ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ

ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ЗÆРИНГУЫРД

             (Коцойты Арсены сфæлдыстадыл афæлгæст)
   
   Коцойты  Арсены  сфæлдыстад  у ирон литературæйæн  йæ  райдайæн
стыр   къабузтæй,  йæ  кад  æмæ  йæ  сæрыстырдзинад.  Арсен   ирон
культурæйы  историмæ  бацыд  аив  дзырд  æмæ  реалистон   радзырды
зæрингуырдæй.  Уый лæмбынæг æмæ хъуыдыджынæй æркаст адæмы  цардмæ,
мæгуыр  адæймаджы хъуæгтæ æмæ тырнындзинæдтæм, йæ уды конд æмæ  йæ
зæрдæйы  æнкъарæнтæм,  акаст ын йе 'хсæнадон  уавæртæм  -  æмæ  сæ
нывæфтыд  кодта  йæ уацмысты. Арсен ахæм цардæгас фæлгонцтæ,  ахæм
хуызджын  характертæ сфæлдыста йæ заманы æрмæгæй,  æмæ  æнæ  уыдон
ирон  литературæ  нæ  уаид æнæкъахыр. Арсены  рæдау  ахорæнтæ,  йе
сфæлдыстадон  фæрæзтæ æмæ йæ хъæздыг традицитæ уыдысты  зынгæ  æмæ
æнæмæнг хъæугæ фæзынд нæ аивады историйы.
   Рæстæг  цæуы,  афонтæ  ивынц,  ивынц  эстетикон  æмбарынад  æмæ
æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивайы Арсены уацмысты идейон-эстетикон  хъару,
нæ  сæм  ивы  йæ  уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ  курдиаты  тых,  йе
сфæлдыстады удджын фидауц.
   
   х х х
   Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци) райгуырд 1872 азы январы  3-
аг  (16-æм)  бон Джызæлы. Фарастаздзыдæй йæ радтой хъæуы  райдайæн
скъоламæ.  Ам  фылдæр  ахуыр  кодтой  дины  чингуытæ,   фæлæ   дзы
зæрдæргъæвд лæппуйы амондæн разынд хорз чиныгдон, афтæмæй фæгæрз и
чингуытæ  кæсыныл.  Фæстæдæр бацыд Æрыдоны семинармæ,  ам  тынгдæр
айста  йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ.  Фараст
æмбалимæ  иуахæмы  Арсен  фистæгæй  фæцыд  Дзæуджыхъæумæ  Къостайы
уынынмæ.
   Арсен  сывæллонæй рахаста рынчынтæгæнаг, уый  аххосæй  каст  нæ
фæци  семинар дæр. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ.  Ардыгæй
æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ "Терские ведомости", "Казбек"
æмæ  æндæртæм.  1895  азæй  фæстæмæ йын зынын  байдыдтой  мыхуыры,
бафыста-иу сыл йæ фæсномыгтæ: "Хабос", "Ботас", "А.К.".
   Уыцы   рæстæджы   йæ  тыхтæ  фæлварын  байдыдта   литературæйы,
ныффыста  роман "Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ". Ныффыста  уырыссагау
уацау  "Чи у аххосджын?" Дыууæ уацмысæн дæр чиныгуадзæнты,  Арсены
ныхæстæм гæсгæ, æрцыд хорз аргъгонд, фæлæ дзы иуæн дæр нæ  бантыст
рæгъмæ рацæуын, нæ баззадысты сæ къухфыстытæ дæр. Æрмæст 1901-1902
азты  йæ  къухы  бафтыд цалдæр радзырды уырыссаг  æвзагыл  мыхуыры
рауадзын - "Хин", "Фидис", "Тутыр" æмæ æндæртæ.
   Семинары  фæстæ  Арсен  цалдæр азы хъæуты куыста  ахуыргæнæгæй.
1899  азы  ахуыргæнджыты съезды 2-аг хатт сæмбæлд Къостайыл.  Стыр
поэты ныхас ног хъуыдытыл бафтыдта Арсены.
   Зын  фæндæгтыл цыдис Арсен революцийы размæ. Скъолайы  кусгæйæ,
йæхи   иуварс   ласта  аргъуанæй,  кувынмæ  нæ   разæнгард   кодта
ахуырдзауты  дæр.  Уыйадыл æй систой йæ куыстой.  Мæгуыр  æмæ  йыл
рынчынæй  ивгъуыдтой иунæджы æрхæндæг бонтæ. 1902 азы Джызæлы  уыд
зæхкусджыты  сыстад.  Сыстад  æрцыд  саст.  Хицауад  Арсены  фæдыл
бафтыд,  зылынджын æй кодтой амидингæнæгæй. Цæрыны бар ын нал  уыд
Цæгат  Ирыстоны. Афтыд Хуссармæ. Уым ирон скъолаты 4 азы  фæкуыста
ахуыргæнæгæй.  Фыста  радзырдтæ,  æрвыста  уацхъуыдтæ   Фæскавказы
газеттæм,  æвæрдта  сæ,  йæхи  ныхæстæм  гæсгæ,  "рæстæджы  риссаг
фарстытæ", æвдыста сæ прогрессивон хъуыдытæ, хурмæ хаста  бынæттон
хицауад  æмæ  дины кусджыты худинаджы митæ, дзырдта адæмы  хъуæгтæ
æмæ сæ тыхстытыл.
   Хуссар  Ирæй  Арсен  афтыд Бетъырбухмæ. "Авзарон,  загътон,  мæ
тыхтæ,  цард фыцгæ кæм кæны, уым", - фыста фæстæдæр. Афтæ цардагур
æмæ  фæндон  куыстагур йæхи раппар-баппар кодта иу  ранæй  иннæмæ.
Уымæй  кæд  йæ  тых саст, уæддæр ын фадат уыд дуне йæ  алы  хуызты
фенынæн - уый та у хъæздыг æрмæг сфæлдыстадæн.
   Стыр горæты йæ фæндтæ нæ ацыдысты æмæ та Калакмæ æрыздæхт.  Ног
та  ралæууыдысты уæззау куысты бонтæ, газетты хицæутты ныхмæ  тохы
бонтæ.  "Æз  афтæ  нымайын,  æмæ журналисты  хæс  у  æхсæнады  алы
фыддзинады тыххæй хъæлæсыдзагæй хъæр кæнын", - фыста Арсен.
   1910 азы Калачы цæуын байдыдта журнал "Æфсир", редактор ын  уыд
Коцойты  Арсен.  Журнал хъæздыг уыд алыхуызон  æрмæгæй  æхсæнадон-
рухсадон фарстыты фæдыл, мыхуыр дзы цыдысты ирон æмæ æндæр  адæмты
фысджыты  уацмыстæ,  аивадон нывтæ; уацтæ æмæ  карикатурæтæ  æргом
кодтой æхсæнады хъæнтæ, зианхæссæг æгъдæутты мидис. Ам фыццаг хатт
фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.
   14-æм  номыры фæстæ "Æфсир" æхгæд æрцыд. Арсен та  абалц  кодта
Бетъырбухмæ,  уым та кусыныл фæлвæрдта газеттæ æмæ журналты.  1912
азы  куыста  корректорæй Ленины "Правда"-йы, мыхуыры дзы  рауагъта
йæхи тæлмацæй дыууæ радзырды - "Цуанонтæ" æмæ "Хæлæрттæ".
   Бирæ  рахау-бахау  ма бахъуыд Арсены революцийы  агъоммæ,  бирæ
зынтæ федта
   "царды  зилдухæнты".  Советон дуджы кодта  ахсджиаг  æхсæнадон-
рухсадон куыст.
   Бирæ  хъару  радта  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны  советон  мыхуыры
хъуыддаг нывыл
   саразынæн. Газет "Хурзæрин" æмæ журнал "Фидиуæджы" куысты уыди
   разамынддæтæг.
   Арсены  æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн  стыр  аргъ
скодта  Советон  хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын  æрцыд  орден
"Кады нысанæй".
   Коцойты  Арсен амард 1944 азы 4 февралы. Цытджынæй йæ бавæрдтой
Къостайы музейы кæрты.
   
   х х х
   Арсены   цард  æмæ  сфæлдыстады  тыххæй  бирæ  фыст   ис   ирон
литературæзонæн ахуырады, уыдоны ис арф æмæ раст хатдзæгтæ, ис  сæ
бирæ  къуыхцытæ  дæр. Фæлæ ам æнæ зæгъгæ нæй фыссæджы  сфæлдыстады
сæйраг миниуджыты тыххæй.
   Арсен  уыд  царды  трагизмы нывгæнæг.  Йæ  радзырдтæн  куыд  се
'рмæг,  афтæ  сæ  сюжетон  арæзт æмæ сæ архайджыты  хъысмæттæ  дæр
нывæзт  цæуынц  трагедийы ахорæнтæй. Уыцы хъуыддаг,  иуæй,  цыдис,
фыссæг цы цард æвдыста, уый æцæгдзинадæй, уый æхсæнад æмæ социалон
уавæртæй, иннæмæй та, цыдис Арсены сфæлдыстады хиадæй.
   Арсен  лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм,  адæймаджы
архайд  æмæ  йæ  уды  кондмæ. Уымæ гæсгæ йæ уацмысты  æрмæг  вæййы
бæлвырд  æмæ  æцæгдзинад, йæ хъайтарты зæрдæйы уаг  æвдыст  фæцæуы
парахатæй, реализмы фæрæзтæй, йæ фæлгонцты миниуджытæн сæ равзæрæн
вæййы  æхсæнадон  уагæвæрдæй. Туг исыны æгъдау  уыд  æппæт  адæмты
царды  дæр бæлвырд историон къæпхæнтыл. Уымæй æнусондæр та у  маст
исыны хъуыддаг. Фæлæ уыдæттæ Арсен æвдисы национ царды хуызты,  йæ
архайджыты хи сæрмагонд удыхъæдмæ гæсгæ.
   Ирмæ  фидис фыдбылызæн баззад. Уый тыххæй бирæ æвдисæнтæ ис  нæ
адæмон  сфæлдыстады.  "Фидис" схуыдта йæ  фыццаг  радзырд  Коцойты
Арсен дæр фæстæдæр ыл ногæй бакуыста æмæ рацыд æндæр сæргондимæ  -
"Сæумæрайсом".
   "Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ  зæрдæ
райсом  раджы  хуры  фæзындмæ кæсгæйæ. Нал  цин  кæны  дидинæгджын
быдырты  æмæ  цъитиджын  хæхты уындæй", -  афтæ  райдыдта  радзырд
"Сæумæрайсом". Ам бæлвырд уынæм дыууæ фарсы
   -  дыууæ  æнкъарæны: адæймаджы тыхст æмæ æрдзы фидауц, фыд  æмæ
хорз. Уыдонæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Тохы бацæуынц дыууæ тыхы. Ам
раргом  вæййы  фыссæджы æхсæнадон æмæ философон  цæстæнгас.  Æрдзы
скондæй  адæймаг тырны рухс æмæ рæсугъддзинадмæ, цард æмæ  фарнмæ.
Фæлæ  йæ фæндагыл слæууынц талынг тыхтæ - тызмæг æгъдæуттæ æмæ  сæ
фæстиуджытæ:  уды  чъизидзинад  æмæ  хæрам.  Уыцы  фембæлд  æркæны
трагедимæ.
   Таймуразы  зæрдæйы  цардмæ бæллын тох кæны  хæрам  æмæ  мæлæтмæ
тырнынимæ. Зæронд лæг рацæуы Ныхасмæ, адæмы æхсæн йæхи ирхæфсынмæ.
Разы  у  йе  знæгтимæ  бафидауыныл дæр, кæд  йæ  уды  æфхæры  уыцы
хъуыдыйæ,  уæддæр. Фæлæ чъизи æмæ хæрам фæзынынц фидисы хуызы  æмæ
фехалынц,   ныххурх  кæнынц  йæ  гуырдзы,  цард  æмæ  æрдз   кæмæй
сфидыдтаиккой, уыцы æнæнтыст фидыды.
   Æрдзон  æнкъарæн  ссæст  æрцыд къæхты бын.  Бамынæг,  Таймуразы
зæрдæйы цы рухсы цъыртт сæвзæринаг уыд, уый. Уæдæй фæстæмæ  зæронд
лæджы  уæлæмæ скаст нал суагътой фидис æмæ туг райсыны мондаг.  Ам
Арсен  ныфсджынæй  спайда  кæны романтизмы  мадзæлттæй  æмæ  уыдон
тыхджындæр  кæнынц реалистон нывты эмоцион хъару.  Æнæбон  мæлдзой
зæрондмæ  фæзыны  йæ  мард фырты æндæрг, вæййы тугахуырст,  карзæй
фæдомы  туг  исын,  хъары йæ тæригъæд: иннæ мæрдтæ  мæ  сæхимæ  нæ
уадзынц,  зæгъгæ.  Уыцы ныв та рахизы реалистон  бæлвырд  хуызтæм:
"Хуыссы  рынчынæй Таймураз. Асастысты йæ уæнгтæ, йæ хъару,  асасти
йæ  зæрдæ.  Йæ цард ихсийы, цырагъау судзы". Мидисæй дзаг  дзырдтæ
æргом  кæнынц,  адæймаджы  фыдракондмæ чи  тæры,  уыцы  уавæр.  Цы
бакæндзæн   ахæм   тыхсаст  зæронд?  Фæзыны   йæ   иунæг   бындар,
фынддæсаздзыд Саукуыдз. Хæдзардарæг, сыгъдæгзæрдæ, нырма  фæстæзад
æгъдæутты  маргæй  йæ уд кæмæн нæ фæхъæстæ, уыцы цардбæллон  лæппу
куыствæлладæй æрлæууыд йæ фыды раз. Уый уыд зæронды æнхъæлцау  æмæ
йæ уындæй тар зæрдæмæ бакаст чысыл рухс.
   Ам  та  хæрхæмбæлд фесты уыцы дыууæ тыхы. Тызмæг лæг йæ хъæбулы
фæллад  уындæй исдуг æрфæлмæн, "æндæр хъуыдытæ дæр ауади йæ сæры",
æмæ рæстæгмæ не схъæр кодта æбуалгъ низы æфсон, схуыдта йæ тæфсæг.
Ам  цыма  царды  хъуыдытæ фæуæлахиз кæнынц мæлæты сагъæстыл.  Фæлæ
адæймаджы сыгъдæг æнкъарæнты бон, ныййарæджы зæрдæйы бон  нæ  баци
сырддон  æнкъарæнты сæрты ахизын. Лæг сфæнд кодта лæппуйы  зæрдæйы
"масты  æнхъизæн баппарын". Туг исын æрхаудта зæронд æнæбон  лæгæй
цардбæллон  сабимæ. Уый мидæг ис радзырды трагизмы  сæйраг  æууæл.
Уый та ноджы арфдæр кæны мады уавæрæй. Тæрсы мад йæ иунæг хъæбулæн
фыдбылызæй,  катайы  бахауд, иннæмæй  та  тæригъæд  кæны  йæ  мард
лæппуйæн - мæрдтæ йæ сæхимæ нæ уадзынц, зæгъгæ. Мæнг уырнындзинады
æххуысæй хæрам басаста мады уарзт дæр йæ хъæбулмæ. Лæппу туг исыны
фæнд  йæ  зæрдæмæ айста, уæд мад скуывта: "Хуыцау,  не  сфæлдисæг,
хъуыддæгтæ рæстмæ сараз!"
   Саукуыдз бабадт йе 'фсымæры марджыты раз. Уыд сæрдыгон  райсом.
Хуры скаст рухс æмæ цинтæ хаста дунейæн. "Хъæд иууылдæр байдзаг ис
зард  æмæ  æхситтæй. Бирæ хæттыты уыди Саукуыдз  хъæды,  фæлæ  йæм
нырæй  рæсугъддæр дуне никуы фæкасти". Уый хъуыста æрдзы хъæлæстæ,
уыдта æрдзы фидауц, æмæ йæ дзыхæй сирвæзт фарны хъæлæс: "Цæй  хорз
у  дунейы  цард!"  Уыцы рæсугъд нывтæ æмæ уæздан  хъуыдыты  уæлвæд
æрцæудзæн  æппæты æнаккагдæр ми - аскъуыйдзæн адæймаджы  цард.  Ам
фыссæг чысыл аивадон фæрæзтæй æвдисы парахат хъуыдытæ. Иуæй æрдзон
фидауц ныхмæвæрд кæны фыдуынд хъуыддæгтæм, иннæмæй бæрзонд исы  йæ
хъайтары  удыконд. Царды ад æмæ æрдзы рæсугъд æмбарынæн, уæлдайдæр
ахæм  уавæры, хъæуы стыр удыхъæд. Æмæ Саукуыдз уæздан адæймаг  кæй
у,  рæсугъддзинадмæ кæй тырны, афтæмæй йæ марын кæй бахъуыд,  уыцы
уавæрæй  фыссæг карз тæрхон хæссы мæлинаг æгъдауæн. Лæппуйæн  уыцы
райсом "йæ зæрдæ афтæ рухс уыди, афтæ дзаг уыди цинæй, æмæ хъавыди
мæргъты  зардыл  йæхи  зард дæр бафтауын". Фæлæ  æваст  фестъæлфыд
уæрдæтты хъæрмæ æмæ йæхицæн уайдзæф кæнæгау загъта: "Куыд æй айрох
ис йæ цыды сæр!"
   Фехæлд  уыцы хъуыдыйы фæстæ æрдзы æнцой. Цины райсом  мæргъты
зард  раивтой  адæмы  хъарджытæ. Амардта  Саукуыдз  йæ  туджджын
Батырадзы дыууæ æфсымæры,
   йæхимæ  йын  нал фæцарæхст æмæ фæмард уый къухæй. Хъуыддаг  ууыл
нæ  ахицæн. Батырадз балæбурдта Саукуыдзы хæдзармæ æмæ йын хуыссæны
сæргæвста  йæ рынчын фыд Таймуразы. Адæм базыдтой фидисы хабар  æмæ
загътой: "Хъуыддæгтæ аразæг хуыцау у... Табу йæхицæн!"
   Хуымæтæджы  нæ  фæци  Арсен уыцы дзырдтæй  æбуалгъы  тугæйдзаг
нывтæ.  Уыцы ныхæстæй нæй æмбæхсæн фыдраконды аххосæгтæн,  хæрамы
æгъдæуттæн, дзæгъæлы сæ кæнынц хуыцауы номæй, - ахæм  у  фыссæджы
хъуыды.
   Тугисыны  зианхæссæг  æгъдæуттæ аивадон æгъдауæй  ноджы  арфдæр
æвдыст  цæуынц  радзырд "Фынддæс азы" (1901). Ам хъайтарты  архайд
æмæ  зæрдæйы  уагæн  социалон бындурæй уæлдай  ис  арф  психологон
ахаст, æмæ уый ирддæр кæны уацмысы трагизм.
   Радзырды  хъайтар Хъæвдын, йæхæдæг цыма йæхиуыл хъоды  бакодта,
уыйау  ныууагъта  йæ  хæдзар,  йæ  хъæубæстæ.  Æрбадт  хибар  ран,
куыройы, æмæ 15 азы арвыста йæ иунæджы бонтæй. Йæ митæ, йæ  уавæр,
йæ  зæрдæйы  хаттæй нын æрымысы романтизмы геройты.  Сагъæстæ  æмæ
æнкъарæнты сусæг хъазт, æбæрæг монцтæ æмæ цыдæр тæссаг сусæгдзинад
-  уыдон  æвдыст  цæуынц романтизмы ахорæнтæй. Фæлæ  æрдзон  хуызы
равзæрынц хæххон тызмæг царды æцæг нывтæй.
   Чи  у  Хъæвдын  æмæ  цавæр сусæг фæнд  хæссы  йæ  зæрдæйы?  Уыд
хъæубæсты  æвзаргæдæр лæппутыл нымад. Уый хайджын уыд,  ирон  адæм
лæгæн  цы миниуджытæй аргъ кодтой, уыдонæй: хъазты фидауц,  фæдисы
раздзог, куысты фæллад чи нæ зыдта, æгъдауæй æмæ хъаруйæ æххæст чи
уыди,  ахæм  у  радзырды хъайтар йæ лæппуйы  бонты.  Суанг  ыл  йæ
хæлæрттæ æмæ йæ бинонтæ сæ къух куы ауыгътой, уæддæр адæм  цыдысты
Хъæвдыны  куыроймæ,  уымæн æмæ йæ куыст  уыди  æнæзæрдæхудт.  Афтæ
зыны,  цыма райгуырд æрмæст рæсугъд хъуыддæгтæн, æмæ йæ  æгъдæуттæ
ахæм ранмæ кæй æркодтой, уым ис трагедийы райдайæн.
   Æвирхъау  тызмæг  уыдысты ирон лæджы этикон æмбарынадтæ,  намыс
æмæ  сыгъдæг  номы  нысæнттæ.  Хъазты чызгимæ  симгæйæ,  хæдæфсарм
лæппуйы  æнæбары,  чысыл æнарæхст змæлд сси  фыдæхы  суадон.  Чызг
тæргайæ  ацыд  хъазты  астæуæй, æмæ уый стыр  æфхæрдæн  айстой  йе
'фсымæртæ. Æхсæвы бабадтысты Хъæвдыны размæ æмæ йын хистæр æфсымæр
Годах  хъамайы  цæфæй йæ хъус ахауын кодта. Æрцыд  фыдраконд.  Туг
тугæй  æхсадæуы,  - хъуыды кодтой адæм æмæ архайдтой  уымæ  гæсгæ.
Амарын æмæ искæй къухæй мард фæуын та иухуызон уыдысты, уымæн  æмæ
марæгæн дæр нæ уыд ирвæзæн туджджынты къухæй.
   Адæм  æнхъæлмæ  кастысты, Хъæвдын йæ маст  куыд  исдзæн,  уымæ.
Зыдтой,  æбуалгъ кæй уыдзæн, уый дæр. Фæлæ Хъæвдын æцæг  цы  сфæнд
кодта, уый базонын никæй бон уыд. Лæппу хотыхæн равзæрста æнхъæлмæ
кæсын.  Æнæмæнг  ис  Хъæвдыны удыконды цыдæр  граф  Монте-Кристойы
æууæлтæй.   Йæ   уаг   нын  æрымысы  Пушкины   хъайтар   Сильвиойы
("Выстрел").  Ныхъхъус  и,  ныссабыр  рæстæгмæ,  ницæмæ  дары   йæ
хæлæрттæ, йæ мад æмæ йæ хоты уайдзæфтæ, нæ хъусы фидистæм, æмæ йыл
алчи  дæр йæ къух ауыгъта. Æгæр тæссаг у йæ сабыр ахаст, уый  маст
исынмæ куы раздæха, уæд нал зондзæн æфсис Ахиллесы мастау.
   Фыццаг  радзырды фыдбылызтæ æрцыдысты сæумæрайсом, æрдзы фидауц
йæ  тæмæны куы вæййы, царды мондаг йæ тыхы куы бацæуы, уыцы  афон.
Дыккаджы  дæр  фыдбылызтæ  райдыдтой  райдзаст  райсом.  Æмæ   уый
хуымæтæджы  нæу:  сау  хъуыддæгты сау цæсгом рухсы  бæлвырд  зыны.
Æвæццæгæн,  ацы  дыууæ  уацмысы хуызæн Арсен  æрдзы  нывтæй  никуы
спайда  кодта. "Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ зыланг  зардæй  цин
кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Дард кæцæйдæр адæймаджы  зарын
дæр  хъуысы. Куыд нæ зара адæймаг дæр, куыд нæ рухс кæна йæ  зæрдæ
дунейы рæсугъддзинæдты уындæй?.." Æрдзы фидауцы ныв фыссæг фæцыбыр
кæны æвиппайды фарстæй: "Фæлæ уый та цы у? Хъуысы хъæр"... Уый уыд
фыдохы  хъæр,  æрдзы æмæ царды гармони чи халы, рухсыл  талынг  чи
калы, уыцы хъæр: "Йе, Батырадз, Годахы фырт! Рацу ардæм, хæстæ куы
дарæм кæрæдзийæ... Рацу, банымайæм сæ!"
   Суанг  ахæм  сахат  дæр  Арсены хъайтар нæ  ахызт  хохаг  лæджы
этикон  æгъдæутты сæрты. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ  сты  йæ  сидт,  йе
'ртхъирæнтæ дæр: "Рацу дæхæдæг, кæннод дæм фæцæуын уырдæм!"
   Уыцы  этикæйыл фидар хæст у Хъæвдыны туджджын Годахы фырт  дæр:
"Цæуын, Хъæвдын, фæлæ мæм хъама йедтæмæ куы ницы ис!" - "Рацу,  æз
дæр хъамайæ хæцын!
   - загъта... Хъæвдын æмæ топп иуфарсмæ аппæрста".
   Раргом  Хъæвдыны  сусæг  фæнд: 15 азы æнхъæлмæ  каст,  йе  знаг
Годахы  фырт  кæд  слæг уыдзæн, уымæ. Раргом, æнæрцæф  лæппу  маст
карздæрæй  райсыны сæраппонд кæй быхста уайдзæфтæ,  фидистæ,  уыцы
æвирхъау  нысанæн нывонд кæй æрхаста йæ царды хуыздæр азтæ...  "Иу
ницæййаг  адæймаджы амарынæй мæ маст не ссыдаид", - зæгъы Хъæвдын.
Уый  уыд  йæ  заманы царды трагикон æцæгдзинад.  Къоста  йæ  очерк
"Особа"-йы  фыста: "Отомстить за кровь или, как  говорят  осетины,
взять свою кровь, вовсе не значит убить самого убийцу, который мог
быть  хромым,  косым,  горбатым, старым;  нужна  жертва,  если  не
больше,  то,  по  крайней мере, равная ее потере. Вот  почему  вся
семья и фамилия такого убийцы попадали в осадное положение и  если
противники  были  сильнее,  то  без  вины  виноватые   никуда   не
показывались, пашни и сенокосы их оставались не вспаханными  и  не
вскошенными.  Хлеб,  если  он еще был на  корню,  выкашивался  или
вытаптывался,  скотина  их  падала под выстрелами и ударами шашки"
(Коста Хетагуров. Собрание сочинений в пяти томах, т.IV, АН  СССР,
М.,  1960,  стр. 366) æнæазым удæй бафыста йæ фырт. Ам Хъæвдын  йæ
хъæддаг цины ахызт адæймагон арæнтæй, æгæр сырддон сты йæ  митæ  -
лæппуйы  уæнггай  кæнын. Адæмон этикæмæ гæсгæ та цыфыддæр  знагимæ
дæр не 'мбæлы афтæ карз уæвын.
   Сæххæст  Хъæвдыны иунæг фæнд æмæ ууыл ахицæн  йæ  царды  нысан.
Трагедийы  архайд  æрцыд йæ кæронмæ. "Фæлæ ныр  цы?  Цы  кæндзынæн
дарддæр?  Искæй  ма  хъæуы мæ цард?" - фæрсы Хъæвдын  йæхи.  Искæй
нырмæ дæр нæ хъуыд, фæлæ ныр йæхи дæр нал хъæуы, æмæ йæ бæллæх уый
у.
   Ам  радзырды  архайд  райхæлд кæронмæ,  хъуамæ  йæ  сюжет  ууыл
фæуыдаид.  Фæлæ  кæронмæ нæма ахæццæ фæлгонцы психологон  райхæлд.
Хъæвдын хъуамæ йæхæдæг афæлгæса йæ царды фæндагыл, йæхæдæг  æрцæуа
фæстаг тæрхонмæ. Чи зоны, фæндыд ма йæ æрдзы рæсугъдæй фæстаг хатт
бафсæдын. Хуымæтæджы нæ раивтой йæ катайаг фарстытæ æрдзы  нывтæй.
Фæлæ  йын  цин бавзарæн дæр нал ис: йæ хъуыдытæ йын аскъуыдта  ног
фарст  - "уый та цы у?" Уый уыд кæуын; æнахъом сывæллон куыдта  йе
'фсымæр  Батырадзы  мардыл, æнæбон æрдиаг кодта тæссæй  фыддзинады
раз.  Уый  дзæгъæлы тарст йæ удæн - Хъæвдын æлгъæд уыд маст  исыны
цинæй, хъуыди ма йæ æрмæст йæхи мæлæт. Фæлæ йæ цæмæн бафæндыд йæхи
марын  æнахъом сабийы къухæй? Йæхи бон саразын цы уыд, йæхицæн  цы
'мбæлд, уый цæмæн бакодта сывæллоны бар? Цымæ, фыссæгмæ гæсгæ, уый
рæстаг   тæрхон  уыд,  æви  дзы  арфдæр  философон  хъуыды  æвæры?
Фыдракæндтæ  куы  ахицæн сты, уæд ма сыгъдæг  сабийæ  цæмæн  хъуыд
лæгмар  кæнын? Афтæмæй тæригъæд рæхысау цæгбæстытæй цæуы фæлтæрæй-
фæлтæрмæ,  иу удæй иннæмæ. Нæй йын аскъуыйæн уыцы æхсæнады,  уымæн
æмæ у йæ уавæрты фæстиуæг.
   Ахæм  æнæрухс  хъуыды  æвзæры радзырды кæронбæттæн  нывæй  дæр.
Топпы  хъæрæй банцадысты сæ зарынæй мæргътæ, атахтысты  фыдбылызты
ранæй  дарддæр  æмæ  аныгъуылдысты сыфтæры.  Зараг  мæргъты  бæсты
фæзындысты сау халæттæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц холы хæрынмæ. Цард  æмæ
фидауцы нысæнтты раивтой мæлæт æмæ сау миты нысæнттæ.
   Фæлæ  уый  зæгъæн  нæй,  æмæ  Арсены  радзырдты  ис  зæрдæсасты
хъуыдытæ.  Кæд  царды  фыдракæндтæ цæуы  æхсæнадон  уавæртæй,  кæд
адæймаг  уыцы  уавæрты йæ зæрдæйы хæссы хæрам  æмæ  чъизи  фæндтæ,
уæддæр  сæ фарсмæ объективон æцæгдзинадæй цæры рæсугъд æмæ  уæздан
хъуыддæгтæм  тырнын.  Арсены  курдиаты  тых  уый  мидæг  ис,   æмæ
адæймаджы  уды  талынг  фæндтæй рæсугъддзинадмæ  тырнын  æрдзондæр
æнкъарæныл кæй нымайы. Уыцы æнкъарæны уæлахиз та æвдыст цæуы æрдзы
фидауц  æмæ  йæ  тыхты  æнæхæлгæ æнусондзинады.  Афтæмæй  фыссæджы
уацмысты   раргом  вæййынц  фыдраконд  æмæ  æгъдæутты   арфæмбæхст
социалон   уидæгтæ.  Æнæ  иу  комкоммæ  ныхас,  æнæ  цæхгæр   азым
æрхæсгæйæ,  аивадон  фæрæзтæй Арсен карз  тæрхон  хæссы  æхсæнадон
зианхæссæг уагæвæрдæн æмæ уымæй схизы æцæг аивады бæрзондмæ.
   Æддаг  бакастæй  æндæр уагыл фыст у радзырд "Цуанонтæ"  (1902).
Ам  нæй æрхæндæг зæрдæйы уаг, уæззау хъуыддæгтæ. Уый хыгъд дзаг  у
хъæлдзæг юморæй, комедийы фæрæзтæй. Чи фæлæудзæн æнæ фæхудгæ дыууæ
зæронды ныхæстæм, сæ чысыл бæллицтæм!
   Дыууæ  мæгуыр  зæронды æрвылбон сæхи хурмæ тавынц  куы  Тедойы,
куы Симоны
   дуармæ.  Сæхи  ирхæфсынц  сæ  лæппуйы  бонтæ  мысынæй,  сæхицæй
æппæлынæй. Æндæр
   сын  сæ  фадат  ницы  дæтты нæдæр исты аразынæн,  нæдæр  хъуыды
кæнынæн, нæдæр,
   майдыма,  хи ирхæфсынæн. Фæлæ сын мæнæ фæзынд ног койаг: сæ  иу
каркмæ зилы,
   иннæ - бабызмæ, "дыууæ зæрондмæ ног хъуыдытæ, ног мæт, ног  цин
фæзынди". Уымæй цыма сæ царды цыдæр мидис бацыд.
   Уæвгæ,  дыууæ лæгмæ вæййы æндæр ныхæстæ дæр. Æрхæссынц паддзахы
кой, се
   'лдары  кой.  Уыдон  сын  сты лæгдзинады бæрзонддæр  æвдисæнтæ.
Хæссынц
   æмбисæндтæ æлдар Гарсеваны зонд æмæ уæздандзинадыл.
   Кæй  кой  кæнай - къæсæрмæ. Фæзынд æлдар цуанæй æд фæсдзæуинтæ.
Зæрæдтæ  сыстадысты,  систой  сæ худтæ,  дæттынц  æгъдау  "уæздан"
адæмæн. Ничи сæ æрхъуыды кодта, уый та уæзданы нысан нæу. Уый  нæ,
t8k8  сæ  æлдары  фырт  Миха хынджылæг кæны,  хуымæтæджы  дæлгоммæ
ныхæстæ нæ дзуры Тедойы лæдзджыты тыххæй: "Адон дын цы сты? Цыппар
къахыл цæуын æнцондæр у, нæ? Бæх дæр, гал дæр афтæ фæцæуынц. Уыдон
фæзмыс?"
   Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Фæцыд топпы хъæр, æртылд Симоны  карк.
Симон  уый  куы  ауыдта, уæд "лæдзæгыл арфдæр  æрæнцой  кодта  æмæ
æнæзмæлгæйæ, йæ каркмæ кæсгæйæ, баззади". Сыхаджы маст худæджы хос
фæци  сыхагæн.  Фæлæ  бирæ нæ ахаста Тедойы   цин  дæр,  йæ  бабыз
бахъуыд æлдары дзаджджын сихорæн. "Тедо йæ худынæй банцади, худ йæ
сæрыл æркодта æмæ йæхи уæззау æруагъта бандоныл".
   Тедо  адæргæй не 'рбадт. Ам парахатдæр у ныв æмæ дзырдты мидис.
Фыссæг
   Тедойæн  æрмæст  йæ хъыг не 'вдисы, фæлæ йæ  ахаст  дæр,  кæмæй
æппæлыд æмæ йын йæ цин чи айста, уыцы æлдармæ. Сыстад æмæ  йæ  худ
систа,  уæздан  кæй æнхъæлдта, уымæн; ныр ын йе  'цæг  цæсгом  куы
федта, уæд йæ худ æркодта æмæ сбадт. Æрмæст уымæй уыд равдисæн  йæ
зæрдæйы мастæн. Хуымæтæг нывты, чысыл аивадон мадзæлттæй фыссæг йæ
хъайтарты  раз  систа,  уæларвон кæй  кодтой,  уыцы  æлдæрттæн  сæ
цæсгæмтты  æмбæрзæнтæ.  Афтæмæй  ацы  радзырды  дæр  Арсен  аивады
фæрæзтæй  æвæры йæ рæстæджы стыр социалон проблемæ:  мæгуыр  лæгæн
удыхосæн цы чысыл цин фæзыны, уый дæр ын æлдарад къæйныхæй атоны.
   Æлгъин,  фæлæ ирд ахорæнтæй дæсны фыст сты радзырды  архайджыты
сурæттæ,  характертæ  сты колоритон æмæ зæрдылдаринаг,  дзырдтæ  -
рæстдзæвин  æмæ  мидисджын. Æвзаг афтæ арæзт у,  æмæ  дзы  нæй  иу
уæлдай аивадон абарст, афтæмæй дзы æххæст æвдыст цæуынц фæлгонцтæ,
æнкъарæнтæ,  мидис.  Уый та стыр дæсныйады нысан  у  æмæ  фыссæджы
къухы  æфтыди, дзырдыл зæрингуырдау кæй куыста, уый фæрцы. (Æрмæст
хатгай  хуымæтæгмæ æгæр тырнын фыссæджы æркæны æвзаджы мæгуырмæ  -
иу  цыбыр  абзацы фондз кæнæ фылдæр хатты фæзæгъы  мидисхæссæг  иу
дзырд).  Уацмысы  хицæн варианттæ куы абарай, уæд  бæлвырдæй  зыны
фыссæджы  куыст,  зыны, йæ дзырд æлвæстдæр æмæ  мидисджындæр  куыд
кодта,  йæ хъуыды - цыргъдæр æмæ ирддæр, уый. Иууыл аивдæр   арæзт
та сты диалогтæ. Дзырдтæ æмæ сæ интонацитæ (ныхасы уаг) афтæ æвæрд
сты, æмæ арф æвдисынц архайджыты психологи, сæ зæрдæйы уаг.
   Симон  каркмæ зилыны фæнд куыд скодта, хорз аргъыл æй  ауæй
чындæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ йæ хæлары фарстæн дзуапп дæтты:
   - Цы ми кæнын? Мæнæ карк нард кæнын, Джеуæргуыбамæ.
   -   Куыннæ  стæй!  (Нæ  дын  зыдта,  цы,  Тедо  йæ   хæлары
хъуыддæгтæ! - Дж.Ш.).
   -  Уæд  цæуылнæ? Бæрæгбонмæ нын исты æргæвдын æнахуыр  хъуыддаг,
мыййаг, куы нæ у!
   Цæйбæрц юмор ис ацы хуымæтæг ныхæсты, цæй хорз зыдтой  дыууæ
зæронды  сæ  кæрæдзи!  Айдæнау кастысты  сæ  зæрдæтæм,  афтæмæй
фæлвæрдтой кæрæдзи мæстæй марыныл. Уым ис сæ характерты комизм.
   Цыдæр  хицонад  ис "Цуанонтæ" æмæ зындгонд  радзырд  "Гигойы
куадзæны" астæу
   куыд  сæ  мидисæй, афтæ сæ аивадон нывæзтæй дæр.  Æрмæст  ам
фыссæг мæгуыр
   бинонты  бæллицтæ  сæмбæлын кодта æлдары хъомысыл  нæ,  фæлæ
дины кусджыты
   мæнгардыл.  Æлдæртты  тыхмитæй сауджынты  æнæуаг  хъуыддæгтæ
куыд æмбæхстдæр
   уыдысты  дины  хæрвы  бын,  афтæ  сын  Арсен  лыстæгдæр  æмæ
бæстондæр  æвзары  сæ  уидæгтæ,  хъавгæ-хъавгæ  сын   сисы   сæ
цæсгомæмбæрзæнтæ,  æмæ се 'цæг цæсгом гомгæрццæй  аззайы  адæмы
раз.
   "Куадзæнмæ  ма  дыууæ  мæйы  уыди,  афтæ  Гиго  æмæ  йæ  ус  Пело
æрнымадтой сæ ис, сæ бон: каркæй, бабызæй, хъыбылæй, æмæ загътой:
   -  Табу  хуыцауæн,  ис  та нæм. Хъалонтæ-йедтæ  куы  ахицæн
кæнæм, уæд ма нæм уæлдай зайы фондз карчы æмæ æртæ хъыбылы.
   Афтæ бирæ уæлдай сæм никуы уыди, æмæ тынг фæцин кодтой  лæг
æмæ ус".
   Ацы  нывæй  райдайы  уацмыс. Фыццаг  дзырдтæй  бæрæг  у  мæгуыр
бинонты  æхсæнадон уæззау уавæр, сæ авналæнты къуындæгдзинад.  Æмæ
æнæбары папитæ куыннæ уой сæ цины сæр! Сæ бæллицтæ æмæ сæ хъуыдытæ
дæр  уымæн нæ хизынц сæ къуындæг уавæрты арæнтæй. Æмæ кæд сæ  цин,
сæ  бæллицтæ, сæ ныхæстæ куадзæны хъыбылы тыххæй худæг сты, уæддæр
не  сты  азымаг.  Цардыуагæй аразгæ у зондахаст. Фæлæ  уæддæр  уый
зæгъæн ис, æмæ мæгуыр бинонтæ сæ удты сыгъдæгæй (сыхæгтæ сæм хæлæг
кæной,  уыцы ныхæстæ дæр æнæхæрам сты, сæ бæрæгбон нывыл  саразой,
уымæ тырнынæй æвзæрынц) сты зæрдæисгæ адæймæгтæ, сæ уæздандзинадæй
лæууынц бирæ уæлдæр сæ тугцъиртæй.
   Дины  мæнгдзинад  хурмæ  хæссын, йæ  кусджыты  сурæттæ  бæзджын
ахорæнтæй фыссын уыдысты Арсены курдиаты сæйрагдæр нысантæй.  Уыцы
хъуыддаджы  та  уыд фæлтæрд æмæ стыр дæсны. Сауджын  Иосебы  сурæт
фысгæйæ,  фыссæджы  цыргъзонд  сатирæ  æмæ  ирони  рахизынц   карз
гротескмæ, уыимæ ныв арæзт цæуы адæмы критикон цæстæнгасæй  ("Адæм
ма  ныхасы дæр ракæнынц Иосебы гуыбыны кой, фæзæгъынц: раст  уæртæ
Иосебы гуыбыны йас, зæгъгæ").
   Æнæхсæст,  гуыбындзæлæй æвдыст цæуы, "хуыцауæн  кусæм  æмæ  куы
фæллайæм,  уæддæр  хъуамæ "фæллайæм" ма  зæгъæм"  чи  дзуры,  уыцы
сауджын.  Фæлæ уыдон æрмæст æддаг æууæлтæ сты. Цардæгас  адæймаджы
фæлгонцæн  та  хъæуы  миддунейы психологон уавæртæ  равдисын.  Æмæ
Арсен  дæсны аивадон фæзилæнтæй фегом кæны йæ персонажты  зæрдæтæ,
сæ  хъуыдыты  æцæг мидис. Бинонты цардыуаджы гæвзыкдзинад  равдис,
сауджыны зыд раргом кæн, стæй йын уæд æрæмыс йæ сайæн ныхæстæ,  йæ
"цæстуарзон",  "пайдайы" уынаффæтæ - ахæм сюжетон арæзты  æххæстæй
разынынц дины мæнгдзинад, йæ кусджыты дыдзæсгом æмæ дæлгоммæ митæ.
"Фыд  фаг  хæрын хъæуы - амон Гигойы хуызæн мæгуырæн  æмæ  йын  йæ
фæстаг комдзаг йæ дзыхæй аскъæф; куыдтæ стут, цы стут? Уæ сывæллон
та  куыд у?" - афтæ зæрдиагæй фæрс æмæ сабийы фæстаг цин скъах  йæ
зæрдæйæ, - уыдæттæ сты сауджыны митæ.
   "Цуанонты"  æлдар  æргомæй байста дыууæ  зæронды  цин,  "Гигойы
куадзæны" сауджын хинæй байста бинонты цин. Дыккаг радзырды фæзынд
ног  архайæг - къаннæг чызг Мела. Саби уыны æнаккаг митæ, сæ уæзæй
уæлдай  тынгдæр  фæрыст  уый  зæрдæ, æмæ  уымæй  фæарфдæр  уацмысы
эмоцион хъару.
   Дыууæ  радзырды  архайджытæн  нæй трагикон  хъысмæттæ,  нæй  сæ
æргом  тох  æмæ тугкалды нывтæ, уый хыгъд æддаг бакастæй  хуызджын
сты комизмы ахорæнтæй.
   Фæлæ  ам  трагизм ис хъайтартæн сæ царды мидисы,  се  'хсæнадон
уавæрты.  Адæймаг чысыл ницæмæй амонд кæм уыны, йæ зæрдæйы  фæстаг
дыдзы  рухс  ын тых æмæ хин кæм хуыссын кæнынц, куыннæ у  трагикон
уыцы цард!
   Хуыздæр  ран  не  сты Арсены иннæ хъайтартæ дæр.  Кæмфæнды  дæр
царды  цалх  æмæ  талынг  æгъдæуттæ ссæндынц  адæймаджы  бæллицтæ,
хорздзинæдтæм тырнын, сæттынц ын йæ зæрдæ, йе сфæлдыстадон  хъару.
Нæ  сæттынц  æрмæст цæрыны монц æмæ амондмæ æнхъæлмæ кæсыны  ныфс.
Фадат æмæ фæндиæгтæ нæ фидауынц, се 'хсæн цæуы иугæндзон тох. Уыцы
тохы райсынц сæхи сæрмагонд хуыз адæймæгты характертæ, сæ психикон
арæзт æмæ фыссæджы дæсны æрмдзæфæй свæййынц тæлмæнджын фæлгонцтæ.
   Арсен  никуы  ахызт бæрзонд реалистон аивады домæнтæй,  æмæ  йæ
уацмысты идейæтæхæссæг æдзухдæр вæййынц аивадон фæлгонцтæ, цыфæнды
хъуыдытæ  дæр  нывæфтыд  цæуынц бæлвырд адæймæгты  характерты.  Сæ
фадæттæ,  се  'хсæнадон бынæттæ æмæ архайд куыд  алыхуызæттæ  сты,
афтæ  фæйнæ хуызоны сты хъайтартæн сæ фæлгонцтæ дæр, æрмæст сæ  иу
кæны,  иу  цард æмæ иу рæстæджы цот кæй сты, уыцы историон  уавæр.
Афтæмæй Арсены сфæлдыстады революцийы агъоммæйы ирон адæмы  цардæн
уынæм  йæ  бирæ  фæрстæ: йæ радзырдтæ, хицæн  къабæзтæ  æвдисгæйæ,
дæттынц иу царды уæрæх ныв йæ алы хуызты.
   Уæззау  æмæ  сындзæхгæд у, Арсены рæстæджы мæгуыр хохаг  адæмæй
стыр  цардмæ  ахуыры фæрцы чи тырныдта, уыдон фæндаг.  Ахуырдзауты
æрхæндæг  хъысмæтыл дзургæйæ, фыссæг æргом кæны  æхсæнады  хъæнтæ,
адæмы ныллæг æмæ фæстæзад зондахаст. Капитализмы тæваг хæццæ кæнын
байдыдта  ирон  æхсæнадмæ,  уый  йæхи  уагыл  арæзта  æппæт   дæр:
адæймагæн аргъ кæнын, бинонты ахаст кæрæдзимæ, æппынфæстаг,  уарзт
дæр.  Арсен хурмæ хаста уыцы æгъдæутты реакцион мидис, фелвæста-иу
сæ  фæлм  уды æнкъарæнтæн æмæ сæ æвдыста се 'цæг хуызты. Алцы  дæр
æхца æмæ бынаты бæрзондæй баргæ кæм сси, уым æрдзон æнкъарæнтæ ивд
цыдысты  мæнгдзинад  æмæ сайæн митæй, пайдайы æнхъæлцауæй.  Журнал
"Æфсиры" иу карикатурæйы чызг дзуры йе 'мбалæн, кæнæ афицер куы нæ
уа,  кæнæ  студент, уæд мой нæ кæнын, зæгъгæ. Æмæ  бады,  æнхъæлмæ
кæсы. Уый у зæрдæйы мæгуырдзинад æмæ къуындæг зонды æвдисæн.
   Фыдæлты  гуманистон  æмбисонд "Хуыцауы  хорзæхæй  адæмы  хорзæх
хуыздæр  у"  рахызт ног арфæмæ: "Паддзахы хорзæх  дæ  уæд",  кæнæ:
"Афицер дæ хуыцау скæнæд!"
   Хъæуккаг  лæппу  Тего ("Æнæном радзырд", 1903) реалон  скъолайæ
каникулты  сæхимæ куы ссæуы, уæд ыл уыцы арфæтимæ сæмбæлынц  адæм.
Йе 'мгæрттæ йæм хæлæгæй мæлынц, уынгты куы фæцæуы, уæд æм чызджытæ
фæкæсынц  кауы  хуынчъытæй.  Бинонты  'хсæн  уæлдай  аргъ  ис   сæ
ахуырдзау лæппуйæн, суанг æй мад дæр кæны хъулон уарзт,  кæны  йын
буцдæр хæринæгтæ. Æмæ куыннæ, кæд æмæ уый у се 'нхъæлцау, сæ ныфс,
сæ кад! "Амондджын адæймаг у, йæ бонæй уæд!" - дзурынц хъæубæстæ.
   Фæлæ  цард  тæбæгъы  донæй хъауджыдæр  нæу,  уæлдайдæр  мæгуыры
амонд. Тего
   фæрынчын,  скъола  каст фæуын йæ бон нал  баци.  Иугæр  афицер,
инженер кæнæ
   дохтыр  не  сси,  уæд  кæй  хъæуы?  Æмæ  йæм  адæм  сæ  чъылдым
аздæхтой, бинонтæн сси
   æцæгæлон,  суанг  ныййарæгæн дæр адджын нал уыди.  Йæ  бон  уыд
зæгъын Гоголы
   мæгуыр    нывгæнæг    Пискаревимæ:   "О,   как    отвратительна
действительность!"
   Цард  бамбарын кодта Тегойæн рæстæджы æппæты карздæр рæстдзинад
-  адæймæгты  æхсæн  бастдзинады бындур.  "Хъуыды  кодта  Тего  йæ
цардæвæрды тыххæй.
   Æцæгæлæттæ  æмæ дард хæстæджытæ цыфæнды кæнæнт. Уыдон  ын  стыр
лæг  суын  æнхъæл куы уыдысты, уæд ын йæ зæрдæ æлхæдтой: чи  зоны,
искуы куыд вæййы, цы вæййы... Ницы дзы рацыди, зæгъгæ, уæд та  йæм
сæ  чъылдым сыздæхтой. Фæлæ мæнæ йæ ныййарджытæ, йæ фыд,  йæ  мад!
Уыдоныл  та цы 'рцыди? Буц митæ, буц хæринæгтæ ферох сты. Комкоммæ
йын  нæма зæгъынц, зæгъгæ, сын сæ кæрдзын лæвар хæры. Уый нæ, фæлæ
йæм  рæстмæ  дзургæ дæр нал кæнынц... Уый дын хионы  уарзондзинад.
Кæд  дæм  исты  æнхъæлмæ кæсынц, уæд хорз, кæд нæ, уæд  æцæгæлонæй
фыддæр..."
   Тæбæгъы  дон куыд ивы, афтæ æнкъарæнтæ æмæ уарзт дæр.  Тего  та
слæууыд  йæ къахыл. Бамбæрста, йæ алыварс чи ис, уыдон уаг,  уыдон
зæрдæтæ.  Раздæр  сын  хъуыддаджы  гæххæттытæ  фыста  лæвар   йæхи
гæххæттыл. Бузныг дæр ын ничи дзырдта
   -  æвзæрæн  йæ  куыстæн  дæр цы кад ис! Ныр  базыдта  цæрын  йæ
рæстæджы домæнтæм гæсгæ. Иу хатт дæр нал кæны æнæ мызд. Фæзынд  æм
фæрæзтæ, æмæ та схорз и хъæубæстæн, бинонтæн. Хъусы та æппæлæн æмæ
арфæйы  ныхæстæ,  фæлæ "ахæм ныхæстæн кæд Тего искуы  аргъ  кодта,
уæддæр сæ ныр йæ хъусты фæрсты уагъта... Йæ зæрдæ фæхъыг ис  адæмы
гæдыдзинадæй..."
   Тего  нал  æууæнды адæймагон сыгъдæг æнкъарæнтыл. Ахæм  моралон
æмæ  психологон уавæр ын йæ хъысмæт кæнынц трагикон.  Йæ  бинонтæй
æнæбары чи фæцух, æцæгæлон горæты кæйдæр фæсдуар стонгæй чи  мæлы,
къæбæр  бакусыны  тыххæй йæ курдиат чи сафы, уый хъысмæт  цæмæй  у
рогдæр,   фыдæлты  æгъдæутты  амæттаг  чи  фæци,  уыцы   хъайтарты
хъысмæттæй?! Æрмæст ам, ирон литературæйæн ног чи уыд, ахæм хуызты
æвдыст  цæуы  ирон  лæджы цард йæ хъыгтæ æмæ йæ сыгъд  фæндæгтимæ.
Тего  кæд  буарæй нæма амард, уæддæр йæ цард хæрд у,  йæ  зæрдæ  -
саст, уый та у адæймаджы егъаудæр трагеди.
   Мæгуыр  адæмæй рацæуæг интеллигенцийы хъысмæт хицон уыд  Арсены
сфæлдыстадæн. Фыссæг йæхæдæг бавзæрста йæ уацмысты хъайтартæ  Тего
æмæ  Тотырадзы  цард,  уымæ  гæсгæ сын  равдыста  афтæ  бæстон  се
'хсæнадон  уавæртæ, сæ миддуне. Радзырд "Цыппар  æмæ  ссæдз  боны"
(1916)  дæр  гом  кæны æхсæнад æмæ бинонты царды эгоизмы  уидæгтæ.
Æрмæст ацы уацмысы æргомдæр æмæ бæлвырддæр зыны социалон хъуыды.
   Радзырды   хъайтар   Тотырадз   каст   фæци   семинар,   куыста
ахуыргæнæгæй. "Æз нæ цæуын аргъуанмæ, сымах, куыд уæ  фæнды,  афтæ
кæнут",  -  амыдта скъоладзаутæн. Уыцы хъуыддаг æгъгъæд  уыд  дины
кусджытæн знаг фестынæн. Ахуыргæнæг уыйадыл сырд æрцыд йæ бынатæй.
Бады  æгуыстæй.  Ноджы  йыл  бахæцыд  тæфсæг,  æмæ  æрхауд  Тегойы
уавæрмæ. Æвæгæсæгæй сæфы йæ райгуырæн хæдзары. "Баихсыдис Тотырадз
дыууæ   азы  дæргъы...  Мæрдонхуыз  цæсгомыл  йæ  цæстытæ   хъилæй
баззадысты"  -  ахæм  тыхджын  реалистон  нывты  æвдисы  Арсен  йæ
хъайтары сурæт, йæ фадæттæ. Тотырадз дæр Тегойау æрцæуы,  цард  сæ
æнæмæнг кæуыл æууæндын кæны, уыцы зæрдæсасты хатдзæгмæ: "Гæды сты,
мæнг  сты  хæстæгдзинад дæр, уарзондзинад дæр, -  дзырдта  хинымæр
Тотырадз. - Кæд бæзгæ æмæ хъæугæ дæ, уæд дын ис хæстæг дæр, уарзон
дæр, кæннод дард дар дæхи".
   Дуне  куыд вазыгджын у, ахæм вазыгджын фæндæгтыл кæны Арсен  йæ
характерты истори. Уавæр ивы уавæры, æнкъарæн æнкъарæны, ныфс  æмæ
зæрдæсаст,  æнхъæлмæ  кæсын  æмæ гуырысхо  æмдзу  кæнынц,  афтæмæй
æппæтвæрсыгæй  æвдыст  цæуынц  фæлгонцтæ  æмæ  уацмысты  хъуыдытæ.
Тотырадзмæ  йæ талынгдæр бон фæзынд ныфсы дыдзы рухс:  сауджын  ын
бахæс кодта хъæуы цæрджыты номхыгъд саразын. Цыппар æмæ ссæдз боны
фæкуыста,  цыппар  æмæ  ссæдз  боны  æнхъæлмæ  фæкаст,  ног   цард
райдайынæн  йæ  зæрдæ  кæуыл дардта, уыцы мыздмæ.  Фæлæ  фыдæнхъæл
фæци.  Лæппу  йæ  хуымæтæгæй нæ бадзырдта, аргъыл æмæ  йæ  сауджын
æгъатырæй фæсайдта.
   Радзырды  Арсен  дæсныйæ  архайы контрасты  фæрæзтæй.  Иу  нывы
сауджын  æмæ диакъон стигъынц мæгуыр лæджы, иу сахатмæ цы хъуыддаг
саразой,  уымæн домынц туман, закъон, дам, афтæ амоны.  Иннæ  нывы
сæхæдæг  Тотырадзы уæззау куыстæн фидынц æртæ сомы. Ам фæзыны  ног
архайæг, аргъуангæс Дзибо. Цыбырзонд æмæ адæймаджы сæрыстырдзинад,
мæгуыргурау,  ницæййаг лæвæрттыл чи ауæй кодта, ахæм адæймаг.  Уый
нæ,  фæлæ  цыфæнды  чъизийыл дæр æлгъ чи нал кæны,  ахæм  æдзæсгом
фæсдзæуин. Йæ лæггадæн ын сауджын абази куы авæры, уæд  уый  вæййы
йе   стырдæр  цин,  æмæ  "ныр  æртæ  сомы  уынгæйæ,  хæлæг   кодта
Тотырадзмæ, дзырдта хинымæры: "Кæсыс уымæ, цас бакуыста!"
   Ацы  нывтæй  зыны, иуæй, дин æмæ закъон адæймаджы  фæллой  куыд
эксплуатаци  кодтой,  уый; иннæмæй та (æмæ уый  сæйрагдæр  у)  дзы
æвзæры  ахæм  хъуыды, æмæ уыцы дунейы æнæмæтæй кæй цæрынц  Дзибойы
хуызæттæ,  Тотырадзы хуызæн сыгъдæгзæрдæ адæймæгтæ та  дзы  сæфтмæ
кæй  цæуынц. Тотырадз ифтонг нæу, цы закъонты раз лæууы,  уыдонимæ
тох  кæнынмæ  нæдæр идейон æгъдауæй, нæдæр цæрынмæ  цæттæдзинадæй.
Кæд  ын  автор йæ дарддæры хъысмæт не 'вдисы, уæддæр бæрæг у:  нæй
йын цард æмæ амонд ссарæн дуджы тызмæг уылæнты астæу.
   Рæстæг  æмæ капиталистон æхсæнад адæймаджы сæфтмæ куыд  тæрынц,
уый  ирдæй  æвдыст цæуы радзырд "Царды зилдухæнты".  Уыдон  азарæй
уæлдай фыдранмæ æрхауы сыгъдæгзæрдæ æмæ æдзæттæ адæймаг. Буцæ  кæм
схъомыл,  уым  ма фидар уыдысты мыггагон царды æгъдæуттæ,  афтæмæй
бахаудта стыр горæтмæ, æндæр, æнæзонгæ царды зилдухæнмæ,  "нæ,  ай
æндæр  дуне  у", - æмбары йæхæдæг дæр. Фæлæ æнæбон у  уыцы  дунейы
раз.  Ахæм уавæрты тыххæй Ф.Энгельс фыста, ирландæгты цард  дæнцæн
кæнгæйæ, "...понятно... как ирландцы, внезапно попадающие со столь
наивными  представлениями родового строя в большие английские  или
американские  города, в среду с совершенно иными  нравственными  и
правовыми  воззрениями,  -  как легко такие  ирландцы  оказываются
совершенно  сбитыми  с  толку в вопросах морали  и  права,  теряют
всякую  почву  под  ногами  и  часто массами  становятся  жертвами
деморализации" (    Ф.Энгельс.   Происхождение   семьи,    частной
собственности и государства. Госполитиздат, 1945, стр. 152.).
   Санибайаг  лæппу  Буцæмæ  бæрзонд  æвæрд  уыдысты  цæсгом   æмæ
æнкъарæнты   сыгъдæгдзинад,  бинонты,  стæй  æгас  хъæубæсты   кад
хъахъхъæнын.  Зæрдиагæй бавнæлдта уæлдæр скъолайы  ахуыр  кæнынмæ,
фæндыд  æй  хорздзинадмæ  тырнын, фæлæ  фæбырыд,  фæкалд  æцæгæлон
моралы  чъизитыл  æмæ ныппырх сты йæ бæллицтæ.  Фыссæг  къахдзæфæй
къахдзæфмæ æвдисы йæ хъайтары психологон уавæр, куыд хъахъхъæны йæ
моралон  идеалтæ,  фæлæ  йæ цард æмæ,  йæ  алыварс  чи  ис,  уыдон
хæстæгæй-хæстæгдæр   куыд  кæнынц  сæхи  дунемæ,   уыдæттæ.   Буцæ
бафæрæзта  цалдæр фæлварæны. Æнæуаг хæдзары æфсины узæлдæй  æркалд
йæ  цæссыг,  афтæ  æфхæрд  фæкаст хохаг лæппумæ  хæлд  сылгоймаджы
фæндон.  Дыккаг  хатт  йæхи бахызта хæрæндоны  лæггадгæнæг  чызджы
æнæгъдау  æнкъарæнтæй. Йæ ирон æмбæлтты уайдзæфтæ æмæ цымыдисгæнæн
ныхæстæн дæр ницы æнтыст.
   Фæлæ  уавæртæ  сæ  куыст кодтой сындæггай.  Хæлд  æмæ  æнæфсарм
равзæрстой  æндæр  фæрæз  -  рацыдысты фидауцы  хуызы.  Уый  ныхмæ
æнарæхст   разынд   Буцæ.  Ам  та  зæрдыл  æрбалæууынц   классикон
литературæйы  уацмыстæ, уæлдай дæр Гоголы "Невский проспект".  Уым
дæр  мæгуыр нывгæнæджы сæфтмæ æркодта, фидауцы агъуды чи  æмбæхст,
уыцы  хæлддзинад. "В самом деле, - фыста номдзыд фыссæг, - никогда
жалость  так  сильно  не овладевает нами, как  при  виде  красоты,
тронутой  тлетворным дыханием разврата. Пусть  бы  еще  безобразие
дружилось с ним, но красота, красота нежная... она только с  одной
непорочностью и чистотой сливается в наших мыслях".  Афтæ  кæй  у,
Буцæйыл дæр сайд уымæн æрцыд.
   Радзырды  ис  арф  социалон  мидис. Чъизихæсджытæ  сты  бонджын
адæмæй.  Буцæ  æмæ уый хуызæн студенттæ та сты сæ амæттæгтæ.  Аннæ
Калашниковайы  ныййарджытæн  ис  фондзуæладзыгон  хæдзар,  сæхæдæг
цæрынц  æрмæст дыккаг уæладзыджы. Уыцы чысыл хабарæй Арсен  æвдисы
хъал чызг Анеты къласон бынат. Æмæ уый хуымæтæджы нæу.
   Буцæ  уыд  зæхкусæджы  фырт, уый зыны йæ  алы  хъуыддагæй  дæр.
Æвзæр  низæй куы фæрынчын, уæддæр йæ царды мæт нæ кæны. Йæ бинонтæ
æмæ  йын йæ адæмы æхсæнмæ цæуын йæ цæсгом бар кæй нæ дæтты,  уымæн
амары  йæхи  дæр. Афтæмæй, кæд горæты чъизигæнæг æгъдæутты  уацары
бахауд,  уæддæр  йæ  мæлæт  уыди  сыгъдæгзæрдæ  адæймаджы  моралон
уæлахиз.
   Буржуазон  цардæвæрд сæфтмæ цыди йæхæдæг æмæ сæфтмæ  тардта  йæ
амæттæгты  дæр.  Тазырæт  сси прокурор  (радзырд  "Тазырæт").  Уый
хъуамæ  уыдаид  амондджын, хъуамæ хызт уыдаид Буцæтæ,  Теготæ  æмæ
Тотырадзты  хъысмæтæй.  Фæлæ  дуджы  закъонтæ  базыдтой  Тазырæтыл
фæхудын  дæр, бантыст сын уый цард сзыгъуыммæ кæнын дæр.  "Нет  на
земле  поступка  без отмщенья", - фыста Гете. Æмæ  уыцы  философон
хатдзæг  адæймаджы  хъысмæтæй  арф  æвдыст  цæуы  Коцойты   Арсены
уацмысы.
   Автор  йæ  радзырд райдайы йæ хъайтары сурæтæй, афтæ  дæсны  йæ
аразы  æмæ  нæ сцымыдис кæны архайдмæ, йæ хъысмæтмæ. "Йæ  бакастмæ
гæсгæ  Тазырæтыл цыдис къаддæр 45 азы. Рæстæмбис йæ ас,  уæнгджын,
фæлæ  тæнтъихæг. Фæлурс рустæ - мидæмæ хауд, зачъе - даст.  Рихиты
ма зынди иугай сау хъуынтæ.
   Афтæ  уыди йæ бакаст Тазырæтæн. Фæлæ ма цыдæр иртæста  Тазырæты
иннæ  шофырты  æхсæнæй  - интеллигентон цæсгом  æмæ  стыр  æнкъард
цæстытæ. Уыцы цæстытæ-иу хаттæй-хатт æнахуыр æрттывд фæкодтой  æмæ
афтæмæй  æвдыстой, Тазырæты зæрдæйы цавæрдæр стыр хъуыды  арф  кæй
бады", уый.
   "Стыр  хъуыды" уыд фæсмоны катай. Тазырæт тæрхоны мидæг æнæбары
æруагъта  рæдыд, æнæаххосæй ауыгъд æрцыд, æппæт факттæ  кæй  зылын
кодтой, уыцы лæппу. Æрæджиау базыдта прокурор йæ рæдыд. Нал ын уыд
срастгæнæн.  Азымджын хъуамæ æфхæрд цæуа. Тазырæты  фæзылын  кæнын
æмæ  бафхæрыны  хæс  йæхимæ нæ райстаид  закъон,  тæрхондон.  Уыцы
хъуыддаг  хорз  зыдта  Арсен. Фæлæ зыдта æндæр  хъуыддаг  дæр:  ис
уыдонæй  растдæр  æмæ бæрзонддæр тæрхондон -  цæсгом  æмæ  æфсармы
тæрхон. Уыдон моралон хъизæмарæй æфхæрынц зылын æмæ фыдракæнæджы.
   Арсен  стæм  хатт,  фæлæ  арæхстджынæй  пайда  кодта  реалистон
радзырдты романтизмы фæрæзтæй. Ацы уацмысы æнæниз адæймагмæ æндæрг
кæй  фæзыны,  уый романтизмы æууæлтæй у. Ахæм аивадон фæзындæн  ис
эстетикон  æмæ  социалон  бындур.  Аивадон  æмæ  царды  рæстдзинад
домдтой  фыссæгæй иунæг уырнинаг фæрæз равзарын - уый уыд хъайтары
моралон удхæрттæ психологон уавæрты равдисын.
   Ацы  ран  Арсен æвæры философон æмæ гуманистон хъуыдытæ.  Иуæй,
алы  адæймаг дæр дзуапдæттæг у йæ митæн, йæ хъуыддæгтæн, уæлдайдæр
та,  æндæр  адæймаджы  хъысмæт уыдонæй куы  араза,  уæд.  Иннæмæй,
Тазырæт  прокуроры куыст кæй ныууагъта æмæ шофырæй кæй кусы,  уыцы
хъуыддагæй  æвзæры  ахæм хъуыды, æмæ адæймаг  æрмæст  æнæзæрдæхудт
куысты вæййы цард æмæ амонды аккаг.
   Царды  зилдухæнты сты Арсены хъайтартæ иууылдæр,  æмæ,  кæд  се
'ппæтыл "тохы бон" не скæны, уæддæр вæййынц трагикон уавæрты. Æцæг
тохы  бон  скодта,  ахæм  ном  кæмæн  ис,  уыцы  радзырды  хъайтар
Додтийыл.  Мæгуыр кусæг лæг горæтмæ аласта сугтæ.  Сæ  аргъæй  сын
хъуамæ  бамбæрзтаид йæ хæдзары хъуæгтæ. Фæлæ та Додти дæр  фембæлд
царды  чъизитыл  æмæ  ныссагъд сæ фыдбылызты.  Дуканийы  хицау  ын
æдзæсгомæй  исы, уæззау куыстæй цы æртæ сомы самал  кодта,  уыдон.
Уый  нæ, фæлæ ма йын бафхæрдта йæ хиуарзондзинад, йæ национ намыс.
"Додти  йæхи  æмбарын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ зыдта,  паддзахы
хицæуттæ  сæхицæн хæсыл кæй нымайынц хæххон адæмы æфхæрын,  зыдта,
Кавказмæ цы уырыссæгтæ æфты, уыдонæн дæр сæ хъæздгуытæ ахæм зондыл
хæст кæй сты", - фыссы автор.
   Хъуыддаг  æцæг  дæр афтæ рауад. Гуыбынджын дуканигæс  бафхæрдта
Додтийы.  Додти  та  ирон æгъдауыл хæст уыд:  æфхæрдæн  -  æфхæрд.
Амардта йе знаджы. Алыгъд Сыбыры тасæй, сфæнд кодта абырæг ацæуын.
Фæлæ  йын нæ бантыст. Æрхъула йыл сты базаргæнджытæ. "Уым  Додтийы
зæрдыл  æрбалæууыди,  сæ  хъæуы-иу куыд  мардтой  æрра  куыдзы"...
Цыппар  баисты,  мæгуыр  лæг,  йæхи  хъахъхъæнгæйæ,  æнæбары   кæй
амардта,  уыдон. Фæлæ цы кæна! Кусæнгарзы бæсты йын райсын  кодтой
хæцæнгарз, лидзы æмæ йæ нæ уадзынц, сурынц æй, цæвынц æй. Æмæ ахæм
сахат  æмбæрстгонд у йæ фæстаг фæндон: "Æй-джиди, адон æппæтæн  иу
хъамайы  цæфæй  барæхойæн куы уаид!" Афтæ  уыд  1934  азы  рауагъд
тексты.  Уый нæ уыд тугмондаджы фæндиаг, уый уыд тыхст уды  уынгæг
хъæр.
   Зæрдæхалæн  сты,  Додтийы  куыд марынц,  уыцы  нывтæ.  Нæ,  ацы
базаргæнджытæ  сырддондæр  сты Хъæвдын  æмæ  Батырадзæй!  Радзырды
ахсджиаг  аивадон  фæрæз у куыдзы фæлгонц.  Куыдзы  номæй  дзурынц
хохаг  лæгмæ,  маргæ дæр æй куыдзы мард кæнынц. Фæлæ мæгуыр  кусæг
лæг  зынаргъ кæны йæ цард æмæ йæ сыгъдæг намыс. Цæрыс, уæд кадимæ,
мæлыс, уæддæр афтæ.
   Уацмысы  Арсен  æргом  кæны  колонизаторты  шовинистон  цæсгом,
хицауады  æнаккаг  æмæ  дыдзæсгом политикæ.  Иу  зондыл  хæст  сты
базаргæнджытæ  æмæ городовой, закъон æмæ æгъдау хъахъхъæнæг.  Кæмæ
хъуамæ хастаид Додти йæ хъаст? Æфхæрды ныхмæ æрмæст йæ кардыл  уыд
зæрдæ  дарæн.  Хицауад сæхæдæг фыдгæнджытæ кæм сты,  адæмты  'хсæн
хæрам  кæм  тауынц, уым нæй мæгуыр лæгæн амонд, уым йæ  хъысмæт  у
трагикон. Ахæм хатдзæг æвзæры радзырдæй.
   Хицауады  дыдзæсгомдзинад  æмæ  фыдракæндтæ  ноджы  арфдæр  æмæ
уæрæхдæр  æвдыст цæуынц "Хæлæртты". Арсен радзырд раивта  уырыссаг
æвзагмæ, æмæ 1912 азы мыхуыр æрцыд Ленины "Правдæ"-йы. Ам  хицауад
сæхæдæг  аудынц  æвзæргæнджытыл,  сæ  фæд  сын  æмбæхсынц  пайдайы
тыххæй.   Фыссæг   фæрсæй-фæрстæм  æвæры  пъырыстыф   æмæ   абырæг
Батырбеджы  сурæттæ. Абырæг кæд фыдгæнæг у, уæддæр æй уыцы  митæм,
чи  зоны, уавæртæ æркодтой; пъырыстыф та, йæ бартæй пайда кæнгæйæ,
йæхæдæг  сси  фыдгæнæг.  Абырæгмæ цыдæртæ  баззад  адæймаджы  хорз
миниуджытæй  -  лæгдзинад, ныфс, арæхст,  æрхъуыдыдзинад,  ныхасыл
фидар  хæцын,  æмбалæн  аргъ  кæнын.  Ам  Арсен  лæууы  М.Горькийы
традицитыл.  Пъырыстыфмæ ницы ис уыцы миниуджытæй, уый  у,  чи  йæ
сфæлдыста,  уыцы  æхсæнады æввонгхор. Батырбег  ын  хуымæтæджы  нæ
равзæрста фыддæр æфхæрдæн, ницæййаг адæймаг кæй у, уый равдисын.
   Арсен  уыди  стыр гуманист. Афтæ зыны, цыма йæ алы  уацмыс  дæр
æвзæры адæймаг уарзынæй, уымæн ын кæсы лæмбынæг йæ хъуæгтæм, дзуры
зæрдæбынæй  йæ ристæ æмæ йæ сагъæстыл. "Нæ фыдбылызты  фыддæр",  -
афтæ  схуыдта Арсен ирæды ("Æфсир", N4). Ирæд исыны реакцион мидис
фыссæг  æвдыста  публицистон уацты, карикатурæты,  аив  радзырдты.
Ирæд  æмæ  йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм  "Афтæ
дæр вæййы", зæгъгæ, уым.
   Радзырды хъайтар Саугуди уыд сыгъдæгзæрдæ кусæг лæппу,  бинонты
дарæг.  Уæззау  куыст  кæны æмæ чысылгай  фиды  ирæд  бонджын  лæг
Хосдзауæн.  Азтæ цæуынц, ирæдæн ахицæн не 'нтысы, йæ  уарзон  чызг
Дзерассæйыл  йæ къух сиса, уый та йæ бон нæу. Саугуди хъуамæ  кæнæ
чызджы  скъæфгæ  акæна,  кæнæ мулк исты хуызы  самал  кæна.  Лæппу
хъаруйæ  куыд æххæст у, афтæ рæсугъд у зæрдæйы кондæй дæр. Бæрзонд
æвæрд  æм  сты  намыс  æмæ  æнкъарæнты сыгъдæгдзинад.  Йæ  уарзоны
аскъæфын  æм  кæсы  худинаг, æгады нысан. Нæй  цæсгомджын  куыстæй
исбон скæнæн дæр. Афтæмæй лæг  æрцыд давыны фæндагмæ. Давы Саугуди
йæ  каис  Хосдзауы фос æмæ йын фиды ирæд. Егъау ирæд дзы чи  домы,
гæвзыкмæ  йæ  чи тæры, уыцы хæстæгæй кæй давы æмæ йын  фæстæмæ  йæ
хæдзарад  кæй  аразы,  уым  цыма фыдракондæй  ницы  ис.  Афтæ  уыд
радзырды фыццаг варианты - "Цы фæци Асæхмæты ирæд" ("Æфсир",  N7).
Радзырд  къæрис уыд æхсæнадон æмæ психологон мидисæй, нæ дзы  зынд
царды рæстдзинад, нæ уыд уырнинаг хъайтары хъысмæт.
   Дыккаг  варианты  Саугудийы фæлгонц  амад  у  реалистон  аивады
принциптыл, йæ психологон рæзт нын æрымысы Къостайы "Ахуыр". Арсен
æрцæуы   ахæм  хатдзæгмæ:  "Æвæццæгæн,  афтæ  арæзт  у  нæ   цард,
æвæццæгæн,  ахæм  бындурон  уаг ис адæймаджы  зæрдæмæ,  æмæ  галиу
хъуыддæгтыл чи ацахуыр уа, уымæн фæстæмæ зын раздæхæн вæййы".
   Афтæ  рауад  Саугудийы  хъысмæт дæр.  Давын  цы  нысаны  тыххæй
райдыдта, уый йын сæххæст, фæлæ галиу хъуыддаг йæ фæдыл сайы ноджы
галиудæр  ми.  Фæмард давгæ-давын, нæ бафсæст цæрынæй,  фыдраконды
руаджы  цы  амонд  арæзта, уый хъæбысы. Йæ фæстаг  ныхас  ма  уыд:
"Хуыцау  ма  ныббарæд мæ каис Хосдзауæн: уый тыххæй  фæцахуыр  дæн
давыныл". Уый уыд карз азым мæлинаг æгъдауæн - адæймаджы трагедийы
æхсæнадон  аххоссагæн.  Фæлæ фыссæджы гуманистон  хъуыды  ууыл  нæ
фæци.  Объективон аххосæгты фарсмæ уый тæрхонмæ хæссы  субъективон
аххоссæгтæ  дæр. Нæй ныббарæн æвзæрдзинадæн цыфæнды  уавæрты  дæр.
Уыцы  тæрхон зыны адæмы ахасты, радзырды кæрон ирд поэтикон  нывы:
"Æрбаласынц Саугудийы. Уæрдоны фæдыл ис адæм, фæлæ уыдонæй  мардыл
хъыг  ничи кæны. Хъыг кæны йæ зæронд мад, хæрз иунæгæй чи баззади.
Хъыг  кæны рæсугъд Дзерассæ - æнафоны идæдз. Ахст бæлæттау къуымты
раппар-баппар кæнынц сæхи. Русты туг риутыл уарынау кæлы. Дзыккутæ
бындзыггай фæйнæрдæм тæхынц".
   Бынтон  æнæуынон  уыдысты Арсенæн фыдбылызы мæнг  уырнынад  æмæ
дзы  чи  пайда  кодта, уыцы дæснытæ. Радзырд "Хины"  уынæм  æгæнон
дæсны  Айсæты фæлгонц. Трагедитæм æркæны йæ "куыст" мæгуыр  адæмы.
Талынг  зондыл  хæст  бинонтæ  нæ байхъуыстой  сæ  кæстæр  Елберды
ныхæстæм: гимназист сын амыдта, хъомрыны аххос хин кæй нæ у,  уый,
фæлæ  фæстæзад  адæмæн  зондамонæг æдзухдæр  æнæхуыцау,  æрра  æмæ
æлгъыст вæййы. Афтæмæй Айсæты ардыдæй, хæларæй чи цард, уыцы дыууæ
хæдзары бинонтæ систы туджджынтæ.
   Кæм  худгæйæ, кæм хъыгзæрдæйæ фæдзырдта Арсен Къамады  цæрджыты
талынг  митæ  ("Дадолты мæт"). Æмбисонды митæ сын  кæны  дæсны  ус
Биганон  сæ  хъуæгтæй  пайда кæнгæйæ. Сайы сæ,  стæй  сæххæстгæнæн
кæмæн  нæй,  ахæм хостæ сын кæй амоны æмæ сæ хынджылæггаджы  ранмæ
кæй  æркæны, уый ма уадиссаг нæу. Фæлæ йæ фантази æппындæр  арæнтæ
нæ зоны. Тиль Уленшпигель дзуттæгтæн базары зынаргъыл цы хостæ уæй
кæны,  уыдон цы сты, Биганон кæй æрымысыд, уыцы хосты  раз?!  Цынæ
цъаммæрттæ нæ нуазын кæны чындз æмæ йæ ходыгъдтæн!
   Биганонмæ  бирæ  ис  Айсæты  æууæлтæй,  суанг  сæ  сурæттæ  дæр
иухуызон сты, фæлæ Айсæт цас къуымых æмæ æнарæхст у, уыйас Биганон
та  у  дзырдамонд æмæ æрхъуыдыджын. Уыдон сты цардæгас  фæлгонцтæ,
фæлæ кæд Арсеныл искуы эстетикон æнкъарынад йæхи атигъ кодта,  уæд
æрмæст  дæснытæ æмæ сауджынты сурæттæ фысгæйæ. Канд  сæ  митæ  нæ,
фæлæ  се  'ддаг бакаст дæр вæййы æнæзæрдæмæдзæугæ, æлгъаг, вæййынц
карикатурон.
   Арсен  йæ гуманизмы принциптæм гæсгæ стыр аргъ кодта адæймагæн,
бæрзонд  ын иста йæ уды фидауц. Чи зоны, уымæн æгъатыр у адæймагæн
йæ  лæмæгъдзинæдтæм, уымæн ын нæ бары йæ хъæнтæ, йæ  талынг  митæ.
Уарзондзинад  у  иууыл бæрзонддæр æнкъарæнтæй, зæрдæ  сыгъдæг  æмæ
хъæздыг  кæмæй кæны, рæсугъд æмæ сгуыхт хъуыддæгтæм  разæнгард  чи
кæны, ахæм тых. Уый тыххæй бирæ уацмыстæ нæй Арсены сфæлдыстады.
   Романтикон   хуызджын   ахорæнтæй  конд   нывты   æвдыст   цæуы
уарзондзинад  радзырдтæ "Рæдыд" æмæ "Ханиффæйы". Арсены  фæлгонцтæ
сты удæгас адæймæгтæ, уымæ гæсгæ сын сæ архайд, се 'нкъарæнтæн нæй
исты  схемæты  бавæрæн,  нæй  цæуæн  сæ  бамбарынмæ  бæлвырд   над
фæндæгтыл.  Зæгъæм,  цæмæн аивта Хъуыдинæ ("Рæдыд")  йæ  фæнд  æмæ
Уырысбийы раз цæмæн равзæрста æндæр лæппуйы, цæмæн сразы,  уый  йæ
аскъæфтаид,  ууыл, стæй скъæфæг Уырысби куы разынд, уæд  та  ногæй
уымæн  цæмæн сразы? Ацы фарстытæй ирон критикæйы равзæрд, цал  сыл
дзырдта,  уал ныхмæвæрд æмæ гуырысхойаг хатдзæджы. Афтæмæй  чызджы
уаг  у  хуымæтæг  æмæ æрдзон. Александр Блок фыста:  "И  в  каждом
сердце, в мысли каждой - свой произвол и свой закон". Хивæнд зæрдæ
цæуы æмæ цæры йæхи закъонтæм гæсгæ. Хъазты
   Хъуыдинæ федта æмбисонды рæсугъд лæппуйы, æрдхæрæны барæджы,  -
адæм   ыл  сæ  цæст  æрæвæрдтой.  Амонд  агургæйæ  йæхицæн  æппæты
бæрзонддæр  идеалмæ  чи фембæлы, уый чызгон, хивæнд  зæрдæ  куыннæ
ацыдаид  уыцы  рæсугъд  идеалы фæстæ? Фæлæ  æрцыд  рæдыд:  скъæфæг
разынд,  кæцæйдæр  фынау чи фæзынд, уыцы уазæг нæ,  фæлæ  хуымæтæг
лæппу  æцæг  уарзтимæ. Боны срухсы райхъал чызг. Ракаст,  фын  æмæ
æцæг кæрæдзийæ иртасын байдыдта. Бамбæрста сыгъдæг æнкъарæнты тых,
æмæ  уæд  йæ  зæрдæ аздæхт уыдон рæсугъддзинадмæ. Уыцы ивæнтæ  сты
æрдзон, цардæй ист æмæ ницæмæй ныллæг кæнынц чызджы удыхъæд.
   Романтикон уæлмонц æнкъарæнтæй, хæххон царды экзотикæйæ дзаг  у
радзырд   "Ханиффæ"  дæр.  Фæлæ  Арсены  сфæлдыстады   ис,   дыууæ
удгоймаджы  ахаст  æмæ уарзт æндæр, реалистон, хуызты  чи  æвдисы,
ахæм  уацмыстæ  дæр. Уыдонæй уæлдай дзырддаг йæ рæстæджы  сси  "Цы
уыдзæн,  цы?", суанг æй йæ уацмысты æмбырдгæндтæм дæр нал  хастой.
Критиктæ  радзырды  федтой,  царды,  дам,  типикон  чи  нæу,  ахæм
хъуыддаг. Афтæ уа цымæ?
   Лæг  ацæуы  балцы, истæй аххосæй æнæнхъæлæджы  раздæхы  фæстæмæ
(барæй, кæнæ æнæбары), базоны, йæ ус ыл иузæрдион кæй нæ уыд,  уый
æмæ  фæисы  йæ маст. Ахæм сюжет литературæйы у æнусон, цæуы  суанг
Гомеры  замантæй  абонмæ. Ис æнæнымæц дæнцæнтæ  æрхæссæн  (зæгъæм,
Апулейы  "Сыгъзæрин хæрæг", "Эзопы цардафыст", "Мин æмæ иу  æхсæвы
аргъæуттæ", Боккачойы "Декамерон" æмæ æнд.) Уæдæ кæд, мыййаг, ирон
цард  æмæ  аивадæн  у  æцæгæлон?  Уыцы  сюжет  ис  Нарты  кадджыты
("Сатанайы рæдыд"), ис таурæгъты дæр - "Буры фырт Мæхæмæты кадæг".
   Афтæмæй  Арсены радзырды сюжет оригиналон нæу, фæлæ æппæт  стыр
фысджытау уый дæр сюжет аразы оригиналон æрмæгæй æмæ уый  бындурыл
скодта  йæхи  сæрмагонд характертæ æмæ фæлгонцтæ.  Ам  сюжет  рæзы
æддаг  архайдæй нæ, фæлæ хъайтарты психологон уавæрты рæзтæй.  Уый
мидæг ис Арсены сфæлдыстадон æнтыст, йæ ногдзинад.
   Хъуыдайнат базыдта йæ усы æнаккаг ми, базыдта йæ худинаг,  фæлæ
нæ  тагъд  кæны. Тæвд митæй йæ маст не ссыдаид. Уымæн у тасæфтауæг
йæ ныхасы æнцад уаг.
   -  "Зæгъ-ма  мын,  мæ уарзон, дунейы циндзинæдтæй  стырдæр  æмæ
рæсугъддæр кæцы у?" - бафарста Хъуыдайнат усы.
   Ус  исдугмæ ныкъкъуылымпы ис, стæй фæлмæн бахудти, йæ  диссаджы
урс дæндæгтæ ферттывтой, æмæ загъта:
   - Ды æнæфсарм цыдæр зæгъынмæ хъавыс...
   Лæг æм комкоммæ бакасти:
   -  "Йе,  усай,  куыд  дæм  кæсын, афтæмæй  ды  раст  дзуапп  нæ
ратдзынæ. Фæлтау мæхæдæг зæгъон: стырдæр æмæ рæсугъддæр циндзинад,
æз куыд æмбарын, афтæмæй у маст исын... Уый æз абон бамбæрстон æмæ
йæ абон бавзардзынæн".
   Арф  æвдисынц  уыцы  дыууæ ныхасы ус æмæ лæджы  æнкъарæнтæ,  сæ
хицæн  æмбарынадтæ!  Ис  карз  æмæ тæссаг  рæстдзинад  Хъуыдайнаты
ныхæсты,  уымæн æмæ сæ мидисæн ис æндæр, къаддæр тæссаг чи  нæ  у,
ахæм  фарс  дæр:  "Для  человека  нет  большей  муки,  как  хотеть
отомстить,  и  не мочь отомстить" (Н.В.Гоголь. "Страшная  месть").
Арсены  радзырдмæ ма уыцы хорз миниуæг ис, æмæ нын не 'вдисы  маст
исыны  уæззау нывтæ. Радзырд фæци, йæ гадзрахат æмæ  йæ  чъизи  ми
стыр æфхæрды аккаг сты, уый чи банкъардта, уыцы сылгоймаджы уынгæг
хъæрæй: "Цы уыдзæн, цы? Цы уыдзæн?!" Уый æгъгъæд у, йæ эмоцион тых
зæрдæмæ цæмæй бахъара, уымæн.
   Арсен  реалистон бындурыл йæ уацмысты æдзухдæр æвæры  "рæстæджы
риссаг  фарстытæ". Уыдонæй иу уыд хохаг адæймаджы хъысмæт  горæтаг
царды  - ног æхсæнадон уавæрты ног моралон æгъдæуттимæ. Уыцы фарст
аивадон  нывты  федтам  "Æнæном радзырд" æмæ  "Царды  зилдухæнты".
Хæстæг  сæм  лæууы  йæ идейон-аивадон мидисæй  "Кæфхъуындар"  дæр.
Роман  мыхуыр  цыди  "Рæстдзинады" 1923 азы. Газет  хъусын  кодта,
зæгъгæ, рæхджы рацæудзæн хицæн чиныгæй. Фæлæ нæ фæзынд, газеты  та
кæронмæ  мыхуыр  не  'рцыд. Афтæмæй Арсены  критиктæн  фадат  фæци
романы  тыххæй  алыхуызон  ныхæстæ  кæнынæн,  йæ  мидис  зыгъуыммæ
кæнынæн.
   Романы  сюжет у къахыртæ. Фæлæ нын йæ композицион  арæзт  фадат
дæтты,  архайд  куыд  цыд,  цæмæ æркодта  æмæ  цæуыл  ахицæн,  уый
равзарынæн.  Аивадон  уацмысы архайд æнæмæнг  фæвæййы  йæ  логикон
кæроныл. Ам ис ахæм кæрон. Уынæм æй уацмысы райдайæны. Бæлвырд æмæ
кæронмæ  хæццæ  у романы сæйраг хъайтар Хъуыдайнаты  хъысмæт.  Уый
базыдта  йæ  бæллицты  сæфт, йæ сыгъдæг  уарзтæй  йын  фæхынджылæг
кодтой  царды  чъизи  æгъдæуттæ, хæлд  удты  хæрам;  нæ  ныббыхста
худинаг,  æвзæрдзинад æмæ амардта йæ æнахъом сабиты мады;  афтæмæй
йæхи  къахæй  æрцыд  тæрхондонмæ. Йæ  хуыз  æвдисы,  зæрдæйы  стыр
хъизæмæрттæ  кæй  бавзæрста,  уый.  Лæг  йæ  сывæллæтты   фæдзæхсы
хицауадыл,  фæлæ  ницæмæ  æрдардтой  мæгуыр  лæджы  тыхст,  сабиты
тæригъæд   æмæ  фыды  ахæстоны  бакодтой,  уыдон  та   æрдиаггæнгæ
баззадысты.
   Ацы   ныв   æнæмæнг  у  романы  кæрон.  Ам  ис,  иуæй,  логикон
бастдзинад,   иннæмæй,  Арсены  уацмысты  арæзт  æмæ  сфæлдыстадон
фæзилæнтæ  бæрæгæй чи æвдисы, ахæм хатдзæг. Æмæ  дзæгъæлы  æвæрынц
уацмысы  иуæй-иу  æвзарджытæ (Салæгаты Зойæ) ахæм  фарстытæ:  куыд
æвдыст  цыдаид  романы  сабиты хъысмæт, цавæр  конфликттæ  ма  дзы
рауадаид?  Сæйраг хъайтары хъысмæт куы алыг вæййы, уæд  ын  фыссæг
нал фæдзуры йæ хæстæджыты хабæрттæ. Хъуыдайнат æмæ йæ сабиты хабар
та  бæрæг-бæлвырд  у:  уыдон лæууынц  æгъатыр  цард  æмæ  йæ  карз
æгъдæутты раз, буржуазон цардæвæрд æмæ хæдхæцæг паддзахы  закъонты
раз.  (Уыцы  æгъдæуттæ æмæ сæ тæрхон цы сты, уый та федтам  Арсены
иннæ  радзырдты).  Лæууынц, аргъæутты æнæбон адæймаг  кæфхъуындары
раз  куыд лæууа, афтæ. Цы ма уа уымæй æргомдæр æвдисæн сæ дарддæры
цардæн?
   Зæрдыл  æрбалæууы иу ныв: Шнейдеры "Цагъардзинад"  ("Æфсир",  N
4, 5-æм фарс). Хуымæтæджы йæ нæ бахаста Арсен йæ журналмæ. Уым дæр
хъадаманты  мидæг  адæймаг лæууы тæссаг  сау  кæфхъуындары  раз  -
цагъардзинады  раз.  Арсен  æнæ  зонгæ  нæ  уыдаид   йæ   рæстæджы
хъуыстгонд  фыссæг  А.Куприны  уацау  "Молох"  дæр.  Уым  уырыссаг
реалист  тугмондаг  залымы хуызы æвдисы капитализмы:  "Вот  он,  -
Молох,  требующий теплой человеческой крови!" - хъæр кодта уацмысы
хъайтар  Бобров, йæ мæллæг къухæй заводтæ æмæ арæзтæдтæм амонгæйæ.
Ноджы  нын  Хъуыдайнаты ус Нинæйы фæлгонц æмæ  йæ  митæ  æрымысынц
Бобровы уарзон Нинæйы, æнгæс у сæ хæдзæртты уаг дæр.
   Цыма  ныв,  уацау æмæ романы нæмтты аллегорийы  цыдæр  иудзинад
ис,  афтæ зыны. Куыдфæнды уа, уæддæр ацы хъуыды, Арсен кæфхъуындар
сылгоймаджы  хоны,  зæгъгæ (Джусойты Нафийы  хатдзæг) (   Джусойты
Нафи.  Коцойты Арсен, Цхинвал, 1964, 52 фарс), уымæй  хæстæгдæр  у
æцæгдзинадмæ. Ацы хъуыды, уымæй уæлдай, æвзæры канд романы мидисæй
нæ,   фæлæ  Арсены  æппæт  сфæлдыстадæй  дæр.  "Фыдæлты  æгъдæутты
нывæндтæ"  схуыдта йæ фыццаг роман, уацмыс фесæфт, фæлæ ахæм  темæ
лыг  кæны  бирæ радзырдты. Уыдон æвдыстой ссæдзæм æнусы  райдайæны
ирон  адæмы  царды  иу  фарс.  Иннæ фарс  та  уыдысты  капитализмы
æгъдæуттæ;  уыдон амæттæгты трагеди къаддæр нæ уыд, æмæ  йæ  Арсен
нывæфтыд кодта йæ уацмысты. Æмæ, дыууæ фарсы куы баиу уой, уæд  та
цæйбæрц  уыдзæн сæ зианхæссæг тых?!  Афтæ ирон адæмон  сфæлдыстады
кæфхъуындар ныббады царддæттæг суадоны, æмæ адæм фæцæуынц  сæфтмæ,
æрвылбон   сæ  хуыздæрты  амæттагæн  хæссынц  æнæфсис  фыдбылызæн.
Кæфхъуындар домы уднывæндтæ, цалынмæ мард не 'рцæуы, уæдмæ.
   Афтæмæй  Арсены  романы мидис ахызт цардыуаг  æвдисыны  арæнтæй
æмæ  æцæг  аивады  фæрæзтæй  æвæры  социалон  æмæ  арф  психологон
фарстытæ.
   Империализмы  закъонтæ кодтой хæстытæм, реакцимæ, сæрибар  хурх
кæнынмæ,  стонгмæ  æмæ  моралон  æгъдауæй  хæлынмæ.  Арсен   иттæг
къæрцхъус  уыд,  капитализмы уыцы фæстиуджытæ  хуымæтæг  адæймаджы
хъысмæтыл  куыд  зындысты, уый æвзарынмæ. Æддаг хабæрттæ  арæх  нæ
дзуры, фæлæ уый хыгъд лæмбынæг æвдисы йæ хъайтарты зæрдæйы уаг, сæ
психологон уавæры драматикон рæзт (радзырдтæ "Куыд мын алыгъд" æмæ
"Хус  къæбæртæ"). Фæcтаг радзырды хъайтар Тембол у  студент-медик,
цæры  Мæскуыйы, хъусы адæмы ныхæстæ Рæстæгмæ хицауады тыххæй, фæлæ
йæ  ницы  æндавы йæхиуыл сагъæстæй дарддæр. Æрмæст йæхи  удыл  куы
бавзæрста  анархи æмæ реакцийы уæз, уæд базыдта, уыцы уагыл  цæрæн
кæй  нал  ис, уый. Фехъуыста большевиктæ кæй сыстадысты,  тох  кæй
сцырын,  уый, æмæ æрцыд ныфсы хъуыдымæ: "Цæвут, пулеметтæ!  Цæвут,
сармадзантæ! Цардæн уаг скæнут!"
   Ахæм  хъуыдымæ гуырысхо æмæ тасдзинæдты сæрты æрцыдысты  Чысаны
комы  мæгуыр хъæуы цæрджытæ дæр ("Æнхъæл нæ уыдысты"). Æлдар Леуан
æртæ  хатты фæфылдæр кодта хъалон, адæмы бон йæ бафидын  нæу,  æмæ
сæм арвыста пъырыстыфы салдæттимæ, хъуамæ сын тыхæй ауæй кæной  сæ
фос.  Зæронд зæхкусæг Гарсеван нæ ныббыхста ахæм æбуалгъ ми: "Бирæ
фæфыстам  мах  æлдарæн, бирæ нын фæцъырдта нæ  туг...  Кæд  хуыцау
хуыцау  у, уæд хъуамæ æмбара рæстдзинад æмæ зылындзинад.  Кæд  уый
уыцы  æгъдау  не  'взары,  уæд  мах  хъуыддаг  нæхимæ  исæм...  Нæ
ауадздзыстæм мах нæ фос ардыгæй!" Зæронды ныхæстæм йæ фырт ратыдта
хуылыдз  мих æмæ дзы æрцыд хистæр фæсдзæуиныл. Иннæтæ йæ  сбастой,
адæм та сæхи æнæуынæг скодтой.
   Адæм  сæхимæ  нæма  райстой сæ цард аразыны хъуыддаг,  æмæ  сын
уымæн  хъазынц  сæ  удтæй  æлдар  æмæ  йæ  хъузæттæ  -  пъырыстыф,
хъæуыхицау, сауджын. Адæм сеппæт нæма райстой уæд Гарсеван æмæ  йæ
фырты зонд. Æрмæст хъæуы ахуыргæнæг æмбары хъуыддæгтæ æмæ æнхъæлмæ
кæсы революцийы салдæттæм.
   Ацы  ран  Арсен  раст  нæу  иу хъуыддагæй:  цæуылнæ  хъæр  кæны
ахуыргæнæг  адæмæн  йæ сусæгдзинад? Революцион къордимæ  баст  кæй
уыд,  уый  та цæмæй уа уырнинаг? Куыд ирд æмæ цардæгас сты  æлдар,
хъæуыхицау  æмæ  иннæ знæгты фæлгонцтæ, афтæ æгъуыз,  æнæ  бæлвырд
рауад  ахуыргæнæджы  фæлгонц. Ам бæрæгæй зыны  Арсены  сфæлдыстады
лæмæгъ  фарс - фыссæг революцион змæлдмæ хæстæг кæй нæ  уыд,  уымæ
гæсгæ  йæ  къухы нæ бафтыд революцион тохгæнæджы фæлгонц реалистон
ахорæнтæй  саразын.  Хуымæтæджы нæ равзæрста, сæрибар  æмæ  рухсмæ
тырныны гимн чи у, уыцы æмбисонды уацмысæн таурæгъы хуыз.
   "Цæукъа  æмæ фыркъа" Арсен йæхæдæг схуыдта радзырд-фантази.  Йе
сфæлдыстад  иртасджытæ  дзы  уынынц  М.Горькийы  "Уарийы  зарæджы"
тæваг,  хæстæг лæууы Гæдиаты Секъайы æмбисонд "Сæгъ æмæ  сычъи"-мæ
дæр. Темæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рагон у, фæлæ йæ Арсен ахæм æвзаг,
ахæм  нывтæй снывæзта æмæ йæ систа классикон æмвæзадмæ; йæ архайды
рæзт,  йæ  нывты  æлвæст  хъаруйы цыдæр ис  Лермонтовы  "Мцыри"-йы
эмоцион  æмæ  поэтикон  тыхæй. Лирикон афыст рахизы  мидмонологмæ,
монолог - æвиппайды динамикон архайдмæ; мивдисджытæ фæцæуынц  фæд-
фæдыл,  архайд  арфдæр  æмæ  тыхджындæр  кæнгæйæ.  Райсæм,  цæукъа
скъæтæй  куыд  алыгъд,  уыцы ныв: "Уæд  цæукъа  æрлæууыди,  скъæты
рудзынджы  раз, æрбадти, асхуыста йæхи зæххæй, атыдта рудзынг  æмæ
агæпп кодта кæртмæ".
   Уыцы  архайд  рацыд, цæукъайы бæллицты тæмæн  чи  æвдисы,  ахæм
уæлмонц монологæй: "Уыцы кæрдæгджын къуыппытыл куы нæ фæхизон,  мæ
фæстаг  къæхтыл  лæугæйæ, хъæды бæлæсты сойджын къалиутæм  куы  нæ
сивазон,  быдыры  сыгъдæг уæлдæфæй куы нæ аулæфон,  къуыппытæ  æмæ
дзыхъхъытыл  куы нæ фæгæппытæ кæнон, фæлмæн цъæх кæрдæгыл  куы  нæ
атылдтытæ  кæнон,  уæд  мæ  мæ  цард  ницæмæн  хъæуы  -  иухуызон,
æнтъыснæг æмæ æгад цард смаггæнаг скъæты мидæг".
   Алыгъд цæукъа йæ ныггæндæй мæйдар æхсæв, ныууагъта фыркъайы  йæ
ницæййаг   мещанины   амондимæ,  бацыд  тохы  тугдзых   бирæгъимæ,
бавзæрста  цард  æмæ сæрибарыл тохы цин, йæ амонд. Рухсмæ  тырныны
монц  ын радта тых, æмæ фæуæлахиз йе знагыл, уымæй йын æхсызгондæр
та уыд, тасдзинад кæй басаста, уый. Цæуы цæукъа хуры скасты размæ,
"æнæ  фæстæмæ  фæкæсгæйæ,  дарддæр  æмæ  бæрзонддæр,  дарддæр  æмæ
бæрзонддæр.  Хатгай  фæкæлы, бæлæсты  зыкъуыртæ  æмæ  йæ  сындзытæ
тонынц, фæлæ та уайтагъд фесты æмæ лидзы дарддæр. Мæнæ тар сыфтæры
æхсæнæй фæзындысты хуры рухсы стъæлфытæ. Мæнæ хъæд фæци æмæ райгом
ис  арв.  Цæукъа æрлæууыди. Йæ разы цы ныв разындис, уымæ  баззади
кæсгæйæ".
   Афтæ  -  зынтæ,  гуырысхоты сæрты ахизгæйæ, цард æмæ  сæрибармæ
тырнгæйæ - цæукъа бавзæрста æппæты егъаудæр цин - тох æмæ сæрибары
цин. Уый федта рæсугъддзинад дунейы сконды. Афтæмæй Арсены радзырд-
фантази  у царды бæрзонд нысан, тох æмæ сæрибары зарæг, симфонийау
дзы  зæлынц хъаруджын мыртæ, сæ фидауцы хæссынц тыхджын æнкъарæнтæ
æмæ уæлмонц хъуыдытæ.
   Лæгдзинад  æмæ  рæсугъд  удыхъæдыл  зарæджы  хуызæн  у  радзырд
"Саломи" дæр, худинаджы бæсты йæхи уд æмæ йæ сывæллæттæн мæлæт  чи
равзæрста, уыцы мæгуыр хæххон сылгоймаджы æрхæндæг таурæгъ.
   Октябры    революци    ныппырх   кодта   реакцион    æгъдæутты,
капиталистон мораль æмæ ахастыты экономикон æмæ социалон бындуртæ.
Цард куыд ивта, афтæ ивтой адæмы æгъдæуттæ, сæ психологи. Фæлæ зын
ивæн  уыдысты ивгъуыд заманы традицитæ, уыцы процесс  цыди  уæззау
æмæ  зынтæй, хъизæмæртты æвзæрдысты æмæ рæзыдысты ног, социалистон
зондахаст   æмæ  удыконд.  Уымæй  пайда  кодтой,  зæронд   мæлинаг
традицитыл  фидар  чи хæцыд, ахæм адæймæгтæ - Мырзæг  æмæ  Бимболы
хуызæттæ.  Чеховы хамелеонау уавæртæм гæсгæ сæ хуыз ивгæйæ,  уыдон
тырнынц  уæлдæр  бынæттæм,  мулк фылдæр  ратонынмæ;  хицæуттæ  куы
свæййынц,  уæд  та  æнæуагæй  пайда кæнынц  сæ  бартæй,  политикон
ныхасæй æмбæхсынц сæ чъизи, дыдзæсгом митæ, афтæмæй удхарæй марынц
адæмы, тауынц моралон хæлддзинад.
   Уыдонæн   æмбалæн  бæззы  Тамарæ  дæр,  радзырд   "Цы   'рцыдис
Фæзыхъæуы æмбисæхсæв"-ы архайæг, æцæг уый фыдраконд æгъатырдæр æмæ
тæригъæдджындæр у. Иннæ уацмыстæй хъауджыдæр йæ хъуыддаг  хорз  нæ
рауад  ацы  радзырдæн - критикæ йыл сæмбæлд тызмæгæй, авторæн  сси
уайдзæфты хос æмæ никуыуал фæзынд йæ чингуыты. Сæйраг аипп уыдтой,
йæ  лæджы  сывæллæтты  марæг, Тамарæ, фæскомцæдисы  кæй  уыд,  уый
мидæг. Дзырдтой, зæгъгæ, фæскомцæдисонтæ не сты уый хуызæттæ,  нæу
йæ  фæлгонц типикон. Уыцы азым раст уыд, фæлæ дзы хыгъд нæ цыд  иу
хъуыддаг: чи у Тамарæ æмæ цы хуызы у фæскомцæдисон?
   Революцийы  агъоммæ  чызг  афтыд  Калакмæ.  Стыр  горæты  царди
уæгъдибарæй,  афтæмæй  фесæфта  йæ цæсгом,  йе  'фсарм,  адæймагон
æнкъарæнтæ,  йæ  зæрдæйы ма баззад æрмæст  æгæнон  монцтæ.  Ахæмæй
æрбацыд хъæумæ. Уый фехъуыста революци æмæ ног царды хабæрттæ,  сæ
мидис  сын иннæ хъæууонтæй уæлдай не 'мбары, фæлæ сæ зоны  йæхицæн
пайда   кæнын.   Зæгъынц,  зæгъгæ,  йæхирдыгонау   бамбæрста   уый
сылгоймаджы  сæрибар.  Растдæр зæгъгæйæ, йæхирдыгонау  пайда  кæны
уыцы  сæрибарæй. Йæхæдæг скодта йæхи фæскомцæдисон æмæ цæмæй, куыд
æй  фæнды,  афтæ кæна, уый тыххæй йæ митыл ахуыр кæны сылгоймæгты.
20-æм  азты  газеттæ  арæх фыстой, уыцы хуызы бирæтæ  кæй  цыдысты
фæсивæды  къордтæм, уый тыххæй: сæ фыдмитæ æмбæхстой  фæскомцæдисы
номæй.  Тамарæйæн нæй бастдзинад районы кæнæ æндæр  организациимæ,
йæ  куыст  ын  нæй  бæрæггæнæг. Æрмæст иу  зынд  фæкодта  цавæрдæр
"коммунист"  æмæ уый дæр нæ равзæрста чызджы куыст, нæ  йын  радта
разамынд.  Чи уыд, цы хæс æм уыд, уый бæрæг нæй. Бæрæг  у  æрмæст,
кæй  ницы йæм ис æцæг коммунисты æууæлтæй. Афтæмæй уæгъдибарæй цыд
Тамарæйы халæн куыст - адæмы фыдæх кодта ног æгъдæуттæм.
   Фыссæджы  гуманизм  нæ  быхсы  дурзæрдæ  уæвын,  искæй   рыстмæ
къуырма  уæвын. Уыцы хъуыды зыны радзырды трагикон  кæронæй,  стæй
æнамонд   сабиты  номæвæрæг  зæронд  лæджы  хъысмæтæй.   Фæлæ   йæ
адæймагуарзон  арфдæр зыны радзырдтæ "Фембæлдысты" æмæ  "Хъусойы".
Фыццаджы æвдыст цæуы хуымæтæг, кусæг адæймаджы уды уæлахиз. Мæгуыр
чызг  зæрдæйæ разынд бирæ уæлдæр æмæ рæсугъддæр инæлары  усæй.  Сæ
уавæртæ  куы  аивтой,  уæд  чызджы зæрдæйы  тохы  бацыдысты  дыууæ
æнкъарæны  -  маст исын æмæ ныббарын. Кæд хъуыды тынгдæр  фыццагмæ
тасыд,  уæддæр  чызджы  æрдзон сыгъдæг  æнкъарæнтæ,  йæ  адæймагон
стырдзинад фæуæлахиз сты.
   Есенины  "Куыдзы  кадæджы" аив æмæ эмоцион  тых  дывæрæй  уынæм
"Хъусойы". Хонынц æй сывæллæттæн фыст радзырд, цæрæгойты тыххæй
(З.Салагаева. Четыре этюда об осетинской прозе. Издательство "Ир",
1970,  стр.  201). Фæлæ ацы классикон уацмысы хуызæн  ирдæй  никуы
разындысты  Арсены  философон æмæ гуманистон хъуыдытæ.  Уарзт  æмæ
рæсугъддзинадау, фыдæх æмæ хæрам дæр сты царды æцæгдзинад, арф сты
сæ  уидæгтæ  уды  сконды, хинæйдзаг у сæ архайд. Сыгъдæг,  æнæазым
сабиты  бафтауынц, зæрдæбынæй кæй уарзынц æмæ сын  зынаргъ  чи  у,
уыдон цард аскъуыныныл. Хъусой сыл æууæнды, нæ йæ уырны, уыдон  ын
фыдбылыз  саразой,  уый, стæй хабар æцæгæй куы базыдта,  уæд  ацыд
сабитæй æмæ амард, куыд ничи йæ фена, ахæм ран. Уый уыд йæ  тæрхон
адæймаджы  фыд-зæрдæйæн. Фыдраконд сабиты къухæй  кæй  æрцыд,  уый
мидæг ис царды трагеди.
   Арсен  адæймæгты кæуинаг хъысмæттæ кæм æвдисы,  уыцы  радзырдтæ
дæр сæ эмоцион тыхæй афтæ нæ нынкъуысынц зæрдæ, æмæ уый хуымæтæджы
нæу.  Фыссæг  йе  'ппæт  сфæлдыстадон  хъару  радта,  зæрдæ  цæуыл
фæрисса,  ахæм  нывтæ  скæнынмæ. Æрмæст  афтæмæй  суыдзысты  лæгæн
æнæуынон  дурзæрдæ, хæрам æмæ æгъатырдзинад. Зæрдæ  уыдоны  уындæй
куы  рисса,  уæд сæ, иуæй йæхи фæхизы, иннæмæй та сæ ныхмæ  сысты.
Уый мидæг ис радзырды оптимистон мидис.
   Арсен   йе   сфæлдыстадон  хъару  фæлвæрдта  литературæйы   алы
къабæзты,   ныффыста  дыууæ  кадæджы  адæмон  таурæгъты  бындурыл,
ныффыста цалдæр къаннæг пьесæйы дæр. Драмон уацмыстæ Арсен нывæзта
йæ   радзырдты  сюжеттыл.  "Гигойы  куадзæн"  1940   азы   пьесæты
Æппæтцæдисон  конкурсы райста преми, бæрзонд  аивадæй  ифтонг  сты
"Гæдыйы  къах  цыбыр у" æмæ "Сау мигъ" дæр. Æвдыст  сæ  цæуы  дин,
мæнгуырнындзинад æмæ сæ кусджыты дыдзæсгом митæ.  Куыд  радзырдта,
афтæ  пьесæты  дæр  фыссæг  сарæзта  зæрдылдарæн  фæлгонцтæ,   арф
психологон характертæ.
   1940  азы Арсен мыхуыры рауагъта йæ фæстаг азты фæллой -  уацау
"Джанаспи".  Уым æвдыст цæуынц ирон адæмы цардæй уæрæх  æмæ  зынгæ
историон цаутæ, архайд райдайы революцийы агъоммæ азты æмæ фæвæййы
коллективизацийы  рæстæджы.  Уыцы дуг  куыд  вазыгджын  уыд,  афтæ
вазыгджын  уавæртæ  æмæ фæндæгтыл цæуынц уацмысы  архайджытæ  дæр.
Фыссæг  къахдзæфæй-къахдзæфмæ æвдисы, хъæууон буржуази куыд  рæзыд
æмæ цардивæнты йæхи куыд дардта, уыцы историон процесс.
   Уацауы  фыццаг  хæйтты  хуызджын аивадон  нывты  уынæм  хъæууон
царды  бирæ къабæзтæ, уынæм дзы Джанаспийы фæндаг - кулакы истори.
Империалистон хæсты мæрдкъахы куыстæй сси мулкджын, мулкджынæй сси
хицон хицауад æмæ дины кусджытæн, уыдон æххуысæй æнтыстджынæй кæны
эксплуататоры æдзæсгом хъуыддæгтæ. Зыд æмæ кæрæф, хин æмæ кæлæн  у
уыцы  адæймаг, тона кæнын куыд зоны, афтæ арæхсы йæ  хуыз  æмæ  йæ
митæ  ивын  дæр уавæртæм гæсгæ. Бирæ фæливæнтæ фæкодта,  бирæ  йын
бантыст  фыдбылызтæ аразын, фæлæ æнæбон разынд цард  æмæ  историйы
раз.
   Аив  дзырды  зæрингуырды æрмдзæф зыны уацауы бирæ  сурæттæ  æмæ
хицæн  нывтыл,  фæлæ  арæх фыссæджы лыстæг  куыст  рахизы  газетон
публицистикæмæ, афтæ зыны, цыма Арсены бон нæ уыд стыр  уацмыс  иу
уагыл   фæуын.  Психологон  æгъдауæй  арфдæр  хъуаг  сты  фæзминаг
хъайтарты  фæлгонцтæ  дæр. Фæлæ Джанаспийы фæлгонц  æмæ  йæ  царды
аивадон нывæзт уыдысты зынгæ фæзынд ирон литературæйы.
   
   х х х
   Арсены  уацмысты йæ рæстæджы цард йæ бирæ хуызты  æвдыст  æрцыд
бæрзонд, реалистон аивады фæрæзтæй. Йе сфæлдыстад у мидисджын  æмæ
фидауцджын,  йæ  фæлгонцтæ  не  сты  историон  цыртдзæвæнтæ,  фæлæ
удæгас,  афтæ  сты  йæ  традицитæ дæр. Уый мидæг  ис  йæ  курдиаты
нысаниуæг нæ культурæйæн йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ йæ фидæны рæзты.

   * Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *