КОЦОЙТЫ АРСЕН

ÆНÆНОМ РАДЗЫРД

   
   - Афицер дæ хуыцау скæнæд!
   - Паддзахы хорзæхæй хайджын у!
   Тего-иу  каникулты скъолайæ йæ хæдзармæ куы ссыди, уæд-иу  ахæм
арфæтæ зæлланг кодтой бон-изæрмæ йæ хъусты.
   Йæ  мундиры  цæппæртæм дзæбæх зылди Тедо, æмæ дардмæ æрттывтытæ
калдтой.  Адæмы  цæстыты  тынг  ахадыдтой  уыцы  цæппæртæ.   Уыдон
æрттывды тыххæй йе 'мгæрттæ, чысылæй кæимæ хъазыди, кæимæ  схъомыл
ис  æмæ хъæуы, сау куыст кæнгæйæ чи баззади, уыдон æм хæлæггæнгæйæ
кастысты.  Уынгты-иу куы фæцæйцыди, уæд-иу быруты сæрты æмæ  кауты
хуынчъытæй бирæ чызджыты цæстытæ æрттывтой.
   - Цавæр скъолайы ахуыр кæны Тего?
   - Æмæ уырдыгæй афицертæ цæуынц, цымæ?
   -  Фæндонæй  у,  фæндонæй.  Куы йæ бафæнда  -  афицер,  куы  йæ
бафæнда - инженер, куы йæ бафæнда, уæд та дохтыр дæр.
   - Амондджын адæймаг у, йæ бонæй уæд!
   Ахæм ныхæстæ дæр йæ хъустыл уадысты Тегойæн хаттæй-хатт.
   Арæх  æй  хонгæ  дæр кодтой йæ хæстæджытæ æмæ йæ  зонгæтæ,  буц
хæринæгтæй, буц нуазинæгтæй йæ хынцыдтой.
   Тего  сывæллон  нал уыди - æвддæсæм сæрд уыдта  йæ  цæрæнбонты,
уæдæ  рынчын дæр нæ уыди, афтæмæй йын йæ бинонтæ буц митæй  цы  нæ
кодтой,  ахæм нæ уыди. Мад ын æвæрæнтæ кодта, хицæн хæринæгтæ  дæр
ын-иу  ацарæзта,  æхца  дæр  ын-иу авæрдта,  истæмæн  дæ,  зæгъгæ,
бахъæудзысты.
   Афтæ буц царды æрвыста Тего йæ рæстæг.
   
   х х х
   Хъуыддаг  афтæ  рауади, æмæ Тего афицер дæр нæу,  инженер  дæр,
дохтыр  дæр.  Афæдзы  æрдæг  ма  йæ хъуыди  реалон  скъолайы  каст
фæуынмæ,  афтæ  фæрынчын  ис  рæуджыты  судзагæй.  Тыхтæй-амæлттæй
фервæзти,  фæлæ йæ ныфс асасти кусынмæ æмæ ахуыр кæнынмæ,  хæдзары
æнцад бадгæйæ, арвыста иу афæдзы бæрц. Æвзæр зивæггæнаг сси,  афтæ
дзæгъæлы  рацу-бацу кодта, ныхæсты бадти. Уæддæр æм тынг  сæ  цæст
дардтой бинонтæ, хæринаг æмæ нуæзты дзæбæхæй йæ хъуаг нæ уагътой.
   Рæстæг  цыди.  Ралæууыди дыккаг аз. Фыццагау  зæрдæхæларæй  нал
дзурынц   Тегомæ  йæ  хæстæджытæ  æмæ  зонгæтæ.  Иуæй-иутæ   нывыл
"бонхорз"  дæр  нал дзурынц, афтæмæй йæ рæзты фæцæйцæуынц.  Ныхасы
куы  бады Тего, уæддæр адæмæн сæ ныхас - сæхи мидæг, Тего уым  ис,
нæй, хъуыды дæр нæ кæнынц.
   Иухатт йæ хъустыл ахæм дзырдтæ дæр ауади:
   - Уыцы æвзæр та рацæуы.
   - Цы сæфт фæкодта, уый æнхъæл ын чи уыди!
   Хъуыды  кодта  Тего йæ цардæвæрды тыххæй. Æцæгæлæттæ  æмæ  дард
хæстæджытæ  цыфæнды  кæнæнт. Уыдон ын стыр  лæг  суын  æнхъæл  куы
уыдысты,  уæд ын йæ зæрдæ æлхæдтой: чи зоны, искуы куыд вæййы,  цы
вæййы,  цы вæййы... Ницы дзы рацыди, зæгъгæ, уæд та йæм сæ чъылдым
сæздæхтой. Фæлæ мæнæ йæ ныййарджытæ, йæ фыд, йæ мад! Уыдоныл та цы
æрцыди?  Буц  митæ,  буц хæринæгтæ ферох сты.  Комкоммæ  йын  нæма
зæгъынц, зæгъгæ сын сæ кæрдзын лæвар хæры. Уый нæ, фæлæ йæм рæстмæ
дзургæ дæр нал кæнынц... Уый дын хионы уарзондзинад. Кæд дæм  исты
æнхъæлмæ кæсынц, уæд хорз, кæд нæ, уæд æцæгæлонæй фыддæр...
   Мæсты  кодта  Тего.  "Фæлæууæнт, - дзырдта  хинымæр,  -  æз  сæ
фыдæнхъæл фæкæндзынæн. Кæд мын лæгъстиаг нæ фæуой, уæд фендзыстæм.
Уымæ  мын ма кæсæнт, æмæ ныр ме уæнгтæ мард сты, мæ зæрдæ нæ  райы
куыстмæ"...
   Йæ  мад ма йæм хуыздæр цæстæй касти, фæлæ уый дæр фыццагау афтæ
никуыуал загъта:
   -   Гъа,   мæ  хъæбул,  мæнæ  дын  иучысыл  æхца,  истæмæн   дæ
бахъæудзысты!
   Ацы  æнтъыснæг  хъуыдытимæ Тего йæхæдæг дæр  йæхи  адæмæй  дард
ласын  байдыдта. Уæддæр-иу æй хаттæй-хатт исчи бацагуырдта: фыстæг
бакæсыны тыххæй, кæнæ фыстæг афыссыны тыххæй.
   Касти  Тего фыстæгтæ, фыста фыстæгтæ, хи гæххæтт хардз кæнгæйæ.
"Бузныг"-иу ын загътой, стæй та-иу æй хъуыды дæр нал кодтой.
   Мæсты  кæнын  байдыдта  Тего  адæммæ,  æппæтмæ  дæр,  æртхъирæн
кодта:
   - Фæлæуут, æз дæр мæнæ дæн!
   Иу  бон  æм бадзырдта иу дæлæсыхаг, чысыл йедтæмæ кæй нæ зыдта,
йæ ном Хату:
   -  Паддзахы хорзæх дæ æрбауа, Тего! Уæртæ мæ миравоймæ  прасенæ
афыссын  хъæуы  æмæ  мын  куы  нæ фæзивæг  кæнис!  Дæуæн  дæ  къух
сыгъзæрин у, дæ фыст айнæг къæдзæх дæр айгæрддзæн.
   Тего хъæбæрзæрдæйæ дзуапп радта:
   -  Бауырнæд  дæ, Хату, зивæг дæр нæ фæкæндзынæн, стæй  мæ  къух
сыгъзæрин  дæр разындзæн, æрмæст дзы сыгъзæрин æхцайæ  фондз  сомы
авæрын хъæуы!
   Хату хъазын æнхъæл уыди æмæ йын загъта:
   -  Ау,  Тего, æмæ æхца та куыд! Исты къæдзæхтæ, мыййаг, куы  нæ
фæлдахдзынæ! Дæ разы иу минут, æнцад бадгæйæ, ахъулæттæ  кæндзынæ.
Уымæй æнцондæр та ма цы ис?
   - Уæдæ, Хату, кæд афтæ æнцон у, уæд æй дæхæдæг ахъулæттæ кæн!
   -  Хуыцауыстæн,  Тего, æз чиныджы куы зонин,  уæд  дын  фынддæс
прасенæйы дæр ныффыссин.
   -  Æз  зонын  чиныджы, Хату, æмæ дын иу прасенæ  дæр  лæвар  нæ
ныффысдзынæн.
   Ацы  ныхæстæ кæнгæйæ, Тегойы зæрдæ фидарæй-фидардæр  кодта  æмæ
йын æхсызгон уыди ацы фидардзинад.
   Хатуйæн  та хъыг уыдысты Тегойы ныхæстæ. Уый афтæ æнхъæл  уыди,
æмæ  æгъгъæд уыдысты æппæлды æмæ арфæйы ныхæстæ. "Ныр  кæсыс  уыцы
æвзæрмæ! Æри дам, фондз сомы!"
   -  Ды  хъазгæ кæныс, Тего, мæн та æвдæлгæ нæ кæны, æмæ мын  куы
афыссис!
   -  Мæн дæр не 'вдæлы, Хату, мæнæ чиныджы кæсын. Æри фондз  сомы
æмæ дын афыссон, кæннод мын мæ рæстæг дзæгъæлы ма саф!
   Хату  йæ  хъустыл  нал æууæндыди. Ай цы хабар у!  Æвзæр  Тегомæ
кæсыс, цытæ кæны!
   Бамбæрста Хату, Тего æцæг кæй дзуры, æмæ загъта:
   -  Хорз, æхца дæр фæуæд, фæлæ ирон нал стæм. Уанцон фондз  сомы
нæу!  Дæ  разы  иу  минуты  хъулæттæ сты  æмæ  дын  мæнæ  сомырдæг
авæрдзынæн. Æгъгъæд дын у уæлдайджынтæй.
   Бирæ   ракæ-бакæ   фæкодта   Хату.  Æппынфæстаг   æнæбарыгомау,
ризгæкъухæй балæвæрдта Тегомæ æртæ сомы.
   Фыст  куы райста Хату, уæд арфæтæ нæ, фæлæ нывыл "хæрзбон"  дæр
нал загъта, афтæмæй хъыгзæрдæйæ ацыди сæ хæдзармæ.
   Тегойы фыст фæрæстмæ ис Хатуйæн - рамбылдта хъуыддаг.
   Хабар айхъуысти сыхыл, стæй хъæубæстыл æмæ Тегомæ куыст арæхæй-
арæхдæр цыди.
   Лæвар иу дамгъæ дæр никæмæн уал фыста Тего, курдиæттæ нæ,  фæлæ
фыстæгтæ  дæр.  Æмæ  йæм  ныр тамако дæр  уыди  йæ  фаг,  йæ  иннæ
хъуагдзинæдтæ дæр æмбæрзта.
   Уæдæй  фæстæмæ  адæм дæр æндæр цæстæй кæсын  байдыдтой  Тегомæ,
æвзæр æй нал хуыдтой, бæззон лæг дзы кæй рацæудзæн, уый дæр та  сæ
уырнын  байдыдта.  Æцæг, афицер нал сси,  инженер  дæр  нал,  фæлæ
пъеройы  фындзæй дæсны кусæг уыдзæн æмæ, бахъуаджы  бон  кæмæн  æй
фæнда,  уымæн  æххуысхъом дæр уыдзæн. Иудзырдæй, адæм  сæ  чъылдым
кæмæ аздахой, уыдоныл нымад нал уыди Тего.
   Уæдæй  фæстæмæ  йын хæстæджытæ дæр та зынын байдыдта.  Æппындæр
йæ кой кæмæн нæ фехъуыста, ахæмы дæр-иу исты афыссын куы бахъуыди,
уæд ын-иу дзурын байдыдта:
   -  Мæ  фыд æмæ дæ фыд дыууæ æфсымæры хуызæнæй фæцардысты,  стæй
хæстæг  дæр  æййафæм.  Дæ  мадырвадæлтæ  Кодзыртæ  сты,  нæ?  Уæдæ
Кодзыртæ æмæ Саламырзатæ иу артæй байуаргæ сты.
   Ахæм  ныхæстæн  Тего кæд искуы аргъ кодта,  уæддæр  сæ  ныр  йæ
хъусты  фæрсты  уагъта. Йæ хъуыдытæ æндæр уыдысты  ныр.  Йæ  зæрдæ
фæхъыг  ис  адæмы  гæдыдзинадæй, фæлмæцыди  ноджы,  исты  фысгæйæ,
суаритæ  æмæ абазитыл радзур-бадзурæй. Афтæмæй сфæнд кодта  хъæуæй
йæхи  искуыдæм айсын, горæтмæ, мыййаг. Ацы фæнд йæ  сæрæй  цух  нæ
кодта æмæ æнхъæлмæ касти фадат фæзынынмæ.
   Фадат  дæр  фæзынди.  Газеты  цæуын  байдыдтой  йæ  уацхъуыдтæ.
Гонорар  исдзæн уыдон тыххæй, уый куыддæр базыдта, афтæ  æвиппайды
амбырд  кодта йæ дзауматæ, уæрдон аххуырста æмæ араст ис  горæтмæ.
Сыхæгтæй æмæ хъæуккæгтæй ма кæуыл фембæлди, уыдонæн æмбарын кодта:
   -  Иу  дамгъæ  дæр никæмæнуал ныффысдзынæн, лæвар дæр,  æхцайыл
дæр, æмæ мæм дзæгъæлы мачи цæуæд горæтмæ!
   
   х х х
   Куыд  ныфсджынæй æрцарди Тего горæты, йæ хъуыддаг афтæ хорз  нæ
ацыди. Хæссын байдыдта газетмæ алыхуызон фыстытæ, фæлæ мыхуыры  сæ
иутæ  цыдысты, иннæтæ нæ. Уæддæр хъæуæй ралыгъдыл фæсмон нæ кодта,
хъуæгтæ æййæфта, фæлæ уыйас сæрибардæр кастис йæхимæ, йæ зæрдæ дæр
хъæлдзæгдæр уыди.
   Гонорар  райсыны  бон  та-иу уыди Тегойæн  бæрæгбон.  Фыццаг-иу
фырцинæй  йæ  уаты  къуымты  схъиуд кафт  æркодта,  стæй-иу  ацыди
горæтмæ.  Хъуамæ хæрæндоны хорз сихор бахордтаид иу  арахъимæ,  иу
бæгæныйы авгимæ, хъуамæ папиростæ балхæдтаид æмæ бульварыл  дæлæмæ
хъал цыд фæцæйкодтаид.
   Ахæм  бон-иу Тего йæ хорз зонгæтæй, скъолайы æмбæлттæй  искæуыл
куы   фембæлди,   уæд   хъуамæ  уыимæ  дæр  фæйнæ   авджы   бæгæны
банызтаиккой.
   Иннæ  бонты та Тего куы æфсæст уыди, куы та æххормаг.  Кæрдзыны
джиранка цæмæй балхæдтаид, уыйас æхца йæ дзыппы кæд нæ уыди,  ахæм
бонтæ  дæр  ыл  цыди. Фæлæ ахæм хъуæгтæ хъуыды дæр  нæ  кодта:  йæ
лæппын зæрдæ ныфсджын уыди.
   Газеты  къанторы  гонорар дæттæн бон  уыди  сабат.  Æнæ  сабаты
уырдыгæй æхца райсæн нæ уыди.
   Иу  сабаты  Тего  æппындæр нæ райста гонорар:  æгас  къуыри  йæ
фыстытæй иу дæр
   мыхуыры  нæ рацыди. Афтæ рауайдзæн хъуыддаг, уый нæ зыдта,  уый
йедтæмæ йе 'хцайыл фæцауæрстаид.
   Абон  у  сабат. Йæ дзыппы ис æрмæст иу сом. Хъуамæ  уыцы  сомæй
суанг  иннæ  сабатмæ  фæцæра. Иу капекк  æфстау  нæ  райсдзæн,  йæ
дзауматæй  дæр  ницы  ауæй кæндзæн, уыцы иу сомæй  фæцæрдзæн  æгас
къуыри.  Уыцы сомæй хъуамæ хæргæ дæр кæна, хъуамæ йæ  лампæйы  дæр
алы изæр фæтæген уа.
   Байдыдта  Тего хæрынтæ æмæ цæрынтæ. Йæ цыд - хъал, йæ бакаст  -
райдзаст, йæ ныхас - хъæлдзæг. Ахæццæ ис афтæмæй æртыццæджы онг.
   Слæмæгъ  ис,  сфыдхуыз ис. Йæ зонгæтæй-иу æй исчи  куы  фарста,
зæгъгæ,  цæй фыдхуыз дæ, уæд цæйдæр æфсæнттæ дзырдта,  хинымæр  та
хъуыды кодта: "Хуыцау куы радтид ныр басы къус фыды кæрдихимæ  æмæ
урс дзулы джиранкаимæ, уæд фæбæрæг уаид бæргæ мæ низы хатт".
   Æртыццæджы  æмбисбон Тего банымадта йе 'хца - уыдысты  ма  раст
дзулы  дыууæ джиранкайы аргъ. Балхæдта Тего дыууæ джиранкайы  дзул
æмæ  йæ  байуæрста  бонтыл.  Æртыццæджы  хай  уæлæнгай  æрæвæрдта,
цыппæрæм  æмæ майрæмбоны хæйттæ та рудзынджы дæлвæйнæгыл гæххæттæй
æрæмбæрзта.
   Изæры  йæ  кæрзыны  хай  цæхх æмæ уазал донимæ  йæ  хъуыры  куы
ауагъта, уæд ныхъхъуыды кодта æмæ загъта йæхицæн:
   -  Хъæздыг цард кæй кæнын, уый æцæг у, гуырысхойагæй  дзы  ницы
ис, бæлвырд у уый дæр, æмæ ма мæ хъæуы иуцъус ацæрын хъуыди.
   Нæ,  Тего  йæ рацыдыл не 'рфæсмон кæндзæн. Мæнæ ацы  къуыри  йæ
фыстытæй  мыхуыры  бирæ  цыдæртæ рацыди æмæ  сабаты  дзæвгар  æхца
райсдзæн. Ардыгæй сабатмæ дæр нæ амæлдзæн.
   
   х х х
   Йæ  тых  тынг асасти Тегойæн, фæлæ ма зæрдæйæ фидар  у  æмæ  йæ
куыст  дæр  нæ уадзы. Бады цырагъы рухсмæ стъолы фарсмæ æмæ  фыссы
цыдæртæ.  Фыссы  æмæ  та  уайтагъд  фæкæсы  рудзынджырдæм   -   йæ
кæрдзынмæ.
   Афтæмæй  дзæвгар  акуыста Тего, фæлæ  фæлмæцыд  уыди  æмæ  иннæ
бонтæй уæддæр раздæр схуыссыди.
   Цыппæрæмы  райсомæй  куы сыстади, уæд  йæ  фыццаг  фæкаст  уыди
рудзынджырдæм.
   Бауади,  гæххæтт фелвæста æмæ кæсы кæрдзынмæ. Æхсæз  хæрды  фаг
æй  хъуамæ  скæна. Æртæ хæрды абон - цыппæрæм, æртæ  хæрды  сом  -
майрæмбоны.  Сабаты  нæ  хъæуы.  Сабаты  райсомæй  раджы  ауайдзæн
къантормæ æмæ йæ гонорар райсдзæн.
   Афтæ  куы  хъуыдытæ  кодта Тего, уæд йæ хъустыл  ауади  цæлхыты
гыбар-гыбур. Акасти рудзынгæй - уæртæ йæ хæстæг Уари. Куыд  хæстæг
æййафы  Уари, уый Тего бæлвырдæй нæ зоны. Фæлæ йæ бинонтæ нымадтой
хæстæгыл... Ирон хæстæгдзинад дард æнхъæвзы æмæ йæ марадз  равзар.
Цыфæнды  у, уæддæр мæнæ æрбацыди æмæ хуымæтæджы нæу. Æвæццæгæн  æй
исты фыссын хъæуы.
   -  Хорз,  -  дзырдта  хинымæр Тего,  -  ныффысдзынæн  ын,  фæлæ
æхцайыл, - лæвар иу хахх дæр нæ.
   Уари  уæрдон дуармæ фæурæдта æмæ уайтагъд кæрты  йæ  дзурын
ссыди, фарста Тегойы цæрæн бынат.
   Уарийы цинæн кæрон нал уыди, Тегойы фенгæйæ.
   -  Æгайтма нын дзæбæх дæ, Тего, дзæбæх. Мах цыфæнды уæм, фæлæ  нæ
дæу   хуызæттæ   хъæугæ   кæнынц.  Дæу  хуызæтты   руаджы   цæрæм!..
Хуыцауыстæн, Тего, дæуæн дæ иу æнгуылдзы цы зонд ис, уый æгас  хъæуы
дæр нæй.
   Ацы  дзырдтæм хъусгæйæ, Тегойы зæрдыл æрбалæууыди, Уари дæр  йæхи
куыд атигъ кодта, "бонхорз" зæгъынмæ дæр ыл кæй нал æрвæссыди.
   "Мæ  сæр æй бахъуыди, æвæццæгæн, - хъуыды кодта ныр Тего, - æндæр
мæм цæмæн æрбацыди. Фенæм, кæддæра цы уаид".
   - Бадгæ скæн, Уари!
   -   Бадгæ  дæр  кæндзыстæм,  уæдæ  цы.  Хъуыддаджы  тыххæй  дæм
æрбауадтæн. Бахъуаджы бон хорз хæстæджы фæцагурынц.
   Сбадти  Уари  дыууæ  хæлддзаг бандонæй иуыл  æмæ  радзырдта  йæ
хъуыддаг.
   Миравоймæ  йæ  курдиат афыссын хъæуы æмæ йæ  Тегойы  хуызæн  чи
ныффысдзæн!  Адвокатмæ дæр уый тыххæй нæ цæуы, æмæ никæцы  адвокат
ныффысдзæн курдиат Тегойы хуызæн.
   Тего  хорз  зыдта, цæуылнæ бацыди Уари адвокатмæ: адвокатæн  æй
10-15  сомы  бахъуыдаид фидын, ам та æртæ сомы, мыййаг,  кæнæ  сом
сисдзæн æмæ зæгъдзæн: "Мæнæ уымæй дæхицæн папиростæ алхæн!"
   Хорз  æмбæрста Тего хъуыддаг, фæлæ йæ ацы сахат æртæ  сомы  дæр
хорз сараздзысты æмæ хъуамæ ныффысса курдиат.
   -  Ахæххытæ йæ кæн, мæ хæстæг, - загъта Уари, - æмæ æз дæр мæнæ
дæн.
   Уæздандзинад  мæнмæ  дæр  разындзæн,  дæ  фæллойæн  аргъ  кæнын
базондзынæн.
   Уари  йæхæдæг кæм дзырдта фæллойы аргъы тыххæй уым Тего  æхцайы
кой нал
   скодта, бавнæлдта фыссынмæ.
   Курдиат  фыст  куы фæци, уæд Уари, æнæдзургæйæ,  ауади  уынгмæ.
Тего фæдис кодта, зæгъгæ, кæдæм уайы.
   Уари  ауади  дуканимæ  æмæ дæс минуты  фæстæ  фæзынди  бæгæныйы
авгимæ æмæ арахъы æрдæг авгимæ. Æрæвæрдта уыдон стъолыл æмæ джихау
аззади.
   -  Кæрдзын алхæнын мæ æрбайрох ис... - сдзырдта Уари... - Уартæ
дæумæ куы ис, æнхъæлдæн... Уый нæ фаг уыдзæн!
   Уыцы  дзырдтимæ Уари райста рудзынджы дæлвæйнæгæй дзул  æмæ  йæ
стъолыл æрсæстытæ кодта.
   - Æри ныр агуывзæ, Тего, æмæ фæйнæ аназæм!
   -  Мæнæн  сæумæрайсом нуазæн нæй, - загъта Тего, - хъуыддаг  мæ
ис, расыгæй хицæутты размæ куыд бацæудзынæн!
   Тегойы  хицæуттимæ  хъуыддаг нæ уыди, фæлæ афтид  ахсæны  нуæзт
ныккæнынæй   тарсти,  зыдта  йæ,  бахъыгдардзæн  æй,   æнæуи   дæр
сæумæрайсом нуазын ахуыр нæ уыди.
   Уари ныллæууыди:
   -  Цытæ  дзурыс, Тего? Нæ дæ ныууадздзынæн æнæ бануазгæ...  Уый
та куыд, æз сæ дæуæн куы æрбахастон!
   Тего  дæр  хъæбæр  ныллæууыди æмæ ницы банызта,  мæнæ,  зæгъгæ,
æмбисбон, хæрды афон, бануаздзæн. Æмæ æцæгдæр йæ зæрды афтæ  уыди,
æмæ Уарийæ цы 'хца райса, уыдонæй хъуамæ чысыл йæхи фæфидар кæна.
   Уари  рауагъта бæгæны цайцымæн агуывзæйы æмбисæй фылдæр æмæ  йæ
арахъæй сæххæст кодта.
   -  Цæй,  уæдæ  дын  дæ  цæрæнбон хуыцау бирæ  скæнæд!  Паддзахы
хорзæхæй хайджын у! Раст дæхи зæрдæ куыд зæгъы, дæ царды  уаг  дын
хуыцау афтæ ауадзæд!
   Ацы дзырдтимæ Уари агуывзæ анызта æмæ загъта:
   -  Тего,  ацы  дыууæ иумæ диссаг сты, диссаг.  Авзар  ма  абон,
хæрынмæ куы ацæуай, уæд. Уастырджистæн, дæ зæрдæмæ афтæ фæцæудзæн,
æмæ абонæй фæстæмæ æндæрхуызон нозт нал нуаздзынæ!
   Бавнæлдта  Уари  кæрдзынмæ дæр. Дæс минутæй фылдæр  нæ  рацыди,
афтæ  дыууæ  авджы  афтидæй  лæууыдысты  стъолыл,  дзулæй  та   ма
æрызгъæлгæ муртæ уыди. Уыдон дæр рамбырд кодта Уари, йæ  дзыхы  сæ
бакалдта æмæ загъта:
   - Кæрдзыны муртæ æппарын никуы хъæуы, тæригъæд у!
   Дыууæ  лæджы  ма иу-фондз минуты бæрц аныхæстæ кодтой  цæйдæрты
тыххæй,  стæй  Уари  сыстади, йæ худ  ныккодта  æмæ,  Тегойы  къух
райсгæйæ, загъта:
   -  Тего, мæ хæстæджы хай! Дæ цæрæнбонтæ дын хуыцау бирæ скæнæд!
Паддзахы хорзæхæй бæрзондгонд у! Хуыцауы бафæндæд, æмæ дæ кад,  дæ
ном Ирыстон нæ, фæлæ æгас Кавказыл дæр куыд айхъуысой!..
   Афтæ дзургæйæ, Уари рараст ис уынгмæ. Тего йæ фарсмæ цæуы.
   Уари дзуры дарддæр.
   -  Уастырджистæн, Тего, хорз хæстæг дæр исты  у  исты.  Ныр  ды
мæнæн  цас æххуыс фæдæ! Стыр æххуыс, стыр, Тего, æмæ дын æй  никæд
ферох кæндзынæн!
   Тегойы  сæрымагъзы фегуырди фæнд æхцайы тыххæй зæгъын, фæлæ  йе
'взаг йæ комы нындæгъди, нæ фæтасыди зæгъынмæ.
   -  Хæрзбон у, хæрзбон, мæ хæстæг! - сдзырдта ма уæрдоны бадгæйæ
Уари, стæй
   басхуыста йæ бæхы.
   Цавддурау  лæугæйæ баззади Тего. Касти уæрдоны  фæстæ,  цалынмæ
уый тигъы æдде
   нæ фæци, стæй хинымæр загъта:
   -  Дард  нæ  ралыгъдтæн. Хъуамæ ахæм ранмæ  фæлидзон,  æппындæр
хæстæджы кой кæм нæ уа!

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *