КОЦОЙТЫ АРСЕН

ТОХЫ БОН

   Амондджын  бон  нæ райгуырди, æвæццæгæн, Додти.  Йæ  фыдæй  йын
ницы  баззади рагъхæлд бæх æмæ рацъон фæрæты йедтæмæ, гъе  уыдонæй
куыста  боныцъæхæй  изæрмæ. Хуыцау хорз, æмæ  æрдзæй  фидар  фæци,
хæрзконд  æмæ уæнгджын, хъаруйæ æххæст. Фæлæ йæхи йедтæмæ  хæдзары
кусæг   нæ   уыди,  æмæ  йæм  цы  муртæ  хаудта,  уыдон   ничердæм
æххæссыдысты.
   
   х х х
   Фæззыгон  райдзаст  райсом  Додти самадта  уæрдоны  сугтæ,  аив
амад,  цæсты  куыд ахадыдтаиккой, баифтыгъта дзы йæ рагъхæлд  бæхы
æмæ  араст  Дзæуджыхъæумæ.  Сугты сæр бадти  йæ  8-азыккон  хистæр
лæппу, йæхæдæг та цыди уæрдоны фарсмæ - тæригъæд кодта бæхæн.
   Базары  сугæлхæнæгæй фылдæр цы уыди! Ауæй кодта Додти йæ  сугтæ
æртæ  сомыл  æмæ  йæ  хъуыддæгтæ аразыныл фæци. Хъуамæ  балхæдтаид
сапон,  æндæхтæ,  йæ лæппуйæн хæдойнаг, хъуамæ дыууæ-æртæ  харбызы
æмæ  иу  дыууæ джиранкайы дзул дæр уæрдоны баппæрстаид æмæ фæстæмæ
афойнадыл  хæдзармæ  æмбæлдаид. Рагæй дæр Додтимæ  хорз  нæ  касти
дзæгъæлы фæстиаг кæнын.
   Æрурæдта Додти уæрдон иу чысыл магазины раз, - хъуымац дæр  дзы
уæй кодтой,
   алы  лыстæг дзауматæ дæр. Лæппу уæрдоны мидæг бадти æмæ алырдæм
фæлгæсыди, ныр йедтæмæ Дзæуджыхъæуы нæма уыди.
   Райста  Додти  æртæ  адлийы джиппæйфыст, дыууæ  къæбæлы  æндах,
æртæ  джиппы  сапон æмæ радта дуканийы хицаумæ йæ  гæххæттын  æртæ
сомы.  Фидын æй хъуыди æдæппæт фынддæс суарийы. Дуканийы хицау  та
йын æртæ сомæй фæстæмæ радаргъ кодта фондз суарийы.
   - Уый мын цы дæттыс? - бадис кодта Додти.
   - Дуканигæс фелвæста лагъзæй иу сом æмæ загъта:
   - Куыд цы? Сом мæм радтай æмæ дæм фæстæмæ фондз суарийы цæуы.
   Додти,   йæхи  æмбарын  куы  байдыдта,  уæдæй  фæстæмæ   зыдта,
паддзахы хицæуттæ сæхицæн хæсыл кæй нымайынц хæххон адæмы æфхæрын,
зыдта, Кавказмæ цы уырыссæгтæ æфты, уыдонæн дæр сæ хъæздгуытæ ахæм
зондыл хæст кæй сты.
   Додтийы  зæрдыл æрбалæууыди, базаргæнджытæ дæр галиу митæ  арæх
кæй  кæнынц,  æмæ  хъуыддаг хицæуттæм куы бацæуы, уæд  кæддæриддæр
растæй  кæй  баззайынц.  Бамбæрста Додти,  йе  'хца  дзæгъæлы  кæй
сæфдзысты, æмæ йæ риу ссыгъди мæстæй.
   Йæ  цæстытæ  тартæ  кодтой, ацы цъаммар  базаргæнæгмæ  кæсгæйæ,
афтæмæй загъта фырмæстæй ризгæ хъæлæсæй:
   -  Æз  дæм радтон гæххæттын æртæ сомы æмæ, цы æмбæлы,  уый  æри
фæстæмæ!
   Дуканийы хицау йæ приказчикмæ бакасти æмæ загъта:
   -  Ацы  гололобыймæ кæсыс? Афтæтæ кæнынц. Сыбырмæ  сафинаг  сты
иууылдæр
   Гололобый  цы у, уый Додти хорз не 'мбæрста æмæ ууыл  мæсты  нæ
кодта, фæлæ Сыбыры кой бамбæрста æмæ æрдæг рæмыгъдтытæй загъта:
   -  Мæ  хуызæттæ  нæ,  фæлæ  дæ  хуызæн  жуликты  æрвитын  хъæуы
Сыбырмæ.
   Дуканийы хицау, бурхил тæнтъихæг лæг, æндæр ран дзурын  дæр  не
суæндыдаид Додтийы хуызæн къамбец-лæгмæ, фæлæ ныр ам зыдта, æхцайæ
дæр  растæй  кæй  баззайдзæн,  æнæ уый  дæр  цы  бакæна,  хицæуттæ
кæддæриддæр  йæ фарс кæй уыдзысты. Додтийы дзыхæй жуличы  кой  куы
схаудта, уæд уый къух дард фæхаста æмæ йын йе 'хсæрфарс ныццавта.
   Уыцы  цæфæй  Додти  змæлгæ дæр нæ фæкодта,  фæлæ  фырмæстæй  йæ
цæстытæ атартæ сты. Стойкæты сæрмæ ферттывта хъама. Додти фæхъуыды
кодта,  йæ хъама цæмдæр хыссæйау фæлмæны куыд бацыди æмæ  йæ  къух
хъамайы фистонимæ базаргæнæджы гуыбыныл куыд банцади. Зыдта  Додти
йæ  хъамайы дæргъ, бамбæрста, фæсонтæй дисны бæрц кæй акасти,  æмæ
уымæй  йæ  зæрдæйыл  аныдзæвди стыр æхсызгондзинад.  Уый  уыди  иу
секунд.
   Дыккаг  секунды  Додтийы  сæры  арвы  æрттывдау  ауадысты  мæты
хъуыдытæ йæ бинонты, йæ æнахъом сывæллæтты тыххæй. Сыбырмæ йæ  куы
ахæссой, уæд уыдон цы кæндзысты æвæгæсæгæй?..
   Лидзыны фæнд фегуырди йæ сæрымагъзы... Абырæг... абырæг...  Уæд
йæ  бинонтæм  дæр йæ цæст дардзæн, адонæй дæр йæ маст зæрдæйы  фаг
райсдзæн.
   Приказчик  фыццаг  дзæбæх  нæ  бамбæрста  хъуыддаг  æмæ  джихæй
аззади.  Ахæм хъæлæбатæй фылдæр цы хъуыста уый дуканийы, фæлæ  ныр
куы  ауыдта  лæджы  афæлдæхгæ стойкæйы  фæстæ  æмæ  марæджы  къухы
тугæйдзаг хъама, уæд, йæхицæн дæр марынæй тæрсгæйæ, аппæрста  йæхи
фæстаг  хатæнмæ, стæй кæртмæ, æмæ уырдыгæй айхъуысти йæ  æрджиаджы
uz8p:
   - Фæдис!.. Абырджытæ! Марынц!.. Амардтой!..
   Додти  ласт  хъамаимæ  уынгмæ куы рагæпп  кодта,  уæд  ауад  йæ
хъустыл уыцы хъæр æмæ бамбæрста, зын кæй уыдзæн аирвæзын. Иу  каст
ма  фæкодта  уæрдонырдæм  æмæ ауыдта, йæ  лæппу  тарстхуызæй  куыд
фестади уæрдоны мидæг æмæ былысчъилæй куыд скуыдта...
   "Цæй, сывæллоны исчи бахæццæ кæндзæн хæдзармæ..."
   Нымæт  хъыгдардта Додтийы лидзгæйæ, фæлæ цы гæнæн уыди,  æлвæст
хъамаимæ ауагъта йæхи базары кæрæтты. Базарæй куы рахицæн  ис  æмæ
иу  нарæг  уынджы куы фæмидæг ис, уæд иу каст фæкодта фæстæмæ  æмæ
федта:  сурджытæ  кæрæдзи фæдыл ныддаргъ сты, -  базаргæнджытæ  се
'мбалы фарс куыннæ рауадаиккой! Мæнæ йæм иу æрбахæццæ кæны, хъилыл
бæрзонд хæцгæйæ.
   Лидзы  дарддæр.  Къæхты  хъæр æмæ уынæрæй  бамбæрста:  мæнæ  йæ
æрбаййæфта,  мæнæ йыл хъилы цæф æруайдзæн. Иуфарс  аппæрста  йæхи,
æмæ хъилы цæф зæххыл æруади, цæвæг та размæ басхъиудта.
   Дыууæ  цæфы йын ныккодта Додти æмæ фæхъуыды кодта, уый фенгæйæ,
иннæ хæстæгдæр сурджытæ се згъордæй кæй фæкъуылымпы сты.
   Аирвæзыны ныфс фæтыхджындæр ис Додтийы зæрдæйы.
   Лидзы дарддæр.
   Нымæт...   нымæт  æй  хъыгдары,  уый  йедтæмæ   йæ   бæргæ   нæ
раййафиккой.
   Мæнæ та къæхты хъæр тыхджындæр кæны.
   Хъуыстысты хъæртæ:
   - Держите!
   - Бейте эту собаку!
   Фæкасти та Додти фæстæмæ: мæнæ йæ дыууæйæ æрбаййафынц,  -  иумæ
дзы стыр
   лæдзæг.  Уым  Додтийы  зæрдыл  æрбалæууыди,  сæ  хъæуы-иу  куыд
мардтой æрра
   куыдзы:  раст-иу афтæ ныййарц сты йæ фæдыл ныхæсты бадæг  адæм:
чи хъилимæ, чи дуримæ, чи æндæр ахæм истæимæ.
   Мæнæ æрбахæццæ сты. Сæ улæфт сын хъусын байдыдта.
   Йæ  хъуыды,  йæ тых ма цы уыдысты, уый æрбамбырд  кодта  Додти,
аппæрста  та  йæхи  иуварс.  Лæдзæг  кæмæ  уыд,  уый  размæ   куыд
фæцæйирвæзти,  афтæ йæ барæхуыста. Хъама та аныгъуылди  арф,  фæлæ
Додтийæн йæхи галиу уæхскыл дæр æруади цæф. Уый фæстæ чи уыд,  уый
басхъиудта лæдзæгджыны мардыл æмæ йæ Додти фæрсырдыгæй бацавта.
   "Цыппар баисты ацы тугцъиртæ", - бацин кодта Додти.
   -  "Æй-джиди, - фегуырди йæ сæрымагъзы, - иу къорд ма  дзы  куы
бафтид мæ къухы!"
   Фæлæ  мæнæ  басасти  йæ тых, базыдта йæ, кæй нал  аирвæздзæн...
Уæддæр  та ауагъта йæхи дарддæр, фæзылди цæхгæрмæ уынджы.  Бахæццæ
ис  йе 'мбисы онг, афтæ та йæ æрбаййæфтой. Кæй йæ æрбаййæфтой, уый
базыдта  Додти.  Фæзилынмæ  та хъавыди  йæ  хъама,  фæлæ  йын  нал
бантысти. Уæззау хъилы цæф æруади йæ сæры фахсыл æмæ рахиз цонгыл.
Асхъиудта Додти размæ, афæлдæхти дæлгоммæ. Зæхмæ куы хауди, уæд ма
иу  хъуыды ферттывта йæ сæрымагъзы: "Нымæт мæ фесæфта, аппарын  æй
хъуыди!"
   Уынджы  æддаг  тигъыл цы городовой лæууыди,  уый  февнæлдта  йæ
уасæнмæ,  фæлæ,  хæххоны  кæй нæмынц, уый  куы  федта,  уæд  уасæн
фæстæмæ  æруагъта æмæ йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта... Йæхæдæг  дæр
ын  иу-дыууæ тъæппы бæргæ ныккæнид, фæлæ... городовойы  дзаума  йæ
хъыгдары!
   Додти  куы  ахауди,  уæд  ыл  уым  æрлæууыдысты,  чи  йæм  куыд
арæхсти,  афтæ, - чи йæ лæдзæгæй цавта, чи дурæй, чи та йæ  къахæй
тъæппытæ кодта.
   Цæфимæ алы фыдæлгъыст хъуысти хæххон адæмыл:
   - Ныццæгъдын хъæуы ацы куыйты иууылдæр!
   - Фæсурын хъæуы ацы гололобыйты Сыбырмæ!
   Додти  ма дыууæ-æртæ хатты сыстыны змæлд скодта, фæлæ иу бурхил
бæрзонд  лæг, фырцинæй дæндæгтæ базыхъыр кæнгæйæ, стыр  уираг  дур
æрбадавта, бæрзонд æй систа æмæ хорз æрхъавыди сæрмæ.
   Дур батыдта сæрыкæхцы, æмæ магъз тугимæ хъулон адардта дуртыл.
   Нæмджытæ  ма  фæстаг æлгъыстытæ скалдтой Додтийыл,  чидæртæ  ма
йыл ныттутæ кодтой æмæ фæйнæрдæм айстой сæхи.
   Уæд  городовой зулмæ ракасти æмæ, лæг кæй нал змæлыди, адæм  та
кæй апырх сты,
   уый  куы  федта,  уæд йæ уасæн сындæггай йæ дзыхмæ  схаста  æмæ
фæдисы æхситт ныккодта.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *