КОЦОЙТЫ АРСЕН

РÆДЫД

   
   "Цымæ  цæмæн  атигъ  кодта  йæхи  Хъуыдинæ?  Тæккæ  æрæджы  мын
комкоммæ куы раргом кодта йæ уарзондзинад, куы мын фехъусын  кодта
йæ  фæндон, мæн Уырысби йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ, уæд ыл ныр  цы
æрцыди?"
   Афтæ Уырысби æгас къуыри хъуыдытæ кодта.
   Æхсæв  æй  хуыссæг нал ахста, бон та куыстмæ йæ къух рæвдз  нал
уыди.  Быдыры,  Ныхасы, хæдзары - алы ран дæр  йæ  сæрæй  цух  нал
кодтой ацы дзырдтæ:
   "Цæмæн?.. Уæддæр мæм цæмæн атигъ кодта йæхи?"
   Уырысби   уыди  фондз  æмæ  ссæдзазыккон  бæзæрхыг  лæппу.   Йæ
цæсгомыл иугай хæбуздзыхъытæ уыди, фæлæ йæ уыдон фыдуынд,  мыййаг,
нæ кодтой. Хъуыдинæ афтæ загъта йæ хистæр хойæн:
   -  Чи  зоны,  уыцы  хæбуздзыхъытæ йыл куы  нæ  уыдаид,  уæд  æз
Уырысбийы нæ бауарзтаин.
   Фæлæ,  æвæццæгæн,  æрмæст  хæбуздзыхъыты  аххос  нæ  уыди  уый.
Хъæубæсты дзырдтой:
   - Хъаруджын лæппу у Уырысби, бонзонгæ, сабыр, куыстуарзаг.
   Ахæм  ныхæстæ дæр, æвæццæгæн, уадысты Хъуыдинæйы хъустыл.  Афтæ
уыди,  æндæр  хуызæн уыди, уæддæр Хъуыдинæйы зæрдæйы ахаст  æддæмæ
бæрæг  кæнын байдыдта. Дардмæ куы уыдта Уырысбийы, уæддæр-иу хурау
ныррухс  ис йæ цæсгом. Стæй йæ лæппу куы бафæрсын кодта,  уæд  уый
загъта:
   - Сдзур, - сразы уыдзынæн.
   Фæлæ  ныр  æгас  къуыри Хъуыдинæ Уырысбийы  уындæй  йæхи  хизын
байдыдта, уымæй æмбарын кодта лæппуйæн: "Æз дæуæн къайаг нал дæн".
   Уырысби адæргæй цы ракодтаид, уый нæ зыдта.
   Уациллайы  бонмæ бирæ нал уыди. Уыцы бæрæгбон-иу фæсивæд  хъæуы
æддейы,  Хъазæн фæзы, алы хъæзтытæ сарæзтой. Уæдмæ  æмгъуыд  кодта
Уырысби,  уæд  æй  фендзынæн, загъта, æмæ баныхас кæндзынæн  йемæ,
базондзынæн, цæмæн аивта æвиппайды йæ зæрдæ.
   
   х х х
   Ралæууыди  бæрæгбон.  Хъазæн фæз иу кæронæй  иннæмæ  дзаг  уыди
бæрæгбонарæзт фæсивæдæй.
   Иу  лæгъз  ран  бæхыл хъазт йæ тæккæ тынгæй  уыди.  Фыдæбоны-иу
фæци  уыцы  хъазæг,  кæцы-иу  зæххæй  ехс,  кæнæ  æвзист  æхца  нæ
фелвæстаид, кæцы бæхыл аив нæ бадтаид, кæнæ, бæхæй рагæпп кæнгæйæ,
фæстæмæ сгæпп кæнын нал бафæрæзтаид.
   Алырдыгæй-иу фæсивæд суасыдысты:
   - Æйтт, фæхудинаг дæ!
   - Æнæ хъазгæ дæ ничи уагъта?
   Хъыг ыл чи кодтаид, уыдон-иу, сæр тилгæйæ, дзырдтой:
   - Куы нæ рацыдаис фæлтау!
   Хъазæн  фæзы астæу лæппутæ æмæ чызджытæ кафт сарæзтой.  Фæндыры
хъæр-иу  чысылгай тынгæй-тынгдæр кæнын куы байдыдта, уæд-иу  кафæг
лæппу  уарийау  йæхи ауагъта чызджы фæстæ, фæлæ  цыфæнды  зылдтытæ
кодтаид, уæддæр чызгыл цæстæй-цæстмæ нæ хæст кодта, - чызг-иу  куы
иуæрдæм зылди, куы иннæрдæм, йæ къайы алы фæзылд хъуыды даргæйæ.
   Иуæй-иу  лæппу,  йæ  кафæг къайæн уæлдай  кад  скæныны  тыххæй,
фелвæстаид дамбаца æмæ-иу æй чызджы къæхты бын ныццавта. Цæст  дæр
нæ фæныкъуылдтаид чызг: ахуыр уыдысты топпхосы фæздæгыл.
   Афтæмæй  фæсивæд æрвыстой бæрæгбон. Алырдыгæй худт æмæ хъæлдзæг
ныхас хъуысти.
   Хъæлдзæг   нæ   уыди  æрмæст  Уырысби.  Хъамайы  сæрыл   къухтæ
æрæвæргæйæ, уый лæууыди иуварс кæсджыты къордимæ, нывыл ныхас  дæр
никæимæ кодта. Йæ сæрæй хицæн нæ кодта ацы хъуыды: "Цæмæн?.. Цæмæн
атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ?"
   Уый  ныр  афтæ фæнд кодта: симд куы райдайа, уæд бацæудзæн,  йæ
уарзон  чызджы къухыл ныххæцдзæн æмæ йын афтæмæй бамбарын  кæндзæн
йæ зæрдæйы рис.
   Уалынмæ  Хъазæн фæзæн иуварсырдыгæй æрбазындысты æртæ  барæджы.
Адæм  иууылдæр акастысты уыцырдæм. Уазджытæ, бæхтæй нæ  рахизгæйæ,
адæмæн арфæ загътой æмæ комкоммæ баздæхтысты бæхылхъазджытæм.
   Хорз  бæхылхъазджытæ разындысты дыууæ лæппуйы -  уым  хъæубæсты
хуыздæр  хъазджыты æмрæнхъ æрлæууыны аккаг уыдысты. Фæлæ  æртыккаг
уазæг,  æппæты  кæстæр,  хъазын куы райдыдта,  уæд  адæм  иууылдæр
кастысты уыцы уазæджы бæхыл хъазтмæ.
   Уый  уыди  ссæдзазыккон хæрзконд лæппу. Йæ сау цæстытæ  цæхæрау
сыгъдысты, дардмæ æрттывтой йæ рихитæ - бындзы базырты йас уыдысты
биноныг здыхт.
   Куы,  бæхыл лæугæйæ, уый уадау тахти дыууæрдæм, куы-иу  дамбаца
сæппæрста  йæ  разæй  уæлæмæ æмæ-иу æй уыцы  уайгæ-уайын  ацахста.
Зæхмæ-иу истæмæ, уыцы тæхгæ-тæхын, дамбацайæ куы фæхъавыди, уæд-иу
йæ  тæккæ астæу сæмбæлди. Агæпп-абадгæйæ-иу бæхы Хъазæн фæзыл  куы
ауагъта, уæд ыл цæст нæ хæцыди.
   Уыцы  уазæджы æгас хъæубæсты ничи зыдта. Къуыри раздæр ма  уыди
уый  ам  хъазты. Уæдæй фæстæмæ иуæй-иутæ зыдтой, Бадæг кæй хуыйны,
фæлæ чи у, кæмæй у, кæцон у, уый бæлвырд ничи зыдта.
   Иутæ йæ хуыдтой абырæг, иннæтæ та йæ хуыдтой сабыр кусæг лæппу-
махческаг.  Йæхи  та  йын фæрсгæ ничи кодта, - уазæджы  æнæхъуаджы
рафæрс-бафæрс аипп хуыдтой.
   Бæхыл хъазты фæстæ уазджытæ зæрдиагæй бавнæлдтой кафынмæ дæр.
   Фыццаг  хатт,  йæ  кафыны  рад цы  чызгæн  уыди,  уыимæ  æрцыди
Бадæгæн йæ кафт. Фæлæ йæ дыккаг хатт куы кафын кодтой, уæд йæхæдæг
бараст   ис  чызджытæм  æмæ  дæрддзæфæй,  сæрæй  акувгæйæ,  сындæг
сдзырдта:
   - Саккаг кæнут.
   Цы  чызгæн  акуывта,  уый, ленкгæнæгау сиргæйæ,  лæппуйы  разæй
ауагъта йæхи.
   Ацы  хатт Бадæг афтæ скафыди, æмæ йæм фæсивæдæй бирæтæ  кæсгæйæ
баззадысты.
   - Уый кафт у, уый! - хъуысти ныхас алырдыгæй.
   Бирæ  чызджытæ, хæлæггæнгæйæ, кастысты йæ кафæг  къаймæ.  Кафæг
чызгæн та йæ цæсгом хурау ныррухс ис. Нæ бафæлладаид кафынæй  уыцы
лæппуимæ,  не схъыг уыдаид уый раз уæвынæй, фæлæ цы гæнæн  уыди  -
хъазт  у  æхсæны  хъазт æмæ хъуамæ йæ кафынæн  зыдтаид  æгъдау,  -
сиргæйæ, чысылгай йæхи ауагъта йе 'мбæлтты къордмæ.
   Уæд  Бадæг,  йæ  къухыл цæст дæр нæ фæхæцыди, афтæмæй  фелвæста
дамбаца  æмæ йæ чызджы къæхты бын ныццавта. Чызг мидбылты бахудти.
Сæ цæстæнгас кæрæдзийыл аныдзæвди.
   - Амондджын у, - сдзырдта лæппу æмæ йæ лæууæнмæ бацыди.
   Уыцы чызг уыди Хъуыдинæ.
   Къуыри  раздæр Бадæг ацы хъæуы хъазты куы уыд, уæддæр ма кафыди
Хъуыдинæимæ, тымбыл кафт æмæ симд.
   Уæд  сæ Уырысби уыдта кафгæйæ, фæлæ йæ зæрдæ ницæуыл фехсайдта.
Ныр та æххæстæй бамбæрста, цæмæн æм атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ.
   Йæ  зæрдæ  йын  уыцы  сахат судзаг маст къахын  байдыдта.  Фæлæ
лæппу йæхи ныффидар кодта.
   "Уый  та  куыд? - дзырдта хинымæры Уырысби, - исчи мын мæ  усаг
байса æмæ ма æз цæрон уый фæстæ?"
   Уыцы  ран  Уырысби  бакасти чызгмæ  -  чызг  йæ  цæстытæ  зæххы
ацавта, бакасти лæппумæ - уый сыхæгтимæ ныхас кодта.
   "Цы  зæгъæн  ис,  - ахъуыды кодта Уырысби, - хæрзконд,  рæсугъд
лæппу  у, нарæг астæу, уæндон цæстæнгас. Рагæй дæр афтæ у,  ахæмты
уарзынц чызджытæ... Сахъ гуырд дæ, уазæг, - фæлæ дæ къæбут куыд нæ
уыныс,  афтæ Хъуыдинæйы дæр нæ фендзынæ. Мæн у, мæн... йе - мæлæт,
йе - Хъуыдинæ, æндæр хъуыды мæнмæ нал æрцæудзæн!"
   Ацы  дзырдты  фæстæ  лæппуйы зæрдæ  æрсабыр  ис,  йæ  сæры  мæт
фæаууон,  - хъазын, худын байдыдта иннæтимæ, йæхи сындæг кафджытæм
дæр баласта.
   Хъуыдинæ  кæм симдта, уырдæм æввахс Уырысби иу чызгыл ныххæцыди
æмæ симын байдыдта.
   Иу  зылд  куы  ракодта, уæд кæсы, æмæ лæуджыты къордæй  рахицæн
Бадæг, бараст комкоммæ Хъуыдинæмæ æмæ йемæ симын райдыдта.
   Симд цыди æддæдæр. Симджытæ ивтой кæрæдзи.
   Уалынмæ Уырысби Хъуыдинæйы рдыгæй айхъуыста сабыр ныхас.
   -  Ницы  кæны,  аныхас  кæнут, бирæ нал фæдзурдзыстут  иумæ,  -
хъуыды  кодта  Уырысби. Фæлæ уыцы минут ахæм дзырдтæ  ауадысты  йæ
хъустыл, кæцытæ дзы бауагътой мæт.
   Бадæг дзырдта:
   - Æз цæттæйæ æрцыдтæн... Ахсæв...
   Уырысбийæн  йæ  ных  уазал хидæй æрæмбæрзта...  Чызг,  ныхæстæм
гæсгæйæ,  разы  нæ  кодта лæппуйы фæндыл. Фæлæ  Уырысби  æмбæрста,
лæппу афтæ цæттæйæ кæм æрцыди, уым æй кæй нал ныууадздзæн.
   Уырысби  йæхи  ныхъхъæбæр кодта æмæ йын йæ  тыхстдзинадæн  ничи
ницы  бамбæрста, симгæйæ, лæууæг лæппуты къордмæ куы  бахæццæ  ис,
уæд йæхи аивын кодта æмæ бацыди лæуджытæм.
   Иуимæ  аныхас  кодта,  иннæимæ  дæр  цыдæр  сдзырдта,  алæууыди
иучысыл,  стæй  адæмы  æхсæн фæаууон ис æмæ  сындæг  ацыди  Хъазæн
фæзæй.
   
   х х х
   Уыди  талынг  æхсæв.  Хъæу  тарф  фынæйæ  хуыссыди.  Хъыпп-сыпп
никæцæй   хъуысти,  æрмæст-иу  хаттæй-хатт  куы   иуæрдыгæй,   куы
иннæрдыгæй куыдз срæйдтаид, йæ фæдыл æндæртæ дæр, фæлæ та уайтагъд
банцадаиккой.
   Хъæуы  æдде чысыл æрхы æмбæхст уыдысты æртæ барæджы сæ бæхтимæ.
Дзургæ нæ кодтой, фæлæ-иу афонæй-афонмæ куы сæ иу, куы иннæ  æрхæй
ракасти æмæ-иу байхъуыста. Бæрæг уыди - уыдон кæмæдæр æнхъæлмæ кæй
кастысты. Бирæ фæбадтысты афтæмæй, фæлæ никæцæй ницы зынди.
   -   Кæд   дзæгъæлы   бадæм,  кæд  уыдон  сæ  фæнд   аивтой!   -
æппынæрæджиау сдзырдта сæ иу.
   -  Лæуут  æнцад, - банхъæлмæ кæсын хъæуы, - сдзырдта  сындæггай
иннæ.
   Æмбисæхсæвæй  аивгъуыдтаид,  афтæ  хъæдырдыгæй  фехъуысти  фæд-
t8d{k æртæ гæрахы.
   - Уый бæрæггæнæн гæрæхтæ сты, - загъта барджытæй иу.
   -  Æвæццæгæн  æм  уый  нæ бацæудзæн хъæумæ,  фæлæ  йæм  йæхæдæг
рацæудзæн ардæм, - сдзырдта дыккаг.
   Æртыккаг загъта:
   -  Хæцут  уæ  бæхты  рохтыл æмæ цæуæм йæ  размæ,  чи  зоны  æмæ
хъуыддаг сырæзид æнæ хъаугъайæ, æнæ туг акалгæйæ.
   Хъæумæ  бахæстæг  сты,  афтæ уынынц:  тындзгæ  æрбахæстæг  кæны
цавæрдæр æндæрг.
   -  Уый  у  чызг йæхæдæг, - сдзырдта иу. - Хъусут,  фæндагыл  иу
дзырд дæр мачи скæнæд!
   Уыцы  ныхæстимæ дзурæг бæхыл багæпп кодта, иннæтæй йæхи  аразæй
кодта. Чызгмæ куы бахæццæ, уæд æм сындæг сдзырдта:
   - Бадгæ тагъд.
   Чызг  сахъ  барæгау бæхмæ сгæпп кодта. Иннæ дыууæ  лæппуйы  дæр
бæхтыл  абадтысты  æмæ иууылдæр хъæдырдæм араст сты,  гæрах  кæцæй
фæцыди, уыцырдæм нæ, фæлæ æндæрырдæм.
   
   х х х
   Ралæууыди  райдзаст сæрдыгон райсом. Мæргътæ райхъал  сты,  æмæ
сæ  алфамбылай  зард æмæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг. Хаттæй-хатт  куы
иуæрдыгæй,  куы иннæрдыгæй булæмæргъы æхситтытæ цыди,  æмæ-иу  уæд
иннæ  мæргъты зард нал фæзынди, цыма-иу барæй фæхъус  сты,  уыйау.
Хур  сындæггай сцæйбырыди къæдзæхты æддейæ æмæ алырдæм  къæдзæхтыл
æмæ  бæлæстыл  йæ тынтæ нывæста. Уыцы афон тар хъæды  сау  нымæтыл
хуыссыди  чызг  фынæйæ. Чысыл æддæдæр къутæрты æхсæн  цъæх  нæууыл
бадтысты æртæ лæппуйы æмæ хъус-хъусæй цыдæр уынаффæ кодтой.
   Уалынмæ  чызг  райхъал ис, ракасти, фæстæмæ  бамбæрзта  цæстытæ
æмæ  мидбылты  бахудти. Йæ фыццаг хъуыды уыди  йæ  уарзон  Бадæджы
тыххæй...  Ракасти  та, алырдæм афæлгæсыди  æмæ,  чысыл  йæ  былтæ
базмæлын кæнгæйæ, сдзырдта:
   - Кæм ис, кæм?
   Фæлæ йæ алфамбылай ничи зынди.
   Уæд чызгæн йæ зæрдæ нал фæлæууыди æмæ хъæрæй сдзырдта:
   - Кæм дæ, Бадæг?
   -  Мæнæ дæн, мæнæ, - хъæлдзæгæй дзуапп радта Уырысби æмæ бараст
ис чызгмæ.
   -  А...  а... а... цæй ми мыл æрцыди! Уый ды куы дæ! -  сæрдиаг
кодта  Хъуыдинæ. Адæргæй фестади, мидбынаты рауай-бауай кодта  æмæ
нынниудта.
   - Цæй ми мыл æрцыди, цæй æнамонд фæдæн!
   Лæппу йæм бахæстæг ис.
   -  Басабыр  у,  мæ уарзон Хъуыдинæ, - райдыдта дзурын  Уырысби.
Чызджы  æрбадын  кодта нымæтыл, йæхæдæг дæр æрбадти.  -  Мах  хорз
зонæм,  Хъуыдинæ,  кæрæдзи... Æнцадæй, нæ  ныййарджыты  фæндæй  нæ
чындзæхсæв арвыстаиккам. Фæлæ кæцæйдæр фæзынди хæйрæджы лæппын æмæ
нын  нæ  амонд аскъæфыны фæнд скодта. Афтæ тынг мæ зæрдæмæ  цæуыс,
Хъуыдинæ, афтæ тынг дæ уарзын, æмæ дæу тыххæй цы нæ бакодтаин  æмæ
цы  нæ  бакæндзынæн,  ахæм  дунейыл ницы  ис.  Зæгъ-ма  ныр,  куыд
ауагътаин афтæмæй æз дæу æндæрмæ?
   Хъуыдинæ   йæ  кæуынæй  фæсабырдæр  æмæ  ныхъхъуыста  Уырысбийы
зæрдæбын ныхæстæм.
   -  Æз  ахсæв  рацыдтæн  мæлæтон хъазуатмæ,  -  дзырдта  дарддæр
Уырысби.  -  "Йе  æз,  йе уый", афтæ уыди мæ хъуыды,  нæ  дыууæйæн
уæлæуыл  баззайæн нæ уыди. Чи зоны, нæ дыууæ дæр фæмард уыдаиккам,
фæлæ,  æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ ныхæй-ныхмæ æрлæугæйæ, æз уымæн  йæ
гæрзтæ  байстаин  æмæ йын сывæллонау йæ къухтæ сбастаин.  Æхсызгон
мын у уæддæр, хъуыддаг æнæ туг акалгæйæ кæй ахицæн ис.
   Уырысби   ма  ноджыдæр  цыдæртæ  зæгъынмæ  хъавыди,  фæлæ   йæм
Хъуыдинæ йæхи баппæрста æмæ йе 'фцæгыл ныттыхсти.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *