НАРТЫ КАДДЖЫТÆ

Дыккаг чиныг



СÆРГÆНДТÆ
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНАЙЫ ХÆСНАГ Уырызмæг æмæ дам Сатана, иу заман кæддæр, хæснаг ыскодтой. – Цæй, Уырызмæг, – загъта Сатана. – Кæд мæ ды амбулай, уæд дын æз Æртæ Нарты æртæ боны фæхынцдзынæн. Кæд æмæ дæ æз амбулон, уæд-иу мын ды та Гуынтыкомæй сызгъæринхилджын куырсаг æркæн лæварæн. Уырызмæг ысрази и. – Раджы уыд уый, мæ лæппуйы кары ма уыдтæн, æмæ фæцыдтæн иу хатт цуаны, æмæ мыл иу саухъæды астæу æризæр, – райдыдта дзурын Уырызмæг. – Дон цыди уым иу ран æмæ йæм æруадтæн, аназон дзы зæгъгæ. Кæсын – цæст ма чысылтæ уыдта – æмæ доныбыл иу дидинæг лæууы сæркъулæй. Диссаг мæм фæкасти. Банызтон дзы уыцы донæй, мæхи æрæхсадтон, мæхи ныссæрфтон æмæ, а-ныр рацæуон зæгъгæ, афтæ дын дидинæг йæхиуыл ысхæцыд. Уæд мæм доны хуылфæй иу зæронд лæг дзуры: «Гъе, нæртон лæг! Демæ ахæсс ацы дидинæг, æмæ, цы ран бахус уа, уым дын иу ныхас зæгъдзæни. Ды-иу æй дæ зæрдыл бадар, мацы-иу ысдзур æрмæст. Фæлæ, мыййаг, искуы искæимæ хæснаг куы кæнай, уæд- иу æй ацы дидинæгæй бафæрс. Æддагон дын æй нæ базондзæн. Кæд дын æй исчи базона, уæддæр – дæхион». Рахастон дидинæг. Хуыссæг мыл нал æрхæцыд уыцы ’хсæв. Райсомы цæуын дарддæр, æмæ дидинæг мæ къухты ’рбахус и ’мæ мæм дзуры: «Фæндараст у, Уырызмæг. Мæн аппар ам, фæлæ дын иу ныхас зæгъын, æмæ дын æй Хуыцау зондыхос фæкæнæд: Денæуарзæджы цæмæй базонай, уый тыххæй йын йæ хуыммæ дæ куыдзы бауадз». Уæдæй абонмæ дискæнын, цæмæн мын загъта цымæ афтæ уыцы дидинæг. Сатана бахудти: – Гъе, нæ зæронд, фæуырдыг ысты д’ азтæ æмæ дæ де зноны бон дæр ферох. Дидинæг царды уалдзæг у. Донæй дæм цы зæронд лæг дзырдта, уый Донбеттыртæй уыди ’мæ дын афтæ амыдта: «Донбеттыртæм дын цы лæппу ис, уый æнæниз у. Дидинæг хусæй кæй аппæрстай, уый та уый насанкæны, æмæ уыцы лæппуйæн йæ мæлæт дæхи къухæй æрцæудзæн. Денæуарзæг зæгъгæ, уый де знаджы хоны лæппу. Дæу бирæ уарзта, мæгуырæг. Чи дæ нæ уарза, уымæн дæ фосы фенд дæр хъыг у. – Амбылдтай мæ, – загъта Уырызмæг. – Хæйрæг дæ, хæйрæг, Сатана, æмæ дыл чи фæтых уыдзæн?.. Зæгъ, ныр та дæ рад у дзурын. – Цæй, ницы кæны, – загъта Сатана. – Уыцы лæппу, нырма хъуымыз чи дæйы, ахæм у, й’ амонд æндæр нæу, æвæдздзæгæн... Ныр дын зæгъон уæдæ æз дæр мæ хæснаг. Рудзынгмæ ’ввахс бадын иу изæр не стыр уæладзыгхæдзары. Кæсын, æмæ арвæй дыууæ стъалыйы ратахт, сæ иу – къаннæг, иннæ – стырдæр. Æмæ къаннæг ыстырдæрмæ дзуры: «Уæ, гыцци, мигъты ма ацу, фæрæдидзынæ». – «Ма тæрс, мæ хъæбул, æз арвæй зæхмæ минæвар цæуын, æмæ уымæ у мæ каст: йæ фæндаг сырх у, йæ ныхас – тых...» Базон ма йæ, Уырызмæг, гъеуый ц’ амоны? Уырызмæг бирæ фæхъуыдыкодта, бирæ цыдæртæ уыд зæгъын йæ зæрды, фæлæ ницы бæлвырд ахæм ыскарста йæ зонд. – Дæхæдæг æй зондзынæ, Сатана, æз дын цы зæгъон? Адæм Хуыцауæн кувынц, æмæ ма Хуыцауæй зæхмæ цæй минæвар хъæуы? – Нæ, нæ, нæ зæронд, – загъта Сатана. – Фæстагмæ царды стыр диссæгтæ, стыр тугкæлдтытæ ’рцæудзæн. Стъалыты ныхас уый амоны, æмæ фæстагмæ адæм Хуыцауы ном ферохкæндзысты, нал ын кувгæ кæндзысты, нал æй зонгæ кæндзысты. Æмæ уæлæрвтæм фæндæгтæ гæрддзысты сæхæдæг. Уырызмæгмæ диссаг фæкасти Сатанайы ныхас æмæ загъта: – Уæ, Хуыцау, кæстæйраджы хай ма цын уæддæр бакæн Нарты адæмæн, нæ ном нын-иу чи ссара. Цы фæнды куы ’рцæуа а дунейыл, уæддæр нæ кой ма фесæфæд. Дыггаг бон сыстад Уырызмæг æмæ ацыди Гуынтыкоммæ, Сатана цы саджы кой кодта, уымæн йæ хицау кæд уыди иу гуылæвзаг гуымир- уæйыг. Саг-иу æнцад куы лæууыд, уæд æгасæйдæр æмæрттывд кодта. Цæугæ-цæуын та-иу сагæн й’ алы хъуын дæр дзæнгæрæгау цагъта. Æмæ йын кæцæй уыдаид ракæнæн! Уайтагъд-иу æй базыдта уæйыг тыхгæнæджы. Бахæддзæ Уырызмæг Гуынтыкоммæ, æмæ, гуымир-уæйыг цы лæгæты царди, уый дуарæй бахъæркодта: – Гъей, Гуынты гуымир, уазæг нæ уадзыс? – Уазæг – Хуыцауы уазæг! Мидæмæ! Уырызмæг лæгæты дуарæй бахызт. Кæрæдзийæн арфæтæ ракодтой. Æрбадын æй кодта йæ фарсмæ иу фæхсбандоныл уæйыг. Стæй йæм дзуры: – Дæхи мын бацамон, уазæг. – Æз нæртон адæмы рæгъаугæс дæн. Мæ фосæй Уырызмæджы хъулонгал фæхъуыди, æмæ уый агурæг рацыдтæн. Агурын æй æмæ йæ нал арын. – Уæ, сæ кой дæр мауал уа Нартæн, мæ фосы рæгъæуттæ мын уыдон фæтардтой, тынгдæр – Уырызмæг. Уый мын мæ къухы чи бафтынкæнид, уымæн æз мæ диссаджы куыр-саг дæр нæ бавгъаукæнин. – Уæдæ дын уый мæ быгъдуан, – загъта Уырызмæг. Уæйыгæн æхсызгон куыд нæ уыдаиккой уыцы ныхæстæ! Дзаг фынг февзæрди сæ разы. Æнæуый дæр æхсæвæрафон уыд. Хæрынц æмæ нуазынц. Фæстагмæ Уырызмæг йе уæхскæй æриста, Сатана йын фæндагмæ цы ронджы дурын нывæрдта, уый æмæ фæрасыгкодта уыцы ронгæй уæйыджы. Æмбисæхсæвтæй ахызти рæстæг, афтæ уæйыг тарф фынæй аци. Уырызмæг сыстади ’мæ куыр-сагыл рахæцыд. Куыр-саг лæгæты æдде куы фæци ’мæ куы ныууасыд, уæд ма бæргæ фæгæпкодта уæйыг, бæргæ ма разгъордта, фæлæ айнæгæй рахаудта ’мæ комы ныппырх и. Куыр-саг баззади Уырызмæгæн. Уæйыджы фæллой дæр рахаста ’мæ сæхимæ ’рцыди. Бадзырдта Уырызмæг Сатанамæ: – Уæ, не фсин, амбылдтай мæ ’мæ дын æркодтон мæнæ Гуынтыкомы гуылæвзаг уæйыджы сызгъæринхилджын куыр-саджы. Сатана йæ хъæрмæ рауади, куыр-сагыл дæр æмæ Уырызмæгыл дæр бирæ фæцинкодта. Бафснайдтой куыр-саджы сæ дæлхæдзар. Сæхæдæг уæладзгуытæм ысхызтысты. БАТЫРАДЗ ÆМÆ ГУЫМАГ ÆЛДАР Нартæ иуыл ыстæрыцæуаг уыдысты ’мæ сæ цард хæцынмондагæй æрвыстой. Æнæ хæст-иу уæззау кодта ссуæнг, сæ тых – мæллæг, сæ хъару – лæмæгъ, сæ ном цын-иу ничи ардта уæд хорзæн. Нартæ хæцæг адæм кæй уыдысты ’мæ æнæбарон, уый та алчидæр зыдта. Иуахæмы та фæцыдысты дард балцы ’мæ сæ бæстæм æрæгæрæджыты сæ кой дæр нал хъуысти. Нартæн фыдызнæгтæ дæр бирæ уыди. Æргомæй цæм нæ уæндыдысты, фæлæ цыл кæм æмбæлдысты, уым цæ-иу аивтæй хъыгдардтой. Нартæ мæлын нæ куымдтой, фæлæ-иу фæцæнкуылтæ сты ’мæ цын уыйфæстæ чызг ничиуал лæвæрдта. Фурды был Гуымаг æлдар царди, æлдар та ахæм, æмæ бирæгъæй зыддæр, куыдзæй хæцагдæр, рувасæй хиндæр. Гуымаг æлдары Нартæ бафхæрдтой раджы кæддæр æмæ цæм ныр зулдæндаг уыди. Иуахæмы та сфæндкодта Нартыбæстæм ныббырсын. Æфсад ыскодта сæдæсæдæтæ ’мæ æрдзæсæдæтæ. Гуымаг æлдар рабырста ’мæ Нартыбæстæм æрбахæддзæ. Сатана мæсыджы сæр бадти, куырæт хуыдта Уырызмæгæн æмæ йæ цæстыты раз сыстад цавæрдæр дымгæ. Арвмæ хаудтой, бæхджын æфсæдты цæфхæдты бынæй цы сыджыты къуыбæрттæ схъиудтой, уыдон. Сатана загъта: «Ай хорз хабар нæ уыдзæни». Фæтарсти Батырадзæн. Батырадз та кæд тыхджын уыди, уæддæр нырма милабыл уыди. Аскъæфта Сатана Батырадзы ’мæ йæ авд ныггæнды бынмæ талынгмæ ныппæрста. Уырдæм ын хæринаг æмæ дон лæвæрдта, фæлæ йæ уæлæмæ нæ уагъта. Уалынмæ Гуымаг æлдары ’фсæдтæ фæзындысты Нартыхъæуы ’мæ Нартыбæстæ пырхкæнынц. Æртымбылкæнынкодта æлдар, Нартæй ма бынаты чи уыди, уыдоны ’мæ цын зæгъы: – Авдазы хъалон мæ дарут, саухæрæг Нартæ, æмæ мын æй цæуылнæ фидут? – Мах хъалон никæмæн фидæм, – загътой Нартæ. – Фæлæ кæд исты дарæм æцæгæй, уæд æй Сатана зондзæни ’мæ уый бафæрсæм. Сатанамæ фæдзырдтой Нартæ. – Ацæут, æз æм фæцæудзынæн мæхæдæг, – загъта цын Сатана. Сатана йæхи сарæзта. Йæ хуыз æрыгон чызгау ыскалдта, æмæ йæ буары хурытынтæ хъазын байдыдтой. Æмæ рараст и Сатана Гуымаг æлдармæ. Гуымаг æлдар фæстæдзæг бады къæлæтджыныл. Йæ цæстыты къуырфытæ, дыууадæс наййаджы кæм бацыдаид, ахæмтæ уыдысты, йæ фындз – хохыбырцыйас, йæ хъуынтæ – нæзыхъæды хуызæн, йе нгуылдзтæ – агъдысдæвдæнтæ, цæнгтæ та – æнæхъæн хъæдыйæстæ. Бацыди йæм хуынимæ хæрзконд æмæ хæрзуынд Сатана. Йæ сæрæй йын акуывта ’мæ зæгъы: – Нартæн лымæн дæ, æви – æцæгæлон? Æниу чифæнды у, уæддæр Нартыбæсты дæ, æмæ дын Нарты номæй арфæкæнын. Гуымаг æлдар байхъуыста Сатанайы ныхæстæм, йæ зæрдæмæ фæцыди Сатана уынд æмæ кондæй, райста йын йæ хуын æмæ афтæ зæгъы: – Дæ хуын æмæ дæ сæр бирæ, фæлæ дын хъуамæ зæгъон æз дæр мæ ныхас. – Æгъдау ц’ амоны, уый кæндзыстæм. Гуымаг æлдар иу æппæрст бакодта Сатанайы хуын йæ дзыхы, иу ныхъхъуырд æй акодта ’мæ загъта уыцы цыбæлæй: – Æмæ ма дæ хуызæттæ бирæ ис Нартæм? – Æз Нартæн сæ фыдынддæртæй дæн. Нартæм ис æвæрдчызджытæ ’мæ æвæрдчындзытæ. Æмæ ма уагæр уыдон куы зонис! Гуымаг æлдар загъта йæхинымæр: «Фæлæуут уæдæ, ныр уæ раны ссардтон». Æргомæй та афтæ зæгъы: – Дæ номæй Нарты фæцагайын мæ бон нæу, кæд мын цæ равдисдзынæ, уæд. – Уый дын – мæ быгъдуан. Сатана быгъдуаны ныфс радта Гуымаг æлдарæн æмæ зæгъы: – Нарты ’гъдаумæ гæсгæ уазæг фысымы бар у. – Æз дæр – дæ бар дæн уæдæ, æмæ де вджид. – Уæдæ нын фен нæ сæрзæдыбын. Гуымаг æлдар ацыди Сатанаимæ. Авд ныггæнды сæрмæ цы къæй фæлдæхт уыди, уым æй къæлæтджыныл æрбадынкодта Сатана ’мæ йын æртыкъахыг фынг авæрдта йæ разы. Карз ронгыл хиныхос акодта ’мæ зæгъы: – Уазæг хатыр бакæнæд, нæ лæгтæй бынаты ничи ис, дæхæдæг акув æмæ ануаз. Гуымаг æлдар хæры ’мæ нуазы. Сатанайы нуæзт йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ дзы æгæр анызта ’мæ фыдрасыг фæци. – Ахсæв нæ уат иумæ куыд уа! – загъта Гуымаг æлдар. – Дæ фæндон æххæст уыдзæн, фæлæ уал дæхи ’руадз мæнæ хæдæвæрæгыл. Гуымаг æлдар йæхи хæдæвæрæгыл æруагъта ’мæ уайтагъд йæ хуырхуыр ыссыди. Батырадз авд ныггæнды бынæй дзуры: – Чи у, Сатана? Уый кæимæ дзурыс? – Нартæм фыдбылыз фæзынди ’мæ ’нцад у – байсæфдзынæ. Батырадз йæхиуыл фæхæцыд æмæ иу сым дæр нал ыскодта. Гуымаг æлдары ’фсад Нартыхъæуы фаджысдон фестынкодтой. Нартæй бур физонæджы тæф нал цыди, бамыр и сæ зард æмæ сæ фæндырыцагъд, нал хъуысти дардмæ сæ симды хъæр. Сатана Нарты чындзыты хæрзарæзт ыскодта ’мæ цæ фестынкодта стъалыты ’нгæс. – Гуымаг æлдар куы райхъал уа, уæд ын алчи дæр йæхи номæй нуазæн радтæд. Ныр та уал уæхиуыл фæхæцут, – бафæдзæхста чындзыты Сатана. Сатана Гуымаг æлдары цилхъы сæр уыцы зæрдиагæй æхсы, уыцы зæрдиагæй йæ сæрфтытæ кæны. Гуымаг æлдар дæр райхъал и ’мæ йæ афарста: – Цы ми кæныс уый? – Дæ ныфс у уый, æмæ йæ ’рыхсон. Нартæ уазæджы ныфс сыгъдæг дарын ахуыр ысты. – Мæ ныфс уым цы ми кæны? Уый нæхимæ ис, æфснайд у мæ хистæр чызгмæ... Фæлæ ма зæгъ: нæ уат иу цæуылнæ уыди? – Нæ уат иу куыд уыдаид, кæд æмæ дын дæ ныфсы сæр хæрзæхсад нæма ныккодтон? Дæ ныфс кæм и, уый дын куы зыдтаин, уæд æмуат æрцыдаин дæ цуры. Нарты нæ бауырныдтаид, фæлæ ма акæс далæ – Нарты чындзыты ’вдисæнæн æрбакодтон нæ кæртмæ. Гуымаг лæг Нарты чындзыты ауыдта – стъалытау цæхæртæ калынц. Æмæ уæд йæ зæрдæ фæсаст æмæ афтæ зæгъы: – Уырны мæ ныр. Мæнæн та мæ ныфс мæ хистæр чызг у – мæ иунæг ныфс, мæ зæрдæнцой. Фæлæ йæм бацæуæн нæй – уый цæры, хæхтæ фырыты хæст кæм кæнынц, уыцы ран. Сатана Нарты чындзыты ’рбакодта. Карз ронгыл та хин ныккодта, æмæ алы чындз дæр йæхи номæй нуазæн радта Гуымаг æлдарæн. – Кæд ахсæв мемуат æрцæудзæн у ’алчидæр, уæд нуазын, – алыгкодта йæ ныхас Гуымаг æлдар. – Мах Нарты фæтк нæ халæм, – загътой Нарты чындзытæ. – Цы зæгъай, уый уыдзæн, дыгай æхсæвтæ дæр æрцæудзыстæм демуат. Æрмæст нæ алкæй нуазæнæн дæр аргъ ыскæн. Гуымаг æлдар чындзыты нуазæнтæ банызта ’мæ та ’рфынæй и хæдæвæрæгыл. Чындзытæ Сатанайы зондæй æхсæв бонмæ Гуымаг æлдары ’нгуылдзтæ ’хсынц уыцы æнувыд æмæ уыцы зæрдиагæй. Ныр цæм Батырадз хъусы ныггæнды бынæй. – Цы ми кæнут уый? Дон мыл цы калут? Æнæуый дæр дзы сулæфæн куы нæ и ныггæнды! – Иучысыл ма бафæраз, мæ къона, – дзуры йæм Сатана. – Не фхæрæджы нырма зонгæ дæр куынæма кæнæм – чи у, цы у? Куы бахъæуай, уæд дæм дзурдзынæн. Дыггаг бон та райхъал и Гуымаг æлдар, фæкасти чындзытæм æмæ цæ афарста: – Ме нгуылдзтæ мын цæмæн æхсут? – Нарты ’гъдау афтæ у, – загъта йын Сатана. – Уазæгæн йæ тых сыгъдæг дарын хъæуы. – Мæ тых ам цы ми кæны? Мæ тых – м’ астæуггаг чызгмæ. Уый уæларв авд æфсымæр-зæды хъан у ’мæ уымæ ис. Сымахæй уырдæм ничи ссæудзæн. Фæлæ уæ мемуат цæуылнæ исчи ’рцыд? – Дæ тых кæм и, уый дын нæ зыдтам, æмæ уымæн. Чындзытæ Гуымаг æлдармæ зилынц. Уый дæр дзы кæй йæ къахæй фелвасы, кæй йæ риутæй, кæй й’ астæуæй: йермтты мидæг цæ ’рзилы. Сатана уæдмæ Нарты чызджыты хуртæ фестынкодта ’мæ цæ ’рбакодта. Дзуры Гуымаг æлдармæ: – Адон та дын Нарты чызджытæ – æвдисæндар Нарты чындзытæн. Гуымаг æлдар чызджыты куы федта, уæд йæ зæрдæ арт фестади ’мæ загъта: – Хорз чызджытæ стут, Нарты чызджытæ! – Уыдон номæй, Нарты фæткмæ гæсгæ, хъуамæ нуазæнтæ баназай. – Кæд фæйнæ ’хсæвы радæй мемуат уыдзысты, уæд. – Уыдзыстæм, уыдзыстæм! Æртыгай æхсæвтæ дæр, – зæгъынц Нарты чызджытæ. – Æрмæст нын нæ фæтк сæххæсткæн. Гуымаг æлдар цæ алкæй номыл дæр карз ронг банызта ’мæ та уыцы бон дæр ныффынæй и. Стæй та Сатана Нарты чызджыты бафтыдта Гуымаг æлдарыл æмæ йын ныр та йæ риу æхсынц. Ныр Батырадзмæ дон кæлы бынмæ йæ ныггæндмæ. Æмæ нал фæлæууыд: – Цы мыл калут дон? – Бафæраз ма иучысыл. Йæ ныфс æмæ йæ тых кæм ысты Гуымаг æлдарæн, уый зонæм, фæлæ ма йын йæ уд кæм и, уый дæр базонæм æххæст. Батырадз та ацы хатт дæр ныхъхъус и. Æхсæв бонмæ фехсадтой Гуымаг æлдары риу Нарты чызджытæ. Æртыггаг бон Гуымаг æлдар райхъал и ’мæ цæ фæрсы: – Мæ риу та мын цы ’хсут? – Дæ уд уым ис æмæ йæ Нарты фæткмæ гæсгæ хъуамæ ныхсæм. Гуымаг æлдар фæхудти ’мæ зæгъы: – Мæ уд уым цы ми кæны? Мæ уд мæ кæстæр чызгмæ ис. Дæлдзæхх дæлимонты хъан у, æмæ уыдонмæ вæййы. Фæлæ ма зæгъут, мæ фарсмæ уæ иу æмуат цæуылнæ ’рцыди? Уæд ын Сатана афтæ: – Фæтк чи фехала, мах уыдонæй не стæм. Раздæр дын куы зыдтаиккам, дæ уд кæм ис, уый, уæд чызджытæ уыцы тухæны нæ бафтыдтаиккой сæхи. Аххосджын дæхæдæг дæ. Гуымаг æлдар загъта уæд йæхинымæр: «Цæй, ам мын цынæ бантысти, уый æз нæхимæ баххæсткæндзынæн». Гуымаг æлдары ’фсæдтæ Нарты фос хæрд фесты ’мæ стыр уынгæджы бахаудтой, седдæмæкæсæн хæрынмæ ’рцыдысты. Дзурынц се ’лдармæ: – Дæ фыдæхæй фесæфæм, не ’лдар! Сыдæй цагъды кæнæм æмæ кæдмæ ам уыдзыстæм? – Нарты адæмæй кæуыл хæсткæнут, – загъта цыт се ’лдар, – уыдон зæвæтты туæстæ тъыссут æмæ цын сæ туг цъирут. Цæмæй сæ бон ыстын мауал уа, сæ тых саст уа, сæ хъару – мæллæг. Æфсæдтæ Нарты адæмы тугæй цæрын байдыдтой. Сатана зыдта, Нартæн ма, иу фæсвæдран цы рæгъæуттæ ис, уыдон куы базоной гуымæгтæ, уæд цæ ныццæгъддзысты ’мæ цæ рæгъаугæстæн Нартыхъæумæ скъæрын нæ уагъта. Сатана, Нарты чындзытæ ’мæ чызджытæ ма иу хатт ныллæгъстæкодтой Гуымаг æлдарæн: – Махæн абон нæ фæстаг бон у. Ахсæв демуат æрцæудзыстæм радæй, æмæ ма негасы къухтæй баназ фæстаг хатт. Гуымаг æлдар дæр та нуазын байдыдта ’мæ та сау расыгæй ныххаудта уым хæдæвæрæгыл. – Нарты чындзытæ ’мæ чызджытæ! – загъта цын хицæнæй Сатана. – Иу дæр уæ Гуымаг æлдары ’мгæрон ма ’рцæуæд. Уый ысмæсты уыдзæн, йе фсад сæрæн нал ысты ’мæ райсом ыздæхдзысты. Сымах дæр æмæ мæн дæр кæндзæни йæ бæстæм. Æз уæд Батырадзæн зæгъдзынæн, æмæ-иу ын кæсут уыйфæстæ йæ митæм. Уыцы ’хсæв дæр та Гуымаг æлдары æмуат ничи ’рцыди. Райсомы райхъал и æлдар æмæ фæрсы: – Ныр дæр та мæ фæсайдтат? Нартæй ничи ницы дзуры. Гуымаг æлдар загъта уæд йе фсадæн: – Акæнут ацы йæфсыты! Уæ къухты цы ’фты, уый дæр ахæссут æмæ – цæугæ! Гуымаг æлдары бæх ма баззади. Йе фсад Нарты тугæй не фсæстысты ’мæ сæ бæхты фергæвстой æмæ цæ бахордтой. Æмæ ма ныр фистæгæй цас фæллой хъуамæ ахæссой сеггой? Æмæ загъта Сатана Гуымаг æлдарæн: – Ронг ыскодтон, æмбисонды ронг, æмæ Хуыцауы дзæгъæлы сæфы. Тæхуды ’мæ дзы де фсад куы фениккой. Кæд ма цæ ныфс бацæуид æмæ схæциккой сæхиуыл. Нартæ иуыл цæнкуылтæ сты. Уыдонæн сæ бон нуазын дæр нал у ’мæ хæрын дæр. Гуымаг æлдар Сатанайы ныхасыл ысразы. Сатана карз ронгыл хиныхос ныккодта ’мæ дзы афтæмæй фæлæвæрдта æфсадæн. Семæ цыдæртæ айстой æмæ араст ысты. Фæкæнынц Нарты чызджыты ’мæ Нарты чындзыты дæр. Сатана Батырадзмæ ныдздзырдта: – Гуымаг æлдар Нарты фыдбылыз у. Ницыуал у нæ бон. Нарты сæфт æрцыд, æмæ дæм кæд исты ныфс æмæ исты хъару ис, уæд нæ-иу агур – мах Гуымыбæстæм уацары цæуæм. Араст и Сатана дæр иннæтимæ. Нартæ донласты хуызæн фесты, бæстæ цыл бамыр и. Фæлæ Гуымаг æлдары ’фсад дæр сæ раны уыдысты – æртæфсти цыл Сатанайы нуæзт æмæ иугай хаудысты ’мæ-иу баззадысты фæндæгтыл. Гуымаг æлдары хъæу æрбазынди ’мæ Сатана йæхи рувас фестынкодта. Рувас та ахæм уыди, æмæ й’алы ’рду дæр хъуытазау цагъта. Гуымаг æлдары хъæуыл балыгъди. Гуымаг æлдар лæджымыггаг нал ныууагъта йæ хъæуы – рувасы фæдыл цæ бафтыдта. Рувас цæ асайдта йæ фæдыл. Стæй Нартыхъæуы февзæрди. Сатана та фестади уыцы рувас æмæ дзуры Батырадзмæ: – Уым ма дæ? – Ам дæн. – Æмæ кæд уырдыгæй сыстын нæ фæразыс, уæд тыхгæнæг куыд цæуыс? Батырадзмæ хардзау фæкаста Сатанайы ныхас. Иу æхст ыскодта йæхи, ныггæнды къæй ысрæмыгъта йæ сæрæй æмæ фæрсы Сатанайы: – Чердæм фæцæуынц? – Хъæугæронмæ ацу ’мæ цын сæ фæд ыссардзынæ. Батырадз хъæугæронмæ ауади. Гуымаг æфсадæй фæндæгтыл чи кæм ахауди, уый уыдта ’мæ цæ цæгъдгæ ацыди. Ныххæддзæ и Батырадз Гуымаг æлдары бæстæм. Иу хæдзармæ бауад, кæсы ’мæ дзы саударæг ус бады. Батырадз æй афарста: – Æмæ сау та кæуыл дарыс, хорз ус? – Мæ цæгатыл. – Ау, æмæ дæ цæгат цы кодтой? – Бабын ысты. – Æмæ чи сты дæ цæгат? – Нартæ. Батырадз фæджих. – Æмæ, бахатыркæн, фæлæ Нартæй кæй чызг дæ? – Борæты сыхæй дæн. – Уæдæ æз дæр Нартæй куы дæн, – зæгъы Батырадз. – Æмæ кæцытæй дæ? – Хæмыцы фырт дæн – Батырадз. Нарты чызджытæ ’мæ чындзыты Гуымаг æлдар æркодта йæ бæстæм, æмæ уыдон фæдыл æрхаудтæн ардæм. – Уæ, кæд ды уымæн исты ракæнай! Хæцæнгарз дæр дæм куы ницы ис, ды та ’хсæрлæдзæг рахастаис дæ къухы. Фистæгæй кæдæм цæуыс? – Уымæй мæ ма бафæрс. Нартæм м’аггаг бæх нæй. – Уæдæ сæ бæхтæ цы фесты? – Кæмдæр ыстæры сты Нарт. Хъæуы ма цы бæхтæ баззад, уыдон та Гуымаг æлдары ’фсæдтæ бахордтой. – Уæдæ дæлæ мæнгагъуысты де сиахсы бæх, æмæ уый алас. Йæ уындмæ йын ма кæс. Батырадз мæнгагъуыстæй се сиахсы бæх раласта, æнæ саргъæй йыл абадти. Йæ хо йæм дзуры: – Гуымаг æлдарæн ис чызг. Æмæ чызг амарын дæ сæрмæ ма ’рхæсс. Йæ ныхыл ын иу чысыл къобола фендзынæ ’мæ-иу ын æй фелхъив æмæ йæ ратон. Стæй раздæх фæстæмæ. Батырадз араст и, хæхтæ кæрæдзиимæ фырыты хæст кæм кодтой, уырдæм. Бæх æй фæрсы: – Кæдæм цæуæм? – Гуымаг æлдары чызгмæ. – Ма кæн, æнæ саргъæй мыл бадыс, æмæ дæ дымгæ фæхæсдзæн. – Уый мæт ма кæн, ды мæ тагъддæр хæсс. Бæх цалдæр уысммæ хæхты цур фестад. – Фидар бад! Батырадз йæ зæнгтæй бæхы фæрстæ ’рбалхъывта. Асæррæтласта бæх æмæ иу мæсыджы бын балæууыд. Батырадз ысхъæркодта уæлæмæ: – Ам чи ис, æддæмæ ракæсæд! Йæ хъæрмæ Гуымаг æлдары хистæр чызг мæсыджы рудзынгæй йæ сæр радардта. Батырадз æй йæ уачъийæ ацахста, йæ ныхы чысыл къобола йын ыстыдта. – Сылыстæг дæ, æндæра дын дæ уачъи арæдывтаин! Уырдыгæй фездæхти фæстæмæ, фæлæ йæ хæхтæ ’рбаййæфтой. Батырадз цыл фæйнæрдæм ахæцыди йæ цæнгтæй, æмæ сæхимидæг хуырæй æркалдысты хæхтæ. Батырадз цæ ралгъыста: – Абонæй фæстæмæ хуырæй ызгъæлæнт хæхтæ сæ фæстаджы бонтæм! Æрцыди се сиахсы хæдзармæ Батырадз. Мæнæ уыцы чысыл къобола зæгъгæ загъта, къæсæрæй куы бахызти мидæмæ, уæд. Борæты чызг ыл фæцинкодта. – Æнцад бадгæйæ дын нæу, Батырадз, нæй ацы хъуыддагæн æрдæгыл ныууадзæн, – загъта Борæты чызг. – Уæларвмæ цы ’гъдауæй фæцæуон? – фæрсы йæ Батырадз. – Де фсургъыл та сбад. Батырадз та æнæ саргъæй абадти бæхыл æмæ фæцæуы. Борион æм адзырдта: – Цы чызгмæ цæуыс, уымæн та йæ фæсхъус чысыл къобола ис, æмæ- иу æй ратон. Йæхи йын ма амар, худинаг дын уыдзæн сылгоймаг амарын. Араст и йæ фæндагыл Батырадз. – Кæдæм цæуæм? – фæрсы йæ бæх. – Уæларв авд зæд-æфсымæры цæры, æмæ уыдонмæ. – Уæдæ фидар бад! Батырадз бæхы фæрстæ йæ зæнгтæй æрбалвæста. Бæх дымгæйау атахти, æмæ Батырадз æфсымæрты кæрты балæууыд. Бадзырдта цæм Батырадз: – Æддæмæ ракæсут, хæдзаронтæ! Æфсымæртæй уым ничи уыд, фæлæ йæм Гуымак æлдары дыггаг чызг ракасти. Батырадз æй рацахста, йæ фæсхъусæй йын йæ чысыл къобола стыдта ’мæ зæгъы: – Хъыг дæ дардта ’мæ тæригъæд уыдтæ. Сылыстæг куынæ уаис, уæд дын æз дæ хъустæ дæр ма стыдтаин. Раздæхти фæстæмæ, дымгæ йæ систа Батырадзы ’мæ йæ размæ нал уагъта. Æмæ йæ ралгъыста уæд Батырадз: – Афтæ цæрæнбонты дзæгъæл дымд фæкæн хурбон æмæ къæвдабон дæр! Уырдыгæй та се сиахсы хæдзармæ ’рхæддзæ и ’мæ зæгъы Борæты чызгæн: – Мæнæ дын иннæ къобола дæр. – Æххæст ма æртыггаг чызгмæ дæр фæцу. – Куыд æм фæцæуон, Дæлимонтæм цæры ’мæ цæм фæндаг кæуылты у? – Дæ бæх зоны фæндæгтæ. Уыцы чызгæн йæ чысыл къобола йæ фæскъæбут ис. Йæхи йын ма амар, худинаг у. Батырадз та æнæ саргъæй бæхыл абадти ’мæ фæцæуы. – Кæдæм цæуæм? – фæрсы йæ бæх. – Дæлимонтæм. – Уæдæ фидар бад! Батырадз бæхы фæрстæ ’рбалхъывта йæ зæнгтæй, бæх алы хуыггомы, лæгæтты зилгæ тахти ’мæ Дæлимонты дуармæ балæууыд. Батырадз бахъæркодта: –Æддæмæ уæ исчи ракæсæд! Хæдзары уыд æрмæст Гуымаг æлдары кæстæр чызг æмæ йæм рауади дуармæ. Батырадз ыл фæхæцыди, йæ фæскъæбутæй йын йæ чысыл къобола сыскъуыдта ’мæ загъта: – Чызгыл ахæм аипп нæ фидауы. Сылыстæг куынæ уаис, уæд дын æз дæ фæскъæбут сыскъуыдтаин. Раздæхти Батырадз æмæ иу фæзилæны йæхи цæуылдæр ыскъуырдта. Фæзилæн ныккалди ’мæ фурдмæ бахаудтой барæг дæр æмæ йæ бæх дæр. Фурды уылæнтæ цæ систой. Фæлæ рахызтысты фæстæмæ былмæ. – Æнустæм уайут афтæ кæрæдзийы фæстæ, æрынцой уын ма уæд, – загъта Батырадз. Æрхæддзæ сты Борæты чызгмæ, æмæ та йæм Батырадз æртыггаг къобола дæр радта. – Дæ фæстæ Гуымаг æлдар æррынчын æмæ хорзау нал у, – загъта Борæты чызг. Уалынмæ райхъуысти: Гуымаг лæг йæ уд систа. Борæты чызг æртæ чысыл къоболагонды цæхæры баппæрста ’мæ цæ басыгъта. Уырдыгæй Борæты чызг æмæ Батырадз Гуымаг æлдары хæдзармæ ацыдысты. Гуымаг æлдары хæдзар æхгæд уыди авд ивазны быруйæ. Батырадз цыл йе уæхскæй ысхæцыди ’мæ цæ ныппырхкодта. Нарты чындзытæ ’мæ чызджыты ракодта. Стæй, Гуымаг æлдары хъæуы цы чызджытæ уыди, уыдоны дæр ракодта ’мæ Нартæм æрцыди. Нартæ йыл фæцинкодтой. – Уый æнхъæл дын нæ уыдтæн, Батырадз, уыййæддæмæ дæ авд ныггæнды бын цæмæн æмбæхстон! – загъта Сатана. Фæцинкодтой Нартæ сæ чындзытæ ’мæ сæ чызджытыл. Байуæрста Батырадз Гуымыбæстаг чызджыты Нарты цæнкуылтыл. КУЫРДАЛÆГОН, БАТЫРАДЗ ÆМÆ ЧЫНТЫ ДÆРГЪÆФСÆРОН Куырдалæгонæн лæппу уыди – Арвæкуырд. Йæ лæджы ранмæ рацыди, æмæ йын Куырдалæгон афтæ зæгъы: – Бинонтæ кæнын афон дын у, лæппу. Арвæкуырд ницы сфæрæзта сдзурын йæ фыдмæ, æмæ уæд Куырдалæгон ыскарста йæ мид-зæрдæйы: «Цæй æмæ фæцæуон Нарты Батырадзмæ. Уый зондзæни мах аггаг чызг». Рараст и Куырдалæгон Нартæм. Æрхæддзæ ’мæ дзуры Сатанамæ: – Кæм и Батырадз? – Уæлæ цъитийыл гомриу, гомзæнгæй хуыссы, йæхи уазалкæны. Араст и цъитимæ Куырдалæгон æмæ дзуры Батырадзмæ: – Цавæр хуыст дын у, Батырадз? Хурмæ дæхи тавыс, дæ бынæй та уый фыцгæдон куы кæлы. – Цы кæнон, Куырдалæгон, æгæр ыстæвд дæн æмæ мæнæ мæхи цъитийыл æруагътон. – Хорз фæхуыссыдтæ, фæлæ дæм æз хъуыддаджы фæдыл æрцыдтæн. Мæ фыртæн бинонтæ кæнын афон у, й’аггаг чызг зондзынæ искуы ’мæ дæм фæрсынмæ ’рцыдтæн. – Хорз, Куырдалæгон. Кæд дæ афтæ тынг фæнды, уæд дын амонын: Хургомы æртæ ’фсымæры цæры. Уыдонæн ис иунæг хо. Æмæ цын кæд фæндон уа, уæд ын гъеуый ракур дæ фыртæн. – Уæдæ мын фидауæг дæр дæхæдæг фæцу. Батырадз ысразы ’мæ араст ысты. Ссыдысты Куырдалæгонтæм. Фынг ацæттæ ’мæ загъта Куырдалæгон йæ фыртæн: – Цу, лæппу, Батырадзимæ, рæствæндаг фæут! Анызтой, ахордтой, æмæ дыууæ лæппуйы рацыдысты Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæрмæ. Æрхæддзæ сты ’мæ цæм Батырадз бадзырдта: – Кæм ыстут, мæ хæлар æфсымæртæ? Рауадысты æртæ ’фсымæры ’мæ загътой: – Уо-о, Батырадз куы дæ, алыбон æгас цу дæ уазæгимæ. Бакодтой цæ. Иу уысммæ тохъыл æрбаргæвстой æмæ фынг æрывæрдтой. Батырадз хъазгæмхасæн райдыдта дзурын: – Хæларæй цæрæм, æмæ нæ хæлардзинад фехæла, уый мæ нæ фæнды. – Мах дæр нæ фæнды, Батырадз. Ды йæ куы халай, уæддæр æй мах нæ халæм. – Уæдæ æз дæр афтæ зæгъын, кæд мæ ныхасæн бынат ис, уæд. – Зæгъ, Батырадз. – Хорз уæдæ, – загъта Батырадз. – Хæларæй цæрæм, бæгуыдæр, фæлæ ноджы хæлардæрæй цæмæй цæрæм, уый тыххæй мæнæ Арвæкуырдæн мæ кæнгæхойы куы радтиккат... – Кæд дæу афтæ ’рфæндыд?.. – Æрфæндыди, æрфæндыд. Куырдалæгоны фырт сегуыдзæгтæй нæу. Фæдзырдтой, фæныхаскодтой а ’мæ ойæ, стæй бафидыдтой, æмæ ма загътой фæстагмæ æртæ ’фсымæры: – Чындзæхсæвыбон нæм сæдæ сæры сырдтæ куыд æркæна нæ ног хæстæг, афтæ. Чындзæхсæвыбон та – афæдзы фæстæ. Арфæ ракодтой Батырадз æмæ Арвæкуырд æртæ ’фсымæрæн æмæ рацыдысты. – Цу ныр, æфсымæрты ныхас-иу бамбарынкæн уæхимæ, æз дæр та уæм иубон зындзынæн, – загъта Батырадз æмæ рараст и Нартæм. Чынтыл йæ фæндаг ракодта. Кæсы ’мæ сæргуыппытæй хъазынц Дæргъæфсæроны авд фырты, æмæ Батырадз бахудти. – Цæуыл худыс? Кæд махæй хуыздæр арæхсыс, уæд ма не хсæн æрбалæу. – Фæуæд уæ дзырд, фæлæ-иу уæ хъæстагæй мачи фæцæуæд. Дойнагдуртæ цыл бабæттут уæ сæртыл æмæ мæ афтæмæй цæвут, – загъта Батырадз æмæ се хсæн æрлæууыд, йæ сæр ныггуыбыркодта, афтæмæй. Уыдон дæр ма ’ндæр цы хъуыд, – ныггуыппытæ йæ ластой, æмæ Батырадзы сæр цæхæртæ акалдта’ æмæ цъæнут ыссыгъди. Дæргъæфсæроны фырттæй, кæмæн йæ ных фæсаджил, кæмæн йæ хъус фæзæбул, чи йе взагыл фæхæцыд, æмæ мардау фесты сеппæт дæр. Батырадз йæ сæр бæрзонд систа ’мæ цыл худы. Стæй Нартæм афардæг и Батырадз. Дæргъæфсæроны авд фырты сæ фыдмæ уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй ыссыдысты. Сæ фыд цæ фæрсы: – Цы кодтат, цы уыл æрцыди? – Цы ма кæнæм! Нарты Батырадз рацæйцыди ’мæ йæ нæ хъазтмæ ’рбакодтам. Сæргуыппытæм йæ сæр æрывæрдта. Мах нæхиуыл дойнагдуртæ бабастам, æмæ куы схæцыдыстæм, уæд йæ сæр цæхæртæ акалдта, æмæ цъæнут ыссыгъди. Æндæр ын ницы уыд. Фæлæ мах æрдæгмæрдтæй баззадыстæм. – Уæ бонæй уат, кæд Батырадзимæ уæхи цы барут! – Цæуылнæ барæм, махæй зондджындæр у? – Нæу. – Уæдæ ’гъдауджындæр у? – Уымæй дæр нæу. – Уæдæ тыхæй у? – Уо, уымæй у. Уый Куырдалæгон бахсыста, мæ хуртæ, Куырдалæгон, йæ куырдадзы, æндонæхсыст. – Æмæ уæд мах цæуылнæ бахсидæм нæхи? – Уæхи Батырадзимæ барут? Уый мадыгуыбынæй гуырд дæр нæу. – Гъемæ уæд мах тыхджындæр хъуамæ уæм, – зæгъынц авд æфсымæры. – Æмæ нын Куырдалæгонмæ æнæ цæугæ нæй. – Уо, ма кæнут, ницы бауыдзæн уæ бон. Нæ байхъуыстой æфсымæртæ. Иу галы сыкъатыл зæлдаг бæндæн акодтой æмæ араст ысты. Сæ фæндаг уыди Хургомыл. Æртæ ’фсымæры хо бадти йæ уаты ’мæ кæрдгæ-хуыйгæ кодта. Стæй хуыд куы фæци, уæд йæ дарæс хурмæ ракалдта ’мæ йын тыбар- тыбуркодтой. Авд æфсымæры сæ фæндаг уыууылты бакодтой æмæ афарстой чызджы: – Кæй чызг дæ, ацы хурæнгæс? – Мад æмæ фыдæй – сидзæр, фæлæ мын ис æртæ ’фсымæры. Мидæмæ рахизут! Авд æфсымæры кæрæдзимæ ацамыдтой æмæ хæдзармæ бацыдысты. Æртæ ’фсымæры цыл тынг фæцинкодтой. Уæд авд æфсымæрæй иу афтæ зæгъы: – Уæ хо нæ зæрдæмæ фæцыди ’мæ нын æй мæнæ нæ хистæрæн радтут. – Нæ хо куырдуаты ис. Куырдалæгоны фырт Арвæркуырдæн æй радтам, – загътой æфсымæртæ. – Уыимæ дæр фидаудзыстæм, – схъæлныхæстыл фесты уазджытæ, æмæ цын уæд фысымтæ загътой: – Цæут æмæ уал уæдæ уыимæ бафидаут. Авд æфсымæры араст ысты дарддæр æмæ Куырдалæгонмæ сфардæг ысты. Бадзырдтой мидæмæ: – Ам дæ, Куырдалæгон? Æддæмæ нæм ракæс! Куырдалæгон цæм рацыди. – Æгас цæут! – Хорз фæуæд, фæлæ Нарты Батырадзы ды бахсыстай дæ куырдадзы? – Æз, бæгуыдæр. – Уæдæ мах дæр бахсид. – Уæ, ма кæнут, уый æндонвидар у ’мæ йемæ уæхи куыд барут? – Мæнæ дын гал лæваркæнæм, æмæ уæлдай мацыуал ысрæди. Кæннод дын мах дæ чындзаджы тыххæй дæр фæкæндзыстæм. Уæдæ уæ тæригъæд уæхи зæгъгæ цæ Куырдалæгон йæ куырдадзы фæмидæгкодта. Бахызтысты лæппутæ артæн йæ тæккæ цæхæрмæ. Ныккалдта цыл уырдæм Куырдалæгон дзæвгар-дзæвгар æвзалы, куынц ысдымдта ’мæ цæм дзуры: – Сырх зынг куы суат, уæд-иу мæм хабаркæнут. Арты тæвд цæм хъарын байдыдта авд æфсымæрмæ. Уыдон сæхи бæргæ ныффидаркодтой, фæлæ арт ысцырын, ныггуыпласта ’мæ авд æфсымæрыл сирвæзти. Сæ хистæр ма ’рдæгсыгъдтытæй раирвæзт æмæ доны йæхи атылдта, иннæ ’хсæз æфсымæры сауæвзалы баисты. Дæргъæфсæроны ’рдæгсыгъд фырт йæ фæндаг Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæрыл ракодта, сæ хойыл цын йæхи ныццавта ’мæ сæхимæ ’рфардæг. Дзуры йæ фыдмæ: – Ме фсымæртæ фесæфтысты, мæхæдæг ма æрдæгсыгъдтытæй раирвæзтæн, фæлæ йын уæддæр маст ыскодтон Куырдалæгонæн, уыцы куыдзыфыртæн. – Цы маст ын ыскодтай? – Сæ чындзаджы цын раскъæфтон. Мæсыджы йæ бакæн æмæ йæ къуыри иу хатт дон хæссынмæ ’рвит. Цалынмæ фæдзæбæх уон, уæдмæ. – Уæ, дæ сæр куыд бахордтай, æмæ чызг та кæй у? – Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæры хо, Куырдалæгоны фыртæн куырдуаты бадти. – Уæ, куыд мæ фесæфтай, уый Батырадзæн кæнгæхо у. – Мæсыгмæ йæ акæн æмæ мацы срæди, мыййаг. Мацы зæгъ. Чызджы мæсыгмæ акодтой. Къуыри йæ иу хатт уагътой дон хæссынмæ. Чызг кæуынæй йæхи ’ргæвста ’мæ хъарæгау кодта: – Уæ, куыд цæрдзынæн, йæ сыгъдонтæф кæмæн кæлы, уыимæ? Кæнæ мын Батырадз та цы зæгъдзæни? Уыцы ’хсæв Дæргъæфсæроны æрдæгсыгъд фырт амарди. Чызгыл саутæ скодтой æмæ йын загътой: – Афæдзы бонмæ саутæ хæсдзынæ. Чызгæн дæр ма цы гæнæн уыди! Æртæ ’фсымæры сæ хойы агурын райдыдтой. Фервыстой Куырдалæгоны фырт Арвæркуырдмæ. Уыдон дæр фæмасткодтой, уæдæ цы уыдаид. Уæд Куырдалæгон загъта йæ фыртæн: – Æз Батырадзмæ цæуын. Рараст и Куырдалæгон æмæ Нартæм æрцыди. Ракодта хабар Батырадзæн, æмæ йын уæд уый афтæ зæгъы: – Цыма ницы масткæныс, афтæ дар дæхи, стæй бæрæг уыдзæн. Æмæ раздæхти Куырдалæгон. Дæргъæфсæрон ысфæндкодта кæнд ыскæнын й’ авд фыртæн. Бахсыста цæджджинæгтæ ’мæ Куырдалæгонмæ сæрвыста: – Уæ, Куырдалæгон, дæуыстæн! Æз мæ зæнæгæн кæнд кæнын. Фæнды мæ с’афæдзы бон мæ фынгыл куы бадис. Хæрамхæссынæй хæлархæссын хуыздæр у. Куырдалæгон æм рарвыста: – Дæргъæфсæрон, мæ Хуыцау – ме вдисæн. Æз цын дзырдтон дæ фырттæн, фæлæ мæм нæ байхъуыстой. Æмæ фæцагъды сты сæхи аххосæй. Гал мæм ыскодтой æмæ йæм н’ агайын. Фæлæ мын стыр маст у. Кæд мæ æнæцæугæ нæ уадзыс, уæд мын иу лæг акæныны бар радт мемæ. – Дæс дæр ракæн. Куырдалæгон Батырадзмæ ’рцыди ’мæ йын загъта: – Дæргъæфсæрон афæдзыкæнд кæны й’авд фыртæн. Сæрвыста мæм, æмæ ды дæр мемæ цом. – Æрвитгæ дæумæ скодта. Æз цы цæуон? – Мæ Хуыцау – ме вдисæн, æз æм æрæрвыстон, цæмæй мын иу лæг акæныны бар радта. Уый мын дæс лæджы бар дæр дæдты. – Дæргъæфсæроныл æууæнк нæй, Куырдалæгон, уый дæ фыдбылызмæ сайы. Кæд цæуæм, уæд хотыхдыхæй, кæннод лæу. – Уæдæ æз ахæм фæттæ скæндзынæн, æмæ дзы алы фат дæр дæс лæджы фæхæсдзæн, иу æхстæн. Раздæхти Куырдалæгон, фæттæ скодта. Æргъомбастæй цæ ’рхаста Батырадзмæ, æмæ араст ысты дыууæйæ дæр Дæргъæфсæроны афæдзыкæндмæ. Дондзыхы размæ ’рцыдысты ’мæ Чынтыбæстæм кæсынц. – Афтæ цæугæйæ нын нæу, Куырдалæгон, – загъта Батырадз. – Банхъæлмæкæсæм, æмæ цæ кæд исчи зынид. Уалынмæ, сау чи дардта, иу ахæм сылгоймаг фæзынди йæ къæртатимæ ’мæ донисæнмæ ’рхызт. Батырадзитæ йæ нæ базыдтой. Уый та уыди Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæры хо. Чызг æй йæхæдæг базыдта Батырадзы, фæлæ скъæфты кæй фæци, уый тыххæй йæ цæсгом не вдыста. Чызг йæ кæлмæрзæны бынæй хъавгæ касти Батырадзмæ. Стæй систа йæ доныкъæртатæ ’мæ раздæхти фæстæмæ. Æрæгмæ куы цыдысты Куырдалæгон æмæ Батырадз, уæд цæм Дæргъæфсæрон лæг-хонæг æрæрвыста. – Цæмæ нæм æнхъæлмæкæсы, – зæгъы Куырдалæгон, – цины фынгмæ нæ куынæ хоны, мыййаг? Лæг-хонæг раздæхт фæстæмæ Чынтæм æмæ рафæзмыдта Куырдалæгоны ныхæстæ. Уæд та ус-хонæг рарвыста Дæргъæфсæрон. – Сымахмæ кæсынц, – загъта хонæг. – Куырдалæгонæн бинонтæ ис, æмæ уый ацæуæд, мæнæн мæ рæстæг н’амоны, – не сразы Батырадз. Ус-хонæг дæр рафæзмыдта сæхимæ Батырадзы ныхæстæ. Дæргъæфсæрон фæтарсти: мыййаг куынæ ссæуой Курдалæгон æмæ Батырадз, уæд йæ мастыл авд хатты фылдæр маст бафтдзæни. Æмæ фæрсы йæ усы: – Кæй ма цæм арвитон? – Нæ саударæг чындзы цæм арвит, уымæй кæд фефсæрмы уаиккой. Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæры хойы цæм æрæрвыста уæд Дæргъæфсæрон, æмæ цæм уый кæлмæрзæны бынæй дзуры: – Нæхионтæ сымахмæ кæсынц. Мæрдты авддæлдæр ныххауæнт Дæргъæфсæроны фырттæ, дæуæн ацы зын чи скодта зæгъгæ загъта Батырадз. – Саутæ хæссыс æмæ дын уый æгъгъæд у. – Æнæбары цæ хæссын, Батырадз. – Зонгæ та мæ кæцæй кæныс? – Уагæрыл! Мæ кæнгæфсымæр куы дæ, куыд тагъд мæ ферохкодтай? Æмæ чызг йæ кæлмæрзæны къабазыл ысхæцыди ’мæ фæллад цæстæнгасæй бакаст Батырадзмæ. – Куырдалæгон, уый дæ чындзаг у, – загъта Батырадз. – Ницы мыл æрцыди, – дарддæр кодта чызг йæ ныхас. – Цы уыдтæн, уый дæн, фæлæ мæн цы бон раскъæфта Дæргъæфсæроны фырт, уыцы бон амард æмæ мыл афæдзыбонмæ саутæ скодтой. – Мæ хо цæра! – загъта Батырадз. – Афтæ хорз дæу дæр уæд мæн дæр. Фæлæ мæ мауал сæрвит фæстæмæ. Уыдон сымах сайгæ кæнынц, маргæ уæ кæндзысты. Батырадз фесхъиудта: – Уыцы куыдзыфыртæн æз йæ дзоныгъ йæ донгæмтты сфаддзынæн. Æнæцæугæ мын нæй. Ды ам лæу. Фæстæмæ дæм зындзыстæм, æмæ дæ фæкæндзыстæм де фсымæртæм. Чызг уым баззади. Батырадз æмæ Куырдалæгон бацыдысты Дæргъæфсæроны кæндмæ. Арфæ ракодтой æмæ цæ æртæ рæгъы астæу æрбадынкодтой. Дæргъæфсæрон сусæгæй бамбарынкодта уырдыгыстæгæн: – Уæлæмæрæгъ æмæ дæлæмæрæгъы дæр ацы дыууæйæн дар сæ нуазæнтæ. Афтæмæй адæм иу рæгъæн фæйнæ нуазæны нуæзтой, Батырадз æмæ Куырдалæгон та – æртыгæйттæ. Адæм батæвд ысты. Æмæ дыууæ нуазæны калмæй байдзагкæнынкодта Дæргъæфсæрон. Сæ уæлæ цын нуæзт ауагъта ’мæ цæ рарвыстой Куырдалæгон æмæ Батырадзæн. Куырдалæгон æмæ Батырадз цын арфæ ракодтой. Батырадз аивæй дзуры Куырдалæгонмæ: – Афтæ ма баназ, æууæнк нæй Дæргъæфсæроныл. Адонæн сæ мидæг ызмæлджытæ и. Батырадз йæ рихитæ размæ апухкодта ’мæ нуазæны хуылфмæ ныдздзырдта: – Додой уæ сæр кæны, чидæриддæр уæ йæ сæр ысдара, уый мæ болат дæндæгтæй ыскæрдæнтæкæндзынæн. Кæлмытæ сæхи нуазæны бынмæ нылхъывтой. Куырдалæгон та къухмæрзæн нуазæныкомыл авæрдта, æмæ йæ уый дæр анызта. Стæй Батырадз фæстæмæ ’ркæнынкодта нуазæнтæ ’мæ зæгъы Дæргъæфсæронæн: – Ныр та цæ дæхæдæг баназ. Дæргъæфсæрон æнхъæл уыди ’мæ æндæр нуазæнтæ сты ’мæ схæцыди нуазыныл. Фæлæ кæлмытæ сæ сæртæ куы сдардтой, уæд хорзау нал фæци: – Цавæр нуазæн у ай? – Цавæр нуазæн рарвыстай, ахæм. Фынгæй фæгæпласта Батырадз æмæ Дæргъæфсæроны сæр ыстыдта, фехста йæ ’мæ доны былмæ атылди ’мæ банцади чызджы цур. Рамæсты сты Чынтæ ’мæ лæбурынтæ систой, фæлæ цæ Батырадз кæй балхъивы, уый фæуадзыг вæййы. Куырдалæгон фæрсы Чынты: – Цæуыл уæхи цæгъдынкæнут? – Нæ хуыздæры нын амардтат. – Уый йæхи аххос уыди, мæ чындзаджы мын раскъæфта. Сæхи аххосæй басыгъдысты мæ куырдадзы иннæтæ дæр. Чынтæ хабар бамбæрстой æмæ загътой: – Авд дæлдзæхы фæуæд. Мах искæй тыххæй нæхи нæ фæцæгъддзыстæм. Бафидыдтой уым. Куырдалæгон æмæ Батырадз рараст сты, æмæ семæ доныбылæй акодтой Хургомыцæрæг æртæ ’фсымæры хойы. – Комкоммæ цæуæм Хургоммæ, æви уал нæхимæ? – загъта Куырдалæгон. – Æртæ ’фсымæрмæ уал цом, – загъта Батырадз. Бацыдысты ’мæ куыннæ ныццинкодтаиккой æртæ ’фсымæры сæ хойыл! Снысанкодтой чындзæхсæвыбон. Чындзæхсæвыбонмæ сæдæ сæры сырдтæ ’рбамидæгкодта йæ каистæм Арвæкуырд. Чындзæхсæв ыскодтой сырдыфыдæй. Иннæ чындзæхсæв та Куырдалæгон ыскодта, Батырадз чындзхæссæг йæхæдæг фæци ’мæ хицау дæр йæхæдæг уыди. Чындзæхсæвы фæстæ Дæргъæфсæроны гал Куырдалæгон Батырадзæн балæваркодта, æмæ дзы Батырадз Нартæн куывд ыскодта. БАТЫРАДЗ ÆМÆ ÆЛДЖЫТЫКОМЫ ’ЛДАР Хуыцау рамæсты Нартæм æмæ цын сæ дон бауырæдта. Æрмæст ма иу ранæй чысылгай лæдæрсы дон, æмæ уымæй састой Нарты адæм сæ дойны. Фæлæ сæ фос цагъды кодтой æнæ донæй. Иу изæр Ныхасы бадынц Нартæ ’мæ цын дзырд бацайдагъ. – Уæдæ нæ фос дойныйæ куы сæфынц, уæд цы бакæнæм? Сырдон загъта: – Æлджытыкомы куыройыдонваг суадон цæуы, фæлæ фос уырдæм чи фескъæрдзæн? Уым иу фыдлæг цæры, Æрмыкъæдзæсæр æй хонынц, æмæ уый тасæй маргъ тæхын нæ уæнды йæ бæстыл, калм – лæсын. Ды нын ц’ амоныс зæгъгæ йæ афарста Уырызмæг Сырдоны. – Мæнмæ кæд хъусут, – загъта Сырдон, – уæд хæлттæ сæппарæм, æмæ кæй хал ысхауа, уый атæрæд Нарты рæгъæутты уыцы коммæ. Нартæ Сырдоны дзырдыл ысразы сты, æмæ алчи йæ цъынды радта. Хæлттæ сисынкодтой Сырдонæн. Сырдон Хæмыцмæ зулдзых уыди ’мæ Хæмыцы цъынды систа. – Барæй йæ систа ацы хæрæджы фырт, дыггаг хатт сисæд! – загъта Хæмыц. Сырдон та дыггаг хатт дæр нывнæлдта ’мæ та Хæмыцы цъынды схаудта. Тынгдæр ысмæсты и Хæмыц: – Сырдонæн йæ цæстытæ бабæттут æмæ афтæмæй сисæд! Нартæ Сырдоны цæстытæ бабастой. Сырдон нывнæлдта ’мæ та Хæмыцы цъынды схауди. Хæмыцæн гæнæн нал уыди, фæлæ ма уæддæр бартхъирæнкодта Сырдонмæ: – Нæ дын батайдзæн, Сырдон, ацы фыдми! – Дон уын ыссардтон, æмæ уæ ныр куыд фæнды, афтæ! Бадут æнцад! Мачи макæдæм ацæуæд! Мæ рæгъæуттæ дзы куынæ куынæгкæнынц, мыййаг, фæлæ фос – сымах фос – куы сæфынц. Уæртæ мæм иу бæхы хæррæгъ ис. Уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр! Æмæ йын исты амал кæндзынæн. Хæмыц йæхи барæвдзытæкодта ’мæ рахъæркодта Нарты рæгъæуттыл. Фæтæры цæ Æлджытыкоммæ. Нарты фос æрхæддзæ сты. Хæмыц цын дон фаг бадардта ’мæ цæ хизынмæ аздæхта æнæнтау кæрдæгыл. Йæхæдæг иу ыстыр тулдзбæласы бын аууоны ’рхуыссыди. Æлджытыкомы ’лдар хохы сæр лæууыд. Акасти, ауыдта Нарты рæгъæуттæ ’мæ зæгъы йæхицæн: «Ай чи хъуамæ уа? Мæ бæстæм æрцæуын чи бахаста йæ ныфс?» Æриста дæлвæзмæ йæхи ’мæ ратындзыдта йæ бæхыл. Йæ бæхы комытæфæй, цыма мигъ сыстад, афтæ зынд. Хæмыц райхъал и ’мæ дзуры йæхинымæр: «Цы хъуамæ уа, ай?» Фæстæдæр бæх ныххуыррытласта, йæ фындзы ’ртæхтæ Хæмыцыл æрныдзæвдысты’ æмæ ныххуылыдз и æгасæй дæр Хæмыц, цы уыди, уымæй. – Цыдæр фыдбылызы бынат у ам, – загъта Хæмыц. Чысыл рæстæг та рауади. Æлдары бæхы цæфхæдты хъæр дуртыл ыссыди. Дуртæ цæхæр акалдтой, æмæ дзалагæрдæгыл арт сирвæзти. Арты ’взæгтæ йæм фæхæддзæ сты Хæмыцмæ ’мæ ссыгъдысты йæ фæдджитæ. Хæмыц бæласмæ сбырыди ’мæ уым сыфтæрты нынныгъуылди. Уалынмæ Æрмыкъæдзæсæр дæр æрбахæддзæ. Акасти ’мæ никæй уыны. Хæмыцы дзаумайы сыгъдытæф йæ былтыл ауади ’мæ дзуры: – Пыф, пыф! Кæйдæр дзаума судзы. Хæмыц ныхъхъус и’ мæ ницы дзуры. Уæйыг æрыхснырста ’мæ, Хæмыц цы бæласмæ сбырыд, уый ныррызти. Хæмыц рахаудта ’мæ уæйыджы худысчъилы ныххаудта. Афтæмæй худыл зынг ысхæцыди. Уæйыджы сæрмæ зынг бахъардта ’мæ йæ худ фелвæста. Худыбылтыл фæхæцыди ’мæ йæ сцагъта. Хæмыц фесхъиудта худысчъилæй æмæ Æрмыкъæдзæсæры цæсты смидæг. Цæстыкъуырфы цæссыгдоны ленккæны Хæмыц. Уæд кард систа ’мæ йын рæхойын байдыдта йæ цæстыгагуы уæйыгæн. Уæйыг цæстыуæлтъыфалыл ысхæцыди. Рахаудта Хæмыц æмæ зæххыл сæмбæлди ’мæ йæ хъæрзын цæуы. – Кæцы дæ, уый æмæ кæцон дæ? – Нартыбæстæй дæн, Æхсæртæггаты рæгъаугæс. – Уæдæ мæм æргом рацу. – Тæрсын, ды уæйыг дæ, æз та мæнæ мæгуыр æмæ гæвзыкк. – Ма тæрс, рацу истæмæйты дæ афæрсон. Баууæндыди йыл Хæмыц æмæ йæм рацыди. Уæйыг æй фæрсы: – Нартæй кæйты зоныс? – Уырызмæджы зонын. – Зондджын æй хонынц. – Уо, уо! Уый кæуылты зонды хицау у! Халонау йе уæны кæсы. Уæд æй уæйыг йе уæнмæ сæргъæвта Хæмыцы ’мæ йын афтæ: – Акæс ма уæдæ уырдыгæй. Хæмыц акасти уæйыджы уæны, æмæ мæнæ Нартыхъæу сæ Ныхасы ’мбырдæй бадынц æмæ сæ рæгъæуттыл катай æмæ сагъæсыл ысты. Уæд Хæмыц йæ рихийæ иу хъуын ратыдта, суагъта йæ ’мæ скуывта: – Хуыцау, ацы хъуын Нарты Сатанамæ цы фæхæддзæ уа! – Цы дзурыс, цы? – фæрсы йæ уæйыг. – Де уæнæй, зæгъын, ку’ ахауон, уæд мæ ницыуал ныххæддзæуыдзæн зæхмæ. Æмæ мæ аргъæв. – Ма тæрс, фæлæ цы федтай ме уæны? – Нартыхъæу æмбырдæй бадынц сæ Ныхасы ’мæ сæ рæгъæуттыл сагъæсы сты. – Сеппæт дæр уым ысты? – Инæг Хæмыцыл дзы не рхæцыд мæ цæст. Иннæтæ уым ысты. Хæмыц та хæтæны уыдзæни искуы. Уæд æй æрыргъæвта Хæмыцы уæйыг æмæ йæ фæрсы: – Кæй уæны хуыздæр зыны бæстæ? – Де уæны, – зæгъы Хæмыц, – раст цыма мæ цуры уыдысты, афтæ цæ уыдтон Нарты. – Уæдæ ма уæм чи ис ахæм – зынгæлæг? – Сослан. Уый дæр лæгаулæг у. – Цæмæй лæг у? – Уый ахæм у, æмæ йе знаджы авд хохы ’ддемæ дæр базоны, æмæ йыл хин æмæ кæлæнæй фæтых вæййы. – Уæдæ ма мæ цæсты акæс. Хæмыц уæйыджы цæсты акасти ’мæ авд хохы ’ддейы ауыдта: саухох æмæ урсхох ныхæй ныхмæ фесты, хæцынц æмæ лыстæг хуырæй ызгъæлынц коммæ. – Исты дзы федтай? – Куыннæ, саухох æмæ урсхох ныхæй ныхмæ фесты, хæцынц æмæ лыстæг хуырæй ызгъæлынц коммæ. – Уæдæ уыдон цæуыл хæцынц, уый зоныс? – Нæ, нæ зонын. – Уый дунейыл хурхæтæн сыстад, æмæ бæстæ сæфы æнæ донæй. Мæнмæ та ис сæууон æртæх. Аппæрстон æй зæгъгæ, уæд да дæттæ сæ цыды кой кæниккой. Кæс ма цæм: уыцы хæхтæ мæ размæ бадынц, ахсынмæ мæ хъавынц. Фæлæ цæ фендзынæ ныртæккæ. Уæйыг быдыргъарæзт акодта йæ бæхы æмæ йæ ауагъта дыууæ хохы ’хсæнты. Хæхтæ бæхы ’рбацъисткæнынмæ хъавыдысты. Уæд цæ уый чъылдымдзæф фæкодта, æмæ сау ызгъæлæнтæ баисты хæхтæ. Хæмыц уый куы федта, уæд та иу хъуын ратыдта йæ рихийæ ’мæ йæ ауагъта. Йа, Хуыцау, зæгъгæ загъта. – Ацы хъуын Сатанайы армы цы февзæра! Уæйыг та йæм æрбацыди Хæмыцмæ ’мæ йæ афарста: – Цытæ дзурыс уый? – Дзурын мæнæ цыдæртæ мæхицæн. – Уæдæ ма цæм ахæм дзырддзæугæлæг чи ис Нартæм? – Хæмыц. Фæлæ уый Нарты ’хсæн нæй ныртæккæ – кæмдæр та хæты, æвæдздзæгæн. – Уæдæ ам лæу ме рцыдмæ. Æз дын Нарты гуыппырсарты ам æрбалæууынкæндзынæн сæ хъустæй. Уæйыг Нартæм рараст и. Хæмыц æртыггаг хъуын ратыдта йæ рихитæй æмæ йæ ауагъта. Йа, Хуыцау, зæгъгæ та загъта Хæмыц. – Ацы хъуын уайсахат цы ныххæддзæ уа Сатанамæ! Уæйыг ма фæндагыл уыд, Нартæ ма сæ Ныхасы бадтысты, афтæ Хæмыц йæ рихийæ цы хъуын ратыдта, уый Сатанайы æрмтты февзæрди. Уыцы хъуын Сатана артмæ бадардта, æмæ хъуын æрдæгсыгъд баци. Уæд Ныхасмæ рацыди Сатана ’мæ загъта Уырызмæгæн: – Уæ, нæ зæронд! Бадгæйæ дын нал у. Хæмыц ыстыр бæллæхы бахауд, æрдæгмард у. Уырызмæг йæ бæхыл абадти ’мæ ратындзыдта Æлджытыкоммæ. Уалынмæ та дыггаг хъуын дæр Сатанайы æрмтты февзæрди. Артмæ йæ бадардта, æмæ хъуын йæ иу æртыццаг хаймæ басыгъди. Сатана уæд Нарты Ныхасмæ бацыди ’мæ загъта Сосланæн: – Бадгæйæ дын нал у, Сослан! Хæмыц уæззау ран ис æмæ йæ де ххуыс бахъуыди. Сослан дæр абадти йæ бæхыл æмæ уайтагъд фæраст и Æлджытыкоммæ. Сатанайыл æртыггаг хъуын дæр сæмбæлд. Артыл æй бадардта Сатана, æмæ ма дзы иучысыл аззади, иннæ басыгъди. Сатана та Нарты Ныхасмæ ныццыди ’мæ загъта: – Хæмыц ма удмидæг у ’мæ йæм чи ацæудзæн? – Бурæфæрныджы фосы бæрц Æртæ Нарты фос не сты æдæппæт, æмæ уый ацæуæд! – загътой Нартæ. – Утæппæт фосысæфт кæд сымах не ндавы, уæд мын уæлдай нæу мæнæн дæр. Мæнмæ ма цалдæр сæры ис уæддæр нæ хæдзары, – загъта Бурæфæрныг. – Æ, æвзæр Нарт! Ай хæрзсæфт куы фестут! Æмæ ма уæд уæ ном та цæмæй ном уыдзæни? Уырызмæг, Хæмыц æмæ уын Сослан куынæ уой, уæд уæ цард дæр ницы ’мæ уæхæдæг дæр, – загъта цын Сатана. Раздæхти Сатана, йæхи лæгарæзт акодта ’мæ фæцагайдта йæ бæхыл Хæмыцы агурæг. Сосланмæ ’рбахæддзæ, фæлæ йæ уый нæ базыдта. Сослан йæ цыд фæтагъддæркодта ’мæ Уырызмæджы ’рбаййæфтой. Фæлæ цæ Сатана фæуагъта сæ дыууæйы дæр æмæ дзæвгар-дзæвгар адард и. Чи у ацы бæлццон зæгъгæ йæ афарста Уырызмæг Сосланы. – Уæллæй, нæ зонын, никуы йæ федтон. – Ныфс нын уæддæр у ’мæ йæ фæдыл ацæуæм. Сатана, Æлджытыком кæй бар уыди, уыцы уæйыгыл амбæлди ’мæ дзуры: – Дæ фæндаг раст уа, мæ фыдыхай! – Хорз дæ хай, фæлæ мæм фыды номæй куынæ ’рбадзырдтаис, уæд d8 мæ дæндаг байсæрстаин. Кæдæм цæуыс? – Агурын Нæртон адæмæй æртæ лæджы: Хæмыц, Уырызмæг æмæ Сосланы. – Æмæ æз дæр уыдон ку’ агурын! Æмæ Æхсæртæггаты фосгæс мæнæн та, Уырызмæг æмæ Сослан Нарты Ныхасы сты зæгъгæ, афтæ куы зæгъы. – Уым не сты, – загъта Сатана, – æз ныр цæуын уырдыгæй. Фæлæ уыдон дæр Хæмыцагур рацыдысты. – Кæдæм? – Æлджытыкомы сæрмæ. – Æцæг зæгъыс? – Уо, æцæг зæгъын. – Уæдæ мын мæ бæхмæ дæ хъус фæдар, æз сæ разы бабадон. Уæйыг Æлджытыкомы сæрмæ ацыди. Уырызмæг æмæ Сослан та рæдыдæй бафтыдысты уырдæм. Уæйыг цæ ауыдта ’мæ цæ ’рцахста. – Чи стут? – Нартæ стæм. – Кæдæм цæут? – Хæмыцагур. – Кæм æй агурут? – Нарты фос ратардта ’мæ йыл цыдæр фыдбылыз æрцыд, æмæ уый агурæм. – Багъæцæд, уæд мын йæхи барæй не схъæркодта! Æз сымах рагæй ку’агурын. Ракодта уæйыг йемæ Уырызмæг æмæ Сосланы. Сатана уæйыджы бæхыл абадти ’мæ Нартæм æрцыди. Зæрватыкк рацахста ’мæ йын зæгъы: – Тæхгæ, мæ къона, Батырадз зæдтимæ уæларв æмвынг бады, æмæ йын зæгъ: тагъд хæддзæкæнæд Сатанамæ! Зæрватыкк зæдты хуындмæ атахти, Батырадзæн йæ хъусы цыдæр ацъыбарцъыбуркодта. Батырадз хъуыддаг бамбæрста ’мæ йæхи фехста уæларвæй. Цъитийыл сæмбæлди ’мæ ’руазал и. Уæдæй фæстæмæ зæххæй хъарм дон фæцæуы. Æрцыди Сатанамæ Батырадз æмæ йæ фæрсы: – Цæмæ мæм дзырдтай? – Цæмæ та цы хоныс? Æлджытыкомы æлдариуæг чи кæны, уыцы уæйыг цæ ’рцахста Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы ’мæ цæ мардзæни. Йæ бæх дæлæ кæрты ис. Батырадз йæхи уæйыджы бæхыл баппæрста ’мæ фæраст и Æлджытыкоммæ. – Фæдисы цæуыс, æви – тыхагур? – афарста йæ бæх. – Сæ иу дæр æмæ сеннæ дæр. Цæмæн мæ фæрсыс? – Кæд фæдисы цæуыс, уæд мæ тагъддæр ыскъæр, кæд тыхкæнынмæ, уæд та – сабырдæр. – Æз уал фæдисыцыд кæнын. Бæх фæтагъддæркодта йæ цыд æмæ бахæддзæ сты Æлджытыкоммæ. Уæйыг йæ бæхы ку’ ауыдта, уæд фæрсы Нарты: – Мæ бæх æз æндæркæйдæр æвджид куы бакодтон, уæд ыл чи ’рцæуы цымæ? Нæ йæ зонут? – Нæртон лæг уыдзæни уый дæр, æндæр чи уыдзæни? – Уæдæ мæ бар ыстут ныр! Арт акодта уæйыг, æртæйæ дæр цæ уæхстытыл атъыста ’мæ цæ цæхæрмæ дары. Батырадз цæ ауыдта ’мæ йæм ныхъхъæркодта: – Гъе, саухæрæг! Тагъд цæ суадз! – Хæрæг дæр æмæ куыдз дæр дæхæдæг! Дæхи дæр дын хъуамæ бахæрон, æмæ ’ввахсдæр рацу. Батырадз æрбахæддзæ и ’мæ кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой. Хæцынц. Бæлæстæ æд уидæгтæ стонынц æмæ цæ кæрæдзиуыл ныххуырсынц. Сæ дымгæ бæстæ хæссы. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланæн сæ дарæс ыссыгъди ’мæ цæхæрмæ ’рхаудтой. Фæлæ цын ницы уыди, сæрæгасæй баззадысты. Уæд уæйыг йæ зæвæттæ зæххы фæсагъта ’мæ дзы ’ртыгай ивазны уæрмытæ февзæрди. Уæрмытæ донæй айдзаг ысты. Батырадз иу æвнæлд фæкодта ’мæ йæ сæрты фехста уæйыджы. Цалынмæ уый ыстади, уæдмæ уæрмыты доны йæхи цынадта Батырадз æмæ йæ фæллад æрбайсæфти. Райдыдтой та хæцын ногæй. Ничи цæ састи. Батырадз та йæ фехста йæ сæрты ’мæ дыггаг хатт цынадта йæхи. Æртыггаг хатт дæр та йæ фехста Батырадз уæйыджы ’мæ та йæхи уæрмыты доны анадта. Цалынмæ уæрмытæй хызти Батырадз, уæдмæ уæйыг лидзынмæ фæци. Уымæн уыд ахæм гæнах, æмæ авд ивазны йæ систы уæрх уыди. Æмæ уым ысмидæг и. Æххуысæнхъæл уæ нæ дæн, фæлæ цомут мемæ зæгъгæ цын загъта Батырадз Нартæн. – Ныфсыхос мын уæддæр уыдзыстут. Ацыдысты сæ бæхтыл. Батырадз – уæйыджы бæхыл, Къудабæх зæгъгæ йæ ном. Ныххæддзæ сты уæйыджы гæнахмæ ’мæ фæндтæ кæнынц, мидæмæ куыд баирвæзой, уыууыл. Къудабæх Батырадзмæ дзуры: – Уагæры цæуыл у дæ катай, бынтондæр дæ хуылфы куы ныххаудтæ? – Куыннæ кæнон катай – ацы гæнахы хуылфмæ кæуылты баирвæзон, уымæн куы ницы зонын. – Уæйыгæн исты фыд ракæндзынæ зæгъгæ, уый куы зонин, уæд дын æз бæргæ бацамонин фæндаг. – Уымæй мыл дæ зæрдæ дар, – зæгъы Батырадз. – Уæдæ мæнæ мæ барцæй æртæ хъисы арвит Нартыбæстæм. Нарты зынгыл цæ ’рывæрæд исчи, стæй базондзынæн æз: фæтых ыл уыдзынæ, æви нæ. Сатанамæ цæ арвыста Батырадз ацы ’ртæ хъисы дымгæйæн. – Адон ахæсс, æмæ цæ Нарты зынгыл тагъд æрывæрæд Сатана! Дымгæ цæ уайтагъд ныскъæфта Нартыбæстæм. Сатана цæ Нарты зынгмæ ахаста. Иуы дзы æрывæрдта артыл, æмæ арв фæхъулæттæ ис Æлджытыкомы сæрмæ, æмæ райхъуысти гæнахы мидæгæй чызджы цъæхахст. Нартæ зæгъынц Батырадзæн: – Ам цыдæр фыдбылыз ис æмæ йæ ныууадзæм, фæлтау фæтæрм нæ рæгъæуттæ ’мæ фæцæуæм нæ бæстæм. – Фыдбылыз дзы куы уа, уæддæр æй мæхиуыл сардаудзынæн, – загъта Батырадз. Сымах та ирвæзын фæкæндзынæн. Ницыуал ысдзырдтой Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан. Сатана дыггаг хъис дæр æрывæрдта Нарты зынгыл, æмæ арв æмбисхъулæттæ ’рбаци. Гæнахæй райхъуысти æрдæг – кæуын, æрдæг – худыны хъæр. Нартæ та зæгъынц Батырадзæн: – Ам хингонд фæуыдзыстæм, фæлтау фæцæуæм нæ бæстæм. – Ма тæрсут, уыцы хинтæ æз мæхимæ сараздзынæн, сымах та æвыдæй баззайдзыстут. Сатана æртыггаг хъис дæр баппæрста Нарты зынгыл. Арв бынтон æрбахгæдта. Уæд гæнахæй чызджы худын райхъуысти. – Арв тарасæст кæны, æмæ гæнахæй та чызджы худын хъуысы. Ай нын хорзæн нæ уыдзæни, – загътой Нартæ. Æвзæрæй дæр хорз саразæн ис, хорзæн та раст фæндаг амонын хъæуы зæгъгæ цын загъта Батырадз. – Фæлæуут чысыл. Уалынмæ Къудабæх ныммырмыркодта. Уæйыг йæ бæхы мырмырмæ къулрудзынг фегомкодта. Батырадз уым й’арц фæцавта ’мæ уæллаг тарвазыл сæмбæлд, къулрудзынгæн йæ дуар ахгæнын нал куымдта. Уæйыг йæхи иу уæрмы ауагъта. – Мæн разæй ауадзут, – загъта Уырызмæг. – Кæд сæфон, уæддæр æз. Сымах кæстæртæ стут æмæ аздæхдзыстут фæстæмæ. – Фæлтау мæн ауадзут, æз уæддæр сæфинаг уыдтæн, уыййæддæмæ Æлджытыбæстæм цæмæн æрхаудтæн? – загъта Хæмыц. – Сымах хистæртæ стут, æз та уæ кæстæр дæн. Мæн ауадзут разæй, – загъта Сослан. – Æз та уегасæй дæр кæстæр дæн, æмæ мæн ауадзут разæй. Æгъдау афтæ амоны, – загъта фæстагмæ Батырадз. Батырадзы ауагътой æмæ, гæнахы мидæгæй куы фæци, уæд къулмæ асин авæрдта, æмæ иннæ æртæйы дæр бахизынкодта. Уæд ауыдтой æртæ чызджы бастæй. Уыдон афтæ ныккуыдтой æмæ сæ уадултыл къададæттæ февзæрди. Сæ цæссыг донау ызгъордта ’мæ суымæлкодта сыджыт. – Айонг рацардтæн, – загъта Уырызмæг, – никуыма федтон айхуызæн æмбисонд. Уалынмæ ныхъхъарæгкодтой чызджытæ, æмæ сæ хъарæгмæ кæмтты цæугæдæттæ сæ цыд фæуырæдтой. – Айонг рацардтæн, æмæ ахæм диссаг никуыма федтон, – загъта Хæмыц. Уыйфæстæ ныххудтысты чызджытæ, æмæ сæ худынмæ хæхтæ лæбырæнтæ фесты. – Айхуызæн диссаг никуыма ’рцыд, – загъта Сослан. Уæд цæ Батырадз фæрсы: – Цы кодтат, уæ хорзæхæй, зæгъут-ма? – Дæ разы æфсæндуары фæстæ хуыссы нæ мад æмæ уый бафæрсут, – загътой чызджытæ. Батырадз æм бауади ’мæ йæ афарста. – Къулыбадæгус мæ кодта Æлджыты ’лдар. Нæ йын бакуымдтон æмæ мæ ам ныббаста, – загъта йын чызджыты мад. – Ацы чызджытæ та чи сты? – Уыдон мæ чызджытæ сты. Дæснытæ цæ кæны уыдоны та. Нæ комынц, æмæ цæ фыдæнæн бастæй дары. – Уæдæ ма зæгъ: арв æртæ хатты йæхи раивта. Æмæ уый цæй аххос у? – Уый – æртæ боны дæргъы нæ банцайдзæн уæ хæст, æмæ уый нысан у. Фыдздзаг бон – уæнгвæллад, дыггаг бон – æрдæгвæллад, æртыггаг бон та ахæм фæллад бакæндзынæ, æмæ дæ бон ницыуал уыдзæн æппындæр. – Уæдæ ма мын зæгъ: уыцы ’ртæ чызджы раздæр кæугæ куы кодтой, стæй – хъарæг, уыйфæстæ – худгæ. Уый та уæд ц’ амоны? – Фыдздзаг бон дын тарстысты, куы фæбынæй уай, мыййаг, зæгъгæ. Кæугæ уымæн кодтой. Дыггаг бон цæ дæуæй ныфс бацыд, фæлæ йæ нæма зыдтой, фæтыхджын уыдзынæ, уый. Æртыггаг бон цæ ныфс бацыд æмæ ныххудтысты. – Уæдæ кæм и уæйыг ныр? – Æрбацæудзæн уæртæ уыцы уæрмыты, фæлæ уал мæн фервæзынкæн. Усы суагъта Батырадз, стæй – æртæ чызджы дæр. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы цурмæ цæ бакодта ’мæ цын хатиагау афтæ зæгъы: – Ацы ’ртæ чызджы Нарты бæстæм фæкæнут. Куы-иу фæхъæркæнон, цы фестут зæгъгæ, уæд мæм-иу æрбадзурут: «Хæц ыл, фæцæуæм дæм!» Уæхæдæг мæм хæцгæ-хæцын æввахс дæр ма ’рбацæут. Батырадз уæрмы был æрбадти. Уалынмæ бæстæ пиллон ысуагъта, стæй – цæхæр, уыйфæстæ бæстæ гыбаргыбур ысси. Уый уæйыг хæцынæввонгæй æрбацæйцыди, æмæ Батырадз ралиуырдта уæрмы дзыхæй. – Ай æмæ чи дæ? – фæхъæркодта уæйыг. – Цы дæ хъæуы? – Дæ фенынмæ фæзындтæн! Кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой, æмæ хæцынтæ систой уæйыг æмæ Батырадз. Хæцынц фыдздзаг бон æмæ уæнгвæллад байдыдтой изæрырдæм. Батырадз фæхъæркодта: – Цы фестут? – Хæц ыл, фæцæуæм дæм! – æрбадзырдтой Нартæ. Уæйыджы ныфс фæсасти ’мæ зæгъы: – Нæ фæллад уал ысуадзæм. Дыггаг бон дывæрвыддæр хæст бацайдагъ и сæ дыууæйæн дæр. Кæлынц цыл къултæ, лыстæг мур кæнынц дуртæ, зæхх уæрмытæ кæны, сыджыт рыгæй тæхы. Æрдæгвæллад бакодтой, æмæ та Батырадз фæхъæркодта: – Цы фестут? – Ам ыстæм, ма йæ суадз, фæхæддзæкæнæм! Тынгдæр фæсасти йæ тых уæйыгæн. Суадзæм уал нæ фæллад зæгъгæ та зæгъы уæйыг. Суагътой сæ фæллад æмæ та цын æртыггаг бон æртывæрфыддæр хæст бацайдагъ – нæ сæтты сæ иу дæр, нæ сæтты сеннæ дæр. Дур дурыл нал баззади. Изæрырдæм ыстыр фæллад бакодтой. Батырадз ныхъхъæркодта: – Дард ма стут? Нартæ сæ сæртæ сдардтой æмæ загътой: – Мæнæ стæм! Хæц ыл! Уæйыгæн йæ тых бынтондæр асасти ’мæ зæгъы: – Дæлæмæ ’рхауæд ме сфæлдисæг Хуыцау. Кæд мæ скодта, уæд ма мын тыхгæнæг та цæмæн рафæлдыста? Фæлæ мын хорзæй цы радта, уыдон уæддæр мæхи сты. Уæйыг йе уæн ыстыдта ’мæ йæ йæ фырыл ныццавта. – Мæ уæны фæрцы цы зыдтой адæм, уый дæ уæны фестæд! Уæдæй фæстæмæ адæм кусарты уæны фæкæсынц, æмæ цы уыдзæн, цы ’рцæудзæн, уый базонынц. Стæй йæ цæстмæ фæлæбурдта ’мæ йæ донмæ фехста уæйыг: – Æз дæ куыд уыдтон мæхи, афтæ дæ йæхи уынæд алы змæлæг дæр. Уæдæй фæстæмæ адæм доны сæхи уынынц. Батырадз æм нал фæлæууыди ’мæ йын йæ сæр акъуырдта уæйыгæн. Уыйфæстæ хъæдын тулгæуæрдæтты байдзагкодтой уæйыджы фæллой, цас цæ хъуыди, уыйбæрц. Ратардтой йын йæ рæгъæуттæ дæр. Хæдзæрттæ ныууагътой усæн, фæлæ йын йе ртæ чызджы ракодтой. Уæйыджы сæр Батырадз йемæ рахаста. Æрæввахс ысты Нартæм Нарты стæронтæ. Нартæ сæ Ныхасы бадынц æмæ та тæрхæттæ кæнынц абоныл дæр æмæ сомыл. Æрхæддзæ сты Уырызмæгитæ, æртардтой Нарты фос æмæ Æлджынтыкомы ’лдары фос дæр. Райсом сæумæцъæхæй акалдтой Нартæ, Æлджытыкомæй цы уазал сæууон æртæх æрхастой, уый сæ хизæнты кæрдæгыл, æмæ та сæ дæттæ ирдæй цæуын байдыдтой. Сæхи доны мидæг уыдтой. Æртæ чызджы Æртæ Нартыл сæхи байуæрстой. Уыцы чызджытæй алчи йæхицæн къай ыссардта ’мæ фæйнæ кусарты акæнынкодтой. Стæй загътой: «Хорз рæстæг кæны, фæлæ уæм тыхгæнæг цæудзæни». Нартæ ’ртæ сыхæй, æртæ чындзæхсæвы скодтой. Сефтиаг фос байуæрстой æмхуызон. Æрмæст Хæмыцæн радтой æртæ хайы – уыййæддæмæ Нартæй никæй бон уыди Æлджытыкоммæ фæцæуын. Уырызмæг æмæ Сосланæн та дыгай хæйттæ радтой – уыдон фæдисыфыдздзаг уыдысты. Батырадзæн сæрмагонд хай рахицæнкодтой – уæйыджы уый амардта. Æрбадтысты Нартæ сæ дзагфынгтыл уыйфæстæ. Батырадз уæйыджы сæргæхцы ронг ныккодта ’мæ йæ фæцæйнуæзта. Уæд æм æртæ чызджы дзурынц: – Ма баназ, Батырадз, барæг æрбацæуы ’мæ йæм æмбæлæггаг авæр. Кæннод дыл исты фыдбылыз æрцæудзæн. Батырадз цæм байхъуыста Æцæгдæр иу барæг комкоммæ ’рбацæйцыд. Йæ бæхы хъуырыл – цæджджинаджыйас дзæнгæрджытæ. Йæ бæх кæм æрлæууы, уым лæджы бæрзæндæн нынныхсы йæ сæфтæг. Уый уыди уæйыджы ’фсымæр. Батырадз йæ размæ рауади ’мæ йын сæргæхцы мидæг æмбæлæггаг авæрдта. Нуазæн райста уæйыджы ’фсымæр, æркæстытæ йæм кодта, стæй загъта: – Ацы сæргæхц! Кæд мæнæн исты бавæййаг дæ, уæд æртæ фæхау, æмæ дæ мæнæн чи ’рбарвитынкодта, уыдон д’ амæддаг фæуæнт! Уæйыджы ’фсымæр куыддæр æртæ хъуыртты акодта уыцы нуæзтæй, афтæ сæргæхц æртæ дихæй фæхаудта ’мæ æртæ чызджы ныхтыл сæмбæлдысты йæ сæстытæ. Æмæ сæ мæлæт уымæй æрцыди. – Гъеуæдæ, сау Нарт, ме фсымæры сæргæхц дæр сымахмæ ис, фæлæ уый та чи рахаста? – Уый æз уыдтæн. Чызджыты дзæгъæлы амардтай, – загъта Батырадз. – Нæ, нæ – уыдон дын баххуыскодтой. Кæрæдзимæ февнæлдтой Батырадз æмæ уæйыджы ’фсымæр. Рахæцбахæц байдыдтой. Батырадзæн Хуыцауы бон дæр ницы уыди. Фæуæлгоммæкодта уæйыджы ’фсымæры ’мæ йын йæ хурхыл кард авæрдта. Уый йæм дзуры: – Ныхасы бар ма мын радт. – Зæгъ, цы зæгъинаг дæ. – Нæ мад мæ хистæр æфсымæры куы ныййардта, уæд мæ фыд æрвгæнæн ыскодта. Хурыскæсæны иу лæгæт ис, уыууыл æй сæвæрдта. Уым ис бирæ хæзна ’мæ цæ рахæсс. Æрмæст, хур куы скаст, æмæ æз куыддæр райгуырдтæн, уæд та ’ндæр æрвгæнæн ыскодта мæ фыд. Уымæй та сæхгæдта, Хурныгуылæны цы лæгæт ис, уый. Уым та иннæ хæзнатæ сты æвæрд. Рахæсс цæ, хур цалынмæ нæма аныгуылди, уæдмæ. Уыдон махæн нæ ныййарджыты лæвар ысты, усгур нæ арвыстой, æмæ ныр сымах бауæнт. Батырадз амардта уæйыджы ’фсымæры. Стæй зæгъы Нартæн: – Ме рцыдмæ ’ртæ зæппадзы скæнут, æз дæр тагъд зындзынæн. Æмæ араст и Батырадз Хурыскæсæнмæ. Лæгæты цур иу усы кæугæ ауыдта. – Ды цæмæ ссыдтæ, уый æз æмбарын, – дзуры ус. – Фæлæ хурыскастмæ ма бабæлл. Фæлтау цалынмæ не скаст, уæдмæ æрвгæнæн бакæн. Батырадз æм байхъуыста. Æрвгæнæн ратыдта ’мæ йæ фехста. Бакодта дуар, – кæсы ’мæ хæзнаты уæлæ калм хуыссы. Батырадз æй лыстæг къуыхтæ скодта уыцы ран. Стæй ус зæгъы: – Абонæй фæстæмæ мын кæнгæхъæбул фæу. Æз дæн, Нартæн цы ’ртæ чызджы ’ркодтай, уыдоны мад. Кæрæдзийы базыдтой уым. Батырадз æй Нартæм фæкæнынмæ хъавыд, фæлæ ус не сразы: – Æртæ зæппадзы цын скæн мæ чызджытæн, æндæр мæ ницы хъæуы. Батырадз ын ныфс бавæрдта. Уыйфæстæ уыцы хæзнатæ дзуæрттæн æрхæссынкодта Нартæм. Уырдыгæй Хурныгуылæнмæ атындзыдта Батырадз. Баййæфта та уым кæугæ уыцы усы. Фæрсы йæ Батырадз: – Цы кæныс, мæ мадыхай? – Ды цæмæ ’рцыдтæ, уый æмбарын, фæлæ мæм байхъус, рахæсс уыцы хæзнатæ, хур куы ’рныгуыла уыйфæстæ. Хур ку’ аныгуылд, уæдмæ банхъæлмæкасти Батырадз. Стæй ус фæдæлдзæх. Батырадз æрвгæнæн раскъуыдта, бакодта лæгæты дуар. Кæсы, æмæ та уым дæр калм хуыссы. Лæгæт – дзаг алы хæзнайæ. Батырадз та скъуыхтæкодта уыцы калмы дæр. Стæй фæсидти дзуæрттæм æмæ цын загъта: – Ацы хæзнатæ Нартæм фæхæддзæкæнут. Дзуæрттæн сæ бон цы уыди Батырадзы цур! Сеггой цæ скодтой уæйыджы хæзнаты ’мæ цæ фæхастой Нартæм. Батырадз дæр æрцыди. Нартыл цæ фæуæрста уыцы хæзнатæ. Æртæ зæппадзы скæнынкодта. Æмæ цæ бавæрдтой уым – Æлджытыкоймаг æртæ æнамонд чызджы. Уыйфæстæ Батырадз Нартæн арфæ ракодта ’мæ та уæларвмæ фæцыди. Нартæ сæ куывды тæмæны бадтысты. НОГЪАЙЫ БАТЫР ÆМÆ НАРТЫ БАТЫРАДЗ Нарты фыдæлтæй иу Уæн хуынди, æмæ йæ Ногъайы Батыр иу бон аскъæфта сæ дуарæй. Зæронд лæг уыди Уæн. Ногъайы Батыр дзы йæхицæн хъомгæс ыскодта ’мæ йæ фыдудæй мардта. Нартæ Уæны агуырдтой, фæлæ йæ н’ардтой. Иубон Уæн йæ хъомрæгъæуттæ хызта, æмæ йыл Уастырджи йæ фæндаг ракодта ’мæ йын зæгъы: – Дæ бон хорз уа, Нарты хистæр! – Арфæгонд у Хуыцауæй. Кæцы дæ, дæхи мын бацамон. Уастырджи зæронд лæджы хуызы уыди ’мæ йын афтæ зæгъы: – Бæлццон лæг дæн æмæ Нартыбæстæм цæуын. – Дæ хорзæхæй Æхсæртæггатæн æмæ мын Батырадзæн фехъусынкæн – кæд ма цæ змæлæг ис, уæд, æмæ мæм исчи хæддзæкæнæд. – Уый дын мæ быгъдуан. Фæлæ дын нымæт та цæуылнæ ис? Хъомгæсы афтæ бызгъуыртæй чи ’рвиты, уый цавæр лæг у? – Мæ фысым Ногъайы Батыр у. Дурты бын фæуæд йæ сæр! Фыдудæй мæ мары, æндæр мын цæй нымæт раддзæн, кæрдзын мын тыххæй куы дæдты, уæд! Уастырджи йын йæхи уæйлагнымæт радта. Стæй Нартæм æрцыди. Ныхасы цæ тымбылæй æрæййæфта ’мæ цын зæгъы: – Фесæфт, Нарты адæм! Æхсæртæггатæ ’мæ Борæтæй иу зæронд лæг Ногъайы Батыры къухты хъизæмары цард кæны, æмæ гъеуый æркæнынхъом дæр не сты! – Кæнгæ йæ бæргæ ’ркæниккам, – загъта Уырызмæг. – Фæлæ йæ агурæм æмæ йæ н’арæм. – Амонгæ уын æй æз бакæндзынæн. Нартæ сцинкодтой æмæ дзурынц Батырадзмæ: – Кæй агурæм, уый Уастырджи зоны, фæлæ йæм фæцæуын хъæуы. Уастырджи ’мæ Батырадз ацыдысты Уæны кæнынмæ. Сихæрттыл æм бахæддзæ сты, ривæдафон. Уæн йæ фос æрдыгъта, йæ нымæт æрытыдта ’мæ æхсырмæ ныккасти, стæй ныххудти. Дыггаг каст æм ныккодта ’мæ уæд та йæ цæссыгтæ ’ркалдта. Æртыггаг хатт дæр та ныккасти ’мæ йæ сæрыл лæдзæгæй балæууыд. Уастырджи ’мæ йæм Батырадз æввас бацыдысты ’мæ йын зæгъынц: – Дæ фос бирæ уой, зæронд лæг! – Хорз амонд уæ хай, лæппутæ! Кæдæм фæндараст кæнут? Фысым уын дæн æхсыр æмæ кæрдзынæй. – Уымæй бузныг, фæлæ мах дæумæ ссыдыстæм. Æз Батырадз дæн Æхсæртæггаты ’мæ Борæтæй дæн. Ме мбал та Уастырджи у. – Уæдæ ма мæм дæ цонг æрбадар, æз дæ фенон, кæддæра æцæг махæй дæ. Батырадз æм йæ цонг бæдардта. Зæронд Уæн æй æрысгæрстытæ кодта: – Бæлвырд, нæхицæй дæ, дæ туджыгъæдæй бæрæг у. – Зæгъ ма мын, дæ фысым дын куыд у. – Æндæр ма фенæд йæ цардæй! Бон сауизæрмæ йын йæ фос фæхизын, изæры та йын зæронд-зæронды хъахъхъæнæг дæн æмæ сугсæттæг. Бынтондæр æм рахаудтæн. – Уæдæ ма зæгъ, абон де хсырмæ кæсгæйæ, фыдздзаг ныххудтæ, стæй ыскуыдтай, стæй ма дæ сæр надтай. Уæд уый цы уыд? – Æхсыр мын дзырдта, тагъд дæм дæхиуæттæй исчи зындзæн зæгъгæ, æмæ цинкодтон. Нымæт та мын, дæхиуæттæй дæм исчи зындзæн зæгъгæ дзырдта, фæлæ кæд, уый бæрæг нæй. Æмæ куыдтон. Лæдзæг мын, æппындæр дæм ничи ’рцæудзæн зæгъгæ, дзырдта ’мæ мæ сæр хостон. Батырадз ын загъта: – Уæдæ ды Нартæм мæнæ Уастырджиимæ фæцæудзынæ. Æз Ногъайы Батыры фенон æмæ бадзурон йемæ! Уæн æмæ Уастырджи Ногъайы Батыры фос ратардтой æмæ Нартæм æрцыдысты. Батырадз иунæгæй фæцыди Ногъайы Батырмæ. Бирæ фæцыди – чысыл, уæддæр ахæддзæ иу ыстыр быдырмæ ’мæ йæм карчыайчы бæрц дардæй сауæндæрг æрбазынди. Уый уыди мæсыджы сæр. Куыд æм æввахсдæр цыд, афтæ мæсыг бæрзондæй-бæрзонддæр кодта. Бынтон æм куы баввахс и, уæд ын йæ цъупп уынгæ дæр нал кодта. Бацыд мæсыджы цурмæ, фæлæ дзы иу ызмæлæг нæ разынд. Уæд мæсыджы дуар байгом и. Иу зæронд усы дзы бадгæ ауыдта Батырадз æмæ йæм бадзырдта: – Æна, æз дард бæлццон дæн, æмæ хорзы бацу – бон мыл æризæр и, æмæ æз – де уазæг. – Гъей, лæппу! Хуыцау хорз, æмæ мæм Æнайы номæй æрбадзырдтай, æндæра дæ мæ дзабыртæн сæрдæн акодтаин. Баззади Батырадз æхсæвы уыцы усмæ. Усы ном хуынди Майрæм. Уым æй фæрсы Батырадз: – Цæмæн афтæ иунæг дæ, æви дын бинонтæ дæр нæ уыди? – Бæргæ мын уыди бинонтæ, фæлæ Ногъайы Батыр тых кæмæн нæ бакодта, ахæм та ма чи у! Иуахæмы ардæм тыхкæнынмæ ’рцыди ’мæ мын мæ лæппуйы уацары фæкодта. Нæ лæджы та маргæ акодта. – Уæдæ мын æм райсом фæндаг бацамон. Æз хъуамæ мæхи масты ’ддейы ма дæ маст дæр райсон. Райсомы йын Ногъайы Батырмæ фæндаг бацамыдта Майрæм, æмæ Батырадз ацыди. Ныххæддзæ Ногъайы Батыры зæхмæ. Иу усы дондарæны ныййæфта ’мæ йæ фæрсы: – Ам Ногъайы Батыр кæцы хæдзары цæры? – Уый цæры хъæуæн йæ тæккæ астæу. Æртæддæгуæладзгуыты, абон æм куывд и, æмæ хуынды адæм æгасæй дæр уым ысты. Батырадз йæ кард дойнагдурыл уырыссад ыскодта ’мæ бацыди Ногъайы Батыры хæдзармæ. Хæдзары куыддæр фæмидæг, афтæ куывды адæмы ’хсæн ныхъхъæркодта Батырадз: – Гъе, куыдзы гуыбынæй гуырд Ногъайы Батыр, ды цы ныфсæй раскъæфтай Нарты Уæны, кæнæ зæронд усы мойы куыд амардтай? Æргом мæм рацу ’мæ бавзарæм нæ тых æмæ не хсар! Батырадзы хъæрмæ царысæгтæ ’рызгъæлдысты, хæдзар ныггуывгуывкодта. Майрæмы лæппу Адзырæнг – уырдыг лæууыди, æмæ Батырадзы цур фестад. Кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой Ногъайы Батыр æмæ Батырадз. Хæцынтæ райдыдтой, хæцгæ-хæцын былæй рахаудтой, фæлæ цæ ничи саст. Кæрæдзиуыл къæдзæхыйас дуртæ цавтой, æмæ сæ къæхты бынмæ лыстæг ызмисæй ызгъæлдысты дуртæ. Хæцгæ-хæцын тархъæды смидæг ысты. Уым æдуидаг бæлæстæ срæдувынц, кæрæдзиуыл цæ ныххуырсынц. Уæддæр цæ ничи сæтты. Кæрдтæм февнæлдтой. Сæ кæрдты цæхæрæй хъæдыл арт сирвæзти, æмæ зынджы мидæг фæтынгдæр и сæ хæст. Батырадзы ’ндон тæвдкæнын байдыдта, фæлæ дзы дон æввахс нæ уыди. Уæд Майрæмы лæппу Адзырæнг бамбæрста хъуыддаг. Донæй йæм йедзаг донхæссæнтæ бадавта Батырадзмæ. Батырадз цæ иу хуыпп акæны. Хæцынтæ райдайынц. Боныфæстагмæ кæрдтæй хæст дæр ныууагътой æмæ армæй бавнæлдтой. Кæрæдзийы нытъæпкæнынц, фырыты хæст кæнынц сæ сæртæй. Ногъайы Батыр дæр фæлмæцын байдыдта. Æппынфæстаг æй Батырадз нырриуыгъта, æмæ Ногъайы Батыр йæ быны фæтымбыл. Батырадз ын йæ къубал ракъуырдта, сæр фæдджийы атыхта. Адзырæнгимæ раздæхтысты, лæппуйæн йæ мад цы мæсыджы цард, уырдæм. Батырадз æм дзуры зæронд усмæ: – Уый дын дæ лæппу. Мæнæ дын дæ лæджы туг дæр райстон. Æмæ йæм сæрыкъуыдыр баппæрста. Майрæм Батырадзыл тынг фæцинкодта, æхсæвы йæ нал рауагътой. Райсом куыддæр ысбони, афтæ Батырадз зæронд усæн бакойкодта: – Ацы мæсыгæн æз хъуамæ йæ сæрмæ схизон, Æна! – Æй, Æна дæ нывонд фæуа! Уымæн йæ сæрмæ ’нцон сæфтæн нæу, иу хурыскастæй йæм иннæ хурыскастмæ хъæуы цæуын. – Нæй йæм æнæ схизгæ! Арасткодта Батырадз мæсыджы сæрмæ ’мæ йæм схæддзæ иу хурыскастæй иннæ хурыскастмæ. Акасти мæсыджысæрæй алырдæм, æмæ дзы дуне зынди. Мæсыгæн йæ иу къуымы иу æрвайдæн лæууыд. Акасти дзы Батырадз: бæстыл сау рыг ныббадти ’мæ дзы ницыуал зыны. Иннæ æрвайдæны дæр акаст, æмæ дзы туджызæй цæугæ ауыдта. Фæлæ цас тыхджындæр цыди, уыйас тынгдæр йæддæмæ къаддæр нæ кодта уыцы туджызæй. Æртыггаг æрвайдæны акаст æмæ дзы федта иу рæхснæг мæсыг, æппын йæ цъупп нæ зынди, арвыл æнцади. Цыппæрæм æрвайдæны акасти ’мæ дзы федта тархъæд. Хъæды иунæг æхсинæг, æндæр дзы змæлæг нæй. Уыйфæстæ Батырадз мæсыджы бынмæ раздæхт. Зæронд ус æй фæрсы: – Цы федтай мæсыджысæр, Батырадз? – Диссаг дзы куыннæ федтон! Иу æрвайдæны кастæн æмæ бæстыл саумигъ рыгау ныббадти. Уæд уый цавæр уыди? – Уый ды Ногъайы Батыримæ куы хæцыдтæ, уæд уыцы рыг федтай. – Æмæ дыггаг æрвайдæны уыцы туджы зæй та ц’амоны? – Уый та искæй къухæй чи бабын, уыдон туг у. Æмæ уыцы ’гъдау нырма бирæ рæстæг ахæсдзæн. – Æртыггаг æрвайдæны та федтон иу даргъ, рæхснæг мæсыг. Æмæ, цымæ, ц’ амоны уый та? – Уый та – нæхи лæппу. Уацары уыди, мæгуыр. Иунæг мæгуыр у бинонтæн дæр æмæ адæмы ’хсæн дæр. Ды йæ фервæзынкодтай æмæ фырцинæй йæ мады зæрдæ арвыл банцади. – Уæдæ цыппæрæм æрвайдæны та æгæндæг тархъæд куы федтон, æмæ дзы иунæг æхсинæджы йæддæмæ цæрæг куы нæ уыд! – Уый дæ мад у. Дæ фыд иунæг хатт йæддæмæ ус не рхаста ’мæ тæригъæд уыд. Уыйфæстæ кæрæдзийæн арфæтæ ракодтой, æмæ Батырадз ыстыр лæвæрттимæ ’рфардæг и Нартæм. ЦЫМЫРЗÆ ’МÆ УÆЛХÆНЫ ТАУРÆГЪ Нарты разагъды Сатана йæ сæрыхицауæн афтæ зæгъы: – Фурды фалейы – Схуалийыбæстæ. Уым мын ис æфсымæргонд. Рагæй дзы ницыуал хъусын, цы фæци уый дæр нал зонын. Ды йæм ныр куы фæцæуис æмæ йæ ардæм куы рахонис... Уый Нартыбæсты никуы уыди. Йæхæдæг дæр дыл фæцинкæндзæн æмæ йæм фæцу. Йæ ном у Дзæрæндзыхъ. Ссардзынæ йæ. Уырызмæг уæлдай ницыуал загъта ’мæ йæ Æрфæныл Схуалийыбæстæм ацыди. Бахæддзæ йæм ис æмæ фæрсгæ-фæрсгæ ссардта Дзæрæндзыхъы хæдзар. Дуарæй йæм бахъæркодта Уырызмæг: – Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ? Дзæрæндзыхъ æм рауади. – Уазæг. Хуыцауы уазæг, мидæмæ рахиз. Дзæрæндзыхъ райста Уырызмæджы къух, йæ бæх ын бафснайдта. Стæй хæдзармæ бацыдысты. Афарста йæ, чи у, уымæй, æмæ йын Уырызмæг зæгъы: – Æз дæн Нарты Уырызмæг. Дæ хогонд мын загъта, цæмæй дæм фæцæуон. Хоны дæ, иу хатт æй куы фенис. Дзæрæндзыхъ Уырызмæгæн арфæ ракодта ’мæ йыл æхсæв бонмæ фæцинкодта, уæлæмæ стын дæр æй не суагъта фынгæй. Райсомы цæуыныкъахыл ныллæууыдысты, æмæ Дзæрæндзыхъ йæ усæн бафæдзæхста, цæмæй мацы зиан æруадза хæдзарыл йе рцыдмæ. Сæ бæхтыл ысбадтысты ’мæ фурды былмæ ’рцыдысты. Уым сæ бæхтæ баскъæрдтой æмæ фæцæуынц. Уæд Сатана скуывта Хуыцаумæ: – Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау, ахæм хъызт ыскæн, æмæ фурды рахизæн куыннæ уал уа! Уырызмæг фурды фалейæ цы баззайа, йæ удæн ын тас куыннæ уа, Дзæрæндзыхъ фурды ардыгæй цы фæуа! Фурды хъызт та æртæ мæйы куыд ахæсса! Йæ куывд æрцыди Уырызмæгитыл. Фурд сæнкъуысти, уылæнтæ кæрæдзийы систой, арвмæ хаудысты. Дзæрæндзыхъ фурды ардыгæй фæци, фæлæ Уырызмæджы уылæнтæ сæ сæрыл систой, суанг æй изæрмæ фæраууæрдбаууæрдкодтой. Стæй изæры арв ныййирд ис, æмæ Уырызмæг фурды фалемæ ахаудта, йæ бæхы комытæф дæргъæйдæргъмæ арвыл фæдæй баззади. Æмæ ма ныр дæр Æрфæныфæд хуыйны. Уый Уырызмæджы бæхы комытæф у. Уырызмæгæн гæнæн нал уыди ’мæ Дзæрæндзыхъы хæдзармæ аздæхти фæстæмæ. Æртæ мæйы уым йæ бонтæ ’рвыста Дзæрæндзыхъы бинойнагимæ. Дзæрæндзыхъ ыссардта Сатанайы, бафысым æм кодта. Сатана Дзæрæндзыхъы æртæ мæйы н’ауагъта, кæрæдзийы базыдтой æмæ цинкодтой. Уыцы рæстæг Уырызмæг та Дзæрæндзыхъы усы бауарзта. Рацыди ’ртæ мæйы. Уырызмæг йæ фысымæн загъта: – Д’ афон куы ’рцæуа, уæд-иу дæ лæджы раздæр афæдзбалцы фервит. Йæхæдæг сыстад æмæ Нартæм æрфардæг и. Дзæрæндзыхъы ма æрæййæфта сæхимæ. Уым ыл хорз бауызæлдысты ’мæ йæ кадимæ рарвыстой уыйфæстæ. Афæдз нæма рацыд æххæст, афтæ Сатана батырæнхъæл и. Уырызмæг æй цæмæй ма базыдтаид, уый тыххæй йæ афæдзбалцы фервыста. Уырызмæджы ацыды фæстæ Сатана Сехылæгæтмæ ссыди ’мæ йын уым лæппу райгуырди – Цымырзæ. Сатанайæн æрмахуыр хъуаз уыди. Уый йыл бафтыдта, æмæ Цымырзæ хъуазы ’хсырæй цард. Дзæрæндзыхъы ус дæр йæ лæджы фервыста афæдзбалцы ’мæ йын райгуырди лæппу. Уый дæр æй Сехылæгæтмæ схаста. Æрмахуыр саг ын уыди, æмæ йыл уый бафтыдта ус. Уый йын æхсыр дардта. Уыцы лæппу та хуынди Уæлхæн. Цымырзæ ’мæ Уæлхæн уайтагъд кæрæдзийы бауарзтой æмæ иумæ хъомылкодтой. Æхсæвæй бонмæ æртæ дисныйы рæзыдысты. Сæ афæдзтæм ма цæ фæйнæ мæйы хъуыди, афтæ Сатана ’мæ Дзæрæндзыхъы ус иу рæстæджы сæ лæппуты бæрæггæнæг рацыдысты Сехылæгæтмæ. Баййæфтой сæ лæппуты иумæ хъазгæ. Сатана базыдта Уæлхæны, Уырызмæджы ’нгæс куы уыди, уæд. Уæлхæны мад дæр базыдта Цымырзæйы, йæ лæджы ’нгæс куы уыди, уæд. Дыууæ усы исдуг ницы загътой. Стæй Сатана фæрсы Уæлхæны мады: – Дæ къух мæ къух у, мæ къух – дæ къух, базонын мæ кæн дæхицæн. – Æз дæн Дзæрæндзыхъы ус, фæсфурдаг. – Æз та Нарты Сатана дæн. Устытæ базыдтой сæ кæрæдзийы ’мæ загътой: «Нæ лæгтæн ацы хабар ма зæгъæм, мыггагмæхудинаг ма ’руадзæм нæхиуыл. Æрмæст нæ дыууæ зондзыстæм ацы хабар. Уыйадыл сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Æрæввахс и афæдзы бон дæр. Уырызмæг рараст и Нартæм æмæ фæндагыл федта Дзæрæндзыхъы. Кæрæдзиуыл бацинкодтой, сæ фæндаджы хабар радзырдтой. Стæй зæгъынц: – Фæцæуæм хæтæны, кæд искуы сырдтыл сæмбæликкам. Фæйнæ фæндагыл ацыдысты. Цымырзæйы хъуаз иу суангыл хизгæ фæцæйцыд, иннæ суангыл та Уæлхæны саг. Уырызмæг цæ ауыдта ’мæ сæ фæдыл ысхъуызыди. Фехста – æмæ Уæлхæны саг сæрбихъуырæйттæгæнгæ коммæ ’рхаудта. Хъуаз фæтарсти ’мæ Уырызмæджы сайгæ-сайгæ ’рсайдта Сехылæгæтмæ. Цымырзæ ’мæ Уæлхан, саг уым куы нæ уал уыди, уæд дисы бахаудтой, уæдæ цы фæуыдаид зæгъгæ. Сæ дæлæртты, дæсгай лæгтæ кæй не сфæрæзтаиккой, ахæм дуртæ раскъæфтой æмæ Уырызмæджы лæгæты сæрмæ ’рбаййæфтой. Йæ цуры февзæрдысты ’мæ йæ фæрсынц: – Зæронд лæг дæ, уыййæддæмæ дæ куыройыцалхау ныззиликкам быдыры! Уырызмæг цын зæгъы: – Кæд истæмæй азымджын дæн уæ разы, уæд мын æй зæгъут. – Нæ саг нын дæуыйæддæмæ ничи амардта. Ам æндæр ызмæлæгæй ничи ис. – Ау, саг сымах кæцæй у? Уый Дзæрæндзыхъы ’рмахуырсаджы хуызæн у. Цæргæ та фæсфурд кæны. Йæхæдæг ам цуаны рацыди ’ма йæ ссардзыстут. Лæппутæ Дзæрæндзыхъы фæдыл азылдысты. Дзæрæндзыхъ фат фехста Rмæ Цымырзæйы хъуаз Уырызмæджы размæ ’рхаудта. Уырызмæг хъуаз федта ’мæ йæ базыдта, уый сермахуыр хъуаз кæй у. Дзæрæндзыхъ æрцæйцыди йæ фæдыл. Уырызмæг амæсты: – Ды куыдз цыдæр куы разындтæ, ай мермахуыр хъуаз уыд æмæ йæ куыд амардтай? Дзæрæндзыхъ дæр уыцы ныхасмæ фæмæсты: – Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр! Дыууæ лæгæн хылмæ асайдта, сæ кæрдтæ фелвæстой, кæрæдзийы хæфтытæ байдыдтой. Сæ кæрдты цæхæрæй кæрдæг ыссыгъди, æмæ хъæдыл арт сирвæзти. Нартæ зынгыл ахуыр уыдысты. Уырызмæг Дзæрæндзыхъы цæхæрмæ батардта. Дзæрæндзыхъ тæвд байдыдта ’мæ рхаудта. Уырызмæг ын йæ дзоныгъ йæ донгæмттыл ыслыгкодта ’мæ йæ ныммардта. Стæй сæхимæ рацыд. Цымырзæ ’мæ Уæлхæн æрцыдысты сæ лæгæтмæ. Нал федтой уым Уырызмæджы дæр, фæлæ дзы ссардтой Дзæрæндзыхъы мард. Уырызмæг сæхимæ бацыди ’мæ йæхи мæстыриуыгъд æркодта къæлæтджыныл. Сатана йæ фæрсы: – Цы кодтай, мæ сæрыхицау? – Цы ма кæнон! Фæсфурдаг, де фсымæргонд нын Сехылæгæты раз нермахуыр хъуазы амардта. Æз æм фæмæсты дæн æмæ йын йæ дзоныгъ йæ донгæмттыл ыслыгкодтон æмæ йæ уым ныууагътон. Сатана базыдта, хабар хорз кæй нæ рауайдзæн, уый. Ауади Сехылæгæтмæ, аивæй Цымырзæйæн зæгъы: – Де мбалæй дæхи хъахъхъæн, йæ фыды йын дæ фыд амардта, æмæ дын æй нæ ныббардзæн. Дыггаг бон Дзæрæндзыхъы ус йæ лæппууынæг ыссыди ’мæ йæ лæджы мард уым сæййæфта. Ус ныббогъкодта, дыууæ лæппуйы йæм æрбауадысты. Дзæрæндзыхъы фурды уонг ныххастой, фæлæ Цымырзæ уырдыгæй фалдæр нал ацыд. Уæлхæн æмæ йæ мад ахастой марды. Уæд Сырдон зæронд лæджы хуызы февзæрд сæ разы ’мæ цыл бакатайкодта: – Гъе, мæгуыр дæ бон, Дзæрæндзыхъ. Дæ марæгимæ дæ фырт æфсымæртау цæрынц, уæд цæй тæригъæд дæ, дæ туг æнæистæй куы зайы. Уæлхæн Сырдоны ацахста: – Тагъд мын зæгъ, чи у йæ марæг Дзæрæндзыхъæн. – Йæ марæг Нарты Уырызмæг у. Уæлхæн Сырдонмæ йæ кард фелвæста: – Ды дæр уыдонæй дæ ’мæ уал дæу уæддæр амарон. Сырдон зæрватыкк фестади ’мæ атахти. Уæлхæн Дзæрæндзыхъы баныгæдта. Стæй йæ мадæн афтæ зæгъы: – Æз цæуын, æмæ цалынмæ Уырызмæгæй мæ туг райсон, уæдмæ хæдзармæ нал æрцæудзынæн. – Уой, уыдонæн тыхгæнæг тых нæ ары, ницы бакæндзынæ. Нæ йæм байхъуыста Уæлхæн. Рацыди Нартыхъæумæ Сехылæгæтыл. Цымырзæйы уым нал сæййæфта. Уыцы афон Цымырзæ Уырызмæгмæ ’рцыди ’мæ иумæ хæтæны ацыдысты. Уæлхæн Нартæм æрхæддзæ. Уырызмæджы хæдзармæ бауади, фæлæ йæ уым куынæ баййæфта, уæд фæрсы Сатанайы: – Кæм ис Уырызмæг уæдæ? – Уырызмæг ис хæтæны, – загъта Сатана. Уæлхæн сæ фæдыл ацыди, сæййæфта цæ иу къуылдымыл. Уым Уырызмæгмæ баздæхти ’мæ йын афтæ зæгъы: – Ды мæ туджджын дæ ’мæ дæ нырма ныр базыдтон. Фæлæ нын æнæ схæцгæ нæй. – Фæлтау дæ фæндагыл цу, – загъта йын Уырызмæг. – Кæннод дын дæ фыдау дæ дзоныгъ дæ донгæмттыл ыслыгкæндзынæн. Уым цын хылмæ асайдта. Цымырзæ се хсæн фидауæг бацыди. Кæрæдзийы арцæй рæхойынц, кардæй кæрдынц, фæлæ цæ ничи састи. Уырызмæг кард дард фæхаста, фæлæ фæивгъуыдта. Уæлхæн дæр кард фелвæста, а ныр æй æрцæва Уырызмæджы, афтæ Цымырзæ йæ размæ фæци, æмæ цæф уыууыл æруади ’мæ йын йæ сæр дыууæ раст дихы ’ркодта. Уырызмæг дæр фæцырд и, кард Уæлхæны артæнты бацавта, æмæ лæппу йæ зонгуытыл æрхаудта. Уырызмæг уыцы мæстыйæ фæсфурд Дзæрæндзыхъы хæдзармæ ’рцыди. Йæ мард ын зæппадзæй раппæрста фаджысы рагъмæ, уым æй ыскæрдæнтæ кодта. Йæ хæдзары йын цы ссардта, уыдон рахаста ’мæ йæ маст уымæй ысуагъта. Стæй æрцыди Нартæм. НАРТЫ ХÆМЫЦЫ ДИССÆГТÆ Уыди Хæмыц усуарзаг. Радта йын йæ дæрддаг хо фыдбылызы дæндаг: – Ацу, ме фсымæр, мæнæ дын, ацы дæндаг лæваркæнын. Цы усмæ йæ фæзыхъыркæнай, æмæ дæ коммæ чи нæ бакæса, уый фæсæйæд æртæ азы, стæй йæ мæлæт уымæй æрцæуæд. Хæмыцы ма уымæй хуыздæр лæвар цы хъуыди! Рацыд дын Хæмыц æмæ ’ндæр йæ хъуыдыйы ницыуал уыди. Сфæлмæцыдысты дзы адæм. Чынтæ уыдысты чысыл мыггаг. Чынтæй иу Бекъо хуынд, æмæ йын æмбисонды рæсугъд чызг райгуырди. Куы рахъомыл чызг, уæд Бекъо загъта: «Ай Хæмыц куы фена, уæд мæ нæ ныууадздзæн æнæхудинаг». Сарæзта йын чысыл уат, уым æй бакодта чызджы ’мæ йæ афтæмæй хаста сусæгæй. Адæммæ хъыг æркаст. «Чынты Бекъойæн ацы чызг неннæты хъауджыдæр куыд ирвæзы æнæ фæхудинаг». Кæд лæг дæ, уæд Чынты Бекъойы чызджы усæн æрхæсдзынæ, – дзырдтой адæм. Хæмыц йæ зæрдæйы загъта: «Æвæдздзæгæн, мæ бирæ хæрзтæ дæр иуыл сæфдзысты. Чынты Бекъойы чызджы усæн куы нæ рхæссон, уæд мæ кады сæр цъыфмæ хаудзæни». Араст и, æмæ дын фæцыди Нарты Хæмыц Уастырджимæ. – Цы кæныс, ме фсымæр? – Стыр хъуыддагæй дæ не суынгæгкæндзынæн, фæлæ мын Чынты Бекъомæ минæвар ныццу ’мæ йын зæгъ, Хæмыц дын дæ чызджы куры бинонтæн, æмæ мын нæ ма зæгъ, кæннæуæд дыл мæ лæджыхъæд бавзардзынæн. Уастырджи рараст æмæ ’рцыд Чынты Бекъомæ ’мæ йын загъта: – Бекъо, радт дæ чызджы Хæмыцæн, нæ фæрæдидзынæ. – Ды дæр уый хуызæн хæтаг лæг дæ, – загъта Бекъо. – Æнæуый дæр мын хъыг уыди Хæмыцы кой. Йемхуызон лæг мæм минæвар кæй æрцыд, дыггаг хъыг та мын уый у. Æз дын уымæй уæлдай ницы зæгъын. Уастырджийæн хъыг куыннæ уыди уыцы ныхас æмæ йæм бартхъирæнкодта: – Бекъо, æппын æй зонгæ дæр нæ бакæндзынæ, афтæмæй дын нæ дыууæ Хæмыц фæкæндзыстæм дæ чызджы. – Уæ тыхджынтæ – мæ разæй, уæ ныхджынтæ – мæ фæстæ, уæддæр уæ нæ тæрсын, – загъта Бекъо. Уастырджи мæстæй цæхæртæ акалдта. Нарты дуæрттыл бацыди ’мæ цæм бадзырдта: – Нартæ, уе сæфт хуыздæр у! Чынты Бекъо уæ хуыздæрæн йæ чызджы нæ дæдты. Уæлейæ чи схæццæн – уый уын мæхæдæг, разæй чи ’рлæудзæн, уыдон – сымах. Æнæ хæцгæ дзы нал и. Æз цæуын ныртæккæ Уацилламæ ’мæ мæ мæхи бар бауадзут. Ацыди дын Уастырджи. Уацилламæ ссыди. – Ме фсымæргонд, сæр дæ бахъуыд, де рттивæгтæй æмæ мæм дæ хъæргæнæгтæй куыд фæкæсай ацы æртæ боны. Чынтæн фидар уыд. Атæппæт архайд куыннæ бамбæрстой! Уыдон уыдысты чысыл мыггаг, æмæ загътой: «Мах уыдонимæ ницы скæндзыстæм, фæлтау æмбырдæй бацæуæм нæ фидарæн йæ хуылфмæ». Æмæ бацыдысты сæ фидармæ. Уастырджи йæ базыдта, чынтæ уым æмбырдæй кæй ысты, уый. – Уацилла, дæ сæр мæ бахъуыди, – загъта Уастырджи. – Абухгæ ’мæ рттивгæйæ рацу Чынты фидары сæрмæ. Уацилла дын рараст и Уастырджийы фæдыл. – Афтæ нырттивы, æмæ æртæ афоны лæг йæ цæстæй ницыуал ауыны. Йæ хъæргæнаг афтæ фехсы, æмæ зæхх æмæнкъуыст байдайы. Нартæ стырæй-чысылæй рацæуынц. Хъæдыхих ызгъæлы, хæхтæ ’мæ къæдзæхтæ лæбырынц. Чынтæ дæ хъуыды дæр нæ кæнынц. Дыууæ боны фæхæцыдысты афтæ, æппын Чынтæй топпыхъæр дæр нæ фæцыди. Уæд Уастырджи Нартæн афтæ зæгъы: – Кæд уын Батырадз ысбæзза истæмæн, уыййæддæмæ махæн уæгъды у нæ хъуырдухæн. Уырызмæг хатиагау ыскуывта: – Не сфæлдисæг Хуыцау, кæд нын нæ лæппуйы ’ххуысæн сæвзæрынкодтай, уæд нын æй нæ цуры февзæрынкæн! Цæстныкъуылдмæ сæ цуры ’рбалæууыди Батырадз. – Уациллайы хъæргæнагмæ хизын æз ныртæккæ. Æмæ уырдыгæй ысхæццынæн. Тагъд мæ сифтындзут æмæ мæ къæдзæхæн йæ бæстастæумæ фехсут! Ницы суæндыдысты сдзурын, фæлæ мид-зæрды загътой: «Ацы дзæбæх лæппу мæлæтæн æвгъау у». Сифтыгътой йæ, нæмыджы бæсты йæ ауагътой йæ хъæргæнаджы хуылфы. Дзæгъæлбыдырмæ йæ сарæзтой æмæ йæ фехстой. Батырадз дын фæмæсты, цæстыныкъуылдмæ цæм ысхæддзæ. Хъæргæнагæхсæгæн дзуры: – Ныртæккæ мæ комкоммæ Чынты фидарыл куы нæ ныццæват, уæд мæ худинагыл дæр нал æрмæткæндзынæн æмæ уын уæ къубæлттæ аскъуындзынæн. Фæтарстысты ’мæ йæ сифтыгътой ахъаззаг. Фехстой йæ комкоммæ Чынты фидарыл. Батырадз йæ къæхтæ ’мæ йæ цæнгæ хæлиуæй ахаста. Чынты фидарыл сæмбæлди, иу къæртт йемæ ахаста. Уæддæр æй Чынтæ хъуыды дæр не ркодтой. Авд ифтыгъды скæнынкодта йæхи Батырадз, авд цæфы йæ ныккодтой Чынты фидарыл. Нуæс-иу æй фæкодта, æндæр ын йæ бон ницы баци. Батырадз æфсæдтæн загъта: – Мах нæ хæстæй ницы ракæндзыстæм, фæлæ цы скæнæм, уый нæ зондæй, æмæ алчидæр фæцæуæд йæ хæдзармæ. Æфсæдтæ сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Æрцыдысты сæ хæдзæрттæм Чынтæ дæр. Фæлæ Бекъо ’мæ йæ чызг фидарæй нал цæуынц. Батырадз бирæ фæхъуыдыкодта стæй загъта: «Цæй, æмæ, мæхи мардæфсон ыскæнон сæ дондарæны цур». Батырадз балыцъæрттæ растыгъта æмæ цæ йæ зæнгтыл ыстыхта. Йæхæдæг бацыди ’мæ Чынты донгæроны фæстæ ныффæлдæхт. Райсомы дондзаутæ рацæуынц, æркастысты ’мæ Батырадз амарди. – Бекъомæ хæрзæггурæггаг фесты: «Табу Хуыцауæн, Батырадз амард». Батырадз хинæйдзаг лæг у зæгъгæ загъта Бекъо. – Нæ мæ уырны йæ мæлæт. Æфсæн уæхстытæ ма стæвдкæнут. Йæ дыууæ зæвæты йын цæ стъыссут, йæ уæраджысæртæй сæ фæздæг куыд ыскæла, афтæ. Æмæ кæд нæ фезмæла, уæд æцæгæй дæр амард. Рацыдысты ’мæ ахъаззаг ыстæвдкодтой уыцы уæхстытæ. Бахастой цæ Батырадзмæ, йæ зæвæты йын цæ стъыстой. Фæлæ Батырадз æндон уыд: уæхст йæ зæвæты кæцæй ыссыдаид! Фæлæ балыцъæрттæй йæ буары ’хсæн ыссыдысты уæхстытæ. Æмæ балыцъæртты фæздæг ыскалди уæд йæ уæраджысæртæй. Æмæ не змæлы, хуыссы Батырадз. Дыггаг хæрзæггурæггаг та фесты Бекъомæ: – Бауырнæд дæ, куыддæриддæр нын загътай, афтæ бакодтам – змæлгæ дæр нæ фæкодта. Рацу дæ бынатмæ. Бекъойы дын бауырныдтой уыцы ныхæстæ. Рацæуы ’мæ ’лгъиты Батырадзы: «Æнæнцойаг уыдтæ, æмæ æнæнцойаг фæу!» Ныр æм Батырадз хъусы æмæ нал фæлæууыд, фæгæпласта ’мæ йæ басырдта. Бекъо дæр фæтарст æмæ лидзыныл фæци. Хæдзары куы фæкуыси и, уæд æй Батырадз цилхъæй нырриуыгъта. Æртæ хъæды ахауынкодта уæлкъæсæрæй æмæ йын бынæй йæ бинагхъæдтæ ракъуырдта. Бекъо дæр йæ маст нал бауырæдта. Адон мæ уæддæр нæ ныууадздзысты зæгъгæ загъта. Йæ чызджы къабазыл фæхæцыди ’мæ йæ дуармæ радавта. – Удæгасæй уын æй уæддæр нæ радтдзынæн! – бадзырдта Батырадзмæ. Йæ цилхъ фелвасы Бекъо, йæ чызджы астæу ракъуырдта ’мæ йæ й’ астæуыл ахауынкодта. Афтæ байсæфти Чынты рæсугъд. Бекъо йæхæдæг дæр зæрдæскъуыд фæци йæ чызджы фæстæ. Фæуадзыг æвиппайды, фæцудыдта ’мæ зæххыл сæмбæлд. БАТЫРАДЗ УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫНКОДТА Нарты тыхджындæртæ дард балцы фæцыдысты. Уырызмæг, зæронд лæг – æмæ йæ семæ нал ауагътой. Бирæ рæстæг рацыди, фæлæ цæ ницыуал хъуысти. Уæд Чынты сыхы цæрæг Дурæгонтæ уыдысты ’мæ сфæндкодтой Нарты фæллой ахæссын. Иубон Ныхасы бадынц, æмæ сæ хистæртæй иу зæгъы: – Нартæн сæ тыхджынтæ ’мæ сæ хæрзæджытæ нал зынынц. Кæмдæр цыл сæхицæй тыхджындæртæ фембæлди ’ мæ цæ фæцагътой. Цæмæй ма цæ тæрсæм? Иу зæронд ма цæ ис æмæ йæ хинæй æрсайæм. Стæй цын сæ фæллой рахæссæм. Дурæгонтæ куывд сарæзтой æмæ Сырдонæн зæгъынц: – Нæ хæссинæгтæй хайджын уыдзынæ ’мæ нын Уырызмæджы скæн. Сырдон зæгъы Уырызмæгæн: – Чынты Дурæгонтæ куывд кæнынц æмæ дæ хонынц. – Æмæ мæ цы хонынц, исты цæм кæф куынæ уыдзæн! – Кæф дæр дзы ис æмæ цæф дæр. – Уый та цавæр ныхас у, Сырдон? – Сатанайы бафæрс æмæ дын æй зæгъдзæн. – Уырызмæг уын арфæкæны, фæлæ цæуын йæ бон нæу. Афтæ цын зæгъ. Уырызмæг нæфæразгæ у ’мæ не ссæудзæн зæгъгæ цын загъта Сырдон Дурæгонтæн. Уæд æм Дурæгонтæ усхонæг æрæрвыстой Бæты чындзы. Бæты чындз Сатанамæ бацыд. – Нæхионтæ йæ хонынц æмæ дам рацæуæд. Сатана Уырызмæгæн загъта: – Чындзхонæг дæм æрæрвыстой æмæ дын æдзæугæ нæй. – Арвит æй, ацæудзынæн. Сатана йын загъта Бæты чындзæн: – Ацу, фæцæуы уый дæр. Чындз раздæхт. Уырызмæг Сатанайы фæрсы: – Æрдæбон мын Сырдон иу ныхас загъта ’мæ мын цæмæн афтæ дзырдта, уый нæ зонын. – Цавæр ныхас у? – Куы мæ хуыдта уæд æй афарстон: «Кæф дзы уыдзæн?» Уый мын афтæ: «Кæф дæр дзы уыдзæн æмæ цæф дæр». – Йæ, мæ зæронд сæрыхицау. Дурæгонтæ дæ марынвæнд ыскодтой, фæлæ ма тæрс. Мæнæ бæлон ахæсс дæ дзыппы, æмæ куы тыхсай, уæд-иу æй рауадз, стæй дæм æххуыс зындзæни. Уырызмæг Дурæгонтæм ыссыди. Рæбынæй йæ бадынкодтой, фæлæ нæ бакуымдта, æнæфæразгæ дæн æмæ мæ рудзынггæрон уадзут зæгъгæ. Сразы сты Дурæгонтæ. Рæгъытæ байдыдтой, æмæ Сырдон фæрсы Уырызмæджы: – Æмбисонд дын æрхæсдзынæн, Уырызмæг, æмæ мæм байхъус. Сразы Уырызмæг, æмæ Сырдон райдыдта: – Ахæм фын федтон дысон, цыма фæткъуыбæласы алы фарс хуыты рæгъау æрымбырд и ’мæ йын йæ уидæгтæ къахынц, хъуамæ йæ бахордтаиккой. – Йе, Сырдон, уый дæр диссаг уыди, фæлæ иуыл диссаг та уыцы хуытæм æфсæндзых бирæгъ куы фæлæбурдта, кæрæдзийыл цæ къуыдыртæй куы сцагъдкодта, гъеуый уыди. Сырдон æм ницыуал ысдзырдта, фæлæ йæхи аивтæй хъахъхъæнын байдыдта. Иудзæвгар рæстæджы фæстæ хистæртæй иу зæгъы: – Уыцы галы сæр ахицæн хъæуы. Уырызмæг фембæрста хъуыддаг æмæ бæлоны рауагъта. Бæлон Сатанамæ ’ртахти. Сатана зæрватыччы рацахста ’мæ йын загъы: – Тæхгæ, ацы зæрватыкк, Батырадзмæ ’мæ йын зæгъ: «Уырызмæг уæззау уавæры и ’мæ йын æххуыс хъæуы». Стæй дын мæ хæдзары ахстонкæныны бар раддзынæн. Зæрватыкк фæцъыгъгъуыткодта ’мæ Батырадзмæ ахæддзæ ’мæ йын зæгъы: – Уырызмæг фæтыхсти ’мæ йæм хæддзæкæн. Сатана мæ рарвыста. Батырадз иу æхст ракодта йæхи ’мæ Сатанайы раз балæууыд. – Цы кодтам, цы фыд ныл æрцыд? – Цыфыддæр Дурæгонты сæр! Уырызмæджы куывдмæ асайдтой æмæ йæ марынмæ хъавынц. Фæлæ тагъддæр! Дурæгонтæ Уырызмæджы фынгыл радаргъкодтой. Кæрдтæ йæм куыд ныддардтой, раст афтæ Батырадз дæр бахæддзæ. Дуарæй ныхъхъæркодта: – Зæронд, æгас ма дæ? – Удмидæг ма бæргæ дæн. Хъæрмæ Сырдон фæраст и, йæхи зæрватыкк фестынкодта ’мæ рудзынгæй аппæррæстласта. Батырадз иу цæджындз ратыдта ’мæ балæууыди Дурæгонтыл æмæ цæ иу дæр нал ауагъта. Быныскъуыд цæ фæкодта. Уырызмæгæн йæ дæларм бацыди ’мæ сæхимæ ’рфардæг ысты. ХÆМЫЦ УСГУР КУЫД ЦЫДИ Сфæлмæцыдысты Хæмыцæй Нарты сылыстæг æмæ загътой: – Хæмыц нæ цы баййардта, ус цæуылнæ кæны? Нартæй ахæм ничи ис, дыггаг ус чи нæ ’ркодта. Уæд Хæмыц цæмæн бады, æви Быценоны фæстæ йæ ныфс нал хæссы ус фæдарынмæ? – Хæринаг ын мачиуал цæттæкæнæд æмæ куы сфæлмæца, уæд бар- æнæбары кæндзæни ус, – дзырдтой Нартæй сæ иутæ. – Йæ дарæс дæр ын мачиуал æхсæд, æмæ уæд йæхæдæг тыхсдзæни, – дзырдтой иннæтæ. Нарты сылыстæг сæ ныхас ысиукодтой æмæ йæ ’ххæст дæр бакодтой. Хæмыцæн кæрдзынгæнæг нал уыди, нал ын йæ дарæс уыди æхсæг уыимæ ма йыл былысчъилтæ дæр кодтой. Сфæлмæцыди Хæмыц æмæ Сатанамæ бацыди. – Ацы фæстаг заманты цыдæр кæныс, Хæмыц, æмæ дыл цы ’рцыди? – фæрсы йæ Сатана. – Мæнæн Нартимæ цæрæн нал и. – Уæд цæуылнæ? – Нарты сылыстæг мыл сæхи уæлæхохкæнынц. Æхсæг мæ нæй, кæрдзын мын ничиуал кæны. Æгæрыстæмæй мыл былысчъилтæ райдыдтой. – Уый та ма цæмæн? – Дæ бон дам сылгоймаг фæдарын нæу, æмæ уый тыххæй нæ хæссыс ус. – Уый дын раст зæгъынц. Лæг дæ, æмæ лæгæн æнæ сылгоймаг куыд ис фæцæрæн! Сылгоймаг лæджы сыгъдæг дары, йæ хæринаджы кой дæр ын уый кæны, йæ хæдзармæ йын кæсы. Алцыдæр сылгоймагыл баст у. – Уомæ кæдæм фæцæуон усгур? Кæм и, ахæм адæймаг кæм ыссарон, æмæ Нартæн лæггад чи бакæна? Чындзау дзы ’ппæлгæ куыд кæной, æмгарау – æфсæрмы. Хæдзары дзы ’гъдау куыд уа, адæмы ’хсæн – кад. – Хæрзтæй хуыздæртæ фылдæр ис. Куы дæ фæндид, уæд æй ыссарис. – Кæд искуы зоныс, уæд мын æй бацамон æмæ йæм фæцæуон. – Хъус мæм уæдæ, – зæгъы Сатана. – Арв æмæ зæхх кæм æрынцадысты, уым зæхх цæдджинагау фыцы, хох уырдурæй кæлы, быдыр йæ лæсæнтæй судзы. Гъеуырдæм куы фæцæуис, уæд бæргæ ссарис амонд. – Æмæ уым чи цæры? – Уым цæры иу зæронд лæг. Арвæй зæхмæ йын иунæг чызг. Уый дæ къухты куы бафтид, уæд дыл Нарты сылыстæг былысчъилтæ нал кæниккой. Лæгты хуыздæртыл дæ нымаиккой. – Уæдæ кæд афтæ у, уæд мæ дæхæдæг афæндарасткæн уырдæм. Сатана Хæмыцы дарæс раивта, хорз æй ысфæлыста. Хæмыц йæ бæхыл ысбадти ’мæ араст и йæ дард фæндагыл. Æнцон цæуæн нæ уыди уырдæм, фæлæ уæддæр цæуы. Тынг сæххормаг и ’мæ сфæлмæцыди, фæлæ никуы ’мæ ницы. Æгæрыстæмæй цъиутæхæг дæр нæ зыны. Иннæмæй дойны байдыдта, фæлæ доныцъыртт дæр н’ары. Йæ ком суркæны Хæмыцæн, ахсæн – афтид. Цæуы Хæмыц, æмæ иу ран иу куыдзы ауыдта. Загъта йæхицæн: «Ацы куыдзæн æнæ бахæргæ нæй. Ам бæстæ æдзæрæг у, чи мæ уыны? Нартæ та зонгæ ницы бакæндзысты». Куыдз бамбæрста Хæмыцы фæнд æмæ йæм лæджы ’взагæй дзуры: – Ды кæдæм цæуыс, нæртон лæг, уый æз æмбарын. Стæй дæ зæрдæйы цы сфæндкодтай, уый дæр хатын. Æмæ мæм байхъус: акæн мæ демæ, мæ сæр дæ бахъæудзæни. Сбæздзынæн дын истæмæн. Хæмыц дисы бафтыд, ай мæ дзыхæй ныхас куынæ схауы, уæд мын цæмæй бамбары мæ хъуыдытæ? – Дистæ ма кæн, – дзуры куыдз, – фæлæ сразы у мæ ныхæстыл. – Цæй, кæд афтæ у, уæд цом иумæ. Фæлæ ма зæгъ уæддæр: чи дæ, кæцæй æрхаудтай ардæм? – Диссаг нæу, – дзуры дарддæр куыдз. – Дæхæдæг дæр айхуызæн ранмæ ’рхауай, уый æнхъæл нæ уыдтæ... Мæнæн хорз хицау уыди, æмæ ам йæ уд систа ’мæ йæ хъахъхъæнын. Фæлæ ныр демæ куыд ацæуон? Мард тæригъæд у, æнæныгæд æй куыд ныууадзон? Хæмыц бæхæй æрхызт. Ингæн ракъахта ’мæ йæ бавæрдтой. Стæй араст ысты дыууæйæ. Бирæ фæцыдысты. Æххормаг æмæ дойныйæ йæ бон нал уыди Хæмыцæн. Стæй дын фæндагыл иу цæргæсы ку ’ауыниккой бастæй. – Ацы цæргæсы уæддæр бахæрæм, чысыл хъыртхъом дзы фæуыдзыстæм, – загъта Хæмыц. Уæд цæм цæргæс дзуры: – Мæ бахæрынæй уыл ницы бафтдзæн. Ды нæртон лæг дæ, æмæ кæдæм цæуыс, уый æз хорз æмбарын. Æмæ фæлтау мæн дæр демæ ауадз. Æнæ мæн ницы бакæндзыстут. Æз та уын пайда дæн уæ хъуыддагæн. Хæмыц дискæны: «Уæдæ цæргæс та кæцæй зоны, æз нæртон лæг дæн, уый?» Цы кодтай зæгъгæ афарста Хæмыц цæргæсы. – Бæстытæ цæмæн дæ? – Мæнæн уыд хицау æмæ йын бæргæ дзырдтон: «Фыдбылыз дæм фæцæуы ’мæ дæхи хъахъхъæн». Нæ мæм байхъуыста, æмæ фыдбылызы хай баци. Мæхи та мын бæтгæ бачынди. Ныр у, æмæ йын йæ мард куыд бавæрон, уымæн ницы фæрæз арын æмæ мын феххуыскæн. Хæмыц бæхæй æрхызти, бавæрдтой марды, æмæ ’ртæйæ дæр араст ысты дарддæр. Фурдмæ цæ бирæ нал хъуыди. Кæсынц æмæ кæф сурыл ратулбатулкæны. Хæмыц йе мбæлттæм дзуры: – Ацы кæфæй нæхи хорз фендзыстæм. Æмæ ныл кæд ныр æххормагæй ницыуал æрцæуид. Баввахс ысты кæфмæ, æмæ цæм кæф дзуры: – Гъе, нæртон лæг, дæ зæрдæйы кæй загътай, уый æз хорз æмбарын. Мæн куы бахæрай, уæд дыл уымæй ницы бафтдзæни. Фæлтау фурд æввахс у, æмæ мæ уырдæм фæхæсс. Фурды мæ баппар, æмæ дын кæд æз дæр исты ’ххуыс бакæнин дæ фæндагæн. Хæмыц та дисы бафтыди, фæлæ бакасти уæддæр кæфы коммæ ’мæ йæ ахаста йæ бæхыл йемæ. Уалынмæ ’рбазынди фурд, æмæ йæ фурдмæ баппæрста кæфы Хæмыц. Ахызтысты фурдыл, æмæ куыдз иу дурмæ басмыста. Хæмыц æй фæрсы: – Цæмæ басмыстай дурмæ? – Ам цыдæр ис йæ быны ’мæ ма йæ рахъилкæн дуры. Рахъилкодта дуры Хæмыц æмæ дзы систа сызгъæрин къухдарæн. – Усгур цæуыс, Хæмыц. Рахæсс æй демæ, бахъæудзæни дæ. Хæмыц къухдарæн йæ дзыппы нывæрдта ’мæ та цæуынц. Иу бæласмæ та куыдз басмыста. – Бæлас никуы федтай, цы йæм ысмудыс? – загъта Хæмыц. – Æз мæнæ бæласымæрамæ фæкомкоммæ дæн. Цыдæр дзы ис мидæгæй æмæ йæ райс. Хæмыц бæласымæрайæ сызгъæрин цонгдарæн райста. Цæргæс æм дзуры: – Нывæр æй дæхимæ, Хæмыц. Бахъæудзæни дæ уый дæр. Нывæрдта цонгдарæн йæхимæ Хæмыц æмæ та араст ысты. Иу ран уыди дуртыцæнд. Æмæ та йæм куыдз басмыста. – Дуртæ никуы федтай, цы цæм ысмудыс? – Ам дæр цыдæр ис, йæ тæф мыл æмбæлы. Хæмыц цæндыдуртæ фæйнæрдæм акалдта ’мæ дзы сызгъæрин рон систа. – Рахæсс æй, Хæмыц, – загъта цæргæс. – Æнæмæнг нæ бахъæудзæни. Цæуынц дарддæр сæ фæндагыл. Æрбаввахс ысты сæ ранмæ. Кæсынц дардæй: арв æмæ зæхх баиу ысты иу ран. Зæхх цæджджинагау фыцы. Хох уырдурæй кæлы уырдыгмæ. Быдыртыл судзгæ лæсæн цæуы ’мæ цæ сафы. Хæмыц дискæны: «Ай цавæр диссаг у? Хох тыччыйы йас кæм кæны, лæсæнæй быдыр кæм судзы, зæхх фыцгæ кæм кæны, уый цы бæстæ у?» Уыцы ныхæстæм хохрæбын фегом и, æмæ иу зæронд лæг дуарæй рацыди ’мæ йæ фæрсы: – Чи дæ? Цавæр дæ? – Бæлццон лæг дæн. – Æз цæстæй хорз нал дæн, фæлæ уал рахиз мидæмæ. – Неппæтæн иумæ цæугæйæ нæу, – загъта куыдз. – Мах уал нæхи æрæмбæхсдзыстæм. Кæд исты тæссаг хъуыддаг уа, уæд-иу ох зæгъгæ зæгъ. Бæх дæ фехъусдзæни, æмæ-иу ныммырмыркæнæд. Æмæ дæм уæд зындзыстæм мах дæр. Хæмыц ысразы. Куыдз æмæ цæргæс фурды былмæ сæхи айстой. Хæмыц хæдзармæ бахызти ’мæ арфæ ракодта: – Фарн а хæдзары! Фæрнæйдзаг у, æмæ дæ Хуыцау фарны уазæг фæкæнæд. Æрбадти Хæмыц. Зæронд лæджы чызг æрбацыди ’мæ Хæмыцæн арфæ ракодта. Уый ахæм рæсугъд уыди, æмæ Хæмыц фæуыргъуыйау: митау урс йæ буар, тасгæуасгæ нарæг астæу, риутæ размæ – къуыпп, йæ цыд – сæгуыты цыд. Лæг æм кæсынæй не фсæсти. – Чызг, фынг æрывæр, – дзуры зæронд лæг. Уадид æртыкъахыг фынг сæ разы февзæрди – хæрд æмæ нозт. Чызг цын уырдыг лæууы. Зæронд лæг ракуывта. Ахордтой, анызтой, стæй чызг фынг ысхорзкодта ’мæ зæгъы йæ фыдæн: – Æз азилон мевæрæнтыл. – Азил, – загъта зæронд лæг. Чызг азылди ’мæ нал федта сæ бынаты нæ – йæ къухдарæн, нæ – йæ цонгдарæн, нæ – йæ рон. Хъахъхъæнгæ йын цæ кодтой фæйнæ ’ртæ лæджы ’мæ цæ фæрсы: – Цы фесты мæ дзаума? – Мах никæй федтам. Цы фесты, уый нæ зонæм: девæрæнмæ нын февналыны бар дæр куы нæ уыд. Чызг цæ дурынлæгтæ фестынкодта хъахъхъæнджыты ’мæ раздæхти. Зæронд лæг æй фæрсы: – Цы бадæ, чызг? – Цы бауон, сæхицæй цыл цæхæрцæстдæр фембæлди ’мæ цын цæ фæхаста. – Цæй, ницы кæны. Ахæм дзаума кæд нæртон лæг сараза, æндæр ничи. Хæмыц йæхиуыл фæхæцыди. Зæронд лæг æй фæрсы? – Аипп ма уæд мæ уазæг, фæлæ чи дæ, кæцæй дæ? – Æз нæртон лæг дæн. Æхсæртæггаты сыхæй. – Уæдæ сæ тæккæ лæгдæртæй дæ. – Уымæй дын ницы зæгъдзынæн. – Уæдæ æнæнхъуыддаг дæр куыд уыдзынæ? – Æз æрцыдтæн дæ чызгмæ курæг. Зæронд лæг йæ сæр æруагъта. – Нарты Сатанайæ дарддæр мæнæн мæ чызджы ничи зыдта. Уæд æй ды кæцæй зоныс? – Тæккæ дæр мын æй Сатана бацамыдта. – Уымæн æнæзынд ницы ис зæххæй арвы ’хсæн. Ныр нæ уæдæ сæр бахъуыди нæ дыууæйы дæр. – Цы сæр? – Мæн хъæуы къухдарæн, цонгдарæн æмæ рон ыссарын сызгъæринæй. – Уыдон дын æз къуыримгъуыдмæ амалкæндзынæн. – Хорз, кæннод де сæфт æрцæудзæни уæртæ, зæхх кæм фыцы, уым. – Радт мын хъæсдарæг, дзæбуг æмæ ’рмæг сæ саразынæн. Цы агуырдта, уыдон ын радта зæронд лæг Хæмыцæн. Дыууæ боны нæ банцад Хæмыцы хъæсдарæг æмæ дзæбуджы хъæр. Дыууæ боны фæстæ Хæмыц, къухдарæн сæрфтытæкæны, афтæмæй бацыд зæронд лæгмæ: – Сызгъæрин къухдарæн уал цæттæ у. Зæронд лæг афарста йæ чызджы: – Дæхионы хуызæн у? – Раст уый хуызæн у. Иннæ дыууæ боны дæр та Хæмыц йæ хъæсдарæг гуыпгуып байдыдта ’мæ дыууæ боны изæрмæ нæ банцади. Стæй цонгдарæн цыппæрæм бон бахаста Хæмыц зæронд лæгмæ ’мæ зæгъы: – Ай дын сызгъæрин цонгдарæн дæр. Зæронд лæг та йæ чызгмæ фæдзырдта ’мæ йæ фæрсы: – Куыд у ацы цонгдарæн та? – Раст мæноны хуызæн, ницы фауаг æм ис. Хæмыц та рацыди. Дыууæ боны та изæрмæ нæ банцади Хæмыцы хъæсдарæг æмæ дзæбуджы хъæр. Æхсæзæм бон изæрæй Хæмыц сызгъæрин рон, йæ къухы, афтæмæй бацыд: – Ай та дын рон. Зæронд лæг та йæ чызгмæ фæдзырдта: – Куыд дæм кæсы ацы рон? – Хуыздæр зæгъæн нæй. – Хъус мæм уæдæ, нæртон лæг. Махæн не гъдау афтæ у: кæй сарæзтай, уыдон мах бамбæхсдзыстæм фæдфæдыл. Кæд цæ ссарай, уæд дын хæлар уæд мæ чызг. – Хорз, фæуæд афтæ. – Уæдæ уал дуармæ ахиз. Хæмыц дуармæ ахызти. – Къухдарæн фурды баппар, – загъта зæронд лæг йæ чызгæн. Чызг Хæмыцы фурды был ыслæууынкодта. – Кæс дæ къухдарæнмæ, – загъта чызг æмæ йæ фурдмæ фехста. – Гъеныр мын æй сис доны бынæй, æмæ æз дæу дæн. Хæмыц ох зæгъгæ ныккодта. Бæх æй фехъуыста ’мæ ныммырмыркодта. Куыдз æмæ цæргæс æрбауадысты бæхмæ: – Цы кодта Хæмыц? – Сызгъæрин къухдарæн ын фурды бынæй исынкæнынц. Куыдз æмæ йæм цæргæс бауадысты Хæмыцмæ. – Кæфмæ фæсид. – Кæм æмæ цы ран ныххаудтаид, чи йæ зоны! Уæд цæм кæф æрбаленккодта. – Цæуыл тыхсыс? Хæмыц йæ хабар ракодта. – Доны бынмæ хаугæ ауыдтон къухдарæны, февнæлдтон æм æмæ дын æй мæнæ ’рбахастон. Хæмыц къухдарæн райста. Бацыд зæронд лæгмæ. – Къухдарæн мæхимæ ис, æмæ ма мын цы аразынкæныс? Зæронд лæг чызгмæ дзуры: – Цонгдарæн ын ссарынкæн. Чызг Хæмыцы ракодта уæлкъуыпмæ. Уым ыскуывта чызг Хуыцаумæ. – Хуыцау, фыддымгæ рауадз! Дымгæ сыстад. Чызг цонгдарæн ауагъта, æмæ йæ дымгæ кæдæмдæр фæхаста. Хæмыц та ох зæгъгæ бакодта. Бæх ныммырмыркодта, æмæ куыдз æмæ цæргæс æрбауадысты бæхмæ. – Цы кодта Хæмыц? – Уæлдæфы йын цонгдарæн агурынкæнынц. Уæд цæргæс йæхи систа. Дымгæ йæ рогæн ыскъæфта ’мæ цонгдарæн тæхгæ ауыдта. Ацахста йæ цæргæс æмæ йæ бынмæ ’рхаста. Уалынмæ дымгæ дæр банцади. Цæргæс æрбахаста цонгдарæн Хæмыцмæ ’мæ йæм æй радта. Хæмыц та зæронд лæгмæ бацыди. – Дæ цонгдарæн дæр ыссардтон. – Уæдæ рон дæр ыссар. Чызг та Хæмыцы иу ыстыр айнæджы сæрмæ скодта. Бынмæ дзы акæсæн дæр нæ уыди. Рон фехста, æмæ кæдæм атахти, уый Хæмыц нал федта. Хæмыц та æртыггаг хатт ох зæгъгæ загъта. Бæх æй фехъуыста ’мæ та ныммырмыркодта. Куыдз æмæ йæ цæргæс фæрсынц бæхы: – Цы та у, цавæр хабар? Куыдз æй куы бамбæрста, уæд аууæтты йæхи айста смудгæ-смудгæ. Ссардта рон æмæ йæ ’рбахаста ’мæ йæ радта Хæмыцмæ. Хæмыц зæронд лæгмæ ’рбацыди. – Рон дæр ыссардтон. Зæронд лæг фæдзырдта чызгмæ. – Фен ма, кæддæра цæ æцæг ыссардта. – Æцæг цæ ссардта. – Уæдæ, дуртæ кæй фестынкодтай, уыдоны райгаскæнæд. Мæн та мæ цæстытæй ракæсынкæнæд æмæ чындзæхсæв ыскæнут. Хæмыц катайы бацыд. Уæд чызг сусæгæй дзуры Хæмыцæн: – Уымæн дæ бон ницы бауыдзæн. Ацы зæронд хинæйдзаг у. Æз дуртæ кæй фестынкодтон, уыдон ме фсымæртæ сты. Ды зæронды нæмын райдай, æмæ дын кæд исты зæгъид. – Уомæ цæ дуртæ ды куы фестынкодтай. – Уыйонг мæ сахуыркодта ’рмæст. – Ау, æмæ дæ йæ чызг куы хоны. – Нæ, æз йæ чызг нæ дæн. Дæ цуры мæм дзырдта афтæ. Фæлæ уый, тугæй чи цæры, ахæм уæйыг у. Æмæ зæронд лæджы хуыз райста. Мæн куы раскъæфта, уæд мæ фараст æфсымæры сæ хойы агурæг рацыдысты. Фæлæ цыл хинæй рацыди зæронд лæг. Уæд уыдон Хуыцаумæ скуывтой, æмæ саугуырм баци лæг. Хæмыц бацыди ’мæ зæронд лæджы нæмын байдыдта. Æнæхъæн къуырийы дæргъы нæ банцад, хоста ’мæ йæ хоста. Зæронд лæг нæ – мæлгæ кодта, нæ – дзургæ скодта исты. Хæмыц та дыггаг къуыри дæр райдыдта нæмын зæронд лæджы сындзын уистæй. Уæддæр та ницы загъта, нæ дæр мæлгæ акодта. Æртыггаг къуыри райста Хæмыц зыкъуыртæлæдзæг æмæ та балæууыди зæронд лæгыл æмæ йæ нæмы. Æвдæм бон куы ’рхæддзæ, уæд æм дзуры: – Æгъгъæд мæ мар мæстæй. Кæд мæ марыс, уæд уæлæ къулыл мæ кард, æмæ мын уымæй мæ хурх ралыгкæн. Не сразы Хæмыц. Фыддæр ыл ралæууыди. – Хорз мын фæдæ, – загъта уæд зæронд лæг. – Ныр у, æмæ мын м’ арц рахæсс, мæ зæрдæсæр мын ныццæв æмæ мæ уд сисон. Нæ та бакоммæкасти Хæмыц. Зæронд лæгæн гæнæн нал уыди ’мæ загъта: – Мæ кæстæр æнгуылдзæй мын туг рауадз æмæ цæ уымæй бапырхкæн æфсымæрты. Стæй, цы уыдысты, уый фестдзысты. Хæмыц æм фæцæйцыди, фæлæ йæ чызг фæуырæдта. – Ма йыл æууæнд. – Де нгуылдз дæхæдæг фæлыгкæн æмæ мæм æй æрбадар. Зæрондæн гæнæн нал уыди. Йæ кæстæр æнгуылдз фæлыгкодта. Хæмыц æм куысыфтæг бадардта ’мæ йæ айдзагкодта. Ахаста куысыфтæг. Чызг дуртæ кæй фестынкодта, уыдоныл бапырхкодта уыцы тугæй, æмæ райгас ысты æфсымæртæ. Хæмыцыл цинтæ байдыдтой. Уырдыгæй рацыдысты ’мæ лæджы мардæй æрбаййæфтой. Фараст æфсымæры сæ хойы Хæмыцæн радтой. Стыр чындзæхсæв ыскодтой. Кæф æрбарвыста дунейы хуынтæ, цæргæс дæр – афтæ. Хæмыц цын арфæ ракодта ’мæ загъта: – Кæф, бузныг дæ лæггадæй, æмæ цæр æнæнизæй. Цæргæс, ды дæр мын ыстыр ахъаз фæдæ ’мæ бузныг дæуæй дæр. Ныр сæрибар ыстут. Цæргæс æмæ кæф фæцыдысты. Фараст æфсымæры фараст хæдтулгæуæрдоны алы лæвæрттæй байдзагкодтой, æмæ рацыдысты Хæмыц æмæ фараст æфсымæры хо Нартæм. Донмæ куы ’рбахæддзæсты, уæд доныцæрджытæ хæрдмæ хауын райдыдтой, цинкодтой, лæвæрттæ цын ыскъæфтой Хæмыц æмæ чызгæн. Дон цæппузыртæ хаста. Хæхтæм куы ’рбахæддзæ сты, уæд та мæргътæ дунейы хуынтæ ’ппарын байдыдтой, скафынц уæлдæфы, зарынц алыхуызон хъæлæстæй. Лæгъз бынæтты куы фæцæуынц, уæд та сырдтæ райдайынц дунейы хуынтæ скъæфын. Хæмыц æмæ фараст æфсымæры хойы раз кафгæ ’мæ хъыллиппытæгæнгæ згъорынц. Хæмыц æмæ фараст æфсымæры хо сеппæтыл дæр уызæлынц, цинкæнынц. Æрæввахс ысты Нарты арæнтæм. Алкæмæн дæр хæрзбон загътой, æмæ ныр Хæмыц йæ усагимæ рацæуы. Нарты Сырдон йæ хæстæджытæй фæцæйцыди уæд уыцы бон. Кæсы, æмæ дисы бахауд, цы сты, цымæ ацы фараст уæрдоны? Сæ цурты ’рбацыди, æмæ йæм Хæмыц дзуры: – Гъе, Сырдон! Нартæм мын фæхабаркæн, мæ ныццыдмæ мын фынгтæ æрывæрынкæн: цинагыл цин хъæуы! – Æгайтма расгуыхтæ, Хæмыц! Сырдон раразæй æмæ Нартыл ныхъхъæркодта: – Бындар фæуат, Нартæ! Уæ хуыздæр ус æркæны, уæд хуыздæр! Сымах та уæхиуыл нæ хæцут! Æйда-мардзæ! Нартæ базмæлыдысты. Хæмыцы размæ згъордтой, цинтæ йыл байдыдтой. Алчи дæр дзырдта: – Бæдæйнаг дæ, Хæмыц, бæдæйнаг! Лæгаулæгæй цух нæ дæ! Лæгтæ дзы ’ппæлынц. Устытæ дæр æмбисонд фесты. Чызджытæ худынц. Хæмыц Нартæн ыстыр чындзæхсæв ыскодта. Æмæ уыйфæстæ фараст æфсымæры хоимæ цæргæйæ баззад. НАРТЫ ЗИЛГÆДУР Нартæн уыди Уацамонгæ. Уацамонгæ уыди авдхатæнон. Нарты Уацамонгæмæ иу миниуæг ахæм уыди – диссаджы миниуæг. Зилгæдуры сæр- иу æй сæвæрдтой, æмæ-иу алчи дæр хъуамæ исты таурæгъ ракодтаид. Кæд-иу таурæгъы ныхæстæ мæнг разындысты, уæд-иу Зилгæдур адæмы къахфындзтæ зæхмæ нылхъывта. Фæлæ-иу кæд таурæгъы ныхæстæ æцæг уыдысты, уæд та-иу дур йæхимидæг разылд, æмæ-иу Уацамонгæ, æцæг чи дзырдта, уый дзыхы уонг систа йæхи. Нарты Уацамонгæ ’мæ Зилгæдурмæ ма ахæм миниуæг дæр уыд. Дыууæ хылгæнæгæй-иу алчи дæр йæхи расткодта, уæдæ цы! Æмæ-иу уæд Уацамонгæйы фарстой. Афтæмæй-иу цæ базыдтаиккой хъуамæ расты дæр æмæ зылыны дæр Нарты адæм. Ноджы ма иу миниуæг уыди Нарты Уацамонгæмæ. Нартæм-иу фыдбылыз кæцырдыгæй цыд, Зилгæдур-иу уыцырдæм атылди. Нарты Уацамонгæ Чынтæ ’мæ Донбеттыртæн дæр æнæпайда нæ уыди. Хуынтæ-иу хастой Нартæм, быцæуы-иу куы бацыдысты уæд. Уæйгуытæ ’мæ ма суанг Дæлимонтæ дæр. Иу бон Нарт æрымбырд сты сæ Ныхасы. Алчи дæр йæхицæй æппæлы. – Нартæй раст чи радзура, уый Уацамонгæ йедзагæй баназæд. Рахастой Уацамонгæ дурылæвæрдæй æмæ таурæгътæ байдыдтой. Æмæ- иу Уацамонгæйы Зилгæдур Нартæй алкæй къæхтыл дæр атылди. Æрхаудта Батырадзы рад. Æмæ загъта Батырадз: – Æз ракæндзынæн æртæ таурæгъы. – Нарты Уацамонгæ ’мæ Зилгæдур! Æз сымахæй курын: цал раст ныхасы зæгъон, уал хатты-иу уæхимидæг æрзилут æмæ, кæмæй зæгъон, уый дзыхмæ-иу сисæд Зилгæдур Уацамонгæйы. Æз уыдтæн хæтæны, Хорæлдарыл сæмбæлдтæн æмæ йын загътон: «Нартæн хор радт, иу зæнгыл авд æфсиры куыд уа, кæннод дын дæ фырты марын». Хорæлдар загъта: «Авд бирæ у, æртæ ’фсиры цын фаг у». Æз нæ разыкодтон æмæ нын хылмæ асайдта. Мæ мастæй Хорæлдары фырты къубал ыстыдтон æмæ йæ сæ дуармæ фехстон. Уæд Хорæлдар дæр хоры зæнгыл фæхæцыд, хъуамæ авд æфсиры дæр ыстыдтаид. Уастырджи мæ цуры фæци ’мæ дзуры: «Иу æфсир ма дзы мæ бæхæн уæддæр фæуадз». Æз хъуамæ Хорæлдары дæр амардтаин, фæлæ алыгъд, хорæфсиртæй ма иу феуæгъд, иннæты аскъуыдта, æмæ нæ хортыл иугай æфсиртæй йæддæмæ нал вæййы. Раст зæгъын, Уастырджи? – Раст зæгъыс. – Уæдæ куыд раст зæгъын, афтæ Зилгæдур разилæд, сисæд Уацамонгæйы Уырызмæджы дзыхмæ, æмæ йæ Уырызмæг баназæд. Зилгæдур мид-зылд æркодта, æмæ Уацамонгæ хæрдмæ систа йæхи. Уырызмæг уæлейæ бадт, æмæ уый дзыхмæ скодта йæхи. Уырызмæг загъта Батырадзæн: – Дæ тыхæн æмбал ма уæд! Банызта фыдздзаг Уырызмæг. Батырадз дарддæр кæны йæ ныхас. – Иннæ хатт дæр та уыдтæн хæтæны. Тынг сæххормаг дæн, фехстон иу саг, æмæ саг коммæ ахауди. Коммæ ’рцыдтæн, æмæ мæ саджымардыл федтон дыууæ фаты. Гъа иу дзы мæ фат у, фæлæ иннæ кæй уыдзæни, дисы бафтыдтæн. Саг астигъон æмæ дзы физонджытæ акæнон зæгъгæ куыд загътон мæхицæн, афтæ мæм иу чидæр ысдзырдта: «Ма бавнал, саджы æз амардтон». Фæкастæн, æмæ мæнæ чысыл Чех. Мæнæн мæ фат сагæн йæ тæккæ уæнты ацыд зæгъгæ загътон æз. – Мæнæн та йæ тæнтыл ахызт мæ фат, – загъта чысыл Чех. Æркастыстæм дыууæйæ дæр, æмæ уый дæр раст уыди, æз дæр раст уыдтæн. Фæлæ нæ фидауæм. Чысыл Чех нæ сæтты: – Саджы раздæр æз фехстон. Æз дæр нæ сæттын: – Нæ, æз æй фесхтон раздæр. Уæд Уастырджи фæци нæ цуры ’мæ загъта: – Хыл цæуыл кæнут? Зилгæдурыл Уацамонгæ лæууы, æмæ йæ Уацамонгæ зæгъдзæни, æцæг цы у, уый. Æз ысразы дæн, фæлæ чысыл Чех загъта: – Нарты Зилгæдур æмæ Уацамонгæ мæн ницæмæн хъæуынц. Фæлтау иу зæронд лæджы бафæрсæм. Иу зæронд лæг ныл амбæлди, нæ хабар ын ракодтам. Уый сагылсагъд фæттæ сласта ’мæ зæгъы: – Саджы раздæр чысыл Чех фехста, уыйфæстæ та Батырадз. Фæлæ фæттæ иу рæстæджы сæмбæлдысты сагыл. Æз амæсты дæн æмæ чысыл Чехы рацæфтæкодтон. Чысыл Чех мæм радзырдта: – Ды лæг нæ дæ, Батырадз! Саджы ныууагъта ’мæ фæцæуæм. Мæнмæ хардзау æркасти мæ ми. Хатын æм: – Ахæсс саджы, дæу фæуæд. Нæ мæм байхъуыста. Уастырджи йæм дзуры: – Ахæсс саджы, Чех. Саг дæу у. Уымæ дæр нæ байхъуыста. Зæронд лæг æм дзуры: – Æз хистæр дæн æмæ иу ныхасмæ байхъус. Уæд чысыл Чех æрлæууыди. Ныхас байдыдта зæронд лæг, таурæгътæ фæхаста ’мæ бафидыдтам. Æз дзурын: – Хæлар дын уæд саджымард. Чысыл Чех зæгъы: – Мæнæй хæлар уæд мæнæ ацы зæронд лæгæн, растыл чи дзырдта. Нал ахаста саджымард Чех – зæронд лæгæн æй радта. Нæ иуы дæр нал фæци ’мæ иннæйы дæр. Афтæ нæ уыди, Уастырджи? – Раст ысты дæ ныхæстæ, мæхи цæстыты раз æрцыди уыцы хабар, – загъта Уастырджи. – Уæдæ куыд раст зæгъын, афтæ Зилгæдур разилæд, Уацамонгæйы Хæмыцы дзыхмæ схæссæд, æмæ дыггаг нуазæн та уый баназæд. Зилгæдур разылди мид-зылд, Уацамонгæ йæхи систа ’мæ Хæмыцы дзыхмæ йæхи бадардта. Хæмыц арфæ ракодта: – Уæздандзинад бакодтай, æмæ йын æмбал ма уæд дæ уæздандзинадæн. Банызта дыггаг нуазæн Хæмыц. – Ракæнон уын уæдæ ме ртыггаг таурæгъ дæр. Уыдтæн та иу заман хæтæны. Тынг бафæлладтæн. Зæгъын: æрулæфон мæхицæн. Мæ бæхы хизынмæ ауагътон, йæ саргъ ын систон, мæ нымæт æрытыдтон фæзыл. Бæхысаргъ мæ нывæрзæн акодтон æмæ уадид афынæй дæн. Фынæй зæгъын, фæлæ цæй фынæй – уайтагъд та фехъалвæййын. Цæстытыл хуыссæг æндæдзы, зæрдæ та мæ фынæй нæ уадзы. Акæсын иуырдæм – никуы ’мæ ницы. Акæсын иннæрдæм, æмæ та уым дæр афтæ. Дискæнын: цы мыл æрцыд? Иугæндзон мæ цæстытыл уайы Зилгæдур. Фыны мæм æрбатулы ’мæ мын мæ зæнгтыл йæхи ныццæвы. Уацамонгæйæ аназон зæгъгæ – æмæ нозт зæхмæ акæлы. Тухæнты хай фæдæн. Æппынфæстаг мæ цæстытæ кæрæдзиуыл æрывæрдтон иучысыл æмæ мыл къæхтыхъæр цæуы. Райхъал уон, уый мæ бон нæу. Къæхтыхъæр та мæнæ Уастырджийы бæхы къæхтыхъæр уыди. Мæн хуысгæ ’рбаййæфта Уастырджи, хъал мæ кæны. Æз нæ хъалкодтон. Уый та афтæ фенхъæлдта, æмæ æз амардтæн. Йæ ныхас ма йын бамбæрстон: «Бæлвырд, Батырадз амарди». Бæргæ мæ фæндыди, æгас дæн зæгъгæ куы загътаин, фæлæ нал хъалкодтон. Уæд Уастырджи Нартырдæм рараст и, мæныл цъыхырытæ равæрдта, аууон мæм цæмæй дарой, уый тыххæй. Мæ бæх уый куы федта, уæд мæ ме фцæгготæй систа ’мæ мæ ныззыввытласта. Къæдзæхыл сæмбæлдтæн, æмæ къæдзæх фæркгай ныппырх и. Уæд фехъал дæн. Кæсын æмæ мæ хуыссæн иу ран, мæхæдæг – иннæ ран. Мæ бæх мæм дзуры: «Хуысгæйæ дын нæу, Уастырджи Нартырдæм фæцæуы, цыдæр хабар ис». Мæхи уазал суадоны цæхсадтон. Саргъ авæрдтон бæхыл æмæ Уастырджийы расырдтон. Дзурын æм: «Фæлæу ма, Уастырджи!» Уастырджи ’рлæууыд, фæрсын æй: «Цы ’рцыди?» Уый мын афтæ: «Æз дæ мардæнхъæл уыдтæн, æмæ æгас куы дæ! Нартæм Сауденджызы ’фсад æрбацæуы æмæ цæм фæдисхъæргæнæг цæуын». Уæд ын æз загътон Уастырджийæн: «Ма цæ фæтæрсынкæн, Сауденджызы ’фсадимæ æз фидаудзынæн». Нал æй ауагътон Нартæм. Мæ бæх фæзылдтон æмæ Уастырджимæ иу ныхас баппæрстон: «Кæсгæ мæм уæддæр бакæн». Уастырджи мæм æцæгдæр касти. Æз Сауденджызы ’фсæдтыл аздæхтон. Иу хай дзы фæцагътон, дыууæ хайы дзы ’рдæгмæрдтæй ныууагътон. Иннæтæ та лидзгæ фæкодтой. Афтæ уыди, Уастырджи? – Афтæ уыди, бæгуыдæр, Батырадз. Абоны уонг ацы хабар ничи зыдта Нартæй, – загъта Уастырджи. – Уæдæ цас раст зæгъын, афтæ Зилгæдур разилæд, сисæд Уацамонгæйы Сосланы дзыхмæ, æмæ æртыггаг нуазæн та уый баназæд. Зилгæдур мид-зылд ракодта, æмæ Уацамонгæ Сосланы дзыхмæ бахаста. Сослан зæгъы Батырадзæн: – Дæ ныфсæн басæттæн ма уæд, Нартæм фæдисон фæу, æмæ дын тыхгæнæг тых макуы ракæнæд. Банызта æртыггаг нуазæн Сослан. Нартæ дæр Батырадзы номыл ыстыр куывд ыскодтой æмæ Уацамонгæйæ нуазæнтæ радтой Батырадз æмæ Уастырджийæн. Ахæм уыди Нарты Зилгæдур, æмæ иннахæм – Нарты Уацамонгæ. НАРТ ФÆСХОХМÆ КУЫД АЦЫДЫСТЫ Нартæ ’ртæйæ – Уырызмæг, Уырæдз æмæ Батырадз ысфæндкодтой фæсхохмæ стæры фæцæуын æмæ загътой: «Иуыл бадгæ куы кæнæм, уæд хорз нæу. Æрмæст ацæуæм афтæ, æмæ нæ Сырдон куыннæ базона». Ацыдысты ’хсæвымæйдары, æмæ цыл уæддæр Сырдон амбæлди. Уырызмæгитæ Сырдоны ’лгъыстæй тарстысты ’мæ раздæхтысты фæстæмæ. Уыйфæстæ Уырæдз афтæ зæгъы: – Мах Сырдоны тыххæй нæ хъуыддаг куы ныууадзæм, уæд уый диссаг нæу. Фæлæ нæ исты æрымысын хъæуы. Дыггаг бон дæр та араст ысты, æмæ та цыл Сырдон амбæлди. Уыдонæн гæнæн нал уыди ’мæ йын ныллæгъстæкодтой: – Сырдон, ма нæ ралгъит æмæ, цы пайда ’рхæссæм, уымæй дын æртæ хайы дæдтæм. Сырдон Уырызмæгмæ мæсты уыди ’мæ цын ницы загъта. Араст ысты Нартæ фæсхохмæ. Фæлæ цæ Сырдон уæддæр фыдæлгъыст ракодта. Ницæмæ цын æрдардта сæ ныхас. – Залтымит, æнусыцъити уыл ныууарæд, цæрæн æмæ уын хæрæн куыннæ уал уа! Уе рчъитыхъустæ куыд ныллыгкæнат æмæ цæ уæ фадхосфæсæлттæй куыд ысфыцат! Уырызмæгитæ ацыдысты фæсхохмæ ’мæ цыл Сырдоны лгъыст æрцыди. Мит цыл ныууарыди, бахæринаг цын нал уыди. Сфæлмæцыдысты ’мæ се рчъитыхъустæ ныллыгкодтой, сæ фадхосфæсæлттæй арт ыскодтой, сфыхтой цæ ’мæ цæ бахордтой. Уалынмæ æризæр и. Сæ фарсмæ лæгæт уыди ’мæ дзы бацыдысты. Ахæм уазал уыд, æмæ сæлын байдыдтой. Сæ цæсгæмттыл цын их сæвæрдта уыцы уазал. Уæд дын кæсынц æмæ иу рувас æруайы. Уыдон бацинкодтой, афтæ ’нхъæлдтой, рувас лæгæтмæ цæуы. Фæлæ уый бæласы мæрайы фæкуыси. Уыдон – йæ фæдыл. Батырадз йемæ Уырæдзы худ ахаста. Бæласы мæрайы бацæуæнты худыл арт бафтыдта. Рувас фæздæгæй суынгæг и ’мæ бынмæ ’рхаудта. Батырадз ыл йæхи ныццавта. Æрцахста йæ, лæгæтмæ йæ бахаста. Уым æй бастыгътой æмæ йæ бахордтой. Фæлæ цæм ыстæй æгад æркасти ’мæ загътой: «Ай махæн худинаг уыди – рувас бахæрын. Æмæ худинаг дæр фестæм. Фæлæ Хуыцауæй ард бахæрам, зæххæй сомы бакæнæм, нæхицæй дарддæр мах ацы хъуыддаг куыд никæмæн ысхъæркæндзыстæм». Æртæйæ дæр ард бахордтой. Се хсæн баззади рувасы царм. Алчи дæрæй йæхирдæм хъавыди ’мæ йыл нæ фидыдтой. – Рувасы царм мæнæн радтут, – загъта Батырадз. – Æз уæ кæстæр дæн, æмæ дзы мæхицæн кæрцы ’фцæггот ыскæнон. – Æз уæ дыууæйæ дæр курын, мæнæн æй радтут, – загъта Уырæдз. – Хæдзары нæм нæуæг гуырд ис æмæ йын дзы йæ къæхтæ атухин. Цæмæй йын хъармдæр уа. – Мæнæн æй радтут, уæдæмæ. Æз уæ хистæр дæн, Нарты Ныхасы бадгæйæ-иу мæ къухтæ йæ мидæг акæнин æмæ-иу уе хсæн уæзданæй бадин. Сымахæн дæр-иу кад уаид, – загъта Уырызмæг. Бирæ ма йыл фæрадзурбадзуркодтой, фæлæ йыл нæ бафидыдтой. Стæй Уырæдз загъта: – Уæдæ афтæ ма бакæнæм. Нарты тæрхоны лæгтæм æй æрхæссæм, æмæ йæ уыдон кæмæн ыстæрхонкæной, уый йæ ахæссæд! Уыууыл ысразы сты иннæтæ дæр æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Сæ фæндаг уыди Нарты зæппадзы цурты. Хъæумæ ’рбацæйхæддзæкодтой, афтæ цыл зæппæдзтæй мæрдтæ худæгæй мардысты ’мæ цæм дзырдтой: – Æгас цæут, рувасхортæ! – Гъе, Хуыцау нæ куыд ралгъыста, – загътой Уырызмæгитæ. – Ай нæ мæрдтæ куы базыдтой, уæд нæ удæгæстæ нæ базондзысты? Рацыдысты сæргуыбыр æмæ уæнтæхаудæй Нартыхъæумæ. Уым цын бамбæхсæн нал уыди сæ хъуыддагæн. Райсомы сæ рувасдзарм рахастой Ныхасмæ, Нарты тæрхоны лæгты размæ ’мæ загътой: – Ацы рувасдзарм ыссардтам æмæ йыл нæ бафидыдтам. Ныр нын сымах тæрхонгæнæг фæут, æмæ кæмæн æмбæлы, уымæн æй радтут. Сырдон уым февзæрд æмæ цæм дзуры: – Рувасæн йæ фыд æнæ Нарты тæрхонылæгтæ бахордтат. Йæ царм та йын кæм ыссардтат? Нарты адæм цыл ныххудтысты. Стæй тæрхонылæгтæ загътой: – Ницы бирæ тæрхон ыл хъæуы. Фæлæ ихджын донæй Цыппархъусджынæг байдзагкæнут æмæ йæ дзыхыныхасæй чи рафыцынкæна, уый йæ ахæссæд. Раздæр ныхасы бар радтой Уырызмæгæн, хистæрæн. Уый Хъусджынæджы уæлхъус æрлæууыд æмæ загъта: – Мæнæ Хъусджынæг, æз дæ разы мæнг ныхæстæ нæ фæкæндзынæн, фæлæ мæ дæхæдæг дæр ма фæсай. Нарты тæрхонылæгтæ кæрæдзимæ бакастысты ’мæ загътой: «Нæй, Уырызмæг æй н’ амбулдзæн». Стæй райдыдта Уырызмæг дзурын: – Иу рæстæджы, мæ хуртæ, æз ардыгæй ацыдтæн зыбытыиунæгæй Аскъуыпмæ, исты сырд амарон зæгъгæ. Амардтон дзы иу сырд. Сырд мæ размæ ’ртылди. Стæй кæсын æмæ кæмдæр фæтар и. Катайы бацыдтæн, уæдæ мæ сырд цы фæуыдаид зæгъгæ. Аскъуыппы рæзты бацыдтæн, æмæ уым иу хохрæбын иу ус æмæ лæг мæ сырды мард ыстигъынц. Мæн куы федтой, уæд лæгæты фæмидæг ысты. Æз цæм бацыдтæн æмæ цæм дзурын: «Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ?» Уыдон мын дуар бакодтой, хæдзармæ мæ бахуыдтой. Мæ сырдымардæй мын æхсæвæр сарæзтой. Æхсæвæр ысцæттæ. Бахордтам иумæ. Стæй мын уат бакодтой æмæ ’рхуыссыдтæн. Иучысыл ку’ афынæй дæн, уæд ус йæ цонг радардта, æмæ бæстæ ныррухс- ныссыгъди. Æз усыл фæхъæркодтон: «Басыгъдыстут»! Ус мæм дзуры: «Æнцад хуысс, Уырызмæг, ницы дæ дзырддаг ис». Æз банцадтæн. Чысыл фæстæдæр та усæн йæ фарс фæзынди, бæстæ та ныррухс-ныссыгъди. Нал та фæлæууыдтæн æмæ йæм дзурын: «Басыгъдыстут!» Усæн уæд йæ лæг фестади ’мæ нæ нымæтынйæхсæй ракъуырдта. Æз тæхгæйегар фестадтæн. Адæм мæ куы базыдтой, уæд мыл дзугфыййæуттæ лæвæрдтой æд фос. Иу хатт хохы фæцæуын мæ хицауы фæдыл æмæ иу саджы ауыдтон. Саг ахæм уыди, æмæ йыл цал æрдуйы уыди, уал æрттывды кодта. Æз æй фæстейы сурынтæ систон. Саг мæ разæй лыгъди. Иудзæвгар адард ыстæм мæ хицауæй. Иу тархъæды фæмидæг и саг, стæй æрлæууыд æмæ мæм раздæхт. Дзуры мæм фæстæмæ: «Мæн ма сур, Уырызмæг. Мæн дæ хуызæттæ нæ баййафдзысты. Фæлæ ма цæмæй Уырызмæг фестай, уый тыххæй дæхи срынчынкæн æмæ, дæу ахæм хуызы чи фестынкодта, уыцы ус æмæ лæг дæр æртæ ’хсæвы баддзысты. Æртыггаг æхсæв ку’афынæй уой, уæд сыст æмæ нымæтынйæхс дæ къухты бафтдзæн. Ды дзы дæхи ’рцæв, æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Уыйфæстæ дзы уыцы ус æмæ лæджы дæр цæв. Уыдон та сылхæрæг æмæ нæлхæрæг фестдзысты. Афтæ нæ бакодтай зæгъгæ, уæд дæхæдæг тæхгæйегарæй баззайдзынæ». Æз, саг мын куыд бацамыдта, афтæ бакодтон. Нымæтынйæхсæй мæхи Rрцавтон æмæ фæстæмæ Уырызмæг фестадтæн. Стæй дзы уыцы усы ’мæ лæджы рацæфтæкодтон æмæ сылхæрæг æмæ нæлхæрæг фестадысты. Уырызмæг йæ ныхæстæ уыууыл фæци, фæлæ Хъусджынæг йæ ныхæстæм нæ рафыхт. Уыйфæстæ Уырæдз загъта: – Æз мæнг ныхæстæ нæ фæкæндзынæн. Æз æмæ Сослан хохы уыдыстæм, амардтам иу тæрхъус. Сырдкъæртт æй акодтам, сфизонæг æй кодтам æнæхъæнæй. Сослан æрхуыссыди. Æз тæрхъусы æд уæхст æнæхъæнæй зæххыл æрсагътон. Сослан куы райхъал, уæд мæ афарста: «Нæ физонæг кæм и?» Кæсын æмæ тæрхъусымард агæпкодта ’мæ никуыуал фæзынди. Сослан мæм лæбурдтытæ райдыдта: «Мæ тæрхъусымард мын бахордтай, уыййæддæмæ тæрхъус фыхæй кæд алыгъди?» Æз Сосланæн загътон: «Цæуыл мæстыкæныс, цæ, Сослан? Чызг дæр дын уымæн ничи дæдты». Уый мын афтæ: «Мæн ус цæмæн хъæуы ныртæккæ? Фæлæ тæрхъусымард бахордтай æмæ ныр æз æххормагæй бадон?» Æз та йын загътон: «Æмæ Бурæфæрныг Уысыбийы чызджы курынмæ куы цæуæм, уæд нæ уый кæрдзынæй нæ бафсаддзæн?» Уыйфæстæ уырдыгæй ацыдыстæм æмæ Бурæфæрныг Уысыбийы дуармæ ныццыдыстæм. Бурæфæрныг Уысыбийы чызг уыди уадыхъус фæрдыджы гуыбыны конд. Мах йæ рæзты ку’ ацыдыстæм, уæд кæрдгæхуыйгæ бадти ’мæ нын уæлæмæ нæ сыстади. Фæстæмæ куы фæзындыстæм йæ рæзты, уæд нæм бахудт. Сосланæн дæр йæ зæрдæ барухс и. Уæд æз Сосланæн афтæ зæгъын: «Худгæ нæм хорз куы бакодта ацы чызг, уæд ацы хъуыддагæн куыд бакæнæм?» – «Æмæ йын цы кæнынмæ хъавыс, исты дæ кардæлвæстæй хæцын куынæ бахъæудзæн!» Уалынджы Бурæфæрныг Уысыби дæр кæцæйдæр фæзынд, мах дæр йæ хæдзары æрæййæфта. Æгас цæут, уазджытæ зæгъгæ нын загъта. – Куыд æнкъардæй бадут мæ хæдзары? Кæцон ыстут? Кæдмæ цæут, уый мын зæгъут?» Уæд ын æз афтæ зæгъын: «Мах Нартæй ыстæм. Фæрныглæг дæ хонынц æмæ дæм уынынмæ ’рцыдыстæм». «Уо, мæ хуртæ, уæдæ æз дæр уæ уындмæ куы бæллын. Нарты хъусгæ кæнын, фæлæ цын с’ адæмы нæ зонын. Никуы дæр дзы уынгæ фæкодтон искæй». – Уæдæ нæ кæд ысуазæгкæнай, уæд мах ыстæм усгур, мæнæ мæ кæстæр æфсымæрæн. – Æз Нарты куыннæ суазæгкæндзынæн, уæ иу фендмæ дæр бæлгæ куы кодтон, уæд! – Гъе уæдæ мах дæр æндæр ницы агурæг ыстæм. Уыйфæстæ Бурæфæрныг Уысыби ’хсæвæр ыскодта ’мæ нын загъта: – Чызг фенын дæр зын нæ уыдзæн, фæлæ уал æхсæвæр бахæрæм. – Махæн не хсæвæр æхсæвæр уæд уаид, дæ чызджы уал нын куы фенынкæнис. Уæд нæм чызг йæ уатæй дзуры: – Мæн цы уынын хъæуы? Кæд мыл уæхæдæг æрвæссут, уæд æз уæлдай ницы зæгъын. Ацы ныхасы фæстæ ’хсæвæр бахордтам æмæ суанг боныцъæхмæ уым фестæм. Чызджы дæр немæ ракодтам. Фæци йæ ныхас Уырæдз, фæлæ Хъусджынæг нæ рафыхт. Уæд Уырæдз Сосланмæ фæзылд æмæ йын афтæ: – Æз мæнг ныхас нæ загътон – ацы аг неппæты дæр сайдзæн. Уый фæстæ Батырадз фестад æмæ загъта: – Сымах иууылдæр мæнгныхæстæ фæкодтат, фæлæ ма ацы Хъусджынæг мæн фæсайæд! Хъусджынæгæн йæ уæлхъус æрлæууыди. Уый размæ дæр æй Уацилла не суагъта фыцын барæй. Батырадз æй фæфиппайдта ’мæ зæгъы: – Уациллайæн æз йæ лæппуйы къубал куыд ныллыгкодтон, афтæ йын йæхи къубал дæр ныллыгкæндзынæн. Æмæ йæ лæппуйы къубал сæджы куыд æмбийы, афтæ уый къубал дæр сæджы бамбийынкæндзынæн! Уыцы ныхæстæм Уацилла агæпкодта, æмæ Хъусджынæг рафыхти. Нарты тæрхонылæгтæ бахудтысты ’мæ загътой: – Махмæ Батырадзы хуызæн лæджыгъæдджын лæг ничиуал разындзæни. Уыйфæстæ Нарты тæрхонылæгтæ рувасдзарм адæмы ’хсæн Батырадзæн радтой. Æмæ сæ ныхас уыууыл ахицæн и. САТАНА ’МÆ ÆХСОНТЫ УÆЙЫГ Нарты Уырызмæг базæронд и. Уæд, зæгъы, Нартæ быгъдуаны хъомгæс рауагътой, æмæ Уырызмæджы рад æрхауди. Иу изæр æм Нарты кæстæр бадзырдта: – Гъе, Уырызмæг, ам дæ? – Ам дæн, цы хабар у? – Райсом быгъдуаны хъомгæс дæ рад у ’мæ нæ фехъуыстон ма зæгъ. – Уа хорз дыл æрцæуæд! Æмæ мæ сæрæн куы нæ дæн, уæд куыд ацæуон? – Ацы рад ма фехал, иннæ хатт дæ нал бахъыгдардзыстæм. Уырызмæг ницыуал загъта. Мидæмæ куы бахызти, уæд æй Сатана фæрсы: – Цы кæныс, нæ зæронд, дæ базгуытæ уагъдæй куы ’рбацыдтæ? Уагæры дын цы загъта Нарты кæстæр? – Уадиссаг ницы. Фæлæ быгъдуаны хъомгæс мах рад у, æмæ катайыл дæн, кæдæм ма фæцæуон зæронд-зæронды? – Дæу куынæ равзæрстаиккой, уæд гæнæн нæ уыди? – Иннæ радæн дам дæм нал фæдзурдзыстæм. – Цæй, иу рады тыххæй ницы кæны. Уый фаг мæхæдæг дæр ысуыдзынæн. Изæры Сатана йæ дзыггутæ цыбырдзагъд акодта. Рæуæды уæцъæф асыгъдæгкодта ’мæ йæ йæ сæрыл æркодта, иннæ хъуынтæ куыннæ зындаиккой, афтæ. Йæ рустæ мыдамæст акодта. Йæ дзыггуты цыбыр кæрдæнтæ андæгъта йæ цæсгомыл, æмæ йыл цыма гæзæмæхъуынтæ рахæцыд, афтæ зынд. Йæхиуыл лæгдарæс ыскодта ’мæ райсомы хъæркæны: – Гъе, Нартæ! Уæ хъомвос ратæрут æмæ цæ фæхизон! – Кæм цæ фæхиздзынæ, бæстæ дзæгæрæгсыгъд куы бакодта? – Уый мæхæдæг зонын. Сатана Нарты хъомвос æрбамбырдкодта, стæй Уырызмæгмæ бацыд æмæ йæ фæрсы: – Кæдæм фæтæрон фосы? – Кæдæм цæ фæтæрай, уый бæргæ ис. Фæлæ кæмæ разындзæн ахæм хъару ’мæ ахæм ныфс? – Бынбауай, цы лæг дæ! Æз сылгоймаг куы дæн, æмæ мæ ныфс куы хæссын, уæд ды куыд амардтай де уæнг? Зæгъ, кæдæм цæ фæтæрон? – Авд хохы фæстæ цæры Æхсонты уæйыг, æмæ цæ уырдæм фæтæр. Сатана Æхсонты уæйыджы бæстæм фæтардта Нарты фос. Хизы йе стыр рæгъау. Уæд дын Æхсонты уæйыг афтæ куы бакæнид йæхинымæр: «Уох-хай, ай мæ бæсты мæхицæй тыхджындæр ызмæлæг куы фæзынди. Æмæ чи уыдзæн, цымæ? Чи мæм æрбауæндыд?» Æхсонты уæйыг ысбадти йæ бæхыл æмæ рацæуы. Сатана йæм кæсы. Куыд æввахсдæр кæны уæйыг, афтæ бæрæгдæр æмæ стырдæрæй разынд. Барæджы къæхтыбынæй сыджыт хъæбысыдзæгтæй ысхъиуы, æмæ бæх йæ фæстæ уæрмытæ уадзы. Бæх йæ къæдзил рацъыкласы ’мæ бæласыл атыхсы, стæй йæ æд уидæгтæ раласы йæ фæдыл. Сатана старсти. Æрбаввахс и уæйыг. Йæ цæстыты къуырфытæ – цæджджинаджы йæстæ, йæ фындзырагъ – æртæ лæджы дæргъæн. Йæ дзых та – стыр къутуйы йас, дæндæгтæ – дуæртты йæстæ. Æбацыди уæйыг æмæ фæрсы Сатанайы: – Ай æмæ чи дæ, дзигло? – Хъомгæс дæн. – Æмæ кæй хъом хизыс? – Нарты хъом. – Ау, æмæ уæд Уырызмæджы нæ зоныс? – Куыннæ йæ зонын! Æгæр хорз дæр ма йæ зонын. – Мæнæй кадджындæр ма уæд? – Уый кадæн æмбал кæм ис! Уырызмæг ахæм лæг у, æмæ гал аргæвды, Æртæ Нарты ’рхоны, æмæ Æртæ Нарты иу гал иу бонмæ хæрд нæ фæвæййынц. – Æндæр ма йæм цы миниуæг ис? – Уазджытимæ куы фæбады, уæд се мныуæзт кæны. Æгас адæм сæ сæрæн нал вæййынц, фæлæ Уырызмæгыл зынгæ дæр нæ фæкæны йæ нуæзт. – Æндæр ма? – Æндæр куы зæгъай, уæд бынтон диссаг та йе фсин у – Сатана. Уый тъæпæнæджы карз ронг бантауы. Стæй Æртæ Нарты ’рхонынц. Æмæ уыцы ронг Æртæ Нарты нуæзт нæ фæвæййынц – ахæм бæркадкъух æфсин у. Æнтаугæ та йæ æхсæвы бакæны, æмæ йын боныцъæхмæ сæнхъизы, нуазынæн фæбæззы. – Уыдон хорз, фæлæ, Нарты хъомгæс, райсом мæ хуындмæ хъуамæ ’рцæуай – фендзынæ, кæддæра мæн та адæм куыд зонынц. Сатана сразы и. Иннæ райсом Æхсонты уæйыг гал аргæвдынкодта. Æрхуыдта, Æртæ Нарты цы уыдысты, уымæй æртывæр адæмы, æмæ Сатанайы дæр æркодтой. Гал уæларт афтæ тынг ыснæрсти, æмæ ма ноджы иуахæм куывды фаг дæр уыди. Фæрсы Æхсонты уæйыг Сатанайы: – Цæй, куыд дæм кæсы, Нарты хъомгæс, мæ фынгæвæрд? – Тынг хорз. Нарты фынгæвæрдæй æртæ хатты хуыздæр! Дыггаг бон Æхсонты уæйыг æмæ, кæй æрхуыдта, уыцы адæм фынгтыл æрбадтысты ’мæ нуазынц, хæрынц. Æхсонты уæйыг уыйбæрц нуазы, æмæ бадтыадæм цас нуазынц, уымæй æртæ хатты фылдæр. Адæм ныррасыг ысты, фæлæ Æхсонты уæйыг æндæрхуызон дæр нæ фæци. Цыма ныртæккæ ’рбадт, йæхи афтæ дары. Æхсонты уæйыг та уæд Сатанайы фæрсы: – Цæй, цы зæгъыс, Нарты хъомгæс, Уырызмæджы йас мæ бон у бафæразын? – Иу нæ, фæлæ ма æртæ хатты фылдæр дæр бафæраздзынæ. Æхсонты уæйыг зæгъы уæд йæ усæн: – Бантау, карздæр нæй зæгъгæ, ахæм ронг, æмæ райсоммæ куыд сæнхъиза, афтæ! Уæд ын Сатана хинтæ скодта сусæгæй, æмæ райсоммæ ’ ндæрхуызон дæр нæ фæци сæ нозтаг. Æхсонты уæйыг фæрсы йæ усы: – Ранхъызти уыцы ронг. – Æндæрхуызон дæр нæ кæны! Уæд Æхсонты уæйыг фæдзурынкодта Нарты хъомгæсмæ. Æркодтой Сатанайы. Æхсонты уæйыг æй фæрсы: – Исты зоныс Сатанайы митæй, Нарты хъомгæс? – Афтæ – чысыл цыдæртæ... – Не фсин æнтуан бакодта, фæлæ йын не нхъизынц йæ нозтытæ. Цы бакæнæм? Фесæфдзæни уытæппæт хойраг. – Гъæй-джиди ’мæ ныр Сатана ам куы фестид йæхæдæг!.. Мæнæ мæ хызыны иучысыл цыдæр ис, æнхъæлдæн, Сатанайы хосæй. Сатана систа йе нхъизæн, доны йæ ауыдæста. Æндæр æнтуаныл æй акодта, æмæ сæнхъызтысты йæ нозтытæ, уæдæ цы! Куыд æй базондзынæн Сатанайы, уый мын бацамон зæгъгæ та дзуры Æхсонты уæйыг. – Æз æй Нартæй тыххæй дæр байсдзынæн. – Цы дын зæгъон, – дзуры Сатана, – мыййаг мын куынæ бахъуыдыкæнай мæ ныхæстæ, æмæ Сатанайы ’фсон æндæр искæй куы ’ркæнай. Тæрсын дын уымæй. Рæхджы мæ хъомгæсы рад фæуыдзæн, æмæ мемæ ку’ ацæуис, уæд дын æй комкоммæ бæргæ бацамонин. – Уæдмæ мын лæууæн нæй, Нарты хъомгæс, фæлæ дын бар ис хиз ме рцыдмæ дæ хъом мæ зæххыл. Æрмæст мын Сатанайы миниуджытæй истытæ радзур. – Мæнæ дын йæ миниуджытæ. Райсом, куыддæр хур Нартыхъæумæ йæ был ныддара, афтæ Нарты чындзытæ, сæ чызджытæ, устытæ хурыскæсæнырдæм цæудзысты сеппæтдæр дон хæссынмæ. Ды хурскæсæнырдыгæй лæу, æмæ цæм кæс. Хурытынтæ тынгдæр кæй ныхыл ахъазой, æмæ ирддæр кæй ных уа, уый – Сатана. Стæй ма ноджы: йæ дæллагхъуырæй сæууон ыстъалыйы ныв зындзæни. Дон куыддæр иса, афтæ цонджыхъултæй ыстъæлфæнтæ хаудзæни. Кæд уыцы миниуджытæй ницы рахатай, уæд æндæр искуы уыдзæн, æвæдздзæгæн, æмæ-иу æм банхъæлмæкæс. Æхсонты уæйыг рараст и Нартæм. Йæ зæрды уыд Сатанайы сæхимæ фæкæнын. Сатана йæ ’мбæрста – æвыдæй цæ нал ныууадздзæни уæйыг ныр Нарты. Куы цыди, уæд уæйыг бафæдзæхста йæ усæн: – Ме рцыдмæ мын ысцæттæкæн нозт æмæ хæрдæн цы хъæуы, уый. Къуырийы ’мгъуыдмæ ам уыдзынæн. Æхсонты уæйыг ацыд Нартæм. Йæ ус, цы хъуыди, уый бантыдта. Фæлæ та цын Сатан хин ыскодта ’мæ не нхъызтысты. Уæйыджы ус Нарты фыййаумæ фæдзырдта ’мæ йын зæгъы: – Дæ рын бахæрон, нæ лæг мæ мардзæни, исты хос мын ыскæн æмæ ранхъизой мæ нозтытæ. Уагæры, афтæ тынг цæмæй тæрсыс дæ лæгæй? – Сфизонæг мæ кæндзæни, ахæм туджы хицау у. Цы зæгъа, уый афоныл хъуамæ уа! Мæ уд мын рафтыдта! – Æз дæ рыны к’ уаин, – загъта Сатана, – уæд ын базонин, йæ уд кæм ис, уый æмæ дзы схъазин. – Уый бæргæ зонын, фæлæ раздæр нæ лæг уый басгары. – Уагæры кæм ис уыцы уд? – Аххæрæгæй тарвазы ’хсæн ис лагъз æвæрд, йæ мидæг чысыл хъама. Уый райс, æмæ йæ ’мбисы уонг ысластай зæгъгæ, уæд лæгæн йæ тых асæтты. Чысыл æй фæрæхуыстай, уæд та мæлгæ кæны. Æндæр ын ницæмæй ис мæлæт. – Хорз уæдæ, – зæгъы Сатана. – Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ дын дæхицæн лæгъстæйаг куыд фæуа! Æрмæст мын-иу, цы изæр æрцæуа, уыцы ’хсæв дæ дарæс авæр. Стæй йæ мæхи бар уадз. Дæ нозтытæ та дын æз сæнхъизынкæндзынæн. Иучысыл къæртайы дзаг дзы хицæнæй æрывæр, æмæ- иу дæхи мауал равдис иу æхсæв. Æхсонты уæйыджы ус йæ дарæс радта Сатанамæ ’мæ зæгъы: – Кæд дæ фæнды, уæд æртæ ’хсæвы дæр дæ бар. Æз ма дзы куы фервæзин! Æхсонты уæйыг Нартыхъæумæ ’рцыди, æрлæууыди хурыскæсæнырдыгæй. Райсомы Нарты сылыстæг дон хæссынмæ цыдысты, æмæ цæм Æхсонты уæйыг кæсы. Нарты фыййау ын куыд бацамыдта, афтæ хъахъхъæны, фæлæ дзы ахæм ничи разынди, æмæ уæд Нарты устытæй иуы фæуырæдта ’мæ йæ фæрсы: – Нарты Сатана бынаты ис? – Нæй. – Уæдæ кæм ис? – Нæ зонын, Уырызмæджы бафæрс. – Йæ хæдзар кæцы у? – Уæртæ, æппæты бæрзонддæр цы мæсыг у, уый цур – йæ хæдзар. Уæйыг Нарты уынгты ’рбацæуы. Нартæ йæм кæсынц. – Чи уа цымæ ай? – загъта йæ иучидæр. Бараст и Æхсонты уæйыг Уырызмæджы кæртмæ ’мæ бахъæркодта: – Уырызмæг, æддæмæ мæм ракæс! Хъæрмæ Уырызмæг лæдзæджынцæйтты рацыди. – Кæцы дæ уый? – Æз дæн, Æхсонты уæйыг! – Гъе, бынысæфт фæуай, кæд дæ цы Хуыцау æрхаста! Æмæ дæ цы хъæуы? – Сатана дын кæм и? – Ам нæй. – Дард ис? – Дард. Нарты фос хизы. – Кæм? – Æхсонты уæйыджы бæсты. – Ау, æмæ уым Нарты хъомгæс куы ис, гæзæмæмилджын, иу быллы! Сылгоймаджы мыггагæй дзы куы никæй федтон. – Гъе, гъеуый Сатана йæхæдæг у. Æхсонты уæйыг мæстæй рахсысти ’мæ фæхъæркодта Уырызмæгыл: – Гъе, куыйты Нарт, уæ ус дæр хин, уæ лæг та – дывæр хин. Æмæ Сатана æцæгæй дæр де фсин у, æмæ Нарты рæгъæуттæ хизы? – Æцæг! Æхсонты уæйыг зæронд Уырызмæгмæ февнæлдта, йæ фæсарц æй авæрдта ’мæ загъта: – Уæдæ дæ æз мемæ хæссын. Уыцы фыййау Сатана куы нæ разына, уæд фендзынæ – æз дæ мæ дзабыртæ байсæрддзынæн. Рацыди Æхсонты уæйыг. Цæуынц. Уырызмæгмæ æрæджиау фæсмон æрцыд: «Цæмæн æй ысхъæркодтон Сатанайы, а мæхæдæг сæфын, æмæ уый æгъгъæд нæу?» Æрхæддзæ сты Æхсонты уæйыджы хъæумæ. Сатана уæйыджы усы хуызы, карз ронгæй йедзаг нуазæн рахаста уæйыгмæ. – Уæ, нæ лæг! Кæдæм цыдтæ? Нарты хъомгæс кæд разындис Сатана йæхæдæг. Бафæдзæхста мын, цæмæй дæуæйуымæ хæрзæггурæггаг фæуон. Айс мæ къухæй ацы нуазæн. Æхсонты уæйыг ысцинкодта, райста нуазæн æмæ сонтфарст акодта йæ усы: – Æмæ кæм и ныр? – Йæхи дæм цæттæкæны, йæ дарæс ивы. Æхсонты уæйыг фырцинæй нуазæн анызта. Стæй æрхызти йæ бæхæй, райста Уырызмæджы дæр æмæ йæ баппæрста Сатанайы размæ, йæхи ус æй æнхъæлдта. – Уыцы зæронды мацы фæкæнут, мæн хуыссæг ахсы, æмæ иучысыл арæдзæмæдзæкæнон. Æхсонты уæйыг йæхи ’руагъта, æрхуыссыд, йæ хъама йе ртты дары. Стæй æрфынæй и сындæггай. Уæд дын Сатана Уырызмæгæн афтæ: – Гъеныр нæ сæр бахъуыд нæ дыууæйы дæр. Æз ын йæ нозтыл фынæйыхос акодтон, æмæ нын фæстиатгæнгæ нал у. Бацыдысты Сатана ’мæ Уырызмæг Æхсон уæйыгмæ. Уырызмæг хъамайыл фистонырдыгæй ныххæцыд, æмæ йæ мбисмæ сласта – уæйыджы ныфс асасти, æрмæст ма мидызмæлдкодта. Сласта хъама, æмæ йæ тых асасти бынтондæр уæйыгæн. Хæцы хъамайысæрыл Уырызмæг æмæ дзуры: – Уæлæмæ сыст, Æхсонты уæйыг, кæд дæ мыййаг Сатана хъæуы! Кæннод æй кæнгæ кæнын! Æхсонты уæйыг фехъал и, афæлвæрдта ма йæ тыхтæ, фæлæ йæ уæдмæ Уырызмæг барæхуыста, æмæ ныззырзыркодта уæйыг. Иу богъ ма фæкодта, стæй адæргъ и ’мæ амард. Сатана Æхсонты уæйыджы усæн радта фæстæмæ йæ дарæс æмæ загъта: – Фервæзтæ ныр дæ хъиамæтæй. Ус дæр ын арфæтæ фæкодта Сатанайæн. Стæй йæ цæгатмæ цæуыныл ныллæууыд. Уырызмæг æмæ Сатана Нарты хъомвосимæ баиукодтой Æхсонты уæйыджы фос дæр, стæй хъазгæ ’мæ худгæ ’рфардæг ысты сæ бæстæм. Куыддæр Уырызмæг æмæ Сатанайы ауыдтой Нартæ, афтæ сæ цинæн кæрон нал уыди ’мæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг ызгъордтой. Уырызмæг æмæ Сатана Нартæн ыстыр куывд ыскодтой. Нартæ-иу къуырийы дæргъы бадтысты фынгтыл. Уырызмæг æмæ Сатана Нарты фос байуæрстой уыйфæстæ – алкæмæн йæхион радтой. Æхсонты уæйыгæй цы фос фæкодтой, уыдон дæр Нартыл байуæрстой æмхуызон. Нартæ дæр арфæгæнæг систы Уырызмæг æмæ Сатанайæн. Сæ фосы ддейы ма цæм ноджы фос бафтыди. Ис исы нæ мары. САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД АМБЫЛДТА Нарты Уырызмæг кадджын æмæ номдзыд лæг уыди. Стæры дæр, æнæуый хъуыддаджы, бынаты, куывды – иуыл Уырызмæджы фарстой. Уырызмæгмæ фæллой дæр бирæ уыд. Æмæ дам иуахæмы Уырызмæг Сатанайæн афтæ зæгъы: – Цымæ æнæ мæн цы уаис? Цы кæнис, æз дын куынæ уаин уæд? – Цæрин æз дæр иннæты хуызæн, æндæр цы кæнин! – Уæй, ницы бакæндзынæ! Фæллой æз кæнын, ды сылгоймаг дæ. – Сылгоймаг фылдæр фыдæбонкæны, фæлæ йæ фыдæбон нæлгоймаджы цæсты н’ахады. Уæдæмæ дæ Нартæ дæр мæ руаджы зонынц. Æз цыфæнды мæгуыры дæр цæрæглæг ыскæндзынæн. – Уæдæ Нартæм Сырдонæй мæгуырдæр ничи ис, æмæ гъеуый ысцæрæгкæн. – Ма кæн! Æз Сырдонмæ ку’ ацæуон, уæд де ввонг фæллæйттæй æрмæст иунæг афæдзмæ дæ рæбыны ницыуал аззайдзæни. – Хæснаг ыскæнæм! – Скæнæм! Сатана Уырызмæгæн ницыуал загъта уыйфæстæ. Ацыди Сырдонмæ. Бадзырдта йæм: – Ам дæ цы, Сырдон? – Ам бæргæ дæн. Мидæмæ. Кæцæй фæдæ, Сатана? Сатана къæсæрæй куы бахызт, æмæ къонайы цур цы ныллæг бандон уыд, уыууыл куы ’рбадти, уæд афтæ зæгъы: – Сырдон, ныр иумæ куы ’рцæриккам, уæд дæм куыд кæсы? – Уый та куыд? – Нæ лæгимæ хæснаг ыскодтон, æмæ иу афæдз хъуамæ фæцæрон дæ хæдзары. – Дыууæ афæдзы дæр! Табуафси, чи дæ нæ уадзы! Æгайтма мæ дæ сæрмæ хæссыс! Сатана Сырдонтæм æрцарди. Иугæндзон æй куы иу ранмæ, куы иннæ ранмæ рарвитбарвиткодта Сатана. Сырдоны ’рцыдмæ та йæ хæдзар – алцæмæй дæр рæвдз, æфснайд æмæ сыгъдæг. Сырдон бынтон æндæр Сырдон фестади. Нарты адæм дисы бафтыдысты. Сырдоны хорзы кой цæм иу æмæ дыууæ хатты не рцыд. Хъуыста цын Сырдон сæ ныхæстæм æмæ-иу цæ радзырдта Сатанайæн сæхимæ. Сатана Сырдонæн цалдæр фæлысты дзаума бахуыдта ’мæ йын цæ фæивынкодта фосыл. «Ничи кæсы Сырдонмæ! – дзырдтой Нарт. – Фосæй дæр æххæст æмæ дарæсæй дæр!» – Цымæ нæхион та цы фæзæгъы? – афарста йæ иу хатт Сатана Сырдоны. – Рагæй нал вæййы Ныхасы, фæлæ йæм мæ хъус дардзынæн. Нартæ кæрæдзийы рахонбахонкодтой. Уырызмæгмæ-иу куы барвыстой, абад нæм зæгъгæ, уæд-иу хонæгæн загъта: – Фысымтæн арфæ ракæн, ацæуын мæ бон нæу, мæ хæдзары зылдтытæ нæма фæдæн. Афтæмæй æнæхъæн афæдзы дæргъы Нартæй Уырызмæджы хæдзары ничиуал уыд, нæдæр цæ Уырызмæг бацыд искæйы хæдзармæ. Æрæввахс афæдзы бон. Уырызмæджы стыр фæллæйттæ ’мбис фесты. Æрхæстæг Нарты Афæдзы бæрæгбон дæр. Тыхсы Уырызмæг, уæдæ ма цы ’гъдауæй ыскæна Сатанайы фæстæмæ йæ хæдзармæ. Уæд дын иу бон Сырдон хæрзарæзтæй, цæхæртæ калдта, афтæмæй рацыд Нарты Ныхасмæ. Нартæ йыл сæ цæст æрывæрдтой. Уырызмæг Ныхасмæ куыд бацыди, уый та зонгæ дæр ничи бакодта. Арфæ дæр цын бæргæ ракодта Ныхасы адæмæн Уырызмæг, фæлæ йæ æгæрыстæмæй куыдзыхъуыды дæр ничи ’ркодта. Уæд Уырызмæг хъуырхъуыргæнгæ раздæхти фæстæмæ йæ хæдзармæ. – Нартæ иуыл Сырдоныл сысты, мæнмæ дзы кæсгæ дæр ничи ’рбакодта. Ме сæфт хуыздæр у ахæм цардæй, – дзырдта Уырызмæг. Бацыд сæхимæ ’мæ мæстæлгъæдæй ныххаудта йæ хуыссæны. Уæд дын иу бон Хæмыц Уырызмæгæн афтæ зæгъы: – Уырызмæг, цæмæн худинагкæныс мах дæр æмæ дæхи дæр? – Цæмæй уæд? – Куыннæ! Сатанайы фæсырдтай. Дæ хæдзармæ ничиуал цæуы. Уæд дын уый цавæр цард у? Гъе, Хæмыц, зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Фæцу ’мæ йын зæгъ уыцы усæн: йæ хæдзармæ рацæуæд. Иуæй Нарты бон æрæввахс и, иннæмæй хæдзар бынтон æдзæллагмæ ’рцыд. Æгъгъæд ыскæнæд йæ хивæнд митæн. Хæмыц уыцыиуцыд ракодта Сырдонтæм æмæ тызмæгæй афарста Сатанайы: – Æппын дæм дæ хæдзармæ цæуыны фæнд нæма и? – Нæма! – Худинаг у, Сатана. Уырызмæджы тых асаст æмæ йæ йе зæрыбон иунæгæй куыд уадзыс? – Æмæ йын кæй аххос у? Йæхæдæг мæ нæ рарвыста? – Зæронды зонд... Чи зоны, исты рæстмæ нæ загъта ’мæ йæ уæд æппарынмæ хъавыс? – Цæй, хорз. Ацу ’мæ йын зæгъ: кæд мын ме ссыдæн æгъдау ыскæндзæн, æмæ мын Æртæ Нарты, мæн куыд фæнды, ахæм уагыл æрхондзæн, уæд цæуын, кæннод – нæ. Хæмыц Сатанайы фæндон сæмбæлынкодта Уырызмæгыл. – Цы йæ фæнды, уый кæнæд, – загъта Уырызмæг. – Мæнæ ма йæ хæдзармæ ’ркæсæд æрмæст. – Разы у Уырызмæг дæ фæндоныл, – загъта уыйфæстæ Хæмыц Сатанайæн. Уæд Сатана фæсидти Сырдонмæ ’мæ йын афтæ: – Цæй, Сырдон, ис дын ныр алцы дæр, æмæ цæ ма фесаф, æз нæ зæронд лæгмæ цæуын. Бузныг, Сатана, дæ лæггадæй зæгъгæ загъта Сырдон. – Рох мæ нæ уыдзысты дæ бирæ хæрзтæ. Æмæ рацыдысты Хæмыц æмæ Сатана Уырызмæгтæм. Уырызмæг сынтæгыл хуыссы, æмæ йæм Сатана дзуры: – Гъе, зæронд, цы дуарахæсты мæ бакодтай? Нырма м’ афæдзы бон куынæма ’рцыд. – Мæнæ дæ хæдзармæ ’ркæс, – ай сæфтмæ куы ’рцыди бæстæ. Афæдзы бонмæ мæ куыд кæсынкæныс? – Цы зæгъон – æцæгæй дæр хъæмпдон куы фестад нæ хæдзар, фæсал æмæ быронæй куы байдзаг. Хæрæг дзы куы нæуал фæзындзæн! Уадидæгæн афснайдта хæдзар Сатана. Стæй Хæмыцæн зæгъы: – Кусæрттæгты кой бакæн æмæ мын æрхон Æртæ Нарты. Хæмыц, цы хъуыди, уыдон иууылдæр арæвдзкодта. Уæдмæ Сатана алцыдæр йæ раны æрывæрдта. Фынгтæ ’рцæттæкодтой, æмæ Хæмыц фæдзырдта Сырдонмæ: – Нартæм фидиуæг фæу! Сатана дын уыйас лæггад фæкодта, æмæ Æртæ Нарты абон Уырызмæджы хæдзармæ куыд æрцæуой. Сырдон Нартæм фидиуæг фæци. Чыртæ-чыртæй æмæ къордтæ-къордтæй цæуын байдыдтой Нартæ. Сатана Нарты ’рцыдмæ Уырызмæджы фæлыст раивта ’мæ йæ хæдзары, рæбынæй, æрбадынкодта къæлæтджыныл. Нартæ цыдысты, Сатанайæн арфæтæкодтой, æмæ Уырызмæджы цур алчи йæхицæн бынат ардта. Æрымбырд ысты Нартæ. Ахæм фынг æрывæрдта Сатана, æмæ фынгтæ тасыдысты. Нуæзт уæлдон фестади, хæринаг – фылдæр. Стæй Сатана Уырызмæгмæ дзуры: – Гъе, зæронд! Исты ракув Нартæн. Хæйрæг дæ ’мæ мын хæйрæджы митæ бакодтай зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Уæдæ ма зæгъ, æз дын куынæ уаин, уæд цы дæ бон у? – Ницы! Ницы!.. – загъта Уырызмæг. – Гъемæ дæм мой дæр мæхæдæг ыскодтон, æмæ дæ аразгæ дæр мæхæдæг кæнын. Иу абонæй иннæ абонмæ фесты Нартæ хуындуаты Уырызмæг æмæ Сатанамæ. Уыйфæстæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. НАРТЫ ’ФСАРМ ÆМÆ САТАНА Нартæ балцахуыр уыдысты. Æмæ та ныр дæр иуран æрынцадысты Нарты адæм æмæ тæрхонкæнынц. Æзныгъыбæстæм чи фæцæуид, уый бæргæ фылдæр фæллой фæкæнид зæгъгæ загъта хистæртæй иу. – Доныбылцæрæг æлдармæ уыйбæрц фæллой ис, æмæ цыл цæст не ххæссы. Уырдæм фæцæуын – æвæсмойнагдæр у, – загъта иу æндæр чидæр. – Тулоныбæстæ æнæхæрд у, уырдæм куы фæцæуиккам, уæд фагæй фылдæр фæллой бафтид нæ къухы, – зæгъынц кæстæртæ. Нæ фидыдтой Нартæ, æртæ фæнды цæм уыди, æртæрдæм хæцыдысты. Æмæ ’рмæст æртæ боны фæстæ ’рцыдысты иу фæндмæ: хистæртæ ацæуæнт Æзныгъыбæстæм, астæуггæгтæ – Доныбылцæрæг æлдармæ, æмæ кæстæртæ та – Тулоныбæстæм. Æртæ къуырийы фæстæ хъуамæ сæмбæлой, мæнæ цы ранæй цæуынц, уым. Хистæртæн раздзæуæг Уырызмæг уыди, иннæтæн – Сослан, кæтæртæн – Батырадз. Цæуынц хистæртæ ’мæ ныххæддзæ сты Æзныгъыбæстæм. Иумæ цæугæйæ нын нæу зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Цынæ ’рцæуы: уæд та сæфæм, æмæ нæ фæдисхъæргæнæг бахъуыд. – Ды ам лæу. Мах цæуæм æмæ нæ кæд къуыримæ ницы бæрæг хабар уа, уæд-иу аздæх фæстæмæ. Уырызмæг ныллæууыди. Нарты хистæр фæлтæр Æзныгъыбæстæм бацыдысты ’мæ цæ куывды бадгæ баййæфтой. Нартæ цæм дзурынц: – Уæ куывд барст уæд! – Алыбон æгас нæм цæут. Сбадут, уæ хорзæхæй. Кæцæй ыстут, чи стут? – Мах нæртон адæм ыстæм. Нарты коймæ Æзныгъ-æлдар йæ бандонæй фесхъиудта ’мæ бамбарынкодта йæхиуæттæн сæхи ’взагæй, цæмæй Нарты фыдрасыг фæкæной. Ныккалдтой цыл нуазæнтæ Нартыл, æмæ Нартæ кæрæдзийы дæр нал æмбæрстой, ахæм расыг фесты. Æзныгъ-адæм цæ расыгæй талынг ныггæндты ныккалдтой æмæ цыл дуæрттæ фидар сæхгæдтой. Астæуггæгтæ дæр ныххæддзæ сты Доныбылцæрæг æлдары бæстæм, æмæ Сослан зæгъы: – Иумæ цæугæйæ нын нæу. Иу нæ фæстæдæр фæлæууæд, кæннод цынæ вæййы! Иу сæфт куы фæкæнæм, уæд нæ фæдисацæуæг дæр нал уыдзæни. – Ды неппæтæй дæр æвзыгъддæр дæ, æмæ нæм æнхъæлмæ кæс, – загътой Нартæ Сосланæн. – Къуырийы бонмæ дæм кæд ницы хъуыса, уæд- иу фæдис фæу Нартæм. Бацыдысты Нарты уыцы хай Доныбылцæрæг æлдармæ. Чызг æрвыста æлдар, æмæ йын Нартæ арфæ ракодтой. – Абадут, уазджытæ, дæрддагхуыз уын ис, æмæ исты саходут. Чызг æрвитæм æмæ – саггагкæнут, – загъта цын æлдар. Нартæ дæр æрбадтысты. Кæцæй цæут уæдæ зæгъгæ цæ фæрсынц. – Мах – Нартæ стæм, æмæ мæнæ айонг æрхæддзæ стæм. Уæд та уыдоны дæр фæрасыгкодтой æмæ цæ ныггæндты ныккалдтой. Кæстæр Нартæ дæр сæ ранмæ фæхæддзæ сты, Тулоныбæстæм, æмæ Батырадз зæгъы: – Иумæ цæугæйæ нын хорз куынæ рауайа, иу нæ фæдисхъæргæнæг ныллæууæд. Дæуæй цæрдæгдæр нæм ничи ис, Батырадз, зæгъгæ загътой Нартæ. – Ам ныллæу. Кæд нæ хабар нæ уа къуырийы ’мгъуыдмæ, уæд-иу фæдисхъæргæнæг фæу дæхæдæг Нартæм. Батырадз уым баззад. Кæстæр Нартæ бацыдысты Тулоныбæстæм. Уым се ’лдар йæ фыртæн лæппуйы куывд кодта, æмæ цæ Нартæ афтæмæй баййæфтой. Арфæ цын ракодтой. Æмæ Тулоны ’лдар дзуры: – Абадут, уазджытæ, нæ цинагыл нын бацинкæнут, лæппуйы куывд у. Фæлæ кæцæй цæут æмæ кæдæм, уый дæр зæгъут. – Нартыбæстæй цæуæм, айонг уал æрцыдыстæм. Тулоны ’лдар, уазджытæ чи сты, уый куы базыдта, уæд цæ фæрасыгкодта. Стæй цæ талынг ныггæндты ныккалдтой æмæ цыл уым дуæрттæ фидар ныхгæдтой. Уырызмæг, Сослан æмæ Батырадз хицæнтæй хъуыдыкæнынц, уæдæ кæм ысты Нартæ, кæдмæ цæм æнхъæлмæкæсæм? Уæд дын Уырызмæг мæгуыры дарæс ыскодта, йæхи афтæ адаста, æмæ йын базонæн нал уыд. Ныццыди Æзныгъыбæстæм æмæ иу хæдзары ’рфысымкодта. Хæдзары лæгæй ничи уыди, иу ацæргæусы йæддæмæ. Ус Уырызмæджы сæхи хуызæн мæгуыр лæг фенхъæлдта. Цы йæм уыд, уымæй йыл бауызæлыд. Бахатыркæн, уазæг, зæгъгæ загъта фысым. – Цыбыркъух адæймагæн Хуыцау цы радта, уымæй дæ хынцын. Кæцæй цæуыс? Æз дæн Нарты рæгъаугæс зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Мæ фос мын фæтардæуыд æмæ сæ фæд-фæд ардæм æрхаудтæн. – Ма тæрс, уазæг, Нартæ сæхæдæг дæр хуыздæр ран не сты. Не ’лдар цæ ’рцахста ’мæ цæ йæ ныггæнды дары. Уыйадыл ус ауади ’мæ фехъусынкодта йе ’лдарæн: – Дæ фыдæхæй фесæфон, не ’лдар. Нарты хъомгæсæн йæ фос фесæфтысты ’мæ уыдон агуры. Æлдар Уырызмæджы скæнынкодта йæхимæ ’мæ йæ фæрсы: – Нартæн цы фыддæр ми бакæнон, уый ды зондзынæ, æмæ мын æй зæгъ – мæ рагон ызнæгтæ сты. Æртæ миниуæджы ис уый тыххæй æмæ дзы иу зонын, – загъта Уырызмæг. – Зæгъдзынæн дын æй, фæлæ æз – де уазæг, мæгуыр дæн æмæ мæ ма бафхæр. Дыууæ лæджы мæм æрбакæн. Æлдар æм дыууæ лæджы ’рбакæнынкодта. Сæ иу – бæрзонддæр, иннæ – ныллæгдæр, æмæ цæ Уырызмæг фæрсы: – Нартæмвæндаг уæ хорз чи зоны? –Æз, мæнæ мæхæдæг. Æртæ азы йæм рæгъаугæсæй фæхаттæн Уырызмæгмæ. – Уæдæ йын йæ ус Сатанамæ фæцу ’мæ йын зæгъ: Нарты хъомгæсæн йæ фос фесæфтысты. Нартæ фыдраны сты, æмæ даргъхъуыр дурын æмæ гоцъоби, ронгæй дзаг куыд уой, афтæмæй рарвитæд. Лæгтæ ку’ ацыдысты, уæд Уырызмæг æлдарæн афтæ зæгъы: – Уыцы ронг Нартæн баназынкæндзынæ ’мæ цын-иу уыйфæстæ кæс уæд сæ митæм. Уæд Сослан дæр фыййауы хуызы ацыди Доныбылцæрæг æлдармæ. Уым иу мæгуыр хæдзары ’рфысымкодта. Фысым æй хорз федта, стæй йæ фæрсы: – Кæцæй дæ, мæ буц уазæг? – Æз дæн Нарты фысгæс, – загъта Сослан. – Мæ фос фесæфтысты, сæ фæд ацырдæм рацыди, æмæ уыдон фæдыл рахаудтæн. Куынæ цæ ссарон, уæд мæ Нартæ уæхстыл ысфизонæгкæндзысты. – Ма тæрс Нартæй, – загъта фысым, – не ’лдар цæ ныггæндты ныккалдта, æмæ сæ уд æрдуйæ нарæгдæр ысси. Чи ма цæ ауадздзæн? Уæд уыйфæстæ фысым йе ’лдарæн афтæ зæгъы: – Дæ фыдæхæй фесæфон, мæ ’лдар! Нарты фысгæсæн йæ фос teq8tr{qr{ ’мæ цæ агуры. Дæлæ хъæуы бады йæхæдæг. Доныбылцæрæг æлдар Сосланы скæнынкодта ’мæ йын афтæ зæгъы: – Нартæн цы фыддæр ракæнон, уымæн ды исты зондзынæ. Мæ рагон ызнæгтæ сты, æмæ мын æй бацамон. – Æртæ миниуæджы ис уымæн, фæлæ дзы æз æрмæст иунæг зонын. Нартæм фæндаг чи зоны, ахæм лæгтæ мæм дыууæ ’рбакæн. Æлдар æм æрбакодта иу коса ’мæ иу хъуынджын лæджы. Сослан цæ фæрсы: – Нартæм уæ фæндаг чи зоны? Мæнæ мæхæдæг зæгъгæ загъта косалæг. – Æз æртæ азы дæргъы фæкуыстон рæгъаугæсæй Сосланмæ. Иухатт мæм фæмæсты и ’мæ мын мæ сæр цæгындаст ныккодта. Уæдæй фæстæмæ мыл хъуын нал хæцы. – Уæдæ Нарты Сатанамæ фæцæут æмæ йын зæгъут: «Уæ фысгæсæй уын пайда нал и, Нартæ фыдраны сты, де ртæазыггон ронгæй мын бæрцæй æртæ нуазæны рарвит, – загъта Сослан. – Уыцы ронг зынгыл сæвæрдзынæ, æмæ цын ыстæй кæсдзынæ уæд уыйфæстæ сæ митæм. Коса ’мæ хъуынджын лæг Нартыхъæумæ ацыдысты. Батырадз дæр, фæцæуон æмæ бабæрæгкæнон м’адæмы зæгъгæ рараст и Тулоныбæстæм æмæ уым иу хæдзары ’рфысымкодта. – Нарты бæхгæс дæн, æмæ мæ бæхтæй иу цалдæр фæхъуыди, – загъта Батырадз. – Сæ фæд ацырдæм рацыд, æмæ цæ куынæ ссарон, уæд додойаг кæны мæ сæр – æгас мæ нал ныууадздзысты Нартæ. Ма тыхс зæгъгæ загъта фысым. – Нартæ уæртæ не ’лдары ныггæндты лæзæрынц. Цы хъом дын ысты! Уыйфæстæ Батырадзы фысым ауади йе ’лдармæ ’мæ йын дзуры: – Дæ фыдæхæй фесæфон, ме ’лдар! Иу бæгхæс йæ бæхтæ агуры, æмæ кæд у Нарты бæхгæс! Тулон-æлдар Батырадзы йæхимæ скæнынкодта. Нартæ мæ рагон ызнæгтæ сты зæгъгæ йын загъта. – Цы фыддæрхуызы цæ фæцæгъдон Нарты, уымæн мын исты бацамон. – Уымæн ис æртæ миниуæджы. Сеппæт чи зоны! Фæлæ дзы иу бадардтон æз дæр мæ зæрдыл. Æрбакæн мæм, Нартыхъæумæ чи ацæудзæни, ахæмты. Æрбакодтой йæм дыууæ лæджы. Иу дзы бурсæр уыди, иннæ саусæр. Батырадз цæ фæрсы: – Нартæм уæ фæндаг чи зоны? Æз зæгъгæ загъта Бурсæр. – Нарты Хæмыцмæ ’ртæ азы уæлыгæсæй фæцыдтæн. Иу хатт мæм фæмæсты, йæ лулæ мыл ныццавта ’мæ уæдæй фæстæмæ хусысмаг кæнын. – Уæдæ цæугæут Нартыхъæумæ. Сатанайы ссарут æмæ йын зæгъут: «Уæ бæхгæсы бæхтæ фесæфтысты. Нартæ фыдраны сты ’мæ мын рарвитæд ме зныгъæг тагъддæр». Лæгтæ ацыдысты. Батырадз зæгъы Тулон-æлдарæн: – Уыцы зныгъæг ссудздзынæ, Нартæм æй бадардзынæ, стæй цын-иу кæс уæд уыйфæстæ сæ митæм. Сатанамæ раздæр æрхæддзæ сты Уырызмæджы ’рвыстлæгтæ. Сатана цæ йæхимæ бакодта ’мæ цæ фæрсы: – Уæдæ кæцæй цæут? – Æзныгъы ’лдарæй. – Æмæ уæ цы хъæуы? – Нарты адæмы ’рцахста Æзныгъы ’лдар æмæ цæ ныггæндты ныккалдта. Сæ хъомгæс дæм æрвиты: даргъхъуыр дурын æмæ дам мæ гоцъоби, ронгæй седзаг, афтæмæй ыстыр æхсызгонæн хъæуынц. Сатана бамбæрста Уырызмæджы дæлгоммæныхæстæ ’мæ загъта: – Уæдæ уал уæллаг уаты уæ фæллад æруадзут, цалынмæ æз, цы агурут, уый цæттæкæнон, уæдмæ. Сымах дардæй æрцыдыстут æмæ уал баулæфут – фæллад уыдзыстут. Уадзынц сæ фæллад Æзныгъы ’лдары ’рвыстлæгтæ. Сатана хъуыдыкæны: «Æххæст ма иумæ сты Нартæ, æви хицæнтæй, уый куы gnmhm, уæд æнцондæр уаид». Уалынмæ Сосланы ’рвыст дыууæ лæджы дæр æрхæддзæ сты. Сатана цæ йæхимæ бакодта ’мæ цæ фæрсы: – Кæцæй цæут, уазджытæ? – Доныбылцæрæг æлдары бæстæй. – Æнæхабар нæ уыдзыстут? – Уæ фысгæсы фос фесæфтысты ’мæ нæ дæумæ рарвыста: де ртæаздзыд рогæй йæ ’ртæ нуазæны хъæуы, кæннод ыл Нарт марынæй нæ бацауæрддзысты. Дæллаг уаты уал уæхи ’руадзут зæгъгæ цын загъта Сатана. – Фæллад уыдзыстут, æмæ уын цæ ацæттæкæнон. Уазджытæ сæ фæллад уадзынц. Сатана йæхинымæр ныхæстæкæны: «Æххæст ма Батырадзæй исты куы фехъусин. Бæлвырд – æртæ дихы фесты». Цалынмæ Сатана уыцы хъуыдытæ кодта, уæдмæ Батырадзы лæгтæ ’рхæддзæ сты Сатанамæ. Сатана уыдоны дæр йæхимæ бакодта ’мæ цæ фæрсы: – Кæцæй цæут æмæ кæйонг, мæ уазджытæ? – Доныбылцæрæг æлдары бæстæй ыстæм æмæ айонг æрхаудтам. – Исты хабар, æвæдздзæгæн? – Фæдисы хабар – Нарты адæм не ’лдармæ ахстæй ысты, æмæ нын сæ бæхгæс бафæдзæхста: тынг æхсызгон æй хъæуы йе зныгъæг. Уæртæ уал фаллаг уаты уæ фæллад æруадзут зæгъгæ цын загъта Сатана. – Уæдмæ зныгъæг дæр цæттæ уыдзæн. Уазджытæ сæ фæллад уадзынц. Сатана йæхи лæгарæзт акодта. Райста ’ртæ нуазæны, сæ мидæг ронг. Райста ызныгъæг, йæ ком фидар æхгæд, афтæмæй. Стæй фæсидти Уырызмæджы ’рвыст дыууæ лæгмæ. – Чи уæ кæцы мигæнæнæй нуазы? Нарты ’гъдау афтæ у, исты куы фервитынц, уæд уал дзы раздæр нуазгæ бакæнынц. Бæрзонддæр лæг æмбæрста, Сатана цыдæр хин кæны, уый, фæлæ даргъхъуырджын дурынæй уæддæр хины ронг банызта. Лæг сæрра и ’мæ зæххыл сæмбæлди. Чысыл лæг ыстарсти ’мæ дзуры Сатанамæ: – Æз де уазæг ма мæ фесаф, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн. – Къухбастæй мын Æзныгъыбæстæм фæндаг бацамон. – Бацамондзынæн. Сатана чысыл лæджы цæнгтæ чъылдымбаст акодта, стæй фæсидти Сосланы ’рвыст дыууæ лæгмæ. Байдзагкодта æртæ нуазæны хинынозтæй æмæ зæгъы: – Нарты ’гъдау ма фехалæм. Исты цæ куы хастæуы, уæд дзы раздæр нуазгæ бакæнынц. Сатана фыдздзаг нуазæн авæрдта косалæгмæ. Уый йæ анызта, æмæ та уый дæр зæххыл сæмбæлди. Хъуынджын лæг фæтарсти ’мæ Сатанайæн лæгъстæкæны: – Дæ фыдæхæй фесæфæд мæ сæр! Ма мын баназынкæн дæ нуазæн. Цы мын зæгъай, уый дын сараздзынæн. – Уæдæ мын къухбастæй Доныбылцæрæг æлдармæ фæндаг бацамон. – Бацамондзынæн. Сатана чъылдымбаст бакодта хъуынджын лæджы къухтæ, иуварс æй акодта ’мæ фæсидти Батырадзы ’рвыстлæгтæм. Рахаста цæм ызныгъæг æмæ дзуры: – Бакæнут ма ацы зныгъæг. Бурлæг, Хæмыцы къухты куы уыди, уæд ма федта ахæм ызныгъæг. Райста ызныгъæг, йемæ куыд архайдта, афтæмæй ызныгъæджы хуылфæй фат фесхъиудта ’мæ бурлæджы сæр атæхынкодта. Саулæг уый куы федта, уæд фæтарсти ’мæ дзуры Сатанамæ: – Мæнмæ йæ ма радт. Фæлтау мын, цы зæгъыс, уый бакæндзынæн. – Тулоныбæстæм мын къухбастæй фæндаг бацамон, – загъта Сатана. – Бацамондзынæн. Сатана та уый къухтæ дæр ысбаста чъылдымырдæм, стæй загъта: – Ныр у, æмæ ды ацы зныгъæгимæ архайын нæ базондзынæ, фæлæ цæугæ мæ разæй Тулоныбæстæм. Сатана лæгдарæсы, афтæмæй йæ йæ разæй ыскодта, удæгас ма цы лæг баззади, уый. Иннæты, сæ къухтæ кæмæн бабаста, уыдоны: чысыл лæджы – Уырызмæджы ’рвысты, хъуынджын лæджы – Сосланы ’рвысты, ахæстæй ныууагъта Батырадзы ’рцыдмæ. Æрхæддзæ сты Тулоныбæстæм. Батырадз Сатанайы базыдта ’мæ Тулоны ’лдарæн афтæ зæгъы: – Дæлæ ’рцæуынц, кæмæ ’рвыстон, уыдон, æмæ сæ размæ ацæуæм. Рацыдысты. Батырадзæн йе зныгъæг йæхи куы фæци, уæд Тулоны ’лдары ’хсæрфарс афтæ ныдздзæхстласта, æмæ галиуфарсы дæндæгтæ рахизуæттыл андæгъдысты. – Хæрæг цыдæр, афтæ ’нхъæлдтай Батырадзæй, æмæ æцæгæй дæр Нарты бæхгæс у? Зныгъæгæй фæттæ систа Батырадз, æмæ Тулоны ’лдармæ цы ’фсад уыди – сеппæты дæр фæцагъта. Нарты кæстæрты суагъта ныггæндтæй. Цыдæриддæр ыссардтой фос æмæ хæзнайæ, Нартæм цæ ратардтой. Уæд Батырадз зæгъы Сатанайæн: – Абонæй фæстæмæ Нарты кæстæртыл дæуæй ыстыр хæс ис, æмæ нын дыууæрдæм дæр фидинаг æмæ нымаинаг фæуæд. – Æххæст ма Сосланы дæр фервæзынкæнын хъæуы, – загъта Сатана. Хъуынджын лæджы ракодтой Сатана ’мæ Батырадз. Æмæ Батырадз загъта: – Тагъд мæ разæй цу Доныбылцæрæг æлдармæ. Хъуынджын лæг фæтарсти ’мæ тæрхъусы лыгъд кодта сæ разæй. Ныххæддзæ сты ’мæ цæ Сослан базыдта. Кæмæ ’рвыстон, уыдон фæзындысты ’мæ сæ размæ ацæуæм зæгъгæ загъта Сослан æлдарæн. – Æмæ æз дыууæ лæджы ку’ арвыстон, уæд уыдон æртæ кæцæй баисты? – Æз æрвыстон æртæ нуазæнмæ. Нарты ’гъдау та афтæ у: алчи дæр иу нуазæн хъуамæ рахæсса, æмæ ма де рвыстлæгтæ семæ кæйдæр ракодтой, æвæдздзæгæн, æмбалæн. Æлдар æмæ Сослан рацыдысты Батырадзиты размæ. Кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Сослан ауыдта Доныбылцæрæг æлдары ’мæ йын зæгъы: – Ды æцæгæй афтæ ’нхъæлдтай, æмæ æз Нарты фысгæс дæн, хæрæг цыдæр? Ныххафт æй ласта ’мæ æлдар зæххыл сæмбæлди. Уыйфæстæ уыцы ’лдары хæзна ’мæ фæллой дæр ратардтой æмæ та Нартæм æрцыдысты. Нарты лæгты дæр семæ ракодтой. – Дæ фæрцы Нартæ ’мæ мæхæдæг дæр раирвæзтыстæм, дæуæй нæ стыр æфсарм ис æмæ нын фидинаг у дыууæрдыгæй дæр, – загъта Сослан Сатанайæн. – Уымæн ницы у, фæлæ Уырызмæджы дæр фервæзынкæнын хъæуы, æмæ йæм ацæуæм. – Æмæ нын фæндаг чи бацамондзæн? – Йе рвыстлæг ам ис. Ракодтой æрвыстлæджы, æмæ цыппарæй дæр фæраст ысты: Сослан, Сатана, Батырадз æмæ Уырызмæджы ’рвыстлæг. Бирæ фæцыдысты ’мæ ныххæддзæ сты фæстагмæ Æзныгъыбæстæм. Уырызмæг цæ базыдта, бацыд Æзныгъы ’лдармæ ’мæ йын афтæ зæгъы: – Цæмæ ’рвыстон, уый мын æрхæссынц æмæ сæ размæ ацæуæм. – Æз дыууæ лæджы арвыстон, æмæ уыдон та цыппар куы сты? – Нарты ’гъдау ахæм у: иу кувгæ фæкæны, иннæтæ – уоммен. Уый дыууæ лæджы сæхицæн, æвæдздзæгæн, уомменгæнджытæ ракодтой. Ацыдысты сæ размæ. Кæрæдзиуыл куы сæмбæлдысты, уæд Уырызмæг загъта Æзныгъ-æлдарæн: – Ды мæн æцæгæй дæр Нарты хъомгæс æнхъæл уыдтæ, хæрæг цыдæр? Ныссæрфта йæ йæ кардæй, æмæ æлдар дыууæ дихы фæци. Нартæй `uqr чи уыди, уыдоны суæгъдкодтой. Рахастой, хæзнайæ, фæллойæ æлдармæ цыдæриддæр уыд, уыдон иууылдæр æмæ ’рцыдысты Нартæм. Абонæй фæстæмæ Нарты хистæртæн ды се фсæрмиаг дæ, уыйбæрц ныфс кæмæ ис зæгъгæ загъта Нарты Хæмыц Сатанайæн. – Дыууæрдæм фидгæ нын фæуæд! – загъта Сатана. Уыйфæстæ Нарт ыстыр куывд ыскодтой æмæ æнæхъæн къуырийы дæргъы нал сыстадысты сæ фынгтæй. Уæдæй абонмæ, Сатанайы номæй баззади ’гъдау сылгоймагæн аргъкæнын, сылгоймаджы нымайын æмæ дзы ’фсæрмыкæнын. Нырдæр ма ис ахæм æгъдау нæ Иры. НАРТЫ САТАНА ’МÆ СОХЪЫР-ÆЛДАР Нартыл фыдаз, фыддуг ыскодта. Сæ фосы рæгъæуттæ ’ххормагæй цагъды кодтой æмæ стыхстысты. Сырдон цын афтæ зæгъы: – Мæнæн нæ фос и, нæ хос и, а-фæлæ уæхæдæг цæуылнæ ’рхъуыдыкæнут исты. Къибитырфæзмæ цæ фæтæрæд исчи. Уым зæххыл мит нæ хæцы, дзалагæрдæг дзы астæумæ зайы, æмæ цæ уым фæхизут. Нартæ мæты бацыдысты, уæдæ цæ чи фæтæрдзæни фосы Къибитыфæзмæ. Хæлттæ сæппæрстой, æмæ Уырызмæджы хал ысхаудта. Уырызмæг сæхимæ ’рбацыд æмæ йæхи мæстыриуыгъд æркодта къæлæтджыныл. Сатана йæ фæрсы: – Цы кæныс, мæ сæры хицау, цæуыл мæсты дæ? – Куыннæ уон мæсты! Нарты фос сыдæй цагъды кæнынц. Къибитыфæзмæ цæ скъæрынц, хæлттæ сæппæрстой, æмæ мæ хал ысхаудта. Ныр мын æдзæугæ нæй æмæ мæ ныфс нал хæссын. Цы бакæндзынæн уытæппæт фосæн? – Уыууыл мын мацæмæй тыхс, æз цæ аскъæрдзынæн дæ бæсты. Райсомы Сатана йæ уæлæ лæджы дарæс ыскодта, рацыд уынгмæ ’мæ ныхъхъæркодта: – Уæ фос ратæрут, Нартæ, æмæ уын цæ Къибитыфæзы фæхизон! Нартæ сæ фос рауагътой. Сатана цын Æрфæны сæ разæй ыскодта рæгъауæн. Миты цын фæндаг гæрста Уырызмæджы бæх, æмæ ныххæдзæ сты афтæмæй Къибитыфæзмæ. Къибитифæз сохъыр æлдары уыди. Уым йæ дыргътæй иутæ сыфтæр калдтой, иннæтæ рæгъæд кодтой. Афтæ йæ кæрдæг дæр, йæ хъæд дæр. Мит цыл нæ хæцыд. Сатана йæ фос ауагъта сæхи бар фæзы, йæхæдæг дыргътыл азылд. Уæд сохъыр æлдарæн фехъусынчындæуыд, дæ фæзы дын чидæр йæ фос хизы зæгъгæ. Сохъыр æлдар йæ бæхыл ысбадти ’мæ рацыди. Хъæр æмæ ахст систа, йæ хъæлæсы йæ ахаста Сатанайы. – Чи дæ, ай мæ зæхх куы у, уæд ардæм кæцæй æрхаудтæ? – Æз мæгуыр лæг дæн, æххуырстæй кусын Нарты Уырызмæгмæ. Сæ бæстыл залтымит, æнусыцъити ’руарыди. Нартæ хæлттæ сæппæрстой, æмæ Уырызмæджы хал ысхаудта. Æз йе ххуырст дæн, æмæ мæ ардæм рарвыста. Мæнæн та йæ коммæ æнæкæсгæ нæй. – Хорз, уæдæ мын зæгъ: рагæй дæ ’ххуырсты Уырызмæгмæ? – Рагæй, цалдæр азы. – Йæ ус Сатанайы дæр ын зоныс? Гъеуый мын мæ къухты куы бафтауис, уæд дын æз мæ чызджы радтин, – æрсабыр æлдар. – Уый зын хъуыддаг нæу. Къуырийы фæстæ æз Нартæм цæудзынæн, æмæ-иу ды дæр мемæ рацу. Мæ ныццыдмæ Уырызмæг уым нæ уыдзæн. Мæйбалцы фæцыди, æмæ дæ раст Сатанайы хæдзармæ бакæндзынæн. Сохъыр æлдар ма цы загътаид! Къуырийы фæстæ мит басау и. Сохъыр æлдар æмæ Сатана Нартæм рацыдысты. Куы ’рхæддзæ сты, уæд ын Сатана афтæ зæгъы: – Ам мæм фæлæу, æз зæгъон Сатанайæн. Сатана хæдзармæ бацыди, йæ дарæс раивта ’мæ загъта Уырызмæгæн: – Къибитыфæзы хицау Сохъыр æлдар мемæ ис, æмæ уал ды фæсдуар æрымбæхс. Стæй йæ мæхи бар уадз уыйфæстæ. Уырызмæг фæсдуар æрымбæхсти. Сатана дуармæ рацыди ’мæ загъта Сохъыр æлдарæн: – Мидæмæ, уазæг, фысым дын ыстæм. Сохъыр æлдарæн дæр æхсызгон куыннæ уыди ’мæ бараст и Сатанайы фæстæ. Дзуры йæм Сатана: – Бахатыркæн, нæ лæг ам нæма ис, æмæ æз, сылгоймаг, уыйбæрц кæцæй зонын – уазæг Хуыцауы уазæг. – Ницы кæны, Сатана, æз дæ уындмæ рагæй бæллыдтæн, фæлæ мæ къухы нырма ныр бафтыди ардæм æрцæуын. Сатана йын хæрд, нозт авæрдта йæ разы, лæггад ын кæны. Сохъыр уæйыгæн нозт йæ сæры бацыд, цухмухтæ райдыдта. Сатана уый куы базыдта, ай Сохъыр æлдар фæнозтджын зæгъгæ, уæд ын афтæ: – Дæхи уал æруагътаис хуыссæны. Сохъыр æлдары ма ’ндæр цы хъуыди! Йæхи сынтæгыл æруагъта. Фæлæ фынæй нæ кодта, аивтæй-аивтæй хъахъхъæдта Сатанайы. Сатана барæй разкъæрткъаба скодта. Хæдзар æфснайы, æмæ йæ знæгтæ куы фæзынынц, уæд та æлдарæн йæ зæрдæ бахъыдзыкæны. Рафтбафтыл ысси йæ хуыссæны. Уæд æм Сатана дзуры: – Бахатыркæн, уазæг, махон ам нæй – мæ сæрыхицау. Рæхджыты не рцæудзæн, фæлæ йын æз алы изæр йæ уд æхсгæ фæкæнын. Æмæ ныр нæ хæдзары лæджыкъахæй ды дæ. Дæ уд кæм и, уый мын зæгъ, æмæ дын æй ныхсон. – Мæ уд дæ разы цæджындзы. Сатана цæджындзыл цинтæкæны, стæй йæ ’хсы, сæрфтытæ йæ кæны. Сохъыр уæйыг æм кæсы ’мæ худы: – Мæ уд уым цы ми кæны? Дæ разы къонайыдзыхъы ис. Сатана та къонайыдзыхъ сæрфтытæкæны, æхсы йæ, уызæлы йыл. – Мæ уд уым цы ми кæны, Сатана? Мæ уд, фæсхох цы саг хизы, уый мидæг ис. Сатана фæмæсты ’мæ йын афтæ: – Æз дын лæггадкæнын, ды та мæ хынджылæгкæныс. Бауад Сатана фæсдуармæ ’мæ Уырызмæгæн сусæгæй дзуры: «Уайгæ фæсхохмæ, йæ уд цы саджы мидæг ис, уый уым кæмдæр хизы, æмæ йæ амар». Уырызмæг фæсдуæрттыл ахызти ’мæ ацыд. Фæхæддзæ и фæсхохмæ. Кæсы ’мæ – дыууадæс хосдзауы хос кæрдынц, æхсæзæй та – ссивгæ, æмæ мæкъуылтæ амайынц. Уырызмæг цæм дзуры: – Байриат, хосдзаутæ! – Хуыцауæй арфæгонд уай, хорз бæлццон! – Цавæр куыст кæнут уый? Æппын уын æрынцой куынæуал ис! – Цыфыддæр йæ сæры хай Сохъыр æлдарæн! Ам бонизæрмæ дыууадæсæй цы хос ныккæрдæм, уый æхсæзæй ыссивынц æмæ амайынц. Изæры саг æрцæуы, æмæ йын иу хъуыртты фаг дæр не свæййынц. Æмæ удхаркæнæм, æндæр цы нæ бон у! – Уæдæ мын ам æввахс æмбæхсæн æркæнут, æз уæ фервæзынкæндзынæн. Æмбæхсæн ын æркодтой хосдзаутæ Уырызмæгæн. Изæры саг хос хæрынмæ ’рбацыди. Уырызмæг æй фатæй фехста ’мæ йæ амардта. Акъæртт æй кодта ’мæ йын йæ хуылфæй тæрхъус систа. Тæрхъусы дæр акъæрткодта, æмæ уымæн та æртæ бæлоны систа йæ хуылфæй. Стæй цæ рахаста ’мæ цæ Сатанамæ радта. Æмæ йын уæд Сатана афтæ зæгъы: – Гъеныр бавдæл, æмæ акæн фæсивæды Къибитызæхмæ, æмæ Сохъыр æлдары фæллой æрхæссут Нартæм. Йæ чызджы дæр ын ракæнут. Уырызмæг Нарты фæсивæды акодта Къибитызæхмæ. Уырдыгæй ратардтой Сохъыр æлдары фосрæгъæуттæ ’мæ йын ракодтой йæ чызджы дæр. Цалынмæ Нартыхъæумæ цыдысты, уæдмæ Сатана бæлæттæй иуы къубал сыскъуыдта, æмæ Сохъыр æлдар рарынчын и. – Мæ уды бар мын чидæр базыдта, ме уæнгтæ риссынц, – загъта æлдар. – Цытæ дзурыс! Уый анызтай æмæ дæм уымæн афтæ кæсы. Уырызмæгимæ хъæугæронмæ куы ’рхæддзæ сты, уæд цæ Сатана базыдта ’мæ дыггаг бæлоны къубал дæр сыскъуыдта. Æлдар мæнгуды мидæг баззади. Ацархайдта ма уæлæмæ сыстыныл, фæлæ йæ бон нал баци. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг зæгъгæ загъта æлдар Сатанайæн. – Чидæр мын мæ уды бар базыдта ’мæ мæ мары, фæлæ мæ гъер афтæмæй куы ныууадзид! – Ды афтæ ’нхъæлдтай æмæ Нарты аныхъуырдзынæ, – загъта ма Сатана. Стæй æртыггаг бæлоны къубал дæр сыскъуыдта. Уæйыг йæ уд систа. Уæдмæ Уырызмæг дæр æрхæддзæ. САТАНА ’МÆ ÆРГЪÆН-УÆЙЫГ Нартæ дард балцы уыдысты ’мæ ’ппын нал зындысты сæ хæтæнтæй. Æргъæныбæстæйы царди иу уæйыг. Уый Нартæм йæ хъус дардта ’мæ куынæуал зындысты, уæд афтæ зæгъы йæхицæн: «Нартæй ничиуал зыны ’мæ цæм цон фæцæуон, мæхицæн дзы лымæнтæ скæнон сæ сылыстæгæй». Стæй æцæгæй дæр æрцыди уыцы уæйыг Нартæм. Хъæуы Нарты сæрæнтæй ничи уыд. Зæрæдтæ ма баззадысты ’рмæст æмæ Нарты сылыстæг, стæй, стæры цæуын й’ афон кæмæн нæма уыд, ахæм лæппын фæсивæд. – Хæдзаргай уыл зилдзынæн, – загъта уæйыг Нарты Ныхасы. Алы хæдзар дæр мæ срасыгкæнæд, изæрхуыссæн мын æркæнæд æмæ-иу мæ фарсмæ сылыстæг куыд уа! Нартæ катайкæнынц æмæ загътой: – Уоххай, ай нын тæлммæ рауайдзæни, æнæфыдбылыз нæ баззайдзыстæм. Исты нæ ’рхъуыды хъæуы. – Æмæ цы хъуамæ ’рхъуыдыкæнæм? Нæ сæрæнтæй бынаты ничи и. Мах бон та йын уæвгæ ницы бауыдзæни, – загътой зæрæдтæй чидæртæ. – Цæй, бафæрсæм æй, – зæгъынц иннæтæ. – Раздæр фысым кæмæ ’ркæндзæни? Уæйыг хъусæй хорз нæ уыд, фæлæ хъуыддаг бамбæрста. Раздæр цы хæдзар разына, уый мæ фысым зæгъгæ цын загъта уæйыг. Уæд Сатанамæ дыууæ лæппуйы барвыстой Нартæ: – Иу уæйыг нæм æрхаудта ’мæ хæдзаргай зилы. Æмæ йæ фыдздзаг фысым ды дæ. – Нартæй мæм авд хистæримæ ’рбацæуæд, æз цæттæ дæн, – загъта Сатана. Нартæ не мбæрстой Сатанайы фæнд æмæ катайкодтой: – Ай, æнæуаджы фидиссаг кæндзыстæм, æндæр ницы. Нартæ равзæрстой сæ нуазагдæртæй авд лæджы. Сатана цын загъта: – Гъеныр радыгай кæрæдзийы ивут, цæмæй фæрасыг уа уæйыг. Сатана цын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой Нартæ. Фыдздзаг лæг куы фæцудыдта, уæд дыггаг бацыд. Æмæ афтæ кæрæдзийы ивтой. Æхсæзæм лæджы рад куы ’рзылд, уæд æрбадти æхсæзæм дæр уæйыджы цур. Уæд Сатана зæгъы Нарты кæстæртæн: – Гал мын лалымыстыгъд акæнут. Кæстæртæ гал лалымстыгъд акодтой. Йæ уæлæ йын чуссæр ацарæзтой. Æризæр и, уæдмæ Нарты хистæртæй æвдæм дæр фæрасыг и. Уæйыг йæхæдæг дæр хорз нал уыди, фæрасыг и ахъаззаг. Уæд уæйыг фæрсы Сатанайы: – Лыстæн цæттæ у? – Уо, цæттæ у! – Мæ сылыстæг чи у? – Мæнæ мæхæдæг. – Уæдæ æрулæфæм. – Афтæ нæ! – Цы ма? – Æххæст ма мемæ дæр абад. Рабадти уæйыг Сатанайы цур æмæ райдыдтой Сатанайы æвæрд карз ронг нуазын. Сатана хæтæл йæ дзидзиты ’хсæн ауагъта, сагæхтæй зæхмæ ’рзынд. Бынæй та дардта æрхуы аг. Æмæ цы нуазæнтæ иста, уыдон хæтæлы згъордтой уырдæм. Афтæмæй Сатана хуыппыхъæстæ дæр нæ фæци, фæлæ уæйыджы сау расыг фæкодта. Стæй йæ ’рхуыссынкодта лыстæныл. Лалымыстыгъд цы гал бакæнынкодта, уым та тæвд дон ныккодта ’мæ йæ уæйыджы фарсмæ ныввæрдта. Уæйыг афтæ ’нхъæлдта, æмæ уый Сатана у. – Гъы! Сатайхан, мердæм разил. Иу хатт нæ разылд, дыггаг хатт дæр, æртыггаг хатт дæр афтæ. – Гъе, Сатайхан! Тæвдæй мæ марыс, æмæ мæм де ргом не здахыс. Ничи та йæм ысдзырдта уæйыгмæ. Сатана уыцы рæстæджы згъордта быдыры. Уæд уæйыг нал фæлæууыди. Рамæсты ’мæ лалымы тæн батъæпкодта. Лалым фæкъæртт и, æмæ уæйыг мæхсдæттæй бикъмæ басыгъди уыцы тæвд донæй. Арсы богъ ма фæкодта, фестади ’мæ суры Сатанайы. Сатана дзæвгар адард и. Уæд æй рацæйæйæфта ’мæ Сатана йæхи зæронд ус фестынкодта. Уæйыг æй æрбаййæфта ’мæ йæ фæрсы: – Кæдæм тагъдкæныс, ацы зæронд ус? – Тагъд куыннæ кæнон! Иу фырты хицау уыдтæн æмæ мын æй дысонизæр Нарты Сатана йе фсæртæй æрцауындзынкодта йæ фыртæн Хурыбыдыры. – Зоныс цæ? – Зонын! – Уæдæ цом мемæ! – Уæйыг фелвæста Сатанайы, йе ггой йæ акодта ’мæ атындзыдта Хурыбыдырмæ. Нартæ сæ хæтæнæй æрцæйцыдысты ’мæ сæ фæллад уагътой Хурыбыдыры. Сатана цæ базыдта ’мæ уæйыгмæ дзуры: – Æгæр тагъд мæ скъæфыс æмæ мæ цæстытæй ницыуал уынын. – Кæд ма дын, зæгъын, удæгасæй ныййафин дæ фырты... – Уый йæ уд афтæ тагъд чи систа, ахæм гуырд нæу. – Уæдæ циу? – Цалынмæ йæм нæ бахъарæгкæнон, уæдмæ уый йæ уд нæ сисдзæн. Фæлтау сабырдæр цу. Уæйыг йæ цыд фæсабырдæркодта. Уæд Сатанайы хъустыл ауади Нарты хъæр. Сатана та уæйыгмæ дзуры: – Дæлæ уал доныбыл æрымбæхсæм. – Цæмæн? – Цыдæр уынæр ахсы мæ хъус, æмæ дын исты куы ракæной Нартæ. – Уымæй мын ма тæрс! – Уæд та мæ цæсгом æрæхсон – ницыуал уынын. – Æрæхс, æз дæм ам фæлæудзынæн. Сатана аивтæй донмæ ’руади ’мæ хъæд-хъæды бæлæсты ’хсæнты згъоры. Стæй ауыдта Нарты. Бауади ’мæ зæгъы Батырадзæн: – Цы фæдæ, мæ хъæбул?!. – Цы хабар у? – фæрсы йæ Батырадз. – Æнамонд хабар! Мæ фæстæ иу уæйыг бафтыди ’мæ мæ мардзæни. – Ау, æмæ дзы куы раирвæзтæ? – Мæхи зæронд ус фестынкодтон æмæ йæ асайдтон, цыма мын ды мæ хъæбулы ’рцауыгътай. Æмæ мæ рахаста. – Кæм ис ныр? – Доны фаллаг фарс, æнхъæлмæ мæм кæсы. Батырадз разгъордта ’мæ уæйыджы ауыдта: – Гъе, уæртæ хæрæг! Ды кæй мады сурыс? Уæйыг къуырма уыд, æмæ йæ нæ бамбæрста. Батырадз æм дыггаг хъæр бакодта, уæддæр нæ фехъуыста. Уæд ыл ноджы тыхджындæр ысхъæркодта Батырадз. Уæйыг æм фæкасти. Стæй хæцынтæ систой, мыхъхъытæ ’мæ гуыппытæ райдыдтой кæрæдзийы. Бæлæстæ æд уидæгтæ рæдывтой æмæ цæ кæрæдзиуыл цавтой. Стыр сæдæазыггон бæлæстæ схъисгай ызгъæлдысты сæ къæхты бынмæ. Батырадз ыстæвди. Иннæ Нартæ дæр фæттæй æхстой уæйыджы, цавтой йæ сæ кæрдтæй æмæ йæ тыхсынкодтой. Батырадз æмæ уæйыг хæцгæхæцын донырдæм æрцыдысты. Хойынц дуртæй кæрæдзийы, ничи цæ сæтты. Стæй Батырадз доны гуылфыты балæгæрста. Схуыпласта хуыдым – æмæ иучысыл æруазал. Уæйыг тынг ыстыхсти ’мæ цудын райдыдта. Уæд æй Батырадз æрфæлдæхта. Æмæ йæм дзуры бынæй уæйыг. –Марыс мæ! – Марын дæ! – Уæдæ мæм иу ныхасмæ байхъус. – Цы дæ фæнды, зæгъ æй! – Куы мæ амарай, уæд мын мæ хурх ралыгкæн. Æндæр ницы. – Хорз, – зæгъы Батырадз. Батырадз уæйыджы амардта, стæй йын йæ хурх ныллыгкодта ’мæ йын йæ сæр аппæрста зæхмæ. Сæрыкъуыдыр ратылди ’мæ Æргъæныбыдыры смидæг. Уыцы уæйыгæн та ахæм ус уыди, æмæ йæ дæндæгтæй дуртæ ’ууылдта. Ус базыдта йæ лæджы сæфт. Сау богъ ныккодта. Райста йæ лæджы гæрзтæ ’мæ расырдта Нарты. Згъоры йæ лæджы сæры тугвæдыл æмæ цæ ’рбаййæфта. Нартæ йæм фæкастысты ’мæ йæм дзурынц: – Цы дæ, цавæр дæ? Дæ фæдджиты рыджы бын нæ куы фæкодтай... – Æ, сау хуытæ Нарт! Сымах кæй лæджы амардтат? Ус йæ лæджы цилхъ ныззылдта, фæлæ йæ Батырадз й’ арцæй дыууæ дихы фæкодта. Уæд ус хæлиу фæлæууыди ’мæ загъта: – Мæн дæр амарут! – Мах сылгоймаджы тугмæ нæ марæм, – загътой Нартæ. – Уæдæ уæ фæстаг æлгъыстаг фæуæд, уæ хуыздæртæ искæй къухæй цагъды куыд фæуой! Уæ номыл аскъуыйæд уæ мыггаг! Уыйадыл ус аздæхти. Æцæгдæр, Нарты уыцы усы ’лгъыст баййæфта: Хæмыцы Сауайнæг æлдар амардта, Батырадзы – Хуыцау, Сосланы – та Балцæджы цалх. Нартæй ма чи баззад, уыдон дæр мыггагыскъуыд фесты, æмæ сæ кой дæр байсæфти. Æрмæст ма сæ ном у хъуыст, сæ кад дæр... ИУДЗÆСТОН УÆЙЫГ САТАНАЙЫ КУЫД АСКЪÆФТА Нарты Сатана доныбыл гæрзтæ ’хсадта, æмæ фæуынхъус куыд уыд, афтæ Иудзæстон уæйыг хъæдæй рахызти ’мæ фæкомкоммæ и Сатанамæ. Сатана гæрзтæ ’хсад фæци ’мæ сфæндкодта йæхи найын. Йæ дарæс фелвæста ’мæ доны бахызти. Сатанайы буар митау урсурсид зынди ’мæ æгасæй хуры цæстмæ сæрттывта. Иудзæстон уæйыг зæгъы: – Æз мæ мад, мæ фыдæн гуырдæн ма фæхуинон, Сатанайы ку’ ауадзон! Гурæй-гурмæ, дзыхъæй-дзыхъмæ хъуызгæ ’рбацыди. Сатанайы дарæс æрбатымбылкодта, амбæхста цæ ’мæ æрымбæхсти. Сатана йæхи над фæци ’мæ рахызти донæй. Йæ дарæс нал ардта. Иудзæстон уæйыг Сатанайыл йæхи ныццавта ’мæ йæ аскъæфта. Сатана хъæркодта, фæлæ йæ ничиуал фехъуыста. Сырдон уыди йæ каистæм æмæ ’рцæйцыди. Ауыдта, Иудзæстон уæйыг Сатанайы бæгънæгæй куыд фескъæфы, уый. Иудзæстон уæйыг Сатанайы Чырылæгæтмæ ’рхаста ’мæ йæ суагъта. Сатана йæм дзуры: – Мæ дарæс мын радт, кæдмæ бæгънæгæй баддзынæн? – Кæд нæ уат иу уыдзæн, уæд дын дæ дарæс дæдтын. – Уый та куыд, чызг куынæ дæн, мой мын ис! – Мой дын уыд, æмæ ныр та æз дæн дæ мой. – Уомæ лæг йæ усы бæгънæгæй фæдары? – Де ргом мæм иу ыздæхт ракæн, цæмæй дын лæугæйæ дæ риутыконд фенон. Сатана йæ дзыггутæ размæ раппæрста ’мæ йæ къахфындзтæм æрæмбæрзтой Сатанайы. Иудзæстон та йæм дзуры: – Уæд та мын дæ синтывæрд фенынкæн. Сатана йæ дзыггутæ йæ чъылдымыл æрæппæрста ’мæ йæм разылд. Иудзæстон уæйыг дзыггутæй ницы равзæрста ’мæ зæгъы: – Дæ дзыггутæй дын дæ буар нæ уынын. – Мæ буар æхсæвыгон уынгæйæ у. Фæлæ мын радт мæ дарæс. Иудзæстон уæйыг радта уæд Сатанайы дарæс. Сатана акодта йæ дарæс, йæхи кæлæхыгалау ауагъта, авд хатты хуыздæр йæхи фестынкодта ’мæ Иудзæстон уæйыджы зæрдæмæ ноджы тынгдæр фæцыди. Æнамонд хъуыддаг ын уый уыди Иудзæстон уæйыгæн, æмæ Сатана бон рæсугъдæй-рæсугъддæр кодта, фæлæ-иу æхсæв йæ буарыл гæбæр ысхæцыд, æмæ йæм Иудзæстон уæйыг æввахс нæ цыди. Иу бон Иудзæстон уæйыг фæрсы Сатанайы: – Цы диссаг у, бон хуыздæрæй-хуыздæр кæныс, æхсæв та гæбæрæй- гæбæрдæр. Цæмæн афтæ у? – Нарты ’гъдау афтæ у, къуыримгъуыдмæ мæ мæхи бар уадз. Стæй бон куыд дæн, æхсæв дæр афтæ рæсугъд уыдзынæн. Иудзæстон уæйыг ысразы и ’мæ Сатанайы йæхибар ныууагъта. Сырдон Нартæм æрцыди. Ныхасмæ йæ хъисфæндыр бахаста, æмæ йæ фæрсынц Нартæ: – Кæд ма хастай дæ хъисфæндыр, Сырдон, Ныхасмæ? – Нæ хастон, уымæн æмæ мæм уæд цæгъдинагæй ницы уыд. – Уагæр дæм ныр цы ис цæгъдинаг? – Ис мæм ныр – диссагæй-диссагдæр... – Уæдæ ма нын исты ацæгъд. Сырдон хъисфæндыры къæбæлтæ сзылдта ’мæ райдыдта цæгъдын: Уæри, уæрæйдæ, уой, Мæнмæ дæр хъусут, Мæсты ма кæнут. Уæрирæ-рирæ, гъей. Сау дон æрхъардта, гъей. Уæрирæ ’мæ уой. Абон мын Нартыл Сау бон æркодта, уой. Уæртæ мын фысгæс Бæгъдæнæй цыди. Нарты Сатана та Бæгънæгæй лыгъди. Уæй, уæрæйдæ ’мæ, гъей. Уæлæ мын Нартæ Сæ дурмæ кувынц, уой, Сатанайы ’хсад гæрзтæ та Ныр хурмæ судзынц. Уæйтæ, уæрæйдæ, гъей. Нартæ фæрсынц Сырдоны: – Уый цытæ дзурыс, Сырдон? Æрра фæдæ? – Раст цы у, уый. Акæсут ма Сатанайы ’хсад гæрзтæм. Кæд хурмæ дзæгæрæг нæ кæнынц, уæд æз – гæды. Доны был Нартæ æцæгæйдæр федтой Сатанайы ’хсад гæрзтæ, хурмæ дзæгæрæгкодтой. Фæрсынц Сырдоны: – Кæм федтай Сатанайы? – Цæгъдын мæ бауадзут. – Уадзæм дæ, фæлæ Сатанайыл цы ’рцыди, уый зæгъ. – Зæгъдзынæн, – дзуры Сырдон, – хъустæ кæуыл уа, уый мæм хъусдзæн, зæрдæ кæмæн и, уый мæ ’мбардзæн. Сырдон та цæгъды: Уæридæ, уæридæ, гъой, Нарты Уырызмæг хъæдтæ Йæ мусæн фæласта, гъей. Иудзæстон уæйыг та, гъей, Нарты Сатанайы Усæн фæхаста, гъей. Уæри, уæрæйдæ ’мæ, гъей. Нарты Уырызмæг мын Хъæдтæ фæкодта, гъей, Уырызмæджы мысгæйæ Рæсугъд Сатана Кæугæ фæкодта, гъей. Нартæ та фæрсынц Сырдоны: – Зæгъ нын, Сатана цы кодта, уый. – Цыма кæна, Иудзæстон уæйыгимæ хъæбыс-хъæбыс хуыссынц. – Сынкъ разайæд де взагыл, Сырдон, кæд цытæ дзурыс! – Сынкъ уе взæгтыл разайæд! Уæдæ кæм и уæ разагъды Сатана? Иудзæстон уæйыг кæм цæры, уый Нартæ нæ зыдтой. Цыма цыл тæгъдызæй рацыди, уыйау нынкъард ысты. Сатана Иудзæстон уæйыджы къуымты разылди. Хæрзсыгъдæг цæ ныккодта, цæмæй йыл Иудзæстон уæйыг мацæмæй фæдызæрдыг уа. Йæ сæрыхилтæй иу ратыдта, ауагъта йæ ’мæ зæгъы: – Фæтæх, мæ сæрыхил! Батырадзы кæм ыссарай, уым йæ кæстæр æнгуылдзыл дæхи ’ртух. Æнцой йæ ма уадз, æмæ мæм зынæд. Сæрыхил атахти ’мæ Батырадзы кæстæр æнгуылдзыл йæхи ’ртыхта, нылхъывта йæ. Æмæ Сатанайы хилмæ ’ркасти Батырадз. Ратагъдкодта Нартæм æмæ Уырызмæгмæ комкоммæ бацыди. Уырызмæг мæсты уыд, йæ сæр уæлæмæ нал иста, афтæмæй йæ баййæфта Батырадз æмæ йæм дзуры: – Цы кæныс, Уырызмæг, цæуыл æнкъард дæ? – Уæдæ цæуыл кафон? – зæгъы Уырызмæг. – Цы ’рцыди, уæд та мын уый зæгъ. – Сатанайы Иудзæстон уæйыг фæхаста Чырылæгæтмæ ’мæ уыууыл æнкъард дæн. Фæндаг нæ зонын Чырылæгæтмæ, æндæра йæм зæронд- зæронды дæр фæцæуин. – Æз æй ыссардзынæн, фæлæ кæцы комыл ацыди, уый мын зæгъ. – Дæлæ Сырдоны бафæрс, уый йæ федта. Батырадз рауади. Йæ болат риуæй хид калди. Уæд Нарты чызджытæй иу дон ысцæйхаста, æмæ йæм Батырадз дзуры: – Дон ма мын авæр. – Цы номæй дын дæдтон дон, исты мын Нарты Сатанайы куынæ фервæзынкодтай Иудзæстон уæйыгæй! Батырадзæн чызджы ныхæстæ хъыг куыннæ уыдысты! Бæхмæ уыцыиу гæпп ыскодта, æмæ куыддæрæгъдауæй йæхс иннæрдæм ахаудта. Нартæй иу лæппумæ дзуры Батырадз: – Мæ йæхс ма мæм авæр! – Цы дæм æй дæдтон, исты мын Нарты Сатанайы ирвæзынкæнынмæ куынæ цæуыс! Батырадзæн та хъыг уыдысты уыцы ныхæстæ дæр. Уæлбæхæй фæгуыбыркодта зæхмæ, фелвæста йæхс æмæ фезмæлынкодта йæ бæхы. Бæхы къæхты бынæй зæххы къуыбæрттæ хæрдмæ схъиудтой, фæстæмæ-иу æрхаудтой, æмæ-иу кæуыл сæмбæлдысты, уый сæр-иу къоболатæй аззади. Хъæугæрон раййæфта Сырдоны. Кæрæдзийæн салам радтой. Стæй йæ Батырадз афарста: – Дæ хорзæхæй, ницы федтай? Кæуылты ахаста Сатанайы Иудзæстон уæйыг? – Дыууæ айнæджы ’хсæнты, маргъæн дæр батæхæн цы ран нæй. – Æз дзы бæхыл бацæудзынæн уæдæ? – Æндæр ма у! Маргъ атæхын кæм нæ фæразы, уым ды кæд бæхыл н’ ацæудзынæ! – Уæдæ-ма фæкæс! Батырадз бæх ныцъцъыкласта ’мæ фатау атахти айнæджы сæрты. Сырдон йæ сæр ныттылдта ’мæ загъта: – Ай Хуыцауимæ дæр ысхæцдзæни искуы! Ахæм тыхы хицау у! Нартæм æрцыди Сырдон æмæ дзуры: – Никуыма федтон ахæм диссаг – сæгуыты гæпп баласта Батырадз айнæджы сæрты. Батырадз Сатанайы хæдзар æфснайгæ баййæфта. Иудзæстон уæйыг та хуыррытт-фынæй кодта. Батырадз дзуры Сатанамæ: – Чырылæгæт куынæ мæрзай, уæд дын æндæр хос нæй? – Цы кæнон, мæ хъæбул? Нартæ дæ фæхъхъау фæуæнт, ды ма мæ бабæрæгкодтай. – Нартæ дæр дæ мæтæй мард ысты. Мауал цæ ’фхæр, цом цæуæм. – Расурдзæни нæ. – Кæм и? – Фынæй у. Батырадз Иудзæстон уæйыгмæ бауади, йæ былтæ йын батъæпкодта: – Уæлæмæ сыст, заинагдзæргъы хуыст цы ныккодтай! Иудзæстон уæйыг фæгæпласта: – Кæцы дæ, фынæй мæ цæуылнæ уадзыс? – Кæцы дæн? Дæ сафæг! – Æмæ уыдон æз цырагъы рухсæй ку’ агурын! – Æз та хуры рухсæй агурын дæ хуызæтты! Кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой, райдыдтой хæцынтæ. Батырадз æрбырста Иудзæстон уæйыджы ’мæ йæ фæрсы: – Цы ныфсæй рахастай Сатанайы? – Мæхи ныфсæй. Батырадз Иудзæстон уæйыджы сæр ракъуырдта. Сæр атылди ’мæ иу дзыхъхъы ныххаудта: – Уыцы сæр й’ астæуыл афадын хъуыд, – загъта Сатана. – Уый фæдисхъæргæнæг ацыди. – Кæдæмфæнды цæуæд! Ракодта Батырадз Сатанайы. Дон фыдивылдæй цыди, бæстæ хаста йæ сæрыл, ахизæн ыл нæ уыди. Батырадз фæрсы йæ бæхы: – Ахиздзыстæм? – Ахиздзыстæм, фæлæ донæй йæ сæр фыдздзаг цы кæф ысдара, уымæн-иу ын æй й’ астæуыл атæхынкæн. Батырадз Сатанайы йæ хъæбысмæ систа ’мæ ивылд доны баскъæрдта. Иу кæф йæ сæр фæхъилкодта. Батырадз æй нырриуыгъта, æмæ кæфы сæр й’ астæуыл атахти. Дон хуыскъадаг фестади. – Иу фыдбылызæй уал фервæзтыстæм. Цæуынц та дарддæр. Иу ран цыд хох æрбахгæдта, калм кæм абырыдаид, ахæм нарæг фæндаг ма дзы аззади. Батырадз та фæрсы йæ бæхы: – Ахиздзыстæм ацы фæндагыл? – Ахиздзыстæм, фæлæ раздæр йæ сæр цы калм фæхъилкæна, уый сæр- иу дыууæ дихы фæкæн. Араст ысты нарæг фæндагыл. Иу калм йæ сæр фæхъилкодта, Батырадз æй нырриуыгъта, æмæ калмы сæр дыууæ дихæй аззади. Нарæг фæндаг уæрдонвæндаг фестади. – Дыггаг фыдбылызæй дæр фервæзтыстæм, – загъта Сатана. Араст та сты уырдыгæй дæр дарддæр. Иу ран цыл хъæл æртыхсти ’мæ цын ацæуæн нал уыди. Батырадз та йæ бæхы фæрсы: – Ахиздзыстæм ацы хъæды? – Ахиздзыстæм. Æрмæст дæм, хъæды хуылфæй раздæр цы уыджы сæр разына, уый дыууæ дихы фæкæн. Батырадз бараст и хъæды ’мæ фæцæуы. Иу уыг хъæдæй йæ сæр радардта. Батырадз æй ныцъцъыкласта, æмæ уыджы сæр дыууæ дихы фæци. Хъæд феуæгъд æмæ лæгъз фæндаг фестади. – Не ртыггаг фыдбылызæй дæр фервæзтыстæм, – загъта Сатана. Уырдыгæй Нартæм æрцыдысты. Уырызмæг ыстыр урс гал аргæвста ’мæ Нартæн куывд ыскодта. Нартæ дæр цин кодтой Сатана ’мæ Батырадзыл. САТАНА ’МÆ АВД ЗÆДЫ ХО Нарты Уырызмæг æмæ Сатанайы ’хсæн та ныхас рауади. – Гъе, Сатана, уæддæр дын æз куынæ уаин, уæд дæхи нæ фæдарис... – Гъе, Уырызмæг, æз дын куынæ уаин, уæд æцæгæй дæр ды нæ фæдарис дæхи. Нæ фидыдтой, æмæ та зæгъы Уырызмæг: – Мæнæн мæ бон у ’мæ дæуæй хуыздæр бинонтæ ’ркæнон. – Мæнæн та дæуæй зондджындæр æмæ сæрæндæр лæг ыссарын у мæ бон. Нал фидыдтой æмæ Уырызмæг зæгъы: – Уæдæ ды кæд ахæм диссаг дæ, уæд мæм хъус. Æз ацæудзынæн, æмæ дæуæй хуыздæр бинойнаг æркæндзынæн. Æмæ ма йæ амбул. – Амбулдзынæн. – Нæ уыдзæн уый. – Уыдзæн. Уырызмæг фæгæпласта, йæ бæхыл абадти ’мæ фæцæуæг и. – Гъеныр мæ дæ зондæй ыссар. Сатана дæр æм адзырдта: – Д’ ацыд куыд у, де рцыд дæр афтæ уыдзæни. Уырызмæг араст и ’мæ иу быдыры цæуы. Ахæддзæ иу ыстыр хохы бынмæ. Хохы сæрæй зыны хæдзар. Хæдзар хуымæтæг нæ уыд: иуыл авгæйконд. Йæ мидæг иу чызг рацубацукæны, æмæ хохы бын та иу лæг бады. Уырызмæг лæгмæ дзуры: – Дæ бон хорз уа, хорз лæг! – Хорз дæ хай, бæлццон! – Дæ хорзæхæй хохы сæр уый цавæр хæдзар у? – Уым цæры авд зæды хо, дунейы рæсугъд, стыр зонды хицау. – Æмæ йæ мой та чи у? – Мой йын нæма ис, фæлæ йæ æртæ хатты чи сдзурынкæна, ахæмæн комы. Уырызмæг ахъуыдыкодта. – Æмæ æгомыг у, æви дзурын нæ зоны? – Нæ, æгомыг нæу, дзурын дæр зоны. Фæлæ мой ахæммæ кæны, æмæ йæ æртæ хатты чи сдзурынкæна. – Уæдæ йæм æз цæуын. – Цу, фæлæ дæ фæдзæхсын: куынæ йæ сдзурынкæнай, уæд дын исты фыдбылыз сараздзæн. Араст и хохы сæрмæ Уырызмæг æмæ бадзырдта: – Хæдзаронтæ, ам ыстут? Авд зæды хо йæм ракасти, ницы сдзырдта, афтæмæй йæ мидæмæ бакодта. Фæлмæн цъæтбандоныл æй æрбадынкодта. Йæхæдæг та йæ ныхмæ ’рбадти æмæ Уырызмæджы бон иу цасдæр сдзурын дæр нал ысси, ахæм рæсугъд уыди уыцы чызг. Æрæджиау æй фæрсы Уырызмæг: – Мойгæнæг дæ? Чызг дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ сæрæй ацамыдта, уо зæгъгæ. – Кæмæ смойкæндзынæ, уый æмбарын, – зæгъы Уырызмæг. – Фæлæ мæм хъус, æмæ дын æз иу таурæгъ ракæнон. Цуаны уыдтæн, æнæуый дæр арæх фæцæуын цуаны. Амардтон иу сæгуыт, уæд мыл арв æрбатар и, æмæ бæстæ схъызыд. Рацæуæн мын нал уыди. Æз иу лæгæты акъæрткодтон сæгуыты, æххормаг дæр ысдæн. Арт ыскодтон. Сæгуыты стигъгæ нæ бакодтон, афтæмæй физонджытæ кодтон. Физонджытæ куыд фыхтон, афтæ сæгуыты мардмæ дæр мæ хъус дарын. Физонджытæ фыхтысты, сæ цъысцъыс цыди. Уæд загътон сæгуыты мардæй: – Гъе, мæгуырæг, дæ хуылфыдзауматæй дын физонджытæ фыцын, æмæ дæ мард та æгасы хуызæнæй зыны. Уыцы ныхæстæ куыд загътон, афтæ сæгуыт фæгæпласта, физонджытæ сæгуыты хуылфы смидæг ысты, æмæ ма мæм иу дзырд æрбакодта: «Дæ цæрæнбон бирæ, æгайтма мæ рауагътай!» Диссаг мæм фæкасти ацы хабар. Дæумæ та, авд зæды хо? Авд зæды хо, нæ зæгъгæ, йæ сæр батылдта, йæ къах æркъуырдта. Авд зæды, йе фсымæртæ, уым февзæрдысты ’мæ Уырызмæджы аскъæфтой. Уырызмæгæй донхæссæг ыскодтой авд зæды. Ныссагъæскодта Уырызмæг æмæ зæгъы йæхицæн: «Ай цы раны фæдæн? Сатана мын мæнгæй нæ загъта... Куынæ мæ ферохкæнид æмæ мæ ацы фыдæбонæй куы фервæзынкæнид!» Рацыди цасдæр рæстæг. Уырызмæг нал зынди. Иу бон Сатана йæ дзыггутæ йæ сæрыл атыхта, лæджы дарæс акодта ’мæ лæппуйы хуызæн фестади. Сивтыгъта бæх æмæ Уырызмæджы агурæг фæцыди. Цæуы ’мæ иу ыстыр хохмæ схæддзæ и. Ауыдта хохы сæр иу хæдзар. Цæуы йæм хæстæгдæр. Хохы бын та иу лæг бады. Сатана лæппуйы хуызы уыд, æмæ дзуры лæгмæ: – Дæ бон хорз уа, хорз лæг! – Хуыцауæй арфæгонд фæуай, хорз бæлццон! – Дæ хорзæхæй, ацы хохы сæр уый цæй хæдзар у? – Сæ бонæй уæнт авд зæды! Уыдонæн ис иунæг хо, дунейы рæсугъд, стыр зонды хицау. Мойкæны ’мæ усгур агуры. – Ау, куыд агуры? Усгур фæцæуы чызгагур. Фæлæ чызг йæхæдæг агура мойаг, ахæм диссаг нæма фехъуыстон. Лæг Сатанамæ бакасти ’мæ зæгъы: – Раст зæгъыс: ды æцæг усгуры хуызæн дæ. – Æмæ цавæр усгур агуры авд зæды хо? – Æртæ хатты йæ чи сдзурынкæна, ахæммæ кæны мой. – Ау, æмæ æгомыг у? – Æгомыг нæу, фæлæ йе гъдау афтæ у. – Уæдæ йæм æз цæуын. – Цу, Уастырджи де мбал! Сатана лæджы дарæсы нæ уыди? Æмæ йæ чи цæмæй базыдтаид? Хæдзары цурмæ ссыди ’мæ бахъæркодта: – Уазæг нæ уадзут, фысымтæ? Авд зæды хо ракасти, мидæмæ йын ацамыдта. Дзургæ ницы скодта, афтæмæй йæ ’рбадынкодта иу фæлмæн, цъæтджын бандоныл. Йæхæдæг та йæ ныхмæ ’рбадти. Сатана йæ фæрсы: – Мойгæнæг дæ, ацы чызг? Чызг йæ сæр батылдта, уо зæгъгæ. – Æмбарын дын дæ хъуыдытæ, æрмæст дын зæгъын: дзæбæх мæм хъус. Æз дæн хæтæнты чи хæты, цæуæнты чи цæуы, хæрды уырдыгмæ чи цæуы, уырдыджы хæрдмæ чи цæуы, ахæм адæймаг. Ацы ныхæстæ Сатана куы скодта, уæд чызджы дзых хæлиуæй аззади ’мæ Сатанайы ныхæстыл дисгæнгæ хъуыдытæкодта, ай цытæ дзуры зæгъгæ. Сатана дарддæр кæны йæ ныхас: – Иу рæстæджы фæцæуын, зæдты хо, хъус мæм æмæ мын цæмæй рæстытæ дзурай. Уынын, мæ разæй æртæ лæджы фæцæуы. Иу дур ауыдтой, хъилæй чи лæууыди, ахæм. Сæ иу зæгъы: «Ацы дурыл хъуамæ дарæс ыскæнон». Æмæ йыл æцæгдæр ыскодта дарæс. Дыггаг зæгъы: «Æз та йын хъуамæ адæймаджы уынд радтон». Радта йын адæймаджы уынд, æмæ диссаджы рæсугъд чызг фестади. Æртыггаг зæгъы: «Æз та дзы хъуамæ уд бауадзон». Æцæгæй дæр дзы уд бауагъта, æмæ дур адæймагау дзуры ’мæ цæуы. Фыдздзаг лæг зæгъы: «Ай мæнмæ лæууы ’мæ йæ мемæ кæнын». Дыггаг зæгъы: «Нæ, мæнмæ лæууы». Æртыггаг зæгъы: «Нæ, мæнмæ цæуы, æмæ йæ æз кæнын мемæ». Нал фидыдтой, мæн фæрсынц: «Кæмæ нæ цæуы?» Æз загътон: «Фыдздзаг лæгмæ. Уый йæ ссардта ’мæ йыл дарæс дæр уый ыскодта». Зæгъ ма, зæдты хо, раст тæрхон ыскодтон, æви нæ? – Нæ! Раст тæрхон нæу, уый цæуы, уд дзы чи бауагъта, уымæ. Уыцы ныхæстæ куы скодта зæдты хо, уæд арв фæирд и, æмæ авд зæды зæгъынц: – Нæ хо фыдздзаг ныхас ыскодта уыцы лæппуйæн. – Дæ цæрæнбон бирæ, зæдты хо. Дæ ныхас фæуæд. Фæлæ та æз дарддæр цæуын, æмæ та уыцы ’ртæ лæджы мæ размæ фесты, – дзуры дарддæр Сатана. – Федтой иу зæронд лæджы иу æрыгон чызгимæ ныхасгæнгæ. Зæронд лæг æй кургæ кодта, æрыгон чызг та йын комгæ нæ кодта. Уæд зæронд лæг чызджы сбæгънæгкодта. Æртæ лæджы загътой: «Фервæзын æй кæнæм». Зæронд лæг чызджы дарæс бæласыл куыд ауыгъта, афтæ цæ иу чызджы раскъæфта. Зæронд лæг æй расырдта, фæлæ дыггаг йемæ хæстыл ныллæууыди ’мæ йæ нæ уагъта. Уырæдта йæ. Æртыггаг та чызджы дарæс рахаста. Чызгыл йæ дарæс ыскодтой æмæ быцæукæнынц, кæй фæуа чызг, уыууыл. Мæн фæрсынц, кæмæ цæуы чызг зæгъгæ? Æз загътон, дзаума йыл чи скодта, уымæ, бæгънæгæй хæссын худинаг у. Раст нæ загътон, зæдты хо? – Нæу раст! Скъæфгæ йæ чи ракодта, чызг уый у! Уыцы ныхæстæ куыддæр ыскодта, афтæ та арв фæирд и, æмæ авд зæды зæгъынц: – Нæ хо дыггаг хатт дæр ысдзырдта. – Дæ цæрæнбон бирæ, зæдты хо, дæ ныхас фæуæд. Фæлæ æз мæ фæндаджы кой кодтон æмæ дарддæр араст дæн. Кæсын, æмæ та уыцы ’ртæ лæджы дæр мæ разæй цæуынц æмæ ныхаскæнынц: «Дыууæ чызджы ссардтам, фæлæ æртыггаг дæр ыссарæм, стæй цæ байуардзыстæм». Цæуынц уыдон мæ разæй, цæуын æз дæр сæ фæстæ. Уæд та иу чызджы раскъæфтæуыди. Чызг былæй ахаудта ’мæ мæлæтыкъахыл ныллæууыд. Чи йæ раскъæфта, уыдон æй марынвæнд ыскодтой. Лæгтæй иу бацыди ’мæ скъæфджыты фæхуыдта, цæмæй чызг хибарæй аззайа. Иннæ бацыди ’мæ чызджы рахаста. Æртыггаг бацыди, йе рттæй йын дон бадардта, æмæ чызг фервæзти. Нал та фидыдтой, чызджы алчи дæр йæхи хуыдта. Мæн бафарстой: «Кæмæ нæ цæуы ацы чызг?» Æз загътон: «Ныхасыл цæ чи фæкодта, уымæ цæуы». Раст нæ загътон, зæдты хо? – Нæу раст! Дон ын чи адардта, чызг уый у. Уыцы рæстæг та арв фæирд и, æмæ авд зæды зæгъынц: – Æртыггаг ныхас дæр ыскодта нæ хо. Сатана зæдты хойæн зæгъы: – Дæ цæрæнбон бирæ, фæстæмæ куы цæуон, уæд ды куыд загътай, афтæ æртæ лæгыл байуардзынæн чызджыты. Ныр дæ æз æртæ хатты сдзурынкодтон æмæ цы зæгъыс? – Æз дæу дæн, – зæгъы зæдты хо. – Уæдæ мæ азилынкæн дæ бæстыл. Зæдты хо æмæ Сатана та азылдысты иумæ. Сатана ауыдта Уырызмæджы бызгъуырты мидæг, йæхи йæм нæ равдыста, фæлæ зæдты хойæн зæгъы Уырызмæгæй: – Уый та чи у? – Мæн курынмæ ’рцыди, нæ мæ сдзурынкодта, æмæ ме фсымæртæн донхæссæгæй кусы. – Мæ хатырæй йæ ауадз, зæронд лæг у, æмæ тæригъæд у. Уæртæ куы фæмæлы, уадз æмæ йæ мæлæт йæхи бæстыл æрцæуа, ды та тæригъæдæй бахиздзынæ дæхи. Чызг йе фсымæртæм бацыди ’мæ зæгъы Сатанайæ: – Ацы лæппу мæ сдзурынкодта, æмæ ныр уæ донласæджы ауадзут. Авд зæды ныццинкодтой æмæ Уырызмæджы, сæ донхæссæджы, ауагътой. Уырызмæг сæргуыбырæй рафардæг и. Уæд Сатана зæгъы йæ фысымтæн: – Æз дард бæстæй дæн, цалынмæ сымах фынг æвæрат, уæдмæ æз та комыдоны мæхи анайон, мæхи асыгъдæгкæнон. Бирæ фæцыдтæн, æмæ аипп ма уæд. – Бар дæхи, – зæгъынц зæдтæ. Сатана коммæ йæхи ’руагъта ’мæ, хохы бын цы лæг уыди, уымæн зæгъы, Уырызмæгмæ ацамыдта афтæмæй: – Мæнæ дын мæ дарæс уадзын, уæртæ уыцы лæг куы ’рбацæуа, уæд ын зæгъ: «Дæ бæхы ам уадз, мæнæ дын дарæс, скæн цæ дæ уæлæ. Мæнæ дын æндæр бæх, аздæх авд зæдмæ, æмæ сæ хо дæумæ цæуы моймæ, æмæ йæм ыссу. Дæуæн та лæвар – уыцы лæджы бæх. Сатана æрымбæхсти. Уырызмæг лæджы уонг æрбахæддзæ, лæг æмæ дзуры: – Хъус ма, хорз лæг. – Мæнæй ма цæй хорз лæг и, – загъта Уырызмæг, – мæнæ ацы донластæй. – Нæ, хъус мæм: мæнæ ацы дарæс ыскæн, мæнæ дын æндæр бæх, дæхион та мæнæн уадз. Аздæх фæстæмæ – зæдты хо дæумæ кæсы. – Ды мæнæй хынджылæгкæныс. – Нæ кæнын. Уырызмæг, Сатана цы дарæс æрхаста, уыдон ыскодта. Сатанайы бæхыл ысбадт æмæ лæппуйы хуызæн зынди, æмæ аздæхти зæдтæм фæстæмæ. Зæдтæ йæ нæ базыдтой, фынгтæ равæрдтой æмæ Уырызмæгыл цинтæкæнынц. Сатана, хохы бын цы лæг уыди, уымæн арфæ ракодта. Уырызмæджы бæх ын ныууагъта ’мæ Нартæм фæцæуæг. Лæг æй ауыдта ’мæ дзуры: – Ай сылгоймаг куы дæ, æз та дæ нæлгоймаг куы ’нхъæлдтон, акæн дæ бæхы. Худинаг у сылгоймаджы фистæгæй æрвитын. Уæддæр Сатана зæгъы: – Уæд та цом мемæ, стæй лæвæрттимæ раздæхдзынæ. – Мæн ницы хъæуы. – Нæй дын æнæцæугæ. Сатана ’мæ уыцы лæг æрцыдысты Нартæм. Сатана стыр куывд ысцæттæкодта ’ мæ фидиуæг ныхъхъæркæнынкодта: «Уырызмæг чындзæхсæв кæны ’мæ ’рцæут, стыр зонды хицау сылгоймаджы ракуырдта!» Нартæ загътой: – Сатанайæ зондджындæр чи у, уый цавæр уыдзæни? Нартæ ’мбырд байдыдтой. Уæдмæ Уырызмæг дæр æрцыди авд зæды хоимæ. Сатана симд ыскæнынкодта, стæй йæ хуыз ыссæдзаздзыд чызджы хуызæн фестынкодта. Йæ цæстытæй цырæгъгæ скастысты, йæ риутæй – рухсытæ, йæ дæллагхъуыртæй – стъалытæ, æмæ авд зæды хо йæ цуры бамынæг и. Сатана Нарты цур фæрсы Уырызмæджы: – Чи дын ыссардта ацы чызджы? – Мæхæдæг! – зæгъы Уырызмæг. – Чи дын æй радта? – Æз æй ракуырдтон. – Дæ бæх та кæм и, цæмæй йæ баивтай? – Мæхæдæг æй баивтон. Уæд Сатана радзырдта хъуыддаг Нартæн æмæ фæрсы Нарты: – Кæй у ныр Уырызмæг: мæн, æви зæдты хойы? – Дæу! – загътой Нартæ. – Раст у, – зæгъы, Сатанаимæ цы лæг æрцыди, уый дæр. Сатана уыцы лæгæн лæвæрттæ ракодта, æмæ лæг рафардæг и. Зæдты хо зæгъы: – Æз уый куы зыдтаин, уæд ардæм дæр не рцыдаин, æмæ цæуын фæстæмæ. Сатанайы хуызæнмæ ма мæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Афардæг уый дæр. – Хæйрæг дæ, Сатана, зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Æмæ мæ бон дæ ныхмæ ницы у. Нартæ куывд ыскодтой Сатанайы фæрцы ’мæ та æнæхъæн къуыри нæ банцад сæ зард æмæ сæ цины хъæр. АЗЫРТЫ ДЫГГАГ СÆФТ Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан ысфæндкодтой, кæй никуы ма фехъуыстой, ахæм ранмæ фæцæуын. Сæхи барæвдзкодтой æмæ зæгъынц: «Макæмæн мацы фехъусынкæнæм æмæ, нæхæдæг ацæуæм». Сæ дзырд баиукодтой, сбадтысты сæ бæхтыл æмæ ’мбисæхсæвы араст ысты балцы. Цæуынц æмæ æртæ фæндаджы кæм баиу ысты, уым æрынцадысты. Сослан зæгъы: – Гъеныр мæнæ галиу фæндагыл куы фæцæуиккам, уæд дунейы хæзна нæ къухты бафтид. Ацы фæндагыл ма æз ацыдтæн иу хатт, фæлæ иунæгæй ницы мæ бон баци ’мæ йæ хъæр дæр никуы скодтон, тарстæн, куы фæхудинаг уон, уымæй. Хæмыц дæр зæгъы: – Æз дæр ацы рæтты кæддæр хаттæн æмæ мæнæ рахиз фæндагыл ку’ ацæуиккам, уæд дунейы фæллой фæкæниккам. Кæддæр дзы иунæгæй бахаудтæн, æмæ ницы мæ бон баци мæнæн дæр. Хъæр дæр æй никуы скодтон, тарстæн, куы фæхудинаг уон, уымæй. Уырызмæг дæр зæгъы: – Уæдæ æз дæр æрхаудтæн кæддæр ацы ранмæ ’мæ мæнæ ацы астæуггаг фæндагыл бафтыдтæн. Гъе, дунескæнæг Хуыцау, нырма ахæм диссаг никуы федтон! Сымахæн уæ иу цы федта, æмæ уеннæ цы федта, уыдон ницы сты, ацы астæуггаг фæндагыл цы хæзна ’мæ фæллой ис, уый цур. Уæхи загъдау, ацы хабар æз дæр никуы схъæркодтон Нартæн, фæхудтаиккой мыл. Мæхи бон та иунæгæй ницы баци мæнæн дæр. – Цавæр адæмыхатт дзы царди? – фæрсы Сослан. – Азыртæ хуыдтой сæхи, – загъта Уырызмæг. – Сæ кой ма фехъуыстон, – дзуры Хæмыц, – фæлæ уæд æз цы фæллой федтон, уыдон нын ирвæздзысты. Сослан дæр зæгъы: – Æз дæр цæ фехъуыстон, фæлæ уæд, æз цы хæзна зонын, уымæй ницыуал бафтдзæни нæ къухы. – Мæ фæндыл ныллæуут, æмæ нæ фаг фæллой дæр æмæ хæзна дæр фæхæсдзыстæм, – загъта Уырызмæг. Сразы сты Уырызмæджы фæндоныл. Араст ысты астæуггаг фæндагыл æмæ дзæвгар бирæ фæцыдысты. Уæд Хæмыц зæгъы: – Диссаг нæу? Ацы фæндаджы былтыл цы бæлæстæ зайы, уыдон галиуфæрстæ кæд ысты кæрддзæфтæ. – Æнæбæлас бынæттæ та лыхъхъытæй зынынц, – загъта Сослан. Уырызмæг бахудти: – Хорз цæ базыдтат. Æз Азыртæм куы цыдтæн, уæд бæрджытæ кодтон мæ кардæй кæм бæлæстыл, кæм нæууытыл. Уæд та цынæ вæййы! Фæлæ фæндаг хъуамæ ма фæрæдыдаин фæстæмæ цæугæйæ. Æмæ уымæ гæсгæ дзыхъхъытæ кодтон, угæрдтæ. Уырызмæджы та йе мбæлттæ фæрсынц: – Цæмæй уыд сæ цард Азыртæн? – Туг æмæ фыдæй. – Уый та куыд? – Хойрагæн туг нуазынц. – Ау, æмæ уæд цагъды нæ кæнынц? – Уацайрæгты дæр уымæн ахсынц. – Уæд ды куыд раирвæзтæ? – Уый дардыл дзуринаг у, – зæгъы Уырызмæг. – Радзур нын æй, нæ фæндаг дæр цыбырдæр кæндзæни. Уырызмæг арф ныуулæфыди ’мæ райдыдта дзурын: – Дзæвгар рæстæг рацыди уæдæй нырмæ. Фæлæ мах æртæйы йæддæмæ не стæм. Ард бахæрæм не ртæ дæр, ацы сусæгдзинад кæй никæмæн зæгъдзыстæм, æмæ йæ не ртæйæ дарддæр кæй ничи зондзæни. Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан ард бахордтой. Сæ рихитæй фæйнæ ’рдуйы ратыдтой æмæ цæ зынгыл æрывæрдтой. Æмæ Уырызмæг райдыдта дзурын: – Куы йæ зæгъын, бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Цыдтæн иунæгæй æмæ куыддæрæгъдауæй ацы бынатмæ ’рбафтыдтæн. М’ амонд уыди ’мæ бæлæстыл, фæзтыл нысæнттæ фæкодтон. Уæд та мæ, зæгъын, лидзыны сæр бахъуыди, æмæ цæмæй мæ фæндаг ма фæрæдийон. Бахаудтæн Азыртæм æмæ мæ сæ мæликмæ скодтой. Мæликк мæ фæрсы: «Кæцон дæ?» Загътон, Нартæй дæн зæгъгæ. Мæликк мæм цыдæр хъуынджынæй æрбакасти. Стæй загъта: «Акæнут æй æмæ йæ мæ цуанон куыдзимæ бабæттут!» Афтæ мын бакодтой æцæгæй дæр. Уæ балгъитæг ахæм фыдæбæттæ куы фенид, æз цы фыдтæ ’мæ цы фыдæбæттæ бавзæрстон. Куыдзимæ нын иу бæлæгъы ссадызмæст акодтой. Æз – адæймаг, цæй ызмæст хъуамæ бахордтаин? Бонæй бон мæллæгдæр кодтон. Уæд мæликкæн фехъусынчындæуыд, æз нæ хæрын зæгъгæ. Тынг ысмæсты и ’мæ та загъта: «Тæккæ райсом æй нæ цуанон куыйтимæ цуаны куыд акæной». Акодтой мæ, мæ фæрстæ мыл бахаудтой, цæуын дæр мæ бон нал уыди, фæлæ мæ ныфс нæ састи. Иу хъæдмæ бацыдтæн æмæ мæ фæрсы мæликк: «Сырдты сурыс, æви цæ ахсгæ кæныс?» Æз ахъуыдыкодтон æмæ загътон: «Сырдты расурдзынæн». Мæликк комырахизæны ’рбадти. Æз сырдты фæдыл ацыдтæн æмæ цы расырдтаин, фæлæ дын лидзыныл куы схæцин. Æгæр æрæгмæ куы зындтæн, уæд йæ куыдзимæ мæн агурыныл ысси мæликк. Цыдæр амондæй иу цæугæдонмæ бахаудтæн. Изæр дæр кодта. Æххормаг ахсæны уазал дон ныккодтон æмæ стымбылтæ дæн. Иу дуррæбын улæфын. Кæсын æмæ мæликк æрбазынди, йæ куыдз йемæ. Фæтæррæсткодтон. Дон-дон азгъордтон, зыдтон æй æнæ маргæ мæ кæй ’н ауадздзæни. Доны фæкъæдзгæнæны фæаууон дæн. Мæличчы куыдз мæ фæдыл доныбылмæ ’рбацыди смудгæ-смудгæ. Мæликк æнхъæл уыди – æз донæй ахызтæн. Уæд мæ хуыдыммæ куыдз ауыдта, йæхи мыл æрбаппæрста, ме рбадæнтæ мын ыстыдта. Цыдæр амондæн мæликмæ нæ зындыстæм. Æз куыдзыл фæуæзкодтон æмæ йын йæ сæр доны нытътъыстон. Ныххæцыдтæн куыдзы бæрзæйыл æмæ йæ доны ныххуыдугкодтон. Мæликк ма бæргæ сидти куыдзмæ, фæлæ кæм! Куы базыдтон куыдз фæхуыдуг и, уæд æй ысуагътон æмæ йын дон йæ мард аласта. Мæликк æй ауыдта, чи йæ зоны, цы банхъæлдта, фæлæ, куыдз ц’ аххосæй мард æрцыд, уый нæ базыдта, цæф ыл нæ зынди. Ацыди мæликк, мæн дæр ныууагъта, æмæ æз рафардæг дæн. Ме рбадæнты туг цыди. Ссардтон мæ фæндаг, мæ нысæнттæ, æмæ ма афтæ удаистæй æрхæддзæ дæн мæ хæдзармæ. Гъе, уый уын мæ ардæмыцыд. – Уæдæ ныр мæликк дæу куы фена, уæд уын фидауæн нал и, – загъта Сослан. – Цæй фидыд?! Æмбæлттæн уæ мемæ уымæн кæнын æз дæр. Фæлæ ныр сымах та цы федтат, исты дзурут. – Фæцæйцыдтæн мæхицæн цуаны ’мæ цыдæр хъуыдыты афардæг дæн, – райдыдта дзурын Хæмыц, – Иу суадоны цур дзыхълæуд фæкодтон. Ракастæн æмæ фæрсын мæхи: «Ай кæм дæн?» Æрдæбон цы фæндагмæ амыдтон, уым уыди ацы хабар дæр. Банызтон суадонæй æмæ ’нцад алæууыдтæн. Уæд фæстæты иу фыр æрбахъуызыди. Ахæм цæф мæ фæкодта ’мæ бæласыл андæгътæн. Мæ цæсгомы туг акалди. Кæсын, æмæ иу фыййау худæгæй мæлы. Цы ма ракодтаин, уымæн ницы зыдтон. Цæсгом – туджы, синтæ – саст. Сæйын æмæ мæлын. Уæ фыдгул афтæ, æз цы бонтæ ’рвыстон! Ныууагъта мæ фыййау дзæгъæлы, фæлæ мæ худинаг ныхъхъæр и. Никæмæн ницы загътон. Мæстыкæнын, фæлæ нæ зонын, куыд дзы райсон мæ маст уыцы фыййауæй. – Æз дæр ацы бæсты зындзинад федтон. Цуаны рацыдтæн æмæ федтон саг. Йæ фæдыл хъуызын, æхстбæрц æм куы бацæуын, уæд мæм йæ цæстытæ фездахы, æмæ мæм цыма дæс хуры ныккæсы, афтæ стæвд вæййын. Диссаджы саг уыди, æндæр сагтæ куыннæ ис! Æрбахаудтæн, цы фæндагæй уын загътон, уырдæм. Кæсын, æмæ уæйыг – дунейы хæзнайы хицау. Равæры цæ, фæкæсы цæм æмæ та цæ бавæры. Бон æртæ хатты кодта афтæ. Æз дисы бахаудтæн. Бафарстон æй: «Цæмæн афтæ кæныс?» Уæйыг мæм тарæрфыгæй æрбакасти, голлаг хæзнайæ айдзагкодта ’мæ зæгъы: «Уæртæ цæ лæгæтмæ ахæсс!» Схæцыдтæн голлагыл. Голлаг та куыд никуы систон, фæлæ ахæм диссаг никуыма федтон, голлаг ызмæлын дæр нæ фæкодтон. Загътон мæхицæн: «Æмæ цыдæр диссаг уыдзæни, уыййæддæмæ йæ сисын куыннæ фæразын?» Уæйыг мæм кæсы. Голлаг цыдæрамæлттæй ме уæхскмæ сæппæрстон. Уæд мæ уæйыг йæ къахыфындзæй ыскъуырдта. Йæ хъæбæр дзабыры бырынкъ мыл сæмбæлди ’мæ атылдтæн. Уæ фыдгул дæр афтæ куы фæриссид, æз куыд фæрыстæн! Марды ’фсон мæ ныууагъта. Уæдæй фæстæмæ йæм хæрам дæн. Гъеуый уын мæ хабар. – Уæдæ не ртæ дæр æнахуыр митæ федтам, – загъта Уырызмæг, – æз – мæликкæй, Хæмыц – фыййауæй. Сослан – уæйыгæй. Сегасæй фыддæр мæликк у, æмæ уал уымæй райсдзыстæм нæ маст. Стæй рæстæг куыд амона, афтæ кæндзыстæм. Цæуынц Нарты гуыппырсартæ. Æрбахæддзæ сты Азыртыбæстæм æмæ акастысты. Дардæй бæстæ саусауид дары. – Уыцы сау цы хъуамæ уа? – афарста йе мбæлтты Хæмыц. – Фосы рæгъæуттæ сты мæнмæ гæсгæ, – загъта Уырызмæг. Æндæрырдыгæй цæм бæстæ урсурсидæй разынди. – Бæстыл цавæрдæр залтымит ныууарыди, æмæ нæхи сафынмæ цæуæм, – дзуры Сослан. – Уый залтымит нæу, фæлæ фосы рæгъæуттæ сты, – загъта Уырызмæг. Дарддæр та цæуынц, æмæ бæстæ митхъулæтты хуызæн æрбазынди. Хæмыц æмæ та Сослан афарстой: – Цы уа уый та? Уырызмæг зæгъы: – Уыдон хæзнайы рæдзæгъдтæ сты. – Уæдæ æз цы хæзнатæ федтон, – загъта уæд Сослан, – уымæй бирæ фылдæр ысты. – Æз цы фæллой федтон, уыдон цалдæр хатты къаддæр ысты, – загъта Хæмыц дæр. Баввахс ысты Нартæ рæгъаугæстæм æмæ кæсынц фосмæ: уæрыччытæ – далысты йæстæ, далыстæ – фырыты йæстæ, фырытæ – уæнгуыты йæстæ. – Гъа, адон фос ысты, гъе! Адонæй æз хъуамæ мæ фаг фæкæнон, – загъта Сослан. Дзурынц Нартæ рæгъаугæстæм: – Уæ фос бирæ уой! – Æгас нæм цæут, æнахуыр бæлццæттæ! Фысым уын ыстæм. – Цæмæй нæ хорз фендзыстут? – фæрсы цæ Уырызмæг. Рæгъаугæстæ загътой: – Нæ Хуыцау не вдисæн, хойраджы бæсты уæ хæсдзыстæм туг æмæ фыдæй. – Уæ, дзæбæх бон уыл акæна, сымах махæн цы дзæбæх ныхас загътат. Бузныг, фæлæ мæликк бынаты ис? – Бынаты ис, фæндараст уæ фæкæнæд Хуыцау! Цæуынц Нартæ ’мæ иннæ рæгъаугæстæм бахæддзæ сты. – Уæ фос бирæ уæд! – Уæ, арфæгонд уат Хуыцауæй, æнахуыр бæлццæттæ! Уæ фæллад нæм ысуадзут, фысым уын ыстæм. Сослан цæ фæрсы: – Цы номæй уæм æрлæууæм? – Нæ Хуыцау – не вдисæн, хойраджы бæсты уæ сыгъдæг туг æмæ ’хсырæй фæхынцдзыстæм. – Æндæр ма байрайут, æз куыннæ байрадтæн уæ ныхасæй. Фæлæ ма зæгъут, мæликк бынаты ис, æви балцы фæцыд искæдæм? – Бынаты ис, ныййафдзыстут æй. Сæ фæндаг дарынц Нартæ ’мæ бахæддзæ сты хæзнаджынтæм. Нартæ цæм дзурынц: – Уæ хæзна бирæ уа! – Уо, бирæ фæцæрат æнахуыр бæлццæттæ, бафысым нæм кæнут. Хæмыц цæ фæрсы: – Цæй номыл уæм хизæм? – Нæ Хуыцау – не вдисæн, хъарм туг æмæ уæ сыгъдæг фыдæй хорз фендзыстæм. – Уæ туг фæкалат, кæд мах тугæй цы кæнæм! Зæгъут ма, уæ мæликк бынаты ис? – Бынаты уыдзæн, уæдæ кæм уыдзæн? Баййафдзыстут æй, кæд ма уæ фæстæмæ рауадза, уæд. Нартæ араст ысты сæ фæндагыл. Æрæввахс ысты, æмæ цæ алчидæр хъуыдыкæны, цы хуызы сæмбæлдзæни мæликкыл, уыууыл. Æрбазынди Азырты калак-хъæу. Нартæ хъæубын уынаффæкæнынц. Уырызмæг зæгъы: – Нæхи ма базонынкæнæм, афтæмæй бацæуæм. Хæмыц дзуры: – Адон Нарты кой фехъуыстаиккой æмæ зæгъдзыстæм. Нартæй лидзæм зæгъгæ. – Нæ дзырд иу куынæ уа, – загъта Сослан, – уæд нæ хицæнтæй ракъахдзысты ’мæ сайраг фæуыдзыстæм. Сæ дзырд ысиукодтой Нартæ. Сæ дарæс æрыскъуыдтытæкодтой, счъизитæ цæ кодтой æмæ бараст ысты Азырты мæликмæ. – Ам дæ, цытджын мæликк? Мæликкæн йæ искæйонтæ фæрсынц Нарты: – Чи стут? Чи уæ хъæуы? – Мах хъæуы Азырты мæликк. – Рацæут мидæмæ! Нартæ ахызтысты, мæликк цæм ракасти, æгæр бызгъуыртæ ’мæ цæ скъуыдты куы федта, уæд æм тæригъæддæгты хуызæн фæкастысты ’мæ цæ фæрсы сабырæй: – Кæцæй цæут? – Нартыбæстæм лидзæм. – Уæхæдæг дæр Нартæй ыстут? – Сæ хъомæн рæгъаугæс уыдтæн, – зæгъы Уырызмæг, – æмæ мын цалдæр ыстуры фесæфти Нарты Уырызмæджы хъомæй. Зонын æй, нæ мын æй ныббардзæни ’мæ ралыгътæн. Æз фехъуыстон, Азырты мæликк, дæ кой Нартæм æмæ мæхи де уазæгкæнын. Айс мæ дæхимæ хъомгæсæй. – Хорз, – зæгъы мæликк, – иннæтæ та цы зæгъынц? – Нарты лыстæг фосæн рæгъаугæс уыдтæн, – загъта Хæмыц. – Нарты Хæмыцы фыстæ мын фесæфтысты ’мæ мæ дæндагæй бахордтаид. Æз уæ кой Нартæм арæх хъуыстон æмæ дæм мæ сæр радтон, ма мæ фесаф, дæ фосæн дын рæгъаугæс ныллæудзынæн. – Разы дæн, – зæгъы мæликк, – уеннæ ’мбал та чи у? Сослан зæгъы: – Æз та Нарты бæхты рæгъаугæс уыдтæн, – загъта Сослан. – Сосланæн ис æфсургътæ, æмæ мын дзы иу ахауди хохæй. Тæрсын ныр Нарты Сосланæй æмæ ралыгътæн дæумæ мæ сæр æфснайынмæ. Æз иунæгæй нæ уыдтæн. Нарты Уырызмæджы бæхыл ысбадынкодтон Нарты хъомгæсы. Нарты Хæмыцы бæхыл ысбадынкодтон Нарты фысгæсы, мæхæдæг та Сосланы хъæлдзæгыл ысбадтæн. Уыцы бæхты руаджы раирвæзтыстæм. Дæумæ ’рцыдыстæм æмæ дæ курын: бахъахъхъæн нæ. Мæхæдæг дын ныллæудзынæн бæхгæс. – Мæн уæ ныхæстæ уæд бауырндзысты, æмæ мын Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы бæхты миниуджытæ куы зæгъат. – Сегасы тыххæй дæр дын æз зæгъдзынæн, – загъта Сослан. – Уырызмæджы бæх цæфхад садзын нæ уадзы, гуыбынауыгъд куынæ уа, уæд. Хæмыцы бæх фыдздзаг цæугæйæ уæцани кæны. Сосланы бæх та æгæр uz8a8pq8tr8c у. – Æз дæр цæ афтæ хъуыстон, фенæм цæ. Бæхты федтой æмæ Сосланы ныхæстæ раст разындысты. – Чи уæ цы куыст агуры, уырдæм æй хистæрæй æрвитын. Кæсын, æмæ сымах раст æмæ рыст адæм ыстут, Нартимæ хъæрмуд нал æрцæудзыстут. – Нал, нал! Сæ койæ дæр ризгæ кæнын, – загъта Уырызмæг. Райдыдтой кусын Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан Азырты мæликмæ. Сæ бæхтæ та цын мæликк хицæн хизæны дардта ’мæ йæхи цæттæкодта Нартæм ныббырсынмæ. Уæд мæликкæн лæппу райгуырди ’мæ йын куывд арæзта. Уагътой йын бæхдугъ. Мæликк Нарты ’ртæ бæхæй иуыл йæ каисы сæвæрдта, иннæйыл – уæйыджы, æртыггагыл – фыййауы. Уыдон куы федта Хæмыц, уæд зæгъы: – Хуыцау, мацы мын кæн, фæлæ уыцы фыййау, мæн чи бафхæрдта, уый у. – Уартæ уыцы уæйыг та мæ бафхæрæг у, – загъта Сослан. – Цæй, дугъы куы рацæйцæуой, уæд ныззардзыстæм, æмæ ацы барджытæ ’ртæйæ дæр ахаудзысты, – дзуры Уырызмæг. – Стæй махæн кæд нæхи равзарой, уæд цы кæнын хъæуы, уый уын уæд зæгъдзынæн. Нарты бæхтыл дугъы рацыдысты. Иу хохы сæрæй æрзындысты барджытæ: мæличчы каис, уæйыг æмæ фыййау. Уырызмæгитæ ныззарыдысты. Зард кæрæдзийы дзыхæй истой, æмæ бæхтæ куыддæр сæ хицæутты хъæр фехъуыстой, афтæ цæхгæр фæзылдысты, æмæ æртæ барæджы дæр бумбулийау фæхаудтой. Мæличчы каисæн йæ цонг асасти, уæйыгæн – йæ уæраг, фыййауæн й’ астæу фæцæф и. Уый куы федтой, уæд мæличчы адæмæй йæ ныфс ничиуал хаста Нарты бæхтыл бадынмæ. Уæд мæликк зæгъы: – Нарты бæхтыл дугъы рауайынмæ йæ ныфс чи хæссы? Адæм ныхъхъус ысты, стæй иу зæронд лæг зæгъы: – Нартæн сæ фыййæуттæ ам куы сты, сæхи ма цын бафæрсæм. Фæдзырдтой Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланмæ, æмæ цæ мæликк фæрсы: – Нарты бæхтыл дугъы уæ ныфс хæссут? – Ардæм цыл куы цыдыстæм, уæд куыннæ хæссæм? – зæгъы Сослан. – Уæдæ фæйнæ бæхыл ысбадут æмæ ноггуырды тыххæй дугъ рауадзæм. – Нарты бæхтæ хивæнд ысты, – дзуры Уырызмæг. – Уыдон адæймаджы ныхас æмбарынц, æмæ хъуамæ зоной, циу фыдздзаг лæвар, дыггаг æртыггаг. Кæннод дугъы сæ тыхæй нæ рацæудзысты. – Фыдздзаг лæвар – авд галы, дыггаг – фондз галы, æртыггаг – æртæ галы, – загъта мæликк. – Уæдæ ма æз дæр зæгъын, – дзуры Хæмыц. – Мах дугъы куы уайæм, уæд нæм нысанфæзы лæуут тымбылæй. Нæ разы исчи куы уа, æгæрыстæмæй фæсфæдæй куы кæса, уæд æм бæхтæ лæбурдзысты ’мæ йæ дæндагæй бахæрдзысты, æмæ стæй мах аххосджын уыдзыстæм. Иу ызмæлæг дæр уæ разы нæ уыдзæн зæгъгæ загъта мæликк. – Иу ныхас ма, – зæгъы Сослан. – Æввæхсты уæм цы рæгъæуттæ ис, уыдоны авд бонцауы ’ддæдæр атæрынкæнут, кæннод бæхтæ куы стæвд уой, уæд ын уæ фос фæцæгъддзысты, æмæ мах æфсон фæуыдзæни. Мæликк дзырд радта ’мæ рæгъæутты авд бонцауы ’ддæдæр атардтой. Азырты адæм нысанбынаты тымбылæй уыдысты. Нартæ дугъуатмæ араст ысты. Уырызмæг фæрсы йæ бæхы: – Цы хъару равдисдзынæ? – Рæгъау куы тæрай, уæд æз мæ дугъæй ахæм рыг ысбадынкæндзынæн нæ сæрмæ, æмæ нæ Азыртæ нал уындзысты, сæ фæндагæй дзæгъæлтæкæндзысты ’мæ фервæздзынæ. Хæмыц фæрсы йæ бæхы: – Цы мын баххуыскæндзынæ? – Куыддæр Уырызмæджы бæх рыг сыстынкæна, афтæ æз мæ цæфхæдтæй дурдзæгъдæн сисдзынæн. Цæфхæдты бын дур лыстæг уыр кæндзæни. Æз æй зæвæтхæлд кæндзынæн æмæ Азырты сæ цæстытæй ракæсын дæр нæ бауадздзынæн æмæ аирвæздзынæ. Сослан дæр фæрсы йæ бæхы: – Цы мын баххуыскæндзынæ? – Уырызмæджы бæхы рыгкалгæ куы фенон, Хæмыцы бæхы – дурæхсгæ, уæд æз се хсæн фæуыдзынæн. Азыртæй чи куыд раздæр хæддзæкæна, уый армадздзагæй цæвдзынæн æмæ йæ ’хсдзынæн æртæ бонцауы фæстæмæ. Æмæ дæ афтæмæй аирвæзынкæндзынæн. Нартæ зыдтой Азырты фос авд бонцауы ’ддæдæр ысты Азыртæй, уый. Сæ бæхтыл фæцагайдтой уырдæм æмæ авд рæгъаугæсы фæхицæнкодтой, иннæтæн зæгъынц: – Ацы фос Нартырдæм тæргæут! Фенкъуыстысты уытæппæт фос æмæ зæйы уылæнтау Нартырдæм сæ фæндаг акодтой. Нартæ авд рæгъаугæсæн зæгъынц: – Ацæут æмæ зæгъут мæликкæн. Ды Нартæм бырстай, фæлæ фæсайды дæ. Нартæ ’ртæйæ дæ къухты уыдысты, фæлæ дæ бон нæ баци уыдонæн исты ракæнын, æмæ дæ дыггаг хатт куыннæуал фенæм. Мæличчы авд рæгъаугæсы рацыдысты ’мæ зæгъынц: – Дæ фыдæхæй фесæфæм, Азырты мæликк, ды дæ лæппуйæн дугъы цы ’ртæ лæджы арвыстай, уыдон Нартæ сæхæдæг уыдысты. Сæ иу – Уырызмæг, иннæ – Хæмыц, æртыггаг – Сослан. Дæ рæгъæутты ’мæ дын дæ хæзнатæ фæтæлæткæнынц. Мах дæумæ хъæргæнæг рарвыстой æмæ ма загътой, цæмæй дыггаг хатт мауал сæмбæлат кæрæдзиуыл. Мæликк нырдиагкодта ’мæ йе фсады фæдисы арвыста. Сурын цæ байдыдтой æмæ цæ ’рбацæйæййæфтой. Уæд Уырызмæджы бæх йæ фындз, йæ комæй фу байдыдта, дыууæрдæм згъорынтæ систа, æмæ йæ рыг бæстæ бамбæрзта. Хæмыцы бæх уый куы федта, уæд йæ цæфхæдтæй дуртæ лыстæг пырхæн кодта ’мæ цæ зæвæтдзавдæй калдта Азырты ’фсады цæстытыл. Сосланы бæх йæхи дыууæ бæхы ’хсæн фæкодта, зæвæтæй риуыгъы ’мæ дæндагæй лæбуры, æмæ кæй ныдздзæвы, уый æртæ бонцауыбæрц фæстæмæ фæтæхы. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан дæр цæ кардæй цагътой, фатæй цæ ’хстой. Азыртæ сæ фæндаг нал æвзæрстой, æмæ цæ чи дзæгъæл фæци, чи цæфæй фæсфæд фæхауди, чи æртæ бонцауы фæстæмæ фæтахт, чи саугуырм кодта ’мæ кæрæдзийы нал æмбæрстой. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан æртæ ’рдыгæй ысхæцыдысты Азыртыл, афтæмæй цæ кæрæдзийыл бафтыдтой. Азыртæ кæрæдзийы цæгъдынтæ систой. Нартæ сæхимæ ’рбафардæг ысты. Азыртæ цагъды фесты дыггаг хатт. УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ИУЦÆСТОН ГУЫМИР-СЫЛГОЙМАГ Нартæ иу бон сæ Ныхасы бадынц, æмæ Бурæфæрныг зæгъы: – Мæ дугъон рæгъауы нал ис. Нартæ ныхъхъуыстой сæхимæ, фæлæ ничи ницы зыдта. Дыггаг хатт Сослан зæгъы: – Мæ дугъон дæр нал ис рæгъауы. Нартæ та ныхъхъуыстой сæхимæ. Æртыггаг хатт Хæмыц зæгъы: – Мæ дугъон дæр нал ис рæгъауы. Ацы хатт дæр та ныхъхъуыстой Нартæ сæхимæ, фæлæ цы зæгъой, уый нæ зыдтой. Фæстагмæ Уырызмæджы Æрфæн дæр фесæфти. Уырызмæг æнæсæрæн уыди ’мæ зæгъы Сатанайæн: – Нарты Ныхасмæ мæ ныххæддзæкæн. – Æмæ куыд цæуыс, æнæсæрæн куы дæ? – Æнæсæрæн кæй дæн, мæ Æрфæны дæр мын уымæн фæчындæуыд, фæлæ мæ Ныхасмæ ныккæн. Сатана Уырызмæджы ’нцой бацыди ’мæ йæ Ныхасмæ ныккодта. Нартæ йын сыстадысты ’мæ йын бынат радтой. Уырызмæг йæ цæст ахаста Нартыл æмæ цæ фæрсы: – Цæуыл хъуыдыкæнут? – Куыннæ хъуыдыкæнæм, нæ бæхрæгъæуттæ чысылæй-чысылдæр кæнынц. Нал и Бурæфæрныджы дугъон, Сосланы Зыгъар, Хæмыцы сырх бæх, нал и дæ Æрфæн дæр. Ноджыдæр Нарты рæгъæуттæ къаддæрæй- къаддæр кæнынц, æмæ нæ зонæм, кæм цæ агурæм, уый. Уырызмæг та зæгъы: – Абон уæ бæхрæгъæуттæ фесæфдзысты, райсом – та уæ устытæ, иннæбон та уын иугай-иугай уæхи фæкæндзысты. Нарт Нарт нал ысты. Нарт фидиссаг æмæ худинаг сæ сæрмæ хæссын байдыдтой. Сæ фыдгæнæджы арын сæ бон нæу æмæ ма ноджыдæр худинаджы гакк ныккодтой сæхиуыл. – Мах нæ фыдгæнæджы куы зониккам, Уырызмæг, уæд бæргæ схæциккам йемæ, фæлæ йæ нæ зонæм, – загъта Бурæфæрныг. – Худинаджы гакк дæр уымæн ныккодтат уæхиуыл, æмæ уæ фыдгæнæджы кæй нæ зонут! – Алы кæмттыл æрзылдтæн, алы хæхты фæцагуырдтон, фæлæ ницы арын, – загъта Хæмыц. – Мæргътæй фылдæр ничи зилы кæмтты ’мæ хæхты, – дзуры Уырызмæг. – Фæлæ цæ ссарын хъæуы. Уый тыххæй та хъуамæ дæ цæстытæ уарийы цæстытау уой, сырдау – дæ фезмæлд, ивылддонау – дæ лæбурд, æмæ уæд ыссардзынæ дæ фыдгæнæджы. – Ахæмæй æз цух бæргæ нæ дæн, – загъта уæд Сослан. – Зилын алы ран, фæлæ ницы арын. Уырызмæг рамæсты, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ дзуры Сатанамæ: – Фæстæмæ мæ акæн. Сатана та Уырызмæджы ’нцой бацыди, æмæ йæ сæхимæ акодта. Йæ хуыссæнты ныххаудта Уырызмæг æмæ арф ныуулæфыди. Сатана йæм дзуры: – Цæуыл масткæныс? Нартæ сæ бирæ рæгъæуттыл кæм лæууынц, уым ды дæ бæхыбайраджы тыххæй дæхи цы марыс? – Мæхи уыууыл нæ марын, фæлæ Нарты æдзæллагыл кæнын мæсты. – Нартæ цы кæной, ды дæр, уый. Уырызмæг ницыуал ысдзырдта. Фæлæ ма уæддæр æрæджиау афтæ зæгъы: – Фиусудзæнтыл мын физонæг акæн. Сатана физонджытæ акодта. Уырызмæг цæ ахордта, стæй зæгъы: – Цæуын цуаны ’мæ мын мæ бæхы идон авæр. – Цуаны цæуыс æмæ дæ идон та цæмæн хъæуы? – Æрфæнмæ кæд хæстæг уон, уæд уый йæ идоны тæф æмбардзæни, æмæ æнæбауасгæ нæ фæуыдзæн. Араст и Уырызмæг æхсæвдары. Ахызти Нарты сыхæй. Иу комы фæцæуы ’мæ дардмæ рухс ауыдта. Уырызмæг йæ ных уыцырдæм сарæзта. Ауыдта иу ыстыр къæдзæхдуар: бахизæн кæм нæй, ахæм ран. Раздæхти фæстæмæ ’мæ зæгъы Сатанайæн: – Федтон диссаг: стыр къæдзæхдуар, фæлæ дуарæнмидæг цы ис, уымæн ницы зонын. Райсомы Нартыл ахъæр и, Нарты фæсивæдæй бирæ фæхъуыди зæгъгæ. Уырызмæг та Сатанайæн зæгъы: – Ныккæн мæ Нарты Ныхасмæ. – Дæхæдæг æхсæвдары куы цыдтæ, уæд ныр нал афæраздзынæ? – Нæ, Сатана, уадз æмæ Нарты цæсты кадджындæр уон æмæ зоной, Уырызмæг чи у. Сатана дæр та Уырызмæджы ’нцой бацыди ’мæ йæ Нарты Ныхасмæ ’ркодта. Фæрсы цæ Уырызмæг: – Цы уыл æрцыд? Уыцы мæстыкаст куы кæнут уеппæт дæр. – Куыннæ кæнæм мæстыкаст, Уырызмæг! – зæгъынц Нартæ. – Нæ фæсивæдæй бирæтæ фæхъуыд, агурæм цæ ’мæ цæ н’ арæм. – Æмæ цæ цæуылнæ арут? – Зилæм алыран дæр, фæлæ цын сæ фæд дæр нæ уынæм. – Æгуыдзæг дæр уымæн ыстут æмæ худинаджы ном уæхиуыл уымæн сæвæрдтат, уæ фыдгæнæджы кæй нæ арут. Гъе-уæу-уæй-гъе, Нартæ! Сымах нымады нал ыстут! Фæкæн мæ, Сатана, фæстæмæ! Раздæхтысты Сатана ’мæ Уырызмæг сæхимæ. Уырызмæг йæхи мæстыцæф æркодта йæ бандоныл: – Уо-ххай-гъе! – Дæхи ма хæр, нæ зæронд! – загъта Сатана. – Дæ сæры кой кæн. Нартæ сеппæт кæм сæфой, уым дæуæн дæр дæ кæрон у. – Мæхи ныр дæр фесафин, Сатана, фæлæ мæрдты авд марды кæндзынæн, Нарты æгуыдзæгæй куы ныууадзон, уæд. – Дæ разы мын фиусудзæнтыл физонæг акæн, æмæ мын мæ бæхы идон авæр. Æз ма ацы ’хсæв дæр фæцæуон бæрæггæнæг. Сатана фиусудзæнтыл физонджытæ акодта. Уырызмæг тагъд-тагъд ахордта ’мæ та ’хсæвдары араст и. Ахызти Нартыхъæуæй. Комы фæцæуæг. Ауыдта рухс дардмæ, стæй фæтар и бæстæ. Стыр къæдзæхдуар фидарæхгæдæй баййæфта. Раздæхти та фæстæмæ ’мæ зæгъы Сатанайæн: – Мæ зæрдæ ’хсайы уыцы стыр къæдзæхдуармæ. – Бакæсæм уал, – зæгъы Сатана. Райсомы та ахъæр и: Нарты чызджытæ ’мæ чындзытæй бирæтæ фесæфт. – Сатана, фæкæн та мæ Нарты Ныхасмæ, – загъта Уырызмæг. Сатана та ’ркодта Уырызмæджы Ныхасмæ. – Цыма уыл фæйнæ авд фыды ’рцыд, уый каст куы кæнут! – дзуры Уырызмæг. – Кæмæн йæ хо фесæфти, кæмæн – йæ ус. Æмæ уый авд фыдæй фыддæр у. – Уæ, бынбауинæгтæ, гъе! Дæ усы дын ахастæуæд! Æмæ ма уый дæр йæхи лæг хоны! Науæд бон хуры каст чи кæны, æхсæв мæйы каст, уыцы хойы дын дæ фындзыбынæй ахæссæнт! Æмæ ма уый дæр йæхи Нартæй хоны? Æз зæронд лæг куы дæн, æмæ мæм уæддæр йæ ныфс куы ничи хæссы! – Нарты разагъд ды дæ, – дзуры Бурæфæрныг. – Зæгъ, цы кæнын хъæуы, уый. Мах цæттæ стæм. Фыдгæнæджы уал раздæр ыссарын хъæуы. – Агурæм æй, фæлæ йæ н’арæм, – загъта Хæмыц. – Нарты хистæр дæ ’мæ нын зонд бацамон. – Мæ зондмæ куы хъусиккат, уæд уæ халон бæхæй, лæгæй, усæй иугай нæ хæссид й’ ахстонмæ. – Уæд та нын фæндаг бацамон, – зæгъы Сослан. – Фæндæгтæ дæр уын амонын нæ хъæуы. Хæтæнты хæтут, цæуæнты цæут, æппæт зонут. Бæстæ йæ хуыз нæ ивы, хох иу бынатæй иннæмæ нæ хизы, ком иннæрдæм н’афæлдæхы, фæндаг разилбазил нæ кæны. Уыдон сеппæтдæр гоби сты. Æмæ уæвгæ уæхæдæг дæр ахæм гоби стут. Фезмæлыны адæргæй цæ фæлтау амар. Æнкъуысгæ дæр нæ фæкæндзыстут уæ бынатæй! Фæкæн мæ, Сатана, нæхимæ! Сатана ’мæ Уырызмæг та сæхимæ ’рцыдысты. – Уоф-уоф-уоф! Ай цы раны дæн! – зæгъы Уырызмæг æмæ та къæлæтджыныл мæстыбадт æркодта. – Фиусудзæнтыл мын физонджытæ акæн æмæ мын мæ бæхы идон дæр æрдав. Сатана та Уырызмæгæн фиусудзæнтыл физонæг ацарæзта, идон æм радта. Æмæ Уырызмæг, куыддæр ахордта, афтæ та ’хсæвдары цæуыныкъахыл ныллæууыд. – Хъус ма, нæ зæронд, – загъта Сатана. – Кæд та уыцы ранмæ цæуыс, уæд-иу дæ хъус бадар, рухс цас рæстæг вæййы, æмæ цафон. Уырызмæг та æхсæвдары араст и. Нарты сыхæй ахызти, æмæ та раздæр кæм уыд, уыцы коммæ бафтыд. Уырызмæг ыстыр къæдзæхдуары цур æрымбæхсти ’мæ хъахъæны. Фæсæмбисæхсæв къæдзæхдуар байгом и, æмæ мидæгæй рухс кæлы. Уырызмæг дзы æнæхъæн бæхрæгъæуттæ ауыдта. Бæхтæмзилджытæ чи сты, уый нæ базыдта ’мæ раздæхти. Сæхимæ ’рцыди ’мæ зæгъы Сатанайæн: – Диссаг федтон, Сатана. – Цавæр диссаг? – Къæдзæхдуар фæсæмбисæхсæв байгом и. Мидæгæй дзы рухс ракалди. Дуннейы бæхрæгъæуттæ дзы. Фæлæ бæхтæм чи зилы, уыцы адæмы нæ базыдтон. – Уæдæ дæхи æнцад æруадз. Нартæм уал бакæсæм. Райсомы Нартыхъæуæй сар æмæ сагъæс цыди. Ныхасы бадынц æмæ маройкæнынц сенамонд, сенæсæрæныл. Сырдон цын зæгъы: – Уæ, фесæфат, Нартæ! Сымахæн уæ хистæр куынæ уа, уæд ницы бакæндзыстут! – Æмæ кæй нымайы нæ хистæрыл? Нартæм зæронд лæгтæ бирæ ис. – Уæ хистæр у Уырызмæг, уæ зондджындæр, уæ кадджындæр. Уымæн балæгъстæкæнут, кæннод афтæ уе рдиаг æмæ тъизын цæудзæн. Сагъæсы йæддæмæ ма дзы фезмæлын дæр хъæуы! – Сагъæссаг дæхи сæр, Сырдон! – зæгъы Сослан. – Фæлæ нæ хынджылæгкæныс, æви æцæг зæгъыс? – Æцæг зæгъын! – Ау, æмæ Уырызмæг æнæсæрæн куы у, уæд цы бакæндзæн? – Уый æнæсæрæн уегуыдзæджы тыххæй у, æмæ фæрынчын и. – Æз зондагурæг никæмæ цæуын, – загъта Бурæфæрныг. – Уæдæ дæ бæхы агур. Нартæ хæддзæмæддзæ байдыдтой. Сырдон йæ кæрцыкъæрит йе уæнтыл баппæрста ’мæ сæхимæ рараст. Хæмыц æй фæуырæдта. – Фæлæу ма, Сырдон! – Цы ма дæ хъæуы? – Уырызмæгмæ нын бацу. – Уæхæдæг æм бацæут. Урс гал æм бакæнут æмæ уын ысразы уыдзæн. Нартæ Сырдоны ныхасыл уæлдай ницыуал загътой. Урс галы сыкъатыл синаг бафтыдтой æмæ йæ бакодтой Уырызмæджы кæртмæ. Бадзырдтой мидæмæ: – Æддæмæ нæм ракæс, Уырызмæг! – Кæцы дæ? – Нартæ стæм. Сатана рауади ’мæ цæ фæрсы: – Цы уæ хъæуы, Нартæ? – Дæ хорзæх нæ к’ уаид, Сатана, æмæ нын Уырызмæджы куы сразыкæнынкæнис. – Уырызмæгæн йæ зæронды бонмæ бакастыстут, æвзæр Нарт. Æмæ та йæм æрцыдыстут. – Нæ дарæг, нæ уыромæг у, нæ хистæрыл, нæ разагъдыл æй нымайæм, æрмæст нын баххуыскæнæд, нæ фæсивæд бынтондæр ныззаууат ысты. Нæ цыт цыт нал у, нæ кой дæр нал хъуысы, нæ фынгыл æгъдау нал и. Худинаг нæм æввахсæй æввахсдæр кæны, бонæй бонмæ – нæ! Уысмæй уысммæ! – Гъе, æвзæрхæссæнтæ Нарт! – зæгъы Сатана. – Æмæ уын Уырызмæг æртæ хатты Ныхасы куы дзырдта уегуыдзæгдзинад, уæд æм æнæбары куы хъуыстат! Ныр та уæ йæ сæр хъæуы? – Кæстæр сонт у, йæ рæдыд ын барын хъæуы. – Уæ хистæртæ дæр уым уыдысты. – Хистæр ма кæм и? Нал ысты. Фæлæ Хуыцау Уырызмæгæн мæлæт ма радтæд! – Бадзурдзынæн йемæ. Æнæсæрæн у, фæлæ кæд ысразы уаид. Сатана Уырызмæгæн загъта уыйфæстæ: – Æнæцæугæ дын нæй, зæронд. Дæ номыл кады гал æркодтой. – Нарты Хъазæнфæзы йæ аргæвдæнт. Æз дæр цæм зындзынæн. Сатана цын Уырызмæджы фæндон бамбарынкодта Нартæн: – Уæ галы Хъазæнфæзы аргæвдут. Уырызмæг дæр уæм зындзæни. Нартæ, Сатана цын куыд загъта, афтæ бакодтой. Уырызмæджы номыл гал аргæвстой. Фынгтæ равæрдтой. Уæдмæ цæм уый дæр æрцыди. Сбадын æй кодтой Бурæфæрныг, Хæмыц æмæ Сосланы фарсмæ. Бурæфæрныг нуазæн райста ’мæ ракуывта: – Уырызмæджы ном нын ма фесæфæд! Йæ номæй кадджын куыд уæм, йæ номæй цардджын куыд уæм, уыцы амонд нæ уæд! Уоммен загътой Нартæ, æмæ рæгъ ацыди кæронмæ. Уырызмæг нæма банызта. Дыггаг нуазæн райста Хæмыц æмæ ракуывта: – Уырызмæджы номы фарнæй хайджын уæд Нартæ! Уыйау нæм зондджын хистæр бирæ уæд, æмæ нын йæ зондæн та сæфæн ма уæд! – Уоммен! – загътой та Нартæ, æмæ рæгъ бадты кæронмæ ныххæддзæ. Ацы хатт дæр та нæ банызта Уырызмæг. Сослан ракуывта: – Уырызмæджы ном – тых æмæ ныфсдæдтæг у. Нарты йæ хорзæх уæд! Нæ тых æмæ нын нæ ныфс тыхджындæр куыд кæна Уырызмæджы ном, уыцы хорзæх нæ уæд! – Уоммен! – ныхъхъæркодтой Нартæ, æмæ та рæгъ кæронмæ ахæддзæ. Уырызмæг ныр дæр та нæ банызта. Стæй йæм æртæ нуазæны авæрдтой иумæ. Уырызмæг сыстади ’мæ ракуывта: – Уæ цæрæнбонтæ бирæ, Нартæ! Фыдздзаг нуазæнæй Нарты кадджын хистæрты зонд æмæ амонд бæрзонд уæд! Сæ зонд хурау – рухс, с’ амонд донау цæуæд. Дыггаг нуазæнæй та Нарты кæстæрты тых æмæ хъару бæрзонд уæд! Сæ тых – арт, сæ хъару – фурд, кæрон цын ма уæд! Æртыггаг нуазæнæй кувын Нарты сылыстæгæн. Бахъуыдызаман сæ ныфс саст ма уæд, фæлæ арвынæрдау уæд, сæ рард – бæркадджын, æвидигæ! Нартæм цы фарн и, уый цын мачи байсæд! Уырызмæг æртæ нуазæны дæр анызта фæдфæдыл æмæ ма загъта: – Уæ фынг дарддæр кæнут. Æз дæр уæм зындзынæн иу афон. – Фæлæу, Уырызмæг, нырма комдзаг дæр куы нæма схастай дæ дзыхмæ. – Мæнæн хойраг хойраджы ад нал ыскæндзæн, цалынмæ Нарты сылыстæджы сеппæты дæр, сæрæгас æмæ дзæбæхæй нæ фенон! – Уæд та ма хай сис. – Хай та мын-иу уæд авæрут, æмæ Нарты кæстæрты æххæстæй куы фенон. – Уæд та ма иу баназ. – Фæткæн мын нæу. Нарты хистæртæй бирæтæ ам не сты. Фæлæ ам куы уой, уæд мæм-иу авæрут уæ нуазæн. Ныр мæ мауал къуылымпыкæнут. Æмæ Уырызмæг рацыди. Нартæн Сырдон афтæ зæгъы: – Федтат, Нартæ? Уырызмæг уæ куынæ уа, уæд уæ дон нæ – уæлæмæ ласдзæни, нæ – дæлæмæ. – Уæдæ нæ чердæм ласдзæни? – Ничердæм. – Уый та куыд, кусгæ дæр нал кæндзыстæм? – Нал. – Уæдæ цæмæй цæрдзыстæм, Сырдон? – Уеддæмæкæсæнæй. – Æ, хæрæг Гæтæджы фырт, уый куыд загътай? – Цы ’мбæлы, уый. Уырызмæг æнæсæрæн у, фæлæ рынчын-рынчыны фæцæуы, цæмæй уын уæ хоты ссара, уе фсымæрты, дæ дугъæтты! Сымах та цы ссардтат? – Мах дæр зилæм, фæлæ ницы арæм. – Сымах дæр зилут, халон фаджысы сæр уаллæттыл куыд зила, афтæ! – Амбылдтай, Сырдон, – зæгъынц Нартæ, – фæлæ нын Уырызмæг нæ сæфтадæмы ’мæ нæ бæхрæгъæуттæ куы нæ ’ркæна, уæд дæ де взагæй æрцауындздзыстæм! – Фод афтæ! Фæлæ цæ куы ’ркæна, уæд мæ ’ртыггаг хистæр ыскæнут! – Разы стæм. – Уæдæ мын æвдисæндарæн, фæйнæ хъуыны радтут уæ рихитæй. – Бурæфæрныг йæ урс хъуынтæй иу ратыддта ’мæ йæ радта Сырдонмæ. Хæмыц йæ сырх хъуынтæй иу ратыдта, æмæ йæ уый дæр радта. Сослан йæ сау рихитæй иу хъуын ратыдта, æмæ йæ радта уый дæр Сырдонмæ. Нартæ сæ куывды кой кодтой дарддæр. Уырызмæг сæхимæ ’рбацыди. Сатана йæ уайсахат арæвдзкодта, радта йæм Æрфæны идон, æмæ Уырызмæг араст и йæ балцы. Ахызти Нартыхъæуæй. Бахауди та, раздæр кæм уыд, уыцы коммæ. Йæхиуыл æрталынгкодта, стæй та араст и дарддæр. Бахæддзæ и къæдзæхдуармæ ’мæ ’нхъæлмæкæсы. Уалынмæ къæдзæхдуар байгом. Уырызмæг идон бауыгъта. Æрфæн базыдта йæ идон æмæ ныммырмыркодта. Уырызмæг æй дардæй базыдта йæ уасынæй. Уалынмæ кæсы, æмæ иу цавæрдæр иудзæстон, усы дзаумæттæ йæ уæлæ, ахæм адæймаг Нарты Сослан, Бурæфæрныг æмæ Хæмыцы бæстытæй баскъæфта лæгæты хуылфмæ. Тынг ныддискодта Уырызмæг æмæ сагъæсыл фæци. Стæй загъта йæхинымæр: «Ам æз хъуамæ зондæй сархайон, тыхы сæр дзы ницæмæн хъæуы». Йæ дарæс раивта Уырызмæг, мæгуыр бызгъуыртыфæлыст ыскодта йæ уæлæ ’мæ къæдзæхдуары раз кæуы. Иудзæстон гуымир уыцы кæуын фехъуыста, дуар бакодта, æмæ Уырызмæджы бызгъуыр, скъуыдтæ дзаумæтты ку’ ауыдта, уæд æй фæрсы: – Чи дæ, цы дæ хъæуы? – Мæгуыр лæг дæн. – Ам цы ми кæныс? – Бæхагурæг дæн. – Цавæр бæх? – Нарты Уырызмæджы бæхы агурын æмæ йæ н’ арын. – Цавæр бæх у? – Урс. – Урс бæхтæй фылдæр цы ис! – Мæнæ йæ идон мæхимæ ис. Уый ахæм бæх у, æмæ йæм йæ идон куы бауигъай, уæд æнæрбацæугæ нæ фæуыдзæни. Æндæр ахсын нæ бакомдзæн. – Уæдæ мæ рæгъæутты дæр иу бæх ис ахæм! Урс у, фæлæ ахсын нæ комы. – Чи зоны ’мæ уый Уырызмæджы бæх у. – Цом, бафæлвар æй. Араст ысты лæгæты мидæмæ, æмæ сæ фæстæ къæдзæхдуар бахгæдта. Иудзæстон гуымир дурасинтыл хизгæйæ, фæкæлæгаукодта, размæ бахаудта, æмæ йыл Уырызмæг фæхæцыди. Гуымиры риутæ фæзындысты, æмæ йæ Уырызмæг фæфиппайдта, сылгоймаг кæй у, уый. Йæхицæн зæгъы: «Уо, ме сфæлдисæг, мацы мын кæн, ацы иудзæстон гуымиры нæлгоймаг куы ’нхъæлдтон, æмæ сылгоймаг куы у!» Иу гæнахы сæрмæ йæ скодта иудзæстон гуымир-сылгоймаг. Слæууыдысты былыл Уырызмæгимæ, æмæ дзуры Иудзæстон Уырызмæгмæ: – Мæгуыр лæг, бауигъ ма ныр дæ идон. Уырызмæг идон бауыгъта, æмæ Æрфæн ныууасыди, стæй февзæрди сæ разы. Иудзæстон та фæрсы Уырызмæджы: – Ай у Нарты Уырызмæджы бæх? – Ай у. – Æмæ дæу чи рарвыста? – Уырызмæджы ус – Сатана. – Йæхæдæг кæм и Уырызмæг? – Кæмдæр ыстæры ис. – Æнæ бæхæй? – Уымæ бæхтæ бирæ ис, фæлæ дзы ацы бæхæн æмбал нæй. – Цæмæй бæрæг у? – Сæрмагонд æм æз хицæнæй зилын. Дондарæнмæ йæ ’ркодтон, ауагътон æй, йæхи аирхæфса зæгъгæ, æмæ мын фæтары. Мæнæ йæ ныр дæумæ уынын. Радт мын æй, мæгуыр лæг дæн, кæннод мæ Уырызмæг фиусудзæнтыл ысфизонæгкæндзæни. – Уырызмæгæн æз йæхи ахсынмæ хъавын, фæлæ йыл нæ хæст кæнын. – Уыууыл афтæ нæ фæхæстуыдзынæ. – Уæдæ куыд? – Уæдæмæ дæ йæ ус Сатана зоны? – Нæ зоны. – Уæдæ дæхи хæстæг ысхон Уырызмæгæн. Бацу йæм уазæгуаты, йемæ нуаз, хæр æмæ йæ ракъах. Уый дын зæгъдзæни йе рцыды рæстæг æмæ йæм уæдмæ бахъав. Ма рацу Нартæй æддæмæ. – Ау, уæд та æрæгмæ ’рцыди? – Уырызмæгæн æнæ Сатана йæ бон цæрын нæу. Чи зоны, къуыримæ дæр фæзына. – Уæдæ æз цæуын Нарты Сатанамæ. Æууæндын дыл, æмæ ме рцыдмæ дæлæ уыцы ахæст адæм – дæ бар. Хæринаг цын дæдтынкæн, мæ цагъартæ дын æххуыскæндзысты. Иудзæстон гуымир-сылгоймаг Нарты Сатанамæ къуыримгъуыдмæ ацыди. Сатанамæ ныххæддзæ ’мæ йæ фæрсы: – Уырызмæг бынаты ис? – Бынаты нæй, фæлæ ай йæ хæдзар у, мидæмæ рахиз. Иудзæстон Сатанайы фæдыл бахызти. Сатана йæ фæрсы: – Чи дæ, уый мын зæгъ? – Æз Уырызмæджы хогонд дæн. Стæры куы вæййы, уæд йæ фæндаг раздæр мæныл ракæны, æмæ мын алыхатт уый дзуры, искуы мæ иубæрæг уæддæр бакæн зæгъгæ. Æрæгмæ не рцæудзæн, æвæдздзæгæн. – Къуыримæ зындзæни. Чи зоны ’мæ уыйбæрц дæр ма бафæстиат уа. – Цæй, уæдмæ йæм банхъæлмæкæсон. – Бар дæ ис, иугæр йæ хогонд дæ уæд. Æз та йæ бинойнаг дæн – Сатана. – Уо, уо! Дæ кой мын-иу æдзухæй дæр кодта. Баззади Иудзæстон гуымир-сылгоймаг Сатанамæ. Уырызмæг дæр Иудзæстоны хæдзары ’нцад кæм бадти! Цагъартæн зæгъы: – Хуыздæр хæринаг ма ныууадзут, ахæм дæдтут ахæстадæмæн. Цас хæрой, уыйас. Исчи цæ рахъасткодта зæгъгæ, уæд уæм бæрæг уыдзæн! Цагъартæ хæринаджы дзæбæх дæдтын байдыдтой ахæстадæмæн. Ахæстадæм дискæнынц: «Уæдæ ахæм хæринаг куы никуы федтам, уæд ыл цы зæд атахт Иудзæстон гуымирыл?» Уырызмæг ахæстадæмыл азылди. Мæнæ Бурæфæрныг, Хæмыц æмæ Сослан дæр семæ. Уырызмæг цæм хатиагау дзуры: – Нарты фæсивæд дæр ам ысты? – Ам ысты. – Уæдæ уæ æз ысуадзынкæндзынæн. Уайтагъд цæ суæгъдкодтой, азылдысты Бурæфæрныг, Хæмыц æмæ Сослан Нарты лæппу-æмæ чызгфæсивæдыл æмæ цын загътой: – Ма тæрсут, Уырызмæг ам ис! – Æ, кæд мах Нарты нал фенæм! Уæхæдæг дæр ахæсты куы стут. – Мах ныфс кæм ис, уым сымах дæр уæд. Уырызмæг хæринагхæсджыты фæрсы: – Иудзæстонæн ма исчи ис? – Ис! – Чи у? – Йæ мад, йæхицæй фыддæр. – Æмæ цæмæн ахæм фыдмигæнæг ысты? – Уыдонæн уыди æртæ фырты, æмæ Нарты къухтæй мæрдтæм бацыдысты æртæйæ дæр. Ныр лæппуты хо Нартæй йæ маст исы. – Фенын ма мын кæнут Иудзæстоны мады. Бацамыдтой йын æй. Уырызмæг æм бацыди ’мæ йæм кард ысласта. – Тагъд зæгъ, къæдзæхдуар куыд бакæнон, кæннод дæ марын! Мад ныхъхъæркодта: – Цы фæдæ, мæ чызг, мæнæ мæ мары! – Дæ чызг саугуырм у. – Гæды зæгъыс! Уыууыл нæртон лæджы фат куы нæ сæмбæла, уæд ын ницæмæй у тас. – Раст мæхæдæг дæн æз ахæм лæг. – Нартæй ам чи ис, уыдон ахæсты сты, чи та цæ баст у. – Æз та уыдон кæнынмæ ’рцыдтæн. Мад фырмæстæй адæнгæл и, фæлæ ма йæ удисгæйæ загъта: – Мæ фыртты мын бахордтат, æлгъысты Нарт, ныр та мын мæхи нал уадзут! Уырдыгæй Уырызмæг рацыди, йæ фат æрдыны сæвæрдта ’мæ йæ къæдзæхдуарыл байтыгъта. Йæхæдæг ахæстадæмыл разылди, Нарты чызг- æмæ лæппуфæсивæды суагъта. Уым ма чи уыди, уыдоны дæр ысуагъта ’мæ куывд ыскодтой. Къуыри æввонгæй цардысты Нартæ ’мæ ахæстадæм Иудзæстон гуымиры кæрты. Къуыри рацыди, æмæ Иудзæстон Сатанайы фæрсы: – Куыннæ зыны Уырызмæг? Сатана зæрватыкмæ йæ къухдарæн авæрдта ’мæ йын фæдзæхсы: – Уырызмæгмæ мын атæх æмæ йыл сæмбæлынкæн ацы къухдарæн. Зæрватыкк къухдарæн ахаста ’мæ йæ Уырызмæгмæ радта, цыдæртæ йын адзырдта. Уырызмæг къухдарæныл дзуарæвæрд акодта, зæрватыкмæ йæ авæрдта, æмæ йын фæдзæхсы уый дæр: – Сатанамæ мын æй фæхæсс æмæ йын зæгъ: тагъд зындзынæн. Зæрватыкк рахаста къухдарæн, Сатанамæ йæ радта мæ цъыбар- цъыбуркæны. Сатана къухдарæн райста, дзуарæвæрд ку’ ауыдта, уæд загъта Иудзæстон гуымирæн: – Уырызмæг сымахмæ ис, æнхъæлмæ дæм кæсы. – Кæуылты бацыди, мæнмæ маргъбатæхæн куынæ ис, уæд? – Уымæй та йын йæхи бафæрс. Д’ ахæстыты дын ысуагъта. Иудзæстон гуымир-сылгоймаг амæсты и ’мæ атындзыдта сæхимæ. Къæдзæхдуар фегомкодта. Æвиппайды Уырызмæджы фат йæ цæстыл сæмбæлди, æмæ басаугуырм и ус. Къæдзæхдуар йæхиуыл багуыпкодта ’мæ зæгъы: – Фæлæуут! Æз уæ иууылдæр ыскуынæгкæндзынæн. Уырызмæг нæ фæлæууыди ’мæ йæм кардимæ бацыди. Уырызмæджы кард ыл сæмбæлди, æмæ йæм фæлæбурдта Иудзæстон. Фырмæстæй йæ фехста. Уырызмæг æддейы аззади ’мæ бахъæркодта: – Æз Уырызмæг уыдтæн, Иудзæстон. Æддæмæ мæм ракæс! Уырызмæг айнæджы тигъыл алæууыди. Иудзæстон дуар фегомкодта ’мæ дзуры: – Кæм дæ, кæ, æлгъыст Уырызмæг? Уырызмæг æм айнæджы тигъæй æрдзырдта: – Мæнæ айнæджы сæр! – æмæ амбæхсти. Иудзæстон йæхи баппæрста, нал фæхъуыдыкодта ахауæн æмæ комы ныппырх и. Уырызмæг гомдуарыл бацыди ’мæ зæгъы Нартæн: – Цæугæ у ныр! – Æмæ нæ Иудзæстон куы бахæрдзæн! – Уыууыл мауал мæткæнут. Далæ комы мардæй лæууы. Нæ уырныдтой Уырызмæджы ныхæстæ Нарты. Фæлæ цæ Сослан æрсабыркодта: – Раст зæгъы Уырызмæг! Суæгъдкодтой æппæт ахæстадæмы. Нартæ сæ фæсивæды, сæ бæхрæгъæутты ракодтой. Рахастой гуымиры фæллæйттæ ’мæ Нартæм æрцыдысты. Сырдон, Нартæ цы куывд ныууагътой, уым хистæрæн бадти ’ мæ рæгъытæ уагъта. Сослан æм дзуры: – Сырдон, дæ бынат зон! – Æз мæ бынаты куы дæн. – Уый Хæмыцы бынат у. – Нæу. Уырызмæг æй фæрсы: – Кæдæй нырмæ дæ хистæр, Сырдон? – Мæнæ мæм Бурæфæрныг йæ урс хъуын куы радта, Хæмыц – йæ сырх хъуын æмæ Сослан та – йæ сау хъуын, раст уыцы бонæй. Мæ хистæр ма, Уырызмæг у æмæ зæронд Аце. А-æртыггаг хистæр æз дæн. Хæмыц æм дзуры: – Хинæй та рацыдтæ, Сырдон. Нартæ стыр куывд ыскодтой. Æнæхъæн къуыри ахаста сæ куывд. Стæй сæ фосыконд байуæрстой æмхуызон, æнæ хай никæй ныууагътой. Куывды Бурæфæрныг Уырызмæгмæ нуазæн бахаста ’мæ зæгъы: – Гъеныр уæддæр айс нуазæн. Уырызмæг нуазæн райста ’мæ уæд загъта: – Уæ цæрæн бон бирæ уæд, Нартæ! Ныр аггагкæнын мæхицæн нæ хистæрты нуазæн. Дыггаг нуазæн та йæм хаимæ балæвæрдта Хæмыц æмæ зæгъы: – Амæн дæр дын æнæ райсгæ нæй. – Уый та Нарты номæй исын. Сослан дæр æм авæрдта нуазæн æмæ зæгъы: – Æртыггаг нуазæн дæр дæ айсын хъæуы, Уырызмæг! – Уый та кæстæрты номæй исын, Сослан. Дæ хуызæн тыхтæй цух ма фæуæд Нарты адæм. Сеппæтæн дæр зæрдиаг арфæтæ фæкодта Уырызмæг. Куывд райхæлди ’мæ та сæ гаччы сбадтысты Нарт. АЛÆГАТЫ ТАУРÆГЪ Борæтæ ’мæ Æхсæртæггаты фарсмæ цардысты сæхицæн Хуыцауы цардæй Алæгатæ – Дæллаг Нарт. Сæ бон, сæ тых бирæ уыди. Фæлæ цыл рын сыстади иу заман æмæ цагъды кодтой. – Исты хос ыскæнут – мах дæр сымахмæ гæсгæ сæфæм, – дзырдтой Борæтæ. Цы ма уыд сæ бон Алæгатæн, ницы фæрæз ардтой æмæ Æхсæртæггатæм барвыстой: – Борæтæ нæ цæрын дæр нал уадзынц æмæ мæлын дæр, мах уе уазæг. Уæд Æхсæртæггатæ та Борæтæм сæрвыстой: – Цагъдымæрдтæй уæлдай куы нæ уал ысты Алæгатæ. Сæхи бар цæ уадзут, æмæ цын Хуыцау цы стæрхонкæна, уый уыдзæн. Борæтæ зæгъынц: – Се рдиаг æмæ сæ дзыназынмæ нал фæразæм. Фæлтау фæцæуæнт искуыдæм, æмæ се сæфт цас дарддæр æрцæуа, уыйас хуыздæр. – Кæдæм хъуамæ фæцæуой? Сæ равзæрд цы зæххыл уыд, с’ амæлæт дæр уадз æмæ уым æрцæуа. Борæтæ дæр ницыуал загътой. Фæлæ Алæгаты мыггаг сау сæфт баци. Хъыртт-ызмæлæг цæ нал уыд, иунæг зæронд Алæджы йæддæмæ. Уæд æм Нартæ ныххатыдтой: – Бынысæфт ма фæкæнут æнæхъæн сыхæй. – Цы ма кæнæм? Хуыцау ныл рахатти ’мæ нæ сафы. – Нæ, Алæг, ус æрхæсс, æмæ дæ мыггаг ма аскъуыйа. Дæ фыдæлты ’гъдау ма фесаф. Алæг дæр Нартæм байхъуыста ’мæ ус æрхаста, фæлæ йын дзы зæнæг нæ цыди. Уæд дыггаг ус æрхаста ’мæ та йын уымæй дæр нæ рацыд зæнæг. Афтæмæй авд усы ’рхаста. Нарты адæм дæр хъынцъымкодтой, æмæ йын иубон Уырызмæг афтæ зæгъы зæронд Алæгæн: – Уæ, нæ хæрæфырт, Борæтæм фæцу, куринаг чызг цæм ис, æмæ йæ ракур, æмæ дын зæнæг рацæуа. Алæг Борæты сыхмæ фæцыди, æмæ цæм – æцæгдæр – диссаджы чызг. Фысымтæ йын фынг авæрдтой йæ разы, фæлæ уый фынгмæ не вналы. Уæд æй фæрсы йæ фысым: – Цы кæныс, Алæг? Иу комдзаг уæддæр ысхæсс дæ дзыхмæ. – Бæргæ, бæргæ, фæлæ зæрдæ афтæ кæм зæгъы! – Иугæндзон зæрдæйы коммæ кæсын дæр нæ хъæуы. Бинонтæ дæр æркæндзынæ. Махæн дæр хъыг уыди Алæгаты сæфт, фæлæ ма цæ ды уæддæр баззадтæ. Хуыцау афтæ зæгъы, цæмæй ногæй мыггаг ды акæнай. Тыхсгæ ма кæн, Хуыцау дын баххуыскæндзæн. Мæхи цæст дæр дын бауарздзæн. – Уæд дæм цы рæсугъд чызг ис, – зæгъы зæронд Алæг, – уый мын радтис. – Гъе, Хуыцау ын æй ма ныббара йæ бацамонæгæн. Фæлæ дæ ныхас фæуæд. Нæ хæрæфырт дæ. Уыцы чызг та не фсины хæстæг у, æмæ кæрæдзийæ райгæ ут: цы къæбæр хауа – дæ хъæбысмæ. Бафидыдтой æмæ зæронд Алæг æркодта уыцы чызджы усæн. Уымæй йын афæдзмæ лæппу райгуырди, фæлæ лæппуйæн йæ мад амарди æвгъæды. Зæронд Алæг йæ фырты дæр Алæг ысхуыдта. Й’ авд усы йæ хихъæбулау хæссын байдыдтой. Радæй йыл ирхæфстой сæхи. Иу бон Борæтæ зæгъынц: – Æхсæны дугъ уыдзæни. Барæг кæй хæдзарæй нæ уа, уый афæдзæй- афæдзмæ фæхынцæд Нарты адæмы! Бакатайкодта зæронд Алæг: «Уæдæ ныр махæй барæг н’ ацæудзæн. Мæхæдæг дæн, æмæ базæронд дæн. Ацы лæппу... Уый та нырма æнахъом у». Йæхи мæстыцæф æркодта йæ къæлæтджыныл, æмæ къæлæтджын ныссасти йæ быны. Зæронд Алæджы авд усы дæр катайкодтой: чи цæ фæхæсдзæни Нарты адæмы афæдзæй-афæдзмæ? Уæд чысыл Алæг фæрсы й’ авд мады: – Цæуыл ысмæсты мæ зæронд фыд? – Борæтæ ’хсæны дугъ уадзынц, æмæ барæг цы хæдзарæй нæ уа, уыцы хæдзар хъуамæ афæдзæй-афæдзмæ фæхынца Нарты. Æмæ уый кæй бон у? Махæй барæг н’ ацæудзæн. Дæ фыд – зæронд, ды та нырма чысыл дæ, æмæ уый катайыл ыстæм. Чысыл Алæг та фæрсы: – Ау, æмæ мæ фыдæн æппын бæх нæ уыди? – Куыннæ! Нарты зылды йын æмбал куы нæ ис ныр дæр ма! – Æмæ цы у йæ хуыздæр миниуæг? – Дугъы йæ уад не ййафы, сæрбахъуыды заман та йæ уд мæлæтмæ раддзæн. – Æмæ дугъ кæд уыдзæни? – Майрæмбоныбон. – Уæдмæ мын æй ысрæвдзкæнут. – Уый та куыд, нырма авдæны куы хуыссыс? – Уый та мæхи бар у. Æмæ чысыл Алæг атыдта й’ авдæны фæрстæ ’мæ йæ къæхтыл алæууыд. Раластой йын цæттæйæ йæ фыды бæх. Алæг ыл абадти. Бæх иу хуыррытт фæкодта, хæрдмæ фехста йæхи ’мæ Нарты сæрты атахти. Нартæ зæгъынц: – Уый Алæгаты Алæджы бæх у, фæлæ йыл чи бады, цымæ? – Æвæдздзæгæн æй чидæр радавта, – зæгъынц иутæ. – Кæд ыл, мыййаг, йæхæдæг бады, – дзурынц иннæтæ. – Йæхæдæг кæцæй у! Йæ барæг – тыччыйы йас! Бæх быдырты атахти ’мæ рыг систа йæ сæрмæ. Фæстæмæ та иу ысхъиуд фæкодта. Хъæды батахти ’мæ – схъисгай тæхынц бæлæстæ, дуртæ лыстæг хуырæй ызгъæлынц. Æртыггаг сæррæтт акодта бæх, фурды йæ сæр фæцавта ’мæ йæ иннæ кæрон февзæрди. Уыйфæстæ ’нцад æрлæууыди ’мæ фæрсы лæппуйы: – Цы фæдæ? – Мæнæ бæргæ дæн. – Æмæ тынг фæтарстæ? – Фыдздзаг мæ уд ауади, фæлæ дыггаг хатт фæныфсджындæр дæн, æртыггаг хатт нал тарстæн æппындæр. – Гъе, дæ бонæй уай Алæджы фырт Чысыл Алæг! Нырмæ лæджы хуызæн лæджы хастон мæ уæлæ, фæлæ мын ныр дæ хуызæн дзидзидайы коммæ чи кæсдзæн! – Лæгдзинад ыстыр æмæ чысылы сæрыл нæу. – Фендзыстæм, абон цы фесгуыхай, уый. Фæлæ мыл фидар бад, æмæ фæцæуæм Борæты ’мбырдмæ. Алæг бæхы рохтæ ’рбалхъывта. Бæх йæхи маргъау систа ’мæ Нарты астæу ысмидæг и. Нартæ йæ фæрсынц Чысыл Алæджы: – Чи дæ, цæмæн нæ хъыгдарыс? Алæг цæм дзуры: – Цæмæй уæ хъыгдарын? Борæтæ ’хсæны дугъ уадзынц, æмæ дзы Алæгатæй ничи ис. Æз дæн Алæджы фырт Алæг. Борæтæ бацинкодтой, æмæ дугъ авдбонцау æддæдæрæй рауагътой. Дугъы æртæлæвары уыд: фыдздзагæн – йемылыккбайраг, дыггагæн – гайлаг, æмæ æртыггагæн – æртæ нуазæны. Алæгæн йæ бæх зæгъы: – Дугъы куы уайай, уæд-иу фыдздзаг дугъæтты ’хсæз бонцауы раздæр рауадз. Фæцыдысты дугъæттæ авд бонцауы. Æмæ уыцы ран фæдфæдыл æртæ тырысайы æрывæрдтой. Уæд дугъæттæ фæцагайдтой. Иу дзы Борæты дугъон уыд, иннæ – Æхсæртæггаты, æртыггаг та – Алæгаты дугъон. Алæг цæ рауагъта æхсæз боны раздæр. Стæй фæцагайдта. Æхсæртæггаты дугъоны ’рбаййæфта. Алæджы бæх æй йæ риуæй ыскъуырдта, æмæ Æхсæртæггаты барæг æд бæх авд мусуаты атахти ’мæ зæххыл сæмбæлдысты. Цалынмæ уыдон ыстадысты, уæдмæ та Алæг æрбаййæфта Борæты барæджы. Алæджы бæх уый дæр ысцавта йæ риуæй, æмæ бæх æд барæг хæрдмæ фæхаудта. Алæг нысан-бынатмæ бахæддзæ и ’мæ æртæ тырысайы дæр раскъæфта. Уæдмæ иннæтæ дæр сæпцыдæй æрхæддзæ сты. Нартæ зæгъынц: – Алæгаты мыггагæй ма Алæг баззади. Авд усæй йын ницы уыди, фæлæ йын æстæм усæй лæппу райгуырд. Æмæ йæ мыггаг уый номæй кадджын уæд! Уæдæй фæстæмæ Алæджы номæй ыстыхджын ысты Алæгатæ. Æмæ Борæтæ ’мæ Æхсæртæггатæн ног сыхæй баззадысты. Уæд Борæтæ зæгъынц: – Нæ номæй лæвар цы ис, уый Алæджы фæуæд й’ абоны фесгуыхтмæ – нæ хæрæфырт у. Æхсæртæггатæ дæр зæгъынц: – Нæ номæй лæвар цы ис, уый та мах номæй фæуæд Алæгæн – йæ фыд мах хæрæфырт у. Алæг дæр цын бузныг загъта. Уæд Борæтæ ’мæ Æхсæртæггатæ зæронд Алæджы ’рбакодтой Нарты бадтмæ. Нуазæнтæ йæм радтой æмæ зæгъынц: – Дæ фырты номæй Нартæн ис æртыггаг сых – Алæгатæ. Фæлæ хорз уаид, дæхи удæгасæй ма йын бинонтæ куы ’ркæнис, уæд. Алæгаты Алæг зæгъы йæхинымæр: «Ай хорз фæнд у. Алæгаты мыггаг аскъуыд – фæлæ йæ бæсты ныр мæ фырт Алæджы номыл уадз æмæ ацæуа дарддæр». – Къуырибалцмæ сцæттæкæндзынæн мæ фырты, – загъта зæронд Алæг. – Къуыримæ мæхæдæг дæр цæттæ уыдзынæн æмæ кæнын мæ чысыл Алæгæн чындзæхсæв. Зæронд Алæг йæ фыртæн та ахæм ныхæстæ загъта: – Фæцу Нарты стыр фæндагыл Хурыскæсæны бæстæм. Бахæддзæ уыдзынæ Хурыфæзмæ, æмæ дыл чи ’мбæла фæндагыл, уыдонæй алкæмæ дæр фыды номæй дзур. Стæй дын уыдон амондзысты, д’ амонд кæм ис, уый. Чысыл Алæг йе схæссæг авд мадмæ ’рцыди. Йæ фæндаджы кой цын загъта. Мадæлтæ бацинкодтой, арфæтæ йын фæкодтой æмæ йæ афæндарасткодтой. Борæтæ, Æхсæртæггатæ ’мæ Алæг та минасыл уыдысты. Фæцис бадт. Зæронд Алæг й’ авд усæн зæгъы: – Нæ мыггаджы сæфт мын цинæй ивы мæ иунæг бындар. Фæтындзут, уый æз усгур фервыстон Хурфæзыбæстæм æмæ иунæгæй не рцæудзæн. Æмæ адæмы цæмæй фæхынцдзыстæм, уый ысцæттæкæнут. – Мах цæттæ рагæй кæнæм. Цы ’мбæлы – авд хатты хуыздæр цæттæ стæм. Уæд зæронд Алæг фидиуæг ныхъхъæркæнынкодта Сырдонæн: – Майрæмбоны Алæг йæ фыртæн чындзæхсæв кæндзæни ’мæ куывд, æмæ ’рцæут! Чысыл Алæг дæр йæ фæндагыл цыди. Уалынмæ йыл иу барæг амбæлди ’мæ йæм дзуры: – Дæ фæндаг раст, лæппу! – Дæ хъуыддаг раст, мæ фыдыхай! – Кæй лæппу дæ? Дæ бæх мын зонгæ у, фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Æз дæн Алæгаты Алæджы фырт Чысыл Алæг. – Ау, æмæ Алæг мæ хæлар куы у! Дард цæуыс? – Дард! – Уæдæ рæствæндаг у! Уый уыди Æфсати. Цæуы та Алæг æмæ йыл æндæр барæг амбæлди. Дзуры йæм: – Дæ фæндаг раст, лæппу! – Хорз дæ хъуыддаг, мæ фыдыхай! – Дæ бæхы дын зонын, фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Æз Алæгаты Алæджы фырт дæн. – Уо, уæдæ уый мæ хуыздæр хæлар куы у! Дард цæуыс? – Дард! – Цæй, рæствæндаг фæу! Уый та Уацилла уыди. Дзæвгар ацыди ’мæ йыл æртыггаг барæг дæр амбæлди. – Дæ фæндаг раст уа, лæппу! – Дæ хъуыддаг раст дæуæн дæр, мæ фыдыхай! – Дæ бæх мын зонгæ у, фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Æз Алæгаты Алæджы фырт Чысыл Алæг дæн. – Уæдæ мæ хуыздæр хæлары фырт куы дæ! Дард у дæ фæндаг? – Дард, тынг дард. – Рæствæндаг фæу, мæ хур, рæствæндаг! Уый та Уастырджи уыди. Уастырджи баййæфта Уацилла ’мæ Æфсатийы ’мæ цæм дзуры: – Диссаг уæм нæ кæсы, нæ хæлар Алæджы фырт дард балцы цæуы, æмæ йæ фæндаг кæйонг у, уымæй йæ ничи бафарста. – Æцæгæйдæр! – зæгъы Уацилла. – Мæн дæр æрбайрох и йæ бафæрсын, – зæгъы Æфсати. – Фæстæмæ аздæхæм æмæ йæ бафæрсæм. Уæд та кæдæм цæуы? Кæннæуæд нын худинаг уыдзæни нæ хæлар зæронд Алæгæй, – загъта Уастырджи. – Разы дæн, – дзуры Æфсати – сонт лæппу у. Æмæ йыл исты куы ’рцæуа, уæд та? – Цæугæ йыл ницы ’ркæндзæн, – зæгъы Уацилла. – Мæ цæхæртæм Нартæ сæхи тавынц, æндæра мæ, мыййаг, сæ саби дæр куынæ тæрсы. Фæлæ хæлары уохыл аздæхæм, бафæрсæм æй. Раздæхтысты æртæ барæджы. Æрбаййæфтой Чысыл Алæджы ’мæ йæм дзурынц: – Фæлæу-ма, нæ хæлары фырт! Алæг æрлæууыди. Уастырджи йæ фæрсы: – Æртæйæ нæ иуæн дæр нæ загътай, кæйонг цæуыс, уый. Чи зоны ’мæ дын исты феххуысуаиккам, дæ фæндаг кæйонг у, уый куы зониккам, уæд. Чысыл Алæг дзуры: – Мæ фыды мыггагæй ма ’рмæст мæ фыд баззади. Нартæ йын ус æрхæссынкодтой, фæлæ йын зæнæг нæ цыди. Авд усы ’рхаста, авдæй дæр ын зæнæг нæ рацыди. Æз дæн, мæ фыд цы æстæм ус æрхаста, уымæй – Борæты чызгæй. Мæ мад амард. Мæн авд усæй хастой, æмæ авды лæппу дæн. Борæтæ æхсæны дугъ уагътой æмæ цын дугъы се ртæ лæвары дæр рамбылдтон. Уæд бауынаффæкодтой Нартæ, цæмæй Нарты ’хсæн мæ номæй мыггаг рацæуа. Мæ фыд мæн ацы фæндагыл бафтыдта. Цæуын æмæ цæуын. Хурфæзыбæстæм у мæ фæндаг. Кæм ис, уый дæр нæ зонын. Мæ цыды сæр та у – мæхицæн амонд ыссарын. Мæ фыд Алæг мын дзырдта, йæ хæлæрттæ мыл кæй æмбæлдзысты ’мæ мын кæй баххуыскæндзысты. – Дæ фыдæн мах хуызæн хæлар никуы и, – загъта Æфсати. – Мах ыстæм, дæ фыд дын кæй кой кодта, уыдон. – Уæд ма æз дæр сымах æвастæй кæдæм фæцæудзынæн! – Уомæ, кæд амонд агурыс, уæд æнæ ’мбал та цæмæн дæ? – афарста йæ Уацилла. – Цæмæн дæн æнæ ’мбал? Мæ фыды хæлæрттæй хуыздæр ма мæ чи хъæуы? – Алæджы йæ фыд мах ныфсæй рарвыста, уый бæрæг у, – дзуры Уастырджи. – Æмæ йын баххуыскæнæм. – Уый дард у, – загъта Æфсати, – уыйæддæмæ авд æфсымæры хо Адыззæйæ хуыздæр арвы бын нæ разындзæн. – Нæ бакомдзæни, – дзуры Уастырджи. – Уæд – тыхæй! – загъта Уацилла. – Цом уæдæ цыппарæй, – зæгъы Уастырджи. Æмæ араст ысты авд æфсымæры хо Адыззæйы курынмæ. Уайтагъд æрхæддзæ сты Хурфæзыбæстæм. Разынди цæм ыстыр хъæу. Авд æфсымæрмæ бацыдысты ’мæ сæ кæрты ’рхызтысты. Сæ бæхтæ ’рбастой гæрæныл æмæ бадзырдтой: – Уазæг дуармæ, хæдзаронтæ! Хъæрмæ кæстæр æфсымæр рауади, бакодта цæ мидæмæ. Хæдзары ма уыдонæй уæлдай уыд авд усгуры. Уастырджиитæ бамбæрстой хъуыддаг æмæ дзурынц æфсымæрты хистæрмæ: – Уæддæр дæ хо Адыззæйы кæмæн рауæлдайкодтай? – Уыныс æй дæхæдæг: чи уæйгуытæй у, чи йеугуыппыртæй, чи та гуымиртæй у, чи уæларвцæрæг у, чи – дæларвцæрæг. Нырма бæлвырд ныхас никæмæн загътам. – Уæдæ мах дæр усгур ыстæм Алæгаты Алæджы фырт Алæгæн. – Ау, æмæ æнæмыггаг фесты зæгъгæ куы дзурынц! – Гъемæ та ногæй ыстыхджын уыдзæн сæ мыггаг, – загъта Уастырджи. – Æмæ Алæгатæ Нартæн се ртыггаг сых уыдзысты! – Алæгатæ та чи сты? – Мæнæ Алæджы фырт Алæг у, æмæ мыггаг уый номæй цæуы – Алæгатæ. Авд æфсымæры хистæр зæгъы: – Нæ хойы фенæм, кæй саггагкæна, уыимæ с’ амонд хорз. Адыззæмæ фæдзырдтой. – Мæнмæ ис æртæ хæснаджы, – загъта чызг. – Чи цæ сæххæсткæна, уый уыдзæн мæ мойаг. – Зæгъ цæ, зæгъ! – дзуры йæм Уастырджи. – Мæнæ уын аст хуслæдзæджы. Алы усгурмæ дæр дзы радтут иу. Ныссадзут цæ фæрсæй-фæрстæм. Райсоммæ къуыбар кæмæн раппара йæ лæдзæг, уый мæ фæкæнæд. – Разы стæм! – зæгъы Уастырджи. Райстой хуслæдзæг. Уастырджи лæдзæг æрсагъта сыджыты, æмæ йыл æхсæвы, талынджы дон акодта. Райсомы Алæджы лæдзæг къуыбар аппæрста. Уæд Уастырджи фæрсы Адыззæйы: – Алæг рамбылдта ’мæ цы зæгъыс? – Райсоммæ йæ лæдзæг æртæ ахæмы кæмæн сырæза, уый – мæ мойаг. Æхсæвы Уацилла бацыд, æмæ уый дæр лæдзæгыл дон ауагъта. Æмæ лæдзæг, цы уыд, æртæ ахæмы бæрзонддæр сырæзт. Райсомы Уацилла дзуры Адыззæмæ: – Гъеныр та ма цы зæгъыс? – Райсоммæ сыфтæр кæй лæдзæг ракала, уый уыдзынæн. Уыцы изæр Æфсати дæр талынджы сыстади, дон ыл акодта лæдзæгыл, æмæ лæдзæг райсоммæ бæласау сыфтæр акалдта. Райсомы Æфсати Адыззæмæ дзуры: – Цæй ныр та ма цы зæгъдзынæ? – Сымах цы зæгъат, æмæ ме фсымæртæ цы зæгъой, уый. Авд æфсымæры дæр бакастысты кæрæдзимæ ’мæ зæгъынц: – Хуслæдзæг къуыбар кæмæн акалдта, бæласау чи сырæзти, сыфтæр кæуыл фæзынди, уый хуымæтæджы лæг нæ уыдзæн. Радтæм æй нæ хойы Алæгæн. Æфсымæрты хистæр зæгъы иннæ усгуртæн: – Нæ хо Алæджы фырт Алæджы сыггагкодта йæхицæн, æмæ мах дæр уæлдай ницыуал зæгъæм. Уыдон афардæг ысты. Уæд авд æфсымæры фæйнæ уадындзы райстой æмæ авдырдæм ныууасыдысты. Авд комæй рæгъæуттæ æд фыййæуттæ фенкъуыстысты, æмæ авд æфсымæры кæрт фосæй байдзаг и. Стыр чындзæхсæв ыскодтой Адыззæ ’мæ Чысыл Алæгæн. Йæ фæстæ та, Уастырджи – къухылхæцæг, Уацилла – æмдзуарджын, Æфсати – хистæр уазæг, афтæмæй рараст сты сеппæт дæр Нартæм. Иу доны был цыл æрталынг и, æмæ Уастырджи зæгъы: – Чысыл нæ фæллад ысуадзæм, уый афон дæр у. Райсомы сыстадысты. – Уох-уох! Дысон фын федтон: цыма иу чысыл сæгуыты цæст йе мцахъхъæн лæппу фехста... – загъта Уастырджи. Уæд Уацилла дæр зæгъы: – Æз дæр уыцы фын федтон, фæлæ йæ ды ’ххæстæй нæ загътай, Уастырджи. Цыма уыцы сæгуыты цæстæй туджы пырх акалди ’мæ дыууæ хохы ’хсæнты къадамæ ныттагъди. Уæд Æфсати дæр зæгъы: – Æххæст æй нæ загътат уæ фын, фæлæ йæ æз зæгъдзынæн. Цыма уыцы ’нхъизæн нæрсын байдыдта, афтæмæй туджы ’ртахимæ схæддзæ и, æмæ дзы цуанонгуырд рацыд. – Уæдæ цын лæппу гуырдзæни Алæгатæн, – загъта Уастырджи. – Æмæ Алæгаты мыггагæн чи райгуыра, уымæн йæ ном хуыйнæд Ацæ. Æрцыдысты, æрхæддзæ сты Нартæм. Уыд майрæмбоныбон. Алæг дисæндзуринаг чындзæхсæв ныззылдта. Нартæ авд боны ’мæ авд æхсæвы фынгтыл бадтысты. Стæй зæронд Алæгæн арфæтæ фæкодтой æмæ фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. Афæдзмæ Алæгæн фырт райгуырди, æмæ йыл Уастырджи ном сæвæрдта – Ацæ. Ацæ дæр хорз гуырд рауади. Чи йæ нæ зыдта, ахæм нæ уыди Нарты ’хсæн. АЦÆ НАРТÆН КУЫВД КУЫД ЫСКОДТА Æртæ Нартæм Ацæйæ мæгуырдæр ничи уыд зæгъгæ-иу дзырдтой. Фæлæ йæм Хуыцауы фарн дæр касти. Æрхæстæг и Нарты бæрæгбон, æмæ йæм адæм сæхи цæттæкодтой. Уæд дын иу бон йæ ног ус афтæ зæгъы Ацæйæн: – Комы адæмтæ сæхи цæттæкæнынц бæрæгбонмæ. Дæу дзы хонæг нæ уыдзæни, дæхæдæг дæр кæй æрхондзынæ, фæлæ уæддæр фæздæг ысуадзæм мах дæр. Æмæ дæ хæлар Æфсатимæ фæцу ’мæ дзы исты ракур. Байхъуыста Ацæ йæ усы ныхасмæ. Араст и Уаддымдтыхохмæ. Уæд арв æрбасæста. Зæххыл зилгæдымгæ ’мæ тухгæуад сыстади. Ацæйы t8md`c мит æмбæрзын байдыдта. Бæстæ урсурсид адардта. Нал зоны Ацæ: размæ цæуа, æмæ фыдбылызы бон ыскодта – бабын уыдзæни искуы. Фæстæмæ цæуа, æмæ - бæллæх: Нартæ зæгъдзысты, Ацæйыл хъæудзырд бакæнæм зæгъгæ. Ноджы йæ ус дæр былысчъилтæкæндзæни ’мæ дзурдзæн: «Дæуæй цæй нæртон лæг и, уæдæ мæ цы ныфсæй æрхастай, кæд мæ дарын дæ бон нæу, кæнæ хъæуваг куывд ыскæнынмæ дæ ныфс нæ хæссыс?» Катайы бацыди Ацæ. Ничердæм йæ бон у ацæуын. Уæд ауыдта йегуыппырты лæгæт æмæ уырдæм бацыди ’мæ скуывта: – Уастырджи, æз де уазæг, сæфын æмæ мæ фервæзынкæн, кæнæ та мæ хæрзсæфт фæкæн, Нæртон ызмæлæг мæ тъымытъымамæ дæр куыннæуал ыссара! – Ацæйы куывд Уастырджийыл сæмбæлди, фæлæ нæ базыдта кувæджы. Æфсатийы фырт Будзумар фехъуыста Ацæйы лæгъстæ. Йæ сызгъæрин уадындз систа ’мæ ныууасыди: – Уастырджи, зæххон лæг дыл йæхи фæдзæхсы. Йæ уды бар дæуыл баст у. Раздæр уал дæ Æфсати хоны ’мæ уыууыл рацу. Уастырджи йегуыппырты лæгæты смидæг и. Ацæйы йæ тинтыкæрцы батыхта. Ацæ йемуд æрцыди, æмæ уæд Уастырджи Будзумармæ адзырдта: – Мæнæн мæ бон нæу дæ фыды хæдзармæ цæуын. Цы зæххон лæджы кой мын кодтай, уый ме уазæг у, æмæ йын афтæмæй ауадзæн нæй. Будзумар та дзуры Æфсатимæ: – Уастырджийæн рæстæг нæй – уазæг æм ис. Уæд Æфсати Уастырджимæ уадындзæй ныууасыди: – Кæм дæ, Уастырджи? Уазæг де уазæг дæр нæу, ме уазæг дæр нæу. Уазæг Хуыцауы уазæг у, демæ йæ ракæн æмæ рацæут! Цалынмæ Æфсати уыцы ныхæстæ кодта, уæдмæ мит авд ивазны бæрц ныууарыди. Уастырджи мит йæ йæхсы ’взагæй ныддымдта. Стæй Ацæмæ дзуры: – Гъе, нæртон лæг! Цом Æфсатимæ. Дæ хæлармæ хуынд ыстæм. Стæй, Хуыцауы куы фæнда, уæд нæ хъуыддæгтæ рæстмæ ацæудзысты. Араст ысты Уастырджи ’мæ Ацæ Æфсатимæ. Æфсати фынгтæ æрывæрдта, хæрд, нуæзт – йемыдзаг. Уæд Ацæ нынкъарди ’мæ æнæбары фыдызгъæл æууилы ’мæ зæгъы йæхицæн: «Гъе, ай цард хуыйны, уæдæ дзы æз дæр цæрын!» Йæ хъуыды йын Уастырджи фембæрста ’мæ бахудти. Уалынмæ нуазæнтæ сарæх ысты. Ацæ та хъуыдыкæны: «Уо, ме скæнæг, ай мæ хæлар Æфсати цæй бæркадкъух у – цас хъауæм нуæзтæй, уыйас рæдаудæр кæны». Уастырджи та йæ бамбæрста ’мæ бахудти. Æртыггаг хатт Æфсати тинтычъибасылыхъ рахæссынкодта ’мæ йæ лæварæн радта Уастырджийæн. Ацæйæн та – тинтычъицухъхъа. Ацæ та дискæны йæхимидæг: «Мæнæ нæртон диссаг, тинтычъийæ лæг æрмхудты фаг н’ ары, фæлæ дзы Æфсати басылыхъхъытæ ’мæ цухъхъатæ кæны». Фембæрста та йæ Уастырджи ’мæ бахудти. – Дæ хорзæхæй, Уастырджи, – загъта Æфсати, – ныр æртыггаг хатт бахудтæ ’мæ цæуыл худыс? Кæд мæ фынг дæ зæрдæмæ нæ цæуы, кæнæ дæм мæ лæвæрттæ фаг нæ кæсынц? – Нæ, алцыдæр йæ раны ис, æгæр хорз дæр ма нын кæныс лæггад. – Уæдæ дæ худт цæуыл у? – Нæртон лæг Ацæ дæ хæлар у, æфсымæртау цæрут, мæнæн та æнæхъæн Нарты адæм ысты афтæ. Хъару ’мæ тыхæй фæстейы нæ лæууынц. Сæ тыхджынтæ ’мæ сæ разагъдылæгтæн Хуыцау зонд радта, цæмæй цæ чи хъыгдары, уыдоныл-иу фæтых уой. Æрмæст ма дæм иу аипп ис, Æфсати. Дæ фосæй цын парахатæй дæдтын дæ цæст нæ уарзы. Уыдон та ахæм адæм ысты, æмæ сæхи кардыкоммæ дарынц, фатыфындзмæ хæссынц сæ риу. Радт цын æнæвгъау дæ дзугтæй. Нæртон адæмæн сæ бæрæгбон æрцæуы. Ацæйæн та, цæмæй иу сæныччыхъусæй туг ысуадза, уый фадат дæр нæй. Æмæ йын дæ цæст бауарзæд. – Хуыцауы раз уый куыд уыдзæн? – Ме фсон æй фæкæн, Хуыцауæн адæм куынæ уой, уæд цæй Хуыцау у! Иунæгæй та Хох дæр нæ цæры – къуырма, мадзура у, æмæ фæстагмæ нызгъæлæнтæ вæййы. Уæд Æфсати зæгъы: – Уæдæ мæ хæлар Ацæйæн бар ис, æмæ сæдæсæдæ сыгъдæг сагтæ акæнæд Нартæн æмæ цын куывд ыскæнæд. – Уый иу боны ’рхъуыды у, – зæгъы та Уастырджи, – фæлæ цæмæй æнустæм арфæйаг фæуай, ахæм лæвар ын ракæн – Нартæ нын æцæгæлон не сты. – Алыбон дæр цæ цуаны кæнæ стæры чи цæуа, уымæн мæ фосæй – хайыраг. Ацæйæн та, нырма иунæг у, искуы кæд базæронд уа, æмæ йын кæстæриуæггæнæг фæзына, уæд ын йæ изæры хай раддзынæн. – Гъе, уый цæстуарзон лæвар у, Æфсати, – дзуры йæм Уастырджи. – Дæ ном дын куыд арой, ахæм амонд уæд, æмæ цыл æнустæм аудæг фæу. Ацæ дæр арфæтæ ракодта, стæй Будзумар йæ сыгъзæрин уасæнæй ныууасыди иу хохы сæрæй. Сæдæсæдæйы йæм сагты дзугтæ амбырд ысты, æмæ цæ Ацæ Нартыбæстæм рацæйтардта. Уæд ыл, авд комы кæм иу кæнынц, уым йегуыппыртæ амбæлдысты ’мæ зæгъынц Ацæйæн: – Ацы дзугтæ мах ысты ’мæ дæхи айс. Ацæ скуывта: – Рæстылдзæуæг Уастырджи! Кæд æцæгæй дæр мæгуыр æмæ тыхст лæгæн æххуысгæнæг дæ, уæд мæ разы куыд февзæрай. Уастырджи дын уым февзæрди ’мæ фæрсы Ацæйы: – Цы кæныс, Ацæ, дæ сагты дзуг цæуылнæ скъæрыс? – Дæлæ йеугуыппыртæ авдæй мæ разы бадынц. Нæ мæ размæ уадзынц акъахдзæфкæнын, нæ – фæстæмæ. Гъей, йегуыппыртæ, зæгъгæ загъта Уастырджи. – Абон уал – мæ хатыр, райсом та – æхсары тых! Ацы дзугтæ Æфсатийы лæвар ысты, абон йæ кувæнбон у Æфсатийæн. Йæ цæхх, йæ кæрдзынæй йын чи сахода, уымæн кæны лæвæрттæ. Уæд сымах ам ц’ агурут? Йеугуыппыртæ Æфсатимæ агуылфкодтой. Уæд Уастырджи Ацæйæн афтæ зæгъы: – Тагъд кæн ныр, адон мæ бар уадз. Ацæ рараст и Нартыбæстæм. Уастырджи йеугуыппырты разæй фæци Æфсатимæ ’мæ йын зæгъы: – Ацы йеугуыппыртæ тыхкæнынц алы цæуæгæн, алы мæгуыр лæгæн, æмæ цыл дæ тых дæр цæуы, цæмæй афтæ ма кæной. Уалынмæ йеугуыппыртæ Æфсатийы кæрты балæууыдысты ’мæ бахъæркодтой: – Гъей, Æфсати, дæ фарнæй – хайджын, æмæ мах де уазæг! Æфсати цæм радзырдта: – Уалийыбæрзондыл мæ нуазæнтæ ’мæ мын цæ раздæр æрхæссут. Авдæй йеугуыппыртæ Уалийыбæрзондмæ адугъкодтой, фæлæ цыл уым бæстæ сасæста ’мæ ныссалдысты. Уæдæй фæстæмæ нæ хæхты бæрзæндтæ цъитиуат фесты. Ацæ та йæ сагрæгъæуттæ Нартæм æртардта. Кусæртытæн цы ’мбæлди, уыдон фæхицæнкодта, иннæтæ Нартыл байуæрста. Фæхыгъта Ацæ Нарты иу абонæй иннæ абонмæ йæ куывды. Нартæ Ацæйы ном кадджынæй хастой уыйфæстæ, кæстæртæ йын кæстæриуæг кодтой, хистæртæ – кад. НАРТЫ АВДÆН Алæгаты мыггаг тынг ысцыбыр и. Уæд дзы иу хæдзары авд æфсымæры райгуырди, æмæ та Алæгатæ чысыл фæцардхуыз ысты. Æфсымæртæ хъомылкодтой, ныфс уыдысты сæ мад æмæ сæ фыдæн. Авд æфсымæры – авд хæстоны. Ацы хабар фехъуыста Уастырджи ’мæ Алæгатæн арфæтæ кодта. Рахъомыл ысты авд æфсымæры ’мæ сæ лæджы ранмæ рацыдысты. Иумæ цын устытæ ’рхастой, фæлæ дзы иуæн дæр цот нæ цыди. Уæд та афæдзы фæстæ ногæй устытæ ’рхастой. Уæддæр та цын нæ рацыди зæнæг. Æртыггаг аз дæр афтæ. Æнкъард байдыдтой æфсымæртæ. Ногæй та ’рхастой устытæ – нæй та уæддæр зæнæг. Авд хатты ’ рхастой афтæмæй. Æрынкъард ысты бынтондæр æфсымæртæ ’мæ зæгъынц: – Ай цæй æлгъыст фестæм, авд азмæ æвдгай устытæ ’рхастам, æмæ нын Хуыцау фæйнæ чызджы дæр нæ дæдты. Хистæр æфсымæр зæгъы: – Кæд æгæр æнгомæй цæрæм, кæрæдзийæн æххуыс кæй ыстæм, мыййаг, уый аххос у, уæд байуарæм. Байхъуыстой хистæрмæ иннæ ’фсымæртæ, æмæ Алæгаты авд æфсымæры авд арты скодтой: байуæрстой. Фæлæ цын уæд ноджы цæрын фæзындæр и. Цы ма кодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой, æмæ зæгъынц: – Хицæнцардæй фыддæр фестæм, фæлтау не сæфт иумæцардæй æрцæуæд. Фæстæмæ та иу арт ыскодтой, иумæ та бацардысты. Авд æфсымæрæн – фарастæмæдыууиссæдз усы. Сæ хæдзар фæллойæ йæ былтæй акалди, фæлæ зæрдæ ницæмæй ради. Æфсымæртæ дзырдтой: – Нæ ис, нæ бон кæй уыдзæни? Кæмæн бынтæ кæнæм? Сæ хъуыддаг цын Уастырджи базыдта. Æмæ авд æфсымæрмæ ’рцыди ’мæ цæм бадзырдта: – Уазæг дуармæ! Рауадысты авдæй дæр Уастырджийы размæ ’мæ зæгъынц: – Мидæмæ рахиз, Уастырджи! Уастырджи хæдзармæ бацыди. Абадын æй кодтой æфсымæртæ сæ фыды фарсмæ, фынг æрдавтой. Æмæ Уастырджи фæрсы æфсымæрты фыды: – Дæ фырттæн бинонтæ куы ’ркодтай, æмæ иу саби дæр куынæ уынын дæ хæдзары?!. – Иугæйттæ цын не рхастон, фæлæ фæйнæ авды, фарастæмæдыууиссæдз чындзы ис мæ хæдзары, фæлæ уытæппæт чындзытæн уæд та иу чызг к’ уаид æхсæны! – Дæ кæцы чындзытæн дæ фæнды цæуæткæнын? – Æз ма цæ искæмæн исты куы фенин, æмæ сæ кæцы фæнды дæр уæд. Уастырджи æфсымæртæм фæсидти ’мæ цæ фæрсы: – Уæ кæцы бинонтимæ уæ фæнды цæрын? Æфсымæртæ загътой: – Хуыцауы фæндон кæд у, уæд нæ фæйнæ гуырды куы фæуыдаид нæ фыдздзаг бинонтæй. Фыдздзаджы амонд дыггагæй нæ хауы зæгъгæ загъта Уастырджи. – Æрвнайæнцады был авд зæды иунæг хо цæры. Фæцæут æм фæйнæ фæндагыл. Чи йæм куыд раздæр хæддзæкæна, афтæ йæ бафæрсæд, стæй уын уый хоскæндзæни. Арфæ ракодтой Уастырджийæн, хорз федтой уазæджы, æмæ Уастырджи ацыди. Дыггаг бон æфсымæртæ фæйнæ фæндагыл ныллæууыдысты. Уастырджи зæдты хойæн зæгъы: – Нартæй дæм авд гуырды цæудзæни, фæлæ цын æнæ баххуыс ма фæу. – Исты хъару цæм ис? – афарста йæ чызг. – Хъаруйæ цух не сты, фендзынæн цæ, – загъта Уастырджи уыйфæстæ ’мæ арасти йæ фæндагыл. Чызг йæ зæронд фыдæн зæгъы: – Нартæй мæм фæрсынмæ ’рцæуынц, æмæ цæ базон: истæййаг ысты? Зæдты фыд зæронд лæг уыди. Рацыди авд æфсымæры размæ. Хистæр æфсымæр фæцæйцыд, æмæ йыл лæсæн ракалд. Уалынмæ йæ хъустыл ауади: – Гъе, хорз бæлццон! Дæ хуыз нæртон лæджы хуызæн у ’мæ мын баххуыскæн. Авд æфсымæры хистæр фæцырди ’мæ йæ сласта зæронд лæджы лæсæнæй, ныссæрфта йæ. – Кæйонг цæуыс? – фæрсы йæ зæронд. Нарты лæппу йæ хабар радзырдта. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дыл æрцæуæд, мæ хæдзар! Цæугæ кæн дæ фæндаг- фæндаг. Сæр дæ куы бахъæуа, уæд дæм æз дæр зындзынæн. Фæхицæн ысты дыууæ лæджы. Зæронд лæг дыггаг фæндагмæ бахызти, йæхи доны баппæрста ’мæ хуыдымы куыройыфыдау зилы. Дыггаг æфсымæр æрбазынди, æмæ йæм дзуры зæронд лæг: – Гъе, лæппу, нæртон лæджы хуызæн дæ, фервæзын мæ кæн ацы хуыдымæй. Лæджы ’фсарм дæм разынæд! Дыггаг æфсымæр æм цырд февнæлдта ’мæ фервæзынкодта зæронд лæджы. Стæй йæ афарста, кæдæм цæуы, уымæй. Уый дæр йæ хабæрттæ ракодта. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дæ уæд. Цæугæ дæ фæндагыл. Сæр дæ куы бахъæуа, уæд дæм æз дæр зындзынæн. Фæхицæн ысты уыдон дæр. Зæронд лæг та æртыггаг фæндагмæ ’рбахызти. Иу ран хох ракалди, æмæ къæйты бын фæци зæронд лæг. Уæдмæ æртыггаг æфсымæр æрбацыди, æмæ йæм зæронд лæг дзуры: – Гъе, уæртæ бæлццон! Дæ хуыз нæртон лæджы хуызæн у, фервæзын мæ кæн, удыбæстæ скæн дæхицæн! Æртыггаг æфсымæр фæцырди, къæйтæ фæйнæрдæм акалдта, æмæ зæронд лæг фервæзти. Æртыггаг æфсымæр дæр ракодта йæ фæндаджы хабар. – Авд хорзы дæ уæд. Цæугæ уæдæ. Сæр дæ куы бахъæуа, уæд дæм æз дæр зындзынæн, – загъта зæронд лæг. Фæхицæн ысты, æмæ та зæронд лæг цыппæрæм фæндагмæ ’рбахызти. Иу ран дон ивылдæй цæуы, бæстæ йæ сæрыл хæссы, æмæ нал ис зæронд лæгæн рахизæн. Æрмæст иу ыстыр бæлас донæн йæ ацырдыгæйбыл лæууы. Уæдмæ цыппæрæм æфсымæр дæр æрбазынди, æмæ йæм зæронд лæг дзуры: – Гъе, бæлццон! Хуызæй нæртон лæджы хуызæн дæ. Мæ бинонтæм тагъдкæнын, æмæ ма мæнæ ацы бæласы уидаг цæв, æмæ æз донæн йæ фаллаг фарсмæ ахизон. Цыппæрæм лæппу йæ кард ысласта, фæлыгкодта бæласы уидаг. Бæлас доны сæрты йæхи ауагъта ’мæ хидæвæрдæй аззади. Зæронд лæг раирвæзти, афарста лæппуйы, кæдæм цæуы, уымæй. Уый дæр ын йæ хабæрттæ ракодта. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дæ уæд, цæугæ дæ фæндагыл. Бахъуыдысахат æз дæр дæ цуры уыдзынæн. Фæхицæн ысты. Зæронд лæг фæндзæм фæндагмæ ’рбацыди. Уым фурд фæйлыдта. Зæронд лæг бæласмæ сбырыд. Фурды уылæнтæ цавтой бæласы, æмæ бæлас а-ныр, а-уæд рахауа, уыууыл уыди. Æрбазынди фæндзæм æфсымæр, зæронд лæг æм хъæркæны: – Уо, уæртæ бæлццон! Конд æмæ хуызæй нæртон лæджы хуызæн дæ! Фервæзын мæ кæн ацы зындзинадæй. Фæндзæм лæппу уæрдæхтæ азылдта, базыгыздыхт цæ скодта, кæрæдзийы цæстыты атъыста уæрдæхтæ, æмæ дзы бæндæнгонд рауади. Йæ иу кæрон ын баппæрста зæронд лæгмæ. Зæронд лæг ыл фæхæсти, æмæ йæ фервæзынкодта Нарты лæппу. Зæронд лæг æй афарста, кæдæм цæуы, уымæй. Фæндзæм æфсымæр дæр ракодта йæ хабар. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дæ уæд, мæ хур. Цу уал дæ фæндагыл. Æз дæр дæм бахъуыдысахат зындзынæн. Алчи цæ йæхи фæндагыл араст и. Зæронд лæг æхсæзæм фæндагмæ ’рбахызти. Иу ран йæ фæллад уадзы. Уæд æвиппайды лæджы алыфарс арт сирвæзти. Арт æнгомæй-æнгомдæр цыди зæронд лæгмæ, æмæлæг ыскатай и. Уæдмæ æхсæзæм лæппу ’рбазылди, æмæ йæм зæронд лæг дзуры: – Гъе, ацы бæлццон! Нæртон лæджы хуызæн мæм кæсыс, фервæзын мæ кæн, æз дæр дын истæмæн ысбæздзынæн. Æхсæзæм æфсымæр артыл хуыр æмæ змис калын байдыдта, æмæ зæронд лæг раирвæзт. Зæронд лæг уый дæр бафарста, кæдæм цæуы, уымæй, æмæ йын лæппу йæ хабæрттæ фæкодта. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дæ уæд, мæ хур. Ацу дæ фæндагыл, æз дæр дæ Rййафдзынæн. Уыйадыл фæхицæн ысты. Зæронд лæг æвдæм фæндагмæ ’рбахызти ’мæ цæуы. Уæд æм иу калм фæзынди. Зæронд лæджы хæрдмæ фехсы ’мæ та зæххыл сæмбæлы. Йæ хъæлæсы дзаг туг ыскалы. Калм æй баназы, стæй та лæджы ногæй фехсы, афтæмæй йæ фыдудæй мары. Зæронд лæг мæлæтмæ ’рцыди. Уæдмæ æвдæм æфсымæр фæзынди. Зæронд лæг æм дзуры: – Гъе, дæлæ бæлццон, æз де уазæг! Нæртон лæджы хуызæн мæм кæсыс, фервæзын мæ кæн, дæ хорздзинад дын мæхиуыл нæ ныууадздзынæн. Æвдæм лæппу, калм йæ сæр куыддæр ысхъилкодта, афтæ йæ кардæй нырриуыгъта. Калмы сæр дыууæ дихы фæхаудта. Зæронд лæг дзы фæбузныг и, афарста йæ, кæдæм цæуы, уымæй. Лæппу йын йæ хабæрттæ фæкодта. Уæд зæронд лæг зæгъы: – Авд хорзы дæ уæд, цу уал дæ фæндагыл, æз дæр дæ феййафын. Фæхицæн ысты. Зæронд лæг хæстæгдæр фæндæгтыл Æрвнайæнцадмæ бахæддзæ и ’мæ зæгъы йæ чызгæн: – Абон авд нæртон гуырды хицæнтæй ысфæлвæрдтон, æмæ цæ иу иннæйæ æвзыгъддæр разынди. – Хорз уæдæ, æнæ баххуыс цын нæй. Чызг æмæ зæронд лæг фæрсæй-фæрстæм æрбадтысты. Уæд хистæр æфсымæр æрхæддзæ, стæй дыггаг, уый фæстæ æртыггаг, цыппæрæм, фæндзæм, æхсæзæм æмæ, фæстагмæ – æвдæм æфсымæр дæр. Æфсымæртæ зæронд лæджы нæ базыдтой. – Де зæр хорз, нæ фыдыхай! – Уæ фыдæн æнæнизæй цæрут, адæмæн та адджын фæут. Рахизут мидæмæ! – загъта цын чызджы фыд. Бахызтысты хæдзармæ, фынг цын æрдавта чызг æмæ нуæзт дæр. Уырдыг алæууыди чызг æмæ йæ фыдмæ нуазæн авæрдта. Фысым ракуывта. Нарты лæппутæй ничи ’вналы фынгмæ. Фысым цæ фæрсы: – Цæуылнæ истæмæ ’вналут? – Махмæ, Нартæм, ахæм миниуæг ис, æмæ цалынмæ цы хъуыддаг аразæм, уымæй нæ ныфс бацæуа, уæдмæ искæй хойрагмæ не вналæм. – Æз уæ ’мбарын, стæй цæй фæдыл цæут, уый дæр зонын. Алчи дæр уæ цы баххуыскодта, уый дæр хатын. Уæ иу зæронд лæджы лæсæнæй фервæзынкодта, иннæ йæ хуыдымæй раласта, æртыггаг – къæйты бынæй, цыппæрæм æй ивылд донæй рахизынкодта, фæндзæм – фурды уылæнтæй, æхсæзæм æй зынгæй фервæзынкодта, æвдæм та – калмæй. Сымах ыстут Нартæй, авд æфсымæры, æмæ ’рцыдыстут мæнæ мæ чызджы фæрсынмæ. Нарты авд æфсымæры фæджихау ысты: – Кæцæй йæ зоныс, махæй алчи дæр зæронд лæджы фервæзынкодта, уый? – Уыцы зæронд лæг æз мæхæдæг уыдтæн. Махæн уæ хабар хъуыстгонд у, фæлæ ’ххæст м’ авд лæппуйы ’рцæуой, æмæ уын уæд зонд бацамондзысты уыдон. Уæд Нарты лæппутæ райдыдтой æвналын фынгмæ. Уæдмæ ’рцыдысты авд æфсымæры дæр. Нартыл фæцинкодтой, стæй цын сæ фыд загъта, Нартæ цæ цы курæг ысты, уый. Авд зæды фæрсынц авд нæртон æфсымæры: – Цæуæт уын раддзыстæм, фæлæ уæ куыд фæнды – авдæн фæйнæ авд зонды ис, æмæ ’вдгай фырттæ, æви авды зонд иу гуырдмæ куыд уа, афтæмæй фæйнæ хорз гуырды? Нартæй хистæр æфсымæр зæгъы: – Иу зондыл хæст хуыздæр у авд алыхуызон хъуыдыйæ, фæйнæ гуырды нын уæ цæст бауарзæд. Уæд авд æфсымæр-зæды сæ хойы дзыггутæй авд æрдуйы ратыдтой. Фæйнæ ’рдуйы радтой Нарты лæппутæм æмæ зæгъынц: – Алкæмæн уæ ис авд бинойнаджы. Чи уæ кæй уарзы, уый æнгуылдзыл æрбатухæд, мæнæ уын цы ’рдутæ дæдтæм, уыдон. Æмæ цын уæд цæуæт фæзындзæн. Стæй цæуыл цинкæнат, уый дæр фендзыстут уæхæдæг. Нарты авд æфсымæры арфæ ракодтой æмæ фæйнæ ’рдуимæ рацыдысты. Фæндагыл фæрсынц кæрæдзийы, æмæ хистæр æфсымæр зæгъы: – Æз мæ фыдздзаг амондæй нал фæцæудзынæн. Зæдты хойы ’рду æз хъуамæ мæ фыдздзаг бинойнаджы ’нгуылдзыл ыстухон. Ахæм ныхас загътой кæстæр æхсæз æфсымæры дæр. Сæхимæ ’рцыдысты Нартæ, æмæ цæ алы ’фсымæр дæр йæ дзырд сæххæсткодта. Афæдзы бонмæ цын фæйнæ лæппуйы райгуырди. Авд æфсымæры цинæн ма кæрон кæм уыди! Æмæ сæ лæппутæн куывд кæнын æрымысыдысты. Авд мæйы дæргъы фæцæттæкодтой сæхи. Æрхуыдтой Уастырджийы ’мæ Æртæ Нарты сеппæты дæр. Куывд та æцæгæй нæртон куывд уыди. Нуæзт – цæугæдон, хæрд – фагæй фылдæр. Уастырджи фæрсы æфсымæрты: – Ноггуырдтæй чи куыд хистæр у? Хистæр æфсымæр зæгъы: – Нæ лæппу къуыри хистæр у. – Нарты Уырызмæг! Уæдæ йыл цы ном æвæрыс, цæмæй уый дæр дæ хуызæн рацæуа? – дзуры Уастырджи. – Кæд къуыри раздæр райгуырди, уæд сæ сæр фæуæд, æмæ къуырисæры ном уымæй баззайæд. Адæм ысразы сты мæ зæгъынц: – Тынг хорз зæгъыс, Уырызмæг. Уастырджи ноджы фæрсы: – Иннæ лæппутæй та чи кæд райгуырди? Дыггаг æфсымæр зæгъы: – Нæ лæппу та дыггаг бон райгуырди. – Уыууыл та ды сæвæр ном, – загъта Уырызмæг Хæмыцæн. – Уæдæ иунæг тæригъæд у, æмæ дыггаг сæр та уый фæуæд. Мæнæ йын мæ цæг лæваркæнын, æмæ йæ ном уымæй баззайæд. – Дыццæг уæдæ уый номæй уæд. Уастырджи та фæрсы: – Æртыггаг та кæд фæзынди? – Æртыггаг та æртæ боны фæстæ. – Уыууыл та ды сæвæр ном, Сослан. – Уæдæ æз та уыцы гуырдыл æртæ цæджы кæнын æмæ æртæцæгон уæд. – Хорз ном у – Æртыццæг. Уастырджи та фæрсы: – Уыйфæстæ та чи райгуырд? Цыппæрæм æфсымæр зæгъы: – Уый та мах лæппу – цыппæрæм бон. Уастырджи Бурæфæрныгмæ дзуры: – Уыууыл та ды фæу номæвæрæг. – Æртæ фырты мын ис, æмæ мын уый та цыппæрæм фырт фæуæд. – Тынг хорз загътай, Бурæфæрныг, бирæ фæцæр! – Уыйфæстæ та цæ кæцы райгуырди? Фæндзæм æфсымæр зæгъы: – Фæндзæм бон та махон райгуырди. Уæд Уастырджи Сатанамæ дзуры: – Гъе, нæртон Сатана, уыцы лæппуйыл та ном ды сæвæр. – Уыцы лæппуйы Хуыцау майрæмбон радта, æмæ уый номæй баззайæд. – Тынг раст загътай, Сатана. – Æхсæзæм та кæд райгуырди? – Хуыцауæхсæвы. – Гъе, Сырдон, уыууыл та ды фæу номæвæрæг. – Цæй, Хуыцауæхсæв райгуырди ’мæ Æрдæгхуыцау фестæд. – Бузныг, Сырдон, хорз фæнд загътай. – Кæстæр та кæд райгуырди? Æвдæм æфсымæр зæгъы: – Адæм сæ фæллад куы уагътой, уæд. Хуыцауæн йæхи бон. – Уæдæ уыууыл та æз æвæрын ном, Хуыцау æмæ мæхи номæй. Афтæ рацыдысты къуырийы нæмттæ: Къуырисæр, Дыццæг, Æртыццæг, Цыппæрæм, Майрæмбон, Хуыцауæхсæв æмæ Хуыцаубон. Уастырджи рæгъ рауагъта: – Авд æфсымæры ног гуырдты номæй ма нæ фæстагæттæн ноджы иу хорздзинад баззайæд. Иу бынаты хъомыл кæнæнт ацы авд гуырды! Æмæ цын иу хуыссæн уæд авдæн дæр! Æмæ амæй фæстмæ авдæн хуыйнæд! Афтæ равзæрди Нарты авдæн. Уæдæй баззади Ирмæ дæр авдæны ном. Авд æфсымæры сæ бинонты ’нгуылдзтыл цы ’рдутæ батыхтой, уыдон та фестадысты сыгъзæрин къухдарæнтæ. Æмæ уæдæй нырмæ, чындзы чи ’рцæуы, уыдон ахæм къухдарæнтæ дарынц. НАРТЫ КÆСТÆР Сатана йæхибар нæ уыди. Иу æхсæв фын федта ’мæ дзуры Уырызмæгмæ: – Æнахуыр фын федтон æмæ тæрсын. – Уагæр цавæр фын у? – Цыма лæгæты цы сау уæйыг бады, уымæн хæфс райгуырди, Алæгаты сыхы – калм, æмæ мæнæн та – кæсаг. Æнахуыр фын у ’мæ тæрсын нæ сывæллонæн. – Калм лæппуйы нысан у, кæсаг – чызджы нысан, хæфс – уый та тыхгæнæджы нысан у. Фæлæ дæ чызджы ахæмæн радт, æмæ тых чи кæны, уымæн йæ тых чи асæтта. Æцæгæй дæр, иу æхсæв Сатанайæн чызг райгуырди, Сау уæйыгæн – тыхгæнæг, æмæ Алæгатæм та – лæппу. Лæппу йæ мидбыл бахудти, чызг дæр афтæ. Сау уæйыджы фырт та йæ мустучъитæ стымбылкодта ’мæ нæ расткодта йе нгуылдзтæ. Рацыди ’ртæ мæйы. Сау уæйыджы фырт ысфæндкодта Сатанайы чызгмæ фæцæуын æмæ рараст и. Алæгаты лæппу йæ бамбæрста. Æмæ æмбисæхсæвты сыстади йæ хуыссæнæй, рацыди ’мæ хиды был бады. Уæйыджы фырт уыди бæхыл. Хидмæ ’рбахæддзæ и, æмæ бæх размæ нал цæуы. Уæд уæйыджы фырт дзуры йæ бæхмæ: – Ацу размæ, исты Алæгаты лæппу дæ разы нæ бады! – Мæ мад, мæ фыдыстæн, мæ разы бады. Сау уæйыджы фырт йæ бæх раздæхта ’мæ фæстæмæ рацыди. Алæгаты лæппу дæр раздæхти. Уый Сатанайы чызг базыдта ’мæ ’мбисæхсæв ныххудти. Сатана фехъал и ’мæ зæгъы: – Æ, гуыбынниз дæ бахæра, кæд дын цафоны худын у! Чызг фæстмæ афынæй. Рацыди ноджы ’ртæ мæйы, æмæ та Сау уæйыджы фырт рацæуы Сатанайы чызгмæ. Алæгаты лæппу та йæ базыдта. Æмбисæхсæв та сыстади ’мæ хиды былмæ ацыди. Рацæуы Сау уæйыджы фырт æмæ та хиды уонг бæхыл æрбахæддзæ. Бæх размæ нал цæуы. Сау уæйыджы фырт та зæгъы йæ бæхæн: – Ацу размæ, исты Алæгаты лæппу дæ разы нæ бады! – Тæккæ дæр – уый бады мæ разы! Аздæхти та хъуырхъуыргæнгæ Сау уæйыджы фырт фæстæмæ. Алæгаты лæппу дæр раздæхти. Сатанайы чызг та хабар базыдта ’мæ фæсæмбисæхсæв тынг ныххудти. Сатана фехъал и ’мæ дзуры: – Дæ бындур разила, цы чызг дæ, кæд дын цавæр худт у! Чызг афынæй. Рæстæг æнæнцой кæм нæу! Ноггуырдтыл фæйнæ афæдзы сæххæст. Сау уæйыджы фырт та иу æхсæв бæхыл рацæуы. Алæгаты лæппу та фæсæмбисæхсæв хиды был бабадти йæ размæ. Сау уæйыджы фырт хидмæ ’рбахæддзæ и, æмæ та бæх нал цæуы. Сау уæйыджы фырт дзуры бæхмæ: – Ацу размæ, цæмæй тæрсыс? Исты дæ разы Алæгаты лæппу нæй! – Мæ мад, мæ фыдыстæн – Алæгаты лæппу ис мæ разы. Раздæхти та Сау уæйыджы фырт сæ хæдзармæ ацы хатт дæр. Алæгаты лæппу дæр рацыди сæхимæ. Сатанайы чызг та хабар базыдта ’мæ йыл æмбисæхсæвты къæлкъæлхудт бахæцыд. Сатана фехъал и ’мæ дзуры: – Æ, ма схъомыл уай, кæд цавæр худын у, уæд! Уырызмæг ын бауайздзæфкодта Сатанайæн: – Цæуыл æлгъитыс сывæллоны? – Йæ райгуырдæй ныр афæдз рацыди. Æртæмæйдзыдæй мын æнафоны худт ныккодта. Æхсæзмæйдзыдæй дæр – афтæ. Ныр – й’ афæдзы бон дæр. – Уыууыл цы дискæныс! Алæгаты лæппу ’хсæвыгон æнафоны сыстади ’мæ бабадти Сау уæйыджы фырты раз хиды был æртæ хатты. Уый дын дæ чызджы ахæссынмæ хъавыди, фæлæ йæ Алæгаты лæппу фæтардта, æмæ чызг уый тыххæй ныххудти. – Уæдæ мæ чызг Алæгаты хай кæндзæни. – Кæд сæрæн гуырд разына, уæд – хорз, кæннод æй уадз, æмæ йæ Сау уæйыджы фырт ахæсса нæ чызджы. Бахъомыл ысты чызг æмæ лæппу. Уæд Нартæ сæ Фæзы алыбон дæр æхстой сæ мысанмæ хæснагыл. Алæгаты чысыл лæппу дæр касти Нартæм æмæ, мысан куы ничи къуырдта, уæд афтæ зæгъы: – Мæнæн дæр ма иу æхсты бар радтут. – Уадз, лæппу у мæ иу æхст фæкæна уый дæр. Ныхъхъавыди Алæгаты чысыл лæппу, æмæ мысан кæдæмдæр фæтахти. Нартæ джихауæй аззадысты ’мæ загътой: – Ай хуымæтæджы гуырд нæ уыдзæн. Уæд лæппу карчырæвдуан æрывæрынкодта лæджы сæрыл. – Фехсæм уæртæ уыцы карчырæвдуан! Йæ ныфс ничи бахаста. Алæгаты лæппу фехста, æмæ рæвдуан ныппырх и, лæг æй зонгæ дæр нæ бакодта. Уæдæй фæстæмæ ахъæр и Нартыл Алæгаты лæппуйы ном. Разадис ыл милтæ лæппуйыл æмæ æрымысыди иу бон минæвар барвитын Æхсæртæггатæм. Æхсæртæггатæ загътой: – Цæмæй хæссы Алæгайы фырт нæ чызджы, чындзæхсæвы фаг æм фос куынæ ис! Алæгайы фыртæн хъыг уыдысты уыцы ныхæстæ ’мæ балцы фæцыд. Нал зынди иу бон, нал – дыггаг, нал – æртыггаг. Рацыди къуыри, уыйфæстæ мæй, фæлæ Алæгаты-лæппу – зынæг нал и. – Замманайы лæггаг йæхи не сиахс кодта, æмæ м’аххосæй кæмдæр йæ сæр байсæфта, – загъта Уырызмæг Сатанайæн. – Ды афтæ дæ, нæ лæг: хорз чи вæййы, уый дæр æнæ фелхыскъ нæ уадзыс! – Цæй, кæд æй нæ сæр хъæуа, æмæ æцæг нæ чызгыл йæ зæрдæ риссы, уæд æй иу дзыхыныхасæй кæм ныууадздзæни! Алæгаты сых дæр æрæнкъарди сæ лæппуйы фæстæ. Борæтæ хъæздыгцæрæг уыдысты ’мæ ’взагкодтой Алæгатæн: – Уæ хуыздæр йæхи фесæфта Æхсæртæггаты ’взагæй, æмæ цын æй куыд барут? Куыд æнæсæрмæдзыд ыстут, йе уæ лæг лæджы рæгъмæ нæ цæуы Æхсæртæггаты аххосæй, йе уæ мыггаг хуыздæр нæ кæны! Æмбæрстой Алæгатæ хъуыддаг. Иу бон Алæгаты сых æрбамбырд ысты ’мæ зæгъынц: – Уырызмæгмæ барвитæм. Уый сæ зондджыдæр у, æмæ цы зæгъы, уый бамбарæм. Дыууæ изæры астæу авд зæронды фæхицæн ысты ’мæ Уырызмæгтæм бацыдысты. Уырызмæг цыл бацинкодта ’мæ цæ хæдзармæ бакодта, фынг цын авæрдта сæ разы. Йæхæдæг ракуывта ’мæ анызта. Алæгаты зæрæдтæ нæ – хæргæ, нæ нуазгæ кодтой. Уæд цæ Уырызмæг фæрсы: – Цæуылнæ исты исут, мæ хорз хæстæгиуæггæнджытæ? – Мах хæрд-æмæ нозтæнхъæлцау не рцыдыстæм, фæлæ нæм хорз гуырд райгуырди, æмæ д’ аххосæй кæмдæр фесæфти. Æмæ нын цы зæгъыс?.. Уый тыххæй дæм æрбацыдыстæм фæрсынмæ. Уырызмæг бахудти ’мæ зæгъы: – Кæд сымахæн уæ сыхы схъомыл и уыцы лæппу, уæд мæнæн та сиахсаг баххæссы. Æз æй сымахæй къаддæр нæ уарзын æмæ йын нæ дæр тæрсгæ кæнын. Уый йæхæдæг зындзæни й’ афоны. Сатана йæхи чындзæхсæвмæ куы цæттæ кæны! Алæгаты зæрæдтæ кæрæдзийы фæрсынц. Сæ иу зæгъы: – Банхъæлмæ ма кæсæм. – Уымæй уæлдай куыницы хъусæм, уæд та? – зæгъы сеннæ. – Уæд та Уырызмæджы фæрсдзыстæм, – зæгъы æртыггаг. – Уæд æз мæ хæдзарыл дæр арт бандзардзынæн, – загъта Уырызмæг. Алæгаты зæрæдтæ анызтой, ахордтой, арфæ ракодтой, стæй загътой: – Уæдæ ма банхъæлмæкæсæм. Æмæ уыйадыл рацыдысты сæхимæ. Радзырдтой сæ цыды хабар Алæгаты адæмæн, æмæ уыдон дæр загътой уæд фæстагмæ: – Кæд Уырызмæг афтæ тыхсы нæ лæппуйыл, уæд банхъæлмæкæсын хъæуы. Уæд иу бон Сау уæйыджы фырт æрцыди ’мæ зæгъы Уырызмæгæн: – Дæ чызджы мын радт. – Мæ чызг афтæ радтгæ нæма у. – Уæдæ куыд? – Уæдæмæ уал исты лæгдзинад равдис. – Мæн ахæмты сæр нæ хъæуы, мæн дæ чызг хъæуы. – Уæдæ мæн та ’хсар хъæуы. Сау уæйыджы фырт айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ Уырызмæджы дурдзæджындзмæ абаста, стæй йын ахаста йæ чызджы. Чызгæн йемæ уыд хъама, æрдиагкодта ’мæ зæгъы Сау уæйыджы фыртæн: – Цалынмæ мæ маст ыссæуа, уæдмæ мæм æввахс дæр ма ’рбацу – мæхи амардзынæн! – Æмæ кæд ыссæудзæн дæ маст? – Иу афæдзмæ. – Цæй, уæдмæ уал истытæ кусдзынæн. Уырызмæджы хабар Æртæ Нартыл айхъуысти. Борæтæ худтысты: – Дыууæ сыхæй иу чызг хъахъхъæнын нæ бафæрæзтой. Уыцы изæр Алæгаты лæппу фæзынди. Бирæ фос æртардта. Алæгатæ иуæй цинкодтой, иннæмæй – маст. Дæ каисты абæрæгкæн зæгъгæ йын загътой. Алæгаты чысыл лæппу, тæлмау чи тасыди, уый Уырызмæгтæм бацыди. Дурдзæджындзæй йæ суагъта Уырызмæджы. – Бынсæфт фæуой Нартæ! Æртæсыхæй дæу чи суадза, иу ахæм нæ разынди! – Уый иу бæллæх, – зæгъы Уырызмæг, – фæлæ иннæ та уымæй фыддæр хабар – нæ чызджы нын аскъæфтæуыд. – Чи у ыскъæфæг? – Сау уæйыджы фырт. – Æртæ хатты йæ аирвæзынкодтон йæ чысылы заман. Ныр мын сау худинаг бавзарынкодта. Йæхицæн дæр æмæ мæнæн дæр... – Худинаг дзы нæма ис, æрмæст æй фервæзынкæнын хъæуы тагъддæр. – Уый зын бæргæ нæу, фæлæ цалынмæ æз уырдæм къахæй цæуон, уæдмæ цытæ ’рцæудзæн, Хуыцау – йæ зонæг. – Мæ бæхыл ацу! – Уæд хæцгæ та цæмæй ыскæнон? – Ахæсс мæ фат æмæ ме рдын, ахæсс Хæмыцы арц æмæ Сосланы кард. Алæгаты лæппу Уырызмæджы Æрфæныл абадти, Алæгаты сыхыл рацæйцыди, æмæ Алæгатæ зæгъынц: – Нæ бонвæрнон æрцæуы. Иннæтæ загътой: – Райсомы стъалы у. Аннæтæ загътой: – Изæрæхсиды стъалы у. Алæгаты лæппу дзуры йæ сыхмæ: – Ме фтийæгтæ уал фæхъахъхъæнут ме рцыдмæ. Хорз зæгъгæ загътой. Араст и Алæгаты лæппу. Къуырийыцыд сахатмæ кодта. Уадид бахæддзæ и Сау уæйыджы фырты фидæрттæм. Алæгаты лæппу фидæртты алыфарс азылди, стæй йæ сæр ныттылдта. Æрфæн æй фæрсы: – Цы кæныс, Алæгаты лæппу, цæуыл хъуыдыкæныс? – Куыннæ хъуыдыкæнон, мидæмæ бахизæн нæй, уæд æй цы хуызы фервæзынкæнон Уырызмæджы чызджы? – Уæртæ сугтæ ’рбалас мæ къæдзилыл, йе фсæндуарыл цæ самай, стæй цыл арт бандзар. Куыддæр æфсæндуар сырх зынг ысуа, афтæ йæ æз армадздзагæй мæ болат цæфхæдтæй ныццæвдзынæн. Дуар фæхаудзæни, стæй хæцын та дæ бар уæд. Алæгаты лæппу стыр хъæд-сугтæ абаста бæхыкъæдзилыл æмæ цæ æфсæндуарыл самадта. Стæй цыл арт бандзæрста, æмæ дуар сырх зынг фестади. Бæх æй йæ болат цæфхæдтæй нырриуыгъта, æмæ дуар мидæмæ бахаудта. Кæрты скуыси Алæгаты лæппу. Сау уæйыджы фыртæн Авдбынатон мæсыг уыди, æмæ уым бадти. Дуары гуыпмæ мæсыджы рудзынгæй ракасти, æмæ йæм Алæгаты лæппу сдзырдта: – Дæлæмæ рахиз! – Æз дæ хуызæн хъуымызбылтæм нæ фæхизын. Уæгъды ма дзур, – æмæ йæхи амбæхста. Алæгаты лæппу амæсты и, фат фехста, æмæ мæсыджы сæр фæтахти. Уæддæр нæ хызти. Уæд арцæй мæсыджы фисын ныццавта. Иу цæфæн мæсыг ныддыздызкодта, дыггаг цæфæн фескъуыдтæ и, æртыггаг цæфæн кæлæддзаг фæци. Гæнæн нал уыди Сау уæйыджы фыртæн. Расæррæтласта кардæлвæстæй. Алæгаты лæппуимæ хæцынтæ систой. Фæстагмæ Алæгаты лæппу фæллайын байдыдта. Уырызмæджы бæх æй бамбæрста, æмæ йæм йæхи ’ввахс æрбаласта. Сау уæйыджы фырты нырриуыгъта армадздзагæй, æмæ йæ фарс адæнгæл и. Дыггаг цæф та йын йæ уæрджытæ фæкодта, æмæ батæбæкк ысты йæ уæраджычъиритæ. Æмæ йыл Алæгаты лæппу тых байдыдта, æмæ йæ ’рбырста фæстагмæ. Сау уæйыджы фырт ма дзурыныл архайдта... Ма йæ бауадз ысдзурын зæгъгæ фæкодта Æрфæн. – Уæ, мæ бæх, уадз æмæ дзура, мæнæ æрдæг мард куы у! Сау уæйыджы фырт загъта уæддæр: – Дæу сарæзтой Уырызмæджы фат æмæ ’рдын. Мæ фыды мын уыцы фатæй амардтой. Дæу сарæзта Хæмыцы арц, уымæй та мын Хæмыц мæ мады амардта, ком ын куынæ радта, уæд. Дæу сарæзта Сосланы кард – уымæй та мæн марыс. Дæу сарæзта Æрфæн, Уырызмæджы бæх. Ныр ахæм бæх æмæ ахæм хæцæнгæрзтæ цалынмæ ’фтой дæ къухы, уæдмæ дын Сатанайы чызгæй пайда ма уæд, бонæй-бонмæ фыдуынддæр кæнæд, дæ зæрдæ дзы куыд фæцъæх уа, æмæ æнæбинонтæ куыд баззайай! Алæгаты лæппу Сау уæйыджы фырты амардта. Стæй ракодта Сатанайы чызджы ’мæ Нартæм рараст ысты. Фæндагыл Сатанайы чызгыл Сау уæйыджы ныхæстæ ’рцыдысты – чызг бынтондæр ысфыдхуыз и, æмæ Алæгаты лæппу ’нкъардкæнын байдыдта. Æрцыдысты Нартæм. Сатана йæ чызджы уыйхуызæнæй куы федта, уæд зæгъы: – Уæ, Алæгаты лæппу, цæмæн бауагътай дзурын Сау уæйыджы фырты? Ныр дæхи дæр байсæфтай æмæ мах дæр. Алæгаты лæппу ницы сдзырдта ’мæ сæхимæ ацыди сагъæстæгæнгæ. Иу бон дын лæппу куы зæгъид Алæгатæн: – Хъуамæ ссарон хорз бæх æмæ хæцæнгæрзтæ, кæнæ та бынтондæр фесафон мæ сæр искуы. – Уырызмæг æмæ Сатанайы уал бафæрс раздæр, – загътой йын цалдæрæй Алæгатæ. Лæппу уæд Уырызмæгмæ бацыд. – Хорз бæх æмæ хорз хæцæнгæрзтæ кæм ыссарон, уый мын уæддæр бацамон. – Бæргæ цын ис ыссарæн, фæлæ дæ бон куыницы бауа, æмæ куы бабын уай. – Ацы уагæй цæрыны бæсты уæд уадз æмæ бабын уон. – Уæдæ хъус, – зæгъы Уырызмæг. – Уæрппыбæрзæндыл уыдзысты майрæмбоны Куырдалæгон, Уацилла, Æфсати ’мæ Галæгон. Уыдон уым куывды баддзысты. Семæ ма уыдзæн Уастырджи, æмæ Сафа дæр. Сæ бæхтæ та баст уыдзысты комы бын. Куыннæ дæ базоной, афтæмæй цын ды сæ сæргътæ сис æмæ цæ хорз ныннай. Сæргътæ фæсфæд æрывæр, æмæ цæм аивæй кæс. Сæ иу бæрæггæнæг рацæудзæни бæхтæм. Ды дæхи ма равдис. Уый ку’ ацæуа, уæд ды бæхты раззаг къæхтæ бабæтт æмæ цæ хизынмæ ауадз. Исчи та цæ ракæсдзæн, фæлæ-иу ды дæхи уæддæр ма равдис. Уый дæр та ацæудзæн. Æртыггаг хатт цын сæ сæргътæ ныссыгъдæгкæн æмæ цын сæ бæхтыл сæргътæ сæвæр. Ноджы та сæ иу ракæсдзæни. Фæстæмæ ку’ ацæуа, уæд бавдæл, æмæ бæхты къæхтæ суадз, сæ идæттыл цын хæц се рцыдмæ. Уыдон æрцæудзысты ’мæ дæ фæбузныг уыдзысты. Лæвæрттæ дын кæндзысты – мацы баком. Уыдон та афтæмæй нæ цæудзысты, æмæ-иу цæ уæд ракур, цы дæ хъæуы, уый. Араст и Алæгаты лæппу Уæрппыбæрзæндмæ. Уым комрæбын ауыдта бæхты ’мæ цæм бацыди. Сæ сæргътæ цын систа. Уæд Æфсати ракасти. Бæхты æнæсæргътæй ку’ ауыдта, уæд æрбаздæхти ’мæ зæгъы: – Чидæр нын нæ бæхты сæргътæ систа ’мæ цæ фæсфæд æрывæрдта – йæ цæрæнбон бирæ. Алæгаты лæппу та бацыди бæхтæм æмæ цын сæ раззаг къæхтæ бабаста, стæй цæ ауагъта хизынмæ. Сафа ракасти, бæхты хизгæ куыддæр ауыдта, афтæ та баздæхти уый дæр йе мбæлттæм æмæ цын зæгъы: – Нæ бæхты нын чидæр хизынмæ ауагъта, зæрдæхсаинаг не сты. Æмæ йæ цæрæнбон бирæ, чидæриддæр у. Æртыггаг хатт Алæгаты лæппу бæхты донмæ баласта, цынадта цæ, ссур цæ кодта, бакодта цыл сæ идæттæ, сæ сæргътæ цыл сæвæрдта ’мæ цæ ’рбаста бæласыл. Куырдалæгон ракасти ’мæ зæгъы йе мбæлттæн: – Нæ бæхтæ нын чидæр цынадта, ссур цæ кодта, идæттæ цыл бакодта, сæргътæ цыл сæвæрдта ’мæ цæ ’рбаста бæласыл. Йæ цæрæнбон бирæ, чидæриддæр у. Сыстадысты уæд иумæ ’мæ комрæбынмæ рараст ысты. Алæгаты лæппу бæхты идæттыл ныххæцыди ’мæ цæм æнхъæлмæкæсы. Æрцыдысты зæдтæ. Ауыдтой Алæгаты лæппуйы, æмæ йæ Галæгон фæрсы: – Чи дæ? Кæй лæппу дæ? – Нартæй дæн. – Кæцытæй дæ? – Алæгатæй. – Уæдæ дын дæ лæггад цæмæй бафидæм? – Мæн ницы хъæуы. – Уæд нын цæуæн нæй. – Уæдæ мын кæд лæваркæнут, уæд уын æй зæгъдзынæн. Нартæм мæнæй кæстæр ничи ис нырма. Фæлæ мын нæ – бæх ис, хуызæн бæх, нæ – кард, нæ – фат æмæ ’рдын. Зæдтæ кæрæдзимæ бакастысты, æмæ Уастырджи афтæ: – Нæй йын æнæ баххуыс ацы лæппуйæн, фæлæ уæ алчидæр зæгъæд йæ лæвар. – Æз ын дæдтын мæ бæх, – загъта Галæгон. – Зонут æй мæ Милдзыхы, Уырызмæджы бæхæй цауддæр нæу. – Дæ цæрæнбон бирæ, Галæгон, хорз бæх у. – Æз та йын дæдтын мæ саджилхъус кард, – загъта Куырдалæгон. – Зонут æй уеппæт дæр, Сосланы кардæй æвзæрдæр нæу. – Дæ цæрæнбон бирæ, Куырдалæгон, хорз лæвар у. Уæд Уацилла дæр загъта: – Æз та йын дæдтын мæ фат æмæ ме рдын. Зонут цæ – хуымæтæджы не сты. – Хорз лæвар бакодтай, дæ цæрæнбон бирæ! – Æз та йын мæ саргъ дæдтын, – загъта Сафа. – Хорз лæвар у уый дæр. Бирæ фæцæр! – Æз та йын цæфхæдтæ дæдтын, – загъта Æфсати. – Милдзыхы фæллайын нæ уадздзысты. – Хорз лæвар у уый дæр. Дæхи фæндиаг у. – Цæй æз та дын къухылхæцæг ацæудзынæн, бинонтæ куы хæссай, уæд, – зæгъы Уастырджи. – Уæдæ бахатыркæнут, фæлæ сымах хуызæн адæмыл æз нал фæхæст уыдзынæн зæгъгæ цын загъта Алæгаты лæппу. – Нарты Уырызмæгмæ мын минæвар фæут. – Дæ хатырæй, бæгуыдæр! Рараст ысты иумæ, æмæ Нартæм æрцыдысты, æмæ комкоммæ Уырызмæджы хæдзармæ бацыдысты. Бахъæркодта Уастырджи: – Гъе, Уырызмæг! Æддæмæ нæм ракæс! Уырызмæг цæм рацыди. – Мидæмæ, уазджытæ! Фынгыл куы ’рбадтысты хæдзары, уæд Уастырджи загъта: – Мах æнæхъуыддаг не стæм, Уырызмæг, стæй нын не рбацыд дæхæдæг дæр æмбарыс, æвæдздзæгæн. – Мæхæдæг кæй не мбарон, уый та сымах зæгъдзыстут. – Разы стæм уыууыл дæр, – дзуры Уастырджи, – фæлæ нæ Алæгаты лæппу дæумæ рарвыста. Æмæ цы зæгъут? – Не фсины дæр афæрсын хъæуы. Æфсати Сатанамæ баздæхт: – Раст æмæ цæхгæр ныхас зæгъ, Сатана! – Нæ чызгæн кæд фæндон у, уæд – бар йæхи. Фæлæ кæд алцæмæй æххæст нæу лæппу? – Уый та фенгæйæ у. – Алæгаты лæппуйы зонæм, – загъта Уырызмæг. – Фæлæ йын æз цы хæс бакодтон, уый сæххæсткæнын кæд йæ бон нæ баци, уæд цæй сиахсаг у? Уастырджи фæдзурынкодта Алæгаты лæппумæ. Алæгаты лæппу ’рбацыд æмæ уырдыг ыслæууыд. – Фырыхъулыхуызæн лæппу – рафауинаг ницæмæй у, – загъта Куырдалæгон. – Нартæн сегасы уынд дæр исы, – баппæрста йæ ныхас Сафа дæр. Галæгон та Сатанайæн йæхи афарста: – Сатана, дæхимæ та куыд кæсы? – Æз мæ ныхас загътон. Чызгæн кæд фæндийаг у, уæд с’ амонд хорз уæд. Уæддæр Уырызмæг ныффæрск æмæ нæ сæтты: – Сиахсаджы фæлваргæ дæр бакæнынц! Æмæ йæ бафæлварæм Хъазæнфæзы. Сразы сты сеппæт дæр, æмæ дыггаг бон Хъазæнфæзы Нартæ Хæмыцмæ фæдзырдтой. Алæгаты лæппу ’мæ Хæмыц æрцытæй хъазын райдыдтой. Стъæлфæнтæ хауы дыууæты ’рцытæй дæр, фæлæ Хæмыцы арц фæтасыди. Уæд Нартæ загътой: – Алæгаты лæппу рамбылдта! – Ныр та сæ кæрдтæ сфæлварæнт Сосланимæ, – нал та фæлæууыд Уырызмæг. Сослан рахызти ’мæ схæцыдысты Алæгаты лæппуимæ, æмæ сæ кæрдтæ цæхæртæ скалдтой. Сосланы кардæн йæ ком фæтасыд. – Алæгаты лæппу та рамбылдта, – схорхоркодтой Нартæ. – Æххæст ма мæ фат æмæ ме рдынимæ дæр бафæлварæд, – загъта ма уæддæр Уырызмæг. Уæлæрвты фæцæйтахти иу маргъ, æмæ йын Алæгаты лæппу афтæ зæгъы уæд Уырызмæгæн: – Уалæ ма уыцы маргъ фехс! Уырызмæг æй фехста, æмæ йæ фат æрдæгфæндагмæ куы схæддзæ и, уæд та Алæгаты лæппу фехста, æмæ Уырызмæджы фаты разæй фæци йæ фат. Фат маргъы сæр акъуырдта ’мæ зæхмæ ’рхаудтой. Састы бынаты баззадтæ, Уырызмæг, зæгъгæ загътой Нартæ. – Алæгаты лæппу рамбылдта. Уæд Уырызмæг афтæ бакодта: – Уæдæ ма фидаугæйæ мады номыл бæх дæр вæййы, æмæ ма уый дæр куы бафæлвариккам. Борæты сыхæй дыууæ лæппуйы равзæрстой æмæ цын зæгъынц: – Уæ иу Уырызмæджы Æрфæныл абадæд, иннæ Алæгаты лæппуйы бæхыл æмæ Авдхохы фæстæмæ ацæут æмæ цæ Нарты размæ дугъы рауадзут. Борæты лæппутæ Авдхохыфæстæмæ фæцыдысты бæхтыл. Уæд Алæгаты лæппуйы бæх йæ барæгмæ дзуры: – Де мбалы разæй ауадз, мæн та ам дыууæрдæм ратæрбатæр фæкæн, цалынмæ хорз ыстæвд уон, уæдмæ. Кæннод мын дугъы уайæн нæй. Сразы, Алæгаты лæппуйы бæхыл чи бадти, уый. Æрфæныл чи бадти, уый йæ фезмæлынкодта, иннæ та нырма ратæрбатæркодта йæ бæхы. Æрфæныл чи бадти, уый æвдæм æфцæджы сæрмæ схæддзæ и. Уæд Алæгаты лæппуйы бæх йæ барæгмæ дзуры: – Иу зылд ма ракæн æмæ мæ фæндагыл бафтау. Барæг афтæ бакодта. Алæгаты лæппуйы бæх иу тахт ракодта. Нæ дон æвзæрста, нæ – хъæд, нæ – хох. Сæ сæрты-иу асæррæтласта ’мæ ’рбаййафы Æрфæны. Нартæ кастысты дыууæ барæгмæ. Уырызмæджы Æрфæн хохæй фæзмæ рахызти. Нартæ дзурынц: – Æрфæн æрбаразæйкæны. Уæд комрæбын саутæппы хуызæн цыдæр разынди, стырæй ыстырдæр кæны, æмæ ’рбаййæфта Æрфæны. Бæхтæ ’мварсæмвæрстæ уайынц. Алæгаты лæппуйы бæх бæхысæры йас æрбаразæй, чысыл фæстæдæр – бæхымбисы уонг. Стæй фæстагмæ разæй уайын байдыдта. – Алæгаты лæппуйы бæх амбылдта! – схорхор та кодтой Нартæ. – Цы зæгъдзыстут ныр та, Уырызмæг æмæ Сатана? – дзуры Уацилла. – Хуыцауы фæндонæй Алæгаты лæппу ’мæ нæ чызг кæрæдзийæн фæндон уыдысты, – загъта уæд Уырызмæг. – Бæргæ афтæ уыди, – сразы Сатана дæр йемæ. – Фæлæ мæ чызг йæхи хуызæн рагæй нал у. – Кæрæдзийæн цæ фенынкæнут, стæй йæ хуыз йæхимæ ’рцæудзæни чызгæн, – загъта Уастырджи. – Уырызмæг Нарты ’мæ йæ уазджыты мидæмæ ’рбахуыдта кæртæй. Алæгаты лæппуйы та барвыстой чызджы уатмæ. Кæрæдзийы куы федтой, уæд чызг йæ хуыз ыскалдта. Уазджытæ ’мæ Нартæ цалынмæ Уырызмæджы хæдзары бадтысты, уæдмæ чызг æмæ лæппу та адджын ныхæстæ кодтой. Фæстагмæ бафидыдтой. Алæгаты лæппу йæ фос æрбакодта Уырызмæджы кæртмæ. Уырызмæг æмæ Сатана та фидиуæг фервыстой фæйнæрдæм. – Уой, Нарты Уырызмæг æмæ Сатана стыр чындзæхсæв кæнынц сæ чызгæн. Æмæ рацæут! Цæуынхъом чи у, уый йæхæдæг рацæуæд. Цæуынхъом чи нæу, уый кæнгæ ракæнут, æмæ иууылдæр мæ фынгыл куыд уат! Дуннейы адæм æмбырдкæнын байдыдтой, зæхх цæ нæ уырæдта, уыйас адæм æрымбырд и. Рабадтысты чындзæхсæвы адæм дывæлдах æмæ æртывæлдахæй. Цины хъæрæй байдзаг и бæстæ, æмæ æнæхъæн авд боны ’ мæ авд æхсæвы фынгтæй сыстын никæйуал бауагътой Уырызмæг æмæ Сатана. Æстæм бон чындзы рахастой. Уазджытимæ уыди Уастырджи – къухылхæцæг, Æфсати – хистæр уазæг. Куырдалæгон – æмдзуарджын, Уацилла – кæстæр уазæг, Сафа – нымæттухæг, Галæгон – фæндырдзæгъдæг. Ракодтой чындзы ’мæ Алæгатæм æрцыдысты. Кæм ма уыд кæрон Алæгаты цинæн! Номхæссæны чындзæхсæв ыскодтой уыдон дæр. Æнæхъæн авд боны ’мæ авд æхсæвы н’ ауагътой уыдон дæр адæмы. Уыйфæстæ, æстæм бон, алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. АЛÆГАТЫ КÆСТÆР ÆМÆ ХУРЫ ХÆРÆФЫРТ Дæллаг Нарты райгуырд лæппу, æмæ йæ йæ фыд адæмæн нæ уынынкодта. Цалынмæ слæг уыдаид, уæдмæ уыд йе мгъуыд. Нартæ лæппуйы фыдæн дзырдтой: – Кæм ис, чи райгуырди, уый? Мах дæр ыл фæцинкæнæм. – Уымæй мæн цы фæрсут? Й’ афон куы ’рцæуа, уæд уæм йæхæдæг зындзæни. Нартæ дæр ницыуал загътой. Рæстæг ызгъордта. Дæллаг Нарты лæппу райгуырди, уый дæр ферох. Цыди рæстæг, афтæмæй дыууæ дæсазы адымдтой. Уæд дын иу бон лæппумæ йæ фыд дзуры: – Цæй, куыд дæ? – Ницы мын у, – зæгъы лæппу. – Исты ныфс дæ ис сæрбахъуыды заман? – Ис! – Уæдæ цом иумæ, базонон дын дæ тых. Араст и лæппу йæ фыды фæстæ. Алæгаты лæгæн йæ дзуджы уыди дыууæ тохъылхаст фыры. Йæ фырты цæм бакодта: – Гуыры, гуырытæ! Цæвут мæ фырты сæр! Фырытæ фæйнæрдыгæй æрбазгъордтой, æмæ лæппуйы сæрæн – дзæхст. Æртæ хатты ’рбазгъордтой. Æртыггаг цæфы фæстæ фырытæ зæхмæ ’рхаудтой. Лæппуйыл та цыма бумбули дæр нæ сæмбæлди, афтæ дардта йæхи. Уæд фыд зæгъы: – Цæй, ам дæ бавзæрстон æмæ бафæрæзтай. Цом ныр та ’ндæр дарæнмæ. Дыууæ уырсмæ йæ бакодта уыйфæстæ фыд йæ лæппуйы. Йæ дыууæ цонгыл ын цæ бабаста, стæй цæ фæтæрсынкодта уырсыты. Уыдон сæхи ивазынц – тонынц, фæлæ цæ лæппу йæхимæ ’рбаласы. Фыд йæм фæкасти, стæй зæгъы: – Ницы кæны, ам дæр бафæрæзтай. Иу хатт ма дæ сфæлварон. – Сфæлвар! – зæгъы фырт. Фыд лæппуйы ’взаг къæйыл æрывæрынкодта, стæй йæ пысырайæ нæмынтæ систа. Пысыра лæппуйы куыннæ сыгътаид, фæлæ уый цыма ’ппындæр ницы ’рцыд, йæхи афтæ дардта. – Ам дæр та бафæрæзтай, сыст уæлæмæ! – загъта фыд. Лæппу сыстади. – Уынын æй – ысбæздзынæ бæлццонæн. Маст уыромын дæр дæ бон бауыдзæни. Де знаджы дæр басæтдзынæ! – Уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ дæу цæуылнæ уырныдтой мæ ныхæстæ? –Кæм и, мæ хур, кæм æууæнк? Дæуæн æхсæз æфсымæры уыди. Кæрæдзийы фæдыл райгуырдысты. Æз цын æууæндыдтæн сæ ныхæстыл. Хуры хæрæфырт мæсыджы цæры, авд фæндаджы авд комы бын кæм баиу вæййынц, уым. Курæг æм фæцыдысты радыгай, æмæ цæ иу дæр нал сæмбæлди хæдзарыл. – Уæдæ цы фесты? – Хуры хæрæфыртæн ис хъахъхъæнджытæ йегуыппыртæй, авд лæджы. Уыдон цæ бахордтой. – Ау, æмæ кæд афтæ у, уæд мын æй цæуылнæ загътай искуы? – Тарстæн дын, дæуыл дæр та мын, мыййаг, исты куы ’рцæуа. Фæхъус и лæппу иуцъусдуг, стæй йæ афарста: – Бæхы мыггагæй дæм ницы разына? – Ис, хуыздæр бæх нæй Æртæ Нартæм. – Хæцæнгарз та? – Хуыздæр кард, хуыздæр уарт, хуыздæр арц дæр нæ разындзæн никæмæ Æртæ Нартæй. – Уæдæ мæм цæ тагъд æри. – Нæ, семæ архайын нæ базондзынæ ’мæ дын æнахуырæй исты фыдбылыз ыскæндзысты. Лæппу йæ фыдмæ нал байхъуыста, фæлæ уартдонмæ бауади. Уæд йæ фыды кард сæхситласта. Лæппу йын йæ фистон рацахста. Кард кæрдзæмæй фæхицæн, йæхи ’ртæстытæкодта, йæхи тыдта, фæлæ йæ не суагъта йæ къухæй лæппу. Уæд кард ысраст, æруазал и ’мæ та кæрддзæмы абырыд фæстæмæ. Лæппу йæ й’ астæуыл абаста. Уартмæ фæцæйцыди лæппу, уарт схъуырхъуыркодта, фæлæ та уый дæр лæппу йæ цонгыл афидаркодта, йе нгуылдзтæй йæ ’рбалхъывта фидар, æмæ уарт йæхи ратилбатил – нæ, фæлæ змæлын дæр нал бафæрæзта – æрсабыр и. Лæппу арцмæ фæцæйцыд. Арц сгыбартыбурласта, йæхи хæрдмæ систа, иу уагъд æркодта йæхи лæппуйыл, фæлæ йæм уый уарт фæдардта, арц фæбырыди уартыл æмæ зæххы афардæг. Сцæй-та-бырыди ’мæ йæ лæппу йæ сæрæй ацахста, змæлын дæр æй нал ысуагъта, æмæ ныссабыр и арц. Уый дæр та райста йæ къухмæ. Лæппуйы æд хотыхтæ ку’ ауыдта йæ фыд, уæд зæгъы: – Гъеныр мæ уырны, стæры цæуынхъом фæдæ ’мæ Нарты ’хсæн фæстадæр никæмæй баззайдзынæ. – Уæдæ мын ныр Хуры хæрæфыртмæ фæндаг бацамон. Æз уыцы йеугуыппыртæй мæ маст сисон. – Нæ, афтæмæй дын цæуæн нæй. Хуры чызгимæ Æхсæртæггаты Батырадз хо’ мæ ’фсымæр загътой кæрæдзийæ. Уый дын куынæ баххуыскæна, уæд ницы рауайдзæн дæ фæндæй. Хæтæнты ацыди знон. Ацу йæ фæдыл æмæ йæ баййафдзынæ мæ бæхыл. Кæс æм, йæ ных у къуыпп, хъамбулцæст – уайтагъддæр æй базондзынæ. Лæппу йæ фыды бæхыл ысбадти ’мæ сурынтæ систа Батырадзы. Ахæддзæ, авд фæндаджы авд комы бын кæм иукæнынц, уырдæм. Ауыдта йæ разæй иу домбайкæндтытæ бæлццоны. Хъуыдыкæны лæппу: «Цымæ, чи уа ай? Батырадз ма уæд!» Æрмæст æм йæ чъылдым зынди æндæр ницы. Ауагъта бæлццоны йæхибар. Кæсы ’мæ авд йеугуыппыры рахызтысты ’мæ йыл цинтæ кæнынц – чи йæ сæрфтытæкæны, чи та йын йæ рыгтæ цæгъды. Алæгаты лæппу афтæ ’нхъæлдта, уый Хуры чызджы лæг у, æмæ йæхиуыл æризæркодта. Бæлццон та Батырадз уыди нæхи. Бараст и комкоммæ мæсыгмæ. Мæсыджы тарамæ бахызти Батырадз, уырдæм æм Хуры чызг æмæ Хуры хæрæфырт рауадысты. Цинтæ ’мæ йæ хъæбыстæ систой. Стæй йын фынг авæрдтой йæ разы. Батырадз ахордта ’мæ анызта, стæй зæгъы: – Мæхи куы ’руадзин. Йæхи пылыстæг сынтæгыл æруагъта. Иннæтæ мæсыджы хуылфмæ бацыдысты. Хуры хæрæфырты цæсгом дардæй ауыдта Алæгаты лæппу ’мæ фæуадзыг. Уæд йеугуыппыртæ суг рацæйхастой – стыр хъæд. Зæхмæ йæ æрыппæрстой, æмæ хъæд ратылди ’мæ лæппуйы ныхыл сæмбæлд. Лæппу фехъал и, фестади, ауыдта йеугуыппырты ’мæ цæм армæй бавнæлдта. Кæрæдзиуыл цæ куыристы цагъд ыскодта. Сбаста цæ, стæй цæ фæрсы: – Чи стут, чи? – Мах йеугуыппыртæ стæм. – Æмæ мыл хъæд цæмæн ратылдтат? – Барæй нæ уыдыстæм – ныббар нын æй. – Кæннод? – Кæннод фегад уыдзыстæм нæ хицауы раз. – Æмæ чи у уæ хицау? – Нæ хицау – Хуры чызг. – Хорз, фæлæ ма зæгъут. Абон уæ цурты барæг фæцæйцыди. Сымах ыл цинтæкодтат. Стæй мæсыджы тарамæ схызти. Æмæ уый чи уыди? – Уый – нæртон лæг. Хæмыцы фырт Батырадз. Хуры чызгæн йе фсымæргонд у, æмæ йын уырдæм алы хатт дæр ис уымæн цæуыны бар. – Уæдæ уæм Нартæй ноджы ’хсæзæй куы уыдысты, уæд уыдон та цы фесты? – Уыдон кой дæр кæныс! Хуры чызгæн ис чындздзон чызг. Хуры хæрæфырт, курæг æм уыдысты. Ницы сæ бон уыди, æмæ цæ мах бахордтам. Лæппу фæмæсты ’мæ зæгъы: – Гъе, хæрджытæ, сымах мæнæн ме фсымæрты бахордтат! Ралæууыди уæйгуытыл æмæ цын сæ къубæлттæ стыдта. Стæй цын сæ сæртæ, Хуры чызг æмæ Хуры хæрæфырт цы мæсыджы цардысты, уырдæм фехста. Иу сæр дзы Хуры чызгыл сæмбæлди, иннæ та Хуры хæрæфыртыл, æртыггаг мæсыгыл ныппырх и. Иу та дзы сæрзæды рæхысыл сæмбæлди, æмæ рæхыс хъеллау систа. Æртæ сæры та Батырадзыл сæмбæлдысты. Батырадз уæд фехъал и. Фестади ’мæ фæрсы Хуры чызджы: – Ай цæй сæрыкъуыдыртæ сты? – Ма тыхс, Батырадз! Уæ мыггагæй ызмæлæг фæзынди ’мæ мын фæцагъта мæ хъахъхъæнджыты, йеугуыппырты, æмæ уыдон сæртæ сты. – Ау, æмæ æз ахæм куы никæй зонын нæ мыггаджы? – Дыууæ дæсазы хъомылкодта уый адæмæй иппæрдæй, йæ фыды хæдзары. – Кæцы сыхæй у? – Алæгатæй. – Уæдæ мын æм æнæ цæугæ нæй. Хуры чызг æм дзуры: – Маргæ йæ ма акæн, хи туг зынаргъ у. Батырадз ратæррæстласта. Алæгаты лæппу стыр хъæд йе нгуылдзты ’хсæн раппарбаппаркæны ’мæ худгæ ’рбацыди Батырадзы размæ. – Кæдæм тагъдкæныс, Хæмыцы фырт Батырадз? Батырадз æм фæзылди ’мæ йæ фæрсы: – Алæгатæй ам чидæр ис æмæ йæ базонон. – Уагæры дæ цæмæн хъæуы? – Хъæуы мæ. Мæ хогонды хъахъхъæнджыты мын фæцагъта, йеугуыппырты. Æмæ йæ бафæрсон. – Æмæ уый цы диссаг у – чи зоны йын исты маст ыскодтой. Уæд азымджын ысты ’мæ цын афтæ хъуыди. – Лæджы хуызæн лæг хъуамæ йæ маст уыромын фæраза. – Нæ, хорз лæг, уыцы мастæн рохгæнæн нæй. Ам Алæгаты сыхæй иуцалдæр фесæфт. Никуы фехъуыстай ахæм хабар? – Нæ хъуыдыкæнын. Ам мæм фæлæу, æз мæ хогонды афæрсон. Батырадз цæстыныкъуылдмæ Хуры чызгмæ бауади ’мæ йæ фæрсы: – Алæгатæй кæд исчи ам фесæфти, уæд мын æй зæгъ. Ма мын æй басусæгкæн. – Фесæфти, – зæгъы Хуры чызг. – Алæгаты сыхæй иу хæдзарæй мæ чызгмæ курæг цыдысты радыгай, æмæ цæ йеугуыппыртæ бахордтой. – Уæдæ мын сусæгæй ме рвадæлты фæцæгъдынкодтай. – Нæ, уый Хуыцауы зондæй уыд. Уыдонмæ ’хсæзæй æхсæз мæлдзыджы тых дæр нæ уыди. Хурбон хурæй тарстысты, къæвдабон – уарынæй, асæстбон – мигътæй, æхсæв – талынгæй. Мыггаджы худинаггæнæг уыдысты, æмæ цæ Нартæ сæхæдæг дæр фæцагътаиккой. Батырадз рацыди Алæгаты лæппумæ ’мæ зæгъы: – Æцæгæйдæр ам иу хæдзарæй æхсæз æнæсæрæны фесæфти. – Цыфæнды уæнт, – зæгъы лæппу. – Ме фсымæртæ уыдысты, æмæ цын сæ туг райстон. – Уый хорз. Æвзæры цæйнæфæлтау хион амара, фæлтау ызнаджы къухæй æрцæуæд йæ мæлæт, æмæ ма мыггаг уæддæр зæгъдзæни: «Лæг нæ амард». Æз мæ фыдæн иунæг дæн, фæлæ мæ тæссæй, мæ фыдмæ – нæ, Æртæ Нартæм дæр ничи хæссы йæ ныфс... Уо, фæлæ чи дæ дæхæдæг? Лæппу йæхи бацамыдта. Уый Батырадзæн уæлдай æхсызгон уыди, æмæ йæ йемæ акодта лæппуйы. Æрцыдысты Хуры чызг æмæ Хуры хæрæфырты мæсыгмæ. – Хъусыс, мæ хо? – дзуры Батырадз. – Ай у, цы ’хсæз æфсымæры бабын, уыдон кæстæр. Дæ чызджы фæдыл фæцагъды сты, æмæ йын ныр цы зæгъыс? – Батырадз, æз дæ разæй ницы зæгъдзынæн. – Хорз. Уæдæ æз зæгъын – ацы лæппу дæ чызджы амонд у. – Ау, æмæ йæ цы ныфсæй дардзæни? – Уыйбæрц ныфс æм разындзæн. – Уæдæ мæ фыд Хæзмыбыдыр йæ тæвдæй басыгъта, æмæ кæд ацы лæппу уым кæрдæг æрзайынкæна, уæд акæнæд мæ чызджы. Лæппу ацыди. Стыр фурды дон быдырыл рауагъта. Æлыг хорз суымæл и, стæй йыл нæугæрдæг разад. – Цы ма зæгъыс, мæ хогонд? – Хорз у, хор æрзайынкæндзæн, фæлæ фос та куыд ыскæндзæн? Мæ фыдæн уыди бирæ фос æмæ цæ дуртæ фестынкодта. Уыдон фæстæмæ чи райгаскæна, гъеуымæн раддзынæн мæ чызджы. – Мæнæ дын нымæтын йæхс, – зæгъы лæппуйæн Батырадз. – Сæуæртæхыл æй схуылыдзкæн æмæ йæ дуртыл асæрф. Стæй райгас уыдзысты фос. Лæппу афтæ бакодта, æмæ фос æцæгæй дæр райгас ысты. Батырадз та фæрсы Хуры чызджы: – Гъеныр та цы зæгъыс? – Фос ыскæнын дæр у йæ бон, фæлæ ма ’ххæст куы базонин: лæгау йæхицæн аргъ цæмæй ыскæндзæн! – Уый тыххæй дæ фыдмæ фæдзурæм. Хуры чызæг йæ чызджы Хурмæ сæрвыста. Уæд Хур йæ хæрæфыртæн афтæ зæгъы: – Ды мæм цæмæ ссыдтæ, уый æмбарын. Аздæх фæстæмæ ’мæ зæгъ: «Алæгаты лæппуйы Хур цас зоны, уыйас æй Нартæ кæд базоной, уæд цæ уымæй лæгдæр ничи разындзæн». Чызг раздæхти, йæ мад æмæ Батырадзæн ракодта Хуры ныхæстæ. Батырадз фæрсы йæ хогонды: – Хъусыс? Цы ма зæгъыс? – Зæгъгæ – ницы, куыддæриддæр дæ фæнды, хъуыддаг афтæ сараз. Батырадз æмæ лæппу хæхтыл азылдысты. Æртардтой дунейы сырдтæ. Лæппу цæ астыгъта ’мæ цæ бауæларткодта. Уæд æрымбырд ысты зæдтæ-дауджытæ, дзуæрттæ-бардуæгтæ. Рабадтысты фынгтыл æмæ скодтой æрдхæрæны чындзæхсæв Хуры хæрæфырт æмæ Алæгаты лæппуйæн. Уыйфæстæ лæвæрттæ ракодтой чызг æмæ лæппуйæн æмæ цæ цæуыныкъахыл бафтыдтой. – Уастырджи, ды уæддæр зæххон адæммæ фылдæр æфтыс, æмæ цом немæ, – загъта Батырадз. Æмæ сразы и Уастырджи йемæ. Уæд цæм Тутыр дзуры: – Дард у Нартæм уæ фæндаг, бафæллайдзыстут. Уæртæ уын ме хсæвы гуырд дыууæ къоборы дæдтын. Адæгыл ифтыгъд ысты. Сæвæрут цыл уæ хæссинæгтæ, уæхæдæг дæр дзы сбадут æмæ тагъддæр ныххæддзæ уыдзыстут Нартæм. Самадтой адæгыл сæ фæллой. Сбадтысты сæхæдæг дæр æмæ Нарты зæххыл арæнмæ ’рхæддзæ сты. – Суадзæм уал чысыл нæ фæллад, – загъта Уастырджи. Фæлæ Батырадзмæ уый раст нæ фæкаст. – Уастырджи, æз Нартæм афтæмæй нæ цæуын! – ныллæууыди Батырадз йæхи фæндыл. – Уæдæ куыд? – Хъуамæ цæм мæхи номæй дæр æмæ сиахсы номæй дæр сырдыфыдæй фæкæсæм. – Уый уæхи хъуыддаг у. – Уæдæ мын сымах ком хъахъхъæнут, сырдтæ ратæрын та – мæ бар. – Нæ, Батырадз! – загъта Уастырджи. – Сырдтæ æз ратæрдзынæн, цæгъдгæ сымах кæнут. – Цæй, хистæр дæ ’мæ дæ ныхмæ ницыуал зæгъын. Араст ысты ’ртæйæ. Уастырджи ’ртардта коммæ дуннейы сырдтæ. Батырадз æмæ Алæгаты лæппу комæн дыууæрдыгæй æрлæууыдысты. Райдыдтой цæ цæгъдынтæ ’мæ цæ амадтой адæгыл. Бирæ фæцагътой, стæй сæхицæн физонджытæ скодтой. Рараст та сты. Æххæст нæма ’рхæддзæ сты Нартæм, афтæ цыл Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан амбæлдысты. Æмбæлæггаг – хæрзмæгæнæг. Хорз цæ федтой, стæй цæ семæ акодтой. Æрцыдысты Алæгатæм. Чындзæхсæв дзы куыннæ уыдаид! Æнæхъæн къуыри та цæл-минас фæкодтой Нартæ. ГУЫНТЫ ’ЛДАР ÆМÆ СОСЛАН Гуынты ’лдар Лабандойнаг уыд. Доны был царди. Дæрдтыл ыскодта йæ цæрæнтæ. Гуынты ’лдар ахæм уыди – хæрд-нозтæй йыл чи фæтых уыдаид, уый хорзæн иста, иннæты та-иу афæдзы дæргъы йæхицæн кусынкодта. Æрыхъуыста Сослан ацы хабар æмæ сфæндкодта фæцæуын Гуынты ’лдармæ. Йæ бæх сифтыгъта ’мæ рацæуы. Сатана йæ базыдта, йæхи зæронд ус фестынкодта, æмæ йæ размæ фæци. Сослан ыл амбæлд. Кæцæй йæ базыдтаид, æмæ йæм дзуры: – Дæ фæндаг раст, мæ мадыхай! – Дæ хъуыддаг раст, мæ хъæбул! Афтæ тагъд кадæм кæныс? Цы ’рцыди? – Цæуын Лабандонмæ. Уым дам Гуынты ’лдар цæры зæгъгæ дзурынц æмæ йæ фенон. Хæрд æмæ дам ыл нозтæй чи фæтых вæййы, уый ыстыр кадджын у йæ цæсты. Иннæты афæдз йæхицæн кусынкæны. – Раст у, мæ хъæбул, – дзуры зæронд ус. – Фæлæ цы нывæнæй цæуыс? Дæ бæх сындзхæссæны хуызæн. Ахæм бæхы хицаумæ уый кæсгæ дæр нæ ракæндзæн. Сослан фæстæмæ раздæхти Нартæм. Сатана дæр йæ фыдздзаг хуыз райста ’мæ сæхимæ ’рбалæууыд. Сослан Сатанамæ бацыди ’мæ йын афтæ зæгъы: – Нартæм хуыздæр бæх нæма и? Дард балцы цæуын, æмæ мæ мæхи бæх нæ фæхæддзæкæндзæн. – Хорз бæхæн хорз барæг хъæуы. – Ау, æмæ æз Нартæм нымады нæ дæн? – Сæ хуыздæртæй дæ. Фæлæ дæ, тæхгæцыд чи кæны, дымгæсур цы бæх у, ахæмыл бадгæ никуы федтон. – Амонгæ мын æй бакæн, стæй бæрæг уыдзæн. – Бæргæ дын æй бацамонин, фæлæ дæ йæхимæ ’ввахс дæр нæ бауаддзæн и. – Зæгъ æй, мауал мын æй сусæгкæн. – Дæлæ зæронд Ацæмæ бæргæ ис ахæм бæх. Фæлæ йæ ’мбæхстæй дары. Сослан зæронд Ацæмæ ныццыди ’мæ йæм бадзырдта: – Æддæмæ ракæс, Ацæ! – Цы кæныс, Сослан? – Ды мæнæй бæх æмбæхсыс, тæхгæцыд чи кæны, дымгæсур цы бæх у! – Нæ, мæ хур Сослан, уымæн раласæн нæй. Æз базæронд дæн. Уымæн та барæг хъæуы. Кæм и уый аггаг барæг? – Мæнæ мæхæдæг! – Уæртæ тарвазыл авд дæгъæлы. Авд дуары бакæн. Æмæ йæ фендзынæ уæд уыцы бæхы. Дæ бон æй раласын куы бауа, уæд дын мæнæй лæвар фæуæд. Кæд дæ бон нæ бауа йæ раласын, уæд байсæфдзынæ ’мæ азымджын – дæхæдæг. Сослан тарвазæй уыцы авд дæгъæлы райста. Авд дуары бакодта, æмæ йæ размæ иу идон æрхауди. Сослан идонмæ фæгуыбыркодта. Систа йæ. Фæлæ йæ бæх ныззæвæтласта, æмæ Сослан æд идон дуркъулыл сæмбæлди. Ногæй та бацыди бæхмæ, æмæ иу саргъ йæ размæ ’рхаудта. Уымæ дæр февнæлдта Сослан. Систа йæ, фæлæ та йæ бæх ныццавта ’мæ Сослан доныбыл ыстæлфыди. Сослан рамæсты. Идон æмæ саргъ доныбыл фæуагъта, йæхæдæг бæхмæ сыгъзорда, йæ фæстаг къæхтæй йæ рацахста, доныбылмæ йæ ныддавта, йæ тугтæ йын арыхъæхсад æркодта. Идон ыл бакодта, саргъ ыл авæрдта бæхыл. Абадти йыл, æмæ авд æфцæджы сæрты йæхи иу зыввытт нылласта бæх. Сослан йæхи зæгæл фестынкодта ’мæ саргъыкъуыдырыл ныффидар. Бæх æй фæрсы: – Н’ ахаудтæ, мыййаг? – Ницы ахаудтæн. Уыцы ныхæстæм бæх дыггаг æхст фæкодта йæхи, æмæ фараст æфцæджы сæрты атахти. Сослан дæр та йæхи зæгæл фестынкодта ’мæ та саргъыкъуыдырыл ныффидар. Фæрсы та йæ бæх: – Мæ уæлæ ма бадыс? – Уæдæ кæй уæлæ? Хуыздæр бæх мын кæм и? Æртыггаг хатт дæр та бæх ногæй йæхи фехста. Дыууадæс æфцæджы сæрты атахт. Сослан дæр та зæгæл фестад и ’мæ та саргъыкъуыдырыл ныффидар. Иу фæзы бæх фæлæууыди, йæхи ныууыгъта, æмæ зæгæл бæхы къæхты бынмæ ’рхауди. Бæх зæгæлы кæроныл æрлæууыд æмæ афарста Сосланы: – Кæм дæ, мæ барæг? Мæ уæлæ ма бадыс? – Дæ уæлæ бадтæн бæргæ, фæлæ уæцанилæуд фæкодтай, æмæ ’рхаудтæн саргъæй. Ныллæууыдтæ мын мæ фæдджийыл, æмæ мæ сыстын нал уадзыс. Хорз бæх йæ барæджы къæхтыбын бæргæ нæ фæкæны. – Уый мын ма загътаис, Сослан... Бæх йæ къах систа. Сослан цырд фестади ’мæ загъта: – Мæн дæуæй хуыздæр бæх нæ хъæуы! – Мæн та дæуæй хуыздæр барæг нæ хъæуы! Æрцыди сæхимæ Сослан. Йæхи арæвдзкодта ’мæ рараст и Лабандоныбылцæрæг Гуынты ’лдармæ. Сатана йæ базыдта ’мæ дзуры йæхинымæр: «Ныр уый цавæр лæппу у? Æнæ мæн фенгæ куыд ацыди?» Йæхи зæронд лæг фестынкодта Сатана ’мæ цæуы йæ фæдыл. Баййæфтæ йæ ’мæ кæрæдзийæн салам радтой. – Дæ фæндаг раст, зæронд лæг! – загъта Сослан. – Дæ хъуыддаг раст, мæ хур. Кæдæм цæуыс ахæм хъуыддагхуызæй? – Цæуын Гуынты ’лдармæ. Хæрд æмæ нозтæй дам ыл чи фæтых вæййы, уый хорз ысуазæгкæны, иннæйы æнæхъæн афæдз йæхицæн бакусынкæны æнæмызд, æнæ фæлхасæй, афтæ – Хуыцауы лæвар. – Уо, уый раст у, фæлæ куыд цæуыс: д’ астæуыл – хæрислыггæнæн, дæ цонгыл – бындзбадæн, дæ къухы – цъыфызмæнтæн. Ахæм лæгмæ Гуынты ’лдар кæсгæ дæр нæ ракæндзæн. А дæ бæх зæрдæмæдзæугæ у. Раздæхти Сослан фæстæмæ. Сатана дæр та йæхи хуыз райста ’мæ Сосланы ныццыдмæ бадти сæ дуармæ. Сослан æм хæстæг бацыди. Цæмæ раздæхтæ зæгъгæ йæ афарста Сатана. – Куыннæ раздæхон! Иу зæронд лæг мыл сæмбæлди ’мæ мын мæ цирхъ хæрислыггæнæн рахуыдта, мæ уарт – бындзбадæн, м’ арц – цъыфызмæнтæн. Куыд ацæуон афтæмæй? – Раст дын загъта уыцы лæг. – Кæм ыссарон гæрзтæ, уæдæ? – Бæх кæм ыссардтай, уым гæрзтæ дæр разындзæн. Фæцу та зæронд Ацæмæ. Сослан Ацæмæ ныццыди ’мæ йæм бадзырдта: – Ацæ, дæ сæр та мæ бахъуыд. – Цæмæн ма дæ бахъуыддæн уыцы ’хсызгон? Уый дын бæх, арвы айдæны хуызæн. Цы ма дæ хъæуы? – Бæх мын бæргæ радтай, фæлæ гæрзтæй ницы уыйас рæвдз дæн, æмæ дæм уый тыххæй æрцыддæн. – Дæлæ тарвазы кæроныл æндæр авд дæгъæлы ауыгъд. Райс цæ. Бакæн, хæдзары фæстæ цы ныггæнд ис, уый. Уым ысты м’ арц, мæ цирхъ, мæ уарт. Дæ бон цæ кæд райсын бауа – уæд дын хæлар уæнт. Кæд æмæ дыл исты зиан æрцæуа, уæд аххос дæхирдыгæй фод. Сослан тарвазы кæронæй уыцы авд дæгъæлы райста. Бацыди хæдзары фæстæ ныггæндмæ. Авд дуары дæр бакодта. Бакасти мидæмæ: уарт йæхимидæг цалхзылд кæны, арц йæ фындзæй зæхх къахы, цирхъ кæрддзæмæй фесхъиуы, цæхæр акалы ’мæ та кæрддзæмы абыры. Сослан арцмæ февнæлдта. Арц йæ фындз фæхæрдкодта, къулы йæ фæтъыста ’мæ зæронд Ацæйы хæдзармæ къул батыдта. Уæддæр Сослан арц не суагъта. Сослан уартмæ февнæлдта. Уый ныззылди, æмæ тæхгæ-тæхын дурдзæджындз дыууæ фæкодта. Сослан уый дæр не суагъта. Стæй бауади кардмæ. Кард йæхи ныууыгъта, хъæд æмæ зæххы ’мхуызон ыскодта. Не суагъта уый дæр Сослан. Стæй цæ райста йемæ. Йæ бæхыл абадт æмæ рараст Гуынты ’лдармæ. Сатана та йæ базыдта, йæ размæ фестади æрыгон лæппуйы хуызы. Сослан æй баййæфта ’мæ йæм дзуры: – Дæ фæндаг раст уа, лæппу! – Дæ хъуыддаг раст уæд дæуæн дæр. Аипп ма уæд, фæлæ кæйонг цæуыс? – Цæуын Лабандоныбылыл цæрæг Гуынты ’лдармæ. Уыууыл хæрд æмæ нозтæй чи фæтых уа, уый хорз ысуазæгкæны. Иннæйы афæдз йæхицæн лæвар кусынкæны. – Раст у, фæлæ аипп ма уæд, дæ кæрц мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Цыма хъæвдынты бын æвæрд вæййы, уыйау ныууади, æмæ дын Гуынты ’лдар мидæмæ дæр нæ зæгъдзæн. Раздæхти та Сослан Нартæм. Сатана та раздæр сæхимæ ’рхæддзæ ис. Сослан æм бацыд: – Сатана, мæ кæрц мын иу лæппулæг рафаудта. Хуыздæр кæрц кæм зоныс? – Раст дын зæгъы уыцы лæппу дæр. Фæцу та зæронд Ацæмæ ’мæ дзы нывылкæрц ракур. Сослан Ацæмæ балæууыд уайтагъд. – Кæм дæ, Ацæ? – Ам дæн. Цы ма дæ ферох? – Бæх мын радтай, гæрзтæ дæ райстон, фæлæ мæ гомæгæрццæй кæдæм æрвитыс? Зæронд Ацæ йын уæд афтæ зæгъы: – Уæртæ æвдæм уатмæ бацу. Уым ис авд кæрцы. Равзар дзы, кæцы дæ хъæуы, уый. Æрмæст дæ фæдзæхсын: цы кæрц равзарай, уый дæ къухæй ку’ аирвæза, уæд мæ-иу хъаст ма ракæ. Сослан æвдæм уатмæ бацыди, дуар бакодта. Кæсы, æмæ рагъæныл авд кæрцы ауыгъд, амæй ай кондджындæр. Кæрцытæ се ргом Сосланмæ раздæхтой. Сæ иу дзуры: «Мæн ахæсс». Иннæ дзуры: «Мæн ахæсс». Æртыггаг зæгъы: «Æз хуыздæр дæн». Цыппæрæм дзуры: «Мæ хуызæн не ссардзынæ. Фæндзæм загъта: «Æз алцæмæй æххæст дæн». Æхсæзæм зæгъы: «Мæ хуызæн ничи ис». Æвдæм ницы дзырдта, æрмæст-иу йæхи мидæг разылд. Сослан комкоммæ æвдæм кæрцмæ бараст и. – Æвдæм кæрц, ды мæ хъæуыс, а иннæтæ хиппæлой ысты. Кæрц хæдгæнгæ уыди. Рагæпласта, хъуамæ алыгъдаид, фæлæ йæ Сослан рацахста. – Лидзгæйæ дын нæу. Уæд кæрц Сосланы уæнгтыл абадти. Æрбалхъывта йын йе уæнгтæ. Сослан читт нæ фæкодта. Рахаста йæ йæ уæлæ куыд абадти, афтæмæй. Æмæ фæраст и Гуынты ’лдармæ. Сатана та йæ ацы хатт дæр базыдта ’мæ Сосланы размæ фæци. Йæхи рæсугъд æрыгон чызг фестынкодта. Уæдмæ йæ Сослан бæхыл æрбаййæфта ’мæ йæм дзуры: – Дæ фæндаг раст, хорз чызг! – Дæ хъуыддаг хорз, бæлццон. Ныххатыркæн, фæлæ дард цæуыс? – Уо! Лабандоны был цæры Гуынты ’лдар. Зæгъынц: Гуынты ’лдар хорз уазæг ахæмы хоны, æмæ йыл хæрд æмæ нозтæй чи фæтых уа. Иннæйы афæдзы дæргъы йæхицæн лæвар кусынкæны. – Уо, уый афтæ у, фæлæ уæд та дойныйæ мæлыс – иу куысыфтæг дæм цæуылнæ ис? Дæхи куысыфтæг – уæрыччы мисындзæджы хуызæн. Йæ сæр батылдта Сослан æмæ та раздæхти фæстæмæ. Сатана дæр та й&ael