысты Буцæйы дзырдтæ, афтæ куы загъта: "Цы тагъд цæуы афон!"
   Афон тынг сындæг цыди Буцæйæн, минут æм сахаты бæрц касти.
   Скæс-скæс кодта Буцæ сахатмæ, - хатт æм афтæ касти, цыма  сахат
ныллæууыди. Нæй, лæугæ дæр нæ кодта сахат, йæ цæуыны зæланг дардмæ
хъуысти.
   Буцæмæ  афтæ  кæсын байдыдта, æмæ чызг 12 сахатмæ  бадыны  фæнд
кæны æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта уæдмæ.
   "Дыууадæсыл куы ацæуа, уæддæр хорз!" - хъуыды кодта  Буцæ.  Иу-
дыууæ сахаты ма акусид æмæ фæрогдæр кæнид йæ райсомы хæс.
   Сахаты дзæнгæрæг ныццагъта дыууадæс.
   Цыма  стыр маст йæ зæрдæйæ ахаудта, уыйау арф ныуулæфыди  Буцæ,
-  ныр  сыстдзæн  æмæ  ацæудзæн Анет...  Æгас  æртæ  версты  цæуын
бахъæудзæн чызгимæ, фæлæ уый ницы кæны, фæстæмæ трамвайы абаддзæн.
   Уым  чызг  йæ ныхас аргъæвта дунейы хабæрттæм. Дзырд  бацайдагъ
Герман æмæ Уæрæсейы хъуыддæгты тыххæй.
   Чызг дзырдта:
   - Уыдзæн хæст.
   Лæппу дзырдта:
   - Нæ, нæ уыдзæн.
   -  Уый  æнхъæл ма у, - загъта чызг, - æмæ Англис афтæ  кæсдзæн.
Нæ, уымæн йæ интерестæ амонынц схæцын Франц æмæ Уæрæсейы фарс.
   Уыцы ран Буцæйæн йæ цæстытæ æнахуыр æрттывд фæкодтой.
   Сыстади лæппу йæ бынатæй.
   - Кæд афтæ нæ уа, уæд-иу...
   Чызг хъавыди дарддæр дзурынмæ, фæлæ йын нал бантысти.
   Бандоны фæстæ лæугæйæ, агуыбыр кодта Буцæ æмæ Анетæн йæ  дзураг
былтæн даргъ пъа ныккодта.
   Райхъал  ис  нæлгоймаг. Ферох сты лекцитæ. Технологон  институт
дæр нал уыди. Уыдис ма æрмæст цæхæрхуыз сæрыхъуынджын Анет.
   Чызг "нæ, нæ" кодта, фæлæ...
   
   х х х
   Сахуыр ис Буцæ.
   Кæмдæриддæр дзæбæх сылгоймагыл æмбæлди, исты æфсæнттæй йын  æнæ
базонгæ  нæ  уыди.  Цал  хатты йæ федтой йе  'мбæлттæ  уынджы  дæр
сылгоймæгты фæдыл тындзгæ!
   -  Кæсут, кæсут Буцæмæ? - дзырдтой-иу уæд æмбæлттæ. - Уæртæ  та
кæйдæр фæсуры!
   Æмбæлттæ  хонын байдыдтой Буцæйы бабник, юбочник, фæлæ  Буцæйæн
уый æхсызгон йедтæмæ хъыг нæ уыди.
   Афтæ аивгъуыдта дæс мæйы.
   Хуыссы  Буцæ  рынчындоны нарæг сынтæгыл, æрдиаг кæны  йæ  царды
æрбайсæфтыл.  Лæг  суон  æнхъæлæй  рацыди  ардæм,  фæлæ  мæнæ  куы
фервæза,  уæддæр,  æвæццæгæн, нал фæцæудзæн йæ  райгуырæн  бæстæм.
Кæйдæртау нæ ацæудзæн Буцæ æвзæр низтæ тауынмæ. Йæ уарзон Аминæтмæ
дæр  нал бадзурдзæн, зæгъгæ, рацу, нæ цард иумæ сбæттæм. Нæ,  Буцæ
кæйдæрты нæ бафæзмдзæн. Фæлтау... Хъуыды йын уыди.
   
   х х х
   Райсомы  газетты,  лыстæг  хабæрттимæ уыди  фыст:  "Петербурджы
æртыккаг   рынчындоны  венерон  хайады  æрцауыгъта  йæхи  кавказаг
студент,  йæ  ном  Б-ы  Буцæ".  Стъолыл  зынди  æхгæд  фыстæг   йæ
ныййарджытæм.


   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *