КОЦОЙТЫ АРСЕН

ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?

   Тæскъ   уæрдоны   фæстæ   баст   куы   фæци,   уæд   Хъуыдайнат
Хурыскæсæнырдæм фæкасти æмæ сдзырдта æххуырстмæ:
   -  Сæуæхсид бæрæг кæнын байдыдта. Фезмæл, Степан, хос  æрбадав,
дуар бакæн - æрæджы мын кæны!
   Бæх  йæ бынаты æнцад нæ лæууыди, цыма йæ бындзытæ хордтой, æмæ-
иу  уæрдон куы фезмæлыди, уæд-иу тæсчъы мидæг кæрчытæ, бабызтæ æмæ
хъазтæ  алы  æвзагæй сæрдиаг кодтой, цыма æмбæрстой, сæ  райгуырæн
кæртæй сæ дард бæстæм уæймæ кæй ласынц.
   Хъуыдайнат  ма  бæхы  ифтындзыныл  архайдта,  афтæ  Госæзи,  йæ
бинойнаг, хордзены тыхтæй цыдæр радавта.
   - Стонджы дын куы уа, уæд дын мæнæ ам кæрдзыны къæбæр.
   Хъуыдайнат  мидбылты  бахудти, -  зыдта,  уым  кæрдзыны  къæбæр
йедтæмæ ма ноджыдæр исты кæй уыдзæн.
   -  Хæдойнаг, къæбæлтæ æмæ сæрак ма ферох кæн! - сдзырдта ус æмæ
барасти фæстæмæ хæдзармæ.
   Уалынмæ  Степан,  йæ  къуылых къахыл хъеллау  кæнгæйæ,  хъæбысы
дзаг хос æрбадавта æмæ йæ уæрдоны гуыффæйы æрæфсæрста...
   
   х х х
   Хъæуы   æддейы  куы  фæци  Хъуыдайнат,  уæд  сæуæхсиды  уындæй,
райдзаст  райсомы  тæфæй  æмæ мæргъты алыхуызон  зардæй  йæ  зæрдæ
бахъæлдзæг  ис æмæ сындæггай "Чермены зарæг" байдыдта.  Заргæ  дæр
куыннæ кæна, - лæппу йæ тæккæ тыхæй, йæ тæккæ хъаруйæ, 26 азы  дæр
ыл  нæма  цæуы.  Афæдзы размæ йæ зæронд мад æмæ фыд фæд-фæдыл  куы
амардысты,  уæд  иунæгæй баззади Хъуыдайнат, йæ кæстæр  хоимæ.  Йæ
зæрдæ  нæ  асасти, йæ уæнгтæ не 'руагъта лæппу. Фæлæ  зæрдиагдæрæй
кусын æмæ хæдзары мæт кæнын райдыдта, - ныр æхсæз мæйы цæуы,  афтæ
ус æрхаста, чысыл фæстæдæр та йæ хойы чындзы арвыста.
   Ус  та цы хуызæн æрхаста Хъуыдайнат!.. Ныр уый заргæ кæны, фæлæ
йæ  хъуыдытæ йæ бинойнаджы тыххæй сты... Цы хуызæн у, цы,  Госæзи!
Хæрзконд,  рæсугъд,  куыстуарзон, къухарæхст. Бирæтæ  Хъуыдайнатмæ
хæлæг  дæр кæнынц. Уæд цæй диссаджы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ кæнын
зоны!..  Уыцы наливкæ, уый! Чи дзы фæхъæстæ вæййы, уый йæ койгæнгæ
ацæуы.  Уыцы  ран  Хъуыдайнат  фæхъуыды  кодта  хордзентæ  æмæ  сæ
асгæрста: нартхоры кæрдзын... Алы бон дзул кæм ис!.. Цыхты  къæртт
æмæ та уыцы чысыл авг, фæлæ авджы цы ис, уый чи зоны! Систа йæ æмæ
дзы акасти, арахъ хуымæтæджы арахъ...
   Уым Хъуыдайнат мидбылты бахудти æмæ идон базмæлын кодта.
   Хур  къæдзæхты æддейæ йæ был сдардта, цыма уым æмбæхст уыди æмæ
сусæгæй истæмæ касти, уыйау.
   -  Фæндагæн  йе  'ртыккаг хай рауадтæн, -  загъта  хинымæры.  -
Афойнадыл фæстæмæ хæдзармæ хæццæ кæндзынæн.
   Лæппу  та  идон  базмæлын  кодта, æмæ бæх  тагъддæр  асæпп-сæпп
кодта.
   
   х х х
   Диссæгтæ   куыннæ   вæййы  дунейы,  -  хæдзарæй   куы   рарасти
Хъуыдайнат,  уæд  сылгоймагыл  нæ  фембæлди,  быдыры  тæрхъус   йæ
фæндагыл цæхгæрмæ нæ ауади, афтæмæй... кæсут ма...
   Рахиз  цалхы  уыттыр цыдæр фæци, цалх чысылгай кæронмæ  абырыди
æмæ  сæмæнæй асхъиудта, сæмæн йæхи æрцавта хъæбæр зæххыл æмæ тæккæ
рæбыныл  фæсасти.  Кæрчытæ, бабызтæ æмæ хъазтæ тæсчъы  иуварсырдæм
фæбырыдысты æмæ алы хъæлæсæй сæ маст, сæ рис зонын кодтой.
   Хъуыдайнат  йæхæдæг  та уæрдонæй рахауди, фæлæ  хаугæйæ  арæхст
хæст  фæци  сæрхъæдыл æмæ йыл тынг цæфæй ницы сæмбæлди,  чысыл  йæ
къах фездыхсти.
   -   Здæхын   хъæуы  фæстæмæ,  æндæр  ницы!  -  загъта  хинымæры
Хъуыдайнат. Æрбадти, цæф къахыл хæцгæйæ, фæндаджы раз  æмæ  хъуыды
кодта, куыд бахæццæ уыдзæн уæрдон фæстæмæ хъæумæ...
   Уалынмæ  йæ  раййæфтой  йæ  хъæуккæгтæ,  -  уыдон  дæр  горæтмæ
цыдысты.
   Хъæуккæгтæ  Хъуыдайнаты иувæрсты нæ ацыдысты,  -  баурæдтой  сæ
уæрдæттæ,  саст  уæрдонæн  фидар  бырæн  скодтой,  цалх   гуыффæйы
сæвæрдтой,  Хъуыдайнатæн йæхицæн уæрдоны  бадæн  сарæзтой  æмæ  йæ
рафæндараст кодтой фæстæмæ хъæумæ.
   
   х х х
   Уæрдон  кæртмæ куы бахæццæ ис, уæд тæскъæй алы уаст æмæ  хъæрæн
кæрон нал уыди
   -  базыдтой  мæргътæ  сæ райгуырæн кæрт æмæ  цин  кодтой.  Фæлæ
диссаг  уæд  уыди,  Степан хæдзарырдыгæй  куы  рауади,  тæскъ  куы
раргъæвта æмæ мæргъты куы рауагъта...
   Алырдыгæй  уадысты  иннæ хъазтæ, бабызтæ æмæ  кæрчытæ  æмæ  цин
кодтой, се 'мбæлттæ хæдзарыл дзæбæхæй кæй сæмбæлдысты. Степан  сæм
касти æмæ мидбылты худти. Йе стыгъд цæст æнæуи дæр сырх уыди,  ныр
та тынгдæр сырх зынди, цæссыгтæ йыл фæзынди.
   -  Нæхион  кæмдæр  цыдæр  ахуыпп  кодта,  æнхъæлдæн,  -  загъта
хинымæры Хъуыдайнат.
   -  Йæ  цырыхъытæ  дæр  йæ уæлæ не сты... цыма  йæ  Терчы  цæуын
хъуыди!..
   Уыцы  ран та Хъуыдайнат схъæрзыдта - цæф йæхи æмбарын  кодта  -
æмæ къодахыл æрбадти.
   Нырма  ныр  ауади  Хъуыдайнаты хъустыл стурты  уасын.  Фæкасти:
хъомтæ  хъомдоны  æхгæдæй лæууынц. Æлгъитаг  нæ  уыди  Хъуыдайнат,
æвзæрдзинад æм касти æлгъитын, фæлæ ацы хатт нал баурæдта йæхи æмæ
бадзырдта Степанмæ:
   -  Хæрæджы  фырт  Степан, цы ми кæныс ныры онг,  стурты  хъоммæ
цæуылнæ атардтай?
   Степан  джихауæй  аззади, - ныры онг йæ зæрдыл не  'рлæууыдысты
стуртæ.  Бамбæрста  йæ аххос бæлвырдæй, дзургæ ницы  скодта,  фæлæ
хъомдоны дуар фегом кодта... Фæкасти бæхмæ дæр.
   -  Аскъæр  бæхы  дæр! - загъта Хъуыдайнат.  -  Абон  ницæмæнуал
бахъæудзæн ам.
   -  Цы  ми кæны усай, куыд никæцæй зыны! - дис кодта Хъуыдайнат.
Бараст  ис,  хъæрзгæйæ  хæдзармæ, бакасти  уатмæ  -  Госæзи  цыдæр
дзауматæ æмпъузы.
   - Цы дыл æрцыди, хъæрзгæ куы кæныс? - бафарста Госæзи.
   Хъуыдайнат  хордзентæ къуымы æрæвæрдта, кусеткæйыл æрбадти  æмæ
сындæг сдзырдта:
   -  Фæндараст  цыд нæ фæдæн абон. Уæрдоны сæмæн асасти.  Мæхæдæг
дæр  рахаудтæн зæхмæ æмæ мæ къах ныццавтон... Æри-ма  баз,  æз  ам
æркъул кæнон!
   Хъуыдайнат  фæкасти - хуыссæнтæ нывыл æфснайд нæ  уыдысты  абон
æмæ фæдис кодта.
   Госæзи ми кæнинаг иуварс æрæвæрдта æмæ, баз исгæйæ, загъта:
   -  Уæд  та дæ цæф хъæдгоммæгæсæгæн фенын кæн, кæд тынг  цæф  у,
мыййаг!     Лæдзæджы æнцæйтты йæм куы ссæуис -ныр сæхимæ уыдзæн...
   -  Комкоммæ дæр мæм нал кæсы, - хъуыды кодта Хъуыдайнат. -  Уый
абон  æнхъæлмæ касти хæдойнæгтæм æмæ сæрвасæнтæм... Хъыг ын куыннæ
уа мæ раздæхт!..
   Хъæрзгæйæ   кусеткæйыл   æрхуыссыди   Хъуыдайнат,   йæ   цæсгом
къулырдæм аздæхта æмæ загъта:
   -  Йæхæдæг  куы 'руаид, куы нæ фæзивæг кæнид!.. Сæрвит  ма  йæм
уæртæ сыхæгты лæппуйы!
   Госæзи  мигæнинаг  чыргъæды афснайдта æмæ ма цæмæдæр  бавнæлдта
кусеткæйы бынмæ.
   -  Диссаг  нæу,  ныр  дæр  та  уыцы смаг!  -  сдзырдта  хинымæр
Хъуыдайнат.  Уый  уатмæ  куы бацыди, уæд йæ  фындзыл  ауади  сæрст
цырыхъыты смаг, фæлæ йæ уыцы минут йæ зæрдæмæ нæ бахаста, ныр  та,
ус кусеткæйы бынмæ куы бавнæлдта, уæд уыцы смаг йæ фындзыл тынгдæр
ауади...  Æвиппайды Хъуыдайнаты сæрымагъзы айгæрстой ахæм  æбуалгъ
хъуыдытæ, æмæ йæ ных уазал хид ракодта: "Степан бæгъæввад  уыди...
Уыцы цырыхъытæ ма уæнт?!"
   Ус  дуары  æддейы куы фæци, уæд Хъуыдайнат фестади, къахы  рыст
хъуыды  дæр нал æркодта, æмæ рудзынгæй йæ фæдыл акаст, -  "бæлвырд
Степаны  цырыхъытæ  сты!" - Гъе, ныр æрбалæууыди  Хъуыдайнатæн  йæ
зæрдыл,   Степан  бæгъæввадæй  уатырдыгæй  кæй  рауади   хуыссæнты
æнæфснайд дæр æм ныр зæрдæхсаинаг фæкасти, уый дæр ма, ус йæ размæ
кæй нæ рауади кæртмæ.
   Минуты бæрц Хъуыдайнат сагъдау аззади, стæй йæ сæр банкъуыста:
   -  Нæ,  бауырнинаг  нæу  уый!..  Æнæхæдзар  уырыссаг,  къуылых,
стыгъд  цæст...  Ууыл  мæ баивдзæн?! Уæд арв  дæлæмæ  æрхаудзæн!..
Уæд...  Уый та цы у уæртæ?! - йæ цæст ауыдта кусеткæйы бын тæбæгъы
тигъ.
   Раласта   Хъуыдайнат  тæбæгъ.  Уым  уыди  хъæрмустæй  дзаджджын
уæливых æмæ хъайла.
   -  Исты  ма  дзы  уыдзæн,  æвæццæгæн,  -  загъта,  былтæ  чысыл
базмæлын  кæнгæйæ, Хъуыдайнат. Зоныгыл æрбадти, бакасти, бавнæлдта
æмæ  раласта  авг  цавæрдæр бургомау нозтимæ. Базыдта  йæ  -  ахæм
нозтæй буц дардта Госæзи Хъуыдайнаты.
   Абадти  Хъуыдайнат  чысыл зоныгыл, стæй,  мидбылты  мæсты  худт
кæнгæйæ, тæбæгъ æмæ авыг сæ бынаты сæвæрдта.
   Фестади  Хъуыдайнат, къулыл йæ хъамамæ къух адаргъ кодта,  фæлæ
йæ æруагъта фæстæмæ.
   -  Нæ, нæ!.. Ахæм æбуалгъ хъуыддагæн хъуамæ йæ мастист дæр йæхи
аккаг уа!..
   Ацы  хъуыдыимæ Хъуыдайнат æрхуыссыди фæстæмæ кусеткæйыл, цæсгом
къулырдæм, æмæ æнхъæлмæ касти, кæддæра цы уаид æддæдæр. Бирæ  афон
нæ ацыди, афтæ Госæзийы дзурын ссыди:
   - Ныртæккæ æрцæудзæн хъæдгоммæгæсæг.
   Хъуыдайнат йæхи фынæй скодта, йæ хуыр-хуыр цыди.
   Уæд  Госæзи  сындæг бацыди, кусеткæйы бынæй раласта тæбæгъ  æмæ
авг æмæ сæ ахаста.
   -  Хорз... ныр ам иу мисхалы йас дæр зæрдæхсаинаг ницыуал ис, -
загъта хинымæр Хъуыдайнат. Ахуыссыди ма чысыл, стæй рацыди кæртмæ.
   Уым,  кæрдобæласыл банцой кæнгæйæ, лæууыди,  Госæзи  æмæ  кæрты
дуармæ касти, цыма уырдыгæй исчи фæзынинаг уыди.
   Йæ цæстытæ адзагъыр сты, куы ауыдта йæ мойы, уæд.
   Хъуыдайнат сдзырдта:
   - Диссаг нæу, мæ къах æппындæр нал риссы!..
   Раст  загъта  уымæй  Хъуыдайнат: цырыхъытæ  куы  ауыдта,  уæдæй
фæстæмæ  дзы ферох сты горæтмæ цыд дæр, къахы цæф дæр,  хъуыддæгтæ
æмæ  алы  царды фæндтæ. Йæ цæстыты раз лæууыдысты æрмæст  Госæзийы
фæлывд  цæсгом,  йæ  калмы цæстытæ æмæ къуылых  уырыссаджы  цæсгом
стыгъд  цæстимæ. Йæ сæры та уыди æрмæст иу хъуыды: "Ахæм   æбуалгъ
хъуыддагæн йæ мастист йæхи аккаг хъуамæ уа!"
   Ацы   хъуыдытимæ  Хъуыдайнат  кæрты  къуымты  зилын   байдыдта.
Скъæтмæ бацыди, алырдæм дзы афæлгæсыди, алæууыд дзы чысыл,  хъуыды
кæнгæйæ. Афæлгæсыди сарайы къуымтыл дæр, - къулыл хырх куы ауыдта,
уæд  æй  къухæй авзæрста, къуымых у æви цыргъ. Сугсæттæнмæ  бацыди
æмæ фæрæтмæ дæр бирæ фæкасти.
   Уалынмæ  хъæдгоммæгæсæг æрцыди. Хъуыдайнат хъæлдзæгæй йæ  размæ
рауади æмæ йæ фæстæмæ арвыста.
   Бацыди Хъуыдайнат уатмæ æмæ фæдзырдта уырдæм Госæзимæ.
   -  Зæгъ-ма  мын,  мæ  уарзон, дунейы циндзинæдтæй  стырдæр  æмæ
рæсугъддæр кæцы у?
   - бафарста Хъуыдайнат усы.
   Ус  исдугмæ ныкъкъуылымпы ис, стæй фæлмæн бахудти, йæ  диссаджы
урс дæндæгтæ ферттывтой æмæ загъта:
   - Ды æнæфсарм цыдæр зæгъынмæ хъавыс...
   Лæг æм комкоммæ бакасти.
   -  Йе,  усай,  куыд  дæм  кæсын,  афтæмæй  ды  раст  дзуапп  нæ
ратдзынæ. Фæлтау мæхæдæг зæгъон. Стырдæр æмæ рæсугъддæр циндзинад,
æз куыд æмбарын, афтæмæй у маст исын... Уый æз абон бамбæрстон æмæ
йæ абон бавзардзынæн.
   Ус   фембæрста   хъуыддаг,  æвиппайды  цикъæйау   афæлурс   æмæ
дуарырдæм  йæхи фæцæйласта. Фæлæ Хъуыдайнат фæраздæр ис  æмæ  дуар
æрæхгæдта.
   -  Æнцад  лæу, усай, - загъта лæг, - кæннод дæ хъамайæ скъуыхтæ
кæндзынæн!..  Степан куы 'рбацæуа, уæд-иу кæс  дзæбæх,  хъуамæ  хи
цæстытæй  фенай, куыд зонын æз маст исын... Дæуимæ  цы  кæндзынæн,
уый  та мæхæдæг дæр нæма зонын... Йе, хъусыс?.. Кæрты дуары  хъист
фæцыди: уый æрбацыди Степан.
   Госæзи уæрджытæ æрхоста æмæ нынниудта:
   - Æрбацæуы Степан... Цы уыдзæн, цы? Цы уыдзæн?!

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971   


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *