КОЦОЙТЫ АРСЕН

СÆУМÆРАЙСОМ

 
   Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ  зæрдæ
райсом  раджы,  хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин  кæны  дидинæгджын
быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй.
   "Хуыцауты  хуыцау,  фæцыбыр мын кæн мæ  бонтæ",  -  афтæ  арæх
фæкувы хинымæры Таймураз.
   Фондз азы рацыди уæдæй, йæ хистæр фырт Къуындзих куы нал ис.
   Фæлæ  Таймураз æрмæст ууыл нæ хъыг кæны, йæ фырт кæй амарди  -
мæлгæ  адæм  иууылдæр  кæнынц - хъыг кæны, æрдиаг  кæны  Таймураз
ууыл,  йæ фырт искæй къухæй кæй фæмардис æмæ йæ туг ист кæй  нæма
у.
   Сыстадысты  хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты  цытджын  зæрæдтæ.
Загътой: "Æнæ бафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзиатæн!"
   Дыууæ  мыггаджы разы кæнын байдыдтой фидауыныл,  æхсæны  лæгтæ
та фидыды æгъдауыл, фидыды æмгъуыдыл хъуыды кæнын байдыдтой...
   Уыди  æнцад сæрдыгон изæр. Рог ирдгæ цъитиджын хæхтæй  дымдта.
Мæй  цæлхдзагæй  сцæйбырыди  къæдзæхты  æдде,  сырх-сырхид,  цыма
чындзау истæмæй сæфсæрмы ис, кæнæ та æнхъизгæ бæгæны хъæзынкъусæй
фæнозта.  Ныхасы  бæлæстæн сæ иуварс рухсгæнгæ  æрцыди  цъуппытæй
зæххырдæм.  Бæлæсты бын куы барухс ис, уæд дзы раргом ис:  бадынц
ма уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.
   Чи  æркъул  кодта  бæласы æнцой æмæ лулæ дымы,  чи  бады  хъæды
лыггагыл,  лæдзæгыл  æрæнцой кæнгæйæ,  чи  афæлдæхти  цъæх  нæууыл
дæлгоммæ,  чи  дурыл  бады, чи дзуццæджы  æрæнцой  кодта.  Дзурынц
уæлæсыхы  лæгтæ  ног хабæрттæ, чи кæм уыди, чи  цы  федта,  чи  цы
фехъуыста.  Ранæй-ран  бæлæсты бын, фæсивæд къордгæйттæй  лæууынц,
сусæг  ныхас кæнынц, хистæртæ сæ куыд нæ хъусой, кæнынц  хъæубæсты
чызджыты кой, дзурынц, хъазт та кæд уыдзæн, æмæ кæм уыдзæн.
   Раджы  рацыди  Таймураз  абон Ныхасмæ, фæлæ  ныр  дæр  хæдзармæ
цæуыны  фæнд  нæма  кæны,  - ныхасы аирхæфсы  йæхи,  ныхасы  айрох
вæййынц йæ зæрдæйы мæстытæ.
   Чысылгай  йын  бацайдагъ  ис быцæу иу сыхагимæ.  Быцæу  загъдмæ
ахаста.
   -  Кæимæ  дзурыс, хæрæджы фырт? - фæхъæр кодта  сыхаг.  -  Куыд
уæндыс  ды  Ныхасмæ цæуын?  Куыд уæндыс ды мемæ дзурын?  Дæ  фырты
Куыдзиты Батрадз фысау аргæвста... Райстай йын, мыййаг, йæ  туг?..
Уæдæ цæмæн хъал ныхас кæныс?!.
   Ахæм  фидис  фехъусгæйæ  нал базыдта  Таймураз,  кæм  уыди,  цы
уыдис,  фелвæста  кæрддзæмæй хъама æмæ балæбурдта æфхæрæгмæ.  Ницы
йын  бантысти. Уайтагъд дыууæ знагыл амбырд сты, кæрæдзимæ сæ  нал
бауагътой.
   
   х х х
   Нæ  бацыди Таймураз хæдзармæ, сбадти къæсæры фарсмæ,  йæ  даргъ
зачъейæ йæ риу æгасæй æрæмбæрзгæйæ. Бадти æнæзмæлгæйæ æмæ йæ царды
фыдбылызтыл хъуыдытæ кодта.
   Йæ  зæронд  æфсин Дзыллæ ракасти иу хатт дуарæй æмæ йæ  æхсæвæр
хæрынмæ хуыдта.
   Лæг ницы сдзырдта, æрмæст йæ къух ауыгъта.
   Ус  бамбæрста, Таймуразы зæрдæйы цавæрдæр маст кæй ис,  фæстæмæ
хæдзары фæмидæг ис, зыдта, ахæм сахат йемæ дзурæн кæй нæй...
   Бирæ  фæбадти  афтæ  Таймураз. Мæй бæрзонд ссыди  æмæ  уырдыгæй
бынмæ фæлгæсыди, цыма йын исчи йæ бар бакодта зæхх хъахъхъæнын æмæ
бæрæг  кæнын: чи цы ми кæны, чи куыд цæры. Алырдыгæй та  стъалытæ,
цыма  сæ хуыссæнтæй ныртæккæ сыстадысты, уыйау сæ цæстытæ æрцъынд-
æрцъынд кодтой... Хъæубæстæ афтæ æрсабыр ис, æмæ ма хъуысти æрмæст
хъæуы æдде цæугæ доны уынæр, - хъуысти ма ноджы хаттæй-хатт куы иу
ранæй, куы иннæ ранæй куыйты рæйын.
   Таймураз ма бады къæсæры фарсмæ. Хъынцъым кæны, хъуыдытæ  кæны,
ныр  цы кæна, хъару дзы куы нал ис, туг исын та уæвгæ куы хъæуы...
Æрхъуыды  кодта  йæ  кæстæр фырт Саукуыдзы -  уый  та  æнахъом  у,
фынддæсазыккон, цы бакæндзæн!.. Ам дæр нæй, балцæй къуырийæ раздæр
не 'рцæудзæн.
   -  Ныр  куыд? - дзырдта хинымæр Таймураз. - Адæмы размæ  акæсæн
куы  нал ис... Стæй адæм кæй дзурынц, кæд уый æцæг у, уæд йæ  мард
фырт  мæрдты  æнцой куы нæ ардзæн... Нæ, туг исын  хъæуы!..  Тæккæ
райсом хъуамæ мæхæдæг ацæуон!..
   Уыцы  хъуыдыты  уæзæй  Таймураз  бадын  нал  бафæрæзта,  акасти
алфамбылай,  алæууыди æнцад лæдзæджы æнцой...  Стæй  уæд  фæхъуыды
кодта,  æнафон  кæй у, мæй дæр кæй афардæг ис, æмæ  бараст  ис  йæ
уатмæ хуыссынмæ.
   Хуыссæг   та  кæм  уыди  -  фыдæбон  кодта.  Хъалæй  йæ   зæрдæ
хъынцъымæй марди, фынæйæ та фыдфынтæ уыдта.
   Нæ  фынæй  кодта  йæ  зæронд  æфсин Дзыллæ  дæр,  уый  хуыссыди
хицæнæй  зæххыл, ерджен æмæ нымæтыл. Куы хъуыста йæ лæджы хъынцъым
æмæ сæнттæ, уæд дис кодта, цы кæны, цы йыл æрцыди!
   Раст  æртыккаг  кæркуасæнты Таймураз рабадти  йæ  хуыссæны  æмæ
сдзырдта сындæг:
   -  Хуыцауты хуыцау, дуне æппæты сфæлдисæг! Цæй диссаг у ай? Ныр
мæм  æртыккаг  хатт  фæзынди мæ мæгуыр фырт... Цæсгомæй,  дзаумайæ
туджы пырхæнтæй æхгæд... Раст афтæ уыди уый амарды бон... Кæсы мæм
æнкъард  цæстæй... Цæмæн мæ ферох кодтай, зæгъы, - æвзæр фырт  дын
куы нæ уыдтæн... Райс мæ туг, кæннод мæ иннæ мæрдтæ сæхимæ куы  нæ
уадзынц!..
   Уыцы  ран  лæджы  ныхас аскъуыди. Дзыллæ  фынæй  нæ  уыди.  Уый
хъуыста,  хъуыста æнцад йæ мойы хъæрзынмæ, йæ мойы ныхæстæм,  стæй
йæхи нал баурæдта æмæ ныдздзынæзта:
   -  О... мæ мæгуыр лæппу! цардæй æнафоны фæхаудтæ... Ныр та  цæй
зын  ран дæ, цæй!.. Мæрдты дын бынат куы  нæ  ис! О... О... О, куы
басыгъди мæ зæрдæ, куы нытътъæпп кæндзæн ныртæккæ мæстæй!..
   Таймураз  усы  дзыназынмæ фыццаг сдзурын  ницы  сарæхсти,  фæлæ
æрæджиау фæхъæр кодта:
   - Банцай!.. Ныффынæй у дæ куыдзы хуыссæны!
   Дзыллæ  уайтагъд  хъæццулы бын фæтымбыл ис,  фæлæ  ма  уырдыгæй
бирæ афонты йæ сусæг кæуыны уынæр хъуысти.
   
   х х х
   Аивгъуыдта æгас къуыри. Хуыссы рынчынæй Таймураз. Асастысты  йæ
уæнгтæ, йæ хъару, асасти йæ зæрдæ. Йæ цард ихсийы, цырагъау судзы.
Мæнæ удхæссæг цæвæгимæ йæ уæлхъус æрбалæудзæн...
   Æстæм   бон   æрыздæхти  йæ  балцæй  Саукуыдз.  Уый  базонгæйæ,
Таймураз рабадти йæ хуыссæны. Талынг ныккæндмæ тынты дзыгуыр  куыд
бахауа,  афтæ  Таймуразы тар зæрдæмæ дæр чысыл рухс  бакасти.  Уый
зыдта,  йæ  фырт  Саукуыдз хъаруджын гуырд кæй у.  Ныронг  ын,  йæ
æнахъомдзинады  тыххæй, ницы æмбарын кодта, фæлæ ныр  сфæнд  кодта
лæппуйы зæрдæйы масты æнхъизæн баппарын.
   Саукуыдз  куыддæр бæхтæ феуæгъд кодта æмæ сын хæринаг  авæрдта,
афтæ бацыди хæдзармæ.
   Мад  ын амбарын кодта, йæ фыд рынчын кæй у. Бауади лæппу уатмæ.
Уыны,  фыд бады хуыссæны, рустæ мидæмæ бахаудтой, цæсгом фæлурс  -
цикъæйы хуызæн, цæстытæ æнахуыр æрттывд кæнынц.
   - Цы кæныс, баба, цæмæй рынчын дæ?
   Фыд  бакасти  йæ фынддæсазыккон иунæг хъæбулмæ  -  уый  фæллад,
рыгæйдзаг,  æнкъардæй  лæууы йæ разы.  Фæтæригъæд  кодта  Таймураз
æнахъом лæппуйæн. Æндæр хъуыдытæ дæр ауади йæ сæры.
   Дзуапп радта лæппуйæн:
   - Ныр мыл къуырийы бæрц тæфсæгау кæны.
   Лæппу  æнкъардæй  рацыди хæдзармæ. Мад кæсы йæ фырты  цæстытæм,
фæнды  йæ  базонын,  цы  йын  загъта фыд.  Дзыллæйы  фæндыди  иуæй
лæппуйæн  æцæгдзинад схъæр кæнын - кæд йæ хистæр хъæбулы  туг  ист
æрцæуид,  иннæмæй  та тарсти йæ иунæг хъæбулыл  исты  æрцæуынæй...
Ницы уæлдай загъта. Ныууагъта хъуыддаг Таймуразы бар, хъуыды кодта
хинымæр: "Уый хæдзары сæр у æмæ йæ куыд фæнда, афтæ уæд!"
   Бирæ тухи фæкодта Таймураз уыцы æхсæв, - стыр быцæу кодтой  алы
хъуыдытæ  йæ  сæрымагъзы.  Бон куыддæр барухс  ис,  афтæ  Таймураз
бадзырдта  йæ фыртмæ. Саукуыдз фæтарсти, кæд йæ фыд мæлы,  мыййаг,
æмæ йын фæстаг ныхас зæгъы. Тагъдгомау бацыди мидæмæ, Таймуразы та
хуыссæны бадгæйæ баййæфта.
   -  Знон дын мæ ныхас æхæстæй нæ загътон, лæппу, - афтæ райдыдта
Таймураз. - Ныр къуырийы бæрц цæуы, афтæ мын Ныхасы иу куыдзы фырт
бафидис кодта, кæимæ, дам, дзурыс, дæуæн дæ фырты туг ист  куы  нæ
у.  Уый  уыди  æгас Ныхасы раз... Мæ къух æм нæ  бахæццæ  ис,  уый
йеддæмæ фидисгæнæг Ныхасы бæргæ афæлдæхтаид... Æнæ уый дæр мæ зæхх
йæхимæ  ласта,  фæлæ уæдæй фæстæмæ иудадзыг асасти  мæ  зæрдæ,  мæ
хъару... Ныр дæ æнамонд æфсымæры алы æхсæв дæр мæ фыны уынын... Мæ
ныхæстæ  дæ зæрдæйыл бадар... Уый зон, мæ иунæг, æмæ ма мæ къæхтыл
куы  слæууон, уæддæр мын уыцы фидисы фæстæ адæмы астæумæ цæуæн нал
ис!
   Уыцы ныхæстимæ фыд йæхи æруагъта хуыссæныл.
   Лæппу  ницы  сдзырдта.  Йæ цæстыты чысыл  цæссыгтæ  ферттывтой,
афтæмæй рацыди уатæй.
   Саукуыдзмæ раджы æрхаудта хæдзары мæт, дæс азы йеддæмæ  йыл  нæ
цыди,  афтæмæй  фосмæ  зылди, суг ласынмæ дæр-иу  ауади.  Таймураз
рынчынгæнаг хаста æмæ хæдзары куыстытæ фылдæр лæппу кодта,  æрмæст
ма  йæм-иу  хаттæй-хатт  мад  фæкасти.  Афтæ  æнахъомæй  бавзæрста
Саукуыдз  мæт  æмæ  зындзинæдтæ. Фынддæс азы йыл  куы  ацыди,  уæд
цæсгомы  ахастæй  æмæ  цæстæнгасæй зынди ас  лæджы  хуызæн.  Рæзгæ
бæрзонд  нæма  скодта, фæлæ уæнгджын æмæ хъæддых лæппу  уыди.  Ныр
фыды разæй куы рацыди, уæд мадæн ницы базонын кодта, мад дæр æй нæ
фарста,  æрмæст  хинымæр куывта: хуыцау, не сфæлдисæг,  хъуыддæгтæ
рæстмæ сараз!
   Федта  Саукуыдз,  хæдзары  суджы къæцæл  кæй  нæ  ис,  æмæ  суг
ласынмæ  ацыди.  Уый  фæстæ хæдзары æхсызгондæр  куыстытæ  акодта.
Изæрæй та фыццаг Ныхасмæ рацыди, стæй иу сых, иннæ сыхы балæууыди,
кæйдæрты  федта, кæимæдæрты аныхас кодта. Цы агуры,  цы  ми  кæны,
уымæн ничи ницы æмбæрста.
   Æхсæвæрыл йæ мадæн загъта:
   -  Иу  ран мын хорз суджы уæрдон баззади æмæ йæ æххæст  æрдавын
хъæуы.  Чысыл  мын  кæрдзыны къæбæр æмæ цæхх уæртæ  къæйы  кæроныл
æрæвæр! Æз тынг раджы цæудзынæн.
   Мадæн  йæ  зæрдæ рысти, кæд исты сфæнд кодта йæ  иунæг  хъæбул,
фæлæ ницы рабæрæг кодта æддæмæ, ницæмæй бафарста.
   
   х х х
   Арв  хурæскæсæнырдыгæй цъус хъулæттæ кæнын байдыдта,  афтæ  тар
хъæды   фæсвæндагмæ  баздæхти  иу  лæг  æмæ  стыр   бæласы   рæбын
æрæмбæхсти.  Бады  уым,  йæ астæуыл хъама, йæ  уæрджытыл  цæхгæрмæ
æвæрд  топп-бердан. Хаттæй-хатт ракæсы, айхъусы фæндагмæ,  дæлæмæ.
Абадти  афтæмæй  дзæвгар. Арвы хъулæттæ арæхдæр  кæнын  байдыдтой.
Мæргътæ  бæлæсты сыфтæрты хъал кæнын байдыдтой, алырдыгæй чысылгай
сæ  циц-циц хъуыстис!.. Уалынмæ хъæд иууылдæр байдзаг ис зард  æмæ
æхситтæй.
   Бирæ  хæттыты  уыди Саукуыдз хъæды, фæлæ йæм  нырæй  рæсугъддæр
дуне  никуы  фæкасти.  Хъуыста  мæргъты  зардмæ,  фæлгæсыди,  арвы
хъулæттæ  фылдæрæй-фылдæр куыд кодтой, æврæгътæ  хурæскæсæнырдыгæй
сæ хуыз раив-баив куыд кодтой...
   "Цæй  хорз  у дунейы цард!" - уайтагъд та-иу сдзырдта  хинымæр.
Сыстади,  иуæрдæм, иннæрдæм акъахдзæфтæ кодта. Йæ зæрдæ афтæ  рухс
уыди, афтæ дзаг уыди циндзинадæй, æмæ хъавыди мæргъты зардыл  йæхи
зард  дæр бафтауынмæ. Фæлæ уым æвиппайды фестъæлфыди, - дæлæрдыгæй
фехъуысти уæрдоны хъæр æмæ адæймаджы дзурын... Куыд æй айрох ис йæ
цыды  сæр" Асгæрста хъама, æрбайста дыууæ къухмæ топп æмæ фæндагмæ
хæстæг  къутæрты æрбадти. Кæсы дæлæмæ - фæндагмæ.  Бæлвырд,  уыдон
сты  -  æртæ  æфсымæры æртæ уæрдонимæ. Разæй цæуы  хистæр  æфсымæр
Бадæг,  дыккаг  уæрдонимæ  цæуы астæуккаг  æфсымæр  Барæг,  кæстæр
æфсымæр  та  - Батырадз, йæ æфсымæры йын чи амардта,  цæуы  фæстаг
уæрдоны  фæстæ.  Дысон базыдта Саукуыдз, уыдон боныцъæхыл  ам  кæй
уыдзысты. Мæнæ-мæнæ схæццæ кæнынц...
   Саукуыдз  топп  æргъæвдæй дары, фехсид бæргæ раздæр  Батырадзы,
фæлæ уый уайтагъд фæстаг уæрдоны аууон фæвæййы.
   Æруагъта   сампал.  Топпы  хъæр  анæрыди,  азæлыди  тар   хъæды
къуымты.  Хистæр  æфсымæр ма иу хъæр фæкодта:  "Амардта  мæ!"  æмæ
афæлдæхти уæрдоны фарсмæ, фæндаджы хъæбæрыл. Дыккаг гæрах  фæцыди,
фæлæ  нæмыг  дзæгъæлы ацыди. Уæртæ æрбазгъорынц Саукуыдзмæ  æлвæст
хъаматимæ  иннæ  дыууæ  æфсымæры. Иу гæрах  ма  бафтыди  Саукуыдзы
къухы.  Нæмыг атыдта Барæджы фæтæн ных, - хъыпп-сыпп нал  сфæрæзта
лæг, ауæлгоммæ ис цъæх нæууыл.
   Саукуыдз  та  аргъæвта топп, фæлæ уыцы минутыл Батырадзы  фæтæн
хъама  йæ  чъылдымæй акасти. Ахаудта лæппу уæлгоммæ, йæ къухтæ  ма
дзæгъæлы тылдта. Уæд фелвæста Батырадз хъама æмæ йæ лæппуйы  хурхы
атъыста.  Къахæй ма дыууæ цæфы ныккодта Батырадз лæппуйы цæсгомæн,
стæй   ныссæрфта  йæ  хъама  æртæхджын  кæрдæгыл  æмæ  рауади   йе
'фсымæртæм - ницыуал, нал райгас кæндзæн - дыууæ дæр уыдысты мард.
   Иу  цæссыг не 'ркалдта Батырадз йе 'фсымæрты уæлхъус, йæ дзыхæй
не ссыди кæуыны уынæр. Чысыл, æрмæст минуты бæрц, сагъдау алæууыди
фæндаджы  астæу. Ныууагъта фæндагыл йе 'фсымæрты мæрдтæ, ныууагъта
уæрдæттæ дзæгъæлæй.
   
   х х х
   Хур  хъæумæ нæма æркасти, фæлæ йæ тынтæ хæхты цъуппытæй ныррухс
кодтой   æмæ  чысылгай,  хъазгæйæ,  хохæй-хохмæ  гæппытæ  кæнгæйæ,
дарддæрæй-дарддæр  æмæ  ныллæгдæр цыдысты. Хъæубæстæ  райхъал  ис.
Уæрдонджынтæ,  бæхджынтæ  æмæ фистæджытæ уынгты  алырдæм  цыдысты.
Уыдон нæма зонынц, цы фыдбылызтæ æрцыди хъæубæсты.
   Фæлæ  бирæ  нæ  хъæуы  хабар айхъуысынæн.  Хуры  тынтæ  куыддæр
хæдзæртты  сæртыл  сæхи  ахафтой, афтæ  хъæуы  сæрæй  хъæуы  бынмæ
айхъуысти зæрдæхалæн хабар.
   Сæймæрайсом  Таймуразы хæдзармæ бабырста Куыдзиты Батырадз  æмæ
лæджы  йæ хуыссæны сæргæвста. Базыдтой адæм ноджы уый фæстæ: хъæды
астæу,  фæндагыл  æртæ марды лæууы - Куыдзиты Куыдзæджы  фырттæ  -
Бадæг æмæ Барæг æмæ Таймуразы фырт Саукуыдз.
   Хъæуы  сæрæй  хъæуы  бынмæ адæм, лæгæй, усæй,  æмызмæлд  сысты,
къордгæйттæ  æмбырдтæ  кодтой  æмæ  æнкъардæй  цыдысты  мæрдджынты
хæдзæрттæм.  Суанг сывæллæттæн дæр сæ зæрдæ нал  ради  хъазынмæ  -
иудадзыг уыцы фыдбылызы кой кодтой.
   Æмбырдтæ  кæнынц  адæм  мæрдджынты  дуæрттæм.  Дардмæ  хъуысынц
дыууæ хæдзарæй хъарæг æмæ дзыназын.
   Урсзачъе зæрæдтæ æнкъардæй мæрдджынты дуæрттæм лæууынц,  æрдиаг
кæнынц  фыдбылызыл, дис кæнынц, цы æрбамбæлдис  дыууæ  мыггагыл  -
фидауыныл  куы уыдысты? Фæлæ сæ зæрдыл æрбалæууыди,  иукъорд  боны
раздæр  Таймуразæн  туджы  фидис кæй  загъдæуыди.  Уæд  бамбæрстой
хъуыддаг æмæ нал дис кодтой... Арфдæр æрæнцой кодтой сæ лæдзджытыл
æмæ, сæ урс зачъетæ схъаугæйæ, хинымæр дзырдтой:
   - Хъуыддæгтæ аразæг хуыцау у... Табу йæхицæн!
   
   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *