НАРТЫ КАДДЖЫТÆ

Фыццаг чиныг



СÆРГÆНДТÆ
СÆУÆССÆ Зынджыбардуаг Уазыкъуылдымыл арт ыскодта, æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд. Дзуæрттæ йæм ысмæсты сты, æмæ йыл Галæгонмæ бахъасткодтой: "Нал нæ уадзы цæрын йæ фæздæгæй, фæхæсс-ма йын й' арт искуыдæм". Галæгон ысдымдта, æмæ арт тынгдæр ысцырын, хъæдыл сирвæзт, кæрдæг ыссыгъди, дуртæ сырх зынг фестадысты æмæ тъæнджытæхаудтой. Зынджы тæлмытæ цæм фæхæддзæ сты дзуæрттæм. Æмæ хъаст байдыдтой дзуæрттæ Хуыцаумæ: "Фервæзын нæ кæн ацы Зынджыбардуагæй – æмбиссыгъд фестæм, æмбиссæфт фæкодтам". – Æгъгъæд цæ фæцагътай дзуæртты, – загъта уæд Хуыцау Зынджыбардуагæн. – Мауал цæ саф! – Нæ цæ ныууадздзынæн, Хуыцау! Фæлтау, мæ цæхæрыл физонджытæ чи кæна æмæ дæуæн дæр чи кува, ахæм лæг сæвзæрынкæн дунейыл, æмæ цæ ныууадзон. – Ахæм лæг райсом фæзындзæн... Хуыцау сæумæраджы сфæлдыста цы хуызæн хъуыди, ахæм лæг, æмæ йæ Зынджыбардуагмæ æрæрвыста: – Кæрæдзиуыл нæ хæцы 'мæ йæ бахсид дæ цæхæры. Зынджыбардуаг лæджы й' арты бахсыста, сæууондоны йæ ныппæрста, æмæ лæг цъæх æндон фестади. Лæджы ном Зынджыбардуаг ысхуыдта Сæуæссæ, дунемæ сæуыскастыл кæй фæзынд, уымæн, æвæдздзæгæн. – Хуыцау дæ сфæлдыста, æз дæ м' арты бахсыстон, æмæ цæр ныр дæхицæн, – загъта Зынджыбардуаг Сæуæссæйæн. – Æз ардыгæй афтæмæй н' ацæудзынæн, – загъта Сæуæссæ. – Дæ зынгæй мын уыцы бар радт, æмæ йыл физонджытæ куыд кæнон, мигæнæнтæ йыл куыд аразон. Æмæ уæд ацæудзынæн. Зынджыбардуаг æм урс дзæнхъадуртæ-æрцъыкæхсонтæ радта Сæуæссæмæ. – Ам куы нæ уон, уæд-иу адон кæрæдзиуыл цæв, хус къæцæлтæ цыл- иу бадар, æмæ ссудздзысты сугтæ. Райсомæй цæ мæ иу фырт – Зынгæвзалы – æвзалы кæндзæн, изæрæй цыл меннæ фырт – Артæртхутæг – æртхутæг æвæрдзæн. Æмæ йын афтæмæй ахуыссæн нал уыдзæн никуы дæ зынгæн. Уыйадыл Зынджыбардуаг фæцыди уæларвмæ. Фæлæ урс дзæнхъадуртæ йæхимæ нывæрдта Сæуæссæ. Сæуæссæ куырдадз ыскодта, фæттæ дзы рацагъта 'мæ цуаныцардæй царди. Уæд та иубон ысфæндкодта Сæуæссæ цуаны фæцæуын. Бирæ фæхатти хæхты 'мæ кæмтты, фæлæ иунæг сырдыл дæр нæ сæмбæлд. Тынг ныффæллад, æмæ иуран доныбыл афынæй. Уæд фурд æрбафæйлыдта, уылæнтæ йæ хæрдмæ фехстой Сæуæссæйы 'мæ фехъал. Кæсы, æмæ иу урс саг цъитидон нуазы. Сæуæссæ йæм фæкасти 'мæ дзуры йæхинымæр: "Ай æххормагæй куы сæфын... Нæй йын ацы сагæн æнæ амаргæ". Фат ыл фæкодта, фæлæ саг йæ гуыбыныл ахуыссыд. Æмæ йæ сæрты батахти фат. Дыггаг фат фехста Сæуæссæ. Саг фæгæпласта, æмæ йæ бынты батахти фат. Æмæ саг йæхицæн æнцад-æнцой араст. Сæуæссæ дискæны: "Ай цæуылнæ лидзы мæ фатæй? Уæд та йæ ахсгæ 'ркæнон? Цæуы сындæггай йæ фæдыл Сæуæссæ, къуыппæй-къуыпмæ, халæй- халмæ, фæлæ йæм а ныр февналон зæгъгæ, уыйбæрц æввахс æм нæй бацæуæн. Сайы йæ йæ фæдыл саг. Афтæмæй йæ басайдта Зилгæцады былмæ. – Цы дæ хъæуы, мæ хур, артæйгуырд Сæуæссæ? Цы цæуыс мæ фæдыл? – дзуры йæм саг. – Сыдæй мæ уд хауы. Нæй мын æнæ сæфгæ, æмæ дын хъуамæ дæ фыдæй физонджытæ скæнон. – Уæ, ма кæ, Сæуæссæ. Ды мæ фыдæй физонджытæ не скæндзынæ, фæлтау мæм байхъус, æмæ дын цы зæгъон, уый бакæ. Æз дæн Донбеттырты мад. Ис мын иунæг чызг æмæ авд фырты. Дзæбæх лæппуйы каст кæныс, æмæ уал фæлтау ам лæу, суадз дæ фæллад. Исчи дæм зындзæн махæй æххуысмæ. Дыууæ хатты дæм рарвитдзысты хонæг, фæлæ-иу ма баком. Æртыггаг хатт дæм куы фæзына хонæг, уæд дын æнæ цæугæ нæй. Урс саг Зилгæцадмæ бахызт æмæ фæдæлдон. Сæуæссæ Зилгæцады цур баззади 'мæ та хуыссы фæлмæцыд æмæ фæлладæй. Бадзырдта Донбеттырты мад йæ хæдзармæ: – Кæм ыстут? Ныртæккæ Зилгæцады был ыстыр тыхстæй федтон иу лæджы, æмæ йæ тагъд æрбахонын хъæуы нæ фынгмæ. Стонг лæджы бафсадын удыбæстæ у. – Фæуайæд-ма исчи, æмæ йæ 'рбакæнæд, – загъта уæд хистæр Донбеттыр йæ фырттæн. Кæстæр Донбеттыр фæцырд, æмæ уайтагъд цады был балæууыд. Ауыдта Сæуæссæйы 'мæ йæм дзуры: – Табу дæхицæн. Абон нæм куывд и, æмæ дæ мæ фыд ыстыр зæрдиагæй хоны. Махæн нæ бæстыл чи цæуа, уый нын уазæг у. – Æз ам уæ куывдмæ, мыййаг, æнхъæлмæ нæ кæсын, – загъта Сæуæссæ. – Арфæ йын ракæ дæ фыдæн, æмæ йын зæгъ: "Мæ рæстæг н' амоны". Æмæ раздæхт фæстæмæ кæстæр Донбеттыр. Сæхимæ 'рцыди 'мæ загъта йæ фыдæн: – Нæ мын ракуымдта. Арфæ дын кæны 'мæ зæгъы, мæ рæстæг дам н' амоны. Уæд зæронд Донбеттыр загъта: – Чындзытæй йæм арвитут искæй. Кæстæр чындзы йæм арвыстой. Ссыди та уый дæр цады былмæ. Дæрддзæф æрлæууыд, æмæ йæм дзуры Сæуæссæмæ: – Мæ хицау куывд кæны, æмæ мæ дæумæ рарвыста хонæг. – Дæ хицауæн бузныг зæгъ. Ацæуин бæргæ, фæлæ мæ рæстæг н' амоны. Æмæ раздæхти чындз, æмæ рафæзмыдта хистæр Донбеттырæн Сæуæссæйы ныхæстæ. – Бæлвырд, цардагур æмæ йемылæг у, – загъта зæронд Донбеттыр. – Нæй гæнæн, æмæ йæм нæ чызджы арвитут сыгъзæрин бæлæгъы. Æмæ йæм радтой хъалац чызгмæ. Сбадын æй кодтой донбæлæгъы, æмæ йæ хонæг рарвыстой. Баленк æм кодта Донбеттырты чызг Сæуæссæмæ. Хæстæг æм нæ бацыд – æгъдау афтæ н' амыдта – фæлæ йæм дæрддзæфæй дзуры нымдгæнгæ: – Уæ, цы хур, цы зæд дæ? Абон мæ фыд куывд кæны, æмæ дæ хоны. Сæуæссæ йæм хæстæг æрбацыд, æмæ йæм уæд чызг хъалацнуазæн авæрдта. Æмæ загъта Сæуæссæ: – Бузныг дæ фыдæй, бузныг дæ мадæй, бузныг уе гасæй дæр! Æмæ схæцыд хъалацыл, æмæ йæ анызта йæ тæккæ бынтæм. Уæд уыцы рæстæг сæ цурты иу кæф æрбацæйленккодта. Сæуæссæ йæ ацахста 'мæ йæ нылхъывта. Хъалац сойæ айдзаг и, æмæ йæм æй авæрдта чызгмæ фæстæмæ. – Дæ нуазæн бирæ, хорз чызг! Цæуын – нал ис æндæр гæнæн! Æмæ сбадтысты чызг æмæ лæппу сыгъзæрин бæлæгъы. Зилгæцад цæ зилгæ ныххæддзæкодта Донбеттыртæм. Кæсы Сæуæссæ, æмæ авд лæппуйы архайынц кæрты, уæларт агты дон æхсиды. – Цы ми кæнынц уыцы æвзыгъд лæппутæ 'мæ чи сты? – афарста Сæуæссæ чызджы. – Уыдон ме фсымæртæ сты. Куывдæн кусæртытæ кæнынц. – Уæд уæртæ уыцы сылгоймæгтæ та чи сты? – Уыдон та мæ чындзытæ сты. Кæрдзын кæнынц. – Сæ фарсмæ уыцы ус та чи у? – Уый та нæ мад у. Фынгтæ æвæры. – Уæлейыбадæг – уый та чи у? – Уый та нæ фыд у. Цалынмæ уыцы ныхæстæ кодтой чызг æмæ лæппу, уæдмæ сыгъзæрин бæлæгъ бахæстæг Донбеттыртæм. Рахызтысты бæлæгъæй Донбеттырты чызг æмæ Сæуæссæ. Чызг хъалац балæвæрдта йæ фыдмæ. Сойцард фæкæнæд, сойцард, зæгъгæ загъта Донбеттырты хистæр. Арфæ цын ракодта сеппæтæн дæр Сæуæссæ. Æрбадын æй кодтой фынгыл, æмæ йыл узæлынц. Бур физонджытæ хъармæй-хъарммæ хастой фæсивæд, сау бæгæны сырсыр кодта къусты. Уæд зæронд Донбеттыр, йæ къухы хъалац, афтæмæй ракуывта. Хæрынтæ 'мæ нуазынтæ систой бадтыадæм. Фæлæ Сæуæссæ йæхиуыл хæцыд – бирæ нæ хордта 'мæ бирæ нæ нызта. Зæронд Донбеттыр æй афарста Сæуæссæйы: – Цы Хуыцау дæ 'рбахаста, хорз лæппу, Зилгæцадмæ? – Сырдагур рацыдтæн, – загъта Сæуæссæ. – Ницæуыл сæмбæлддæн. Стæй иу урс саг ауыдтон. Дыууæ хатты йæ фехстон фатæй – нæ мын фæцæф и, æмæ йæ уæд æртыггаг хатт нал фехстон. Æрцахсынмæ йæ хъавыдтæн, фæлæ мын уымæй дæр ницы рауад. Фæрсæгау та йæм дзуры зæронд Донбеттыр: – Æвæдздзæгæн, исты хорздзинадмæ 'нхъæлмæкæсыс, лæппу... – Хуыцауы куы бафæндид. Фæлæ уый сымахæй аразгæ у. Мæн ардæм сыгъзæрин бæлæгъы чи 'ркодта, уый у, бæргæ, мæ бæллиц, цæуыл цæуы ныхас, уый. Æмæ уæд фæрсынц Донбеттыртæ сæ чызджы: – Уазæг сæмбæлд нæ куывды. Дæумæ 'рцыди, куыд æмбарæм, афтæмæй. Æмæ йын цы ком радтæм? Чызг ныфсæрмы. Дзургæ ницы скодта, фæлæ йын йæ зæрдæ цы бамбарын хъуыд! Донбеттыртæн сæ куывд чындзæхсæвмæ разылд. Æнæхъæн къуыри нæ рауагътой сæ уазæджы. Иннабонæй иннабонмæ нæ систой сæ фынгтæ. Стæй цæ Зилгæцады былмæ фæхæддзæкодтой Донбеттыртæ сæ хо 'мæ Сæуæссæйы. Цард цыл бацайдагъ уыйфæстæ Сæуæссæ 'мæ Донбеттырты чызгыл, æмæ цын райгуырди æртæ фырты: Борæ уыди сæ хистæр, Дзылæу – астæуггаг, æмæ Болатбæрзæй – сæ кæстæр. Афтæ, гъе, равзæрдысты Нартæ. НАРТЫ БОРÆ Нарты Борæ Сæуæссæйы хистæр фырт уыди. Æмæ цуаны фæцыди иу хатт. Бахæддзæ фурды былмæ, æмæ, мæхи æрыхсон куыд загъта, афтæ йæ Донбеттыртæ ауыдтой æмæ йæм дзурынц: – Уæ, Борæ, нæ хæрæфырт! Дæлимонтæ дæ ахсдзысты, сæ дон цын ызмæнтыс... – Æрцахсæнт мæ! Фæлæ ма ме фсымæрты куы фенин... Дзылæу чысыл у, Болатбæрзæй – æнахъом. – Уыдонæн ма тæрс... Æмæ Дæлимонтæ, æцæгæй дæр, февзæрдысты Борæйы цур, æрцахстой йæ, æмæ йæ фæрсынц: – Цæмæн нын ызмæнтыс нæ дон? – Дон цæугæ у. Цы сызмæстон, уый аласдзæн. Февнæлдтой йæм уæд, æмæ йæ Дæлимонбæстæм фæхастой. Бабастой йæ уым иу дурдзæджындзмæ 'мæ тæрхон кæнынц. – Цы ма йæм кæсæм? – зæгъынц иутæ. – Цы йыл тагъдкæнæм? Ахъазæм уал дзы, – зæгъынц иннæтæ. Дæлимонтæ Борæйæ хъазын байдыдтой. Чи йыл бырон бакалы, чи – дон. Чи та йыл дур баппары. – Хорз дæм кæсы нæ цард? – фæрсынц æй Борæйы. – Уас хорз – уæ хæдзар, кæд мæ бастæй цы дарут! Тохъхъыл нæ дæн, мыййаг, æмæ нæ фæлидздзынæн. Суагътой дурдзæджындзæй Борæйы. Уый йæ кард фелвæста æмæ цæ басырдта. Кæй кæм æййæфта, уым æй дыууæ кодта. Дæлимонтæ сæ сæр æфснайыныл фесты. Фæлæ ма цæ кæм уагъта! Дæлимонты хистæр æргъæусынтæгыл хурмæ хуыссыд, æмæ йæм Борæ бауад. Йæ сæрыхъуынтыл ын ысхæцыд, æмæ йын афтæ: – Тагъд мын Нартыбæстæм фæндаг бацамон! Дæлимонты хистæр нырдиагкодта: – Уадзгæуал мæ скæн. Стæй дæ уæд арвы кæронмæ дæр фæкæндзынæн. – Уадзгæ дæ не скæндзынæн – æууæнк уыл нæй сымахыл! – Уæдæ мыл бæхбадт акæн. Дæлимонты хистæрыл бæхбадт акодта Борæ. Æмæ йæ ахаста йæ уæлæ дæлимонты хистæр. Уайтагъд æй сурмæ схæддзæкодта, æмæ йæм дзуры: – Гъа, ныр дæхæдæг ацу. Борæ ныууыгъта дæлимонты хистæры йæ сæрыхъуынтæй, æмæ дзы æртæ 'рдуйы аззад йæ къухы. Дæлимонты хистæр донмæ базгъордта 'мæ загъта: – Уыцы æртæ хъуыны доны баппар! Кæннод мæ дæлимонтæ сæхимæ нал бауадздзысты! – Зæрдæрисгæ кæд дæ, уæд дæ æнæ уыцы хъуынтæ дæр бауадздзысты. Кæннод рацу, æмæ мæ зæронд фыд Сæуæссæйæн дондæдтæг у. Дæлимонты хистæр ницуал загъта, æмæ араст Дæлимонбæстæм. Борæ сæхимæ 'рцыди, æмæ йæ фыды кæугæ æрæййæфта. – Цы кæуыс уый, баба? – Куыд нæ кæуон? Д' ацыды фæстæ Буртæг ам уыди, æмæ дын дæ кæстæр æфсымæрты фæхаста. – Æ, куыдзæй цы куыдз райгуырд, уыцы Буртæг! Къахæй цæуин, æмæ кæд фæхæддзæуыдзынæн? Бæх та ахæм кæм и, æмæ мæн Буртæджы бæстæм чи фæхæсса! – Бæх бæргæ ис, фæлæ бæхæн барæг хъæуы. Дæлæ ныггæнды йæ фаджыс хæры. Ралас æй, æндæр дæ ницы хъæуы. Борæ ныггæнды дуар басаста. Бæх æм ракасти 'мæ йын афтæ зæгъы: – Дæ цæрæнбон бирæ, мæнæн ма рухсыцъыртт чи фенын кодта! Æмæ йæ раласта Борæ ныггæндæй, æмæ йæ арыхъæхсад ныккодта доны. Саргъ ыл сæвæрдта 'мæ та фæрсы Сæуæссæйы: – Æппын, цæмæй хæцыддæ, ахæмæй дæм ницыуал баззад? – Дæ разы фæстарваз – мæ кард, къуымрæбын – мæ фат æмæ ме рдын. Борæ цæ райста. Йæ бæхыл абадт, æмæ фæраст и. Æмæ смидæг и Буртæджы 'фсады 'хсæн. Райдыдта цæ цъыччытæкæнын, фæлæ Буртæджы 'фсад хъæды сыфтæрæй фылдæр уыдысты. Бон-изæрмæ фæхæцыди, æмæ стæй сæ хæст ныууагътой. Борæйы йæ бæх аскъæфта, æмæ йæ цъитидонмæ схаста. – Хъусыс, Борæ? – загъта бæх. – Дæлимонты хистæры сæрыхъуынтæй иу дæ карды фистоныл атух. Æмæ дын уæд хæцын фенцондæруыдзæн. Борæ дæлимоны сæрыхъуын йæ карды фистоныл атыхта, æмæ та дыггаг бон дæр ысхæцыди Буртæджы 'фсадимæ. Æфсад куынæг байдыдтой, æмæ Буртæгæндæр йæ ныфс къаддæр кодта. Буртæджы 'фсад та сæхи фидæрттæм байстой. Æмæ та йæм йæ бæх дзуры Борæмæ: – Дæлимонты хистæры сæрыхъуынтæй дыггаг дæр æрбатух дæ кардыфистоныл. Борæ дыггаг сæрыхъуын дæр æрбатыхта йæ карды фистоныл. Æмæ фидæрттыл ысхæцыди. Буртæг æй ауыдта, æмæ йæ хъару 'рсасти. Ай мæ нал ныууадздзæни зæгъгæ загъта йæхинымæр, æмæ рарвыста Борæмæ: – Бафидауæм, Борæ! – Нæ бафидаудзынæн! Буртæгæн æфсæнмæсыг уыди, æмæ уым йæхи бамбæхста. Уæд та йæм йæ бæх дзуры Борæмæ: – Æфсæнмæсыг æнцонсæттæн нæу. Фæлæ дæлимонты хистæры сæрыхъуынтæй æртыггаг æрду дæр дæ кардыфистоныл абæтт. Борæ æртыггаг æрду дæр карды фистоныл æрбатыхта, æмæ æфсæн мæсыджы къултæ уисы лыг æркодта кард. Буртæг уый куы федта, уæд йæ ныфс æрсасти бынтондæр æмæ загъта: – Бафидауæм, Борæ! Ард дын хæрын: Нарты зæххыл нал ацæудзынæн. Борæ йæм дзуры: – Тагъд, ме 'фсымæртæ кæм ысты, уый мын зæгъ! – Тарстæн цын, æмæ цæ бамбæхстон. Фæлæ ныртæккæ ам уыдзысты. Æмæ цæ 'рбакодтой Дзылæу æмæ Болатбæрзæйы. Борæ йæ разæй ыскодта Буртæджы рæгъæуттæ. Ракодта йæ дыууæ 'фсымæры дæр, æмæ Нартæм æрхæддзæ сты. Зæронд Сæуæссæ фæцинкодта йæ фырттыл, æмæ цæм дзуры: – Уæ, мæ хъæбултæ, иугай ма цæут – гуымирты дуг у! Кæд цæут, уæд иумæ! Куыд æм нæ байхъуыстаиккой йæ фырттæ Сæуæссæмæ! Уæдмæ Дзылæу æмæ Болатбæрзæй дæр фæхъомыл ысты. Æмæ цуаны цыдысты иумæ æртæ лæппуйы. Иумæ куыстой сæ фыды куырдадзы. Хъæбæрдуры мыггæгтæ донау тайын кодтой сæ куырдадзы, æмæ арæзтой æрттигътæ 'мæ кæрдтæ. Скодтой цирхъ Сæуæссæйæн, уарт æмæ згъæргуыр. Скодтой хъæдын дзывырæн æфсæн фындз. Æмæ зарыдысты лæппутæ сæ куырдадзы: Бандидзæм æфсæнкæрдтæ, бандидзæм, Æфсæндзывырæй хуым бакæнæм. Бандидзæм нæ цирхъытæ уæларвон зынгæй. Бандидзæм ызгъæргуыртæ, бандидзæм. Карды цæфæй лыг ма кæной, бандидзæм. Фаты нæмыг цæ ма хиза, бандидзæм. Лæппутæ дуртæй кодтой æфсæн, æфсæйнагæй та хæцæнгарз арæзтой. БУРТÆДЖЫ ХÆСТ Буртæг уыди Нартæн цыфыддæр ызнаг. Райдыдта иу бон æфсад æмбырдкæнын, æмæ загъта: "Нарты Борæйæ мæ маст куы нæ райсон, уæд мæрдты бæсты авд марды кæндзынæн". Æнæхъæн афæдз фæцæттæкодта йæ бирæ 'фсад. Афæдзы фæстæ цæ Лæхъыбыдырмæ фæкодта. Уым цæ фæлварын байдыдта. Æмæ цыл йæ зæрдæ куыддæр фæдардта, афтæ 'рбарвыста Нарты Борæмæ: – Мæ мастæн маст исын, ма мæ бамбæхс! – Ау, æмæ фидауын куы домдтай дæхæдæг. Тыхкæнынмæ дæр дæхæдæг куы цыддæ! – Д' ард дæхи уæд! Фæлæ абон майрæмбон, иннæ ацафонмæ, мæнæй цы рæгъæуттæ фæтардтай, уыдон æртывæрæй куыддæр не рырвитай, афтæ дæм фæцæуын! – Рæгъау нал фендзынæ. Тыхæй ц' ахæссай, уый дæр фендзыстæм! Тынг ысмæсты ис Буртæг Борæмæ, æмæ йæхи цæттæкодта майрæмбонмæ. Нартæ дæр зыдтой сæ хабар, æмæ 'рфидаркодтой сæхи сæ фидæртты. Буртæг карз лæг уыди. Йе фсадæй чи н' арæхсти, уый сæр-иу акъуырдта, æмæ йæ фатæхстмæ æвæрынкодта. Иуахæмы рабырста, æмæ Буртæджы 'фсад бæстæ сæ сæрыл хастой. Æртыхстысты Нарты фидæрттыл. Æмæ йæм барвыста Буртæг Борæмæ: – Æддæмæ ракæс, æмбæхсгæ ма бакæн! Борæ йæм рацыди 'мæ загъта: – Й' ардæй басудзæд, махæй йæ дзырд чи фæмæнгкæна! Н' адæмы цæуыл цæгъдæм? Нæ дыууæ бавзарæм нæ тыхтæ. Чи басæтта, уый сæр ралыгкæнæд æфсад. Буртæг "нæ" зæгъын нæ бафæрæзта, æмæ Борæимæ хæцынтæ систой. Буртæджы 'фсад иуырдыгæй уыдысты, Нартæ – иннæрдыгæй. Æмæ фæхæцыдысты бон-изæрмæ. Изæры сæ хæст ныууагътой, æмæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Дыггаг бон дæр та схæцыдысты, æмæ суанг талынгмæ ахаста сæ хæст. Талынджы та ныууагътой сæ хæцын, æмæ алчи йæ бынаты 'рлæууыд. Буртæг фæсидти йæ цумагæнæгмæ 'мæ йын афтæ зæгъы: – Нарты Борæмæ бацу 'мæ базон, йе згъæр ма йын йæ буар кæм не мбæрзы, уый. Цумагæнæгыл цы бон уыди, æмæ бацыди Борæмæ. – Дæ фыдæхæй фесæфон! Донхæссæг дын ныллæудзынæн. Æрмæст мæ маргæ ма акæн. – Чи дæ, уый уал зæгъ, – дзуры йæм Борæ. – Æз дæн Буртæджы 'фсадæй, фæлæ дзы ралыгътæн – нæ мæ фæнды хæцын Нартимæ. Борæ йын ницæмæ 'рдардта йæ ныхæстæ. Фæлæ Буртæджы цумагæнæг аивæй хъахъхъæдта Борæйы, æмæ базыдта, ызгъæр ын йæ дæлæрмттæ кæй не мбæрзы. Иу æхсæн цумагæнæг йæхи фынæйæфсон ыскодта. Стæй фæсвæдты сындæггай ахъуызыди 'мæ фехъусынкодта Буртæгæн: – Дæ фыдæхæй фесæфон, мæ паддзах! Борæйæн йе згъæр йæ дæлæрмттæ не мбæрзы. Æртыггаг бон дæр та схæцыдысты, æмæ Борæ Буртæджы цумагæнæджы ауыдта. – Æ, уæртæ фæлдыст! Дæхи ме уазæг куы кодтай, æмæ дæхæдæг ам куы дæ! Борæ фæмæсты æмæ Буртæджы й' арцыл систа. Стæй арцысыдз зæххыл æрсагъта, йæхæдæг цумагæнæджы басырдта, æмæ йын йæ сæр акъуырдта. Сæр атылди, æмæ гуымирты хистæр Æвдзæрæны раз банцади. Æвдзæрæн сæрыкъуыдыр систа, æрысмыста йæм, загъта: – Ай Нарты Борæйы кæрддзæф у. Нал бахаста Нартæм йæ ныфс Æвдзæрæн, æмæ мæстæймæлгæ, тъæппытæхаугæ 'рцыди сæхимæ. ÆВДЗÆРÆНЫ ХÆСТ Æвдзæрæн йæхицæн бынат нал ардта 'мæ загъта: "Нарты Борæмæ фæцæуон фидыды алдзæн, стæй йæ хинæй ныммардзынæн". Сбадти йæ дынджырхъусджын бæхыл, æмæ рацæуы. Фæндагыл хъуыдытæкæны: "Ныр мæ йæхимæ куы нæ бауадза, æмæ мæ ку' амара! Уæд мæ худинаг ныхъхъæруыдзæн, йæхи къухæй йæхи амардта зæгъгæ. Цæй, кæд ахæм нæ разынид." Цæуы Æвдзæрæн. Уагуадзæн афонты 'рбахæддзæ и. – Борæ, ракæс æддæмæ! Борæ Æвдзæрæны хъæрмæ рауади. – Фыдæхы уохыл кæд дæ, уæд мæм фæлæу. Кæд хорзы уохыл, уæд мидæмæ рахиз. – Фыдæхæй хорз хуыздæр у. Уый тыххæй дæм æрцыддæн иунæгæй дæр. – Мæ Хуыцау – ме вдисæн. Хæрзгæнæгæн æз хорзы бацæуын кæддæриддæр, – фæлæ фыдгæнæгæн дæр аггаг фæвæййын. – Уæдæ мын хорзырдæм фысым фæу. Æмæ Æвдзæрæн бацыди мидæмæ, арфæ ракодта, æмæ уырындыхъ ыздухгæ бандоныл рабадти. Борæ дæр йæхи 'руагъта йæ цуры. Борæйы мад цын сæ разы фынг авæрдта, æмæ цыл уызæлы. Фæсхæрд æм дзуры Борæ Æвдзæрæнмæ: – Фыдæхы уохыл мæм кæй не рцыддæ, уый тыххæй – дын мæ лæвар. – Цы мын лæваркæныс? – Мæ бæх. – Бæх дæхи уæд! Ахæм сугхæссæнтæй фæлмæцыд дæн. – Уæд та дын мæ фат. – Уыцы фæныкысхъауæнтæй дæр мæ къона дзаг у. – Уæд та дын – мæ кард. – Фенын-ма мын æй кæн. Борæ йæм йæ кард радта. Æвдзæрæн фестади, кард куы райста, уæд. – Хæрæг-цыдæр! Ды æцæгæй афтæ фенхъæлдтай, æмæ дын æз дæ кæрдзын хæрынмæ 'рцыдтæн? Æз дæ марынмæ фæзынддæн. Æвдзæрæн кард фæхаста. Фæлæ йæм Борæ фæцырди, артдзæстæй йæм æртыскæн фелвæста 'мæ йæм æй фæдардта. Æвдзæрæн æртыскæн атæхынкодта. Дыггаг цæфæн æм ныстуан фæдардта Борæ. Æвдзæрæны кард рæхысыл атыхсти, æмæ йыл Борæ йæхи ныццавта Æвдзæрæныл. Йæ быны йæ ракодта 'мæ йæм арцы фындз ныддардта. – Йæ-й-йи, ма мæ амар! Æз дæ мад, дæ фыды уазæг! Нал дæ бахъыгдардзынæн, – лæгъстæмæ фæци Æвдзæрæн. – Дæуыл æууæнк нæй. Мæхи хæдзары мæ марынмæ кæм хъавыддæ, уым мæ æддæ бынтонæнцад нал ныууадздзынæ. Æмæ й' арц ныссагъта Борæ Æвдзæрæны риуы.Стæй йын фурды баппæрста йæ мард. НАРТЫ МАДЫ МÆЛÆТ Бонтæ цыдысты 'мæ ивгъуыдтой азтæ. Рарынчын Нарты мад – Донбеттырон, æмæ амард. Тынг ыл фæхъыгкодтой бинонтæ. – Мады ад – ныфсдæдтæг, мады уарзт – тыхдæдтæг, – дзырдтой йæ фырттæ. - Рухсаг у, нæ мад! Стыр зæппадз ын сарæзтой. Бавæрдтой дзы сæ мады, æмæ зæппадзы ныхыл æрттиваг болат ныссагътой. Сæ мады номыл фехстой арвмæ æфсæнфæттæ. Фæттæ хурыл сæмбæлдысты, æмæ хур æрдынæг æркодта зæппадзыл. БОРÆЙЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ Борæ уыдис цуаны Талмыхъæды. Ницæуыл сæмбæлди 'мæ рæгътыл фæстæмæ раздæхти. Хæхты тигътыл æфцджытæм æрхызти. Æфцджытæй – уæлвæзтæм, стæй къуылдымтæм æмæ дæлбылтæм æрцыди. Хъæды кæрон æрлæууыд, суадонмæ ныккасти 'мæ ауыдта иу æхсинæг ыстæхгæ. Æхсинæг æй йæ фæдыл асайдта хæхтæм. Борæ цæуы æхсинæджы фæстæ гурæй-гурмæ, æмæ уалынджы иу хохмæ бахæддзæ сты. Хох уыди хъæдæй æмбæрзт. Хъæд та ахæм уыд, æмæ дзы калмæн абырæн нæ уыди, маргъæн – атæхæн: æгæндæг хъæд. Уæд арвы дуар байгом и, æмæ æхсинæг фæтары. Борæйæн ацæуæн нал уыди. Йæхи 'руагъта нæзыбæласы бын хъуынакæрдæгыл æмæ дзалафæсалыл. Стæй тарф фынæй аци. Дыггаг хатт та байгом и арвы дуар, æмæ дзы ракалди урс фæлм. Фæлæ та бæстæ æрымбæрзта ногæй, æмæ та арвы дуар ахгæдта фæстæмæ. Фæлмæй лæг йæ фæндаг нал æвзæрста. Стæй та фегом и арвы дуар, æмæ бæстæ райхъал. Мæргътæ зарынтæ систой, фырцинæй хæрдмæ хаудысты сырдтæ, бæстæ ныррухс. Дæтты хъæр айзæлди дардыл, æмæ урс фынг калгæ, абухгæ, лæгæрстой хæххон дæттæ размæ. Борæ фехъал и, акасти фæйнæрдæм, æмæ та ногæй ауыдта æхсинæджы. Уæд æхсинæг фæлмы астæумæ йæхи систа 'мæ фестади чызг. Стæй та ногæй æхсинæг фестад. Фæлмы хуылфы зилгæ ацыди 'мæ сфардæг уæларвмæ. Уыйфæстæ фæлм апырх и, æмæ та арв ирдæй разынд. Æмæ цавæрдæр сусæг фæнд сæвзæрд уæд Борæйæн йæ зæрды... Борæ уым баззади æнæхъæн къуыри. Къуырийы фæстæ сæхимæ 'рцыд, æмæ зилын байдыдта минæвæрттыл. Авд бонмæ авд хистæры ссардта. Кусарт цын акодта. Физонæггаг рахиз фарсæй, фондз фæрсчы йæ уæлæ, афтæмæй цæ 'рбалыгкодта. Ронг дæр нывæрдта 'мæ нысанбынатмæ 'рцыдысты. Уым физонæджы тæф ысуагътой æмæ карз ронгæй Хуыцаумæ скуывта хистæр зæронд лæг: – Табу дæхицæн, иунæг Хуыцау! Цы хъуыддаджы фæдыл цæуæм, уый нын хорзæн фæуæд! Уастырджи, нæ фарс фæу, æмæ нын нæ зæрдæ барухскæн! Борæ цæмæ бæллы, уый бафтæд йæ къухы! Уоммен зæгъгæ загътой иннæтæ. Уæд базмæлыди сау зæхх, бæлæстæ цы уыдысты, иу ахæм ма сырæзтысты. Сæлфынæг дымгæ уызæгау кодта. Арвы дуар фегом, æмæ хæд- зилгæ асин февзæрд сæ разы. Борæ 'мæ йæ минæвæрттæ асиныл абадтысты, æмæ цæ уый уæларв урс суадоны раз æрывæрдта. Араст ысты минæвæрттæ Хуыцауы кæртмæ. Арвыцæрджытæ цæм æнхъæлмæкастысты. Уæд цын сыстадысты сæ бынæттæй. Æрбадын цæ кодтой уазджыты – фынгтæ сæ бацыдмæ цæттæ уыдысты. Рацыди иу рæгъ, дыггаг, уыйфæстæ æртыггаг рæгъ дæр. Боныфæстагмæ бафидыдтой, æмæ Хуыцау йæ хæрæфыртæн ыстыр лæвæрттæ ракодта. Нартæ сæ чындзы рахастой, æмæ 'рфардæг ысты хæд-зилгæ асиныл зæхмæ. Куыд æввахскодтой зæхмæ, афтæ æрдз хъæлдзæгдæр кодта. Мæргъты мыггаг сæ сæрмæ тахти. Зæххыл рахызтысты, æмæ уæд та алымыггаг сырд систой цæуынтæ семæ. Нартызæхмæ 'рхæддзæ сты. Борæ ахæм чындзæхсæв ыскодта, æмæ иуы дæр æнæ 'рхонгæ нал фæци. Алчидæр ын арфæтæкодта. Æнæхъæн къуыри н' аскъуыди Борæйы чындзæхсæв. Хъæды сырдтæ 'мæ мæргътæ дæр кæрæдзимæ нал февнæлдтой уыцы къуыри. Ахæм номхæссæны фынгæвæрд уыди Борæйы фынгæвæрд. Къуырийы фæстæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. Борæ та Хуыцауы хæрæфыртимæ цæргæйæ баззад. ДЗЫЛÆУ Сæуæссæйы дыггаг лæппу Дзылæу уыди, æмæ цуаны цæуын сегасæй фылдæр уарзта. Иубон фæцыди иу бæрзонд хохы сæрмæ, афæлгæсыд, фæлæ ницæуыл æрхæцыд йæ цæст. Хъæдырдæм акасти, æмæ хъæды бæлæстæ бындзарыл нызмæлынц, чи та хъил авæййы 'мæ афæлдæхы. Диссаг æм фæкаст Дзылæумæ, æмæ диссаг дæр куыд нæ уыди, æмæ загъта: "Ноджы ма бакæсон". Æмæ федта дыууæ сæрджын саджы. Сæ сытæй кæрæдзийы гуымскодтой сагтæ, æмæ сæ сыты къуыртцытæй ком арыдта, бæстæ æрвнæрæгау кодта. Сагтæ сæ хæцын нæ уагътой, пырхкодтой сæ сæфтджыты бын дуртæ, æмæ сæ рыг арвыл æмбæлди. Уæд сæхи рахастой хæцгæ-хæцын. Ныффуттытæласынц, æмæ дон уысммæ йæ цыд фæуыромы. Сæ хид цъыккæны. Хъæдмæ та сæхи байстой, бæлæстæ цыл фæлдæхтысты 'мæ пыхсы стыхстысты. Стæй сæ дыууæ дæр бæласы саджилæджы ныффидар ысты, æмæ цын ацæуæн нал уыди. Дзылæу бæрзонд хохæй йæхи рахста, уæрдæг абыдта, æмæ цын сæ сытæ фидар абаста 'мæ сеггой абадти. Сагтæ фæтарстысты. Сæхиуыл ахæцыдысты, æмæ бæлас атыдтой. Семæ йæ ахастой æд уидæгтæ, æмæ Дзылæу дæр – сеггой. Дзылæу уæрдæхæй сагты йæхимæ 'лхъывта. Фæлæ тарст сагтæн сæ бон нал уыди сæхи уыромун, æмæ дымгæйау тахтысты. Комы бацыдысты. Уым уыдис æртæ гуымиры галуан. Бæрзонд, дурæй амад æртæ æмбонды ныззылди й' алыварс. Фыдздзаджы сæрты багæпкодтой. Дыггаг æмбонды сæрты дæр бахызтысты. Фæлæ æртыггаг æмбондыл хизгæйæ бæлас фæфидар и систыл, æмæ нал афæрæзтой ахизын. Æрсабыр ысты, æмæ Дзылæу зæгъы: – Уæ, фыдбылызы сагтæ! Ай мæ кæдæм æркодтат, кæй æмбондтæ сты адон? – Уæдæмæ нæ ды кæдæм æркодтай? Ныр мах дæр сæфт, æмæ – дæхæдæг дæр. Æртæ гуымирæн диссаджы рæсугъд хо уыди – Æдзæдзымæсыгæй касти. Дзылæу йæ рыгтæ цагъта, æмæ йыл чызг худти. – Уо, уæлæ 'хсинæг! – дзуры йæм Дзылæу. – Цæй зæрдиагæй худыс? Ам цæрæг уыдзынæ, æмæ дæм æппын доныкъус нæ разындзæн? Мæхи æрыхсон. Чызг йæ худын фæуагъта. Æдзæдзымæсыгæй æрхызти. Даргъ хъуывгъаны йын дон рахаста. Дзылæу йæхи æрыхсадта, æмæ бакасти чызгмæ. Йæ зæрдæмæ фæцыди 'мæ дзуры: – Тæхуды фæуа, ды кæй хай фæуыдзынæ, кæй къуымты разилдзынæ дæ цъылынимæ! Чызг фефсæрмы и. Хъуывгъан уым фæуагъта, æмæ та Æдзæдзымæсыгмæ балыгъды, йæ сæрмæ сызгъордта мæсыгæн, æмæ йæм радзырдта уырдыгæй: – Йæ, дæлæ лæппу, тагъддæр цу! Ме фсымæртæн се рцæуынафон у. Ам дæ æрæййафдзысты, æмæ дæ бахсындзысты. Дæ сагты дæр дын ысфизонæгкæндзысты. – Уæд та мын бæндæны скъуыддзаг авæр сæрбосæн. Чызг æм сæрбос æрæппæрста. Дзылæу сагтæй бæлас фæхицæнкодта, æмæ та дзуры чызгмæ: – Зæгъ-ма, æхсинæг, кæд ма дæ фендзынæн? – Æргом дын куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ фæцыдтæ. Фæлæ стыр тасы дæн ме фсымæртæй. Кæд хъуыддаг кæныс, уæд мæ иу æнафоны фен. Арвыкæронмæ дæр фæцæудзынæн демæ. Дзылæу сагтыл абадти, æмæ Нартæм рараст. Дурæмбондæй рахызти, иучысыл ауади 'мæ 'рбаййæфта иу хуымы кæрон иу къаннæг лæппуйы тухæнтæгæнгæ. Дзылæу æй фæрсы: – Цы кæныс, лæггаг? – Мæ фыд фæрынчын, æмæ нæ хуым æнæласт у. Ацы сагтæ æнæхъæн быдыр дæр баласдзысты. Адæг ацараз, дæ хорзæхæй, æмæ мын баххуыскæн. Стыр бузныг дæ фæуыдзынæн. Дзылæу тулдзбæлæстæ рацагъта, æмæ адæг абыдта. Лæппуйы адæгыл авæрдта. Хуым баластой æмбойны. – Фæсмон ма фæкæ дæ лæггадыл, – загъта лæппу, – алас адæг дæхицæн. Мæнæн дæр кæд мæ фыд фæсæрæн уаид. Æмæ дæм уæд æз дæр зындзынæн. Дзылæу адæгыл нæргæ рацыди. Изæрдалынгтæ кодта, афтæ сæхимæ 'рфардæг и. Хъуыдыты ацыди: "Уæдæ чи уыдаид, цымæ, уыцы къаннæг лæппу? Фæлæ баххуыскæнын удыбæстæ у. Æмæ йын хæлар уæд мæ фæллой." Сагты сæ кæрты 'рбаста Дзылæу. Стæй йæ хуыссæны афынæй. * * * Къаннæг лæппу дæр йæ фыдмæ бацыди. – Бузныг Дзылæуæй – иу Хуыцауы уарзон лæппу Нартæй. Уым мæм фæкасти. Æххуыс дыууæрдæм у зæгъгæ загъта зæронд лæг. – Дæ зæрдыл æй бадар. Кæм тыхса, уым та йын-иу ды баххуыскæн. Дзылæу афтæ фæллад уыди, æмæ, райсом куыд æрбабон, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Болатбæрзæй фестади, æмæ сагты ку' ауыдта, уæд афарста йæ фыды. Ацы сагтæ та кæй ысты? – Фен-ма Дзылæуы. Кæд ам и, уæд уый уыдзысты. Кæд ам нæй, уæд та Борæйы афæрс. Болатбæрзæй йæ асгæрста Дзылæуы йæ хуыссæны. – Ам ис Дзылæу. Сæ ныхæстæй райхъал и Дзылæу, æмæ рудзынгæй ракаст. Йæ хуыз йæхимæ нал уыди. Æмæ йæ фæрсы Сæуæссæ: – Цавæр фæллад бакодтай, хуызæртау дæ куы нæ уал и? – Ницы дæн фæллад! – Уæдæ та ды дæр кæд никæй федтай! – Федтон бæгуыдæр – æртæ гуымиры хойы. Мæ бон æй зæгъын дæр нæу. – Уый æнцонтыл рахæссæн нæй. Нæдæр ын рахæссæн ис, нæдæр бадзурæн ис æнцонæй семæ. Уыдонæн сæ цæрæнбынатмæ цъиу дæр нæ батæхдзæн. – Уый та ныр мæхицæй кæнгæ у. – Бар дæхи, фæлæ арæхстгай. Дзылæу бацыди Болатбæрзæймæ 'мæ йæм дзуры: – Мемæ дын æнæцæугæ нæй, æрмæст дæ иу нард фæхсын рахæссын ма ферох уæд. Болатбæрзæй бæхтæ сифтыгъта, нард кусарт дымитбосыл абаста. – Цæттæ стæм, Дзылæу! Абадтысты сæ бæхтыл, æмæ фæцыдысты гуымир-уæйгуытæм. Æризæр и, æмæ Дзылæу бахъæркодта уæйгуытæм: – Ам ыстут, цы? Хъæрмæ ничи ракасти. – Кæм ыстут, фысымтæ? – дыггаг хъæр та бакодта. Уæддæр та ничи ракасти. Æртыггаг хъæр бакодта: – Иу уæ æгас нал у? Кæм ыстут? Уæд чызг дзуры йе фсымæртæм: – Бын бауат, цавæр ыстут? Акæсут-ма, чи у? Уæд та тыхст адæймаг... Кæстæр гуымир æм рауади. – Ахсæв мæ фысым фæу, – загъта Дзылæу. – Къахæй бирæ фæцыддæн, æмæ ныффæлладдæн. Нæхимæ та хæддзæ нал бауыдзынæн. Бакодта йæ мидæмæ уæйыг. Чызг катайыл ысси: "Ныр исты куы срæдийа, уæд йæхи 'рбайсафдзæн уыцы лæппу". – Фарн а хæдзары! – Фæрнæйдзаг у. Æрбадын æй кодтой. Æртæ гуымиры фестадысты. Иу саджы мард бакойкодта, иннæ арт æндзæрста, æртыггаг сугтæ хаста. Уыдон сæ куыстытæ куыд кодтой, афтæ уæйгуыты хо æмæ Дзылæу та сусæг ныхасыл фесты. – Мацы срæди!.. Æмæ иунæг дæ? – афарста йæ чызг. – Ме фсымæр нæм æнхъæлмæкæсы. – Иууылдæр куы бафынæй уой нæ бинонтæ, уæд алидздзыстæм. Фæлæ нæ куитæ базондзысты. – Фæхсын цын рахаста ме фсымæр. * * * Гуымиртæ æхсæвæр ацæттæ кодтой. Фынг æрывæрдтой, æмæ дзурынц Дзылæумæ: – Айс, ахæр, уазæг. Дзылæу иу арм ыстыдта, æмæ уæд гуымиртæ дæр бавнæлдтой хæрынмæ. Амыртмырткодтой саджымард, æмæ схуыссыдысты. Дзылæу хуыссыди хицæнæй. Фæсæмбисæхсæв гуымиртæ фыдфынæй баисты. Дзылæу сыстади. Уæдмæ Болатбæрзæй куитæн нард фæхсын аппæрста, æмæ куиты рæйынмæ нал æвдæлд. Болатбæрзæй рудзынджы бын балæууыди, æмæ йæм Дзылæу дзуры: – Дæ кард мæм ысдæдт – æвдузæнтæ стонон. Болатбæрзæй йæм кард ыслæвæрдта, æмæ Дзылæу æвдузæнтæ стыдта. Ралæвæрдта чызджы, æмæ йæ Болатбæрзæй рахаста. Дзылæуæй йæ кард æрбайрох и, æмæ сабыр рацæйхызти. Фæлæ йын дуар рахаудта, æмæ гуымиртæй иуы ныхыл сæмбæлд. – Амардтай мæ, гъеуый, æмæ кæцы дæ? – ныхъхъæркодта гуымир. Хъæрмæ куыйтæ срæйдтой. Дзылæу рагæпласта. Сисамадыл рацæйхызти, фæлæ йæ ацахстой куыйтæ. Хъæрмæ иннæ гуымиртæ дæр фехъал ысты. Бæстæ сæ сæрыл систой. Сæ хойы абæрæгкодтой, фæлæ ма цы ссардтаиккой! Дзылæу тыхамæлттæй аирвæзти – йæ фæдджи йын атыдтой куыйтæ. Гуымиртæ йæм æркастысты, æмæ кæстæр гуымир загъта: – Уый нæ уазæджы фæдджи у! Дуæрттæ фегæмттæластой æртæ уæйыджы, æмæ æртæрдæм алæбурдтой. Дзылæу иу бæрзондмæ бахæддзæ и. Хистæр гуымир æй баййæфта, æмæ хæцынтæ систой. Хохы фæхсты йас дуртæй кæрæдзийы хостой. Дуртæ лыстæг уыр кодтой, æмæ коммæ лæбырдысты. Кæрæдзимæ армæй бавнæлдтой. Хистæр гуымир Дзылæуы базыг фездыхта. Уæд Дзылæй йæ иннæ къухæй гуымиры ныххурхкодта, æмæ йæ фехста айнæджысæрæй. Дзылæй, йæ цонг æлвæст, афтæмæй коммæ 'рцæйхызти. Фæлæ йыл лæсæн æрцыд, æмæ йæ дуртæ хойгæ рахастой, æмæ лæппу доны былмæ ныххаудта. Баззади иунæгæй, æмæ йæ цæфтæй туг фæцыд. Йæхи æрыхсын дæр йæ бон нал уыди, афтæмæй уым талынгмæ баззад. Болатбæрзæй æмæ гуымирты хо уыууылты рацæйцыдысты, æмæ Дзылæуы ауыдтой. – Мемæ цæ чи хæцыди, уый хохы сæр баззади. Фен-ма йæ, æгас у æви мард у? – загъта Дзылæу Болатбæрзæйæн. Болатбæрзæй хохы сæрмæ суади. Уæдмæ гуымирты хо Дзылæуы бын дзалайæ лыстæн æркодта. Æз дæуæй фæцæуинаг нал дæн зæгъгæ загъта чызг Дзылæуæн. Дзылæу æмæ гуымирты хо боны 'рбарухсмæ кæрæдзийæ нал фæхицæн ысты. Куыддæр Бонвæрнон ысзынди, афтæ Дзылæу ыстыхсти 'мæ йæ уд систа. Ныккуыдта гуымирты хо. Болатбæрзæй кæуын фехъуыста, æмæ йæхи раппæрста хохæй. Гуымирты хо йæ цæссыгæй йæхи 'хсадта. Фæмасткодта Болатбæрзæй дæр. Стæй дзуры гуымирты хомæ: – Æгъгъæд у кæуынæн. Фæцу ныр де фсымæртæм. А Дзылæуы æз фæхæсдзынæн Нартæм, йæ фыдыуæзæгмæ. Чындз йæ чъылдым фездæхта: – Кæдæм мæ 'рвитыс? Æз нæ хæдзармæ фæцæуинаг нал дæн. Болатбæрзæй фефсæрмы и. Сынт ацарæзта мардæн. Систой йæ дыууæйæ 'мæ 'рхастой Дзылæуы Нартæм. – Сæгдзæф чындз дæм æркодтон, – загъта Болатбæрзæй йæ фыдæн. – Дзылæуы уд та дзæнæттаг баци. Фæмасткодтой Сæуæссæ 'мæ бинонтæ æгасæй дæр. Сарæзтой бæрзонд мæсыг. Идæдзчындзы йын йæ сæры бакодтой. Дзылæуы та зæппадзы бавæрдтой. Сæуæссæ дургаст кодта, æмæ йын Болатбæрзæй йæ сау сагъæс мид=зæрдæмæ 'мбæрста. * * * Иубон фæрсы Болатбæрзæй йæ идæдз=чындзы: – Уыцы 'хсæв мæ кард Дзылæумæ слæвæрдтон, æмæ йын уым баззад. Бацæуин, æмæ мæ куыйтæ базондзысты. Идæдз-чындз Болатбæрзæйæн сусæг фæндаг бацамыдта. – Дæ кард, кæм аззади, уым уыдзæни. Болатбæрзæй араст и гуымиртæм. Хохы сæрмæ схæддзæ. Уым федта хистæр гуымиры мард, саусауидæй зынди 'мæ мæрдзытæф калдта. Ацыди 'мæ ауыдта гуымирты сисамæдтæ. Гуымиртæ уым нæ уыдысты. Болатбæрзæй сусæг фæндаг не ссардта. Асин ыскодта 'мæ бахызти уырдыгæй. Кард ыссардта 'мæ загъта йæхинымæр: – Ацы куыйтæн сæ хос мæнмæ и! Цъыхыры 'мæ хъæмп самадта фидæрттыл. Атр цыл бандзæрста, æмæ сæ фæздæг арвыл æмбæлди. Дыууæ гуымиры цъитийы сæрæй кастысты. – Цы диссаг уыдзæни, нæ фидæрттæй уый цавæр фæздæг кæлы? Рагæпластой, æмæ сæ къæхтыхъæрæй кæмттæ арыдтой. Болатбæрзæй цæ базыдта, æмæ комынарæджы бабадт сæ размæ. Æмæ дуррæдзæгъдæн систа. Бæстæ рыджы бын фæци. Сæ гыбаргыбур хъуысти Нартæм, æмæ идæдз-чындз Сæуæссæмæ 'рдзырдта сæ мæсыджы сæрæй: – Болатбæрзæй иунæгæй хæцы гуымиртимæ, æмæ йын баххуыс хъæуы. Сæуæссæйæн Борæ дард балцы уыди 'мæ æрæгмæ зынд. Дыггаг бон фылдæр хæст самадта Болатбæрзæй гуымиртимæ. Дардмæ хъуысти сæ гыбаргыбур æмæ сæ нæрын. Уох-хай, цыдæр æрцыди Нартыл зæгъгæ загъта Борæ. Сæхимæ 'рхæддзæ 'мæ фæрсы Сæуæссæйы: – Ай, æмæ цы у? – Уæлæ афæрс дæ идæдз-чындзы. Борæ мæсыджы бынмæ бауад æмæ хæрдмæ схъæркодта: – Уæ, менæзæгъа чындз. Ай цавæр рын у? Кæцæй цæуы? Нартæ йæ быны куы фесты. – Де фсымæр ныр дыггаг бон хæцы гуымиртимæ, æмæ тыхсы. Борæ бæхыл абадти, æмæ цæ чъылдымдзæф фæкодта гуымирты. Дыууæ гуымиры скъуымбилкодтой Борæ 'мæ Болатбæрзæйы. Гуымирты адæм загътой: "Нарты мыггаг нырма чысыл у. Фæлæ цы сты, уымæй сæттын нæ комынц. Куы фæфылдæр уой, уæд нæ бындзагъд кæндзысты. Баххуыскæнæм дыууæ гуымир-æфсымæрæн". Гуымирты мыггаг цæрц-æфсад ыскодтой. Цæст цыл кæм æххæссыдаид! Æмæ рабырстой Нартæм. Æртыггаг бон ыстынг ис мæлæтдзаг тох. Кæрдтæй хæцыдысты. Борæ дæлимонты хистæры æртæ хилы карды фистоныл æрбабаста, æмæ цæ йæ разæй айста гуымирты. Сæуæссæйы идæдз-чындз фæдзырдта зæрватыкмæ. Йæ дзыггутæй иу хил ратыдта 'мæ загъта: – Ацы хил аскъæф, æмæ йæ Болатбæрзæймæ радт. Йæ кæстæр æнгуылдзыл æй æрбатухæд! Зæрватыкк идæдз-чындзы сæрыхъуын аскъæфта, æмæ йæм дзуры Болатбæрзæймæ: – Байхъус-ма, Болатбæрзæй! – Уæ, ма мæ хъыгдар! Мæ уд мæ хъуырмæ у. – Нæй дын æнæ байхъусгæ! – Хæцгæ кæндзынæн, æмæ дзур: цы дæ хъæуы? – Мæнæ ацы сæрыхъуын дæумæ рарвыста дæ идæдз-чындз. Æрбатух æй дæ кæстæр æнгуылдзыл, æмæ уæд дæ фæллад фесæфдзæн. Болатбæрзæй райста сæрыхъуын, æмæ йын æрхауди. Куыд æй фæгуыбыркодта, афтæ цъæррæмыгъдцæф фæци. Зæрватыкк хъуын фелвæста. – Абæтт æй де нгуылдзыл. Болатбæрзæй та райста хъуын, æмæ та йын æрхауди. Афтæмæй рог цæф фæци. Зæрватыкк та æртыггаг хатт дæдты сæрыхъуын Болатбæрзæймæ. – Сæфыс, фæлæ сæрыхъуын атух дæ кæстæр æнгуылдзыл. Болатбæрзæй райста сæрыхъуын. Йæ кæстæр æнгуылдзыл æй куыд баста, афтæ галиу уæхск уæззау цæф фæци. Фæлæ æртывæр тых сæвзæрди Болатбæрзæйы уæнгты. Йæ цæф ницæмæуал æрдардта, æмæ цыл ногæй ысхæцыди гуымиртыл. Кæрон нæ уыди сæ хæстæн. Гуымиртæ 'мæ Нартæ бон изæрмæ фæхæцыдысты. Изæрæй бонмæ та ногæй сæхи цæттæ кæнын байдыдтой хæцынмæ. БÆРГЪУАН Нартæй æртæ бонцау æддæдæр Нозы фырт Бæргъуан царди. Нарты Борæимæ хæлар нæ – фыдызнæгтæ уыдысты. Æмæ дын зæрватыкк уый сæрты фæцæйтахт. Бæргъуан æм дзуры: – Кæцæй тæхыс, ацы зæрватыкк? – Кæд нырма уый нæ зоныс, уæд дæ исчи æд хуыссæнтæ хæсдзæни. Нартæ æртæ боны дæргъы тугкалæн хæст кæнынц гуымиртимæ, æмæ сæ удмæ сты. Бæргъуаны нæ бауырныдтой уыцы ныхæстæ, æмæ Хуракæсæнхохмæ ссыди. Акасти Гуымиртыбæстæм, æмæ нал зыны Гуымиртыбæстæ рыгæй. Тохы хъæр æрвнæрæгау кæны. Раздæхти фæстæмæ Бæргъуан, æмæ ныхъхъæркодта й' адæмыл: – Фæдис фæцыди, фæлæ æрымбырд ут! Бæргъуаны адæм æртæ хъæуы цардысты, æмæ дыууæ хъæуæй æрæмбырд ысты. Бæргъуан цæ фæрсы: – Исчи ма не 'рцыди? – Дæллагхъæуæй иу ызмæлæг дæр нæй. – Нырвитут цæм искæй. Нырвыстой Дæллагхъæумæ 'мæ цæ фæрсынц: – Цæуылнæ цæут фæдисы? – Мах æмбырдæй æмбырд ыстæм, фæлæ кæцырдæм цæуæм? – Нарты ныхмæ. Гуымиртæн баххуыскæнæм. Дæллагхъæу не сразы сты 'мæ загътой: – Махæн Нартимæ хæцгæйæ нæу. Кæд хæцæм, уæд гуымиртимæ. Фехъусынкодтой Бæргъуанæн Дæллагхъæуы фæнд. Æмæ Бæргъуан загъта йе фсадæн: – Нарт гуымирты куы басæттой, уæд райсом та мах басæтдзысты. Дæллагхъæу кæд æххуысмæ нæ цæуынц, уæд махæн цæстысындз ысты, æмæ цæ фæцæгъдæм. Бæргъуаны фæндыл ысразы сты æфсæдтæ. Изæрдалынг бакодтой сæхиуыл, æмæ цæм талынджы ныббырстой. Лæджы мыггаг нал ныууагътой. Усы та маргæ ничи кодта уыцы заман. Сæ хæдзæрттыл цын арт бандзæрстой, æмæ Бæргъуаны 'фсад æмæхсæвæджы араст ысты сæ фæндагыл гуымиртæн æххуысмæ. Фæцыдысты бирæ. Кæм фæлмæцгæ кодтой, кæм – тухæн. Æмæ ныххæддзæ сты иу хус быдырмæ. Дойныйæ мардысты. Иу ран дон ыссардтой, æмæ дзы зыднуæзт бакодтой. Фæрынчынтæ сты, æмæ сæ сæрæн нал уыдысты, фæлæ сæ цыд ыской кодтой уæддæр. Ныххæддзæ сты гуымиртыбæстæм Бæргъуаны 'фсад. ЗÆРИСÆРЫ ЧЫЗГ Дæллагхъæуы ма баззад иу зæронд лæг – Зæрисæр. Ракодтой йæ Дæллагхъæуы чызг-фæсивæд, æмæ йæ фæрсынц: – Цы нын амоныс уæддæр хуыздæрæн? – Мæнмæ иу фæнд ис, æмæ уын æй нæ сусæгкæнын. Уыд ахæм хабар. Æз рынчын уыддæн. Нæ чысыл лæппу хуым бакодта, фæлæ йæ баласын йæ бон нæ уыд. Нарты Дзылæу адæг ацауæзта, æмæ йæ баластой иумæ. Нарт æххуысæн æххуыс ысты, хæстæн – хæст. Нартæн баххуыскæнын фарны хъуыддаг у, Бæргъуанæн та ацы маст ма ныббарут. Зæрисæры чызг сыхыл азылди, æмæ сæ сыхы чызг-фæсивæды йемæ тархъæдмæ акодта. Иу тулдзбæласы цур æрæмбырд ысты, æмæ бахордтой æрдхæрæны ард. Уыйфæстæ сæхи хæстахуыр кодтой. Милмæ фæлвæрдтой, кардæй хæцыдысты. Къуырийы дæргъы гуымиртæ 'мæ Бæргъуаны 'фсæдтæ æнцой нæ уагътой Борæ 'мæ Болатбæрзæйы. Къуырийы фæстæ та ногæй ысхæцыдысты. Æмæ цæ Зæрисæры чызг-æфсад чъылдымдзæф фæкодтой. Бæргъуаны 'фсад куынæг байдыдтой... Зæрисæры чызг-æфсадыл ызгъæртæ конд уыди, лæгдарæсы уыдысты. Æмæ цæ ничи зыдта, чи сты, уый. Уæд, Болатбæрзæй дзуры Борæмæ: – Чи уыдзысты ацы 'фсад? – Зын зæгъæн у. Чи сты, уый фæсхæст рабæрæгуыдзæн. Æхсæвы гуымиртæ авд хатты фæфылдæр ысты, стæй куы 'рбабон, уæдта ногæй хæцын байдыдтой. Зæрисæры чызг дæр йе фсадимæ смидæг и гуымирты астæу. Æртывæр фыддæр ысхæцыдысты. Болатбæрзæй гуымирты афтæ фæцагъта, æмæ дон нал зынди сæрыкъуыдыртæй. Фæлæ та цæ дыггаг бон ногæй хæцгæйæ уыдта. Фæхæцыдысты бон-изæрмæ, æмæ изæры Болатбæрзæй Луанылæгæтмæ бафтыди. Борæ нал федта Болатбæрзæйы. Болатбæрзæйыл гуымиртæ хох бафæлдæхтой. Æмæ ахсты бахаудта лæппу. Луанылæгæты гуымирты хистæр Æвдсæроны 'фсымæр аууоны йæ фæллад уагъта, æмæ йæм Болатбæрзæй дзуры: – Ды та кæцы дæ? – Æз де уазæг, ма мæ амар! Æвдсæрон уæйыджы кæстæр æфсымæр дæн. М' амардæй дыл ницы бахæцдзæн, фесæфдзынæ, æмæ ды дæр ам бамбидзынæ. Фæлтау дæ ауадзынкæндзынæн мæ сæры аргъмæ. Болатбæрзæй йæ нал фæцагайдта. Борæ та Болатбæрзæйы агуырдта. Æмæ талынджы, хæст куы банцади, уæд Борæ сæхимæ фæцæйцыд. Луанылæгæты фæрсты æрцæйызгъордта, æмæ йæ Болатбæрзæй базыдта. – Бафæрс-ма-иу нæхимæ, цы сæртæ алыгкæнын, уыдон та дыггаг бон куы райгас вæййынц. Æмæ уый цæй аххос у? Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы. Фæлæ уæддæр сæхимæ фæрсы Сæуæссæйы: – Сæртæ ракæнæм, доны цæ бакалæм, фæлæ та райсоммæ райгасвæййынц, æмæ хæцын байдайынц. Уый, цæмæн афтæ у? – Уæ, æвзæртæ, хæцын нæ зонут. Гуымирты хæст сымах афтæмæй нæ фæуыдзыстут. Уыдонмæ сидын куыдхистæрæй хъæуы, кæннод кæстæры сæр хистæр йæхиуыл асæрфы, æмæ та райгасвæййы. – Ме фсымæр дæр, нæ зонын, цы фæуыдаид... – Уый гуымиртæ хинæй æрцахстаиккой. Уыдонмæ йæ хъæуы агурын. Уæд Борæ нызгъордта Куырдалæгонмæ. – Мæ карды ком мын фæцыргъдæркæн. Куырдалæгон кард сырх зынг ыскодта, æмæ йæ уыйфæстæ сойæсæрстæй цъитидоны нытътъыста. Кард сыгъдæг болат фестади. Æмæ Борæ фæстæмæ ратындзыдта. Райсомы та хур куыддæр ыскасти, афтæ авд æфсымæры хистæр Æвдсæрон радыгай æрвыста гуымирты, фæлæ цæ Борæ быныцагъд кодта. Æвдсæронæн дæр ма цы гæнæн уыд, уынгæджы фæци, æмæ загъта: – Фæуадз мæ иу къуыри. Фенон ма мæ кæстæр æфсымæры. Стæй мæ амар. – Дзырд мын радт, ме фсымæры дæр мын кæй æркæндзынæ. Уый йын ард бахордта. Æвдсæрон уæйыг Луанылæгæтмæ суади 'мæ хох рафæлдæхта. Цæугæ де фсымæрмæ зæгъгæ йын загъта Болатбæрзæйæн. – Æмæ ды кæдæм цæуыс? – Къуыримгъуыдæй дзы мæхи ракуырдтон. Мæ иунæг æфсымæр ам уыди, уый зыдтон. Уадзгæ дæр дæ уый тыххæй акодтон. Уыййæддæмæ ам бамбыдаис. Болатбæрзæй ауагъта Æвдсæроны. Уый йе фсымæры аскъæфта, æмæ йæ уæйгуытæм ысхаста. – Авд æфсымæры уыдыстæм, фондзæй цагъды фестæм. Мæхицæн дæр мæ кæрон æрцыди, фæлæ гъиай нæ кæстæр у, æмæ уе уазæг уæд. Æмæ скуыдта Æвдсæрон. – Цæуыл кæуыс, æгас куы дæ? – Нартыл нæ бон тых кæнын нæу. Уагæры ма фылдæр куы бауой! Уæд цын тыхгæнæг тых нал ыссардзæн. Уыцы ныхас уæйгуытæм тæлммæ фæкасти æмæ загъта сæ хистæр: – Хорз бакодтай, æмгъуыд кæй райстай, уымæй. Мах уæдмæ 'фсад ыскæндзыстæм, æмæ дæм зындзыстæм. Æвдсæрон раздæхти. Уæйгуыты хистæр æфсад æрæмбырдкодта гуымиртæй æмæ уæйгуытæй. Арвæй уал æртахы не рхаудтаид, уыдон цас уыдысты. Æвдсæрон дæр та хæцын райдыдта. Уæд фæзындысты уæйгуыты хистæры 'фсæдтæ. Зæрисæры чызг цæ куы федта, уæд загъта: – Фылдæр æфсадæй та 'рцæуынц гуымиртæ. Сæхи ныццавтой чызг-æфсад, æмæ Бæргъуаны 'фсæдты бынтон ыскуынæгкодтой. Бæргъуанæн гæнæн нал уыди, æмæ фæцæйлыгъд, фæлæ Зæрисæры чызг йæ размæ февзæрди 'мæ йæм дзуры: – Гъей, лидзгæ бæргæ кæныс, фæлæ кæдæм? Кæрдтæм февнæлдтой. Зæрисæры чызгæн йæ сæрзæнт æрхауди, æмæ йæ дзыггутæ 'ркалдысты. Болатбæрзæй уæд йе фсымæрмæ 'рцæйцыди, ауыдта чызджы, æмæ йæм хибарæй хъавыди. Ницы загъта Борæйæн. Чызг-æфсад се хсæн фæкодтой Зæрисæры чызджы. Йæ сæрзæнт ыл акодтой, æмæ та схæцыдысты гуымирты 'фсæдтимæ. Бон-изæрмæ фæхæцыдысты. Изæры ныууагътой сæ хæцын. Зæрисæры чызг Бæргъуаны сæр ахауын кодта, æмæ йæ талынджы Дæллагхъæумæ 'рхаста. Хъилыл æй ныссагъта, æмæ йæ сæвæрдта, Бæргъуан кæй фæцагъта, уыдонæн сæ зæппадзы сæрмæ. Йæхæдæг та æмæхсæвæджы ацыди йæ чызг-æфсæдтæм. Райсомы Зæрисæр зæппадзыл ауыдта Бæргъуаны сæр хъилыл сагъдæй. Хъæу базмæлыди 'мæ цинкодтой сеппæт дæр Бæргъуаны сæфтыл. Гуымиртæй ма чи баззади, уыдон Борæмæ барвыстой: "Бауадз нæ улæфын бонæмгъуыдмæ". Борæ сразы 'мæ загъта Болатбæрзæйæн: – Мах дæр уал нæ фæллад ысуадзæм. Æмæ бонæмгъуыдмæ сæ хæст ныууагътой. БОЛАТБÆРЗÆЙ Болатбæрзæй æнкъардкодта, æмæ йæ Борæ базыдта. Иуизæр куы уыди, уæд æй фæрсы: – Цы кæныс, ме фсымæр, бинонтæ кæнын ма 'рымыс... – Уый нæ, фæлæ, нæ фарс цы 'фсад хæцы, уыдон мæ фæнды базонын. – Æз дзы иу чызджы федтон æмæ, Нартæн цы бавæййы, уый мын æнæ базонгæ нæй ахсæв. – Дæхи уал хъахъхъæ, базондзыстæм æй! – Æнæ цæугæ йæм нæй. Борæ ницыуал загъта, æмæ Болатбæрзæй æхсæвы хæрзæввахс бацыди чызг-æфсæдтæм. Уæд Æвдсæрон гуымир æрбацæйхъуызыди. Зæрисæры чызг йæхи 'хсадта, æмæ йæ буары уындæй мæй тæмæнтæ калдта. Болатбæрзæй ныхъхъавыди Æвдсæронмæ. Фат Æвдсæроны цæсты смидæг и, æмæ гуымир уыраугæ алыгъд. Зæрисæры чызг фæзылди, ауыдта Болатбæрзæйы, æмæ йæм дзуры: – Ды уыддæ, ды фехстай Æвдсæроны? – Уо, æз уыддæн. Афарста дын уæд Болатбæрзæй чызджы: – Чи дæ? Нартæн цы бавæййыс? – Нартæн хæстæг ницæмæй дæн, фæлæ цæ иу ыстыр хорз мæ зæрдыл дарын. Мæ фыд æй арæх æрымысы. Рынчын уыди нæ фыд, æмæ мæ чысыл æфсымæрæн та йæ хуым – æнæласт, æмæ йын æй Нартæй иу лæппу баласта. Нарт æххуысæн æххуыс ысты кæддæриддæр зæгъгæ фæдзуры нæ фыд ныр дæр ма. Æмæ цын мах дæр нæ рохкæнæм сæ дзæбæх. – Æмæ цæ кæцы уыди, цымæ, Нартæй? – Дзылæу æй хуыдтой. – Уый ме фсымæр уыд. Й' адæг æмæ йæ сагтæ ныр дæр нæхимæ сты. Уæд дын Болатбæрзæй æмæ Зæрисæры чызг кæрæдзийы бауарзой. Æмæ райсом бонысцъæхтæм Болатбæрзæй уым баззади. Стæй æрцыди уыйфæстæ сæхимæ. – Мæ цыд рæстмæ фæци. – загъта БОлатбæрзæй Борæйæн. – Чи дын уыди уыцы чызг? – Уый Зæрисæры чызг уыди. Дзылæу цын кæддæр сæ хуым баласта адæгæй, æмæ нæм ныр æххуысмæ 'рцыди. Чызг-æфсад æркодта. Бонæй та ногæй хæст ыстынг и. Болатбæрзæй ысмидæг и гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'хсæн. Уыйас æфсад Болатбæрзæйы се хсæн фæкодтой, æмæ йæ 'рцахстой. Болатбæрзæй цæ бирæ фæцагъта. Изæры та ныууагътой сæ хæст. Гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсад кæрдтæй цавтой Болатбæрзæйы. Фæлæ сæ кæрдтæ цъулатæй истой, иу хъуын дæр н' алыгкодтой. Уæд ын йæ уæнтырдыгæй сысчъилкодтой йе згъæр. Уым ын гомæй федтой йæ буар. Арцыл æй систой. Æрсагътой арц зæххыл, æмæ йæ афтæмæй хъеллаугæнгæ ныууагътой тыгъд быдыры. Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы сæфт, æмæ талынджы бацыди чызг- æфсадмæ. Зæрисæры чызгмæ бадзырдта 'мæ йæ фæрсы: – Ме фсымæр нæ зыны, кæд сымахмæ нæй? – Нæй ам. Уый абон æфсады 'хсæн бахауд, æмæ кæд уа, уæддæр уыдонмæ. Акастысты дыууæ, æмæ федтой арцыл иу цыдæр хъеллаугæнгæ. Зæрисæры чызг дзуры йе фсадмæ: – Цæуын иунæгæй, уæртæ хъеллау чи кæны, уымæ, хъуамæ йæ рахæссон. – Уæ, иунæгæй дын зын уыдзæни! Искæй нæ ауадз æмбалæн. – Ничи мæ хъæуы. Æмæ араст и Зæрисæры чызг, æмæ бадзырдта Æвдсæронмæ: – Д' ард – де уазæг, ды куы фæсайай, æмæ мæм æргом куы нæ рацæуай! – Фод афтæ! Æвдсæрон дæр æргомæй рацыд йæ бæхыл, æмæ уæйгуыты 'фсад гуымиртимæ ракалдысты йемæ. Зæрисæры чызг æм дзуры: – Дур фестæд, махмæ 'ввахс чи 'рбацæуа! Æмæ 'рлæууыдысты æфсад. Æвдсæрон æмæ Зæрисæры чызг хæцынтæ систой. Кæрдтæй цæхæр акæлы, æмæ бæстæ арт ысуадзы. Зæрисæры чызг кард фæхаста, æмæ Æвдсæрон-гуымирæн йæ иу сæр атахт. Ратылд дæлæмæ, æмæ Борæйы цур банцад. Борæ сæрыкъуыдырмæ дзуры: – Æ, фæлитой! Нал дын и аирвæзæн! Зæрисæры чызг дыггаг риуыгъд ракодта, æмæ та Æвдсæроны сæртæй иу атылди, æмæ чызг-æфсæдты цур банцади. Æркастысты йæм, æмæ загътой. – Бирæ цæрæнбон дын нал и! Уалынмæ æртыггаг сæр дæр ысхъиудтытæгæнгæ доны смидæг и. Йæ фæстæ цыппæрæм, фæндзæм, æхсæзæм... Иу сæр ма уыди Æвдсæроныл æмæ дзуры: – Мауал мæ амар. Фæлтау бафидауæм – æнусты мастæй æнустæм хæлар цард хуыздæр у. – Фод афтæ! Иу къуырмагуымир фæзынди уым уыцы рæстæг. Сæ ныхæстæ цын нæ фехъуыста. Фæстæты 'рбахъуызыд æмæ дзæккорæй чызджы фæрсчытæ ныццавта. Зæрисæры чызг та кардæй нырриуыгъта Æвдсæроны. Æвдсæронæн йæ сæр ахауын кодта. Къуырмагуымиры та йе фцæгготæй фелвæста, Болатбæрзæйы æд арц раскъæфта, æмæ 'рцыди Борæйы цурмæ. Борæ къуырма гуымиры дыууæ фарсты акодта. Болатбæрзæйы 'рхастой Нартæм, æмæ йын зæппадз ыскодтой. Уым æй бавæрдтой. Стæй йын йæ уæлкъæсæр къуырмагуымиры иу æрдæг сæвæрдтой, йæ иннæ 'рдæг та йын куыйтæн аппæрстой. Гуымирты хистæр уый куы федта, уæд нал ауагъта хæцынмæ йе фсады 'мæ дзуры Борæмæ: – Нæ хæст уал ныууадзæм. Борæ дæр фæллад уыди, æмæ сразы и. Уыйадыл сæ хæст ныууагътой, æмæ фæцыдысты. БОРÆЙЫ КАДÆГ Гуымирты хистæр æрæмбырдкодта 'фсадхон æмæ загъта: – Нарт мæ бындзагъд фæкодтой. Ныр та уæйгуыты дæр цæгъддзысты. Рæстæг ахæм ыскодта 'мæ фæстиатгæнæн нал и. Зæхх цæ нæ уырæдта, цæст цыл не ххæсти. Гуымирæй, уæйыгæй – Бæргъуаны 'фсæдтæй ма ц' аззади – сæмбырд ысты сеппæт. Цыма хъæд фенкъуысти, уый цыд кодтой. Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад кæрæдзиуыл амбæлдысты, æмæ дзуры Борæмæ Зæрисæры чызг: – Ныр куыд хæцдзыстæм гуымирты 'фсæдтимæ, зæхх цæ куы нæ уыромы, цæст цыл куы нæ 'ххæссы! – Бирæ куыд ысты, сæ тых афтæ нæу. Нæхи æрымбæхсæм, æмæ цæ дыууæ дихы фæкæнæм. Хæст талынгмæ ку' ахæсса, уæд фемхæддзæ уыдзысты. Стæй фæцæгъддзысты сæ кæрæдзийы. Чи ма цæ аззайа, уыдон та мах бар фæуæнт, æмæ фендзыстæм! Сæхи æрæмбæхстой иу нарæг комы, Борæ – донæн йæ рахизырдыгæй, Зæрисæры чызг – донæн йæ галиу фарс. Фæцæуы гуымирты хистæр комынарæджы 'мæ дзуры: – Уæдæ ам, нæ хæцæнбынаты, змæлæг куы нæ ис, уæд кæм уыдзысты? Сайдæй ныл ма рацæуæнт Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад. Нарæг комæн йæ тæккæ уынгæджы рахизфарсырдыгæй Борæ сæ размæ фæци. Уæд дын гуымирты хистæр Борæйы цур куы фестид. А ныр æй æрцæва, афтæ йæ Борæ барæхуыста, æмæ рахауди гуымирты хистæр йæ тæлтæг бæхæй. Æфсад уый куы федтой, уæд фæсабыр ысты. Сæ ныфс асасти, фæлæ цыл гуымирты раздзог фæхъæркодта: – Фидыды алдзæн хæст фæуыромут. Æмæ Борæ сразы. Хæст фæуырæдтой, æцæгæйдæр. Æмæ гуымирты хистæр фæсидт уæд кæстæр уæйыгмæ. – Мæнæн мæ мæлæт æрцыд, фæлæ райсом сæумæраджы бацу Борæмæ. Уый цалынмæ йе згъæр не ркæна, уæдмæ йæм æууæнкæй бацу. Уый йæхи æхсдзæни. Ды фæцырд у, æмæ йæ чъылдымдзæф фæкæн. Кæннод ын амæлæн нæй уымæн. Райсомæй раджы кæстæр уæйыг бацыд Борæмæ. Бахатыркæн зæгъгæ йын загъта Борæ. – Æз уал мæхи æрæхсон. Йæхи 'хсынмæ куыддæр фæгуыбыркодта Борæ. Æмæ куыддæр й' армыдзаг дон ыскалдта йæ цæсгомыл, афтæ йæ кæстæр уæйыг чъылдымдзæф фæкодта. Борæ ма бæргæ фæзылди. Кæстæр уæйыгæн йæ сæр ыстыдта 'мæ йæ фехста. Сæр гуымирты хистæры хъæбысы абадт, æмæ ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. Æмæ дзы разынди Борæйы ныв, йæ фæсонты кард сагъд. Зæрисæры чызг, Борæ фæцæф зæгъгæ, уый куы базыдта, уæд ысхæцыд гуымирты 'фсæдтыл æмæ цæ 'мбис фæкодта. Гуымирты хистæр аууоны хуыссыд, æмæ чызг-æфсадыл йæ цæст ахаста. Зæрисæры чызг-æфсады иу чызг Бурхан хуынди. Уый æфсæдты фæстæ цыд барæй. Гуымирты хистæр Зæрисæры чызгыл фат ысуагъта, æмæ чызг уæззау цæф фæци. Уæд Бурхан йæ сенккард фæцъортласта, æмæ гуымирты 'фсæдты къуыммæ бахаста. Кæй цæ нырриуыгъы, уый дыууæ фæвæййы. Изæрмæ цæ бирæ нал фæцыд. Ныууагътой сæ хæст. – Æз нæхимæ нал цæуын, – загъта Зæрисæры чызг, – фæлæ Борæимæ Нартæм ацæудзынæн. Бурхан дæр рацæуæд немæ. Чызг-æфсад фæцыдысты сæхимæ 'мæ загътой Зæрисæрæн: – Дæ чызг Нарты чындз баци... Борæ 'мæ Зæрисæры чызг æрцыдысты Нартæм. Гуымирты хистæр амарди 'мæ йæ бавæрдтой. Фæлæ та афæдзы фæстæ йе фсад уæйгуытимæ иумæ сæ фæнд ысиукодтой. Æмæ афсæрстой иубон. Нартæ фехъуыстой хабар, æмæ Сæуæссæ скатай: цы бакæна, кæдæм фæкæндзæн йæ дыууæ идæдзы? Уæд Борæ фæрсы Сæуæссæйы: – Цæуыл тыхсыс? – Куыд нæ тыхсон? Не знæгтæ 'рбырсынц. – Дæ идæдз-чындзытæн с' афæдз æрцыд. Афæдз фæбадтысты 'мæ цæ арвит ныр кад æмæ радæй. Арвычызджы та Бæртæлæгмæ фæкæн. Дæхæдæг дæр ацу йемæ. Мæн ам уадзут мæхи бар. Борæ куыд загъта, афтæ бакодтой. Систой сæ саутæ дыууæ чындзы 'мæ фæцыдысты. Арвычызджы та Сæуæссæ Буртæлæгмæ фæкодта, йæ рагон хæлармæ. Утæппæт æфсад бырсгæ рацæйцыдысты. Хур цыл не ххæссыд, афтæ бирæ уыдысты. Сæ къæхтыхъæрæй бæстæ арыдта. Уæд Бæртæлæг фæрсы Сæуæссæйы: – Уый цæй нæрын у, цымæ? – Уый – Нартыбæстæм ызнаг æрбабырсы. – Фæгæдзæкæн, Сæуæссæ, æз Борæйы Сечъылæгæтмæ 'рбакæнон. Уырдыгæй йын хæцын æнцондæр уыдзæн. Бæртæлæг Нартыл рацыд, æмæ акодта Борæйы Сечъылæгæтмæ. Йæхæдæг раздæхт, фæлæ йыл гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсæдтæ хæрзæмбæлд фесты, æмæ схæцыдысты йемæ. Борæ цæ ауыдта. Рауагъта йæхи йе згъæрты. Смидæг и æфсæдты 'хсæн æмæ цæ цæгъдынтæ систа. Гуымиры фырт дзуры Борæмæ – уый сæ раздзог уыди: – Фæлæу мын гъеныр, мæ фыды марæг! Уæд æм Борæ хæстæгдæр бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: – Кæд хæцæм, уæд лæгæй-лæгмæ. Ацы 'фсæдты фæстæдæр арвит. Æфсæдты фæстæдæр арвыстой. Февнæлдтой кæрæдзимæ дыууæ знаджы. Гуымиры фырт Борæйæн йæ хъæдгомы арц фæсагъта, фæлæ йæм Борæ дæр фæцырд и. Нырриуыгъта йæ кардæй, æмæ гуымирæн йæ сæр фæтахти. Борæ йæхæдæг дæр ахаудта зæххыл. Смæсты сты гуымиртæ. Калдтой хъæд, æмæ Борæйы бынмæ стыр цагъдамад ыскодтой уыцы бæлæстæй. Арт цыл бандзæрстой, æмæ йæ басудзын уыди сæ зæрды. Фæлæ Донбеттыртæ хабар куы базыдтой, уæд уыдон дæр ысмæсты сты, æмæ доны уылæнтæ артмæ сарæзтой, æмæ гуымирты 'фсад хæхтæм фæлыгъди. Артæй йæ бæргæ байстой Борæйы Донбеттыртæ, фæлæ нал фервæзти Борæ йæ цæфтæй... Уæларвцæрджытæ зæхмæ сæхи 'руагътой. Донбеттыртæ сурмæ рахызтысты. Сæуæссæ Бортæлæджы хæдзарæй ысхæддзæ и. Æмæ тæрхонкæнын байдыдтой сеппæт дæр, уæдæ йæ хуыздæр кæм бавæрæм зæгъгæ. Уæларвцæрджытæ загътой: – Уæларв æй бавæрæм – æрвон сиахс уыди. – Дæларв æй бавæрæм, – загътой Донбеттыртæ. – Донбеттырты хæрæфырт уыди. – Зæххон гуырд уыди, æмæ йæ ам нæхи зæххыл бавæрæм, – загътой Нартæ. Уæд Зынджыбардуаг загъта: – Чи кæм райгуыры, уым æй бавæрынц. Æмæ сразы сты уыцы ныхасыл адæм сеппæтдæр, æмæ йын æрттивгæ зæппадз ыскодтой Борæйæн, æмæ йæ кадимæ бавæрдтой, Нарты уæзæгыл. Сæуæссæ нал ацыд Бæртæлæгмæ, фæлæ баззади Нартæн сæхимæ. – Ныр мæхæдæг дæр мæ зæнæджы фæстæ цæринаг нал дæн, – загъта Сæуæссæ Бæртæлæгæн. – Мæ маст ма сисон æххæст ацы уæйгуытæй. Сæуæссæ скодта йæхицæн дурын чъырынтæ, райста иу æфсæн дзæккор, æмæ 'нхъæлмæ касти уæйгуыты фæзындмæ. Бæртæлæг æрцыди сæхимæ. Борæйы ус, Арвычызг, уыцы рæстæджы фæтæлæнтæ, æмæ сагъæсы бафтыд: уæдæ куыд уыдзæн, уæдæ цы бауыдзæн? СÆУÆССÆЙЫ МÆЛÆТ Нарты Сæуæссæ фæзæронд и 'мæ фидары бадти, йæхи хызта уæйгуытæй. Уæйгуытæ йæм мæсты уыдысты – бирæты дзы фæцагъта, бирæты та дзы цæнкуылтæ фæкодта. Сæуæссæ зыдта – нæ йæ ныууадздзысты уæйгуытæ, æмæ фидары мидæг уæрм ыскъахта. Уым уазал дон цыди. Куы- иу ыстæвд Сæуæссæ, уæд-иу дзы ныббырыд, æмæ-иу йæ болат буар йæ ранмæ 'рцыд. Сæуæссæ йæ дзæккорыл æфсæн зæгæлтæ ныффидаркодта, сæвæрдта йæ мæсыджы сæр, æмæ-иу афæлгæсыд: мыййаг, искуыцæй куы фæзыной уæйгуытæ. Фидары дуæрттæн ахæм æрвгæнæнтæ сарæзта, æмæ бакæнын нæ куымдтой. Уæд та иуахæмы мæсыджы сæрмæ схызти. Афæлгæсыд, никуыцæй ницы зынди 'мæ æрфынæй. Раст уыцы рæстæг фæзындысты уæйгуытæ, æмæ кæсынц Сæуæссæйы фидармæ. – Фат-фæдисон фервитæм. Кæд дзы исчи разына фидары, уæд æнæ ракæсгæ нæ фæуыдзæн. Кæд дзы ничи ракæса, уæд та нын сусæгæй цæугæ у. Фидары фисынтыл арт ыскæнæм, æмæ йæ басудзæм. Æддæмæ дзы куы цæуа исчи, уæд нын 'й амарын æнцондæр уыдзæни. Фат фехстой уæйгуытæ, æмæ æгæр сæрдзыд атахти. Фидармæ нæ бахæддзæ и 'ххæст, æмæ, кæм сæмбæлд, уым сыджыт ыспырхкодта. Æмæ фидары сæрмæ скалдысты йæ пырхæнтæ. Сæуæссæ ницы базыдта, нæ райхъал йæ фынæйæ. Дыггаг фат та æгæр бынты ацыд, фидармæ хæддзæ дæр нæ баци. Æмæ та æртыггаг хатт фехстой. Фат ратахти. Сæуæссæйæн фидары мидæг цы уæрм уыди, дон кæм дардта, уыцы уæрмы къæйыл сæмбæлди. Къæй ахаудта, æмæ гыбаргыбургæнгæ ныттылди уæрмы бынмæ, æмæ дон уæлæмæ цæуын нал уагъта. Фехъал и Сæуæссæ, акасти 'мæ – й' алыварс сыджытæй йе дзаг. Æмæ дискæны, ай цæй сыджытыкалд у? Æрхызти бынмæ, доны уæрммæ бацыди, æмæ – къæй уым нал. Дон хæрдмæ скалди. Ныххызти бынмæ, уæрмы бынæй къæй систа, кæсы, æмæ – фат йæ уæлæ. Цæхгæр ысгæппласта Сæуæссæ, æмæ афæлгæсыд. Уæйгуытæ хохæй коммæ 'рхызтысты, æмæ æнæхъæн æфсадæй рацæуынц. Сæуæссæ цæ базыдта, æмæ йæ фидары дуæрттæ æрæхгæдта, йæ бæхы фæсгæнах æрæмбæхста. Мæнæ рацæуынц уæйгуытæ. Сæуæссæ фæсгæнах сусæг бацæуæныл къæй бахъилкодта. Йæхæдæг бæхыл абадти, йæ кард дардыл фæхаста, æмæ уæйгуыты ‘хсæн ысмидæг и, æмæ цæ фæйнæрдæм цæгъдынтæ систа. Йæ кард кæуыл æрныдзæвы, уый карст фæткъуыйау фæдихвæййы. Зæронд Сæуæссæ уæйгуыты йæ фæдыл асайдта. Æмæ йæ чи куыд æййæфта, афтæ цæ куынæгкодта. Уæйгуытæ бамбæрстой Сæуæссæйы хин. Æртæ дихы фесты, æмæ иутæ размæ фесты, иннæтæ фæрсырдыгæй цыдысты, æртыггæгтæ та йæ фæстейы сырдтой. Фæттæ йыл æхстой йæхиуыл дæр, мæ йæ бæхыл дæр. Уый дæр кæй фатæй æхста, кæй кардæй карста, кæй арцæй мардта. Сæуæссæ 'рбазылди фидарырдæм. Уæд йæ бæх фæцæф и, туджыахстытæ скалдта йæ хъæлæсæй, цалдæр гæппы ма бафæрæзта 'мæ зæххыл æрхауди. Сæуæссæ агæпласта, фæсгæнахмæ бауади, къæй рафæлдæхта, æмæ Хуыггомы смидæг и. Мидæгæй æфсæнæхгæнæн рагуыпласта, æмæ уæйгуытæн бацæуæн нал уыди. Фидары сæрмæ 'рлæууыди йæ кардимæ 'мæ загъта: – Тыхкæнынмæ куы цæут, уæ, саусæр уæйгуытæ! Уе ргом мæм раздахут! Уæйгуытæ кæрæдзиуыл бæндæнтæ абастой, æмæ схизынц. Фæлæ Сæуæссæ бæндæн фæлыг кодта, æмæ та рахаудысты уæйгуытæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ. Уæйгуыты хистæр цæм дзуры: – Асинтæ саразут, æмæ йæм афтæмæй ысбырæм. Кæннод нæ не суадздзæн йæхимæ. Уæйгуытæ асинтæ аразын байдыдтой. Фидары къултæ авд ивазны бæрзæндæн уыдысты. Асинтæ куыд цæттæкодтой, афтæ цыл бырыдысты. Уæд Сæуæссæ иу фисынæй иннæмæ фæйнæг авæрдта. Куы сцæйхизынц уæйгуытæ, уæд та фæйнæгыл ранцайы Сæуæссæ, æмæ асинтæ рахъилвæййынц, æмæ уæйгуытæ зæххыл сæмбæлынц. Ницы тых кодтой афтæмæй дæр Сæуæссæйæн. Уæйгуыты хистæр Авдсæрон уыди. Æмæ йæм Сæуæссæ дзуры: – Ныр куыд цæгъдынкæныс де фсад? Дæхæдæг цæуылнæ уæндыс, æви дын уæлдайаг ысты! Де фсад куы нæ уой, уæд та дæхи дæр ма 'вдис. Ацы 'фсадимæ æз мæхæдæг фидаудзынæн. Стыр хъыг фæкастысты уыцы ныхæстæ Авдсæронмæ 'мæ загъта: – Дæхимæ мæ бауадз ысхизын, æмæ схæцæм лæгæй-лæгмæ. Сæуæссæ сразы и. Авдсæрон фидары сæрмæ схызти асиныл. Уым Сæуæссæ асин фæстæмæ раппæрста. Хæцынтæ систой. Сæуæссæ йæ рариуыгъта 'мæ Авдсæронæн йæ иу сæр атылд æфсадыл. Уый цæм адзырдта: – Мæ сæр мын æрцахсут, æмæ йæ тагъддæр сæппарут фæстæмæ. Авдсæронæн йæ тых иу хатт фæкъаддæр. Сæуæссæйæн та иу хатт фæфылдæр. Уæйгуытæ сæ хистæры сæр æрцахстой, бæргæ ма йæ сæппæрстой, фæлæ йæ Сæуæссæ ацахста 'мæ йæ фæныкмæ ныппæрста. Стæй дыггаг сæр дæр фæнычы абадт. Йе хсæз сæры йын алыгкодта Сæуæссæ уæйгуыты хистæрæн. Уæйгуыты хистæр ыстарсти мæлæтæй æмæ дзуры: – Цы фестут уæдæ, æз йемæ хæцдзынæн, æмæ асинтыл ысбырут тагъддæр! Уæйгуытæ та асинтæ авæрдтой фидары къултыл, æмæ бырынц уæлæмæ. Бирæтæ дзы сирвæзти. Сæуæссæ уæд Авдсæрон уæйыгæн йе вдæм сæр дæр ракъуырдта, æмæ сæр зæхмæ 'рхауди, йæ гуыр ын раппæрста фидары сæрæй. Уæйгуытæ сæр йæ бынаты авæрдтой, æмæ та уæйыг райгас. Дзуры йе фсадмæ: – Ме хсæз сæрæй æнæ хай фæдæн, фæныкдылд фесты, æмæ мыл нал баныхæсдзысты. Уæ иутæ фидармæ схызтысты, уый уынын, иннæтæ хъæдтæ 'рбатулæнт, æмæ фидарыл арт бандзарут. Уæйгуытæй иутæ хъæдтæ 'мæ сугтæ ластой, чи цæ хæццæ кодта, чи сугтæ амадта фидарыл. Сæуæссæ базыдта, цæмæ хъавынц, уый. Фидары цурмæ йæхи сласта. Ныр уæйгуытæ йæ фæстæ бырынц. Фидары сæр йæ дзæккор-къулæг йæ къухы бафтыд, æмæ цыл ралæууыд уæйгуытыл. Уыцы даргъ æфсæнзæгæлтæ кæуыл аныдзæвынц, уый цæрдхуынкъ фæкæнынц. Афтæмæй цæ йæ разæй систа. Куыд уырдыгдæр хизы, афтæ фылдæрæй цагъды кæнынц. Уæйгуыты хистæр дзуры: – Уæхи йыл баппарут æмæ йæ 'рцахсут. Иуыл фæцагъды бæсты уадз æмæ мах фесæфæм. Уæйгуытæ дæр сæхи 'ппæрстой Сæуæссæйыл. Уæдмæ арт сирвæзт фидарыл. Сæуæссæ уый куы федта, уæд рагæппласта фидарæй. Уæйгуыты хистæры йæ быны афсæрста. Йæ сæр ын ракъуырдта 'мæ йæ цæхæрмæ баппæрста. Сæр ма цæхæрæй дыууæ гæппы сцæйкодта, фæлæ йыл арт ысхæцыди 'мæ басауæвзалы. Уæйгуытæ бакалдысты Сæуæссæйыл, сæ быны йæ 'ркодтой æмæ йыл арт бафтыдтой. Сæуæссæ сырх цæхæр ысси. Йæ бæттæнтæ бæргæ асыгъдысты, азгъордта ма фидармæ, цæмæй уæрмы донæй йæхи 'руазалкæна, фæлæ йæ нал бауагътой уæгуытæ. Уый цыл йæ дзæккор- къулæгæй балæууыд. Фæсгæнахы дуар фегомкодта. Фæлæ та йæ уæйгуытæ нал бауагътой мидæмæ бахизын. Уæд Сæуæссæ мæстæй рагæппкодта фæстæмæ, куыройыцалхау ныззылдта йæхи, æмæ йæ буар кæуыл ныдзæвди, уый-иу фæтымбыл æмæ 'рбамард. Фæцагъта ма Сæуæссæ уæйгуытæй бирæ, фæлæ йе фсæн буар æрфæлмæн и. Афтæмæй йæ фыртæвдæй зæхх фескъуыд, æмæ дзы Сæуæссæ 'гасæй аирвæзти. Уæйгуытæй ма чи баззад, уыдон сæ мæрдты сæггойкодтой. Фæлæ уыйбæрц мæрдтæ ахæссын сæ бон нал уыди, æмæ фæйнæ авд марды ахастой. Нал цæ фæрæзтой. Уæд цын иу уæрм ыскъахтой æмæ цæ уым ныккалдтой. Ахастой ма сæ хистæры мард, уый дæр æнæ сæрæй. Афтæ фесæфти зæронд Сæуæссæ. АРВЫЧЫЗГ Арвычызг Бæртæлæджы хæдзары æррынчын, æмæ йæ хъæрзын цыди. Æмæ Бæртæлæг афарста йæ усы: – Куыд у нæ рынчын? – Тынг уæззау, фæлæ дард ма фæцу. Бæртæлæгæн хъæдмæ æнæцæугæ нæ уыд, æмæ, суанг цалынмæ 'рбабон, уæдмæ уым фæци. Боныцъæхтыл зæрватыкк ратахти, æмæ хæрзæггурæггаг фæци Бæртæлæгмæ: – Арвычызгæн лæппу райгуырди. – Табу Хуыцауæн – Нартæ мыггагдзагъд нæ фесты. Фæтæх адæмы уарзон, Хуыцаумæ 'мæ йын зæгъ: хæрæфырт ын райгуырди. Зæрватыкк атахти Хуыцаумæ 'мæ йын загъта: – Дæ хæрзæггурæггаг мæн, Хуыцау! Хæрæфырт дын райгуырди. – Уæдæ йæ ном Уæрхæг фæуæд. Атæх фæстæмæ, æмæ зæгъ Бæртæлæгæн – сырды 'хсыры йæ ныннайæд. Дæхæдæг та Нартæн мыггагмæ фидиуæг- хъæргæнæг фæу. Зæрватыкк ратахти 'мæ Бæртæлæгæн Хуыцауы фæндон загъта. Стæй та фездæхти фæстæмæ зæрватыкк. Æмæ йæм Бæртæлæджы ус дзуры: – Фæтæх та Бæртæлæгмæ 'мæ йын зæгъ: "Дыггаг цæрæццаг дæр райгуырди Арвычызгæн". Зæрватыкк та Бæртæлæгмæ батахти: – Дыггаг лæппу дæр та райгуырди Арвычызгæн. – Фæцу та уæдæ Хуыцаумæ. Æмæ зæрватыкк Хуыцаумæ атахти. – Дыггаг хæрзæггурæггаг: Арвычызгæн дыккаг лæппу райгуырд. – Уæдæ йæ ном Уæрхтæнæг фæуæд, дæхæдæг та адæмæн адджын фæу. Зæгъ Бæртæлæгæн, æмæ йæ сырды 'хсыры ныннайæд. Зæрватыкк ратахти 'мæ Бæртæлæджы цур абадт: – Хуыцау дыггаг гуырды та Уæрхтæнæг ысхуыдта. Уый дæр сырды 'хсыры найынкæны. – Батæх нæхимæ, фыдæбоны дæ бафтыдтам, æмæ зæгъ не фсинæн: доны хъæстæ цæ ма фæкæнæд, цалынмæ йын æз зæгъон, уæдмæ. Зæрватыкк ратахт æмæ дзуры Бæртæлæджы усæн: – Хуыцауызондæй, цалынмæ Бæртæлæг зæгъа, уæдмæ цын сæ буар доны хъæстæ ма фæкæн. Уæд Бæртæлæг рацахста цалдæр сырды, къуприты цæ радыгъта æмæ цæ бахæддзæкодта сæ хæдзармæ. Бæртæлæджы ус æмæ Арвычызг сырды 'хсыры æрыхсадтой лæппуты æмæ цæхæр ыскалдтой сæ дыууæ дæр. Бæртæлæг Нарты лæппутæн куывдтæ фæкодта. Æрхуыдта арвыцæрджыты. Скодта Донбеттырты дæр, æмæ цæ æнæхъæн къуыри нал ауагъта. Бахъомыл ысты чысылгай Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Бæртæлæджы хæдзары. Иубон сыхæгты чызг суадонæй дурыны дон æрцæйхаста. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг федтой чызджы 'мæ кæрæдзимæ бакастысты. Уæрхæг йæ къухы 'нгуылдзтыл фатбос авæрдта, æмæ цæнгтыл ахæцыди фæйнæрдæм, фатбос айтынгкодта. Уæд Уæрхтæнæг бæрзыкъалиуæй фат ацарæзта, йæ фындзыл ын ызгъæр абаста, æмæ Уæрхæджы уæхскæй фехста чызджы дурын. Фат атахти, æмæ ныппырх и дурын, æмæ чызг кæугæ ссыди сæхимæ. – Нарты фаззæттæ мын мæ дурын асастой. Цæй ницы кæны зæгъгæ бакодта мад. – Уазæг ысты, æмæ цын ацы хатт хатыр фæуæд. Иннæ хатт дæр та байдзагкодта йæ дурын чызг æмæ рацæуы. – Уæрхтæнæг, кæм дæ? – дзуры йæм Уæрхæг. – Мæнæ дæн. – Уæртæ та уыцы чызг дон рахæссы йæ дурыны. – Уæдæ та йæ фехсæм. Уæрхæг та йе нгуылдзтыл фатбос абаста, йæ цæнгтæ къæлæтгонд авæрдта, фатбос айтынгкодта. Уæрхтæнæг та фат ацарæзта 'мæ Уæрхæджы уæхскæй ныхъхъавыди. Фехста, æмæ та чызджы дурын базгъæлæнтæ. Лæппутæ ныххудтысты. Чызг та йæ мадмæ кæугæ ссыди. – Цæуыл та кæуыс? – Цæуыл кæуын, куы зæгъай, уæд та мыл Нарты фаззæттæ амбæлдысты, æмæ та мын асастой мæ дурын. – Ацу ма иу хатт, æмæ ма дын æй кæд асæттой, уæд-иу зæгъ: "Сымах кæд афтæ хъæбатыр ыстут, уæд уыцы хуызæнæй уæ фыдыбæстæ цæуылнæ 'рцагурут?" Æндæр-иу мацы сдзур. Чызг æртыггаг хатт ацыди дон хæссынмæ. Нарты лæппутæ та йæ ауыдтой. – Уæрхтæнæг, ныр та ды айтынгкæн фатбос де нгуылдзтыл – æз дæр иу хатт фехсон, – загъта Уæрхæг. Уæрхтæнæг фатбос йе нгуылдзтыл абаста, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм акодта, айтынгкодта фатбос, æмæ Уæрхæг, чызг дон куы 'рцæйхаста, уæд æй фехста. Æмæ та базгъæлæнтæ дурын. Уæд цæм чызг дзуры: – Уæ тых мæ дурыныл цы 'взарут? Уыцы хуызæнæй уæд уæ фыдыбæстæ 'рцагуриккат! Арвыцæфау фесты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Æрбаздæхтысты фæстæмæ Бæртæлæгтæм. Уым сæ мады фæрсынц: – Кæм райгуырдыстæм? – Мæнæ ам. Кæм цæрут, уым. – Уæд æнæуый та кæмæй ыстæм? Кæм и нæ фыдыбæстæ? – Уæ, йæ зæгъæг сымах тæригъæд дæр фæхæсса, æмæ мæ тæригъæд дæр. Фæлæ мæ кæд нал уадзут, уæд уын æй зæгъдзынæн: сымах ыстут Нартæй. Уæ фыдæлтæ тыхджын æмæ кадджын бæргæ уыдысты, фæлæ сæ цард иугæндзон хæцгæйæ 'рвыстой уæйгуытæ 'мæ гуымиртимæ. Уæ бæстæ у Нартыбæстæ, фæлæ уæйгуытæн баззад. Сымах ам райгуырдыстут, уыййæддæмæ фесæфтаиккам неппæт дæр. Ныр æй хатын – уе уæнгты нæртон туг ис. Нал ныллæудзыстут, уый зонын. Æмæ мæн дæр уемæ фæкæнут. Фæлæ Нартыбæстæм афтæ цæугæ нæу – раздæр уал цын хъуамæ исты хæрзтæ ракæнат Нартæн. УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ НАРТЫ ХЪАЗТЫ Нарты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы фыд Борæ, рухсаг уæд, йæ цæргæйæ цуаны уыди иу хатт иу ран æрвдур ыссардта. Æрхаста йæ сæхимæ 'мæ Арвычызгæн афтæ зæгъы: – Ацы æрвдурæй æз хъуамæ кард ыскæнон. Кард аразынмæ Куырдалæгонмæ фæцыди. Борæ ахаста йемæ æрвдур æмæ йæм дзуры Куырдалæгонмæ: – Кард мын дзы сараз. Куырдалæгон æрвдурмæ 'ркæстытæкодта 'мæ загъта: – Ай æрвдур у, æмæ дзы мæ бон кард саразын нæ бауыдзæн. Фæлтау æй Сафамæ схæсс. Ссыди Сафамæ Борæ 'мæ йæм равдыста йе рвдур. – Амæй мын кард сараз. Æрмæст уал мын дзы туас рацæгъд, æмæ мæ дзабыртæ барæхсон. Сафа æрвдурæй туасаг фæхицæнкодта. Туас дзы ацарæзта 'мæ йæм æй радта. Сафа кард сарæзта уыцы æрвдурæй, ахæм кард æмæ хурау æрттывта. Дур дзы рариуыгъта Сафа, æмæ дыууæ фæхауди дур. Сафайы зæрдæмæ тынг фæцыди. Уый тæккæ халдих æндæр кард ацарæзта. Стæй дзуры Борæмæ: – Дæ кард цæттæ у! Борæ йæ туас фæтъыста карды, æмæ дзы иннæрдæм ауад. Фæмæсты и Борæ 'мæ Сафайæн афтæ: – Рахæсс мын мæ кард, ай мæн нæу! Сафа карды хуынкъ андæгъта, æмæ та йæм æй ногæй рахаста. Нæрæмон дæр та туас фæтъыста карды æмæ та дзы иннæрдæм ахызти. Æмæ йæм нал фæлæууыд уæд Борæ: – Рахæсс мын мæ кард, хæрæджы фырт цыдæр! Кæннод дын дæ дзоныгъгом фадын! Сафа фæтарсти 'мæ, æрвдурæй цы кард сарæзта, уый радта йæ хицауæн. Уым дæр та нæрæмон туас фæтъыста. Фæлæ дзы нал ахызти, фæбырыди карды фарсыл уыцы туас. Стæй уæд загъта Борæ: – Гъеуый æцæг мæ кард у, фæлæ ма мын дыггаг хатт афтæ куы бакæнай, уæд дын нал ныббардзынæн. Борæ уырдыгæй сæхимæ рацыди. Уыйфæстæ бирæ хæтæнты фæцыд, бирæ фыдæбæттæ бавзæрста, бирæ маст. Стæй бабын и, фесæфт. Фæлæ, Сафа æрвондурæй цы кард сарæзта, уый нæ фесæфт... Сæ мад цæ хъомыл кæнын байдыдта йæ фыртты, æмæ слæгтæ сты. Уæд цын иубон афтæ зæгъы сæ мад Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн: – Хъазынхъом фестут, уæ сæрыл мæ 'рхæссат. Фæлæ иугæндзон хæдзары бадын аив нæу. Нартæ уыл худдзысты. Æвдадзыхос фæци Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн сæ мады ныхас æмæ сæхи рарæвдзкодтой. Мад та цæм дзуры: – Афтæ цæугæйæ нæу! – Уæдæ куыд? – Уæдæмæ Нартæн сæ хъазæн бон майрæмбон у. Хъазт йæ тынгыл к' уа, уæд Нартырæгътыл базилут. Банымайут Нарты адæмы, æмæ кæмæн æфцæгготхор, кæмæн дзабираг æрхæссут сырдыцармæй. Æмæ цæм лæвæрттимæ бацæут. Уыдон уæ исдуг семæ хъазын нæ уадздзысты. Сымах радтут уæ лæвæрттæ, æмæ уæд Нартæн сæ бон зæгъын ницыуал бауыдзæн, æмæ уæ бауадздзысты хъазтмæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр афтæ бакодтой. Нарты хъазты фæсивæдмæ дзурынц: – Уæ хъазтмæ нæ бауадзут. Нарты фæсивæд ныххудтысты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Нартæн æфцæггæттæгтæ радтой сырдыцармæй, æмæ загътой: – Мæнæ уын лæвæрттæ, æмæ нæ бауадзут! Нарты фæсивæдæн лæвæрттæ сæ зæрдæмæ фæцыдысты, фæлæ загътой: – Аггаг лæвæрттæ сты. Ницы зæгъæн цæ ис. Фæлæ не фцæггæттыл куыд кафæм? Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цын дзабирæгтæ дæр радтой сырддзæрмттæй. Æмæ уæд Нартæ ницыуал загътой. Нартæ æртæ дихы уыдысты: иу ран фатæхсæн кодтой, иннæ ран – дурæппарæн, æртыггаг ран та йерыскафт кодтой. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фатæхсджытæм бацыдысты. Кæмттæ нæрыдысты фæтты 'хситтæй. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг арфæ ракодтой фæсивæдæн: – Фарн уæ хъазты! Фæлæ сырд зынæг куы нæ и, уæд цы 'хсут. – Мæлæты гуырдтæ стут! Кæд афтæ хорз арæхсут, уæд-ма бафæлварут уæ фæттæ. Фехстой сæ фæттæ Уæрхæгитæ æмæ, раздæр цы сырдтæ фæцагътой, уыдон рæдзæгъдтыл сæмбæлдысты фæттæ. Дурæппарджытæм бацыдысты уыйфæстæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, æмæ цын загътой: – Фарн уæ хъазты! Фæлæ цавæр дурæппæрст у! Исты Нарты адæмæн куывд нæ кæнут, мыййаг, æмæ цын дурæй бадæнтæ не вæрут! – Кæд сымах ахæм арæхстджын ыстут, уæд ма дурæппæрстæй куывддаг дуртæ сæвæрут. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг райдыдтой дур æппарын, æмæ дывæлдах лæуд кодтой. Стæй зæгъынц Нартæн: – Фенут-ма нын нæ дурæхст! – Цы цæуæм афтид дуртæм! Фæлæ кæд афтæ арæхсут, уæд-ма дæлæ Нарты кафты равдисут у' арæхстдзинад. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг йерысæйкафджытæм æрцыдысты. – Фарн уæ хъазты! Фæлæ цæй хъазт у уæ хъазт! Куы нæ уæ физонæджы тæф цæуы, куы нæ цины зард ис уæ куывды! – Уыцы хуызæнæй нæ уæхæдæг цæуылнæ фæкæнут уæ куывдмæ? – Бæргæ уæ фæкæниккам, фæлæ уæ æнæхъæн къуыри бахъæудзæн уæд бадын нæ куывды! – Ницы кæны – лæг фыдæбонæн конд у... Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр ныххæцыдысты Нарты йерыскафты. Æмæ симгæ-симын, дурæхстæй бадæнтæ кæм ыскодтой, уыййонг кафгæ 'рцыдысты. – Мæнæ уын бадæнтæ, æмæ уал уæхи 'руадзут. – Нæ разы куы ницы и, – зæгъынц Нартæ, – уæд нæ афтид дурын бадæнтæй буцкæнут? – Уыдон та дæлæ рæдзæгъдтæй лæууынц. Фатæхсджытæ, сырдты рæдзæгъдтæ ку' ауыдтой, уæд сагъдауæй аззадысты. – Царм цыл куы нæ ис! – Сæ цæрмттæй цын лæвæрттæ фæкодтам – æфцæггæттæ 'мæ нын дзабыртыл бахардз ысты сымахæн. Бамбæрстой Нарты фæсивæд хабар, æмæ физонджытæ кæнын байдыдтой. Ныр Нарты хистæртæ Нартыхъæуы уæлкъуыбырæй кæсынц. – Нæ фæсивæд уый цавæр зард кæнынц? – Дыууæйы хъæлæс дзы хицæнкæны, æмæ чи сты, цымæ? Уалынмæ гуымс-симды уынæр райхъуыст. Æмæ та Нарты зæрæдтæ дисы бацыдысты: – Цæмæн раивтой цымæ сæ йерысы симд фæсивæд? – Симды дæр дыууæйы къæхтыхъæр хицæнкæны. Уæд афтæ зæгъынц Нарты фæсивæдæн Уæрхæг æмæ цын Уæрхтæнæг. – Сымах дæр карæй мах карæн ыстут. Фæлæ уæм йе хистæр нæй, йе æгъдаудæдтæг? – Хистæрæй фылдæр та нæм цы ис! – Уæдæ нæ куывды сæр цæуылнæ сты? Нарты фæсивæд бамбæрстой сæ рæдыд, æмæ фидиуджытæ рарвыстой Нартæм: – Уой, Нарты фаззæттæ куывд кæнынц Нарты номыл, æмæ уæ стыр зæрдиагæй хонынц! Ныххæррæтластой Нарты зæрæдтæ, æмæ æгъдаудæдджытæ, æмæ аивылдысты куывдмæ Нарты чызг-фæсивæд та цын дурынты карз ронг хастой. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æрбадынкодтой Нарты, сæхæдæг уырдыг лæууынц. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы лæгдзинады кой ахъæр и Нарты 'хсæн. Хистæртæй иу зæгъы: – Æртæ лæппуйæ ауайут Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы мадмæ, æмæ дзы ракурут сæ фыды кард, йæ фат æмæ йæ уарт. Æртæ кæстæры æртæ уысммæ 'рбадавтой кард, фат æмæ уарт. Хистæр райста кард. Сласта йæ йæ кæрддзæмæй æмæ æрвдурæй кард баталынгкодта хуры. Æмæ зæронд лæг загъта: – Нартæн кард ныфс æмæ 'хсарæн баззад. Æмæ ацы карды номæй æхсарджын! Зæронд лæг кард Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ радта, æмæ цын сæ цæрæнбоны тыххæй акуывтой. Дыггаг хистæр райста фат æмæ загъта уый дæр: – Нартæн фат баззади кадæн, æмæ ацы фаты номæй Нарты 'хсæн кадджын ут! Дыггаг хистæр фат радта Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ, æмæ та цын сæ цæрæнбоны тыххæй банызтой. Æртыггаг хистæр райста уарт æмæ загъта: – Нартæ сты хистæр-дзæбæх æмæ кæстæр-арæхæн. Хистæр зондамонæг у, æмæ зондджын хистæйрагæй хайджын ут. Кæстæр та æгъдаухæссæг у, æмæ уæ кæстæйраг та æнæсæттон уæд. Ацы уарты ном зонд æмæ ныфсимæ фæхæссут! Радта æртыггаг хистæр уарт Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ, æмæ та æртыггаг рæгъæн дæр уыдон тыххæй нуазæнтæ банызтой. Стæй симдыл ныххæцыдысты Нартæ. Уыйфæстæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг ыссардтой сæ фыдыуæзæг æмæ цæргæйæ баззадысты Нартыбæсты. УРССÆР ГУЫМИР Иуахæмы Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цуаны фæцыдысты, æмæ цыл Саукомы иу ран æрталынг. – Ныр мах фæстæмæ нал фæцæудзыстæм, фæлæ 'хсæвдары баззайæм ам. Æндæргæнæн нал и, – загъта Уæрхæг. Уадзынц сæ фæллад, æмæ дын талынджы кæйдæр хъæрзын цæуы: – Уæ, мæ мæлæт ай кæм æрцыди! Базгъордтой йæм Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Кæсынц, æмæ айнæг хæхты бын чидæр хъæрзы. – Чи дæ, кæцæй дæ? – фæрсынц æй Нартæ. Æз дæн Зынджыбардуаджы фырт зæгъгæ загъта, чи хъæрзыдта, уый. – Мæ ном Зынгæвзалы у. Ме фсымæримæ цуаны уыдыстæм – уый та Артæртхутæг хуыйны. Урссæр гуымир нын нæ сырдтæ байста. Мæн ардæм фехста, æмæ мыл айнæг ныффæлдæхта. Ме фсымæры та 'ндæр ранмæ аппæрста. Нæ зонын, æгас ма у, æви ахицæн йæ дунейæ... Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уайтагъд айнæг рахъилкодтой, æмæ Зынгæвзалы фервæзти. Зынгæвзалы йæхи бауыгъта, æмæ сырх зынг фестади. Ныррухскодта ком. Æмæ дурты цæндты бынæй æвирхъауы уæззау хъæрзын æмæ уынæргъын райхъуыст. Æмæ бацыдысты уырдæм æртæйæ. Зынгæвзалы агурын байдыдта. Ацы дурты цæндты бын ис, æвæдздзæгæн, ме фсымæр зæгъгæ загъта. Калынц дуртæ фæйнæрдæм Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æмæ ссардтой Артæртхутæджы. Уыцы рæстæг Зынджыбардуаг та йæ фыртты агуырдта, æмæ цыл афтæмæй æрбамбæлди уый дæр. – Адон уын чи сты? – Адон фæрцы ма баззадыстæм æгасæй. Уыййæддæмæ не сæфт уыд. Урссæр гуымир нын бакодта ацы митæ. – Кæм цæры, уый ма нын бацамонут, – загъта Уæрхæг. – Мах уын уæ маст райсдзыстæм. – Иунæгæй йын ницы бакæндзыстут. Æмæ мах дæр уемæ фæкæнут. – Мах ахæм адæм ыстæм, æмæ искæимæ куы фæхæцæм, уæд немæ ничи вæййы. – Уæд та, чи стут, уый нын зæгъут. – Мах ыстæм Нартæй. Никæй зонæм нæхицæй дарддæр. – Æххæст ма зынгæй ард куы бахæриккат, уæд уын тыхгæнæг тых бæргæ нал ыссарид, – загъта Зынджыбардуаг. – Уый нæ бон у. Артæртхутæг йæхи Уæрхæджы æрмтты 'руагъта, æмæ йæм Зынгæвзалы сырх зынгæй ысгæпкодта. Уæрхæг зынгæй ард бахордта. Уыйфæстæ Уæрхтæнæг дæр афтæ. Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг дæр бахордтой ард æмæ цыппар лæппуйæ кæрæдзийæ 'фсымæртæ загътой. – Ныр мах Урссæр гуымирмæ цæуæм. Кæд ныл исты фыдбылыз цæуа, уæд-иу нæм фæзынут. Урссæр гуымир царди дыууæ хохы 'хсæн. Бацæуæн æм нæ уыди – дыууæ хохы кæрæдзийы фырытау хостой. Хæхтæ фæйнæрдæм фæцыдысты, æмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг бахызтысты мидæмæ. Фæлæ 'ххæст нæ бахæдздзæ сты, æмæ цыл Урссæр гуымир æфсæндуæрттæ 'рбахгæдта. Баззадысты лæппутæ, æмæ ма бæргæ афæлвæрдтой, фæлæ сæ бон ницыуал баци. Æфсæндуæрттæ æртæивазыгтæ уыдысты, æмæ цын кæнын нал бакуымдтой. Уæд Зынджыбардуаг арвæй касти 'мæ дзуры йæ фырттæм: – Сымах чи фервæзынкодта, уыдон ахсты бахаудтой. Урссæр гуымир йæ фынæйыл у. Фæлæ куы райхъал уа, уæд цæ фыдбылызы 'ппардзæн. Баххуыс цын хъæуы. Зынгæвзалы 'мæ Æртæртхутæг сæхи хохыл рауагътой. Æфсæндуæрттыл сæхи сцавтой, фæлæ цын кæнын нæ бакуымдтой. – Æз зынг фестдзынæн, – загъта Зынгæвзалы, – æмæ зиллæттыл атулдзынæн, сфæлмæн цæ кæндзынæн. Ды дуарыл бахæцдзынæ, æмæ-иу æй мидæмæ баппар. Зынгæвзалы зынг фестади. Æфсæндуары зиллæттыл атылди 'мæ цæ æрфæлмæнкодта. Уæдмæ Артæртхутæг дуарыл банцади. Стæй йæ батъæпласта, æмæ дуар мидæмæ батахт. Урссæр гуымир дуармæ фынæйкодта. Æфсæн дуар ыл сæмбæлди, æмæ нырдиагкодта гуымир: – Чи мæ амардта? Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ хид калгæ рагæпластой. Ауыдтой Зынджыбардуаджы фыртты 'мæ загътой: – Мах сымахæй нал фæхицæнуыдзыстæм. Урссæр гуымир фæйнæрдæм ахъахъхъæдта. Ауыдта цыппар лæппуйы 'мæ цыл фæбогъласта: – Чи стут, ам цæмæн ыстут? – Мах дæумæ цæуæм! Урссæр гуымир сырдтымæрдтæ йæ дзыхмæ 'ппæрста. Амыртмыртт дзы кодта цалдæр æд ыстджытæ. Æмæ та цæ фæрсы лæппуты: – Цы уæ хъæуы ам? – Тыхгæнæг ыстæм. Урссæр гуымир ныуулæфыди, ныххудти йæ дзыхыдзаг æмæ загъта: – Кæд хæцгæ – уæд хæцгæ! Фæлæ мын иу комдзаджы фаг дæр куы нæ стут. Урссæр гуымир айнæгмæ авнæлдта. Стыдта дзы, авд мусуаты кæм бацыдаид, ахæм фарс, æмæ цыл æй рахста. Лæппутæ иуырдæм агæпластой. Дур коммæ атахти 'мæ уым ныппырх и. Уæрхæг æм дзуры: -Мах дуртæй цы кæнæм? Дæхæдæг раст. Урссæр гуымир авнæлдта, æмæ къалабæлас æд уидæгтæ срæмыгъта, æмæ цыл æй фехста. Ацы хатт дæр та лæппутæ сæхи фæхибаркодтой. Æмæ къалабæлас комы ныллыстæгысхъистæ и. Стæй афынæй гуымир. – Уый афтæмæй нæ сыхъалуыдзæни, – загъта Артæртхутæг. Фæлтау ын йæ риуыл арт ыскæнæм. Йæ буар судздзæни, æмæ уæд райхъалуыдзæн. Цыппар лæппуйæ урссæр гуымиры риуыл хъæдтæ фæцамадтой. Æдхихбæлæстæ йыл ныккалдтой. – Æз ыл арт бафтаудзынæн, – загъта уæд Зынгæвзалы. – Фæлæ нæ уыйфæстæ цыппар раны 'рлæууын хъæуы, æмæ йыл цыппарырдыгæй ысхæцæм. Цыппарырдыгæй æрлæууыдысты. Зынгæвзалы йæхи зынг фестынкодта, арт ысуагъта Урссæр гуымиры риуыл. Урссæр гуымирæн йæ риуыл зынг сирвæзти 'мæ фехъал. Йæ риу ныхæгау акодта 'мæ сдзырдта: – Уох, цы мæлдзгуытæ стут – фынæй дæр мæ нæ уадзынц! Уæд йæ дарæс ыссыгъди, æмæ йыл зынг ысхæцыд. Урссæр гуымир фæтæррæстласта. Йæ буар ыссыгъди. Йæхи ма донмæ бæргæ 'ппæрста, фæлæ Уæрхæджы фат йæ цæстыл сæмбæлд, æмæ – дæ балгъитæг афтæ! Урссæр гуымир Уæрхтæнæгмæ куыд фæци, афтæ йæ уый æрбахаста, æмæ фат иннæ цæстыл дæр сæмбæлд. Артæртхутæг ын арты 'ртхутæг йæ хъæдгом цæстыты бакалдта. Æмæ басаугуырм бынтондæр Урссæр гуымир. Кæд мемæ хæцут, уæд мæм хæстæг уæддæр æрбацæут зæгъгæ загъта гуымир. – Æз уæ куы нæ уынын æппындæр. – Куырм кæд бадæ, уæддæр ма бирæ у дæ бон. – Уæд та уын мæнæ м' арм фидыды алдзæн. Æмæ мæм радтут сымах дæр уæ къухтæ. – Хъæды лыггаг æм бадæдтут, – загъта Зынгæвзалы. Иу ыставд хъæдылыггаг æм балæвæрдтой урссæр гуымирмæ. Уый афтæ фенхъæлдта 'мæ цæ искæй цонг у. Фæхæцыдис ыл, æмæ йæ лыстæг ысхъистæ бакодта. Уæд лæппутæ дзурынц Урссæр гуымирмæ: – Дæу махимæ бафидауын нæ фæндыд, сайгæ нæ кодтай. Мах дæм хъæдылыггаг дæр уымæн балæвæрдтам. Ногæй та йыл ысхæцыдысты 'мæ цæм уый дзуры: – Нал мæ ныууадзат? – Нал дæ ныууадздзыстæм! Хæцгæ-хæцгæ йæ былмæ расайдтой. Урссæр гуымир хауæн был кæцæй федтаид! Доны хъæр æм хъуысти комæй, æмæ афтæ 'нхъæлдта, æмæ йæм дон дард у. Акъахдзæфкодта. Был æй фæсайдта, уæдæ цы уыдаид, æмæ комы ныппырх и. Йæ удисгæйæ ма йæ æрыййæфтой уым, æмæ йæм дзурынц: – Цæй, куыд у дæ хабар? – Нал фервæздзынæн. Фæлæ мæ сæры астæу æртæ даргъ хъуыны ис хицæнæй. Стонут цæ 'мæ тагъддæр сисон мæ уд. Кæннод мын æнцонтыл нæй амæлæн. – Зæгъ уал нын раздæр, ардыгæй фæндаг кæуылты у? Куыд ахиздзыстæм? – Ардыгæй ку 'ахизат, уæд тæккæ бацæуæны иу дуар фендзыстут, урсахуырст дуар. Бакæнут-иу æй, æмæ-иу ахизут уыууылты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уыцы æртæ 'рдуйы фехстой сæ фæттæй, æмæ цæ атæхынкодтой. Æртæ 'рдуйы рацахстой Уæрхæг, Уæрхтæнæг æмæ Артæртхутæджы. Тынг цæ нылхъывтой, æмæ ныхъхъæркодтой: – Мæнæ сты! Зынгæвзалы йæхи зынг фестынкодта. Æрдутыл атылд, æмæ цæ басыгъта. Урссæр гуымир та дуртæм лæбурдта, æмæ цæ 'хста лæппутыл. Фæлæ æрдутæ куы басыгъдысты, уæд цæ иу сыбыртт, иу хъæр дæр нал райхъуысти, æмæ Урссæр гуымир зæрдæскъуыд фæци. Цыппар лæппуйы, урсахуырст цы дуар уыди, уый бакодтой æмæ рацыдысты. Сæ кæрæдзийæн хæрзбонтæ загътой æмæ фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ ГУЫМИРТЫБÆСТЫ Иуахæмы Нарты зæххыл рацæуынц Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Сæ иуæй иннæ хæрзуынддæр, сæ иуæй иннæ хæрзконддæр. Чи цæ ауыны, уый йæхи тæхудиагæй бахæры. Зæронд лæгтæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах кæй кæстæртæ стут! Зæронд устытæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах цы мад ныййардта! Лæппу-фæсивæд фæзæгъынц: – Тæхуды, сымах æмбал кæмæн ыстут балцы дæр æмæ бынаты дæр! Чызг-фæсивæд фæзæгъынц: – Уæ, тæхуды 'мæ сымах кæй къæсæрæй бахиздзыстут æмæ кæй фæсдуар ыслæудзыстут! Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хъуыстой алкæй ныхас дæр, фæлæ сæхи мадзура дардтой, сæхи алкæмæ дæр аивæй æвдыстой. Нартыбæстыл æрзылдтытæкодтой. Иу ран æрыййæфтой Нарты сагсур фæсивæды тымбылæй хъазгæ. Уæрхæг цæм дзуры: – Мах дæр-ма бауадзут уæ хъазтмæ. – Бар уæ ис, фæлæ куы фембылды уат, уæд-иу хъæстагæй ма фæцæут. Райдыдтой хъазын. Нарты фæсивæд, кæд цыфæнды тынг æмæ арæхст хъазт кодтой, уæддæр цæ 'мбылдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. – Хорз ыстут, загътой уæд Нарты лæппутæ. Фæлæ уæ фыды кард Гуымиртыбæсты баззад, æмæ кæд ахæм æхсары хицау ыстут, уæд уæ фыды кард æрхæссут. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг рацыдысты сæхимæ 'мæ загътой: "Нæ мад куы нæ сæтта, уæд ын исты фыд ыскæнæм". Уæрхæг цырын арт ацарæзта, Уæрхтæнæг та уæлкъæйыл цæкуыйаг æркодта... – Нæ фыдæн кард уыди, æмæ кæм и, уый нын цалынмæ бацамонай, уæдмæ дæ 'нцой не руадздзыстæм. Мадæн ма цы гæнæн уыди. – Мæ тæригъæд æмæ йæ уæ тæригъæд дæр уæд, сымахæн уыцы карды кой чи скодта. Уæ фыды кард ис Гуымиртыбæсты. – Уæдæ мах уырдæм цæуæм. – Афтæ нæ! – Уæдæ куыд? – Уæдæмæ уæ фыдæн Лæнцылæгæты ис дыууæ æрмахуыр домбайы, æмæ цæ уемæ акæнут. Семæ ку' ахъазат, уæд уæ бамбардзысты, чи стут, уый. Æмæ уыл æрæууæнддзысты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фæцыдысты Лæнцылæгæтмæ. Фæцæй-йæм- хæддзæкодтой, афтæ ауыдтой уыцы дыууæ домбайы хъазгæ. Уæд домбæйттæ сæхи лæппутæм раппæрстой. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фæцырд ысты, æмæ цæ сæ хъустæй рацахстой. Рахæцбахæц байдыдтой, кæрæдзийы-иу абырстой. Дыууæтæ дæр бафæлладысты. Стæй лæппутæ сæ цæнгтæ фæфистæгкодтой. Домбæйттæ басмыстой лæппуты цæнгтæм æмæ базыдтой, уыдон Нартæй кæй ысты, уый – иу фыды фырттæ. Райдыдтой цыл уызæлын. Домбæйттæ азгъордтой, саг рацахстой æмæ йæ 'рбадавтой лæппутæм. Уæрхæг æй æрбаргæвста. Уæдмæ Уæрхтæнæг та арт кæнынмæ фæци – йæ къухтæ кæрæдзиуыл ацагъта, æмæ сугтæ цырын артæй ыссыгъдысты. Цæстыфæныкъуылдмæ физонджытæ ацæттæ сты. Æмæ дыууæ домбайы дыууæ лæппуимæ сихор бахордтой. Раст уыцы рæстæг Гуымиртыбæстæй дæр дыууæ 'взонг лæппуйы цуаны уыдысты, æмæ бынтон æнæнхъæлæджы 'рбафтыдысты уырдæм. Сæ фæндаг рацыди Нарты лæппутыл, æмæ цæ домбæйттимæ хъазгæ федтой. Гуымиртыбæстаг лæппутæй иу афтæ зæгъы: – Цымæ ацы домбæйттимæ хъазын йæ ныфс чи хæссы, уыдон чи уой? – Уыдон ам, Хуыцауы фæндонæй уыдзысты, – зæгъы сæ иннæ. – С' амарын æвзæр нæ уаид, æвæдза. Дардыл айхъуысид нæ ном. – Фæлтау уал цæ базонæм... Уæд та зæдтæ сты? Гуымиртыбæстаг лæппутæ æрывæрдтой сæ саджы, æмæ кæстæр лæппу загъта: – Зынггур цæм бацу. Уартæ сæ фæздæг цæуы. Хистæр лæппу араст и, йæ гæрзтæ дæрддзæф æрывæрдта 'мæ йæ худ систа фидыды алдзæн. Стæй бадзырдта: – Зынггур уæм æрбацыддæн. Зынг нын авæрут! Хъæрмæ домбæйттæ сæхи рацæйрæдывтой, фæлæ цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг бауырæдтой. Фæрсынц бацæуæджы: – Цы дæ хъæуы махæй? – Зынг! – Рацу нæм хæстæгдæр, фысым дын ыстæм. – Æмбал ма ис мемæ. – Ракæн де мбалы дæр! Фæдзырдта йе мбалмæ, æмæ уый дæр йæ сырдымардимæ 'рбацыд. Нарты лæппутæ цæ хорз федтой. Стæй Уæрхæг зæгъы: – Сырдтимæ та ахъазæм. Райдыдтой хъазын. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ сæртыл авæрынц домбæйтты. Стæй цæ хæрдмæ фехсынц. Стæй та се рагъыл абадынц. Æмæ цæ домбæйттæ тæссаг былтыл аскъæфынц. Куы та бæрзонд бæлæсты сæрты иу сæррæтт аласынц лæппутæ. Гуымиртыбæстаг цуанæттæ дисы бафтыдысты 'мæ хистæр зæгъы: – Адонимæ мах тыхæй ницы бакæндзыстæм. Фæлтау, цæуæм, æмæ, цы федтам, уый нæхимæ зæгъдзыстæм. Бирæ цæм фæкастысты. Уыйфæстæ цын гуымиртыбæстаг лæппутæ хæрзбон загътой, æмæ рацыдысты сæ бæстæм. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæ домбæйттимæ 'рцыдысты Нартæм. Гуымиртыбæстаг лæппутæ сæ хистæрмæ бацыдысты 'мæ йæ фæрсынц: – Цы бæстæ нæ басастай, ахæм ма дын искуы баззад? -Баззад, Нарты адæмимæ бирæ фæхæцыддæн, фæлæ цын мæ бон ницы баци. – Дæ фыдæхæй фесæфæм, нæ хистæр! Абон дыууæ лæппуйыл сæмбæлдыстæм Лæнцылæгæты цур. Дыууæ стыр домбаимæ хъазыдысты, æмæ цæ ничи куымдта басæттын. Домбæйтты-иу сæ сæртыл авæрдтой уыцы лæппутæ, æмæ-иу сæрсæфæн къæдзæхты сæрты уыцыиу сæррæтт акодтой. Бирæ цæм фæкастыстæм. Хорз дæр ма нæ федтой саджыфыдæй. Уæд цæ Гуымирты хистæр афарста: – Цавæр уыд сæ конд? – Ставдкæндтытæ уыдысты, хъамбулцæстджынтæ. Иу цæ уæрхмæ уæрæх уыди, иннæ та ноджы уæрæхдæр. Сæ цæсгом дæргъæлвæс. – Дарæс та цыл цавæр уыд? – Дарæс – нæртон дарæс. – Уæд цæм гæрзтæй та цы уыди? – Мæнæ дæумæ цы кард ис Нартæй, раст уыцы лæппутæм дæр ахæм кæрдтæ уыд. – Гъе, æвзæртæ, уыдон не знæгтæ уыдысты. Цæуылнæ цæ 'рфарстат сæ номæй? – Домбæйттимæ хъæбысæй чи хæцыди, уыдонмæ ма мах нæ ныфс куыд бахастаиккам? – Уæдæ мæнмæ Нарты фыдæлтæй сæ иуы кард и, æмæ, æнхъæлдæн, уымæн фаззон лæппутæ баззад. Кæд уой, уæддæр уыдон. Куы базоной се фхæрæджы, уæд ахæм адæмымыггаг ысты, æмæ сæ хъыгдарæджы мæрдтæй дæр ысласдзысты. Ныр мах хъæуы арф уæрмытæ скъахын æрбацæуæнты. Стæй хъæуы базонын, Лæнцылæгæтмæ ма ссæудзысты, æви нæ. Уæд цæ хъуамæ уым æрцахсæм. Кæннод цæ расайæм, æмæ цæ хинæй амарæм. Райсомæй боныцъæхтыл Уæрхæг дзуры Уæрхтæнæгмæ: – Кæимæ хæцыдыстæм, уыдонæй куы ницы хъæр хъуысы, уæд цы фесты? – Дæлимонтæ нæ уыдысты, æмæ зæххыскъуыды дæр куыд æрбайсæфтаиккой! Уæдæ уæйгуытæ дæр нæ уыдысты! – Уæд та нæ мады бафæрсæм? – Гъе, тæккæ дæр раст у. – Æмæ куы нæ сæтта? – Ныр ын æнæсæтгæ дæр нал и. Æмæ рацыдысты Нартæм фæллад æмæ фæлмæцыдæй дыууæ 'фсымæры. – Ма схъæркæнæм нæ мадæн ацы хабар. – Куы нæ йæ зона, уæд хуыздæр, – зæгъы Уæрхтæнæг дæр. Æрцыдысты сæхимæ. Сæ мад цæ фæрсы: – Уый цæй фыдхуыз ыстут? Цæй фæллад бакодтат? – Уæ, Æна нын цæра! – загъта Уæрхтæнæг. – Н' арæнтæй иучысыл ахызтыстæм, Иу æнахуыр бæстыл фæзылдыстæм. Кæд фæфыдхуыз ыстæм, уæддæр фæллад не стæм! Мад лæппуты раз фынг авæрдта. Уыдон цырд ахордтой, анызтой æмæ уайтагъд афынæй ысты. Афтæ тарффынæй баисты, æмæ хур куыд ыскасти, уый нал базыдтой. Райсомæй Нартæ сæ Хъазæнфæзмæ æрымбырд ысты. Æмæ райдыдтой сæ диссаджы симд. Хæхты уонг кæмттæ нæрыдысты се мдзæгъдмæ. Дæттæ сæ цыд фæуырæдтой. Сырдтæ 'мæ цæм мæргътæ æрыхъуыстой. Стæй цæм хур дæр худгæ ныккасти. Зæдтæ 'мæ дауджытæ бæрзæндтæй кастысты 'мæ загътой: – Нарты симды дыууæ фаззоны нæ зынынц, æмæ кæм уыдзысты? Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ сæ мад бацыди. Уыдон ма хуыррыттæй фынæйкодтой. Мад ахаста йæ цæст йæ хъæбултыл, цинæй æркалди йæ цæссыг. Стæй цæм дзуры: – Куыд бирæ хуыссут? Æви уыл уæ фæллад кæд нæ фæтых? Лæппутæ цырд фæтæррæтластой сæ хуыссæнтæй, æмæ Уæрхæг зæгъы: – Уоу-уа! Цæй фынæй адæн! Уæрхтæнæгæн симды хъæлдзæгхъæр йæ хъустыл ауад. – Уый та цæй æмдзæгъд у? – Уæ мæ хъæбултæ! – дзуры Арвычызг. – Уый Нартæн сæ симæн бон у, æмæ дуне уыдонмæ кæсы. Мæ цæст уæ бæргæ нæ уарзта райхъалкæнын. Фæлæ искæмæй æгуыдзæгдæр цæмæн уат? Сымах йеддæмæ иууылдæр Нарты симды сты. – Цæуæм, Уæрхтæнæг, науæд – худинаг, – загъта Уæрхæг. – Фæлæуут, мæ хъæбултæ, исты ахæрут, афтæ куыд цæут? – Нырмæ кæй фæххуыссыдыстæм, уый нын æгъгъæд. Фæлтау – фæстæдæр. Араст ысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ домбæйттимæ. Бахæддзæ сты 'мæ ныххæцыдысты симдыл. Симынц Нартæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ домбæйтты сæртыл алæууынц, æмæ кафгæ рацæуынц къудийы уонг. Уыйфæстæ домбæйтты сæ иугай къухтæй сисынц. Райхæлди Нарты симд, æмæ дыууæ 'фсымæры сæ домбæйттимæ араст ысты цуаны Лæнцылæгæтырдæм. * * * Гуымир дæр йæ маст кæм ныууагътаид! Æмæ загъта йе фсымæртæн: – Æрсайæм Нарты лæппуты 'мæ цæ нæ маст сисæм. Фæлæ цы 'гъдауæй æркомдзысты, уый мын зæгъут. – Зæронд лæджы цæм арвитæм хонæг фидыды алдзæн, – зæгъы сæ иу. – Зæронд ус хуыздæр у, уыууыл хуыздæр баууæнддзысты, – загъта иннæ. – Нартæ зæронд хонæгыл нæ баууæнддзысты, фæлæ цæм уайсадæгчындзы арвитæм, – загъта æртыггаг. – Радыгай цæ барвитæм, æмæ цын сæ дзуапп æмбардзыстæм, – загъта фæстагмæ йæ фæнд Гуымирты хистæр. Сразы сты сæ хистæры ныхасыл, æмæ равзæрстой æртæ хонæджы: зæронд лæг, зæронд ус æмæ уайсадæгчындзы. Æмæ цæ кодтой семæ... Лæнцылæгæты сæрмæ хохы фаты 'хситт æрвнæрæгау кодта. Гуымирты хистæр фæрсы: – Цымæ уый цавæр хъæр у? – Чи зоны, искæимæ хæцынц. Уæд хистæр гуымир æмæ йе мбæлтты цурты дуннейы сырдтæ тæхгæуадæй сæррæттытæ систой. Хистæр гуымир æмæ йе мбæлттæ бамбæрстой, Нарты лæппутæ цуаны рацыдысты, уый æмæ 'нхъæлмæ кæсынц се рбацыдмæ. Уæдмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр фæзындысты. Хистæр гуымир зæронд лæджы барвыста хатæг. Зæронд лæг цын акуывта. Фырыхъулты хуызæн стут, зæгъгæ цæ раппæлыд. – Уæ тыхы диссаг уын хистæр гуымир базыдта, æмæ уæ хоны йæ фынгмæ. – Бузныг, ыстыр бузныг, – загъта Уæрхæг. – Фæлæ майрæмбонмæ нæ хъæуæн æмгъуыд загътам, уæд цæ хынцдзыстæм мæнæ ме фсымæримæ, æмæ хъуамæ цæттæ уæм. Арфæ ракæн уæ хистæрæн, дæуæй та хатыр курæм нæ дыууæ дæр. – Уæ рацыд хуыздæр уаид, кæннод мæм нæ хистæр фæхæрамуыдзæн. – Нæ фæхæрамуыдзæн, бузныг ын зæгъ мах номæй. Раздæхт зæронд лæг, æмæ загъта гуымир-æлдарæн: – Нæ комынц, Майрæмбоны сæ хъæуы хонынц, æмæ уæдмæ сæхи цæттæкæнынц. Уæд та гуымир-æлдар барвыста зæронд усы. Зæронд ус цын арфæ ракодта 'мæ цын афтæ зæгъы: – Уæ, алфæн, алфæн, фидыды алфæн! Сымах мæ хъæбулты хуызæн куы стут. Уæ диссаджы тых уын не лдар фехъуыста, æмæ мæ ардæм, сымахмæ, хонæг сæрвыста. Ныр мын уыйбæрц хатыр куы бакæниккат, æмæ мемæ куы рацæуиккат, æмæ нæ хистæры фынгыл иучысыл ку' абадиккат, уæд уый мæнæн дæр ыстыр кад уаид. Уæрхæг та уымæн дæр загъта: – Ды – нæ мады хуызæн, бузныг де рхъуыдыйæ. Фæлæ майрæмбоны нæ мыггагæн куывд кæнæм, æмæ стыр æнæвдæлон ыстæм. Бузныг зæгъ уæ хистæрæн, дæхицæн та дын арфæ кæнæм. Раздæхти зæронд ус æмæ ракодта лæппуты ныхæстæ. Гуымир-æлдар уæд барвыста уайсадæгчындзы. Уайсадæгчындз лæппутæн йæ сæрæй акуывта. Лæппутæ йын арфæ ракодтой æмæ загътой: – Æнæ хъуыддаг нæ уыдзынæ, нæ хойыхай, зæгъ дæ ныхас. – Мæн рарвыста нæ хистæрты хистæр, – загъта уайсадæгчындз. – Фехъуыста уын уæ диссаджы тых, æмæ уæ хоны. Сар æмæ тыхы фæдыл хонæг нæ дæн. Æгъдауæй уæм æрцыддæн, æмæ мæ 'гъдауыл арвитут. Æфсымæртæ фæхибар ысты 'мæ Уæрхæг бамбарын кодта Уæрхтæнæгæн: – "Нæ" зæгъын нæ бон нæу, фæлæ ды кæстæр дæ, æмæ йын ды зæгъ разыйы ныхас. Æмæ уæд Уæрхтæнæг загъта уайсадæгчындзæн: – "Нæ" зæгъын дын нæ бон нæу. Уæ хистæртæн дæр кад ыскодтам – сæ зæрдæ се вдисæн. Сом нæ фендзыстут уæ фынгыл. Арфæ ракодта уайсадæгчындз, æмæ раздæхт. Загъта гуымир-æлдарæн лæппуты ныхæстæ. Гуымир-æлдар ысцинкодта. Раздæхти йе мбæлттимæ фæстæмæ, æмæ байдыдтой сæхи цæттæкæнын Нарты лæппуты 'рцыдмæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг бирæ сырдтæ фæцагътой. Сæ домбæйттыл цæ 'рхастой Нартæм. Æмæ зæгъынц сæ мадæн: – Æнæ цæра, мах райсомы бон ыстæм хуынды алфæн. – Æна уæ фæхъхъау. Чи у уæ хынцæг? – Нæ разыкодтам, дыууæ хистæры нæм æрбацыд хонæг, æмæ уыдонæн, фæлæ нын уайсадæгчындзæн дыууæ зæгъæн нæ уыди. Хонгæ та нæ кæны гуымирты хистæр йæхæдæг. – Уый хинæйдзаг у, æууæнк ыл нæй. Фæлæ иугæр афтæ у, уæд уын æнæцæугæ дæр нæй. Æрмæст мæм хъусут: ацæут, фæлæ мацыхуызы фæхицæн ут кæрæдзийæ. Æмæ уын уæд ницы тас у. Райсомы араст ысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Ныффæдзæхстой сæ мадæн: – Кæд афонмæ нæ хæддзæкæнæм фæстæмæ, уæд-иу нын домбæйтты рарвит нæ фæдыл. Араст ысты æфсымæртæ. Гуымир-æлдар цын йæхæдæг нуазæн рахаста сæ размæ. Сусæгкъахт уæрмытыл гауызтæ байтыдтой, æмæ цын уыдоныл фæндаг радтой. Мах æгъдаумæ гæсгæ разæй ахизут зæгъгæ загъта гуымирты хистæр. Уыйадыл араст ысты лæппутæ гауызтыл. Цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Æмбисы уонг куыддæр бахæддзæ сты, афтæ гауыз ныххаудта сæ быны, æмæ иу арф уæрмы аирвæзтысты. Бамбæрстой лæппутæ сенамонд, ай цæ сайгæ 'ркодтой, уый. Уæд цæм гуымир-æлдар æрдзырдта уæлейæ: – Гъе, куыйты Нарт! Уæ фыдæлтæй цы кард байстон, кæд уымæ 'рцыдыстут, мыййаг? – Дæхæдæг æй раддзынæ, – дзуры йæм Уæрхæг. – Фæлæ ацы 'фхæрд та дæ сæрæй бафиддзынæ! Гуымир-æлдар ныххудти, æмæ цыл æрвылрайсом æхсидгæ дон куыд уадзой, ахæм дзырд радта. Дон цæ куы хъæуа, уæд-иу цын сæ мицъыра куыд дæдтой. Хæринагæй та цын, куыдз цы уæлдæйттæ ныууадза, уыдон куыд хæссой, уæрммæ 'ввахс бацæуæг куыд нæ уадзой. Гуымирты адæм сæ хистæры ныхас æххæсткодтой. Хæринагæн цын куыдзы уæлдæйттæ 'ппæрстой, донæн цын сæ мицъыра лæвæрдтой, хи 'хсынæн цыл æхсидгæдон калдтой. Уæрммæ дæр æввахс никæй уагътой. Уæд гуымирты хистæр ыстыр куывд ыскодта, æрхуыдта й' адæмы: – Нарты адæм цагъды фесты. Ныр цын сæ бæстæм æрвитын ме фсад. Æрхæссæд, цы ссарой – хæзна уæд, фос уæд – æмæ æркæнæд уацайрæгтæ дæр. Гуымир-æлдар æнæхъæн æфсад арвыста Нартыбæстæм. – Гъе Уæрхтæнæг, æгады цардæй мæлæт хуыздæр у, – загъта уæд Уæрхæг. Æхсæвыгон дыууæ 'фсымæры уæрмыкъултæ къахын байдыдтой сæ фæтты фындзтæй. Сыджыт сæ бынмæ калдтой, æмæ сабыргай-сабыргай хызтысты уæлæмæ. Уыд фыдздзаг кæркуасæн. Раст уыцы афон Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæ сæртæ сдардтой уæрмы былæй. Уæрмхъахъхъæнæг цæ ауыдта, фæдис хъуамæ ныхъхъæркодтаид, фæлæ йыл Уæрхтæнæг йæ фат ысуагъта, æмæ фат й' астæуыл сæмбæлди хъахъхъæнæгæн, æмæ йæ бæласмæ зæгæлхуыд бакодта. Схызтысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уæрмæй. Гуымир-æлдармæ фатифтыгъдæй бацыдысты. Баййæфтой йæ куывды бадгæ й' адæмимæ. Æмæ йæм Уæрхæг дзуры: – Гуымирты хистæр! Ды мах сафынмæ кæм æрсайдтай, уым дæхи мæлæт æрыввахсдæр и. Фæлæ ма дæ фæрсæм: кæм и нæ фыды кард? Гуымир-æлдар хорзау нал фæци. Уæрхтæнæг æм фат куы фæдардта, уæд й' адæм фестадысты, æмæ цын хæст бацайдагъ. Гуымир-æлдар Нарты кард райста, æмæ цæм æфсæры. Уæрхтæнæг æй фатæй бахста, æмæ гуымир- æлдарæн йæ кард йæ къухæй фæтахти. Уæрхтæнæг кард фелвæста, æмæ цæ цæгъдынтæ систа. Кард, нæртон лæджы къухы бахаудта, уый бамбæрста. Арвы ферттывдау цæхæр ыскалдта, æмæ цас цагъта, уыйас цыргъдæр кодта. Алы риуыгъдæн дæр-иу йе хситт фæцыди. Нартæм æгæр æрæгмæ куы цыдысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, уæд цын Арвычызг сæ домбæйтты арвыста сæ фæдыл. Домбæйттæ уадид ныххæддзæ сты, æмæ райдыдтой гуымирты адæмы 'ргæвдын æмæ тонын. Сæ богътæй гуымиртæ лидзынтæ систой. Цæфæй фидыд æркуырдта сæ хистæр, фæлæ нал хъуыстой лæппутæ. Ныппырхкодтой гуымирты бæстæ, æмæ цын сæ фос ратæлæткодтой, æмæ рацæуынц Нартæм. Гуымирты 'фсæдтæй Нартæм чи 'рцыди, уыдон та Нарты фос ратардтой, ракодтой цæ уацайрæгтæ. Уæд кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Æмæ уацайрæгты фæрсынц Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг: – Кæдæм цæут? – Адон Нарты ныппырхкодтой, æмæ нæ уацары кæнынц. – Æмæ кæцæй ысты? Кæнæ чи сты? – Сæхи гуымиртыбæстаг хонынц. Уæрхæг æмæ цæ Уæрхтæнæг сау быныцагъд фæкодтой, раздæхтой Нарты адæмы æд фос сæхимæ. Нартæ стыр кад ыскодтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн, æмæ сæ ном уæдæй нырмæ нал сæфы. УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ БУРТÆДЖЫБÆСТÆМ КУЫД БАФТЫДЫСТЫ Иубон Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дзурынц сæ мадмæ: – Цатыбæрзондмæ цуаны цæуæм. Æмæ нæ арæвдзкæн истæмæйты. – Æмæ цы ми кæнут Цатыбæрзонды? Сырд алыран дæр æмпæрпæр куы кæны! – Нæй нын æнæ цæугæ! Арвычызг бамбæрста, адон æцæгæй дæр нал ныллæудзысты зæгъгæ 'мæ цын уæд фæстагмæ сразы. Æмæ цæ срæвдзкодта. – Ацæут, фæлæ уæ фæдзæхсын: æвзæрæй макæмæ мацы сдзурут. Макæй дæр хъыгдаргæ бакæнут. Цы фæнды маст уын куы скæна исчи, уæддæр-иу уæхиуыл фæхæцут. Мацы знаггад ракæнут ме нæзонгæйæ. Нырма сонт ыстут... Ма мæ ныууадзут иунæг æмæ дзæгъæлæй! Æмæ араст ысты æфсымæртæ Цатыбæрзондмæ. Амардтой уым иу сæгуыт, æмæ сæхицæн физонджытæ кæнынц. Уæд дын кæсынц, æмæ Гуымир- æлдары фырт æмæ Æвдсæроны кæстæр æфсымæр фæцæуынц Цатыбæрзондыл. Ауыдтой уыдон дæр Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы. Æмæ Гуымир-æлдары фырт загъта: – Уæдæ чи уой адон?.. Цæй, æмæ цæм бацæуæм. – Нæ, афтæ куы бакæнæм, уæд нæм фæхæрамуыдзысты. Исты куы бамбарой, мыййаг? Уæд ныл сæ фыдæх ныккалдзысты. Фæлтау нæ иу бацæуæд зынггур. Уæдæ цæм æз цæуын зæгъгæ загъта Гуымир-æлдары фырт, æмæ бараст и Нарты лæппутæм. Дæрддзæф цæм æрлæууыди. Й' арц æрсагъта 'мæ цæм дзуры дардæй: – Уе зæр хорз уа, æмæ хъармарт уат! Зынг мын авæрут, æмæ арт бакæнон æз дæр. – Æмæ хицæн артæй цы кæныс. Уазæг – Хуыцауы уазæг. Хæстæгдæр нæм рацу. Мæнæ дын мах – фысым. Дæхи дæр батав. – Бæргæ мæ фæнды, фæлæ уæд ме мбалы та кæмæн ныууадзон? Æнхъæлмæ мæм кæсдзæн. – Ракæн де мбалы дæр. – Цæй, кæд уæ афтæ фæнды, уæд ницыуал зæгъын. Гуымир-æлдары фырт дын уæйыгмæ дзуры: – Рацу ардæм, хонгæ нæ кæнынц. Æвдсæроны кæстæр æфсымæр дæр æрбацыди. Арфæ ракодта Нарты лæппутæн, æмæ 'рбадтысты тымбылæй фæзы. Лæппутæ уым бур физонджытæй сæхи хорз федтой. Стæй Уæрхтæнæг дзалагæрдæг ратыдта, æмæ дзы хуыссæнтæ ацарæзта. Æхсæвы ныффынæйтæ сты. Райсомæй сыстадысты уазæглæппутæ. Аходæн ыскодтой, стæй фæхицæн ысты. Æмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хъæды астæуты фæцæуынц. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг кæсынц сæ фæдыл. Уæд иуахæмы дыууæ 'фсымæры иу ран дыууæ цъæх арсы ауыдтой. Сæхи цæм байстой хæстæгдæр. Ныр цæм æрсытæ лæбурынц, Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та цæ хæрдмæ 'ппæрстой. Фæстæмæ-иу цæ цырд ацахстой, æмæ та цæ-иу ногæй хæрдмæ фехстой. Гуымир-æлдары фырт æмæ цæм уæйыг дисмæкæсæгау кастысты. Æрсытæ куы бафæлладысты, уæд хъæды астæуты лидзынмæ фесты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгыл та худæг бахæцыд. Уырдыгæй куы 'рцыдысты Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг, уæд æлдары фырт сæхимæ радзырдта йæ мадæн: – Диссаг федтон абон Цатыбæрзонды. – Цы федтат уагæр? – Дыууæ лæппуйы дзы федтам, хорз фысым нын фесты. Стæй нын хæрзбон загътой, æмæ ацыдысты. Мах сæ фæстæ кæсæм, æмæ дын дыууæ арсы рацахстой. Æрсытæ цæм лæбурынц, уыдон та цæ хæрдмæ 'ппæрстой. Стæй æрсытæ сфæлмæцыдысты, æмæ хъæдыастæуты лидзынмæ фесты. – Æмæ цæ цæуылнæ бафарстат, чи сты, уымæй? – Кæм ма нæ 'вдæлди уый фæрсынмæ? – Уæ, уæ туг фæкалат, ай цæй æнæсæрæн разындыстут! Уый уæ туджджынтæ уыдысты! Æмæ сымах та семæ хъарм физонджытæ хордтат! Авд уæйыг-æфсымæрæй ма иунæг баззад, иннæтæ Нарты къухæй мæрдтæм бацыдысты. Мæхи хъæбул дæр уыдон азарæй байсæфт! Уæд цæ куыд ауагътат? Ныр цын ницыуал бакæндзыстут. Фæлтау æфсад ыскæнут, æмæ цæ ныммарут. Æрымбырд кодтой уыйфæстæ гуымиртæ 'мæ уæйгуытæ бирæ 'фсад... Æмæ ракалдысты æмгæргæрæй. Æмæ цæ æрсытимæ хъазгæ сæййæфтой лæппуты. Æнæнхъæлæджы цæ чъылдымырдыгæй æхсын байдыдтой сæ фæттæй. Æрсытæ богъбогъгæнгæ лыгъдысты. Дыууæ лæппуйы уый æнхъæл кæцæй уыдысты, фæлæ базыдтой уæддæр сæ уазджыты. Стынг и хæст, фæлæ цы гæнæн уыд! Æмæ дыууæ 'фсымæры хæхтæм айстой сæхи. * * * Уæд дын Зæрисæры чысыл лæппу Уадхохæй касти ацы æнæуаг митæм æмæ дзуры йæ мид-зæрды: "Æммыст, æмæ ныр Дзылæуы адæг ам ку' уаид, уæд цыл æй æз бæргæ ауадзин уыцы 'фсадыл". Стæй æвиппайды 'рбалæууыдысты йæ зæрдыл тæккæ-знон ын йæ хо цытæ фæдзæхста, уыдон: "Дзылæуы адæг æд сагтæ Нарты 'фтауцдоны ис. Адæджы сæр дæ куы бахъæуа, уæд уал-иу фыдздзаг Мигъыбардуагмæ суай, дæ мадыфсымæрмæ, Æмæ дæ уый ахæсдзæн æфтауцдонмæ". Чысыл лæппу схæддзæ Мигъылбардуагмæ. – Нарты 'фтауцдоны мæ тагъд февзæрынкæн. Мигъ æй рахаста Зæрисæры чысыл лæппуйы, æмæ йæ Нарты 'фтауцдоны æрывæрдта. Чысыл лæппу сагты адæгыл аифтыгъта, æмæ ратахти нæргæ Нарты хæстмæ. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтыл адæг рауагъта. Адæг кæуыл аныдзæвы, уый дзыхъмард фæвæййы. Гуымир- æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтыд адæг рауагъта. Адæг кæуыл аныдзæвы, уый дзыхъмард фæвæййы. гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтæ старстысты, фæйнæрдæм лыгъдысты, фæлæ цæ Зæрисæры чысыл лæппу æнцой кæм уагъта! Уæйыгæн йæ иу цонг йæ рæбыныл атыдта, гуымир-æлдары фыртæн та йæ син ныссаста. Æфсадæй ма чи аззади, уыдон ныппырхытæ сты. Чи кæдæм лыгъд, уый бæрæг нал уыд. * * * Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæхимæ 'рцыдысты, æмæ цæ сæ мад фæрсы: – Цæй фæлладхуыз ыстут? Дысон хæдзары дæр куы нæ уыдыстут? – Сырд мардтам Цатыбæрзондыл, – райдыдта дзурын Уæрхæг. – Нæхицæн хъарм физонджытæ кодтам. А ныр хæрынмæ æрæвналæм, зæгъгæ, афтæ нæ уæлхъус дыууæ лæппуйы 'рбалæууыд, зынг нæ агуырдтой. Мах цæ нæ базыдтам. Хорз цæ федтам бур физонджытæй, дзалагæрдæгæй цын лыстæн æркодтам. Райсомы дæр уæдæ хъæстагæй нæ баззадысты. Æмæ хæларæй фæхицæн ыстæм. Нæхицæн хъазыдыстæм дыууæ стыр арсæй. Фæлæ нæм уыцы лæппутæ бынтон æнæнхъæлæджы 'фсад æркодтой... Зæгъ нын æй, æна, кæд нæ фыдæлтæ туг дардтой, мыййаг, искæмæй? – Цæмæн уæ бахъуыди уый базонын? – Æнцой нæ нæ уадзынц гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсад. Нырмæ дæр уыдонимæ уыди нæ хæст. Æмæ Арвычызг дæрдтыл дзуры йæ хъæбултæн: – Тæригъæдджын фæуа, сымах æнцой чи нæ уадзы! Æххæст уæ лæг- ранмæ куы рацæуиккат, уый мæ фæндыд. Уæвгæ уæ фыдæлтæ дæр ахæм уыдысты. Сæ хæцын æрдзæй рахастой. Сæ нæмттæ дзурын мын бæргæ не 'мбæлы, фæлæ уæ фыдыфыд Сæуæссæ хуынди. Уымæн уыд æртæ фырты: Дзылæу – æртæ гуымиры хойы чи раскъæфта, Болатбæрзæй – æфсымæрты кæстæр, Зæрисæры чызг – йæ ус. Йæ хистæр фырт та Борæ уыди, уæхи фыд, Сæуæссæ 'мæ Донбеттыроны хистæр зæнæг. Нартæмхæстæг хæхты цардысты гуымиртæ, æмæ цæм ыстыр фыдæх хастой. Скодтой æфсад уæйгуытимæ. Сæ фарс хæцыдысты Бæргъуаны адæм. Бæргъуаны ныхмæ Зæрисæры чызг рацыд, фæлæ фæцæф и. Ныр сæхимæ ис, Дзылæуы ус дæр сæ хæдзары ис. Афæдзы бонмæ идæдз фæбадтысты. Стæй цæ Сæуæссæ кадимæ фервыста. Уæйгуытæ 'мæ гуымир-адæм Нартыл ысхæцыдысты. Уæ фыдæлтæ уыдонæй бирæ фæцагътой, фæлæ сæхæдæг дæр бабын ысты. Æз æмбæхст уыддæн уæд Бæртæлæгмæ. Уæ фыдимæ уыдон æрдхорд-æфсымæртæ уыдысты. Гуыргæ дæр сымах уым ракодтат. Стæй уæ Бæртæлæгимæ ардæм æрбакодтам. Бæртæлæг нæ бирæ фæхъахъхъæдта. – Уæдæ-ма зæгъ, иу чысыл лæппу дыууæ стыр саджы адæгыл сифтыгъта 'мæ нæ фарс хæцыди. Уый та чи уыди? – Болатбæрзæйæн йæ бинойныг Мигъыбардуаджы хæрæфырт уыди. Чысыл лæппу та – уымæн йе 'фсымæр у. Раджы кæддæр цын Дзылæу сæ хуым баласта й' адæгæй. Дзылæуы дзæбæх уыцы лæппу ныр дæр ма нæ рохкæны. – Уæдæ-ма нын зæгъ: Нартæй æппын хæцæнгарз нæ баззад? – Болатбæрзæйæн хæцæнгæрзтæ бирæ уыд. Фæлæ кæм фæмард, уым ын баззадысты. Уыдон уæ къухы куы бафтиккой, уæд нын уæйгуыты бон дæр ницыуал бауид. Уæдæ нын уырдæм æдзæугæ нæй зæгъгæ загътой дыууæ 'фсымæры 'мæ араст ысты сæ дард фæндагыл. * * * Раст уыцы рæстæг уæйыг æмæ гуымир-æлдары фырт се фсæдтимæ Нартыхъæуы смидæг ысты. Дзурынц Арвычызгмæ: – Æддæмæ рахиз фидары сæрæй. Æвгъау уыддæ, æвæдза, Нарты æнæсæрæнтæн. – Æддæмæ хизын мæ рæстæг н' амоны, – загъта цын Арвычызг, – Сылгоймагимæ дзурын уæ сæрмæ та куыд хæссут? Нæ йæм байхъуыстой, фæлæ фидармæ бацæуæн н' ардтой. Гуымир- æлдары фырт загъта: – Басудзæм Нартæн сæ фидæрттæ, Арвычызг дæр йæ мидæг куыд басудза! Райдыдтой ыставд хъæдтæ ласын. Самадтой цæ фидары алыварс, æмæ йыл арт бафтыдтой. Уæд цæ Зæрисæры чысыл лæппу ауыдта. Атахти Зынджыбардуагмæ 'мæ йæм дзуры: – Æруадз æртхутæг Нарты фидарыл. – Мигъыбардуагæй уал къæвда ракур. Чысыл лæппу ауад, æмæ йæ мадыфсымæрæй къæвда ракуырдта. Фидарыл уарынтæ систа. Артæртхутæг йæхи 'руагъта дæлæмæ. Æмæ ахуыссыди арт уæдæ цы кодта! Чысыл лæппу цыл адæг ауагъта, æмæ фæлидзæг ысты гуымир-адæм. * * * Ныр Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ цыды кой кæнынц. Чысыл лæппу цæ й 'адæгыл аййæфта, æмæ цæм дзуры: – Гуымир-æлдары фырт æмæ уын уæйыг арт бандзæрстой уæ фидарыл. Ауылты лидздзысты, æмæ цæ цæвут. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг æцæгæй дæр уыууылты фæцæйлыгъдысты. Уæрхæг æмæ цæ Уæрхтæнæг ауыдтой, æмæ цæм дзурынц: – Лидзгæйæ уын нал у, фæлæ хæцгæйæ у! Фæлæбурдта Уæрхæг, ацахста гуымир-æлдары фырты, æмæ йæ сфаста йæ къæхтырдыгæй. Уæрхтæнæг фæцырд и, уый та уæйыджы систа йæ барцæй, йæ сæр ын ыстыдта 'мæ йæ фехста гуымиртыбæстæм. Уæйыг ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дарддæр цыдысты. Сæ размæ фæзынд ивылд дон. Катай байдыдтой, уæдæ куыд ахизæм зæгъгæ. Чысыл лæппу та тæхгæ рацыд й' адæгыл, æмæ сæ цуры сабыр æрлæууыд. Уыдон æм дзурынц: – Д' адæгыл нæ ахизынкæн. Лæппу цæ авæрдта й' адæгыл, æмæ ивылд донæн агæпластой йæ сæрты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та цæуынц. Ауыдтой бæстæ судзгæ 'мæ скатай ысты. Чысыл лæппу дæр та уым февзæрд. Адæгыл цæ авæрдта 'мæ арты сæрты ахызтысты. Цæуынц та лæппутæ ноджы дарддæр. Кæсынц, æмæ иу ран хæхтæ кæрæдзийы хойынц. Иу хох загъта: – Ныккæл! Нæ кæлын зæгъгæ загъта иннæ. Нартæн та ахизæн нал уыди, æмæ та Чысыл лæппу сæ цуры февзæрд. Адæгыл цæ авæрдта, æмæ цæ хæхты сæрты ахаста. Нартæ фæрсынц Чысыл лæппуйы: – Ацы хæхтæ цæуыл кæрæдзийы хойынц? – Адонæй "ныккæл" чи дзуры, уый афтæ зæгъы: "Адæмæн сæ фæстаг быдырмæ цæуы." Иннæ хох, "нæ кæлын" чи дзуры, уый разы нæу æмæ уый та афтæ зæгъы: "Нæ, адæмæн сæ фæстаг хæхтæм цæуы". Нæ фидауынц, æмæ кæрæдзийы хойынц. Ахызтысты уырдыгæй дæр, æмæ Чысыл лæппу йæ фæндагыл араст и... Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та сæ цыды кой кæнынц. Амбæлди цыл иу зæронд ус, æмæ цæ фæрсы: – Кæй хуртæ стут, уæ мад уæ хуртæй бафсæда? Уæ уынд – уынды хуызæн, уæ кондæн æмбал нæй, кæдæм тагъд кæнут? – Махæн нæ фыдыфсымæр Болатбæрзæй уыд, – дзуры Уæрхæг. – Уый амардтой гуымир-æлдар æмæ уæйгуытæ. Йæ хæцæнгæрзтæ дзæгъæл баззадысты. Æмæ уырдæм у нæ цыды сæр, хъуамæ цæ 'рхæссæм. Æнæуый та стæм Нарты адæмæй. – Уæдæ ацæут, æз уæм ам фæлæудзынæн. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Болатбæрзæйы хæцæнгæрзтæм араст ысты, æмæ цæ ссардтой – мæнæ сыджыты сагъдæй лæууынц. Стæй фæттæ химидæг зилын байдыдтой. Уарт сырх зынгæй артау ыссудзы. Болатбæрзæйæн йæ кæрдтæ сæ кæмттæй зынджыстъæлфæнтæ 'ппарынц. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цæ систой, æмæ раздæхтысты. Цæуынц сæ фæндагыл Нартыбæстæм. Мæнæ та сæмбæлдысты уыцы зæронд усыл. – Æрбахæддзæ стут? – Мæнæ стæм! – Æмæ ахæм хуызы куыд ацæудзыстут Арвычызгмæ? Сымахæн хæдзары бадæн кæм уыдзæн! Æмæ Арвычызг афтæмæй иунæгæй кæдмæ цæрдзæни? – Мах нырма зонгæ дæр куы никæй кæнæм. Кæй хъуамæ 'ркæнæм? – Уæртæ, авд доны фале зæхх судзгæзынгæй арт кæм уадзы, уым ис, йæ къултæ 'ндонæй кæмæн ысты, ахæм фидар. Дыууæ рæсугъды бады йæ мидæг. Сæ цæсгæмттæ – хурæнгæстæ, сæ бакаст та – стъалыты хуызæн. Уыдон ын куы 'ркæниккат Арвычызгæн! Уæд Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фатфæдисон фехстой фæйнæ фаты. Уæрхæджы фат дыууæ чызджы фидарыл сæмбæлд, Уæрхтæнæджы фат та – Чысыл лæппуйы уæлкъæсæр. Дыууæ чызджы систой Уæрхæджы фат, æмæ йæ æрывæрдтой чыргъæды мидæг. Чысыл лæппу та й' адæгыл Нарты цур фестад. – Цы сæр уæ бахъуыд? – Дæ хорз хорз у, æмæ ма нын иу хорзы куы бацæуис, – загъта Уæрхтæнæг лæппуйæн. – Уæртæ авд доны фале, зæхх судзгæзынгæй арт кæм уадзы, уым фидæртты цæры дыууæ рæсугъды. Æмæ цæм мах усгур цæуæм. Нæ фæндаг дард у, нæ хъуыддаг барст у. Чысыл лæппу цæ адæгыл авæрдта. Ныр Зæронд ус дæр семæ. Æртæ догны сæрты куыддæр ахызтысты, афтæ атыдта сагты сæрхъæдбос, æмæ сурмæ 'рхаудтой сеппæт дæр. Цæуæн цын нал уыд – нал размæ, нал фæстæмæ. Уыцы рæстæг Донбеттыр сæ цуры февзæрд, æмæ цæ фæрсы: – Цы кодтат уый, мæ хæрæфырты хъæбултæ? – Мæнæ сагты сæрхъæдбос аскъуыд, æмæ нын цæуæн нал и. Æмæ дын уæд Донбеттыр дон фæхуыскъкодта. – Уæртæ хъæдмæ бацæут, æмæ цын уæрдæхтæй ыскæнут сæрхъæдбос сагтæн. Сурмæ ахызтысты. Уæрдæхæгтæ ракодтой хъæды, æмæ цæ сæрхъæдбос ацарæзтой. Абадтысты адæгыл, æмæ та цæуынц. Уæд та нæуæгæй сæрхъæдбос аскъуыди, æмæ цъæх фæзыл сæ тъæпп фæцыди. Ног сæрхъæдбос та аразынц лæппутæ. Стæй фæкастысты 'мæ уæртæ иу уæйыг фынæйкæны. – Басудзут æй фынæйæ, – дзуры Зæронд ус. – Цы нæ хъыгдары, уадз æмæ фынæйкæна! – загъта Чысыл лæппу. – Уый хуымæтæг нæ уыдзæн, ам æй ныммарæм! – загъта Уæрхæг. – Фынæй лæг амарын дæ сæрмæ та куыд хæссыс? Худинаг у! – загъта Уæрхтæнæг. Йæхæдæг уæйыджы фындзыхуынчъы арц фæцавта. Æмæ фехъал и уæйыг. – Цы дæ хъыгдарын, цæуыннæ мæ уадзыс фынæй кæнын? – Тыхгæнæджы хуызæн дæ, æмæ нæ тых бавзарæм. – Ацу уал, кæдæм цæуыс, уырдæм. Фæстæмæ куы цæуай, уæд сæмбæлдзыстæм æмæ нæ тых дæр бавзардзыстæм уæд. Уæрхæгитæ дарддæр цæуынц. Æмæ ныххæддзæ сты, авд доны фале, сæ къултæ 'ндонæй кæмæн уыдысты, уыцы фидæрттæм. Уыдон та уыдысты Нарты цыфыддæр ызнаг Буртæджы фидæрттæ. Буртæг йæхæдæг рагæй нал уыд. Уый раджы бабын Нарты Борæйы 'хсарæй. Фæлæ йæ фидæртты цæргæйæ баззадысты Буртæгæн йæ дыууæ фырты. Æмæ дзуры Зæронд ус Нарты лæппутæм: – Фидары хуылфмæ уæ никæй бауадздзысты. Ам уал лæуут, стæй уæм бæрæг уыдзæн. Хъахъхъæнджытæ Зæронд усы фидары хуылфы фæмидæгкодтой. Цæй, цы баистут зæгъгæ цæ афарста Зæронд ус. – Мæнæ иу фат... Нæ уæлкъæсæрыл æй ныссагъта Хуыцау, æмæ йæ мах дæр чыргъæды нывæрдтам де рцыдмæ. – Уый Нарты лæппутæн сæ иуы фат у. Хъахъхъæнджытæ цæ куы базыдтой, адон Нартæ сты зæгъгæ, уæд Буртæлæджы фырттæй кæстæрмæ фæдисы фесты. Сæ хуыз фæлыгъди 'мæ йæм дзурынц: – Уæ, дæ фыдæхæй фесæфæм! Диссæгтæ, диссæгтæ... – Зæгъут, цы федтат? – Æндон фидæртты 'ддейы æртæ лæджы федтам. Никуы ма уыд ахæм гуырдтæ. Къахæй-къухмæ сты гæрзифтонг. Хуымæтæг нæм нæ фæкастысты. Цы цын бакæнæм? – Арвитут цæм гуымир-уæйыджы! Гуымир-уæйыг цæм расæррæтласта, фæлæ йæ Уæрхтæнæг æвиппайды уæрагсаст фæкодта. Хъахъхъæнджытæ дзурынц Буртæджы фыртмæ: – Гуымир-уæйыг уæрагсаст фæци. Уый куыддæр фехъуыста, афтæ Буртæджы фырт загъта: – Фидæртты дуæрттæ сæхгæнут. Фидæрттæм хæстæг макæй æрбауадзут! Æфсад фидæрттæ æрæхгæдтой, æмæ цъиуæрбатæхæг дæр никæй уал уагътой. Чысыл лæппу дæр та й' адæгыл уым февзæрд, æмæ дзуры: – Ам хæцгæйæ нæу. Фæлтау æфсæндуарыл арт бафтауæм. Йе 'вдузæнтæ 'рфæлмæн уыдзысты, æмæ дуар йæхæдæг байгомуыдзæн. Æмæ цæ 'нцонæй басæтдзыстæм æфсæдты. Зæрисæры лæппуйы фæнд хорз фæкаст Нартæм, æмæ стыр арт ыскодтой æфсæндуары бын. Дуары 'вдузæнтæ фæлмæнзылд байдыдтой. Уæрхæг æмæ йæ Уæрхтæнæг иу цæф ыскодтой дуар, æмæ йæ батыдтой мидæмæ. Фæмидæг ысты фидары хуылфы, фæйнæрдæм кæсынц æмæ цæм талынгæй иу зæронд ус дзуры: – Азилут уал фидæртты мидæг. Æз уын уæ фæндæттæн фадæттæ ссардзынæн. Ма тыхсут мацæуыл. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг азылдысты фидары хуылфы, æмæ дурдзæджындзыл æртæ зæронды ауыдтой – рæхыстæй бастæй: куыройыфыдтæ зилынц радыгай æмæ ссынц нартхорынæмыг. Сæ хид лæдæрсы зæрæдтæн. Нартхоры ссад се уæнтыл æрмæрины бæзнæн ысбадт. Уæддæр сæ куыст нæ уадзынц. Сæ хуыз фæцыди, æмæ ма тыхулæфт кæнынц. Æнæбары ма лæууынц сæ къæхтыл. – Ай цы ми кæнут? – афарста цæ Уæрхæг. – Галтæ куы нæ стут, уæд ацы куыройыфыдтæ цæмæн зилут? Уæ уæрджытыл ма тыххæй куы лæуут. – Уæдæ цы кæнæм? Нæ хъалæй, мыййаг, куы нæ стæм ацы ран. Ахæстадæмæн сæ бон цы у? – Ахæсты стут, уый æз дæр уынын, фæлæ ма уæ бæттын та цæмæн бахъуыди? – Ахæсты канд мах не стæм. Ам мидæгæй бирæ адæм лæзæры. Йæ сонтыбонтæй йæ базæрондмæ чи удхар кæны ам, ахæмтæ дзы дзæвгар ис. – Мах дзы 'рмæст уе ртæйы уынæм. Уæд иннæтæ кæм ысты?.. – Уæрхтæнæг мæстæй рафыхт. – Буртæг иунæг уыди, уæд мингай адæмты куыд æрцахста?!. – Йæхæдæг ма гъа, фæлæ йæ фырттæ! Нæ уд ма удыл тыххæйты хæцы. Нæ туг нын банызтой доны бæсты! Æртæ зæрондæн Уæрхтæнæг сæ рæхыстæ рарæмыгъта. Стæй адзырдта мæсыджырдæм: – Æддæмæ ракæсут, цы нымбæхстыстут? Æви æппын уазæг никуы федтат? Буртæджы фырттæй сæ иу рауад, æмæ цæм дзуры: – Уазæг – Хуыцауы уазæг! Алыбон æгас нæм цæут кæддæриддæр. – Æмæ цыл йæхи цингæнæг ыскодта. Стæй цæ хæдзармæкæныныл ысхæцыд. – Ма бахизут йæ разæй, – дзурынц зæронд лæгтæ. Уыдон дæр Буртæджы фырты разæй бауагътой. Стæй йæ фæстæ хъавгæ бахызтысты сæхæдæг дæр. Зæронд ус та фæзынд кæцæйдæр. Чысыл лæппумæ дзуры: – Бауай мидæмæ, æмæ бамбарын кæн Нартæн: ма хæрд сисæнт сæ къухмæ, ма дæр – нозт. Раздæр зæгъæнт сæ ныхас. Кæннæуæд цæ 'рбайсафдзысты. Чысыл лæппу 'й адæг дуармæ фæуагъта, хæдзары фæмидæг æмæ Зæронд усы ныхæстæ сусæгæй Уæрхæджы хъусы адзырдта. Уайтагъддæр фынг сæ разы февзæрди, хæрд æмæ нозтæй зæхмæ тасыд, ахæм фынг. Фæлæ Нарты лæппутæ ницæмæ 'вналынц. – Дардæй цæуæг ыстут, уый бæлвырд у. Фæллад æмæ фæлмæцыдæй хъуаг нæ уыдзыстут. Æрывналут фынгмæ, – загъта цын Буртæджы фырт. – Хæрынмæ, мыййаг, не рцыдыстæм. Мах æрцыдыстæм сылыстæгагур. Сымахмæ хонынц дыууæ рæсугъды, мах нæхæдæг дæр æрмæст дыууæ стæм. Зæгъут нын исты дзуапп. Æмæ уæд бахæрдзыстæм, баназдзыстæм, – загъта Уæрхæг. Фысым цæм дзуры: – Дыууæ чызджы мæнæ мæсыджы хуылфы бадынц. Уæд Чысыл лæппу дæр бамбарынкодта, дыууæ чызджы кæм æмбæхст ысты, æмæ Уæрхтæнæг цæхæр ыскалдта. – Ды мах афæливынмæ хъавыс, æз дын дæ мæнг ныхæстыл не ууæндын. Уæдæ мæсыджы хуылфы 'мбæхстæй кæй дарыс, уыдон нæ цурмæ цæуыннæ 'ркæныс? Уæрхтæнæг мæсыджы тигъыл сæнцади йæ сынæгæй, æмæ йæ тигъ æркалди. Фæзындысты дыууæ чызджы. Ауыдтой цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, æмæ кæсынтыл цæм фесты. Æмæ уыцы рæстæг Буртæджы фырт дыууæ рæсугъды фидары цъуппыл абадынкодта: – Гъеныр цæ райсут, кæд уыдоныл дзырдтат, уæд. Уæрхæг фæдзырдта Чысыл лæппумæ: – Гъеуыцы чызджыты зæхмæ 'ркæн. Чысыл лæппу абадти й' адæгыл, фехситт дын кодта сагтыл, æмæ дымгæйау атахтысты. Мæсыджы сæрмæ схæддзæ сты. Стæй мидлæуд фæкодтой дыууæ саджы, æмæ цæ уайтагъд Чысыл лæппу адæгыл абадынкодта чызджыты, æмæ цæ æриста Уæрхæджы цурмæ. Уæрхæг фæрсы Буртæджы фырты: – Ныр та цы зæгъыс? – Ныр цæ акæнут! – Ау, æмæ чызг афтæ фервитынц? Чындзæхсæв цын цæуылнæ кæныс? – Чындзæхсæвы хъуыддаг мæнмæ нæ хауы. Мæ хистæр æфсымæр бынаты ис, æмæ кæнæд уый чындзæхсæв. – Фæдзур ма йæм ардæм. Буртæджы кæстæр фырт бацыд йе фсымæрмæ. – Ахиз дæлæ уазджытæм. Нæ чызджыты нын мæсыгæй æристой, æмæ чындзæхсæв домынц. Гæнæн ын нал уыд, æмæ рахызти. Арфæ ракодта Буртæджы хистæр фырт Нартæн æмæ загъта: – Алыбон æгас нæм цæут, уазджытæ! – Æнæнизæй цæр! Чызджытæ куы 'рвитут, уæд цын чындзæхсæв та цæуылнæ кæнут? Цы ма загътаид Буртæджы фырт, æмæ скодтой ыстыр чындзæхсæв. Фынгтæ равæрдтой кæрæй-кæронмæ, фæлæ адæм-зынæг нæй æппын. – Ай уæ чындзæхсæвы адæм куы нæ ис! Уæд уæм уый куыд кæсы? – афарста цæ Уæрхæг. – Мæнæ – сымах, мæнæ – нæхæдæг. Чи ма нæ хъæуы? – загъта Буртæджы фырт. – Хъæубæсты адæм. – Нæ мын æрбацæудзысты. – Мæнæ ахст цы 'ртæ лæджы уыди, уыдоны цæм арвит. Уыцы ‘ртæ лæджы цæм арвыстой, фæлæ адæмæй ничи 'рцыди. – Чындзæхсæвы бæсты цын сæ мардмæ 'рцæудзыстæм, – дзырдтой бирæтæ. – Дардылфынгтæ хорз æрæвæрдтат, фæлæ дзы адæм нæ уынæм. Æнæ адæм та мах цæрын нæ зонæм. Ныггæнды кæй дарут, уыдонæн нымæц дæр нæй. Рауадзут цæ, æмæ уæд адæм сæхæдæг æрцæудзысты. Цы ма загътаид Буртæджы фырт! Байгомкодтой уыйбæрц ныггæндтæ. Адæм цыдысты 'мæ цыдысты. Иуы дæр цæ хуызы ртах нал уыди, мæрдонæнгæс æвдыстой сеппæт дæр. Кæрты нал цыдысты 'мæ дуармæ цæуын байдыдтой. Хъæуы адæм уый ку' ауыдтой, уæд – чи йæ фырты агуырдта, чи – йæ фыды, чи – йæ чызджы, чи та – йæ мады. Хъæр æмæ ахстæн кæрон нал уыди. – Ам æфхæрд чи баййæфта, уыдон бон у абон, æмæ 'рбадæнт мæнæ ацы фынгтыл, æмæ чындзæхсæвы чи заргæ кæнæд, чи та кафгæ, – загъта Уæрхтæнæг. Уæд иу зæронд лæг, зыбыттаг зæронд, размæ рацыд æмæ дзуры Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ: – Зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, чи стут? Кæцæй æрцыдыстут? Айбæрц адæм ахæстæй чи фервæзын кодта, уыдон хъуамæ мах дæр зонæм. – Мах ыстæм Нартæй, дыууæ 'фсымæры. – Дзæбæхæй цæрат! Фæлæ æз иу хабар ахæм зонын: Нартæ-иу сæ маст нæ уагътой æнæрайсгæ, фыдгæнæджы-иу арты басыгътой, уæд сымахыл цы 'рцыди? – Ау, æмæ мах цастæ аххосджын ыстæм? – Сымах ку' ацæуат,уæд мах хъуамæ нæхиуыл арт бафтауæм. Æндæр нын ницыуал хос и. Цæрын нæ нал ныууадздзысты Буртæджы дыууæ фырты. Мæнæ цы 'ртæ зæронд лæджы суагътат раздæр, уыдон ме ртæ фырты сты. Цы чызджыты кæнут, уыдон та – мæ чызджытæ. Тыхæй цæ байстой. Ацал- ауал азы цæ сæ мæсыджы дарынц. Дон, хоры хъæстæ сæхи нæ кодтой. Нæ мады конд хæринаг нын куы нæ дæдтат, уæд искæй хойраг нæ бахæрдзыстæм зæгъгæ, уыууыл ныллæууыдысты. Ме ртæ фырты мын бастæй фæдардтой, куыройыфыдтæ зилынц уыдон дæр цæргæ-цæрæнбонты. Ныр адæмы фæндон уæ дыууæмæ хауы. Буртæджы дыууæ фырты хъуамæ сындзынарты басудзæм. Адæм дын ныхорхоркодтой уыцы ныхæсты фæстæ. – Марын цæ хъæуы! Адæмы фæндæй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æрцахстой Буртæджы фыртты. Арты цæхæрмæ цæ бакодтой æмæ цæ басыгътой. Стæй адæм чындзæхсæвы рабадтысты 'мæ æнæхъæн къуыри фæминаскодтой. Уыйфæстæ Чысыл лæппу й' адæгыл авæрдта Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы, ноджы дыууæ чызджы, æмæ Нартæм æрфардæг ысты. Арвычызг дын куыннæ ныццинкодтаид! Иу ахæм чындзæхсæв та уый ыскодта. Æнæхъæн къуыри хæрд æмæ нозт уæлвынг уыдысты. Уыйфæстæ алчи фæцыди йæ фæрныг хæдзармæ, Арвычызг та йæ фырттæ 'мæ йæ чындзытимæ цæргæйæ баззад. УÆЙЫГ ДЫУУÆ РÆСУГЪДЫ КУЫД АСКЪÆФТА Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, фынæйæ цы уæйыджы федтой, уый райхъал. Акасти, æмæ – Буртæджы фидары цæрæг дæр нал и. Базыдта, дыууæ рæсугъды чидæр цыдæр фæкодта 'мæ агурæг зилын байдыдта сæ фæдыл. Иубон Уæрхтæнæг дзуры Уæрхæгмæ: – Мах аххосджын ыстæм уæйыджы раз. Нæ тыхтæ йемæ нæ бавзæрстам. Ныр уый зæгъдзæн фæтарстысты зæгъгæ. Уый та махæн ыстыр худинаг у, æмæ йæм фæцæуæм, бавзарæм нæ тыхтæ. – Цы ма йæм цæуæм ардыгæй уырдæм? Кæд йæ зæрдыл æрлæууæм, уæд нæ йæхæдæг агурдзæн. – Нæ, уый худинаг у, ныхас ныууагътам. Ныхас фæсайын æй Хуыцау бахизæд. Ныр Чысыл лæппу дæр уым, æмæ уый дæр йæ дзырд баппæрста: – Ныхас ныхас у, цæуын æм хъæуы! Æмæ абадтысты сæ сагадæгыл æмæ фæцæуынц уæйыг агурæг. Кæсынц, æмæ иу доны был иу бæгънæг лæг йæ къухтæ тилы. Фæрсынц æй Нартæ: – Цы кæныс, хорз лæг, бæгънæг цæмæн дæ? – Барæй афтæ бакодтон, æндæр мын не рлæууыдаиккат. Æз Донбеттыртæй дæн. Сымах амардтат Буртæджы фыртты. Ацал-ауал азы цæм ахстæй фæци мæ иунæг лæппу. Ныр сымах руаджы фервæзти. Куывд ын кæнын, æмæ уæ хонын сымах дæр. – Бузныг де 'гъдауæй, бузныг де рхъуыдыйæ. Фæлæ нын уый фадат нæй. Дзырд загътам, фынæй цы уæйыг кодта, уымæн, æмæ йæ хъуамæ ссарæм. Махæн нæ дзырдæн фæсайæн нæй. – Цæй, кæд афтæ у, уæд-иу уæ хæст фурды былмæ хæстæг ыскæнут. Мæ бон уын цы уа, уымæй уын баххуыскæндзынæн. Фæндараст фæут, æмæ уæхи фæндиаг ут. Донбеттыр уадид фæдæлдон ис. Нартæ та дарддæр кæнынц сæ фæндаг. Æрцыдысты с' адæгыл, уæйыг кæм фынæйкодта, уыцы бынатмæ, фæлæ дзы никæй æрæййæфтой. Дискæнынц, уæдæ кæдæм фæцыди уæйыг? – Банхъæлмæ уал кæсæм, – дзуры Чысыл лæппу – зындзæни ардæм. Чызджыты куыд акодтой, уый уæйыг зоны, æмæ цæ агурдзæн, æвæдздзæгæн, хæхты 'мæ фæзты. Уæдæ 'ндæр цы фæуыдаид? Æрынцадысты фæзыл æртæйæ. Уæд дымгæ сыстад æмæ бæстæ йæ сæрыл хаста. Уыцы стыр бæлæстæ фæлдæхтысты сæ быныл. Кæсынц, æмæ уæйыг æрбацæуы. Йæхи 'руагъта æмæ та æвиппайды афынæй. Донбеттыр дын уæд йæ хид калгæ 'рбахæддзæ. – Цы фестут, лæппутæ? Стыр бæллæхтæ! – Хæстулæфт кæны, афтæмæй дзуры Донбеттыр. – Цавæр бæллæхтæ? – Арвычызг йæ дыууæ чындзы дон хæссынмæ ракодта. Уыцы рæстæг уæйыг доныбылты зылди. Ауыдта дыууæ рæсугъды, æмæ цæ фæхаста йе рхуымæсыгмæ. Арвычызг та йæхи кæуынæй мары. Лæппутæ тынг фæхъынцъымкодтой, æмæ дын Уæрхтæнæг фынæй уæйыгмæ базгъордта. Уæйыгæн йæ сæрастæу уыди æртæ урс хъуыны: иу дзы йæ ныфс уыд, иннæ йæ тых уыд. Æртыггаджы та йæ уд æвæрд уыд. Уæрхтæнæг цыл æнæнхъæлæджы куыддæр æгъдауæй фæхæст йæ къухæй, æмæ фынæй уæйыг фехъал. – Цы кæныс уый, лæппу? Фынæй мæ бауадз! – Уæлæмæ сыст, нæ тохы бон у! – Тох чи фæкæны, уый искæй сæрыхъуынтæм нæ лæбуры. Фæлæ йæ кард райсы 'мæ афтæмæй ысхæцы тыхæвзарæны. Уæрхтæнæг дæр ын йæ хъуынтæ суагъта. Уæйыг йæ сæрыл æфсæнхуд æрсагъта, æмæ та йæ хуырхуыр ыссыд. Уæрхтæнæг мæстæй рафыхт æмæ дын æй къахæй ыстъæпласта: – Уæлæмæ сыст, нæ хæцæн бон у! Уый не стади. Æртыггаг хатт дæр та йæ ныууыгъта. Фæгæпкодта уæд уæйыг. Уæрхтæнæгимæ хъæбысæй-хъæбысмæ фесты, æмæ сæ кæрæдзийы хойын райдыдтой. Сæ хæст доныбылырдæм æрцыди. Уæйыг Уæрхтæнæджы систа, æмæ йæ раст мигъты сæрмæ фехста. Уæрхтæнæг дæр уæд йæхи рауагъта, æмæ уæйыгыл йæхи ныххуырста. Йæ фадхъултæм æй сыджыты ныссагъта. – Йæ сæрастæумæ йын бахъав, – дзуры Донбеттыр Уæрхтæнæгмæ. – Уым ын ис æртæ хъуыны. Уыдон куы нæ фæлыгкæнай, уæд ын мæлæт нæй. Уæйыг Уæрхтæнæджы дыггаг æхст фæкодта. Уæрхтæнæг кард æлвæстæй рахаста, æмæ дзы нырриуыгъта уæйыджы сæр. Иу хъуын дзы фæхаудта, æмæ йæ Донбеттыр амбæхста. Уæйыгæн йæ ныфс асасти, фæлæ ма йæ тых- йæ бонæй фехста уæддæр Уæрхтæнæджы. Уæрхтæнæг дæр та кардæлвæстæй æрцæйтахт. Нырриуыгъта уæйыджы сæр, æмæ дыггаг хъуын дæр атæхынкодта. Уыцы хъуын дæр Донбеттыр амбæхста. Уæйыг та Уæрхтæнæгмæ февнæлдта, хъуамæ йæ фехстаид, фæлæ дзы нал тых уыди, нал – ныфс. Æмæ йæ 'рбырста Уæрхтæнæг. Уæд æм Донбеттыр дзуры Уæрхтæнæгмæ: – Бафæрс æй æрхуымæсыгæй. – А дунейы ма дæ кæд цæрын фæнды, уæд мын зæгъ: кæм и де рхуымæсыг? – афарста Уæрхтæнæг уæйыджы. – Уый та ма уæ цæмæн бахъуыд? – Уымæй нæ ма бафæрс! Цы гæнæн ма йын уыди, æмæ цæ акодта уæйыг хохæн йæ тæккæ рæбынмæ. Къæдзæхастæуæй иу æфсæндуар зынд. – Бакæнут дуар, æмæ мидæмæ бахизут, – загъта уæйыг. – Уым ис ме рхуымæсыг. Уым ысты дыууæ рæсугъды дæр, æмæ цæ ракæнут. – Сайгæ уæ кæны, ма йыл æууæндут. Æфсæндуар йæхæдæг бакæнæд, – дзуры Донбеттыр. – А дуар дæхи аразгæ у, йæ бакæнын дæр дæхи бар у, – загъта йын уæйыгæн уæд Уæрхтæнæг. Нæ разы кодта уæйыг, фæлæ йæ нал уагътой Нарты лæппутæ. Уæйыг æфсæндуар бакодта, æмæ бахызтысты мидæмæ. Дунейы стæгдарæй дзы бацæуæн нал уыд. Бирæйы 'нгуылдзтæ дзы уыдысты ихсыд, чи та дзы дæндагдзæф уыди. Æмæ йæ фæрсынц Нартæ уæйыджы: – Ай цавæр ыстæгдар у? – Ам мæ бæстæ у, – загъта уæйыг. – Æз мæ бæстыл æрбацæуæг уагътон, фæлæ мæ бæстæй ацæуæг нæ уагътон, æмбæлæггаг истон. Кæуыл тыхкодтон, уыдоны сæфтон, кæуыл нæ тыхкодтон, уыдоны та ардæм сайдтон, æмæ цыл-иу æфсæндуар сæхгæдтон. Ам сыдæй мардысты. Кæрæдзийы 'нгуылдзтæ 'хсыдтой фырæххормагæй. Гъемæ уыдон ыстæгдартæ сты. Уæртæ уый та ме рхуымæсыг у. Дыууæ рæсугъды дæр уым ысты. Уæрхтæнæгæн дын йæ туг рахсысти, æмæ уæйыгæн йе ртыггаг хъуын дæр атæхынкодта. Иу хъæр ма фæкодта уæйыг: – Амарддæн! Уыцы хъуын дæр та систа Донбеттыр, æмæ йæ нывæрдта йæхимæ. Уæйыджы хъæрмæ дыууæ чызджы ракастысты æрхуымæсыгæй. Базыдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы, æмæ цæм раппæрстой мæсыджы сæрæй Уæрхæджы фат. Уæрхæг фат систа 'мæ загъта: – Чи стут, æмæ ацы фат сымахмæ цæмæн ис? – Иу хатт æй кæддæр нæ уæлкъæсæрæй райстам. – Кæд сымах уыцы чызджытæ стут, уæд уæ уынд æмæ уæ конд та цы фæци? – Ахæстадæймагæн ма цæй конд æмæ цæй уынд вæййы! Раргъæвтой чызджыты. Абадтысты Чысыл лæппуйы адæгыл æмæ сæхимæ 'рцыдысты. Арвычызгæн дæр та йæ зæрдæ барухс, æмæ цыл фæцинкодта йæ чындзытыл. КАР ÆМÆ КÆРÆФ Нарты адæм æппæтыл тыхкодтой. Цæрын цæ нал уагътой уæйгуыты, гуымирты, дæлимонты 'мæ арвыцæрджыты. Уæд зæдтæ загътой Хуыцауæн: – Кæнæ дын – Нартæ, кæнæ – мах. Хуыцау дæр цæм байхъуыста, æмæ Уазалихыбардуагмæ фæсидти. – Нартæ коммæ нал кæсынц, æмæ цæм ды куы бацæуис. Уæд тынг хорз уаид æмæ æз цы дзуæртты сфæлдыстон, уыдонмæ нал æвналиккой. – Нартæ зынгæй гуырд ысты, – загъта Уазалихыбардуаг Хуыцауæн. – Тæрсын сæ зынгæй. – Уæд цæм фæсахсæвæрты бацу. Уазалихыбардуаг йæхиуыл æризæркодта, æмæ фæсахсæвæрты бацыди Нартæм. – Æз сымахмæ минæвар дæн! – Минæвар кæд рæстмæгæнæг у – байхъусдзыстæм дæм, кæд ныхмæдзæуæг у – басудздзыстæм дæ. – Хуыцау мæ сымахмæ рарвыста. – Зæгъ, цы йæ хъæуы. – Хуыцауы фæнды, цæмæй йын йесконд дзуæртты мауал хъыгдарат. – Уæд дæхæдæг та кæцытæй дæ? – Æз Уазалихыбардуаг дæн. – Кæд дæуæй хуыздæр кæй рарвыстаид, уый йын нæ уыд Хуыцауæн, уæд мах ихзæрдæлæджы мидæмæ нæ уадзæм. – Байхъусут мæм, кæннод фæсмон фæкæндзыстут. Нартæ Уазалихыбардуагмæ нал байхъуыстой, фæлæ йæ хъиладзагъдæй ратардтой. Уазалихыбардуаг æхсæвы Нартыл й' азар калдта. Фæлæ уыдон хъарм кæрцыты батыхтой сæхи, æмæ йæ хъуыды дæр нæ кодтой. Уазалихыбардуагæн уый æхсызгон кæм уыдаид! Хуыцаумæ ссыди 'мæ йын афтæ: – Къæрттæй цъула нæ кæнынц Нарт, стæй зæронды тых дæр ахадæн нал у. Фырттæ мын куы рацæуид дæ фæндонæй, амæй ай карздæр, амæй ай кæрæфдæр, уæд бæргæ басæттин Нарты. Æмæ мæм хъусгæ дæр кæниккой уæд. Хуыцауы фæндонæй Уазалихыбардуагæн райгуырд дыууæ лæппуйы – фаззæттæ. Нæмттæ цыл сæвæрдтой Кар æмæ Кæрæф. Æмбал цын нæ уыди арвы бын, ахæм æнæуаг рахастой. Никæуыл цæвынæй ауæрстой, никæмæн баргæ кодтой. Уазалихыбардуаджы зæрдæ цæ рухскодта 'мæ цæ стыр буц уыди. – Фæлæууæд Нартæ! Уыдон мæн ницæмæ 'рдардтой! Уыдон мын мæ дзырдæн аргъ не скодтой! Сар мын сæ сæр кæндзæни ныр. Сæ туг цын донæн баназдзынæн, уæлхъæдæй цæ ныссæлынкæндзынæн. Мизыны бон дæр цæ нал уыдзæн! Дыууæ лæппуйы рахъомыл ысты. Нырма уал хъазынц фырыхъултæй. Кæй рамбулынц, уымæн цæ фæстæмæ йæ ныхыл ныццæвынц. Уæд та иуахæмы фатæхсæн кодтой, æмæ Кар æмæ Кæрæф ноджы фыддæр фесты. – Сымах кæд ахæм тыхджын ыстут, уæд уын уæ фыд аргъ цæуылнæ кæны? Бардуаджы номæй уын нæмттæ цæуылнæ дæдты? – загътой дзуæрттæ. Кар æмæ Кæрæф сæ фыдмæ фæцыдысты уæд, æмæ йæм дзурынц: – Ды махæн цы бавæййыс? – Уæ фыд дæн. Номы куывд уын ыскодтон. Хуыцау – æвдисæн. – Фод афтæ, фæлæ нын бардуаджы номæй нæмттæ цæуылнæ дæдтыс? – Нырма 'взонг ыстут... – Мах ныр нæ лæджы кары стæм. Уæд нæм алы цæуæгæй уайдзæфы ныхас цæмæн хауы? Уазалихыбардуаг уæд куывд ыскодта, дзуарæй-дуагæй – сеппæт дæр уым уыдысты. Уæд дын Уазалихыбардуаг йæ фыртты Хуыцаумæ скодта. – Кар фæуæд Уазалыбардуаг, – загъта Хуыцау. – Уый аххосæй хъæды сыфтæр бур кæнæд, зæхх та – сæлгæ. Дон уазал кæнæд, кæрдæг – хус. Бардуаджы номæй арфæгонд фæуæд Кæрæф дæр. Дон их куыд кæна, зæххы уазалæй дуртæ тъæнджытæ куыд хауой, æмæ схъисгай куыд бауой бæлæстæ!.. Уый та уый къухы лæвæрд фæуæд! Кар æмæ Уазалыбардуаг ысси уыйфæстæ, Кæрæф та – Ихыбардуаг. Зæдтæ 'мæ дауджытæ куывды сæхи хорз федтой, æмæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Кар æмæ Кæрæф дæр сæхицæй ныббуц ысты, æмæ та хъазын байдыдтой се мцахъхъæнтимæ. Æмбылды-иу куы фесты, уæд-иу Кар йæ уазал рауагъта. Кæнæ-иу Кæрæф фыдих рауагъта. Уæд та дын иубон дауджыты фырттæ афтæ зæгъынц: – Уо, тыхджын ыстут, уый фæбæрæг и. Фæлæ нæ зонут, уæ фыды зæрдæйы цы стыр маст и, уый. Кар æмæ Кæрæф дæр та сæ фыдмæ фæцыдысты: – Нæ фыд, зæгъ-ма нын, ды дæ сусæг маст дæ зæрдæйы кæй тыххæй хæссыс? Æви афтæ 'нхъæлыс, æмæ мах æдых ыстæм? А бæстыл махыл ничи фæтых. Ничи дæр нæм йæ ныфс хæссы. Уæд цын сæ фыд афтæ зæгъы: – Фæгæдзæкæнут, базондзыстут æй й' афоныл, æз цæуыл мæстджын дæн, уый. – Нæй дын ныууадзæн, зæгъ нын æй абон. – Уæ, ацæут фæлтау. Уыйфæстæ уын æй зæгъдзынæн. Уазалихыбардуаг катайы бацыд: "Ныр ме фхæрд куыд зæгъон мæ фырттæн? Нартæм тыхкæнынмæ куы цæуой, уæд сæ бон куы ницы бауа, æмæ бынтон фæсмойнаг куы фæуон? Нæ – мæ маст æрцæудзæн ист Нартæй, нæ- мæ фырттæй исты хур фендзынæн. Цы бакæнон? Цæй, фæлтау цæм фервитон Нартæм мæ хæрæфырты, æмæ йæ базонон, кæд, мыййаг, сæ ныхас аивтой". Фæуади Уазалихыбардуаг йæ хæрæфыртмæ. Йæ хæрæфырт уыд Сæлфæнуазал, æмæ йæм дзуры: – Фæуай мын Нартæм, æмæ цæ бафæрс, кæд, мыййаг, сæ фæнд аивтой. Сæлфæнуазал Нартæм æрцыди. Кæсы, æмæ цæттæкæнынц Нартæ сæ куывдмæ. Сатæгсау ронг нард фæхсынтимæ 'хсидынц. Сæлфæнуазал цæм дзуры: – Æз сымахмæ 'рвыст дæн уæларвæй, æмæ мæм байхъусут. – Зæгъ, цы дæ фæнды. – Уазалихыбардуаг мæ рарвыста мæн. Æппын уæ ныхас нæма аивтат? – Искæд бон ивын кæй бахъæуа, мах ахæм ныхас нæ зæгъдзыстæм. Раздæхт Сæлфæн сæхимæ 'нкъардæй, æмæ 'рбадти сæ къонайы цур. Уымæн йе фсымæр Салф уыди, æмæ йæ афарста Сæлфæны: – Цы кодтай, цы дыл æрцыди? Зæгъ ма йæ мæнæн дæр. Сæлфæн ын йæ хъæстытæ фæкодта. Æмæ рарасти уæд Сæлф Нартыбæстæм, æмæ Нарт сæ куывды бадтысты, афтæмæй цæ æрæййæфта. Нартæ Сæлфы уым рацахстой, йæ сæр ын сыскъуыдтой æмæ йæ фехстой уæларвцæрджытæм. Йæ гуыр та йын фурды басхуыстой. Сæр атахти, æмæ Кар æмæ Кæрæф кæм хъазыдысты, раст уым йæ дзæхст фæцыди. Кар систа сæрыкъуыдыр æмæ дзуры Кæрæфмæ: – Ацы сæр мæм зонгæйы хуызæн кæсы. – Цом нæ фыдæн æй фенынкæнæм. Ахастой сæрыкъуыдыр Уазалихыбардуагмæ. – Æркæс-ма, нæ фыд, ацы сæрыкъуыдыр зонгæйы хуызæн у. Уазалихыбардуаг сæрмæ 'ркасти 'мæ загъта: – Ай мæ хæрæфырт у, æмæ цы кодтаид? Бауайут-ма сæ хæдзармæ. Кар æмæ Кæрæф сæ хæрæфырты хæдзары фæмидæг ысты 'мæ баййæфтой Сæлфæны. – Нæ фыд дæм дзуры. Сæлфæн рацыди Кар æмæ Кæрæфимæ. Уазалихыбардуаг æй фæрсы: – Уыдтæ Нартæм? – Уыддæн, фæлæ сæ дзырд нæ ивынц. Сæлф сæм ацыди æмæ нæма зыны. – Уæдæ уый æгас нал у – амардтой йæ Нартæ. Йæ сæр та йын уæларв бæстæм сæппæрстой. Æмæ ныккуыдта Сæлфæн йе фсымæры сæфтыл. Уазалихыбардуаг дзуры уæд Кар æмæ Кæрæфмæ: – Ныр байхъусут. Æмæ уын радзурон, мæ сусæг маст цæуыл уыд, уый. Нартæ æдзух хъыгдардтой, Хуыцау кæй ыскодта, уыцы дзуæртты. Уæд мæн Хуыцау нырвыста Нартæм. Уыдон мæм нæ байхъуыстой. Уыйфæстæ мæ расырдтой хъиладзагъдæй. Бæргæ цыл авзæрстон мæ тых, фæлæ мæ бон ницы баци. Сымах Хуыцауы фæндонæй равзæрдыстут дунемæ, стыр куывд дæр уын ыскодтон. Хуыцау уын радта бардуаджы нæмттæ: Кар ныр Уазалыбардуаг у. Кæрæф та – Ихыбардуаг. Ай уын мæ диссаг, æмæ ме стыр маст. Кар æмæ Кæрæф рахызтысты 'мæ загътой: – Мах цæуæм уæдæ Нартæм, æмæ хъуамæ схæцæм семæ. Кар æмæ Кæрæф сæхи рауагътой хохрæбынты, æмæ аууæтты хъуызгæ цыдысты. Нарты сæрмæ 'рхъуызыдысты, æмæ Нартæмæркæсæнæй кæсынц. Нартæ ма сæ куывды бадтысты. Æмæ загъта Кар Кæрæфæн: – Адоныл æз, карздæр нæй, ахæм уазал ыскæндзынæн, ды та цыл судзгæ 'мæ уыраугæ салдих рауадз. Сæлфæн та доныл рог мигъ æрæвæрæд. Уæд æнæнхъæлæджы Нартыл уазал æрбатыхсти. Сæлфæн æрбадти доныбылтыл, æмæ митхалас хаста. Нарты хæхтыл Кæрæф их равæрдта, æмæ цæ цъититæ-цъититæ самадта. Их уырдыгмæ быргæ рацыди, дон ныддæвдæг. Зæхх абыгъдæг и, кæрдæг абур. Хъæды сыфтæр æрызгъæлди. Нартæ уазалæй ризын байдыдтой, се фсæрты къæртц-къæртц цыди, сæ фынгтæ ихдзæг фестадысты. Сæ нозт та бынтон их ныцци. Нал арт кæнынмæ арæхстысты, нал сæ бон фезмæлын уыди. Ноджы цыл уад тымыгъ рахаста, миты фæлдзæгъдæнтæ хъызтимæ ихкæрц авæрдтой. Нартæ сæ кæрæдзийы нал уыдтой. Сæ фос, сæ фæллой цы фæци, уый нæ зыдтой. Иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ ацæуæн нал уыд. Ныр Зынджыбардуаг, Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг та балцы уыдысты, æмæ сæ фæндаг Нартыл ракодтой. Акастысты Нартæмныккæсæнæй, æмæ бæстæ иуыл миты бын фæци. – Ай, бæлвырд, фыддæрадæн у, – загъта Зынгæвзалы, æмæ цæхæрзынг фестад æмæ ратылди Нарты хæхтыл уырдыгмæ. Рахаста хъарм тын. Мит тайын байдыдта, зæхх ыстæфсти, æмæ Нартæ базмæлыдысты. Кæрæф ысмæсты уæд, æмæ дзуры Зынгæвзалымæ: – Уæ, цытæ кæныс уый? Нартæ нæ – сæ дзуары ном арынц, нæ – Хуыцауæн кувынц. Уадз цæ мæхи бар. – Сымах бар ныууадз Нарты, æмæ цæ хъырттызмæлæг дæр нал уыдзæн. Æз та Нартимæ хæларæй цæрын. Æмæ дæхи айс, кæннод дæ судзын! Кæрæфы бон цы уыди, æмæ йæхи хъуырхъуыргæнгæйæ хæхтыцъуппытæм систа. Кар фыдхæст самадта Зынгæвзалыимæ. Уæрхæг йæхæдæг уазалæй гæвгæвкæны, афтæмæй дзуры Зынгæвзалымæ: – Иунæгæй йын ницы бакæндзынæ. – Фæлтау мæн æмæ Уæрхтæнæджы чысыл ахъармкæн, не нгуылдзтæ цæмæй ыстæфсой. Æмæ йæ иумæ басæтдзыстæм. Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг фæхибаркодтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæхи тавтой зынгмæ. Кæрæф, Зынгæвзалы уым нал и, уый куы федта, уæд æртывæрæй ысхъызыди. Нарты адæм ныссалдысты 'мæ ныккалдысты митыл. Нарты дурынсистæ уазалы ныкъкъæскъæскодтой, æмæ фæйнæрдæм акъултæ сты. – Бахъарм ыстæм иучысыл. Æмæ бавзарæм уæдæ ныр нæ хъару! Æмæ рацыдысты – Зынгæвзалы зынг фестади. Артæртхутæг та Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгыл хъарм халас авæрдта. Схæцыдысты Кар æмæ Кæрæфимæ, æмæ дын цæ скъуымбилкодтой сæ разæй. Сæ бон нал уыди, цæмæй дыууæйæ цыппары ныхмæ фæлæууой. Сæхи айстой Кар æмæ Кæрæф хæхтыцъуппытæм æмæ уым æрынцадысты. Зынгæвзалы Нарты зынгæй атылди. Нарты адæмы тафс бацыди 'мæ сæ къæхтыл ыслæууыдысты. С' агъуыстытæм баирвæзтысты. Суагътой сæ къонаты арты 'взæгтæ, æмæ æрынцадысты сæ хуыссæнуæтты. Уæрхæг, Уæрхтæнæг, Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг дæр иу ран æнцад сæхи 'руагътой. Нарты уынгтæ цæугæдæттæ фестадысты, фæлæ ма ихы фæзгъæртæ ластой. Ныр Кар æмæ Кæрæф мæстæй æхсидынц. – Нартæ куыддæр æрфынæйтæ уой, афтæ бахъуызæм, æмæ цæ фынæйæ ныссæлынкæнæм, – дзуры Кæрæф. Нартæ фырфæлладæй тарф фынæй баисты. Уыцы афоныл Кар æмæ Кæрæф Нартæм æрбахъуызыдысты, æмæ та с' азар ныккалдтой Нартыл, Артæртхутæг фехъал и 'мæ дзуры йе мбæлттæм: – Æрхъуызыдысты та Кар æмæ Кæрæф. Фæгæппытæластой сæ хуыссæнуæттæй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Семæ сырх зынгæй рахызт Зынгæвзалы. Ногæй та хæцынтæ систой. Æмæ фæлыгъдысты боныцъæхафонты, хур куы сцæйкасти, уæд Кар æмæ Кæрæф. Хуыцауæн хъыг уыди, æмæ смæсты – хъуамæ йæ Зынгæвзалыйы амардтаид. Фæлæ йæ Артæртхутæг йæ хъæбысы бакодта йе фсымæры, æмæ йын ницы уыди. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Кар æмæ Кæрæфы асырдтой фæстейы. Кар æмæ Кæрæфæн уæларвмæ лидзæн нал уыди, æмæ гуымиртæм базгъордтой. Дзурынц цæм тыхулæфтгæнгæ: – Мах уе уазæг, гуымиртæ! Нартæ нæ цæрын нал уадзынц, æмæ мах – уæ фæдзæхст. Гуымиртæ дын рахъызыдысты Кар æмæ Кæрæфы сæрыл. Адон мах уазджытæ сты 'мæ аздæхут зæгъгæ загътой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн. Æмæ раздæхтысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Зынгæвзалы Артæртхутæджы хъæбысæй дзуры: – Хуыцау нæм ысмæсты. – Смæсты уæд! Зæхх æппæты фаг дæр у, – загътой æфсымæртæ. Уыйадыл зынгæй æвзалы баззад Нартæм, æмæ Æртхутæг дæр. Зынг æфсахсæвæр æртхутæджы банордын, уый фæткæн у ныр дæр ма нæ Иры. УÆДÆРÆДЖЫ ХÆСТ Уæдæрæг гуымиртæй уыди. Кар æмæ Кæрæф ын радзырдтой сæ хабар. Æмæ цын уæд Уæдæрæг афтæ зæгъы: – Нартæ куыддæр фæфылдæр уой, афтæ нæ æнцой нал ныууадздзысты, фæлæ цæ кæнæ бынтонфæцæгъдæм, кæнæ та цæ къаддæр фæкæнæм. Уæдæрæг фат-фæдисон ныхъхъæркодта, æмæ æрæмбырд ысты гуымирты адæм. – Нартæ нын ыстыр фыдæбон æвзарынкæнынц. Никæуыл ауæрдынц, æмæ цæм бырсын хъæуы, – загъта Уæдæрæг. Гуымиргомы адæм, куы цæм байхъуыстаис, уæд сеппæт дæр иу ныхас кодтой: – Зынгæй гуырд ысты, зынгæй ард бахордтой, æмæ зын сæттæн ысты. – Цалынмæ фылдæр нæ баисты, уæдмæ цыл тых хъæуы. Уыйфæстæ сæхæдæг махыл фæтых уыдзысты, æмæ ма нæ цæрын дæр кæм ныууадздзысты, уæд! Райдыдтой æфсадхон æмбырдкæнын гуымир-адæм. Зæхх цæ нæ уырæдта, уыйас баисты. Æмæ фарстой: – Кæд цæуæм Нартæм? – Нартæм алы майрæмбоны куывд, йе хъазт вæййы. Æмæ цæ тымбылæй ныййафдзыстæм, – загъта Уæдæрæг. Майрæмбоны Гуымиргомы 'фсад æрбацыдысты, æмæ Нартыбæсты кæрон æрынцадысты. Барвыстой Нартæм: "Мах, Гуымиргомы адæм, сымахмæ 'рцыдыстæм. Фæнды нæ, цæмæй нæ уе стыр хъазтмæ бауадзат." Нартæ уыцы рæстæджы сæхи симдыл сифтыгътой æмæ загътой: – Мах нæ симды дæр тыхæвзарæн кæнæм. Рацæут нæм. Уæхи куыдфæнды, афтæ! – Симгæ-симын-иу Нартæн сæ къахуæлфæдтыл ныллæуут, цæмæй цæ цæуæн мауал уа, – фæдзæхста Уæдæрæг йе фсадæн. Бацыдысты Нарты симды Уæдæрæг æмæ йæ бирæ 'фсад. Симынц, æмæ цын барæй сæ къахуæлфæдтыл фæлæууынц Нартæн. Уæдæрæг æмæ йæ бирæ 'фсад цæ сæ уæфсæгтыл зæгæлхуыд бакодтой. Кæй къахыл фæлæууынц, уый къахуæлфадæй туг сæнхъизы, æмæ йыл цæуын нал фæфæразы. – Уаих æрбауат, цы Нартæ стут! Кæд уæ къахуæлфæдтæ тæндзæгæй не сты! – дзырдта Уæдæрæг. Æдзæм, æмырæй лæууыдысты Нартæ. Иу улæфт дæр уæ ничи скодта. Æрмæст куыдфæстæмæ тыхджынæй тыхджындæр кодта сæ симды змæлд æмæ сæ уынæр. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уыцы заман Нартæмæркæсæнмæ 'рхæддзæ сты, æмæ кæсынц уырдыгæй бынмæ Нарты симдмæ. Уæдæрæг бынтондæр ысуагъта йæ цæсгом: нал ын арт и, нал – фæнык. Куы иуы къахыл фæлæууы Нартæй, куы иннæйы къахыл. Уæд дын Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æнцадгай æрхызтысты дæлвæзмæ 'мæ бацыдысты Уæдæрæджы дæлæрмтты, æмæ симынц йемæ. Гуымирты 'фсадæй иу Сырхбоцъо хуынди, æмæ йæм уый дзуры Уæдæрæгмæ. – Нæ зонын, нæ зонын. Фæлæ ды адонимæ ницы бакæндзынæ. Дæ къахы уæлфæдтæ дын куы ныцъцъæл, куы ныммуркæной, уымæй ыстыр фæллойаг у. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Уæдæрæджы къæхтыл куы фæлæууынц, уæд Уæдæрæг размæ бахауы. – Налат фæуат, кæд уазæгæн ахæм митæ нæ чындæуы! – загъта Уæдæрæг. – Налатæй налатдæр дæхæдæг! Фыдызнаджы митæ ды кæныс. Сæ къæхты уæлфæдтæй цын туг ды суагътай Нартæн. – Нал æм фæлæууыд Уæрхæг дæр. Хылмæ цын асайдта сæ ныхас, æмæ схæцыдысты Нарт Уæдæрæджы 'фсæдтимæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг арцыл систой Уæдæрæджы. Гуымирты 'фсад уый куы федтой, уæд лидзæг фесты сæ фылдæр. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æристой арцæй Уæдæрæджы. Йæ къæхтыл ын фæйнæрдæм ахæцыдысты, æмæ йæ уым дыууæ дихы бакодтой. Уыйфæстæ, уацары чи бахауд, уыдонæй дыууæ лæджы рацахстой æмæ цын загътой: – Ахæссут мæнæ уе смаггæнаджы! Уыдон фæтарстысты, æмæ йæ фæдкалгæ дыууæ дихæй аскъæфтой Уæдæрæджы. Ныццыдысты гуымир-æлдармæ йæ дыууæ 'фсæддоны. – Нартæ Уæдæрæджы дыууæ дихы акодтой, æмæ йæ мæнæ, куыд уыныс, афтæмæй рарвыстой. Гуымир-æлдар тынг ысмæсты ’мæ загъта: – Цавæр тыхыхицау цæ скодта Хуыцау, дæлæмæ фæуа! Махæн афтæмæй цæугæ нал у ныр. Фæлæ цæ 'рсайæм фидыды алдзæн. Хорз цæ фæрасыгкæнæм, кæрæдзийы куыд нæ уал æмбарой, афтæ. Стæй цæ уæд æнцонæй басæтдзыстæм. Уыйадыл гуымир-адæм сæхи цæттæ байдыдтой. Афæдз рацыд, фæлæ гуымир-адæмæй Нартæм ничиуал фæзынд. Нартæ дæр цын фæзынынæнхъæл нал уыдысты 'мæ цардысты 'нцад сæхицæн. НАРТ ÆМÆ ГУЫМИРГОМЫ 'ЛДАР Гуымир-адæм сæ маст нæ рохкодтой. Иузаманы цæм æрбарвыстой фидиуæг Нартæм: – Уæ, уæ номыстæн, уæ, уæ фыдыстæн, сымах нæ куывдмæ куы нæ 'рцæуат! Мæстытæ дæр бирæ фæкодтам кæрæдзийæн æмæ цын æгъгъæд ыскæнæм. Фæлтау хæларæй цæрæм. Кæд нæм уæ сæр дарут, уæд нæм фæзынут иу бон. Нартæ кæрæдзимæ бакастысты. Æмæ цын Уæрхтæнæг загъта Нартæн: – Раст бæргæ у фидиуæджы ныхас. Фæлæ гуымир-æлдарыл æууæнк нæй. Иннæмæй та цæм кæд фæсмон æрцыди? Уæддæр махæн цæуын баззад фæтчыйæ, æмæ нæ фæтчы ма фехалæм. – Тыхы сæрыл нæ ницы ахæсдзæн, – загътой Нартæ. – Уæдæ нын гуымир-æлдар æхсарæй дæр ницы бакæндзæн. Фæлæ нæ кæд æгъдауыл агуры, уæд мах ницыуал зæгъæм. Фæтæрхонкодтой. Стæй фæстагмæ Уæрхæг афтæ зæгъы: – Ацæуæм, фенæм, кæддæра нын цы 'гъдау ыскæнид. Æмæ загътой фидиуæгæн: – Иннæ ацафон иумæ уыдзыстæм гуымир-æлдары куывды. Нартæ сæхи цæттæ байдыдтой. Уæд цæм иу ус бадзырдта: – Уæ, ма йыл баууæндут. Бирæгъ у гуымир-æлдар. Афтид гæрццæй йæм цæуæн нæй уымæ. Усы ныхæстæм Нарт æрыхъуыстой, æмæ мидæгрон бабастой сæ кæрдтæ. Сæ бæхтыл бабадтысты 'мæ фæцæуынц. Гуымир-æлдар дæр хъуыдыкодта: кæд ыл фæдызæрдыг ысты, мыййаг, Нартæ? Кæд, мыййаг, сæ маст æртывæрæй исынмæ хъавынц? Æмæ загъта й' адæмæн: – Æнæ хотыхтæй сæмбæлут Нартыл. Науæд дызæрдыджы бахаудзæн не знаг. Рацыдысты гуымир-æфсад Нарты размæ. Кæсынц Нартæ, æмæ дзы никæмæ уынынц æппын хотыхтæ. Уæд Нартæй сæ иу афтæ зæгъы: – Бæлвырд: гуымир-æлдары фидауын æрфæндыд, – æнæ хотыхæй ныл сæмбæлдысты йе фсад. – Уыйбæсты дæ хотых æмбæхстæй дар, – загъта иннæ. Уæдмæ цыл гуымир-æфсад худгæйæ сæмбæлдысты. – Алыбон æгас фæцæуат, Нартæ, мах чи 'рхъуыдыкодта, æмæ мах чи буцкæны! Фыдæхы бонтæ цины бонтæ фод! Гуымир-æфсад кафгæ цыдысты Нарты разæй. Сæ рыг афтæ сыстади, æмæ бæрзонд æврæгътæм цыди. Гуымир-æлдар бадти уырынгыздыхт, пылыстæгæй арæзт къæлæтджыныл. Йе уæхсчытыл тинтыкæрц æппæрст, афтæмæй рацыд сæ размæ гуымир-æлдар, æмæ загъта: – Æгас æрцæуат, Нарты фæсивæд! Рагæй бæллыддæн æз уæ фенынмæ. Уе рцыд – уæхи бар, у' ацыд та – мах бар. Фæстаг ныхæстæ Нарт нæ бамбæрстой. Кæрæдзийы къухтæ райстой. Стæй цæ ахизынкодтой уазджыты хæдзармæ. Гуымир-æлдар уæлейы бадти. Йæ бынмæ уæрм ыскæнынкодта рагвæлгъау. Йæ тинтыкæрцы мидæгæй хæтæл бамбæхста. Уæрмы сæрыл та хуынкъ ныууадзынкодта. Хуынчъы комкоммæ мигæнæн æвæрд. Æмæ-иу гуымир цы нуæзта, уый-иу хæтæлыл мигæнæнмæ ацыд. Гуымир-æлдар рабадти фынджы сæр, йæ фарсмæ Дæлимонтæй иу. Уый фарсмæ та – æртыггаг лæгæн – Нарты Уæрхæг бадти. Иннæ фарсырдыгæй та уæйыг Бадти. Гуымир-æлдар райдыдта рæгъытæ уадзын. Цыма нуазгæ кодта, уыйау- иу йæ нуазæн дзыхмæ бæргæ схаста, фæлæ йæ сусæгæй хæтæлы уагъта, æмæ йæ нуазинаг уæрммæ лæдæрсти. Нарты адæм та куыд вæййы, æмæ куыд æмбæлы, афтæ кодтой. Гуымир- æлдары хин йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыди. Рæгъытæ кæм уæлейæ дæлæмæ цыдысты, кæм та – дæлейæ уæлæмæ. Нарты адæм бахъæлдзæг ысты æмæ домынц Гуымир-æлдарæй: – Айхуызæн фынгыл хъуамæ зардыхъæр хъуыса! Уыимæ ма дзы кафын дæр хъæуы! Æппынæдзухæй нуæзт сæрнизы хос у, æндæр ницы. – Зард дæр мæ рох нæу, азардзыстæм, – загъта æлдар. – Стæй кафтæн дæр уыдзæн рæстæг. Æмæ цæуынц рæгъытæ кæрæдзийы фæдыл, иу рæгъ иннæйы 'рбаййафы уадид. Гуымир-æлдар хинлæг уыди, æмæ фæдихтæкодта фæсивæды. Алы дих дæр уым йæ номыл нуазæн хаста. Нарты адæм та нуазгæ кодтой. Иуæй- иутæ дзы бафæлмæцыдысты фырнуæзтæй. Æмæ та Нартæ гуымир-æлдармæ дзурынц: – Хистæр бæргæ дæ! Фæлæ æгъдау дæр ма саф. Зарын хистæрæй цæуы. – Уæ, фæгæдзæкæнут, зардæн дæр бынат уыдзæн. Гуымир-æлдар рарвитынкодта зæронд устыты, æмæ уыдон номæй рæгъ рауагъта. Нартæн ма цы гæнæн уыди – хъуамæ баназой. Гуымир-æлдар ракуывта: – Зæронд æфсинтæ бæркадкъух ысты. Сæ цæрæнбон бирæ! Хæдзары дзаг къæбиц нын уыдон ыскодтой! Анызта рæгъы нуазæн хинæйдзаг гуымир. Бакуывтой уыцы рæгъæн Нарты адæм дæр, æмæ та банызтой дзаг нуазæнтæ. Зæронд устытæ арфæ ракодтой. Æмæ рацæуынкодта гуымир-æлдар уайсадæгчындзыты. Гуымир-æлдар та ракуывта: – Фылдæр чындзытæ уæд, фæзмæд хистæрты! Хистæртæн цы нæ бантыст, уый сымахæн бантысæд. Уæ хистæрты къæбиц дзаг уæд кæддæриддæр. Цас-иу дзы фæхъауат – æртывæр ыл бафтæд. Рæзут, æмæ уæ цард та хъæздыгдæр кæнæд! Анызта ацы нуазæн дæр хинæйдзаг гуымир. Нартæн дæр ма цы гæнæн уыд – æфсарм æфсарм у, æгъдау та 'гъдау. Уайсадæг-чындзытæ арфæ ракодтой æмæ ахызтысты. Уæд та гуымир-æлдар рарвитынкодта чындздзончызджыты. Уыдон номæй дæр та ракуывта гуымир: – Нæ царды фидауц нæ чызджытæ сты. Хуры 'рбакаст сæ цæстæнгас у, хуры хъарм – сæ бауызæлд. Нæ чызджыты номæй хæстæгдзинад рæзы... Æмæ нæ чызджыты номæй фæцæуы ацы рæгъ! Гуымир-æлдар анызта йæ нуазæн, æмæ Нарты адæм дæр сæхион банызтой. Уыйфæстæ чызджытæ арфæ ракодтой, æмæ ахызтысты. Нарты адæм фæстагмæ фыдрасыг фесты. Æмæ Гуымир-æлдар загъта: – Нарты сæхи бар бауадзут иучысыл! Иу ыстыр чъырынмæ цæ акæнынкодта Нарты, æмæ цыл уым æфсæн дуæрттæ сæхгæнынкодта æлдар. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы та акæнынкодта йе рхуымæсыгмæ, æмæ цæ уым мæсгæны ныппæрстой. Сæ сæрыл цын къæй ныффæлдæхтой, æмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уым талынджы лæзæрыдысты. Гуымир-æлдар куыд нæ ныццинкодтаид: йæ фæнд сæххæст! Ныр Нарты адæм ахæсты фесты, æмæ цæ нал рауадздзæни... Нартæ æрчъицыдтой дыггаг бон. Райхъал ысты, æмæ кæрæдзимæ бакастысты. Стæй загътой: "Ай кæм бахаудтам?" С' алыварс уыд ыстыр чъырынкъултæ. Уырдыгæй цын нæ – ахизæн уыд, нæ – агæпкæнæн, нæ дзы абырæн уыд. Катайы бахаудысты Нартæ 'мæ зæгъынц: хинæй ныл рацыд хинæйдзаг гуымир. Уæрхæг райхъал раздæр, æмæ Уæрхтæнæгмæ дзуры: – Цы хабар у ай, нæ – арвы цъæх зыны, нæ – хур зыны, нæ – стъалы 'рттивы, нæ – мигътæ уынын. Уæрхтæнæг дæр дын акаст – афæлгæсыд, æмæ йæ зæрдæ куыддæр фæуæззау, æмæ дзуры Уæрхæгмæ: – Мацы фæнд ыскæна гуымир-æлдар? – Банхъæлмæкæсæм. Æмбисæхсæвы гуымир-æлдар æрбацыд. Къæй сисынкодта 'мæ йæ базыдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг: ай мæсгæны куы бадынц. – А, кадимæ нæ бæргæ 'рхуыдтай, фæлæ нæ дæ мæсгæны та цæмæн ныппæрстай? – загъта Уæрхæг. – Сымах амардтат Уæдæрæджы æмæ уæ хъуамæ гъеуыцы маст райсон. – Уæдæрæг махмæ бырсгæ ныккодта, æмæ йæхи аххосæй фесæфт. – Уомæ, сымах дæр бырсгæ 'ркодтат. Æз уын куы загътон: "Уе рцыд уæхи бар уыди, фæлæ у' ацыд та мæ бар у." – Бæргæ дæ 'мбæрстон, ды мах сайгæ кодтай. Фæлæ не гъдау фехалын мæ бон нæ уыд. Уæд та цы курыс, уый нын æргомæй куы зæгъис... – Уæдæрæджы туг мын цæмæй фидут? – Ды цы зæгъай, уый бакæндзыстæм. – Уæдæ иу мæй æххормагæй фæбадут ам мæсгæны. – Дæлдæр фæуай, æмæ чи бафæраздзæн æнæхъæн мæй ам æххормагæй? – Цы ссарат мæсгæны, уый-иу бахæрут. Ныффæлдахын цыл кодта гуымир мæсгæныкъæй. Æмæ та талынг мæсгæны баззадысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Уæд Гуымир-æлдар бацыд чъырынмæ, æмæ цæ фæрсы Нарты адæмы: – Цæй, куыдтæ стут? – Цы фыддæр фæуæд дæ сæр. А, хонгæ нæ бæргæ 'рбакодтай, фæлæ нын æй нæ фарсæй систай. Гуымир-æлдар бахгæнынкодта чъырыныдуæрттæ 'мæ рацыди. Ныккатайкодтой уæд Нарт æмхуызонæй, ай кæм бахаудтам зæгъгæ. Гуымир-адæмæй иу чызг Нартæн сæ хæрæфырт уыди. Æмæ дын дзуры уый йæ мадмæ: – Æна цæра, де фсымæртæ сеппæтдæр ахæсты куы сты! Уæд куыд æнцад бадыс? Нарты адæмæн цæуылнæ баххуыскæныс исты? – Æна дæ фæхъхъау куы фæуид, æмæ Нарт куы фервæзиккой. Фæлæ нæ гуымир-æлдар куыддæр базона, афтæ нæ куыйтæн бахæрынкæндзæн. Нарт æрхъуыдымæ дæсны сты, æмæ та кæд исты фæрæз уаид... – Æмæ цы бакæндзысты? Сæ иутыл – чъырыныдуæрттæ фидар æхгæд. Дыууæйæ та мæсыджы мæсгæны бадынц, æмæ уыдонæн дæр фезмæлæн нæй. Нæ цын дон дæдтынц, нæ цæм хæринаг уадзынц. – Байхъус, æмæ дын иу фæнд бацамонон. Мæсгæны бын, тæккæ къуымрæбын, ис иу тымбылдур. Тæхуды 'мæ, уыцы дур бынмæ ныппарын сæ къухы куы бафтид. Уæд уым иу нарæг фæндаг фæзынид. Æмæ уырдæм куы ныххизиккой, уæд иу чъырыны хуылфмæ бафтиккой. Æмæ уæд, дарддæр цы кæнын хъæуы, уый базониккой сæхæдæг. Чызг азгъордта 'мæ æрхуымæсыгмæ бауади. Ракъахта мæсыгрæбын хъилæй, æмæ ныдздзырдта мæсгæны бынмæ: – Уæ, байхъусут, Нарты лæппутæ, мæ мадыфсымæртæ! – Чи нæм дзуры? Цы зæдыхай дæ? Æмæ дæ цы хъæуы махæй? – Æз уæ хæрæфырт дæн, цæй зæдыхай дæн! Мæ фыд гуымир-æлдары къухæй фæмард, мæ мады та мын хæдзарæй æддæмæ ракæсын дæр нæ уадзы. Æз хъуызгæ ракодтон. Мыййаг, куы раирвæзат, уæд-ма-иу хъæуы кæронмæ акæсут. Уым хибарæй лæууы нæ хæдзар, цъæх æлыгæй сæрст. Мæсгæнæн йæ иу къуымы иу тымбыл дур ис. Сымах бавдæлут, æмæ йæ уырдыгмæ ныппарут, æмæ фендзыстут йæ быны иу нарæг фæндаг. Уыцы фæндагыл-иу ахизут, æмæ бафтдзыстут иу чъырынмæ. Æмæ фендзыстут уæхиуæтты. Дарддæр хъуыддаг уæхицæй аразгæ у. – Бузныг, стыр бузныг, – загътой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Чызг, цы хуынкъæй дзырдта, уым сыджыт ныннадта 'мæ афардæг. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æрысгæрстой, æмæ уайтагъд ыссардтой къуымрæбын иу тымбылдур, сыджытæй æмбæрзт. Йæ сыджыт ын акалдтой, æмæ дур бынмæ ныппæрстой. Мæсгæны бынты иу нарæг фæндаг цыд. Лæппутæ йыл ауадысты. Кæсынц, æмæ дын чъырынмæбахизæн иу лæг хъахъхъæны. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг ын йæ къубал ыстыдтой, æмæ йын йæ сæр мæсгæны хуынчъы атъыстой. Сæхæдæг Нартæм æрбалæууыдысты 'мæ цæ фæрсынц: – Цæй-ма, куыд ыстут? – Уæхæдæг куыд ыстут? – Мах ноджы фыддæр ран уыдыстæм – мæсыджы мæсгæны. Хуры рухс нæм никуыцæй цыди. Нæ нын дон уыди, нæ – хæрд. Иугæндзон талынджы бадтыстæм. – Уæдæ мах дæр сымах хуызæн ыстæм, æрмæст ма нæм хурыцæст каст. – Уыдон – хорз, фæлæ нæ исты 'рхъуыды хъæуы, – загъта Уæрхæг. – Чъырыны сæрмæ схизæм, æмæ уырдыгæй акæсæм. Чи зоны 'мæ кæд Нарты хæрæфырт уым искуы разынид, æмæ нын исты хос ыскæнид. Уæрхæг чъырыны сæрмæ сбырыд, æмæ акасти уырдыгæй. – Гуымир-æлдар та 'рбафсæры мæсыгмæ. Уый мах бæрæгкæнынмæ цæуы, хъæлæкк. Уыцы рæстæг чызг дæр фæзынди, æмæ дын æм Уæрхæг æрдзырдта: – Уæ, мæ чысыл хæрæфырт, гъæй-джиди, æмæ мæм уе фсæнрæхыс куы сдæдтис! Уæд дын æз дæ маст бæргæ райсин. Чызг азгъордта 'мæ се фсæнрæхыс æрдавта. Слæвæрдта йæ Уæрхæгмæ. Уæрхæг рæхысы кæронцæг чъырынмæ бафидар кодта, иннæ кæрон та бынмæ рауагъта. – Иуыл ахизæм, уый хорз нæ уыдзæн. Гуымир-æлдар уал фыдздзаг мæсгæнмæ цæудзæн. Æз æмæ Уæрхтæнæг уым нал уыдзыстæм. Фæрсдзæн уæ сымах. Æмæ-иу зæгъут: "Мах никæй федтам", Нæ фæстæ-иу рæхыс фæстæмæ раппарут. Стæй гуымир-æлдарæн мах исты хос кæндзыстæм. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг рæхысыл æрбырыдысты, æмæ чъырыны æддейы фесты. Нартæ рæхыс феуæгъдкодтой, æмæ йæ чызгмæ авæрдтой. – Ацу, æмæ рæхыс йæ бынаты сæвæр. Уæдмæ дæм мах дæр зындзыстæм. Чызг аскъæфта рæхыс 'мæ уадид ныххæддзæ сæхимæ. – Дыууæйæ 'рхызтысты чъырыны сæрæй, æмæ цæ ардæм хъæуы ныртæккæ! – загъта чызг йæ мадæн. Æфсæнрæхыс йæ бынаты сæвæрдтой. Гуымир-æлдар мæсгæнмæ бауад, фæлæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн уым сæ дымгæ дæр нал уыд. Æрмæст къуымрæбын, тымбылдур кæм уыд, уырдыгæй зынд хъахъхъæнæджы сæр. Гуымир-æлдар фæтарсти 'мæ ныхъхъæркодта: – Тагъд чъырыны фенут Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы! Кæуылдæрты аирвæзтысты... Федтой чъырын, æмæ дзы – ахæст адæм. Уæрхæгæн æмæ Уæрхтæнæгæн уым сæ кой, сæ хъæр дæр нал уыд. – Ничи уæм уыди? – Ничи, – загътой ахæст адæм. – Уæдæ уе мбæлттæ цы фæуыдаиккой? – Ам нæ куы бакодтат чъырыны, уæдæй нырмæ цæ мах нæ цæстыкæронæй дæр нал федтам. Æгас ысты, нæ – уый дæр нæ зонæм. Раздæхтысты 'мæ гуымир-æлдарæн загътой: – Дæ фыдæхæй фесæфæм, не 'лдар! Уыдонæн сæ фæд чъырынмæ нæ бацыд. – Ацæуæнтæ æрыхгæнут иуыл, æмæ фенут хæдзæртты. Уыдон арæнæй н' ахызтаиккой. Цалынмæ гуымирты 'фсад арæнтæ 'хгæдтой æмæ хæдзæртты зылдысты, уæдмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ хæрæфыртмæ 'рбацыдысты. Цинтæ, хъæбыстæ. Стæй афарстой чызджы мады: – Ды Нартæй кæцытæй дæ? – Сæ хистæр фæлтæрæй. – Афтæ фехъуыстам, æмæ не сиахс мæрдтæм гуымир-æлдары къухæй бацыд. Уый æцæг у? – Уо, мæ хъæбултæ! Уо, ме фсымæртæ! Гуымир-æлдар ныл хъалон æрывæрдта. Хъалон дæр афтæ: афæдзы 'мбис ын хъуамæ бакусæм, æртæ мæйы куыстытæ – уымæн, æртæ мæйы куыстытæй та ма нæхæдæг цæрæм. Ничи фæрæзта уыдон бафидын. Нæ лæг рацыди гуымир-æлдары ныхмæ 'мæ йын загъта: "Уый æгæр кæныс". Гуымир-æлдар йæ маст нал бауырæдта, æмæ йæ 'рцауындзынкодта. Уæдæй фæстæмæ мæн æддæмæ нал уадзы. Мæ чызгæн та 'рмæст бон иу хатт ис рацæуæн. Уый дæр дон хæссынмæ. – Уæд цæмæн афтæ кæны? – Æз æм цумагæнæг уыддæн, æмæ мæсгæны хабар мæны йæддæмæ ничи зыдта. Тæрсы, мыййаг æй куы зæгъон. Уыдон ныхæстæ куыд кодтой, афтæ чызг кæцæйдæр æрбазгъордта сæхимæ. – Фесæфтыстæм, Æна! – Цы у, цы хабар у? – фæрсынц æй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. – Гуымир-æфсад хæдзари-хæдзар зилынц. Ныр махмæ дæр æрбацæуынц. – Уый мах агурынц, – загъта Уæрхæг. – Бæлвырд дæр афтæ! Мæнæ нæ фæскъул цъына амад и, æмæ уал уым куы бамбæхсиккат, – загъта чызджы мад. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цъынайы хуылфы æрымбæхстысты. Гуымир-æфсад хæдзармæ 'рбацыдысты 'мæ фæрсынц мад æмæ чызджы: – Ам уæм чи уыди? – Махмæ чи хъуамæ уа! Хæдзары къæсæрæй мæ акæсын куы нæ уадзут! Мæ чызджы та мын бон æрмæст иу хатт уадзут дон хæссынмæ. Уæхæдæг æй ку' акæнут... Фехъусынкодтой æфсад гуымир-æлдарæн: – Дæ фыдæхæй фесæфæм неппæт дæр. Никæй хæдзары разынди сæ фæд. – Уæд та сæхи истæуыл рауагътой мæсыгæй? Фенут-ма æфсæнрæхыстæ, кæддæра хафт рæхыс кæй къонайыл ис. Ногæй та æфсад хæдзæрттыл азылди. Нарты хæрæфырт хъуыддаг бамбæрста, æмæ рæхысы бын арт акодта. Гуымиры 'фсад та цæм фæзындысты. Бакастысты рæхысмæ 'мæ гæзæмæ хафт уыд, иннæйы ала бамбæрзта. Фæрсынц та мад æмæ чызджы: – Ацы рæхыс хафт цæмæй уыдаид! – Мах нæ рæхыс æрвылбон дæр сæрфгæ кæнæм, – загъта чызг. – Сæрфты хуызæн нæу, фæлæ хафты хуызæн у. – Лыстæг уырдурæй йын йæ сæг ныххафын. Гуымирмæ дын фæхабаркодтой. Гуымир-æлдар уæд йæхæдæг æрбацыди мад æмæ чызгмæ. Уыцы карзæй цæ фæрсы: – Тагъд мын зæгъут, ам чи уыди? – Ничи нæм уыди, дæ рын бахæрон, – дзуры мад. – Мах æддæмæ ракæсын куы нæ уадзыс. Мæ чызг дæр æнæ сымах дзырдæй куы никуыдæм хизы. Уæд нæм цы агурыс? – Уæ рæхыс хафты хуызæн цæмæн у? – Мæнæ йæ чызг уырдурæй æрвылбон хафы. – Нæ мæ асайдзыстут. Нартæй дæ дæхæдæг дæр, æмæ дæ чызг дæр. Сымахмæ сты 'мбæхст Нартæ. Æмæ дын дæ чызджы акæндзынæн. Æрхуымæсыджы дын æй ныппардзынæн мæсгæны. Стæй цæ куы схъæр кæнай уыцы дыууæ лæджы, уæд дын æй рауадздзынæн. – Уой, ницы зонын. Ныууадз мæ, не лдар! Гуымир аласынкодта чызджы йæ дзыггутæй. Мад нырдиагкодта, йæ рустæ ма тыдта, фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. Ныппæрстой чызджы, æрхуы мæсыджы цы мæсгæн уыди, уым. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг мадмæ 'рбауадысты уыцы хабарæн йæ хæдуæлвæд. – Мах тыххæй дыггаг æфхæрд æййафыс. Фæлæ нæ хотыхтæ куыддæр нæ къухы бафтой, афтæ дæ маст дæр, дæ чызджы маст дæр æмæ Нарты маст дæр райсдзыстæм, ма тæрс! – Уæ хотыхтæ хотыхдоны уыдзысты. Куыддæр æризæр, афтæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хотыхдонмæ бацыдысты. Дуар басастой, æмæ талынджы рахастой Нарты хотыхтæ. Куырисбæстытæ цæ скодтой, æмæ цæ æхсæвы слæвæрдтой чъырыны сæрмæ. Нартæй алчи йæ хотых систа. Бон куыддæр дзирдзур кæна, афтæ схæцдзыстæм зæгъгæ цын загъта Уæрхæг Нартæн. Чъырыны сис фегомкæнын та сымах бар у. Гуымир-æлдар фæрсы йе фсады: – Арæнтæй, мыййаг, кæд ахызтысты уыцы сæфты лæппутæ? – Цъиуы фæд дæр нæй арæнтыл. – Иугæр афтæ у, уæд ам кæмдæр æмбæхст уыдзысты. Сæхæдæг нæм зындзысты ныр. Гуымир-æлдар алы хæдзары дæр лæгтæ бауырæдта. Бон цъæхтæ кодта, афтæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æд хотыхтæ, чъырыны цы 'фсад уыди, уыдоныл ысхæцыдысты. Гуымиртæ дын фехъусынкодтой: "Фæзындысты уыцы дыууæ ахстлæджы, дæ фыдæхæй фесæфæм, фæлæ афтидарм нæ разындысты. Сæ хотыхтæ сæхимæ сты. Чи цæ радта, уый бæрæг нæу". – Фенут-ма цæ хотыхдоны. Хотыхдон бынтондæр афтид у зæгъгæ йын загътой æлдарæн. – Марын хъæуы уыцы дыууæйы æвæстиатæй! Чъырыны цы ахæст адæм и, уыдоныл та арт бафтаут. Гуымирты 'фсад ысхæцыдысты, фæлæ цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг чъырыны къулмæ бассывтой. Уыцы рæстæг чъырыны фарс фегом, æмæ къул ракалди. Дуртæ кæрæдзийы сæрты схъиудтой. Кæуыл-иу амбæлдысты, уыдон-иу сæ бынаты 'рхаудтой мардæй. Фылдæрæй фылдæр кодтой гуымирты 'фсад. Фæлæ цæ ноджы фыддæр цагътой Нартæ. Уæд чызджы мад куыддæртæй ралыгъд, æмæ ссардта Нарты фаззæтты: – Мæ чызг æрхуымæсыджы мæсгæны бады. Аивæй йæм бадзурут, Мæсгæнæн йæ галиу къуымы иу цæг ауыгъд ис, æмæ йыл цæмæй дæлæмæ 'рхæца! Уæрхæг æфсадимæ хæцыд, Уæрхтæнæг та æрхуымæсыгмæ бауади. – Мæ хæрæфырт, уым ма дæ, цы? – Ам дæн, ам! – Уым галиу къуымы цæг ауыгъд ис, рацагур æй, æмæ йыл уырдыгмæ 'рхæц. Чызг галиу къуымы асгæрста, æмæ ссардта уыцы цæг. Æрхæцыди цæгыл, æмæ æфсæн дуæрттæ ныггыбаргыбур кодтой, æмæ æрыхгæдтой алырдыгæй бацæуæнтæ. Æфсад æрхуымæсыгмæ куыд цыдысты, афтæ цæ Уæрхтæнæг цæгъдынтæ систа. Иннæрдыгæй цæ Уæрхæг нæ уагъта, мæсыджы бынмæ цы сусæг фæндаг уыд, уырдæм. Уæд Нартæ чъырыны къулæй ракалдысты, чъылдымдзæф фæкодтой гуымирты 'фсады. Стыхстысты гуымир-адæм, чи кæдæм лыгъд, уый бæрæг нал уыд. Чи кæдæм цыди, уый нал зыдта. Схъомпал ысты гуымирты 'фсад, афтæмæй кæрæдзийы схуыстытæкодтой, кæрæдзийы цавтой. Уыйадыл æфсад куынæг байдыдтой. Гуымир-æлдар ыскатай æмæ йæхи байста æрхуымæсыгмæ. Уый æнхъæл кæцæй уыд, æмæ Уæрхтæнæг уым уыдзæн. Уæрхтæнæг ауыдта гуымир-æлдары 'мæ йæм дзуры: – Багъæц, нал фæцæудзынæ! Рацахста йæ йæ даргъ боцъотæй, Æрхуымæсыгæн æй йæ сæрмæ сыскъæфта. – Тагъд радт ахæм дзырд, æмæ де фсад сæ гæрзтæ куыд æрывæрой. Гуымир-æлдарыл ма цы бон уыд, æмæ æцæгæй дæр радта ахæм дзырд йе фсадæн. Æфсад сæ гæрзтæ æрывæрдтой. Уæд Уæрхтæнæг гуымир-æлдары æрхуымæсыджы сæрæй рахста. Æмæ ныппырх и гуымир-æлдар мæсыджы рæбын. Суагъта мæсгæнæй Нарты хæрæфырты. Стæй ма, гуымирты 'фсадæй чи баззад, уыдоны фæрсы: – Кæй ма уæ фæнды махимæ хæцын? – Махæй хæцын никæйуал фæнды. Цы ма нæ баззад, уый дæр сымах фæрцы. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн, стæй Нартæн сеппæтæн дæр ыстыр кад ыскодтой Гуымиргомы адæм æмæ цæ стыр лæвæрттимæ рарвыстой Нартæм. Нарты хæрæфырт æмæ йæ мад дæр фервæзтысты се знæгтæй, æмæ уыйфæстæ Хуыцауы цардæй цардысты сæхицæн æнцад-æнцойæ. АЗЫРТЫ СÆФТ Азыртæ тыхджын æмæ фыдмыггаг уыдысты. Тых хастой алкæмæ 'мæ цæм ничи уæндыди. Сæхицæй хуыздæрыл никæй нымадтой, сæхицæй уæздандæр никæй хуыдтой. Бон цын куывдæн уыди, æхсæв та – чындзæхсæвæн. Бæрæг нæ уыдысты, фæлæ сеппæт дæр – æнæрцæф адæм. Цуаны-иу кæуыл фæхæст ысты, уый-иу бастыгътой æмæ-иу æй бæгънæгæй æркæнынкодтой. Нартæ сæ цуан никуы уагътой, æмæ иубон куы уыд, уæд Уæрхæг цуаны араст. Азыртæм иу хæдзары авд æфсымæры уыди. Уыдон дæр цуаны уыдысты, афтæмæй Уæрхæгыл амбæлдысты. – Ай, æмæ чи дæ? – Æз нæртон лæг дæн. Азырты авд æфсымæры кæрæдзимæ бакастысты, стæй сæ иу загъта: – Нарты адæмы мах цырагъырухсæй ку' агурæм, уæд ардæм кæцæй æрхауддæ? – Цуаны рацыддæн мæнæ. Уæдæ дын немæ дæр æдзæугæ нæй. – Æмæ сымах чи стут? – Азыртæй ыстæм. Нæ фыд нын Нарты кой арæх фæкæны. Рацу немæ, фæцин дыл кæндзæн, стæй махæй та бузныг фæуыдзæн. Уæрхæг дзуры йæхинымæр: "Чи сты Азыртæ? Æз цын сæ кой дæр куы никуы фехъуыстон. Цæй, уæддæр цæ фенон, цы мын кæндзысты?" – Бузныг уе гъдауæй, фæлæ нæхицæй цæугæйæ хæдзары ныхас нæ ныууагътон, æмæ мæм сæ зæрдæ куы 'хсайа... Æндæр хатт уæм ацæудзынæн. – Чызг, мыййаг, куы нæ дæ! Цæмæй дын тæрсынц? Лæг балцæн гуырд у, æмæ, алы хатт йæ бинойнагæй йæхи чи куры, уый цæй лæг у! Хардзау фæкастысты Азырты ныхæстæ æнæрцæф Уæрхæгмæ, æмæ цæм дзуры: – Куыд уынын, афтæмæй мæ сымах æфхæрынмæ хъавут, æмæ бавзарæм уæд нæ тыхтæ. – Ныббар нын. Кæд фæрæдыдыстæм, уæддæр – нæ сонтæй. – Уæдæ нæ фыдмæ нæхи куыд равдисæм? Уæд та нын уый хатыр, лæджы хатыр бакæ, æмæ рацу немæ. – Афонмæ дæр афтæ загътаиккат æмæ араст и Уæрхæг авд æфсымæримæ Азыртæм – уазæджы цыдæй. Авд æфсымæры 'рсайдтой Уæрхæджы 'мæ дзурынц сæ фыдмæ азырæвзагæй. – Абоны цуан диссаг рауади. Лæппыны бæсты нæлтæй æркодтам. Фæлæ йæм нырма худæнбылæй ракæс. Азырты хистæр сыстад æмæ Уæрхæгæн йæ къух райста. – Уæ, амондджын фæуай, абоныбон! Рагæй-æрæгмæ дæр æз нæртон лæджы фендмæ куы бæллын! Цы зæдыхай дæ 'рхаста уæд мæ хæдзармæ? Уæрхæг февнæлдта зæронд лæджы къухмæ, æгæр æй фелхъуывта, æмæ зæронд миддзутцæг аци, туг рахъардта йæ ныхбынтæй. – Æрбад уал, мæ хур. Чи ма стут мыггагæй, кæмыты цæрут? Мемæ хæлар уыд зæронд Сæуæссæ, мæрдты рухсаг уæд. Иумæ хæтæнты бирæ фæхаттыстæм. Сымах уæд гуырд дæр нæма уыдыстут. – Хъусæм мах дæр нæ фыдæлты кой, – загъта Уæрхæг. – Фæлæ цæмæй зонæм бæлвырд: хæлар цын чи уыд æмæ знаг? Чи цæ зыдта, ахæм нæ сыхы ничиуал баззад. – Нæ, мæ хур акæнай, раст зæгъыс. Кæцæй зонат, сымах-сонт адæм, мах та – зæрæдтæ. Фæлæ нæ рæстæджы мах не знæгтимæ карзæй хæцыдыстæм. – Уо, хъуыстам афтæ, – зæгъы Уæрхæг дæр, – сау гуымиртæ 'мæ уæйгуытæ... Уыдонимæ туглæсæнхæст кодтой нæ фыдæлтæ. Ныр дæр ма нæм ныхмæ фæлæууынц. Уæйгуыты коймæ зæронд фесхъиудта, уымæн йæ кайыстæ уыдысты, æмæ йæ афарста: – Ды дæр хæцыдаис семæ? – Цалдæр хатты, нæ-иу нæ уагътой. Уæрхæг æмбарын райдыдта, цыдæр хины фæнд кæй кæнынц Азыртæ, фæлæ йæ æддæмæ не вдыста. Цыма никуы æмæ ницы, йæхи афтæ дардта. Цалынмæ уыдон ныхæстæкодтой, уæдмæ авд æфсымæры та сæ фæнд кодтой. Уазисæн хатæны фынг авæрдтой, æмæ 'рбауайынц. Цыма уайдзæфкæнынц сæ фыдæн, сæхи афтæ 'вдисынц. – Ныхæстыл æй дарыс уазæджы, фæлæ йын уазисæнмæ рацу зæгъгæ нæ зæгъыс. Ныххатыр мын кæн, уазæг, зæгъгæ загъта зæронд лæг. – Ныхæстыл дæ фæкодтон. Ахизæм уал уазисæнмæ, кæд дæ фысымтæ фесгуыхиккой. – Хуыцау уæ фарс уæд, уæхи уæлдай тыхсын ма кæнут. – Ахиз, цæй, разæй, – хатынц Уæрхæгмæ. – Фысымты разæй н' ахиздзынæн. Бахызт уазисæнмæ зæронд лæг. Уæрхæг дæр йæ фæдыл бацыд. Фæйнæ анызтой. Уæд авд æфсымæры кæстæр хатыркурæгау дзуры йæ фыдмæ: – Уазæг нæм ис, æмæ йын кусарт акæнын хъæуы. Скувæм Хуыцаумæ. Зæронд лæг уый æфсон уазисæнæй рахызти. Уæд дын Уæрхæгыл дуар ахгæдтой. Астæрд ысфæлдæхтой. Уæрхæг йæхи нал бауырæдта, астæрды бын фæци æмæ уым цæджджинаджы смидæг. Цæджджинаджы бын цъæх арт судзы. Тæвд æм нæма сæндæвта, афтæмæй цæм Уæрхæг дзуры: – Кæд мæ фыцын ис уæ зæрды, уæд мын тагъддæр м' арммæ саджы хом ысгуы авæрут. Сгуы йæм авæрдтой. Уæрхæг сгуыйы кæроныл йæ ныхвæр асагъта, æмæ йæ уыцыиу зыввытт нылласта. Ныхвæр атахти 'мæ Нарты Уæрхтæнæджы риуыл сæмбæлд. Æркаст æм Уæрхтæнæг, æмæ фæхъæркодта: – Уохх, нæ лæг кæмдæр удисæн кæны! Уæрхтæнæг Хурмæ адзырдта: – Кæд мын æххуыскæныс, Нарты Хурзæрин, уæд мын зæгъ, Уæрхæг чердыгæй ис? Хуры 'рдæг фæсау и, æмæ сихорафон, фæталынг и бон. Уæдæй баззади Хуры фæталынг. Хур чердыгæй фæталынг, Уæрхтæнæг уыцырдæм йæхи аппæрста, æмæ та, Хур æнæхъæнæй кæм ракасти, уым дзыхълæуд фæкодта. Ауыдта Азырты бæстæ, æмæ ныууасыди йæ уадындзæй. Уадындзы хъæр Уæрхæг фехъуыста 'мæ ныззарыд. Зарæджы хъæрмæ Уæрхтæнæг Азырты хæдзары смидæг и. Стыдта йæ сынæгæй дурынкъултæ, æмæ тæвд агæй Уæрхæджы фелвæста. – Цы кодтай уæдæ? – Уымæй мæ ма фæрс, фæлæ мæ Азыртæ фæндæй æрсайдтой æмæ мæ аджы хъуамæ сфыхтаиккой. Ныр цын ныббарæн нал и, сæ мыггаг цын хъуамæ сыскъуынæм! Дыууæ 'фсымæры кæрдтæ фелвæстой. Азыртыл ралæууыдысты, æмæ цæ мыггаг нал ныууагътой. Быны саусæфт цæ фæкодтой. Стæй ратардтой, фосæй, æндæрæй цæуыл фæхæст ысты, уыдон, æмæ цæ Нартæм æртæлæткодтой. Нартæ цæ иумæ байуæрстой, сæ уæлдæйттæй та нæртон куывд ыскодтой. Азырты бæстæ дæр сæхи баци. УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ АЗЫРТЫ ГУЫМИР Азыртæ фыдгæнæг уыдысты 'мæ никæмæн ницы уагътой. Истой тыхæй, мардтой æмæ стыгътой. Иуахæмы Уæрхтæнæг йе мбонды сæр бады, æмæ цыдæртæ кусы. Акасти, æмæ йæм арвыкæронæй цыдæр æрбацæуы. Зæгъы Уæрхтæнæг йæхинымæр: "Ай кæнæ цины уацхъуыдхæссæг у, кæнæ – тыхгæнæг. Уæвгæ циндзинадмæ никуыцæй æнхъæлмæкæсын, фыдбылыз та мæм æмхиц у". Стыр æрхуы ас сæвæрдта суанцъæтыл. Донæй йæ байдзагкодта, йæ быны йын арт бакодта, æмæ дзы цæхх ауагъта, стæй та дзуры йæхицæн: "Фыдбылыз æмхиц у, цы нæ вæййы". Æрбацæуæг æввахсдæркæнын байдыдта. Уалынмæ йæ бæх æмæ йæхæдæг дæр дзæбæх æрбазындысты. Уæрхтæнæг кард йæ ронбасты бамбæхста, æмæ та зæгъы: "Уæдæ чи уыдзæн ацы барæг? Цæмæ мæм цæудзæни?" Барæг æрбаввахс и. Йæ бæхы сæфтджыты гуыпп цæуы, цæфхæдты бын дуртæ лыстæг уырæй ызгъæлынц æмæ фæйнæрдæм хауынц. Бæхы ныххуыррытмæ зæхх уæрмытæй аззайы. Уæрхтæнæг зæгъы: "Ацы бæх мын æнæ байсгæ нæй. Кæд æй дзæбæхæй дæдта, уæд хорз, раддзынæн ын, цы мæ кура, уый. Кæннод тыхæй исгæ у." Æмæ аджы бын тынгдæр бандзæрста. Барæг æрбахæстæг и Уæрхтæнæджы хæдзармæ. Барæг уыд ахæм: цæстытæ – цады йæстæ, цæнгтæ – стыр хъæдтæ, дзых – авд ивазны бæрцæн, дæндæгтæ – дуæрттæ, зæнгтæ – цъынаты стæвдæн. Æрбахæддзæ ис æмбондмæ барæг, æмæ ныхъхъæркодта: – Гъейтæ! Ам чи ис, æддæмæ ракæсæд? Уæрхтæнæг æм æмбонды сæрæй ракасти 'мæ йæ фæрсы: – Чи дæ? Цы дæ хъæуы? – Ацы 'мбондтæ дæу ысты? – Уо, мæн ысты! – Æмæ цы мыггаг дæ? – Мыггагæй мæ цы фæрсыс, зæронд лæг йæ ном дæр ферохкæны. – Уæд та мын, Нартæ кæм цæрынц, уый бацамон. – Ам цæрынц. – Уæрхтæнæг цæ кæцы у? Уæрхтæнæг ахъуыдыкодта æмæ афтæ зæгъы барæй: – Зындзæни, бынаты нæй ныртæккæ. Фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Уымæй мæ цæмæ фæрсыс, æз Азырты гуымир дæн. – Уо-о... Куыннæ! Дæ кой дын арæх æрыхъусын Нарты Уæрхтæнæгæй. – Цы дын дзырдта Уæрхтæнæг? – Мидæмæ уал рахиз, стæй дын æй зæгъдзынæн. Азырты гуымир æмбондыл бахызти, æмæ йæ Уæрхтæнæг къæлæтджыныл æрбадынкодта. Азырты гуымиры бын къæлæтджын йæ гуыбынмæ абырыд зæххы. Уæрхтæнæг ын фынг авæрдта йæ разы. – Исты фен, уазæг, æххормаг уыдзынæ. Гуымир февнæлдта, æмæ фынгыл цы хæйттæ уыд, уыдон æд ыстджытæ амыртмырткодта. Уæрхтæнæг хъуыдыкæны: "Ай мæ куы базона, уæд мын мæ сæр дæр ахæрдзæни". Уыйфæстæ карз ронг банызта гуымир æмæ зæгъы: – Уæддæр Уæрхтæнæг мæ кой цæмæй кодта? – Дæ бæхæн дам æмбал нæй зæгъгæ дзырдта. Гуымир ныххудти. Æмæ йæ худынæй цары сæгтæ æрызгъæлдысты. – Ай-гъай дæр, мæ бæхæн æмбал нæй, йæ мад Донбеттыртæй у. Æмæ уæларвон бæх та йæ фыд уыди. Æндæр ма цы загъта Уæрхтæнæг? – Азырты гуымирæн мæлæт нæй зæгъгæ дæр загъта. Уæд ын Гуымир афтæ: – Гъы, зæронд! Мæнæн цæй мæлæт и! Мæнæн мæ мæлæт мæ кардæй у. Уый дæр... Кæд æй æхсидгæ доны стулай... Кæннод мыл не схæцдзæн. Æндæр ма цы дзырдта Уæрхтæнæг? – Иу ныхас ма ахæм кодта, Азырты мыггаг дам Нарты мыггагимæ никуы фидыдтой. Æмæ уæ кæм ыссара, уым уæ быныцагъд кæндзæни. – Гъе уымæй раст нæ зæгъыс! Уæрхтæнæг мах н' аскъуындзæни, фæлæ мах Уæрхтæнæджы мыггаг аскъуындзыстæм. Ныр æгъгъæдфæуæд. Фæлæ- ма зæгъ, дæхæдæг та чи дæ? – Æз цагъар дæн Уæрхтæнæгмæ. Чысылæй мæ байста мæ ныййарджытæй, æмæ йын ам лæггадкæнын. – Уæдæ йæм мæсты уыдзынæ ды дæр? – Мæстыйау мæсты йæм æз кæнын. – Тагъд æрцæудзæни? – Къуырийы фæстæ ам уыдзæни, фæлæ йын уæдмæ 'ргæвд йæ фосæй, æмæ дæ фæрцы æз дæр кæд исты бахæрин æмæ баназин. Азырты гуымир авд галы аргæвста, сур физонæг цæ акодта. Уæрхтæнæг та авд гарзыдзаг карз ронг æрхаста, æмæ 'хсæвæрыл æрбадтысты. Уæрхтæнæг йæ кæрцы мидæг хæтæл бамбæхста, æмæ-иу йæ нуазæн хæтæлы ауагъта. Йæ бынмæ йын аг бамбæхста, æмæ уырдæм калди. Афтæмæй гуымир авд гарзы карз ронг банызта 'мæ афынæй и. Уæрхтæнæджы дæр уый хъуыди. Сласта гуымиры кард. Æхсидгæ аджы йæ атъыста, карды комæй стъæлфæнтæ фæхауди, æмæ дзы Уæрхтæнæг Азырты гуымиры барæхуыста. Азырты гуымир ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТ СЫБÆЛЦ Уæрхтæнæг Нарты зæрæдтæй уыди 'мæ æвæстаг кодта йæхи. Нартæ дзырдтой Уæрхтæнæгæн: – Ус æрхæсс, æмæ дæ мыггаг уæрæх ацæуа, мах тæнæг лæг нæ хъæуы. – Кæй мын хæссынкæнут? Ме взонгæй мæ зæронды бонтæм æнхъæлмæ кæмæ фæкастæн, уый мæ къухы нæ бафтыд. Æндæр та мæ хъæугæ ничи кæны. – Уомæ чи у? Æнхъæлмæ кæмæ кастæ, æмæ ныр дæр ма 'нхъæлмæ кæмæ кæсыс? – Цы уын æй дзурон? Фондзыссæдз сагсур лæппуйы мæ кæд уа, уæд цын æй фенынкæндзынæн. Нартæ Уæрхтæнæджы тыххæй фондзыссæдз сагсур лæппуйы фæхицæнкодтой, æмæ йын зæгъынц: – Кæй агурыс, уыдон ысты. Кæдæм цæ кæныс? – Уæдæ уал рацæуæнт мæ фæдыл. Нартæ фондзыссæдзæй Уæрхтæнæджы фæдыл араст ысты. Ахызтысты авд доны сæрты. Ахæддзæ сты иу ыстыр быдырмæ. Быдырмæ дардæй зынджы цæст зынди, иннæ – иугæндзон фæз. – Уартæ уыцы рухс кæцæй цæуы, уым цæры Адзаты иудзæстон уæйыг, – загъта Уæрхтæнæг. – Уый мын аскъæфта мæнæн мæ дунейырухсы, Хорæхæрзæйы. Хорæхæрзæ йæхи мæнг рынчын ыскодта, цалынмæ йæм æз фæзынон, уæдмæ. Уырдæм бацæуын та зын у. Æфсæндуæрттæй бахизæн нæй – ныхъхъыллистласынц, æмæ Адзаты уæйыг фехъалвæййы. Нæй йын басæттæн. Æфсæндуæрттæй куы бахизай, уæд та сæмбæлдзынæ иу уасæгыл. Уый ахæм уаст ныккæны, æмæ Адзаты иудзæстон уæйыг, цыфæнды фынæй уæд, æнæ сыхъал нæ фæуыдзæн. Уымæй дæр ку' аирвæзай, уæд та – йæ бæх. Исчи мидæмæ цæуа – уæд æй йæ хъустæ хæрынц, æддæмæ цæуа, уæд та – йæ къæхтæ. Ныммырмыркæндзæни, æмæ уырдыгæй æвыдæй нал рацæудзæн лæг фæстæмæ. – Уæдæ цыхуызы бацæуæм, Уæрхтæнæг? – фæрсынц æй Нартæ. – Бацæуæм æртæ дихæй. Уæрхтæнæг æртæ дихы фæкодта Нарты. Иу ма дзы 'мбалæн ныууагъта йæ цуры, æмæ та зæгъы: – Фыдздзаг дих æфсæндуæрттыл сой ауадзæнт, æмæ-иу цæ сабыргай бакæнæнт уыйфæстæ. Хæцæнт цыл, цæмæй фæстæмæ ма сæхгæной. Дыггаг дих къæбæр атулæнт ронджы, æмæ йæ уасæгæн баппарæнт. Уасæг уыцы къæбæр ахæрдзæн, æмæ фынæйау фæуыдзæн. Стæй йын-иу йæ сæр къæссайы нытътъыссæнт. Æртыггаг хай бæхмæ бацæуæнт, æмæ йын йæ дуæрттæ фидар сæхгæнæнт, рудзгуытыл æмбæрзæнтæ бакæнæнт. Мах та ме мбалимæ Хорæхæрзæмæ бацæудзыстæм. Стæй йæ куыддæр ракæнæм, афтæ-иу нæ фæдыл рацæут сымах дæр. Куыд цын загъта, афтæ бакодтой Нартæ. Фыдздзаг дих æфсæн дуæрттæ сойæ байсæрстой, бакодтой цæ, æмæ цыл хæцынц. Дыггаг дих уасæгæн къæбæрыл ронг æркодтой. Уый къæбæр ахордта, фæрасыгау и, æмæ хуры хъарммæ йæхи аивæзта, æмæ йын йæ сæр къæссайы атъыстой. Æртыггаг дих бæхыл дуæрттæ сæхгæдтой, рудзгуытæ бамбæрзтой, æмæ йæ хъахъхъæнынц. Уæрхтæнæг æмæ йе мбал мидæмæ бацыдысты. Адзаты иудзæстон пылыстæгсынтæгыл хуыссыди. Уæрхтæнæг Хорæхæрзæмæ бацыди, æмæ йæм дзуры: – Уæлæмæ сыст, æмæ цæуæм. – Æрхæддзæ мæм дæ? – Æрхæддзæ дæм дæн, æрхæддзæ! Хорæхæрзæ фестади 'мæ рацыди. – Уæ иу рудзгуытæ бакæнæд бæхæн. Уæрхтæнæджы 'мбал бæхæн рудзгуытæ бакодта, йæхæдæг разгъордта. Абадтысты бæхтыл Нартæ 'мæ рацыдысты. Адзаты бæх æвирхъау ныммырмыркодта. Бæхы мырмырмæ уасæг фехъал, æмæ ныууасыди къæссайы хуылфы. Кæрты срæуæг и, æмæ иугæндзон уасыд. Æфсæн дуæрттæ сæхи фидар ныхгæдтой, æмæ кæнын нал куымдтой. Фехъал и йæ фынæйæ Адзаты иудзæстон. Æмæ дзуры йæ усмæ: – Цы фæдæ, Хорæхæрзæ? Хорæхæрзæ ма уым кæцæй уыди! Адзаты иудзæстон йæ бæхмæ бауад, фæлæ æхгæнæнтæ гомкæнын нал куымдтой. Æмæ цæм дзуры уæйыг: – Кæм уыдыстут нырыуонг? Уыдон дæр сæхи фегомкодтой. Йæ бæхы раласта уæйыг, саргъыл авæрдта 'мæ, а рацæуа, афтæ уасæг йæ размæ фæци, æмæ йæ нæ уадзы. – Æнæсæр маргъ дæ, æмæ къуырмайæ баззай! Нырмæ кæм уыддæ? Къæссайæ йын йæ сæр сæфтыдта, æмæ æфсæндуæрттæм рахæддзæ и. Уæд æфсæндуæрттæ дæр сæхи бакодтой. Æмæ расырдта Адзаты Иудзæстон Нарты. Нарты хъустыл æрвнæрдау аныдзæвди йæ гуыбар-гуыбар. Зынджыстъæлфæнтæ схъиудта сæ размæ. æмæ цæм дзуры Хорæхæрзæ Нартæм: – Гъе, Нартæ, цæугæйæ нын нал у, æрбаййафы нæ Адзаты иудзæстон. æмæ æртæ дихы аут. Æртæрдыгæй йыл куы нæ схæцæм, уæд – никуы 'мæ ницы. Нартæ сæхи æртæрдыгæй рауагътой, æмæ Адзаты иудзæстоны с' астæу фæкодтой. Схæцыдысты йыл, æмæ йæ амардтой. Иу ныхас ма сфæрæзта уæйыг: – Нырæй фæстæмæ сылгоймагыл мачиуал баууæндæд! Нæлгоймагæн та мастыхос уæд æнусæй æнусмæ! Æгас хæдзар ыссардтой уыйфæстæ Нартæ. Уæрхтæнæг Нартæн чындзæхсæвтæ фæкодта. Æмæ бирæ азты фæцардысты уыйфæстæ Хорæхæрзæ 'мæ Уæрхтæнæг уарзонæй æмæ хæларæй. Иубон рарынчын и Уæрхтæнæг. Хорæхæрзæ йын йæ доныхуыпп æддæмæ рахаста, сыджытыл æй ауагъта 'мæ æгæр тахъафынк куы кодта, уæд загъта йæхицæн: "Æвæдза Уæрхтæнæгæн ма бæззы нырма йæ хъусхос." Йæхи ныдздзæбæхтæкодта Хорæхæрзæ. Æхсæвы Уæрхтæнæджы фарсмæ абырыди, æмæ йын йæ низ фæтардта. Стæй йæ фæрсы: – Ацы лæг, куыд у, дæ хъусхос ма хæцы? – Рагæй йæ нал бафæлвæрдтон. – Уæдæ хорз хус уыдзæни... – Цы ма 'хсон, ме взонджы бонтæ фæцыдысты дæумæ кæсынæй. Ныр ме нцойы бонтæ дæу тыххæй ысты. Цы ма цæрон, уый дæр цыбыр. Æмæ мæ ныууадз. – Æвæстаг худинаг у. – Нартæ ныл фæхуддзысты. – Уымæй худинаг дæр ныл ма сæмбæлæд... Хорæхæрзæ бонтæ, мæйтæ нымайын байдыдта, æмæ й' афон æрцыди. Уæрхтæнæг йæхи фырæфсæрмæй æддæмæ дæр нал æвдыста, Нартæ та цын арфæтæкодтой, æвæстаг кæй нæ зайынц, уый тыххæй. Иу фæсæхсæвæр Хорæхæрзæ дзуры Уæрхтæнæгмæ: – Цыдæр кæнын. Уæрхтæнæг сыхаг устытæм фæдзырдта, йæхæдæг Хурыскæсæн хохыл ысбадти. Хорæхæрзæ хурыскастмæ фыдæбонкодта. Хыр ыскасти 'мæ фæлурсæй зынди. Уыцы рæстæг хъуамæ Хурæн чызг райгуырдаид, Уæрхтæнæгæн та – лæппу. Æвиппайды Хур ыскасти ногæй, æмæ йæ тынтæ Уæрхтæнæджы синты хъарм бацавтой. Бамбæрста: Хурæн райгуырди чызг. Уæд Уæрхтæнæгæн та лæппу райгуырд. Æмæ Нартыл арвыгæрахау айхъуысти. Хæрзæггурæггаг цыдысты Нартæ сæ кæрæдзимæ. Уæрхтæнæг лæппуйы куывд ыскодта Нартæн. Æртæ боны фæстæ лæппуйы авдæнмæ хурытын ныккасти, æмæ лæппу йæ мидбылты бахудти. Хурытыны йæ къухтæй сæрфы, æмæ йæ мадмæ дзуры: – Мæ фыды фат æмæ ма мын йе рдын рахæсс. – Æмæ нырма авдæны куы хуыссыс, цæмæн дæ бахъуыдысты афтæ 'хсызгон. – Æрхæсс мæм цæ! Æрхаста цæ Хорæхæрзæ. Лæппу фатыл йæ мылытæй æрхæцыди, фæугард æй кодта, æрдынбосыл æй авæрдта'мæ йæ Хурмæ фехста. Фат цæхæркалгæ атахти. Хур йæ хæтæны уыд, æмæ йæ кæсæныл сæмбæлди Уæрхтæнæджы фырты фат. Æмæ Хур фæталынг и. – Мæнæ диссаг, уыцы лæппу дын дæ фат Хурмæ фехста, æмæ Хур фæталынг и, – загъта Хорæхæрзæ Уæрхтæнæгæн. – Нæ, уый Хуры не хста. Фæлæ, нæ лæппу цы бон райгуырди, уыцы бон Хурæн та чызг райгуырди, æмæ йæм мæ фат нысангарзæн арвыста. Къуыри рацыди æмæ лæппу йæ мадмæ дзуры: – Æддæмæ мæ ахæсс! Ам мæ хæдзары цы дарыс? Мад æй æддæмæ рахаста 'мæ лæппу хурытынимæ дзуры: – Куыд у чызг? – Хуыцауæй бузныг, – загъта Хурытын. – Фат йæхимæ и? – Йæхимæ, никæмæн æй дæдты. Куыннæ бадискодтаид уыцы ныхæстыл Хорæхæрзæ! Лæппу къуыримæ йæ къахыл ауад æмæ дзуры йæ ныййарджытæм: – Ауадзут мæ, азилон искуыты. – Нырма дын цæуæн никуыдæм ис. Нæдæр дæ зонæг ис. – Æмæ ам куы бадон, уæд мæ афтæмæй чи базондзæн? Ауагътой йæ æмæ Нарты лæппутимæ хъазыди кæм хъулæй, кæм быцæуæй, кæм фатæхсынæй. Æмæ та-иу цæ амбылдта. – Нарты лæппутæ кæрæдзийы фæрсынц: – Ныр цы бакæнæм амæн, куыд дзы фервæзæм? Уæд та йæ Хъазæнфæзмæ фервитæм? Уæ, æнæном, зæгъгæ йын бафидис кодтой лæппутæ. – Дæлæ Хъазæнфæзы дауджыты фырттæм фæцу æмæ уыдонимæ ахъаз кæд дæ ныфс хæссыс, уæд! Уæрхтæнæджы фырт сæхимæ 'рбацыди, æмæ фæрсы йæ мады: – Ном мыл цæуылнæ ис? – Дæ номæвæрæг дæ кайыстæ уыдзысты. – Хорз, фæлæ мын Хъазæнфæзмæ æнæцæугæ нæй. – Уырдæм цæмæ цæуыс? Дауджыты фырттимæ мах ницы хъуыддаг и. – Куыннæ нæ ис хъуыддаг? Кæд мæ Хуры чызгимæ ис хъуыддаг, уæд мæ уыдонимæ нæй? Уыйфæстæ Уæрхтæнæгмæ бацыди лæппу. – Æппын дæм хъултæ нæй хъазынæн? – Авæр мын цæ. Хъазæнфæзы дауджыты фырттимæ хъазынмæ цæуын. – Æмæ уырдæм цæмæн цæуыс? Нарты кæимæ ахъазай, ахæм нал и? – Мæ ныхмæ цæ ничи лæууы. Йæ фыды хъултæ ахаста лæппу, æмæ Хъазæнфæзмæ фæцæуы. Фæндагыл, авд уæйыджы сæ хъом хызтой, æмæ уыдоныл амбæлд. – Уæ бон хорз уа, æхсырæйхæстытæ! – Алыбон æгас нæм цæуай, лæджи. Цæмæн нын фидискæныс? – Фидис уын нæ кæнын, нырма æз дæр æхсырæй цæрын. – Гъемæ дын уый тыххæй хатыр фæуæд. Фæлæ нæма федтай тыхджынты. – Уæдæ ма бæндæнæн йæ иу кæронырдыгæй уæхи авдæй бабæттут у' астæутыл. Иннæ кæронырдыгæй та æз бабæтдзынæн мæхи, æмæ фæйнæрдæм ахæцæм, кæддæра чи тыхджындæр у. Уæрхтæнæджы фырт бæндæны кæроныл фæхæцыди. Ныззылдта цæ, æмæ уæйгуытæ авдæй дæр Хъазæнфæзы сæмбæлдысты. Кæмæн йæ цонг фæсаст, кæмæн – йæ уæраг, чи – фæрсксаст, чи та – сохъхъыр фæци. Æмæ цæ фæрсынц дауджыты фырттæ. – Цы кодтат ай? – Ахæм тыхгæнæг æрцæуы, æмæ й' ас мустучъийы йас, фæлæ йæ тых – арвы цæхæр. Дауджыты фырттæ ныххудтысты – нæ цæ бауырныдта. Цæуы Уæрхтæнæджы фырт, æмæ та иу уæйыджы ауыдта. – Дæ бон хорз уа, фынæйдзæг! – Хорз дæ хай, фæлæ дæ дзыхыл куы хæцис! – Уæдæ цы фынæйкæныс бонсихорафон? – Ацу, хатыр дын уæд ацы хатт. Дыггаг хатт мауал фæрæди. Ды нырма тыхы хицау нæ дæ. – Уымæй дæ нæ фæрсын, фæлæ-ма зæгъ, чи дæ? Æз Нарты Уæрхтæнæджы фырт дæн. – Æз та дæн авд уæйыджы фыд – Цаппар. – Уæдæ дын дæ фыртты æз ныззыввытластон. Хъазæнфæзы бамидæг ысты, æмæ цæ уым агур. Уæйыг фæмæсты и. Фæлæбурдта лæппумæ. Фæлæ йæ уый ахæм мæлæтдзаг цæф фæкодта, æмæ уым баззади уæйыг æрдæгмардæй. Йæхæдæг дарддæр фæцæуы. Ныххæддзæ и Хъазæнфæзмæ. Æрæййæфта авд уæйыджы, æмæ цæм дзуры: – Уæ фыд мæлæтдзаг у, æмæ уæм æрвыста. Уæйгуытæ авдæй дæр азгъордтой сæ фыдмæ æмæ йæ йæ уд исгæ баййæфтой. – Мæ хæдзарыл мæ сæмбæлынкæнут. Æмæ мын мæ маст та Нарты Уæрхтæнæджы фыртæй агурут, – загъта Цаппар й' авд фыртæн. * * * Уæрхтæнæджы фырт дауджыты лæппутæм дзуры: – Бауадзут мæ уемæ хъазын. – Бауадзиккам дæ, фæлæ куы фембылды уай, уæд афтæ 'нцонтæй нал ацæудзынæ. – Фод уæ ныхас, фæлæ æз дæр зæгъын: сымах куы фембылды уат, уæд мæ уæларвмæ акæнут. Уыууыл уæд нæ ныхас. Сразы сты дауджыты лæппутæ. Райдыдтой хъазын. Æмæ Хуры чызг йæ мадæн афтæ зæгъы: – Акæсын-ма мæ кæн. – Хъазæнфæзы дауджыты фырттæ хъулæй хъазынц Нарты Уæрхтæнæджы фыртимæ æмæ йын йæ уындмæ бакæсон. Хуры чызг акасти Хуры кæсæны. Дауджыты фырттæ хъултæ суылдтой, æмæ Хъазæнфæз цъыфæй айдзаг и. – Гъеуый ыссыгъдæгкæн. Уæрхтæнæджы фыртдæр ысуылдта йæ хъултæ. Мизгæзæгъ уарын байдыдта, æмæ тæхгæсуадæттæ фæзынд кæцæйдæр. Æмæ асыгъдæг и Хъазæнфæз цъыфæй. Дауджыты фырттæ та суылдтой сæ хъултæ, æмæ Хъазæнфæз авд ивазны бæрц их сæвæрдта. – Ацы их сис. Уæрхтæнæджы фырт дæр ысуылдта йæ хъултæ, æмæ бæстыл хур атылди, æмæ их цырагъау атад. Дауджыты фырттæ та æртыггаг хатт ысуылдтой сæ хъултæ, æмæ хъæды бæлæстæн сæ сыфтæр бахус, кæрдæг ныббур. – Гъеуыдон хускæнын ма бауадз. Уæрхтæнæджы фырт ысуылдта йæ фыды хъултæ æмæ хъарм къæвда рацыди. Къæвда уд бауагъта бæлæстæ 'мæ кæрдæджы, æмæ цъæхцъæхид фестадысты. – Амбылдтай нæ! – загътой Дауджыты фырттæ. – Уæдæ мæ уемæ акæнут. Æфсæнтæхæнтыл æй авæрдтой. Хур акъул и, Ныгуылынмæ хъавыди хур, афтæ схæддзæ сты. Бауарзтой Уæрхтæнæджы лæппуйы дауджыты фырттæ 'мæ йæм дзурынц: – Ахсæв махмæ лæу. – Бузныг уæ лæггадæй, мæнæн мæ фысым æндæр у. Уæд дын Хурычызг йæ мадмæ бауади 'мæ йын афтæ зæгъы: – Нарты лæппу амбылдта дауджыты фыртты. Уæд хур дæр сæхимæ 'рцыди 'мæ дзуры йæ чызгимæ. – Абон мæ кæсæны ды кастæ? – Æз. Дауджыты фыртты Уæрхтæнæджы фырт амбылдта. Уый æз мæхи цæстæй федтон. – Стæй цы фæци? – Уой, мæ игæрыл! Æмæ уый куынæуал базыдтон! – Уæдæ уый а бæсты и. Дауджыты фырттæ йæ семæ скодтой. Ардæм æй хъæуы. Уый никæмæ баздæхдзæн. Æхсæвæрафон уыд: Уæрхтæнæджы лæппу Хуры хæдзары дуармæ балæууыди, æмæ бахъæркодта: – Ам дæ, Хур? Хъæрмæ Хурычызг рауади. Йæ цæстытæ зынгау æрттывтой, йæ дæллагхъуыртæй ыстъалытæ каст, йæ ныхæй Бонвæрнон худти. – Чи дæ хъæуы, Нарты лæппу? Уæрхтæнæджы фырт дискæны: кæцæй мæ зоны, нырма йæ фыдздзаг хатт куы уынын. Стæй зæгъы чызгæн: – Хур мæ хъæуы. Нарты лæппу дæм дзуры зæгъгæ загъта чызг йæ фыдæн. – Æнафоны уазæг – хæдзарсафæг, хæстæггæнæг – хæдзардарæг. Ракæн æй мидæмæ! Чызг лæппуйы хæдзармæ бакодта. Абадтысты иучысыл, æхсæвæр ыскодтой æмæ схуыссыдысты. Райсомы Хур сæумæраджы араст йæ балцы. Уæрхтæнæджы лæппу сыстад, æмæ Хуры ус йæ чызгмæ дзуры: – Йæхи йын æрыхсынкæн. Чызг хъуывгъаны дон рахаста 'мæ тас авæрдта лæппуйы цур. – Дæхи уал æрыхс. Лæппу йæхи æрыхсадта, ныссæрфта йæхи. Хисæрфæн æм радта 'мæ йын арфæ ракодта: – Д' амонд бирæ уæд, фæлæ ма дæ сæр хæрзфаст к' уаид. Чызг йæ мадмæ 'рбауад, уыйфæстæ. – Цы мын загъта Нарты лæппу! Д' амонд дам бирæ, фæлæ ма дæ сæр хæрзфаст к' уаид! – Ма мæсты кæн, мæ къона. Де рфгуыты сæрмæ-иу æрду ныххæцыди, æмæ дын уымæй зæгъы. Фынг ын æрывæр. Чызг ын фынг æрбахаста, æмæ та йæм лæппу дзуры: – Бузныг, фæлæ кæри куы 'мбырдкæнай, уæд – хæрзæмбырд. Чызг та йæ мадмæ бауад: – Ахæм ныхас мын загъта: Кæри куы 'мбырдкæнай, уæд дам – хæрзæмбырд. Æмæ цæмæй зæгъы? Мад фæхудти, æмæ йын афтæ: – Раст дын зæгъы, мæ хъæбул. Дæ дзабырыхъусы хоры нæмыг и. Лæппу хæрд фæци æмæ мад йæ чызгмæ дзуры: – Фынг сис. Чызг фынг систа, æмæ та йын лæппу афтæ: – Уæ бæркад бирæ, фæлæ-иу уæ донгарз дзагæй макуы уадз. Чызг фынг айста, æмæ та йæ мадмæ хъæстмæ фæци: – Афтæ мын загъта! Уæ донгарз дам дзагæй макуы уадз. – Уæ, дæ сæрыл мæ æрхæссай! Сонт дæ нырма. Нарты ныхæстæ ацахсын дæ бон нæма у. Дæ нуазæн ын н' авæрдтай, æмæ дæм фæхæрам. – Саубыны рох мæ куыд фæци! – Ницы кæны, мæ къона! Абалц уал кæнут иумæ. Уæдмæ дæ фыд дæр зындзæни. Лæппу 'мæ чызг азылдысты Хуры цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæттыл. Изæры Хур æрцыди, æмæ фæрсы йæ усы: – Кæм и Нарты лæппу? – Мæнæ чызгимæ цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæттыл акодтой сæ балц. Уалынмæ уыдон дæр æрбацыдысты. Бахордтой та 'хсæвæр æмæ схуыссыдысты. Дыггаг бон дæр та Хур фæцыди. Чызг æмæ лæппу дæр та балц акодтой дыргъдæттæ 'мæ цæхæрадæттыл. Бон-изæрмæ та фæразилбазилкодтой. Изæры Хур æрыздæхти. – Куыд уыди уæ балц? Хорз зæгъгæ загъта чызг. Æхсæвæр та скодтой, æмæ схуыссыдысты. Æртыггаг бон дæр та Хур йæ куыстмæ ацыди. Чызг æмæ лæппу дæр сæ балц кодтой Хуры цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæтты. Изæры ногæй æрымбырд ысты, æмæ Хур фæрсы йæ усы: – Сæ балц куыд уыди? – Сæ балц – æппæлинаг балц. Æхсæвæр дæр скодтой, æмæ та райсомы Хур ацыди. Лæппуйæн мад æмæ чызг аходæн æрывæрдтой. Фæлæ лæппу нæ хæры. Уыдон æй фæрсынц: – Цæуылнæ исты ахæрыс? – Æз ардæм хæрынмæ не ссыддæн. Ныр мæ æртæ боны дæргъы фæрсгæ дæр нæ бакодтат. Æмæ цæугæ кæнын. Зæгъут Хурæн, æмæ мæ йæ тынтыл ныргъæва зæхмæ. – Зæгъдзыстæм, куыддæр изæры 'рцæуа, афтæ. – Æмæ йæм кæдмæ лæууон! Исты Нарты мæ фаг – йе хæрд нæй, йе – нуæзт! – Ма ацу, уæд та айонг нæ уазæг дæ. Æмæ дæхи дæр нæ бацамыдтай. – Уый уæхи аххос у. Хорзæй баззайут. Мæн ардæм чи скодта, уый мæ фæстæмæ дæр акæндзæн. – Бæргæ не мбæлы Нартæйлæгæн тæргай лидзын! – загъта Хурычызг. – Хорз фысымæн дæр бæргæ не мбæлы йæ уазæджы зæрдæхудты бацæуын. Уыцы ныхæстæм чызг ыскуыдта. – Хатырæй ма ныллæу. – Æз мæхи хъаны нæ дæдтын, кæд дæуæн мад æмæ фыд ис, уæд мæнæн дæр ис. – Уæд мæ мады хатырæй лæу... Уæд та мæ фыды хатырæй... Уæд та адæймаг-лæджы хатырæй ныллæу. Ныллæууыди Уæрхтæнæджы фырт хатырæй. Уæдмæ Хур дæр æрыздæхти, æмæ йæм йæ ус дзуры: – Бын бауай, лæг куы дæ! Æртæ боны Нарты лæппу дæумæ кæсы, æмæ йæ ды та фæрсгæ бакæн, цæмæ 'рцыди, йе кæй лæппу у. Абон мын лыгъди, æмæ ма йæ тыххæй бауырæдтон. Хур фæхудти: – Хорз æхсæвæр ыскæн уæдæ. Ус æхсæвæр кæныныл фæци. Хур Изæрæхсидмæ фæдзырдта 'мæ йын бафæдзæхста: – Бæстæ хускæны. Дымгæйыбардуагмæ бацу, æмæ йын зæгъ, æмæ райсом къæвда скæнынкæна. Райсоммæ бæстæ къæвдайы мигътæй бамбæрзта равы, æмæ зæхх нал зынди. Сцæттæ æхсæвæр. Æрбадтысты. Хур уызæлыди лæппуйыл. – Уæрхтæнæг кадджынæй базæронд и... – Нарты 'мдых у. Нырма йын ницы у. – Æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ? – Нырма æнæном дæн. Мæ номæвæрæг сымах ыстут зæгъгæ мын загъта мæ фыд. Цæугæ дæр уæм уый тыххæй ыскодтон. – Гъемæ балцыты арæх куыд цæуай æмæ-иу фæстæмæ дæр дзæбæхæй куыд сæмбæлай, уыцы хорзæх дæ уæд. Дæ ном Сыбæлц фæуæд. – Авдæны уыддæн, дæндаг дæр мыл нæма уыд, афтæ дæм фат нысанæн сæрвыстон. Фат мæ фыды фат у, æмæ мын æй фæстæмæ куы радтис... Хур фæттæ рахæссынкодта. Сыбæлц цæм æркасти. – Адонæй иу дæр мæ фат нæу! Уæд æм мылытæйхæст фат æрхастой. Сыбæлц æм æркасти 'мæ загъта: – Ай мæ фат у, фæлæ йæ куыдæй ахæссон? – Фæрнæй йæ фæхæсс. Кæд дын фæндон у, уæд зæгъ дæ ныхас. – Аипп ма уæд, фæлæ дæ чызгыл у мæ ныхас. – Мæнæн дæр уыууыл у мæ сагъæс. Ды дунемæ куы фæзынддæ, уæд æз Уæрхтæнæджы синтæм мæ тынтæ радтон. Æмæ мæ хорз бамбæрста уæд Уæрхтæнæг. – Æз та дын дæ тынтæ лæгъзытæкодтон уæд авдæны мæ къухæй. Бафидыдтой уым. Райсомы Хур ыстыр чындзæхсæв ыскодта. Уæларв цæрджытæ дзы минаскодтой. Фæлæ къæвдайыбардуаг бынтон æнæнхъæлæджы йæ дуæрттæ фегомкодта, æмæ залтызæгъ ныккалдта. Æмæ йын æппын фæуыныхъомыс нал уыд. Чысыл рæстæг рацыди уыйфæстæ 'мæ Уæрхтæнæг дзуры Хорæхæрзæмæ: – Æртæ кæрдзыны-ма ракæн. Нæ лæппу балцы ис, æмæ йын йæ фæндагæн акувæм. Хорæхæрзæ æртæ кæрдзыны ракодта, æмæ цæ ронджы нуазæн æмæ кусартыуæнимæ скуывта Уæрхтæнæг: – Хуыцау, нæ лæппу йæ хæдзарыл дзæбæхæй цы сæмбæла! Йæ куывд уæларвмæ фехъуысти. Æмæ загъта уæд Хур йæ ног хæстæгæн: Хуыцау дын д' амонд бирæ скæнæд! Дæ фыды куывд мыл сæмбæлди. ÆНхъæлмæ дæм кæсы. – Мæ фыдызæхх ма уынгæуæддæр куы фæкæнин! Ацы æнæхъуаджы мигътæ бæстæ лæсæнуат фæкодтой. Хур Галæгонмæ барвыста: Æгъгъæд ыскæнæд къæвдайы бардуаг! Нæ бон дзы нал у. Фæхæсс ын искуыдæм йæ мигътæ! Галæгон ысдымдта 'мæ арв ныййирд и. Бæстæ дидинæгау сæрттывта. Райста Сыбæлц йæ фыды фат. Хуры чызг дæр рахызт. Æмæ лæууынц дыууæйæ дæр цæуынæввонг. Уæд Хур тинтыкæрц рахаста Уæрхтæнæгæн лæварæн. Кæрц та ахæм уыди, æмæ йе 'фцæгготæй фæндыр цагъта, дыстæй æмдзæгъдкодта, фæдджитæй – кафгæ. Й' алы хъуынæй та – заргæ. – Хорз лæвар у, – загъта чызг. Стæй йæ мады афарста: – Ды та йын цы лæваркæныс ме фсинæн? Мад æртыкъахыг фынг рахаста. – Гъеуый йын ахæсс! Фынг та ахæм уыди, æмæ йæ 'ртæ тъæппы 'ркæн – æмæ-иу алы хæринаг, алы нуазинаг февзæрд йæ уæлæ. – Гъеныр ма нæ 'ххæст Нарты зæххыл сæмбæлынкæн, – загътой Хурæн чызг æмæ лæппу. – Мæнæ Уæрхтæнæджы фатыл ысбадут. Сыбæлц æмæ Хурычызг абадтысты Уæрхтæнæджы фатыл. Хур цæ рауагъта. Тæхынц. Нартыхъæумæ хæстæг фат й' астæуыл ныкъкъæртцласта 'мæ хицæнтæй æрхаудтой зæхмæ чызг æмæ лæппу. – Мæ фыды фат бæргæ н' асастаид, мæ мылытæй йæ куы нæ фæхъæнкодтаин, уæд. Ныр – боныгон цæуæм – æмæ цы зæгъдзыстæм. Уый фæткæн нæу, кæй зæгъын æй хъæуы. Талынджы ацæуиккам, æмæ афтæ куы зæгъой, тæргæ нæ ракодтой. Цæй, изæрыгон бацæуæм. Изæргæрæттæ уыд, афтæ 'рбахæддзæ сты сæхимæ. Сыбæлц бахъæркодта мидæмæ. – Ам ыстут, хæдзаронтæ? Хъæрмæ Хорæхæрзæ рауади. Базыдта йæ хъæбулы, атыхсти йыл æмæ ма сфæрæзта: – Кæм фесæфтæ, кæдæм фæцыддæ? – Мæн уал фæуадз, худинаг у. Мæнæ дæ чындзыл бацинкæн. Хурычызгыл ныттыхсти уæд Хорæхæрзæ. – Мæнæ нæ лæппу 'рцыди, æмæ иунæгæй не рцыди! Уæрхтæнæг фырцинæй йæ цæссыгтæ 'ркалдта. Райсомы Нартыл ахъæр и – Уæрхтæнæджы фырт ус æрхаста. Чындзæхсæв ыскодта уыйфæстæ Уæрхтæнæг, æрдхæрæны чындзæхсæв. Уæд айхъуысти, зæгъынц, дардыл-дæрдтыл Уæрхтæнæджы тинтыкæрц æмæ йе ртыкъахыгфынджы кой. Фехъуыстой йæ Цаппар æмæ й' авд фырты дæр. Æмæ цæ цæмæй байсой, уый фæндтæ кодтой. Кæд æппын æмæ сæ маст райсиккой... Иубон ын Хурычызг афтæ зæгъы Сыбæлцæн: – Фен-ма, абæрæг мын кæн мæ цæгат. Мæ зæрдæ цæм æхсайы. Æмæ райсомы Сæуæхсидыл абадти Сыбæлц, æмæ йæ кайыстæм фæцыди. Уыцы рæстæджы та Цаппары авд фырты Сыбæлцы фæдыл зылдысты. Уæрхтæнæг Нарты ныхасы бадти йæ кæрцы мидæг. Æмæ Нартæ дзырдтой: – Уый лæппу у, лæппу – йæ фыдæн ахæм кæрц чи 'рхаста! Кæнæ иннæ ахæм йæ чындз, йе фсинæн уыцы диссаджы фынг чи 'рхаста! Цаппары авд æфсымæры иу бон æрталынгкодтой сæхиуыл. Æмбисæхсæвты цын сæ дуæрттæ ныххостой Борæтæн: – Уæрхтæнæг, дуар бакæн! Уæрхтæнæг нæфæразгæ уыд. Фестади йæ хуыссæнуатæй рынчын- рынчыны. Дуар бакодта Уæрхтæнæг, æмæ 'рбараст ысты æфсымæртæ авдæй дæр хæдзармæ. Хорæхæрзæ дæр цæм рауади 'мæ цæ базыдта. – Дæхи цæ хъахъхъæн, – загъта ус. – Адон Адзаты иудзæстон уæйыгæн цы сиахс ис – Цаппар, уый фырттæ сты. – Æмæ уæ цы 'рхаста ардæм ацы æнафоны? – Дæ тинтыкæрцы кой дын фехъуыстам æмæ йæ, зæгъын, фенæм. Базонæм æй, кæддæра адæм куыд дзурынц, æцæгæй дæр ахæм у? Уæрхтæнæг кæрц рахаста, æмæ æцæгæй дæр кæрц йе фцæгготæй фæндыр цагъта, йæ дыстæй æмдзæгъдкодта, фæдджитæй – кафгæ, йæ хъуынтæ та заргæ кодтой. – Æххæст-ма нын де ртыкъахыг дæр фенынкæн. Æртыкъахыг цæм рахаста Хорæхæрзæ. Æртæ тъæппы йæ 'ркодта, æмæ йæ уæлæ алы хæрд, алы нуазинаг февзæрди. Цаппары авд фырты зæгъынц: – Дæ фырт нын нæ фыды бафхæрдта, æмæ дын де рагъæй хъуамæ гæрз рауадзæм! Æмæ йын æцæгæй дæр йе рагъæй гæрз рауагътой зæронд Уæрхтæнæгæн. Рахастой уыцы гæрз, кæрц, æртыкъахыг фынг, æмæ рафардæг ысты. Кæрц сæ фыдыл ыскодтой, фынг та сæ мадмæ радтой. Гæрзæй та-иу галтæ скъæрдтой. Арвыцæфау фесты Уæрхтæнæг æмæ Хорæхæрзæ. Сæ чындзæн ницы загътой. Бон куы 'рбарухс и, уæд Хурычызг афарста Хорæзæрдæйы: – Кæм и уыцы кæрц, асæрфон æй. Хорæхæрзæ йын радзырдта хабар. Уæд Хурычызг Изæрæхсидæн афтæ зæгъы: – Фæтæх уæларвмæ 'мæ Сыбæлцы ссар тагъд хæдздзæкæнæд йæ хæдзармæ. Изæрæхсид уæларвмæ атахт. Сыбæлцы ссардта 'мæ йын загъта: – Дæ ус дæм æрвиты, тагъд хæддзæкæн дæ хæдзармæ. – Уæдæ мæ 'ххæст ныддав. Æрыскъæфта йæ изæрæхсид зæхмæ. Уæдмæ баталынг и. Æмæ сабыргай бацыди Сыбæлц, Хурычызг кæм хуыссыди, уырдæм. – Дуар бакæн, æз Сыбæлц дæн. – Нæ дын бакæндзынæн дуар. Фидар дзырд мын зæгъ! – Ау, æмæ уый гуырысхойаг у? – Уæдæ Сехыгоппыл фæхæтæд, йæ дзырд чи фæсайа! – Фод афтæ! – Цаппары авд фырты дын дæ зæронд фыды рагъæй гæрз рауагътой. Йæ кæрц æмæ нын не ртыкъахыг тыххæй байстой, æмæ цæ ахастой. Ды лæг ма фæхуин, дæ фыды 'фхæрд, дæ мады маст æмæ, æз цы фæрыстæн, уый куы нæ райсай Цаппар æмæ йæ фырттæй! Сыбæлц рамæсты и 'мæ дзывыр аивтыгъта галты. Хæдзармæ нал бацыд. Талынг ма уыд, афтæмæй Цаппары 'мæ дзывыр аифтыгъта галтыл. Хæдзармæ нал бацыд. Талынг ма уыд, афтæмæй Цаппары хуымтыл ауагъта йæ дзывыр. Æрбабон и 'мæ Цаппары фырттæ ракастысты – сæ хуымтæ цын фæлдахы Сыбæлц йæ дзывырæй. – Ныццу, æмæ уыцы куыдзы атæр, – загъта æфсымæрты хистæр сæ кæстæрæн. – Иумæ куы ныццæуæм, уæд зæгъдзæни, авдæй мæм æфсады 'рцыдысты зæгъгæ. Æмæ хистæртæ цуаны фæраст ысты. Уæд дын Цаппары кæстæр фырт дзуры Сыбæлцмæ: – Чи куыдз, чи хæрæг! Нæ кондхуымтæ нын цæмæн сафыс? – Куыдз дæр дæхæдæг, хæрæг дæр! Ам мæ фæнды хуымкæнын! Кæрæдзиуыл фæттæй ысхæцыдысты, æмæ Цаппары кæстæр фырт мæлæтдзаг фæци. Сыбæлц сæхимæ 'рцыди, йæ буар фæттæй нал зынди 'мæ дзуры йæ усмæ: – Мæ фæттæ мын ыслас. Ус йе мбуар абырыди, фæттæ сласта 'мæ йæ адзæбæхкодта. Цыппары кæстæр фырт дæр ма тыххæй-амæлттæй сæхимæ бахæддзæ. Ныххаудта йæ хуыссæны 'мæ нал ыстади уæлæмæ. Хистæр æфсымæртæ агуырдтой сæ кæстæры 'мæ йæ нал ардтой. Сæхимæ 'рцыдысты 'мæ фæрсынц сæ фыды: – Нæ кæстæр ам и? – Уæртæ сæйы. Смæсты сты æфсымæртæ ахъаззаг, уæдæ цы уыдаид! Дыггаг бон дæр та акастысты сæ кондхуымтæм, æмæ та цæ Сыбæлц фæлдахы йæ дзывырæй. Цаппары хистæр фырт дыууæ кæстæрмæ дзуры: – Цæут, æмæ йæ атæрут, стæй-иу нæ раййафут! Дыууæйæ йæм æрцыдысты Сыбæлцмæ. Иннæтæ та цуаны фæцыдысты, æмæ йæм дзурынц уыцы дыууæ. – Æ, хæрæг цыдæр! Кæй кондхуымтæ сафыс ды? – Хæрджыты фыддæр сымах ыстут, цы уæ хъæуы? – Нæ кондхуымтæ нын цæмæн сафыс? – Афтæ мæ фæнды! Райдыдтой æхсын кæрæдзийы, æмæ мæлæтдзаг фæци, афтæмæй æрцыди Сыбæлц сæхимæ. Йæ ус та йын йæ фæттæ сласта, йе мбуар абырыди, æмæ та лæг фервæзт. Цаппары дыууæ кæстæр фырты дæр кæрæдзийы 'нцæйтты 'рбацыдысты сæхимæ. Сæ фыд цæм дзуры: – Цавæр нуæзт уыди? – Нуæзт нæу, нæ фыд. Нæ уд ма гæзæмæ у. Æрхаудтой уыдон дæр хуыссæнтыл. Цыппар хистæр æфсымæры раздæхтысты цанæй. Æрхæддзæ сты сæхимæ 'мæ фæрсынц сæ фыды: – Æрбацыдысты лæппутæ? – Сæ уд ма удыл лæууы тыххæйты. Хистæр æфсымæртæ фыддæр мæсты систы, æмæ та æртыггаг бон дæр акастысты сæ хуымтæм. Сыбæлц та цын сæ кондхуымтæ фæлдахы йæ дзывырæй. Хистæр æфсымæр цæм дзуры уæд йæ кæстæртæм: – Мæхæдæг ацæудзынæн цуаны. Сымах та æртæйæ дæр уыцы æнаггагмæ фæцæут æмæ йыл марынæй ма бацауæрдут. Цаппары фырттæ æртæйæ дæр æрбырстой Сыбæлцмæ 'мæ хъæркæнынц: – Нал ахъуыдты уай ардыгæй, куыдзæй цы куыдз райгуырди, уый! – Куыдзæй куыдздæр сымах куы стут, цы хъæркæнут? Кæрæдзиуыл та фæттæй ысхæцыдысты. Сыбæлц та цæфтæй æрцыди сæ хæдзармæ. Хурычызг та фæттæ сласта æмæ Сыбæлцы 'мбуар абырыди, æмæ йын адзæбæхкодта йæ цæфтæ. Цаппары æртæ фырты дæр кæрæдзиуыл дзойтæгæнгæ 'рцыдысты сæхимæ 'мæ ныххаудтой сæ хуыссæнты. Цаппары хистæр фырт раздæхти, акасти, æмæ йе ртæ 'фсымæрæй иу дæр уым нал уыд. Сæхимæ фæцырдкодта 'мæ фæрсы йæ фыды: – Æрбацыдысты лæппутæ? – Æрбацыдысты, фæлæ ма сæ удтæ тæбынындахыл дзедзырой кæнынц. Уæ бон нæу иу лæгæй уæ маст райсын... Цыппæрæм бон хистæр фырт йæхæдæг ацыди. Сыбæлц дæр та кондхуымтæ фæйлыдта йæ дзывырæй. Цаппары хистæр фырт æм дзуры: – Чи куыдз, чи хæрæг! Нал ацæуай ардыгæй? – Куыдз дæр æмæ хæрæг дæр дæхæдæг! Æз хуымкæнын, æмæ æнцад куы дæн, уæд ды дæ фырæвдæлонæй цы федтай? Кæрæдзиуыл ысхæцыдысты. Стæй цæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди хæствæлладæй. Сыбæлц та йæ усмæ дзуры: – Слас мын мæ фæттæ, мæ хъæдгæмттæ 'хсидынц. Сласы йын йæ ус йæ фæттæ, йе мбуар та абырыди, æмæ фервæзти Сыбæлц. Цаппары фырт дæр хъеллæуттæгæнгæ сæхимæ 'рцыди. Нæ базыдтат хæцын зæгъгæ йæм дзуры йæ фыд. – Иугай лæгтæ хускъæцæлтæй уæлдай не сты – тагъд сæттынц. Иумæ – мæцъисæмвидар, уыдаиккат. – Йæхæдæг дæр æвыдæй н' ацыди. Йæ буар ын сыхырнайы хуызæн ыскодтон, – загъта æфсымæрты хистæр. Кæстæр æфсымæр хуыссæнæй дзуры: – Аггаг ын куы фæдæн æз, уæд ма дзы дæуæн та цы баззади? Иннæ дыууæ дæр дзурынц: – Йæ буарыл ын мах армытъæпæны бæрц æнæ цæф куы нал ныууагътам. Уæд ма уæ чи цы сарæзта? – Æцæг хуынчъытæ йæ мах ныккодтам, æрдæгмардæй ацыди. Уæд ма сымах та цы сарæзтат? – дзырдтой иннæ фсымæртæ. Нал фидыдтой æфсымæртæ авдæй дæр, æмæ хафт-хафтæй ралæууыдысты кæрæдзиуыл. Æмæ дæ фыдгул афтæ – иу дæр цæ æгасæй нал баззад. * * * – Æз ныр Цаппарæн йæхимæ цæуын, – загъта Сыбæлц Хуры чызгæн. Æмæ араст и йæ фæндагыл. Кæсы, æмæ алы хъæутæй, Цаппар æмæ йæ фырттæ кæм цардысты, уырдæм ивылынц адæм мæрдæвдадзы. Аразæй кодта йæхи Сыбæлц, æмæ Цаппарты дуармæ балæууыд, æмæ смидæг и хæдзары. Цаппар æмæ йæ ус с' авд фырты цур дзынæзтой. – Тагъд мын мæ тинтыкæрц æрхæсс! – загъта Сыбæлци æмæ Цаппармæ бауырдыг. Цаппар тинтыкæрц рахаста. – Фынг дæр æрхæсс! Уый дæр та рахаста Цаппар. – Мæ фыды рагъæй дæ фырттæ цы гæрз рауагътой, уый дæр æрхæссут! Æрхаста йæм уый дæр. – Адæм уæм æрцæуынц мæрдæвдадзы, æмæ 'ххæст мæрдтыбæстæм дæхæдæг дæр бацу дæ фырттимæ. Æмæ йæ рариуыгъта Сыбæлц, æмæ Цаппары сæр зæххыл сурæй абдти. Сыбæлц йæхи йæ бæхыл баппæрста 'мæ Нартæм æрфардæг. Йæ фыды гæрз радта йæ усмæ 'мæ загъта: – Мæ фыды мын ысдзæбæхкæн. Хурычызг Уæрхтæнæджы 'рхуыссынкодта дæлгоммæ. Авæрдта йыл гæрз, æмæ Уæрхтæнæг æнæнизæй фестади. Нартæ цинкодтой Сыбæлцыл æмæ дзырдтой: – Сыбæлц Уæрхтæнæгæн æмæ Нартæн цы сарæзта, уый нырма ничи сарæзта. Уæд ын Хорæхæрзæ та афтæ зæгъы Сыбæлцæн: – Цаппар æмæ йæ фыртты фесæфтай, æмæ Хуыцауæй бузныг. Фæлæ ма Адзаты иудзæстон уæйыджы чызг, Цаппары ус, æгас у... – Æмæ мын уымæй та цæмæй тæрсыс? – Тæрсын хъæуы. Уымæн йæ мад йæ цæгаты – Адзаты иудзæстон уæйыджы фыдздзаг ус. Уыцы усы мæн тыххæй фæсырдтой. Усæн ис фырт Хъæрæу зæгъгæ, йæ чызг та Цаппары ус уыди. Цаппары ус ацæудзæн йæ мадмæ, æмæ йе фсымæр Цаппар æмæ й' авд фырты сæфт æнæзæгъгæ нæ фæуыдзæн. Хъæрæу йæ маст чи бауырома, ахæм лæг нæу, æмæ рахъуыздзæни. Уымæй дын тæрсын. Уæд дын иуахæмы Сыбæлц ацыди цуаны 'мæ бæласы бын йæ фæллад уагъта. Æрфынæй и. Раст уыцы рæстæг Хъæрæу дæр фæзынди кæцæйдæр. Райхæлдта Сыбæлцы æрдынбос. Сбаста йæ 'мæ йæ райдыдта фатæй æхсын. Сыбæлц фехъал и. Сыбæлц ахæстытæкодта 'мæ йæ къахбæстытæ атыдта. Слæууыди 'мæ дзуры Хъæрæумæ. – Суадз мын мæ къухтæ. – Не суадздзынæн! Æмæ Хъæрæу нал сауæрста фатæхстæй. Сыбæлц уæддæр нæ хауди. Уæд Хъæрæу арц систа 'мæ йæ ныссагъта Сыбæлцы зæрдæсæр. Сыбæлц æй уæд, йæ къухтæ баст, афтæмæй, басырдта æмæ йæ къæдзæхмæ нылхъывта. Хъæрæу æрхаудта мардæй. Сыбæлц дæр ма сæхимæ бæргæ 'рцыди, фæлæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызт, афтæ йæ уд систа. Ныртæ йын ыстыр зæппадз ыскодтой Сыбæлцæн, æмæ йæ бавæрдтой уыцы зæппадзы. ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ РАЙГУЫРД Нарты Уæрхæгæн райгуырди дыууæ лæппуйы – фаззæттæ. Иу дзы райгуырди фыдздзаг кæркуасæны, иннæ райгуырди дыггаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Рухс хуры тынтæ ныккасти Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты фарнæн ыскодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта Нарты, уæларвæй – Куырдалæгоны, фурдæй та – Донбеттыры. Уæрхæджы фырттыл буц нæмттæ сæвæрдта Куырдалæгон: хистæрыл – Æхсар, кæстæрыл – Æхсæртæг. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдз Нарт сæ фынгыл сæвæрдтой, æмæ цын диссаджы зарджытæ кодта. Уæрхæджы уазджытæ иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой, стæй уæд фæфардæг ысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. Куырдалæгон абадт цæхæр уадыхъисыл, æмæ ныппæррæстласта уæларвмæ. Донбеттыр та фестади цæхæр æргъæуон кæсаг, æмæ ныцъцъыллингласта фурды бынмæ. Нартæй дæр алчи йæ хæдзармæ фæцыд. Уæрхтæнæг йе фсымæры лæппуты куывды нæ уыди. Хонæг ацыди цыдæр фыдбылызы фæндагыл уый хæдразмæ, æмæ фæстæмæ нал æрыздæхт. ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ КАДÆГ Арвычызг иу бон хураууон бадти 'мæ йæхицæн сусæгкуыд кодта, тыххæйты уырæдта йæ цæссыг, мыййаг ыл исчи куы фæхуда, уымæй тарст. Æхсар æмæ Æхсæртæг æддæ фæскъул хъазыдысты. – Нæ зæронд мад иунæгæй цæмæн бады? Цом ма, базонæм æй, – загъта Æхсар. Сабыр, хъуызæгау, æрбацыдысты фаззæттæ, æмæ йæм æнцад кæсынц сæ фыдымадмæ. Бамбæрстой йæ кæугæ кæй кæны уый, æмæ йæ уæлъус алæууыдысты. – Цы кодтай, Æна? Махæн ма йæ зæгъ. Мацы нын басусæгкæн. – Æмæ куы ницы кæнын, мæ хуртæ. Сусæггагæй дæр мæм ницы и. Фæлæ н' адæм никуыцæй зынынц – уæ фыд Уæрхæг æмæ уæ фыды фсымæр Уæрхтæнæг. Уæ фыд ацыди йе фсымæры фæдыл, æмæ кæмдæр фесæфт. Ныр кæд дзæгъæлмард ысты, уæд сырдтæн – холыйаг, кæд æмæ дæлсыджыт фесты, мыййаг, уæд та цын сæ бынат базонын хъæуы. Æмæ нын зæронд Бæртæлæджы йæддæмæ ничи баххуыскæндзæн. Зæронд Бæртæлæг доны был цæры, æмæ уый фæндæгтæ сеппæт дæр зоны. Бæргæ куы нæ уын загътаин ацы ныхæстæ, фæлæ цæрдтæй мæрдтæм фæхæстæгдæр дæн, æмæ ма уын цæ чи зæгъдзæн? Бацагурын уæ хъæудзæн уæ фыдæлты, фæлæ нырма хомдæндаг куы стут... – Уæ, цытæ нын загътай, уый? – батыхсти Æхсæртæг. – Нæ фыд кæмдæр æддæ баззади йе фсымæримæ. Уæд мах ам цы бадæм? Мыййаг, пъæззытæ куы нæ стæм. – Кæд нал лæуут, уæд Бæртæлæгыл уæ фæндаг акæнут. Æмæ фæндараст фæут. Фæлæ ма иу хъуыддагæй фæдзæхсын. Цыфæнды куы уа, уæддæр кæрæдзийæ куыд нæ фæхицæн уат, афтæ. – Уый афтæ уыдзæн, фæлæ куыд базондзыстæм мах нæ фыдыфсымæры, кæнæ нæ фыды? Арвычызг йæ къухæй къухдарæн рафтыдта, æмæ йæ Æхсæртæгмæ радта: – Гъеуый дар де нгуылдзыл. Ныр æфтæуцæгмæ бахизут. Æхсар æмæ Æхсæртæг æфтæуцæгмæ бацыдысты 'мæ равзæрстой хотыхтæ сæхицæн. Сæ фыдымад цæм дзуры: – Гъеныр фæндараст фæут, мæ хъæбултæ. Æмæ араст ысты дыууæ лæппуйы. Бæртæлæджы йæ хæдзары дуармæ бадгæ баййæфтой. Арфæ йын ракодтой. Бæртæлæг цын ысцæйыстади, фæлæ йæм лæппутæ цырд фæлæууыдысты. – Бад, бад! Уыйас лæггады аггаг не стæм. – Чи стут, уæхи мын бацамонут. – Мах ыстæм Нартæй – Уæрхæджы фырттæ. Нæ фыдыфыд та Борæ уыди. – Уый æфсымæртæ та Дзылæу æмæ Болатбæрзæй уыдысты – мæ хæлар адæм. Цы хъуысы Уæрхæгæй, Уæрхтæнæгæй? – Ницы, уанæбæрæг. Уый тыххæй дæм фæцыдыстæм дæумæ дæр. Нæ зæронд мад нæ дæумæ рарвыста. С' агурæг цæуын ис нæ зæрды, æмæ нын ды та цы зæгъдзынæ? Зæронд Бæртæлæг арф ныуулæфыд. – Иугæр æдзæугæ нал и, уæд мæм байхъусут. Уæ фыд æмæ уæ фыдыфсымæр æгады сæфтæй нæ фесæфтаиккой... Уæд цæ афонмæ исты хабар уыдаид. Уыдон æгас ысты. Фæлæ уæлæзæххыл нæ разындзысты. Уæдæ Донбеттыртæм дæр нæ уыдзысты. Кæд уой, уæддæр Дæлимонтæм. Уырдæм фæцæут, æндæр зæрдæ никуыдæм æхсайы. Æрмæст уæ иу хъуыддаг курын: ма фæхицæн ут кæрæдзийæ! Араст ысты Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ хистæрты агурæг. Иу тархъæды арф бацыдысты. Хъæды астæуæй цæм цыдæр æрттывта, æмæ сæ цыд уырдæм ыскодтой. Куыд æввахс кодтой, афтæ уыцы æнæбæрæг цыдæр йæхи фалдæрæй фылдæр иста. – Ай цы уыдзæн, уый хъуамæ базонæм, – загъта Æхсар. Фатæй йæ фехсынц, фæлæ фат сæрдзыд ацæуы, æмæ хохрæбын лæгæтыл сæмбæлы. Цæуынц йæ фæдыл, æмæ ссардтой хохрæбын иу лæгæт. Лæгæты мидæг дзæвгар фæцыдысты лæппутæ. Куы ныррухсвæййынц лæгæты къултæ, куы та бынтондæр нытталынгвæййынц. Куы та сау арвы стъалытæм къултæ сæрттивынц, куы та сæ цæхæр акæлы. Æппынфæстаг лæгæтæй ахызтысты. Афæлгæсыдысты, æмæ сындзын æртытæ дзæгъæлæй судзынц. Лæгæты кæрон адæмы бардз фынæйкодтой тæккæ фæндагыл. Сæ сæрты хъавгæ фæцæйхызтысты, фæлæ дын Æхсæртæг кæйдæр былтыл фæлæууыд æнæрхъуыдыйæ. Æмæ адæмы бардз ницы базыдтой, фæлæ сæ иу ныцъцъæхахстласта: – Кæмæй цы дардтон, чи мæ амардта?!. Уыдон уыдысты дæлимонтæ 'мæ Нартыл ысхæцыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг цæ цæгъдынтæ систой. Дæлимонтæ цæ сайдтой сæ фæдыл, æмæ цæ зындоны къæсæрмæ 'рбасайдтой. Уым æвиппайды астæрд аскъæфтой, æмæ зындоны хуыккомы аирвæзтысты лæппутæ. Дæлимонты хай баисты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Араст ысты уым иу тъæпæн фæзы. Иу къуымрæбынæй гæзæмæ рухс цыд. Уырдæм бацыдысты. Дыууæ дæлимоны иу зæронд лæгæн йæ хъуынтæ бийынц, æмæ цæ хæрдмæ асин аразынц. Æхсар фæрсы дыууæ дæлимоны: – Цæмæн тухæнæй марут ацы зæронд лæджы? Дæлимонтæ хъусæй лæууыдысты, æмæ та цæ Æхсар дыггаг фарст акодта: – Сымах куы фæрсын? Кæд дуртæ не стут? Цæуылнæ дзурут? Ницы та загътой дыууæ дæлимоны. Æхсар дзы иуы ныцъцъыкласта, æмæ та йæ фæрсы: – Мæ фарстæн дзуапп цæуылнæ ис? Дæлимонтæ дын æммид æрбатар ысты. Зæронд лæг иунæгæй аззад, æмæ йæ фæрсынц: – Баст цæмæн дæ? – Дæлимонтæ мæ сбастой. – Æмæ чи дæ? – Æз Нартæй дæн, мæ ном та Уæрхтæнæг у. Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ кæрæдзимæ бакастысты. – Мах дæр Уæрхтæнæджы агурæм, нæ фыдыфсымæры. – Æмæ сымах чи стут? – Мах дæр Нартæй ыстæм. Æхсæртæг æм къухдарæн февдыста Уæрхтæнæгмæ. – Уый нæ мады къухдарæн куы у! Ныр мæ уырнынц уæ ныхæстæ. Фæлыгкодтой уым Уæрхтæнæджы бæстытæ. – Иугæр ме фсымæр нал æрцыд, – загъта Уæрхтæнæг, – уæд уый дæр ам искуы уыдзæн, æмæ йæ ссарын хъæуы. Дыууæ лæппуйы Уæрхтæнæджы суадонмæ бадавтой, æмæ йæ арыхъæхсад акодтой. Уыйфæстæ йæ 'рдастой, æмæ усгуры хуызæнæй агæпласта Уæрхтæнæг. Уырдыгæй та араст ысты, æмæ та дæлимонтæ дзырдæппарæн кæнынц. – Дзæбæх лæппуты хуызæн бæргæ сты, фæлæ сæ фыд кæм сæфы, уый нæ зонынц. Лæппутæ 'мæ Уæрхтæнæг уыйфæстæ иумæ райдыдтой зилын дæлимонты бæстыл. Иу хуынкъ æнæсгæрст никуал ныууагътой. – Ам æнæсгæрст ницыуал ныууагътам, фæлæ Сауцады был бирæ ахст адæм кусы, æмæ уырдæм фæцæуæм, – загъта Уæрхтæнæг. Араст ысты Сауцадырдæм, фæлæ дуар æдгæрзтæ лæг хъахъхъæдта. Æмæ йæ дыууæ фæхауынкодтой Æхсаритæ. Бахызтысты уыйфæстæ Сауцады былмæ. Уым мингай адæмтæ дурсæттæн кодтой, æмæ цыл дуррыг æрмæрины бæзнæн ысбадти. Дуррыгæй цын базонæн нал уыд. Адæм – фыдбæгънæг. Чи цæ цы цахъхъæн уыд, уымæн равзарæн нал уыди. Сæ дæндæгты къæртц-къæртц цыди фыруазалæй. – Ацы уазалы кусгæ хорз кæнут, фæлæ бæгънæг та цæмæн ыстут? – фæрсы адæмы Уæрхтæнæг. – Уый нæ хистæры дзырд у. – Кæм и уæ хистæр? – Уæртæ, сискъул кæм амайынц, уым ивы кусджыты. Араст ысты Нартæ уыцы хистæрмæ. – Ацы адæмы кусынкæныс, фæлæ цыл дарæс та цæуылнæ ис, – дзуры йæм Æхсар. – Æмæ сымах та чи стут? – фæрсы хистæр, фæтæнуæхскджын. – Кæд кусынмæ 'рбацыдыстут, уæд – кусгæ! Æз дæр мæ хъалæй, мыййаг, куы нæ джиуын ам. Уый уыди Уæрхæг. Уæрхтæнæг æй уайтагъддæр базыдта йæ ныхасæй. Хæстæг æм бацыд, æмæ йæ фæрсы: – Ай, æмæ Уæрхæджы хуызæн куы дæ! Хистæр æм фæкомкоммæ: – Уæрхтæнæг нæ дæ? Æз дæу агургæйæ куы бадæн дæлимонты хай. Ам мæ бауырæдтой хистæрæй, сискъул мын амайынкæнынц. – Æммыст, æмæ фынæй уæйыджы æртæ хъуыны мæхимæ к' уаиккой, – зæгъы Уæрхтæнæг, – уæд цæ æз мæ мæстытæ бæргæ сисин. – Уыдон мæнмæ сты, ме тары 'вæрд. Донбеттыр цæ мæнмæ радта. – Æри цæ ардæм, æз цын сæ бон базонынкæнон. Уæрхæг æм уыцы æртæ хъуыны авæрдта. Уæрхтæнæг цæ йæ карды фистоныл æрбатыхта. Ахæст адæм базмæлыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг уæлкъæй лæууынц, æмæ цæм Уæрхæг иу каст фæкодта. – Адон та чи сты сæ бакаст – хурау, арвы цæфау – сæ фезмæлд? – Уыдон та сты, ардæм мах агурæг чи фæцыд, уыдон. – Уæд кæмæй ысты? – Нартæй. – Æз Нартæм ахæм куы никæй зонын, уæд цытæ дзурыс? Уæрхтæнæг фæхудт æмæ йæм дзуры: – Уыдон Æхсар æмæ Æхсæртæг ысты. – Цæмæй бæрæг у? – Нæ мады къухдарæн Æхсæртæджы 'нгуылдзыл ис. Уæрхæг цæм бацыд æмæ цæм дзуры: – А, мах сæфæм дыууæ 'фсымæрæй, фæлæ ма сымах та цæуыл уæхи сафут? – Нæ фыдæлтæ кæм сæфой, уадз æмæ мах дæр уым фесæфæм. Йæ цæссыгтæ 'ркалдта Уæрхæг. Ахæст адæм цæм кæсынтыл фесты. Уæд фæзынди бурхил дæлимон, æмæ ахæст адæмæй иу Нартæм дзуры: – Цæй, кæд нæ кæнут, уæд ма цæмæ кæсут? Неппæты сафæг махмæ куы кæсы! Уæрхæг бурхил дæлимоныл тымбылдур фехста, æмæ йын йæ фæрсчытæй æртæ 'рбасаста. Бурхил дæлимон нырдиагкодта, æмæ бæстæ арыдта йæ хъæрæй. Æрбамбырд ысты дæлимонтæ бардзтæ-бардзтæй. Æмæ цын сæ фæндæгтæ ахгæдтой Нартæн. Дæлимонтæ барæй ахуыссынкодтой сæ мæрдзрухс, æмæ цæ Нартæ нал уыдтой. Цыдæр Хуыцау дын бурхил дæлимоны Уæрхтæнæгмæ фæкомкоммæ кодта. Куыддæр рухс ферттывта, афтæ йыл й' арц фæкодта бурхил дæлимоныл Уæрхтæнæг, æмæ йæ нылхъывта зæхмæ. Бурхил дæлимон нырдиагкодта 'мæ дзуры: – Суадз мæ! Цæуыл мæ марыс! – Тагъд мæрдзрухс ыскæсынкæн. Бурхил дæлимон адзырдта дæлимонтæм, æмæ мæрдзрухс ракасти фæстæмæ. Ныррухс и Дæлимонтыбæстæ. Уæрхтæнæг та бурхил дæлимонмæ дзуры: – Ныр нын фæндаг акæн нæхи бæстæм, кæннод дæ ам арты басудздзынæн. Цы гæнæн ма уыди бурхил дæлимонæн, æмæ сæ разæй рацыди Нартæн. Нарты фæстæ та ахæст адæм цыдысты. Æрбахæддзæ сты иу ыстыр зæхмæ. Бæстæ уыди рухс, цæрæг дзы нæ зынди. Сисамæдтытæ пырхæй зындысты. Æмæ дын Нартæ фæрсынц бурхил дæлимоны: – Ай, цæй пырх бæстæ у? – Ай пырх бæргæ нæ уыди, фæлæ цæрæнбынат уыди. Й' адæм та махмæ ахæсты уыдысты. Сæ зæрæдтæ фæцагъды сты. Кæстæр фæлтæр та сæ фыдыбæстæй иппæрд уыдысты, æмæ нæ зыдтой сæ раздæры цæрæн. Уæрхæг афарста ахæст адæмы: – Ам уæ чи царди, уыдон æрбахæддзæ сты 'мæ нын хæрзбон зæгъæнт. Дыууæ зæронды размæ рацыдысты. Сæ къæхтыл ма тыххæй лæууыдысты. – Цы ма лæууæм ам? Чи ма нæ баззад? Фæлтау нæ Нартæм тымбылæй ныккæнут, æмæ кæд фервæзиккам ацы дæлимонтæй. Иннæ ахæст адæм дæр Нартæм дзурынц: – Мах дæр уемæ цæуæм, ам нæ ма ныууадзут. Ацы бур дæлимонæн та йæ сæр ракæнут. Нартæ бурхил дæлимонæн йæ сæр ракодтой æмæ йæ уырдыджы бынмæ ауагътой. Сæр гæппытæгæнгæ атылд бынмæ, æмæ дæлимонты цур йæ тъæпп фæцыди. Нартæ ахæст адæмы семæ ракодтой Стыр куывдтæ фæкодтой иумæ. Ахæст адæм Нартæн фарсхæцæг уыдысты, иумæ цардысты. Уæдæй фæстæмæ ничиуал хаста йæ ныфс Нартæм. Бурхил дæлимоны сæр федтой дæлимонтæ 'мæ загътой: – Нартæ нæ худинаджы сæфт фæкодтой. Нæ маст цæ райсæм, æндæр гæнæн нал и. Фæлæ цыл кæм сæмбæлдзыстæм? – Нарты кæстæртæй иуæн йæ къухыл къухдарæн уыди, – загъта Саудзых дæлимон. Хæцгæ-хæцын къухдарæн æрхауди, æмæ ныр мæнæ мæнмæ ис. Уыдон ныр уый агурæг рацæудзысты, æмæ цыл хъуамæ тыхджын ысхæцæм. Дæлимонтæ сцинкодтой æмæ æрбацæуæнты арф уæрмытæ скъахтой. Сæ уæлæ цын глазигауызтæ байтыгътой, цæмæй Нартæ мацы 'нхъæл уой. Æмæ хæцынмæ сцæттæкодтой сæхи. * * * Уæд дын иуахæмы Арвычызг фæрсы Æхсæртæджы: – Къухдарæн дæм радтон, æмæ, цымæ, цы фæци? Кæм æй ныууагътай, мæ къона? Æхсæртæг йæхимæ асгæрстытæкодта, фæлæ ницы ссардта. – Уæрхтæнæгæн æй уынынкодтон, æмæ мын, бæлвырд, уыцы ран баззад. Уæд адæмæй иу зæронд дзуры: – Ды Уæрхтæнæгæн дæ къухдарæн куы уынынкодтай, уый æз хорз хъуыдыкæнын: æнгуылдзæфсон æй карды бикъыл асагътай, æмæ 'рхауди, Дæлимонтæй иу – Саудзых дæлимон кæй хонынц – уый йæ амбæхста. – Мæнæн æм æнæцæугæ нæй. – Æз дæр цæуын демæ, – загъта Æхсар. – Мæн дæр акæнут. Фæндагамонæг уын уæддæр уыдзынæн, – лæгъстæгæнæгау бакодта зæронд лæг. Ноджы ма цалдæр лæджы ацыди Æхсар æмæ Æхсæртæгимæ, фæлæ сæ хистæрты нал рауагътой семæ. Ссыдысты иу хохы сæрмæ, æмæ нал арынц фæндаг Дæлимонтæм. Сæ фале фæзынд, йæ хъуын æрттивгæ кæмæн кодта, ахæм саг. – Ацы саджы æз Дæлимонтæм арæх уыдтон, – загъта зæронд лæг. – Мачи йæ фехсæд, уадз æмæ хиза. Уагуадзæн афон сæхимæ цæудзæн. Уый кæдæм цæуа, мах дæр уыууылты йæ фæдыл цæудзыстæм, æмæ ныххæддзæуыдзыстæм Дæлимонтæм. Нартæ байхъуыстой зæронд лæджы ныхæстæм, æмæ 'нхъæлмæкастысты уагуадзæн афонмæ. Уагуадзæн афон дæр уæдмæ 'ракодта, æмæ саг йæхи уæззау бауыгъта. Йе 'рттивгæ царм хъуытæзтау ысцагъта, стæй араст и Дæлимонтыбæстæм. Æхсар æмæ Æхсæртæг цыдысты йæ фæдыл, фæлæ дын иу фæзилæны саг æрбатар. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæлæ ницыуал ыссардтой. – Маст ма бакæнæм, уымæн та райсом æнæ цæугæ нæй. Бонрæфты цæудзæн дон нуазынмæ Æвдадзысуадонмæ. Йæ цуры йын цæхх байзæрæм. Уый дойны кæндзæн, æмæ донмæ уайдзæни тагъд-тагъд. Æмæ базондзыстæм уæд афтæмæй саджы бахизæн. Ныллæууыдысты дыггаг бонмæ. Райсомы та хур æрбакасти, æмæ бæстæ ныррухс. Саг та разынди, ауыдта цæхх æмæ дзы сдæры. Фыдздзаг хатт æм хорз фæкасти, æмæ йын фегæр. Саг ысдойны. Тагъд-тагъд азгъордта суадонмæ 'мæ дзы фыднозт бакодта. Стæй уагуадзæн афон сабыр араст и 'мæ иу къæйыл ыслæууыд. Къахындзæг кæны йæ сæфтджытæй къæйыл. Æмæ йæ къæй уырдыгмæ аласта. Æмæ та фæстæмæ йæ бынаты абадти къæй. Нартæ дæр йæ цуры лæууынц. – Цæй, æмæ ацы къæй аппарæм. – Нæ, хъил æй акæнæм. – Фæлтау йæ бынты абырæм. Алы ныхæстæ кодтой, æмæ иу фæндмæ нæ цыдысты. Уыцы бон Бардуаджыбон уыд, æмæ йæ кувæг адæмыл зилгæ рацæйцыд. Æрбаййæфта Нарты, æмæ цæ фæрсы: – Ам цы ми кæнут? Абон мæ бон у, æмæ кувгæ цæуылнæ кæнут? Ацы цъæх къæйыл цы æрымбырд ыстут? – Бардуагафон сæфт хъуамæ мацы уа, – дзуры йæм Æхсар. – Дæлимонтæм нын иу дзаума баззади. Хъуамæ йæ афоныл æрхæссæм. Нæ хистæртæ махмæ кæсынц. Æмæ нын Дæлимонтæм фæндаг бацамон. – Уæ разы къæйы кæрон сæхъхъис бæндæн ис. Уыцы бæндæныл арт андзарут. Бæндæн басудздзæн, æмæ къæй ахаудзæн. Стæй уын Дæлимонты фæндаг байгом уыдзæн, – загъта ма Бардуаг æмæ ацыди. Нартæ сæхъхъис бæндæн ыссардтой, æмæ йыл арт бафтыдтой. Сæхъхъис бæндæн ыссыгъд, стæй атыдта. Къæй атахти, æмæ Дæлимонты кæсæнуат ныппырхкодта. Æмæ Дæлимонтæ загътой: "Нартæ 'рцæуынц". Базмæлыдысты Дæлимонтæ. Саудзых дæлимон дзуры: – Æрбацæуæнтæ æрыхгæнут, æмæ цæ къæбутдзæф кæнут, æгады мардæй куыд амæлой! Нартæн, Дæлимонтыбæстæм цы фæндаг уыди, уый фегом. Араст дын ысты. Бахæддзæ сты иу цады былмæ, æмæ сæ фæндаг нæууыл акодтой. Цæуынц Нартæ. Фæлæ нæ зонынц Дæлимонты хинвæнд. Нартæ иу дуарæй бахызтысты, афтæ цыл къæбутырдыгæй схæцыдысты Дæлимонтæ. Фатæхст цæ кодтой. Нартæ дæр цæ айстой сæ разæй. Кæй кæм æййæфтой, уым æй мардтой, афтæмæй цæ быны сæфт кодтой. Уæд цæ глази-гауызтыл басайдтой Дæлимонтæ, æмæ дын Æхсар уæрмы смидæг. Дæлимонтæ йыл дур æмæ хъæд калын байдыдтой. Æхсæртæг Дæлимонты ахста, æмæ цæ уæрммæ калдта. Æхсар та цæ уæрмы цагъта. Куырисбаст-иу цæ акодта, æмæ цæ йæ сæрыл авæрдта. Уæле цы дур, цы хъæд калдтой, уыдон Дæлимонтæн сæхиуыл æмбæлдысты, æмæ цагъды кодтой. Мæрдтыл хæрдмæ бырыди Æхсар, æмæ фæуæлбыл. Ногæй та цæ цæгъдын байдыдтой. Зæронд лæг, æмæ ма семæ чи уыди, уыдон та цын æххуыскодтой. – Ай цæ мæнæ кæридзагъд куы кæнæм. Æмæ дзы райсом мардæй куы никæйуал фенæм, уæд цы хабар у? Цы фæвæййынц, кæй цæгъдæм уыдон? – загъта Æхсар. – Мæн ам мæрдты 'хсæн бакæнут. Æз цæ базондзынæн, цы фæвæййынц, уый, – дзуры зæронд лæг. Æхсар æмæ Æхсæртæг æй мæрдты 'хсæн бакодтой зæронд лæджы. Лæппутæ дзæвгар фæцагътой Дæлимонтæй. Стæй сæхи фæсфæд айстой, хæст куы банцад, уæд. Дæлимонтæй иу саусырдыл абадт, æмæ дын æй зæронд лæг ауыдта. Саусырд атахти 'мæ 'рбатар. Чысыл фæстæдæр ногæй фæзынди. Иу дæлимон йæ къухы сырхфарсфæткъуы 'рбахаста. Мæрдтыл æй атылдта, æмæ райгас ысты мæрдтæ. Зæронд лæг фæцырд, æмæ йæ рацахста дæлимоны æмæ йæ уым дзыхъмард фæкодта 'мæ æрбацыд Нартæм. – Удæгасгæнæн фæткъуы хæссынц кæцæйдæр, – загъта зæронд лæг. Сæ мæрдтыл æй атулынц, æмæ райгасвæййынц мæрдтæ. Ацы хатт ма фæткъуы куыддæр æрбахæссой, афтæ-иу фæткъуыйæн йæхи цæвут. – Фæткъуы кæцæй хæссынц, уыцы бæлас нын базон. Зæронд лæг та йæхи мардыфсон ыскодта. Æхсар æмæ Æхсæртæг тынгдæр ысхæцыдысты дæлимонтыл, æмæ цæ бындзагъд фæкодтой. Фæсхæст та, фæткъуы цы дæлимон хаста, уый саусырдыл æрбацæйцыди. Æхсæртæг йæ размæ бадти, æмæ фæткъуы скъуырдта. Фæткъуы зæхмæ ахауди. Æхсæртæг æй кардæй ныццавта, æмæ фæткъуы дыууæ дихы фæци. Дæлимон мæрдтыл рацæйцыд. Зæронд лæг фæцырд и, æмæ сау сырдыл абадти дæлимоны фæсарц. – Тагъд мын, фæткъуы кæцæй хæссыс, уый фенын кæн, кæннод дæ марын! – загъта зæронд лæг дæлимонæн. Дæлимон фæтарсти, æмæ йæ уыцы ран балæууын кодта. Иу кæртмæ бахызт. Кæрты зад иу бæлас. Æмæ дзуры дæлимон: – Ацы бæлас у мардудæгасгæнæг. – Кæд сайгæ кæныс? – Нæ, нæ дæ сайын. Уæд зæронд лæг сау сырды фæмардкодта 'мæ загъта: – Уæдæ мын ныр мæ сау сырды райгас кæн. Дæлимон бæласæй фæткъуы ратыдта, æмæ йæ уыцы сау сырдыл атылдта. Сау сырд, куыд уыд, афтæ фестади. Уæд зæронд лæг дæлимоны кардæй барæхуыста. Бæлас æд уидæгтæ стыдта, æмæ сау сырдыл абадт, æмæ йын афтæ: – Гъеныр мæ тагъд ме мбæлттæм фæхæддзæ кæн, кæннод дын æгасæй ныууадзæн нал и. Сау сырд фæтарсти 'мæ рахаста зæронд лæджы. Æмæ Æхсæртæгмæ 'рхæддзæ сты. – Се гасгæнæн фæткъуы цын æд бæлас рахастон, – загъта зæронд лæг. Æхсæртæг бæлас райста, æмæ цын афтæ зæгъы Дæлимонтæн: – Мæ къухдарæн мын куы нæ радтат, уæд уын æз ацы бæласыл арт бандзардзынæн. Сымах та быныцагъд фæкæндзынæн. Фæтарстысты Дæлимонтæ 'мæ доныбынæй къухдарæн систой. Саудзых дæлимон Æхсæртæгмæ къухдарæн радта: – Айс дæ къухдарæн, фæлæ нын нæ бæлас радт фæстæмæ! Æхсæртæг æм æрбамæсты, æмæ йæ 'рбамардта. Раггойкодта бæлас. Нартæм æрцыдысты, æмæ йæ сæ кæрты ныссагътой. Фæлæ та-иу фæзындысты дæлимонтæ. – Кæд æй нæ дæдтыс, уæд йæ уæлæ æмбисæй фылдæр мауал æрзайæд! – загъта Дæлимонты хистæр. – Кæд æй нæ дæдтыс, уæд æртæйæ фылдæр йæ уæлæ мауал æрзайæд! – загъта иннæ. – Кæд æй нæ дæттыс, уæд йæ уæлæ иу... хъуамæ загътаид, иу дæр мауал æрзайæд зæгъгæ, æртыггаг дæлимон. Фæлæ йæ уæдмæ Æхсæртæг æрбамардта. Æмæ ма йыл ныр иунæг фæткъуы зайы уыцы бæласыл. САУМÆРОН Саукомы рæбын æмбисондæн чи баззад, æмæ йæ кой дæрдтыл кæмæн айхъуыст, иу ахæм ус цард. Хонгæ та йæ Саумæрон зæгъгæ кодтой. Æмæ дын æм Дæлимонтæ цæуын байдыдтой. – Нартæ нæ быныцагъд кæнынц, æмæ нын баххуыс кæн дæ бирæ 'фсадæй. Кæннод мах куы фæцагъды уæм, уæд ма кæимæ цæрдзынæ? – Кæд цæ уæ бон дарын бауа, – загъта Саумæрон, – уæд уын ме фсадæй цас уæ хъæуа, уыйас раддзынæн. Дæлимонтæ сразы сты. Саумæрон арын байдыдта æмæ 'хсæвæй-бонмæ минтæ ныййардта. Дæлимонтæ цæ 'фсадхъом кодтой, æмæ цæ Нартæм æрвыстой хæцынмæ. – Мах ам абаддзыстæм, уымæй цы пайда и? – дзуры Æхсæртæг. – Дæлимонтæ нын сæ маст нæ ныууадздзысты. Саумæронмæ фæцыдысты, æмæ дзы 'фсадхъом мингæйттæ райстой. Уыдон сомбон немæ хæцдзысты. Мах хъуамæ Саумæроны арты басудзæм. – Сылгоймагимæ хæцын дæ сæрмæ та куыд хæссыс? – дзуры Æхсар. – Чи дæ фехъуса, уый дæ цы зæгъдзæн? Ныхъхъуыдты йæ уадз! – Уый дыл куы фæтых уа, уæд ахæм худинаг куыд æрхæсдзынæ ды дæ сæрмæ. Кæд нæ цæуыс, уæд æз мæхæдæг иунæгæй дæр ацæудзынæн. – Уæд та дыл тых цæуы, уæд дæ кæм агурдзынæн? – Æз цæудзынæн хъæды 'хсæнты, æмæ бæлæсты кæрддзæфкæндзынæн. Кæд æмæ афæдзы бонмæ нæ фæзынон, уæд-иу мæ агур. Кæд ма дæ де фсымæр хъæуа, уæд. Фæраст Æхсæртæг, æмæ йæ Уæрхæг ауыдта. – Ныр иунæгæй кæдæм цæуыс? – Иунæгæй цæуын, афæдзбалцы. Кæд не рыздæхон, уæд мæм-иу Æхсар хæддзæкæнæд. Цæугæ та кæнын Саумæронмæ. Уый цын æфсад радта Дæлимонтæн, æмæ та нæ сомбон хъыгдардзысты. – Фæндараст фæу. Фæлæ иу хъуыддаг дæ зæрдыл бадар: иугæр хæсты бацыддæ, уæд хъуамæ дæхи фæнд атæрай, искæй зонмдæ хъусын нæ хъæуы. Араст Æхсæртæг Саумæронмæ. Уæд, зæгъы, Саумæрон Дæлимонтæм дзуры: – Цæмæн хæцут афтæ карзæй Нартимæ? Æххæст-ма мын æй æмбарын дæр бакæнут. – Нарты адæм нæ бындзагъд фæкодтой, – дзырдтой Дæлимонтæ. – Уыимæ нын нæ фæткъуыбæлас дæр фæхастой сæхимæ. Æртæ хатты цæм барвыстам, æртæ хатты дæр ницы бафтыд æппын нæ къухы. Уыцы бæласæн та æнæ 'рхæсгæ нæй. Æхсæртæджы фæстæ иу талынг æхсæв Саумæрон æд æфсад æрбахъуызыдысты Нарты фæткъуыбæласмæ, æмæ йæ фæхастой сæ бæстæм. Дæлимонты сау сырд цæ давгæ федта. Фæлæ йæ дзыхыл ныххæцыд – ницы сдзырдта. Дæлимонтæ хæстмæ сæхи цæттæкодтой. Саумæрон-иу æхсæвы кæй ныййардта, уый-иу боны хæцынхъом уыди. Афтæмæй минтæ, æрдзæсæдæ минтæ æрымбырдкодтой æфсад Дæлимонтæ. Æхсæртæг цæуы тар хъæды астæу. Кæрддзæфтæкæны хъæдыбæлæстæ. Фæзрæтты та дзыхъхъытæкодта. Афтæмæй бахæддзæ ис иу æфсæнфидармæ, фæлæ йын йæ хуылфмæ фæндаг н' ары. Уæд дын æм сау сырд фæзынд Æхсæртæгмæ, æмæ йæм дзуры: – Ам ц' агурыс æфсæн фидары? Æви й' арæзт дæ зæрдæмæ нæ цæуы? – Й' арæзт хорз у, фæлæ йæ хуылфмæ кæуылты бахизон? Дуар дзы нæ уынын. – Ардæм уал рацу. Сау сырд Æхсæртæджы йæ фæдыл акодта. Бацыдысты иу дурцыртмæ, æмæ йæм дзуры уыцы сау сырд: – Ацы дурцыртæн йæ уд æгаскæнын дæумæ хауы. Уыйбæрц хатыр бакæн, æмæ йæ райгаскæн. – Куыд æй райгаскæнон – сыгъдæг дур куы у? – Ды мæн дурмæ балхъив, афтæ тыхджын, æмæ мæ цæссыгтæ куыд æркæлой. Ацы дурцырт фыдæлгъыст фæци, æмæ йæ уды бар нæртон лæгмæ ис. Æхсæртæг сау сырды дурцыртмæ балхъывта, æмæ сау сырд йæ цæссыгтæ 'ркалдта. Дурцыртыл æрхаудтой æмæ дурцырт йæхимидæг базмæлыд. Уыйадыл сау сырд рæсугъд ус фестад, дурцырт та нæлгоймаг фестад. Æмæ фæрсы нæлгоймаг Æхсæртæджы: – Бæлвырд, Нартæй дæ? – Уо, æз Нартæй дæн, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма ды Бæртæлæг дæ. – Раст зæгъыс. Æз, æцæгæйдæр, Бæртæлæг дæн. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы фесæфт куы фехъуыстон, уæд цæ не фсинимæ дæлимонтæм агуырдтам. Дæлимонтæ мæм тынг ысмæсты сты. Дурцырт мæ фестынкодтой, не фсины та – сау сырд. Æмæ йыл дыууæрдæм хъеллаукодтой. Кæм ысты цымæ ныр мæ хæлары цæуæт – Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг? – Уæдæ ды та цæмæ 'рцыддæ? – Æз ардæм хæцынмæ 'рцыддæн. Дæлимонтæ та нæ ныхмæ 'фсад аразынц. Æфсадхъом та исынц Саумæронæй, æмæ цæ хъуамæ бындзагъд фæкæнон. – Афтæ иунæгæй дæ куыд рауагътой? – Мæхи афтæ фæндыди. Никæй рауагътон мемæ. – Саумæрон æнцон басæттæн нæу. Ацы хабар та æз Нартæн фехъусынкæндзынæн. Бæртæлæг æмæ йæ ус хæрзбон загътой Æхсæртæгæн, æмæ фæцыдысты сæ бæстæм. * * * Нартæ ракастысты, æмæ – нал и сæ æвдадзы фæткъуы. – Цæуын æз сæ фæдыл, æмæ йæ хъуамæ байсон, – загъта Æхсар. Ауадз мæ демæ, исты 'ххуыс дын фæуыдзынæн æз дæр зæгъгæ дзуры зæронд лæг Æхсармæ. Æхсар ысразы, æмæ зæронд лæджы йемæ ракодта. Цæуынц Æхсар æмæ зæронд лæг хъæды. Кæсынц, æмæ бæлæстыл Æхсæртæджы кæрддзæфтæ, фæзты та – дзыхъхъытæ. Цæуынц æмæ цыл Бæртæлæг æмæ йæ ус æнæнхъæлæджы амбæлдысты. Æхсар цæм дзуры: – Уæ фæндаг раст уа! – Æгас нæм цæут сымах дæр. Кæцæй фæндараст? – Цæуæм Нартыбæстæй. Дæлимонтæ нын нæ фæткъуыбæлас адавтой, æмæ уый агурæм. – Уæ бæлас уын æз хæсгæ федтон, – загъта Бæртæлæджы ус. – Саумæрон æмæ уын æй йе фсæдтæ радавтой. Æмæ йæ Саумæрон йæ дуармæ ныссагъта. Æхсæртæг хæцдзæн ныр семæ. Мыййаг цыл куы тыхкæна, уæд æй уыдон исты фæкæндзысты. Хæрзбон загътой сæ кæрæдзийæн, æмæ цæ алчи йæ фæндагыл араст. Уæд Æхсар зæронд лæгæн афтæ зæгъы: – Мах куыддæр ысхæцæм, афтæ ды та бæласмæ фæу, æмæ-иу æй рахæсс. Цалынмæ уыдон æфсæнфидармæ цыдысты, уæдмæ Æхсæртæг фидары бынæй фидары хуылфмæ дзуры: – Кæм ыстут уæдæ? Уæхиуыл æфсæнфидары дуæрттæ цæй хуыд ныккодтат? Саумæрон уыцы хъæрмæ æнæхъæн æфсад рарвыста. Уыдонимæ Дæлимонты дæр, æмæ схæцыдысты Æхсæртæгимæ. Саумæроны 'фсад куынæг байдыдтой. Саумæрон уыйонг фæтыхсти, æмæ йын зæнæг кæныны рæстæг дæр нал уыд. Уыйфæстæ Дæлимонтæ дæр хорзау нал уыдысты. Æмæ уыцы хæсты хъæр Æхсар æмæ зæронд лæг фехъуыстой. Сæ цыд фæрогдæркодтой, æмæ Æхсæртæджы хæцгæ 'рбаййæфтой. Уыдон дæр Æхсæртæгæн фарс фесты, æмæ Æхсæртæг дзуры Æхсармæ: – Æрхæддзæ мæм дæ? – Ам бæргæ дæн. Радавтой нын нæ фæткъуыбæлас. Зæронд лæг аууæтты бацыд, æмæ йæ ссардта уыцы фæткъуыбæласы. Раздæхт фæстæмæ 'мæ дзуры: – Йæ кæрты астæу ис фæткъуыбæлас Саумæронæн, æмæ уырдæм уæ хæст акæнут, цæмæй йæ мацы фæкæной. Æхсар æмæ Æхсæртæг Саумæроны се хсæн фæкодтой. – Тагъд нын радт нæ фæткъуыбæлас! – дзуры йæм Æхсæртæг. – Уый уын раддзынæн, фæлæ бафидауæм. Саумæрон Нартæн сæ фæткъуыбæлас рахаста. Æмæ Æхсар зæронд лæгмæ дзуры: – Мауал ысуæгъдкæн уыцы бæлас! Саумæронæй дзырд райстой, ард ын бахæрынкодтой, æмæ уæдæй фæстæмæ Саумæрон Дæлимонтæн æххуыс нал кодта. Дæлимонтæй ма уым чи аззади, уыдон дæр сæхи айстой æмæ фæлыгъдысты. ДÆЛИМОНТЫ ХÆСТ Дæлимонтæ та ногæй æрбамбырдкодтой сæ тыхтæ, æмæ сæ размæ бабадтысты Нартæн. Æхсар æмæ Æхсæртæг рацæйцыдысты, æмæ Зæронд лæгæн афтæ зæгъынц: – Мах цуаны азилæм, ды та фæткъуыбæлас Нартæм ныххæддзæкæн. Зæронд лæг рахаста фæткъуыбæлас. Фæлæ базыдта, Дæлимонты 'фсад сæ размæ кæй бабадтысты, уый. Йæхи аууæтты айста, æмæ йæ Нартæ нал уыдтой. Æхсар Æхсæртæгмæ дзуры: – Мæ зæрдæ йæм æхсайы уыцы зæрондмæ. Ныууадзæм уал фæлтау нæ цуан, æмæ фæцæуæм нæ фæткъуыбæласы фæдыл. Цæст æй нал уыны, æмæ йыл уæд та исты 'рцыди уыцы зæронд лæгыл. Уæд æнæхай куы кæнæм нæ бæласæй! Æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Цæуынц. Æмбисвæндагыл уыдысты, афтæ цыл æрбакалдысты Дæлимонтæ. Æхсар æмæ Æхсæртæгæн нал размæ цæуæн уыд, нал – фæстæмæ... Дæлимонтæм уыд иу Хъоппæгцæст. Уый дын цæм куыддæртæй куы бахъуызыд фæсвæдты – хъуамæ цæ чъылдымдзæф фæкæна Нарты. Ауыдта йæ зæронд лæг дардæй. Фæуагъта йæ фæткъуыбæлас иу дзыхъхъы. Уæлейы йыл къалиутæ 'ркалдта. Иу дзæггор райста 'мæ бахъуызыди Хъоппæгцæст кæй хуыдтой, уыцы лæгмæ. А ныр Æхсары ныццæва Хъоппæгцæст, афтæ йыл зæронды дзæггор сæмбæлди. Хъоппæгцæст дзуццæджы 'рхауди. Æхсар фæзылди, æмæ йæм дзуры зæронд лæгмæ: – Цы фæдæ, цы? – Мæнæ бæргæ дæн. Хъоппæгцæст дæ марынмæ хъавыд, æмæ йæ æз дзæггорæй æрцавтон. Уæд Æхсар Хъоппæгцæсты йæ бецыккæй фелвæста. Нырдиагкодта уыцы хæйрæджыты фæтдзæгъдæн, æмæ Дæлимонтæ хорзау нал уыдысты. Хъоппæгцæст æм дзуры Æхсармæ: – Уæ, ма мæ амар. Цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн. – Нæй дыл æууæндæн... Йæ сæр ын ракъуырдта Æхсар, æмæ йæ фехста. Сæр атахти, æмæ Бæртæлæджы цур йæ дзæхст фæцыд. – Ракæс-ма мæнæ Дæлимонты фыддæрæн йæ сæрыкъуыдыр ардæм фæхаудта, – загъта Бæртæлæг йæ усæн, æмæ сæрыкъуыдыр доны басхуыста: – Хуыцау дæ мыггагыскъуыд фæкæнæд! Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ хæст фæуырæдтой. Фæлæ цыл Дæлимонтæ нал ауæрстой, æмæ сæ хæстæн кæрон нал уыди. Фæстагмæ Дæлимонтæ сæ бон базыдтой, ай цыл афтæмæй нæ фæтыхуыдзысты зæгъгæ, æмæ райдыдтой уæрмытæ къахын. Мæнгæмбæрзт цæ кодтой сыджытымурæй, уæлейы та цыл кæрдæг зæрстой. Уæд та тыхджын ысхæцыдысты, æмæ цæ сæ фæдыл уæрмытæм сайдтой. Æхсар зæронд лæгмæ дзуры: – Дæ хорз хорз у, æмæ ацы фæткъуыбæлас фæхæддзæкæн бынатмæ. Дæлимонты мæхи бар уадз. Зæронд лæг ахаста фæткъуыбæлас, æмæ та йæ Нарты кæрты ныссагътой ногæй. Æмæ 'нхъæлмæкасти зæронд лæг уыйфæстæ, уæдæ кæд æрцæудзысты Æхсар æмæ Æхсæртæг... Æхсар æмæ Æхсæртæг бæргæ айстой Дæлимонты сæ разæй. Фæлæ уæрмы аирвæзтысты 'мæ Цæрддзуйыбæсты балæууыдысты дыууæйæ дæр. Байдыдтой дын зилын Цæрддзуйыбæсты, æмæ иу ран иу къадакуырой ауыдтой. Куырой зилы, фæлæ йæ мидæг æппын иу ызмæлæг нæй. – Дзæгъæл хъеллауæй ницы, – загъта уæд Æхсар. – Фæлтау банхъæлмæкæсæм – ацы къадакуырой æнæхицау нæ уыдзæн. Æрынцадысты лæппутæ иу бæласы бын. Ссадлæхурæнæй хыссæ змæстой, афтæ цæ 'рбаййæфта иу боцъоджын, æмæ цæм дзуры цыдæр мæстыхуызæй. Й' армы та кæд уыди сæрыкъуыдыр. – Ай уыд мæ лæппу. Æмæ сымахæй кæйдæр къухæй æрцыди йæ мæлæт. Боцъоджын сæр Æхсæртæгмæ авæрдта. Сæрыкъуыдыр æнцад лæууыди. Æхсар бамбæрста: уыцы Хъоппæгцæст ын ыстыдтаид, æвæдздзæгæн лæппуйæн йæ сæр. Уый сæрыкъуыдыр у, æнæмæнг. Боцъоджын Æхсармæ дзуры: – Уæдæ мæ сафæг мæнæн ды уыддæ, æмæ абон махæн нæ тыхæвзарæн у. – Дæу куыд фæнды, афтæ, – загъта Æхсар. Ныззыввытт æй ласта, æмæ сæрыкъуыдыр кæмдæр дуртыл ныппырх и. Боцъоджын куыд нæ смæсты уыдаид! Афтæмæй дыууæ лæджы хæцын байдыдтой. Хъæд æмæ дуртæ кæрæдзиуыл цавтой. Уыцы рæстæг Дæлимонтæ дæр Цæрддзуйыбæсты фестадысты. Схæцыди семæ Æхсæртæг, хæстæг цæ нæ уагъта Æхсармæ. Æхсар фæхæст и Боцъоджынæн йæ боцъотыл, æмæ йæ ныууыгъта йæ сæрæй йæ къæхтæм. Йæ боцъо йын рацæйскъуыдта, æмæ Боцъоджын сауæрдиагкодта. – Уæ, ма мæ амар, бафидауæм... – Нæ бафидаудзынæн, цалынмæ мæ уæлзæхмæ нæ фæхæссай... Боцъоджын ныууагъта йæ хæст æмæ дзуры Дæлимонтæм: – Адон мах зæххыл нæ райгуырдысты. Мах зæххыл нæдæр мæлгæ акæндзысты. Фæлтау цæ сæ зæхмæ фæхæддзæкæнут. Сæхъхъисæй бæндæнасин цын авæрдтой уæлзæхмæ, æмæ йыл хæрдмæ хизынц: Æхсар – разæй, æхсæртæг – йæ фæстæ. Хæрдмæ куыд цыдысты, афтæ Æхсæртæг бæндæн фæстейы лыгкодта. Дæлимонтæ уæд бæндæнылыггæгтæ кæрæдзиуыл бастой, æмæ хæрдмæ бырстой сæ фæдыл. Нал æййæфтой Нарты лæппуты. Æппынфæстаг зæхмæ сирвæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Бынмæ 'ркастысты, æмæ дунейы Дæлимонтæ сæ фæдыл ысбырынц. – Адон куыддæр сирвæзой, афтæ ныл тых кæндзысты, – загъта Æхсæртæг. Уæд æм Æхсар дзуры: – Куыддæр ысцæйхæддзæкæной, афтæ бæндæнтæ фæлыгтæкæнæм, æмæ цыл уæлейæ цæхæр ауадзæм. Арт акодтой Æхсар æмæ Æхсæртæг. Уæдмæ Дæлимонтæ дæр ысзындысты, æмæ дын Æхсар æмæ Æхсæртæг уым бæндæнтæ фæлыгкодтой. Дæлимонтæ схъиудтытæгæнгæ тахтысты Цæрддзуйыбæстæм. Къултыл ма цæ бирæтæ фæхæцыд, фæлæ уыдон та цæхæры бын фесты, æмæ Дæлимонтæ судзгæ-уыраугæ хаудтой уырдыгмæ, æмæ ныппырх ысты Цæрддзуйызæххыл. Æхсар æмæ Æхсæртæг рацæуынц Нартæм, æмæ фæрсынц адæмы: – Бæлас рахæсгæ нæ федтат? – Иу зæронд лæг æй Нартæм фæцæйхаста. Цæуынц Æхсар æмæ Æхсæртæг. – Ныр нæ куы фæсайа уыцы зæронд лæг, уæд цы кæндзыстæм? – загъта Æхсар. – Сар мын йæ сæр кæны! Уæлæмæ цæуа – йæ къæхтæй йæ 'рласдзынæн, дæлæмæ цæуа – йæ бецыккæй йæ ахсдзынæн. А зæххыл та мын ирвæзгæ н' акæндзæн! Æхсар æмæ Æхсæртæг Нартæм æрбаввахс ысты. Кæсынц, æмæ сæ кæртæй зыны сæ фæткъуыбæлас. – Нæ кæртæй цыдæр зыны нæ бæласы 'нгæсæн, – загъта Æхсар. – Бæлвырд у, уыцы зæронд лæг нæ нæ фæсайдта. Æрцыдысты сæхимæ, æмæ цыл зæронд лæг амбæлди. Фæцин цыл кодта 'мæ загъта: – Ныр нал æрцæудзысты Дæлимонты дæлсинтæ. Бæлас та æз уæ кæрты уе рцыдмæ ныссагътон. – Хорз бакодтай, дæ цæрæнбон бирæ! Æрынцадысты æрсабыр ысты уæд Æхсар æмæ Æхсæртæг. ÆХСАРЫ КАРД Æхсар æмæ та Æхсæртæг иуахæмы сфæндкодтой афæдзы 'мгъуыдмæ балцы фæцæуын. Æртæ фæндаджы ныхмæ бахæддзæ сты, нысан дзы сæвæрдтой æмæ загътой: "Цæуæм фæйнæ фæндагыл фæйнæрдæм. Чи нæ раздæр æрцæуа, уый-иу нæ нысанмæ 'ркæсæд, æмæ-иу иннæмæ фæлæууæд". Фæцыдысты æфсымæртæ фæйнæ фæндагыл. Бирæ бонтæ рацыди. С' афæдзы бон дæр æрхæддзæ. Æхсæртæг æрыздæхт фæстæмæ. Федта сæ нысан, æмæ нысан æрдæгсаухъуына адардта æмæ фæтарсти йе фсымæрæн Æхсæртæг. Æмæ Æхсар цы фæндагыл ацыд, уыцы фæндагыл араст. Бирæ фæцыди быдыртæ 'мæ хæхты. Стæй иу сау коммæ бахæддзæ, æмæ хъæдыкъохмæ бахаста йе хсæв, æмæ уым æрынцади. Æмæ федта фын, цыма йын йе фсымæры 'рцахстæуыд. Æхсæртæг фæтæррæстласта, нал бафынæй, æмæ цæуы дарддæр. Бон- изæрмæ та фæцыди, æмæ бахæддзæ иу урскоммæ. Æрынцади та иу хъæдыкъохы, афынæй и иучысыл, æмæ та федта фын, фыдздзаг фыны хуызæн. Фестади та Æхсæртæг, æмæ дарддæр кæны йæ фæндаг. Бон сауизæрмæ фæцыди. Æмæ изæрæй бахæддзæ и иу сырхкоммæ. Тынг бафæллади 'мæ сæххормаг и. Фынæй нал бакодта, фæлæ хъæдыкъохыл азылди, кæд, мыййаг, искуы иу сырдыл сæмбæлин зæгъгæ. Бахæддзæ и иу цады былмæ. Цады кæрон халагъуд арæзт, æмæ дзы рухс ферттивы рæстæгæй-рæстæгмæ. Æхсæртæг ахъуыдыкодта: "Кæд ме фсымæрыл исты 'рцыди, уæддæр ам. Ацы бынат хуымæтæджы нæ уыдзæн". Бацыди 'ввахсдæр халагъудмæ. Кæсы, æмæ æфсæндуар йæхигъæдæй йæхи бакæны, стæй та йæхи сæхгæны. Дуар йæхи куы бакæны, уæд дзы рухс ракæлы. Æхсæртæг фат фехста, куыддæр дуар йæхи бакодта, æмæ рухс фæзынди, афтæ. Æмæ иу уысммæ ахæм хъæр фæцыди уырдыгæй, æмæ бæлæстæ ныггуыбыртæ сты, цад уылæнтæй сурмæ акалди. Æхсæвиуат дзы цы мæргътæ 'мæ сырдтæ кодтой, уыдон фæтарстысты 'мæ дарддæррæттæм фæлыгъдысты. Æппынфæстаг бæстæ 'рсабыр и. Цад фæстæмæ байдзаг, бæлæстæ дæр ысраст ысты сæ фыдздзаджы хуызæн. Сырдтæ 'мæ та мæргътæ сабыргай æрбацыдысты сæ фыдздзаг бынæттæм. Бон дæр рухскæнын байдыдта. Куыддæр æрбарухс и, афтæ Æхсæртæг иу зæронд усы ауыдта. Ус йæ иу цæстæй уыди сохъхъыр, иннæ цæсты та Æхсæртæджы фат ныффидар, æмæ хъæрзы зæронд ус. Æхсæртæг æм æввахсдæр бацыди, æмæ йе фсымæры фындзыкæлмæрзæн усы къухы ауыдта. Уæд æй Æхсæртæг фæрсы: – Ай æмæ чи дæ? Цы ми кæны дæумæ ме фсымæры фындзыкæлмæрзæн? – Гъей, лæппу! Чи дæ, уый æз нæ зонын, фæлæ Æхсарæй ды де фсымæр кæм зæгъыс, уым ме фсымæр дæр дæ. Æз дæн нæртон чызг. Æрæджы ме рвадæлтæй иу ам уыди. Ныр ахæст у Быценæгтæм, фæлæ йæ фындзыкæлмæрзæн мæнмæ ныууагъта, æмæ мын бафæдзæхста: "Кæс æм, мæ хо! Кæд ацы фындзыкæлмæрзæныл тугхæддзæ рахъара, уæд зон, æмæ уæззау уавæры дæн. Кæннод мын мацæмæй фæтæрс". Æз æм æркастæн, æмæ уæззау уавæры ис. Фæлæ ма ныр цы? Бынтондæр басаугуырм дæн, æмæ йæм кæдæм фæцæуон? – Æмæ дын хосгæнæн нал и, цæмæй ма дæ иу цæстæй ракæсай? – афарста йæ Æхсæртæг. – Райсомы сæуæртæхтæ ку' амбырдкæнид исчи. Хъуазы 'хсыримæ мын цæ, фат кæм сæмбæлд, уым куы ныттадзид, уæд хъæлæкк ракæсин мæ цæстæй. Æхсæртæг хъæдмæ азгъордта, иу хъуаз рацахста 'мæ йæ радыгъта. Хъуазы 'хсыр сæуæртæхтимæ амхæддзæкодта. Стæй фат ысласта усы цæстæй, æмæ æхсыр уым ныттагъта. Æмæ ус ракасти йæ цæстæй, æмæ Æхсæртæгыл ныццинкодта. Уæд æй Æхсæртæг афарста: – Æмæ ме фсымæр Быценæгтæм куыд бахауди? – Быценæгтæ уыдысты цуаны. Æвиппайды Арвы дуар фегом æмæ дзы æрвызгъæр æрхаудта. Быценæгтæй сæ хистæры сæрыл сæмбæлди, æмæ дзы иннæрдæм ахызт. Уыдон æрвызгъæр рацæйхастой. Æхсар цæ базыдта, æмæ йæ хъуамæ байстаид. Уыдон ыл æртымбыл ысты, æмæ йæ сбастой. Абонмæ мæхи цæттæкодтон уырдæм, фæлæ д' аххосæй бакъуылымпы дæн. – Æмæ ды Нартæн цы бавæййыс? Иуæхсæв æз ардæм кастæн, æмæ дзы цыдæр рухс ферттывта. – Æз ын дæрддаг хо æййафын Уæрхæгæн. Рагæй ам бадын. Нæ лæг Хуримæ æмвынг уыди, æмæ йын иу дзæгъæфæрдыг ралæваркодта. Алы изæр дæр-иу æй мæ хъуырыл бакодтон, æмæ мын мæ фæндаг рухс кодта, æмæ уый уыцы фæрдыджы рухс уыд. – Уæд уæ лæг та цы фæци? Ус ын, халагъуд цы лæгæты уыд, уырдæм ацамыдта 'мæ загъта: – Мæнæ ацы лæгæты дуар алы сабатизæр фегомвæййы. Ардыгæй Быценæгтæ 'рбахизынц, æмæ уæларвон лæджы хъуамæ сæхицæн аскъæфой, кæннод цæ иу амæлы. Нæ лæджы дæр мын ардыгæй аскъæфтой, фæлæ цы баци, уымæн æппын ницы зонын. Æхсæртæг æмæ ус сабаты изæрмæ банхъæлмæкастысты. Сабатизæр дуар фегом и. Æхсæртæг æм йæхи фæбыцæукодта. Ратыдта дуар æд æвдузæнтæ, æмæ йæ ныззыввыттласта иуырдæм. Уыйфæстæ усимæ лæгæтмæ бацыди. Кæсынц, æмæ дын иу лæджы фæйнæрдæм бабастой, йæ боцъотæ 'мæ йын йæ рихитæй хил-асин бийынц уæлзæхмæ. Уæд ус Æхсæртæгæн афтæ зæгъы: – Ай у мæ сæрыхицау. Æхсæртæг кард фелвæста, лæджы бæттæнтæ фæлыгкодта. Стæй йæ 'рдаста. Лæг дæр ын арфæ ракодта 'мæ рацыдысты уырдыгæй. Кæсынц, æмæ Быценæгтæ иу къулыл байтыгътой Æхсары. Фатæй йæ 'хсынц, кардæй йæ цæвынц. Фæлæ йын ницы фæразынц й' амарынæн. Æхсæртæг цæ ку' ауыдта, уæд цыл йæхи рауагъта, æмæ цæ цæгъдынтæ систа. Чи цæ лыгъди, уыдон та Уæрхæджы хо æмæ йæ лæг цагътой. Быценæгтæй ма иу хай аирвæзти, иннæтæ цагъды фесты. Суагътой бастæй Æхсары. – Ныр мын тас нал у, фæлæ цæут уæхимæ, – загъта Æхсар Уæрхæджы хойæн. – Æз æмæ дæм Æхсæртæг дæр тагъд зындзыстæм. Æхсар æмæ Æхсæртæг Быценæгты згъæруатмæ бацыдысты. Æрвызгъæр систой, æмæ йæ Куырдалæгонмæ бахастой. Уым дзы Æхсар кæрдтæ саразынкодта. Æхсары кард дывæдзыргъ уыди, Æхсæртæгæн та – иуырдæм. Кæрдтæ ахæм уыдысты, æмæ дзы дур, кæнæ 'фсæйнаг куы ныццавтаис, уæд- иу дыууæ фæхауди, къуымых нæ кодтой. Уырдыгæй рацыдысты лæппутæ, ус æмæ лæг кæм цардысты, уырдæм. Æрæййæфтой усы зыбытыиунæгæй æмæ йæ фæрсынц: – Цы фæци не сиахс? – Цыфыддæр сæ хай дæлзæххон Быценæгтæн, уе рцыдмæ ардæм ыслæбурдтой æмæ йæ амардтой. – Уæдæ дын хъуамæ мах дæ туг райсæм, – загътой Æхсар æмæ Æхсæртæг. – Уой, ницы райсдзыстут, уыдонæн сæ раздзæуæг Хъарæмæгъ у, кард æй нæ кæрды, æрвызгъæрæй конд куы нæ уа, уæд. Уыдон нæ бакоммæ кастысты, æмæ дæлзæхх Быценæгтæм ныббырстой. Сæ раздзог Хъарæмæгъ дæр уым фæци. Дыууæ дихы фæкодтой æфсымæртæ Быценæгты, æмæ цæ цæгъдын байдыдтой. Фæсацæф æй фæкодта Æхсæртæджы сусæгæй уæд Хъарæмæгъ, æмæ Æхсæртæгæн йæ кард йæ къухæй фæхаудта, Хъарæмæгъ æй фелвæста. Райдыдтой хæцынтæ Æхсаримæ. Уæд Донбеттыртæй сæ иу уым февзæрди. – Дæ карды ком æвæдз-сæрдæнæй айсæрд, æмæ йыл фæтых уай, – дзуры йæм Донбеттыр Æхсармæ. Æхсар йæ карды ком æвæдз-сæрдæнæй айсæрста. Хъарæмæгъæн йæ кард нырриуыгъта, æмæ зæгæлгай баци. Æмæ бабын ысты æгасæй дæр быценæгтæ. Фæцæф и Æхсар йæхæдæг дæр. Донбеттыр æй тæхгæсуадонмæ аскъæфта. Уым æй æрыхсадта, æмæ байгас ысты уайтагъд йæ цæфтæ. Уырдыгæй Нартæм æрцыдысты лæппутæ. Нартыл айхъуысти Æхсары карды кой. Уынынмæ йæм цыдысты, æмæ йыл дискодтой. Нартыл-иу исты тасы заман куы уыди, уæд-иу Æхсар сæ разæй бырста йæ кардимæ. Æхсары кард ахæм фидар кæй уыди, уыйадыл Æхсары номыл баззад. Абон дæр ма йæ хонынц æхсаргард, уома Æхсары кард. Уæрсты лæварæн уый хистæр æфсымæрмæ хауы, кæстæрæн та фæхайкæнынц бæх. Уыцы фæтк, фæдзурынц, ирон адæммæ Нартæй баззад. НАРТЫ ФÆТКЪУЫ Нартæн сæ фæткъуы диссаг фæци. Æвдадзыхос уыди. Й' адзал-æмæ мæлæтыкъахыл чи лæууыд, уый-иу дзы куы фæхъæстæ, уæд-иу адзæбæх и. Фæлæ йыл зайгæ чысыл кодта – æгасæй иу фæткъуы. Фæткъуыйæн-иу йæ тоныны рæстæг куы 'рцыди, уæд цыдæр фæци. Мæстыкодтой Нартæ. Мæстыкодтой Æхсар æмæ Æхсæртæг дæр. Тынгдæрмæсты Æхсæртæг кодта. Фæткъуы зади афтæ: бонæй сихормæ дидинæг æфтыдта, уымæй изæрмæ фæткъуы рæзти, æмбисæхсæв та йæ тонæн уыди. Изæрмæ-иу æртæ дидинæгæй иу ахаудта, æмæ ад уагъта, иннæ – талынджы ахауд, æмæ хуыз лæвæрдта. Афтæмæй ма иу фæткъуы зади бæласыл. Нартæ Æхсæртæгæн дзырдтой: – А, фæткъуыбæлас æрхастай, фæлæ дзы пайда куы ницы уынæм – цыдæр куы фæвæййы... – Радæй йыл хъахъхъæнæг рауадзæм. Нартæ хъахъхъæнæг рауагътой сæ фæткъуыйыл, фæлæ никæй бон баци йæ бахъахъхъæнын. Боныцъæхæй та-иу федтой фæткъуыйы хæрæнтæ. Нартæм та рынчынтæ бирæ уыд. – Мæхæдæг æй бахъахъхъæндзынæн, – загъта уæд Æхсæртæг. Ацыд Æхсæртæг æмæ фæткъуыйы бын халагъуд ыскодта. – Æз дæр цæуын, – загъта Æхсар. Æмæ йæ фæстæ ацыди. Æмæ йæ фæрсы Æхсæртæг: – Ды та ма цæмæ 'рцыддæ? – Ау, æфсымæртæ не стæм? Уæд та дыл исты 'рцыд... Фæнычы цур куыд бадон? – Хорз, уæдæ афтæ бакæнæм. Æмбисæхсæвмæ нæ иу хъахъхъæнæд, уырдыгæй бонмæ та – иннæ. Хистæр дæ, æмæ уал ды дæхи 'руадз. – Нæ, ды бафынæйкæн, кæстæр тагъддæр афынæйвæййы. Æхсæртæг æцæгæй дæр уайтагъд афынæй. Æхсар хъахъхъæны. Æмбисæхсæвты йæ райхъалкодта Æхсар Æхсæртæджы: – Цæй, исты афынæй дæ? – Хуыцауæн цы зæгъон – æгæр дæр ма афынæй дæн. – Ницы кæны, де уæнгтæ аиваз, æмæ фæлидздзæни дæ хуыссæг. Æмæ Æхсар æрфынæй и, æмæ ныр та Æхсæртæг хъахъхъæны. Фæлæ цæй фынæй æмæ цæй æндæр! Йæ ныхбынты судзинтæ атъыста, æмæ фæлыгъди йæ хуыссæг. Рухсирдæнтæм хъавыд бон. Æхсæртæг йæ судзинтæ ныхбынтæй ласта, æмæ раст уыцы афон бæласыл æртæ æхсинæджы абадт. Сæ иу дзы фæткъуы стыдта. Уæд æй Æхсæртæг фатæй фехста, æмæ фæцæф и æхсинæг. Фæлæ фæткъуы ахаста. Æхсæртæг йе рдын зæххыл ныццавта. Æмæ фесхъиудта æрдын, æмæ Æхсары ныхыл сæмбæлд. Æхсар фæгæпласта 'мæ фæрсы йе фсымæры: – Цы кодтай, Æхсæртæг? Æхсæртæг ын хабар радзырдта. Бонырухсæй æркастысты, æмæ кæйдæр игæры кæрдихтæ иуран лæууынц. – Сис цæ, æмæ нæ фыды бафæрсæм, – загъта Æхсар. Æхсæртæг цæ къухмæрзæны атыхта. Æрцыдысты сæхимæ, æмæ рахабаркодтой сæ диссаг Уæрхæгæн. Уый фæстæ хабар Нартыл айхъуысти, æмæ иууылдæр фæткъуыбæласырдæм ацыдысты. Æркастысты, æмæ дзы – тугвæд. – Бæлвырд фæцæф и æхсинæг, – загъта Уæрхæг. – Мæ тыхы ма к' уаин, уæд йæ фæд-фæд бæргæ фæцæуин. Фæлæ... Дæлæмæ 'рхауæд зæронд рауадзæг! – Æз ацæудзынæн тугвæдыл, – загъта Æхсæртæг. Æз дæр демæ цæуын зæгъгæ загъта Æхсар. – Уæ иу æгъгъæд у, – загъта уæд сæ фыд. – Мæн та кæмæн уадзут ам, зæронд-зæронды? – Не рцыдмæ дын ницы уыдзæн. Æрымбырдкодтой æхсинæгæн йæ игæры кæрдихтæ, æмæ тугвæдыл араст ысты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Тугвæд цæ фурды былмæ 'ркодта, æмæ Æхсæртæг афтæ зæгъы: – Ардыгæй иумæ ацæуæм, уый гæнæн нæй. Æз уæддæр кæстæр дæн. Æхсинæджы æз фæцæфкодтон, æмæ мæм афæдзы бонмæ ам кæс æнхъæлмæ. Нæ фыд базæронд и, уый уыныс. Æмæ Хуыцау бахизæд, фæлæ йыл исты куы 'рцæуа... Уæд арвыл сау тæлмытæй мигътæ зындзысты, æмæ дæ Нартæм цæуын хъæудзæн. Кæд фурд урс фынк хæсса, уæд уый зон, æмæ æгас дæн. Кæд æмæ сырх фынг хæсса фурд, уæд мыл цыдæр æрцыд, æмæ-иу мæм агурæг фæцу. Æхсар фурды был баззад. Халагъуд ыскодта йæхицæн, æмæ сырддзуан цыди. Æмæ сырды фыдæй царди. Рæстæг дæр йæ цыды кой кодта. Æхсæртæг фурды алæгæрста, æмæ йæм фæйнæрдыгæй Донбеттыртæ кæсынц. Уынгты фæцæуы, æмæ иу хæдзарæй сонт цъæхахст фæцыди. Æхсæртæг уæд комкоммæ уырдæм бараст. Хæдзары къултæ сыгъдæг æргъæуæй уыдысты. Й' астæрд – æрттивгæ авг, æмæ йæ царæй та стъалытæ зынди. Байхъуыста Æхсæртæг хæдзармæ, æмæ та ноджы сонт цъæхахст фæцыди. Уæд йæ хъустыл ауади Æхсæртæгæн: – Дзырдтам дын, ныууадз уыцы фæткъуы! Ныр ма дын цы баххуыскæндзæн? Фæныфсджын и Æхсæртæг уыцы ныхæстæй, æмæ дуар бахоста. Рауади йæм дыууæ чызджы. Æхсæртæг цæм дзуры: – Уазæг нæ уадзут? – Уазæг – Хуыцауы уазæг. Фæлæ хæдзары хъæрзгæ ис, æмæ дзы куы батыхсай? Æрбакодтой дыууæ чызджы Æхсæртæджы, æмæ сæ мадмæ дзурынц: – Уазæг... Æнахуыр уазæг. Мад ыл бацин кодта уазæгыл. Чызджытæн уыд цыппар æфсымæры, æмæ уыдон дæр рауадысты Æхсæртæджы размæ. Æрбадын æй кодтой фынджы цур. Лæппутæй дыууæ – йæ уæлейы, дыууæ та йæ дæлейы 'рбадти. Чызджытæ дыууæйæ фынджы уæлхъус лæггадкодтой. Мад хистæры бынаты бадт. – Дæ хуызæн уазæг фыдздзаг хатт уынæм. Кæцæй цæуыс? – афарста йæ мад. – Нартыбæстæй дæн. Афтæ куыддæр загъта Æхсæртæг, афтæ рынчын ысхъæрзыдта мидæггаг уаты. Мад æмæ йæм дыууæ чызджы бауадысты. Чысыл фæстæдæр мад раздæхти фæстæмæ, æмæ йæм Æхсæртæг дзуры: – Уый чи хъæрзы афтæ тынг? – Уый нæ кæстæр чызг у. – Æмæ цы кодта? – Мæнæн ис цыппар лæппуйы. Мæнæ дæ цуры бадынц. Æмæ æртæ чызджы. Дыууæйæ цæ уыныс. Уæртæ уаты чи хъæрзы, уый та у ме ртыггаг чызг. Сахуыр ысты мæ чызджытæ Нарты цæхæрадонмæ. Уым ис иу фæткъуыбæлас, æмæ йыл иу фæткъуы зайы. Æмбисæхсæвмæ сцæттæвæййы, æмæ йæ ме ртæ чызджы алафон хастой. Бæргæ цæ нæ уагътон, дзырдтон цын, ма кæнут, Нартæ уæ æвыдæй нæ ныууадздзысты зæгъгæ. Фæлæ мæм нæ хъуыстой. Иуизæр та сæхи 'хсинджытæ фестынкодтой, æмæ атахтысты фæткъуы хæссынмæ. Нарты лæппутæ фæткъуыбæлас уыцы 'хсæв хъахъхъæдтой дыууæйæ. Кæстæр чызг куыддæр фæткъуы стыдта, афтæ йæ лæппутæй иу фатæй фехста. Фæцæф мын кодта мæ чызджы, æмæ йæ игæры кæрдихтæ уым аззадысты. Фæткъуы бæргæ рахаста, фæлæ чызг йæхæдæг мæлы. – Æмæ йын ницæмæй ис ысдзæбæхкæнæн? – Ис, – дзуры мад, – йæ игæры кæрдихтæ к' уаиккой, уæд. – Куы йæ фервæзынкæнин, уæд мын цы радтиккат? – Кæд ыл барвæсдзынæ, уæд æй дæуæй хуыздæр кæмæн раддзыстæм? – Уæдæ мæм æй ракæнут. – Цæуынæн нал у, йæ бон нæу! Дыууæ чызджы йæм фæткъуы 'рбахастой. – Æххæст ма хъæрмуст æхсыр дæр æрхæссут. Мад æм иу чысыл къусы хъæрмуст æхсыр æрбадавта. Æхсæртæг фæткъуы лыстæг карст акодта. Игæры кæрдихтæ систа, æхсыры къусы цæ ауагъта 'мæ дзуры: – Бакæнут мæ ныр уæ рынчынмæ. Æмæ йын Æхсæртæг йæхи къухæй уыцы æхсыр бадардта фæткъуыйы кæрстытæ 'мæ игæры кæрдихтимæ. Æмæ чызг адзæбæх и 'мæ атыхсти Æхсæртæгыл, æмæ йæм дзуры: – Мæ ирвæзынгæнæг! Мад бауади, æмæ йæ йæ хъæбысы акодта йæ чызджы. – Дзерассæ, мæ хъæбул! Фервæзтæ? – Фервæзтæн, æнхъæлдæн... Уæд мад Æхсæртæджы 'фцæгыл атыхсти. – Уæ, дæ сæрыл мæ 'рхæссай, кæд дæ цы Хуыцау æрбахаста! Æрдхæрæны чындзæхсæв ыскодтой уыйфæстæ Донбеттыртæ, æмæ æнæхъæн къуыри ахаста сæ чындзæхсæв. Цæрынтæ байдыдтой уым Æхсæртæг æмæ Дзерассæ æмæ афæдзы бæрц рацыд. Æмæ иубон Æхсæртæг афтæ зæгъы: – Цæуынафон у, мæ рæстæг æрæввахс. – Кæд дын хæдзар и, – загъта Дзерассæ, – уæд фæцæуæм. – Хæдзар мын куыннæ ис! Стæй мæм фурды был æнхъæлмæ куы кæсы ме фсымæр. Нæхимæ та – нæ зæронд фыд. Афонмæ цы фæци, нæ зонын. Æмæ Донбеттырты мадæн сæ фæнд загътой. – Ацæудзыстут, фæлæ уал æххæст афонмæ фæгæдзæкæнут. Дзерассæ 'нхъæлцау у, æмæ уал фервæза. – Махæн нæхи зæххыл чи райгуыра, нæхион дæр уый у. Ницыуал ысдзырдта Донбеттырты мад æмæ цæ бирæ лæвæрттимæ рарвыста. Æхсæртæг æмæ Дзерассæ рахызтысты фурды былмæ. Ссардтой иу халагъуд, йæ хуылфæй фæздæг цыди. – Ай ме фсымæры халагъуд у, – загъта Æхсæртæг. – Фæлæ уæд йæхæдæг кæм и? Фæлæу уал, Дзерассæ, æз æй рацагурон. Æхсæртæг Дзерассæйæн сырддзæрмттæй уат ацарæзта, æмæ ацыди Æхсары агурæг. Уæд дын Æхсар фæзынди йæ сырдымардимæ. Бакасти халагъудмæ æмæ дзы хуысгæ ауыдта Дзерассæйы. – Уæ Хуыцау, ай чи у? Зæд у, æви дуаг? Нырмæ мын æй куыннæ 'вдыстай! Æхсар физонджытæ акодта. Ацæттæ цæ кодта 'мæ цæ къæйфынгыл авæрдта. Стæй хъæрæй ысхуыфыди, кæд сыхъал уаид чызг зæгъгæ. Дзерассæ фехъал и 'мæ дзуры Æхсармæ: – Æрхæддзæ дæ? Физонджытæ дæр ма скодтай?.. Куыд адджын фынæй кодтон! Æмæ йæхи Æхсармæ ласы Дзерассæ. Цæвиттон, Æхсар æмæ Æхсæртæг тынг æнгæстæ уыдысты, æмæ Дзерассæ Æхсары нæ базыдта. Уый йæ Æхсæртæг æнхъæлдта. Æхсар дзы йæхи æддæмæ-æддæмæ ласта, æмæ йæм уæд Дзерассæ дзуры: – Цæмæй мæ тæрсыс, æз Дзерассæ дæн, – æмæ йын йæ къухмæ февнæлдта. Ницы та сдзырдта Æхсар, фæлæ фæдызæрдыг, кæд ме фсымæры ус у, æмæ мæм уый æфсон цæуы? Уæд Æхсæртæг фæзынди, æмæ цæ куыддæр ауыдта, афтæ йын цыдæр маст фæцагайдта йæ зæрдæ. – Хорз нæ бакодтай, Æхсар! Æз æй мæхицæн адджын нал ыскæндзынæн. Акæн æй бинонтæн дæхицæн. Уæд Æхсар фат авæрдта йе рдыны, хæрдмæ йæ фехста 'мæ загъта: – Хуыцау! Ацы фат хæрдмæ дыууæйæ фæцæуæд, фæстæмæ та иуæй æрцæуæд! Æмæ ацы усыл мæ буарæй цы аныдзæвыд, уым сæмбæлæд. Æмæ мæ мæлæт уымæй æрцæуæд! Фат хæрдмæ дыууæйæ фæцыди, фæстæмæ иуæй æрцыди, æмæ Æхсары æнгуылдзыл сæмбæлд. Æмæ уыйадыл амарди лæппу. Бамбæрста Æхсæртæг, йе фсымæр æнæхъуаджы кæй бабын, уый. Æмæ загъта Дзерассæйæн: – Кæс, æмæ арвыл сау тæлмытæй мигътæ куы фæзыной, уæд уый зон, æмæ нæ зæронд фыдыл цыдæр фыдбылыз цæуы. Æз ме фсымæры æнæхъуаджы бафхæрдтон. Рæстудæй йæхи амардта. Æмæ æз дæр йæ фæстæ цæринаг нал дæн. Ме фсымæры мæрдтæм иунæгæй н' ауадздзынæн. Цирхъ систа, æмæ дзы йæхи барæхуыста, æмæ уый дæр амарди. Дзерассæ иунæгæй баззад, æмæ йæхи 'ргæвды, кæуы, æмæ сагъæсы бацыд. Уæдæ ма цы кæна ныр? Дыууæ 'фсымæры риуыл ныффæлдæхти. Æмæ цын сæ тугтæ йæ цæссыгæй æхсадта 'мæ хъарджытæкодта. Уæд Нартæ загътой: – Æхсар æмæ Æхсæртæг кæмдæр фесæфтысты. Уæлæ ма сæ зæронд фыд ис, æмæ йыл мæлæты уды фидар бахæцыд. Цæй æмæ йæ рæгъаугæс ыскæнæм. Уæрхæгæй рæгъаугæс ыскодтой Нартæ, æмæ йын ныффæдзæхстой: – Иу ыстур дæр куы фæхъæуа нæ рæгъауæй, уæд æй дæ сæрæй бафиддзынæ! Зæронд Уæрхæг фосы фæдыл араст и. Къус, лæдзæг, нымæт – уыдон уыдысты йæ фæллой. Дард фæтардта Нарты рæгъæутты Уæрхæг. Æмæ 'нхъæлмæ касти йæ фырттæм. Сихорафон иу йæ нымæт æрытыдта, йæ лæдзæг-иу æрсагъта, къусы та-иу æхсыр æрдыгъта, æмæ-иу фарста йæ нымæт, йæ лæдзæг æмæ йæ къусы: – Уæдæ кæм ысты мæ фырттæ? Къус-иу дзырдта: – Фæндагыл ис дæ байзæддагæй чидæр. – Цæуæг дæм цæуы дæ байзæддагæй, – дзырдта лæдзæг. Тагъд дæм хæддзæкæндзысты зæгъгæ-иу дзырдта нымæт. Уæрхæг-иу къус йæ риумæ 'рбалхъывта, лæдзæг-иу сæрфтытæкодта, нымæты-иу йæхи атыхта æмæ йæ ныфс нæ састи, афтæмæй йæ бонтæ 'рвыста. Алыбон дæр цæ фарста Уæрхæг йæ къус, йæ лæдзæг æмæ йæ нымæты, æмæ йын-иу уыдон куыд уыдзæн, æмæ цы уыдзæн, уый æцæгдзинад загътой. * * * Æмæ ракодта Уастырджи йæ фæндаг Дзерассæйыл, æмæ йæм дзуры: – Цæй æрдиаг-куыд кæныс, ацы сылгоймаг? Уæд арвыл сау тæлмытæй мигътæ фæзындысты. Дзерассæ цæм фæкомкоммæ и 'мæ тынгдæр ныккуыдта. Дзуры Уастырджимæ: – Мæнæ ацы дыууæ 'фсымæры сæхи мæн тыххæй амардтой. Сæ иу – мæ сæрыхицау, иннæ – мæ тиу. Сæ баныгæнын мæнмæ кæсы, æмæ иуæй уыууыл тыхсын. Иннæмæй-ма акæс! Уæлæ арвыл сау тæлмытæй фæзындысты мигътæ, æмæ – адонæн иу зæронд фыд и – цыдæр тых ыл цæуы, æмæ уымæн дæр ницы мæ бон у. – Кæд афтæ у, – загъта Уастырджи, – уæд мæнæн ком радт. Адон æз баныгæндзынæн. – Дæуæй хуыздæр ма мæ чи хъæуы! Æрмæст мын адон уæлæуыл ма ныууадз. Сæ хъамбулцæстытæ цын сынтытæ скъахдзысты, сæ рæсугъд буар цын хилджытæ бахæрдзысты, се стджытæ цын сырдтæ бахсындзысты. Уастырджи йæхсæй зæхх æркъуырдта, æмæ дзы фæрсæй-фæрстæм дыууæ ингæны февзæрд. Дзерассæ 'мæ цæ Уастырджи уым баныгæдтой. Стæй йын Дзерассæ афтæ зæгъы Уастырджийæн: – Æххæст цын цырт сараз, зæххы 'мвæз куыннæ уой... Уастырджи дыггаг хатт æркъуырдта зæхх, æмæ рæсугъд цырт саджы сытимæ фестади сæ уæлæ. – Ды дæхи бадзæбæхтæ кæн, – загъта уæд Дзерассæ. Æз та мæхи æрыхсон доны. – Цы ма 'хсыс дæхи? – Уæдæ чъиллæттæй кæдæм цæуын? Уæд та мæ исчи федта. Уæд дæуыл дæр фæхуддзæни, æмæ мæныл дæр. Зæгъдзысты, ай цы сылгоймаг у, йæ цæсгом æхсын чи нæ фæразы? Уастырджи йыл баууæндыд, æмæ Дзерассæ донмæ бауади, багæпп дзы ласта 'мæ ма радзырдта Уастырджимæ: – Бузныг, хорз лæг, дæ лæггадæй! Хорз лæг йæ хорзракæндыл фæсмон нæ кæны. Фæлæ ма дæ иу хорздзинад курын: ацу Нартыхъæуыл, æмæ Нарты зæронд Уæрхæгæн зæгъ, ма тыхсæд, тагъд æм зынæг уыдзæни. Уастырджи йæм адзырдта Дзерассæмæ: – Æ уæртæ сыл-рувас, ацы хатт аирвæзтæ уæлæуыл. Фæлæ мын мæрдты та кæдæм фæцæудзынæ? – Мæрдты дæ цы фæнды, уый мын кæн, – загъта Дзерассæ 'мæ ныффардæг и сæ хæдзармæ. Фæсайды и Уастырджи. Йæ фæндаг ракодта Нартыл æмæ фæрсы: – Æхсар æмæ Æхсæртæджы фыд – зæронд Уæрхæг – кæм и? – Уæлæ Нарты рæгъæутты фæстæ хъеллаукæны. Уæд Уастырджи йæ фæндаг Уæрхæгыл акодта. Уæрхæг та æрывæрдта йæ къус, йæ лæдзæг æмæ йæ нымæт. Æмæ та цæ фæрсы: – Фæндагыл ис дæ байзæддагæй чидæр, – дзырдта къус. – Дæ байзæддаджы номæй дæм цæуæг фæуыдзæн, – загъта лæдзæг. – Тагъд дæм хæддзæкæндзысты зæгъгæ загъта нымæт. Уæрхæг къус йæ риумæ 'рбалхъывта, лæдзæджы, нымæты йæхи æрбатыхта, æмæ та ныккæуы. Йæ тæригъæдæй Уастырджийы зæрдæ суынгæг и, æмæ йæ афарста: – Цы кæныс, Уæрхæг? – Цы ма кæнон! Мæ дарджытæй æнæдарæг фæдæн, мæ хъæбултæй – æнæхъæбул. Фæцыдысты 'мæ нал зынынц. Нартæ мæ хынджылæгкæнынц, сæ рæгъæутты фæстæ рахауддæн. – Ма тыхс, кæд дæ хъæбултæй æнæхъæбул дæхи кæныс, уæддæр дæ дарджытæй дæхи æнæдарæг ма хон, зындзысты дæм. – Бузныг, Уастырджи, дæ ныфсæй. Æмæ араст и Уастырджи уæларвмæ. * * * Дзерассæ йæ мадмæ бацыди, æмæ йын радзырдта, цы 'рцыди, уый. Фæмасткодтой Донбеттыртæ се сиахсы сæфтыл. Фæлæ рæстæг дæр цыди, æмæ Дзерассæйæн й' арыны афон æрхæддзæ, æмæ фæрсы йæ мады: – Цы бакæнон, æна цæра! Мæ рæстæг æрæввахс... – Фæцу Нартæм. Исты уæзæг цын баззадаид æвæдздзæгæн. Кæннод, уыдонæн сæхимæ чи нæ райгуыры, уый сæхиуыл нæ нымайынц. Æмæ араст и Дзерассæ Нартыбæстæм. Фæрсгæ-фæрсгæ 'рбахæддзæ Нартыхъæумæ. Хъæугæрон æрлæууыди, æмæ хъуыды кодта: "А цæугæ 'ркодтон, фæлæ ныр кæй хæдзары хъуамæ уон? Цæй, Ныхасыл бацæуон, кæд мæ исчи бафæрсид. Æмæ 'рцагурдзынæн уæд нæ лæджы уæзæг". Æмæ араст и Ныхасы астæуты нымдгæнгæ. Ныхасы адæм сыстадысты, сæ цæстытæ йыл æрывæрдтой, æмæ дискæнынц. Фæрсынц кæрæдзийы: – Чи уыдзæн ацы сылгоймаг? Махæй æддæ куы ничи ис... Æмæ хистæртæ кæстæртæм дзурынц: – Сылгоймæгтæм фæдзурут, æмæ йæ уыдон бафæрсой, чи у, уымæй. Кæстæртæ ауадысты устытæм, æмæ цын загътой: – Иу æрыгон сылгоймаг Ныхасы астæуты нымдгæнгæ рацыди. Хистæртæ нæ сымахмæ рарвыстой, цæмæй йæ бафæрсат, чи у, уымæй. Хистæр устытæ кæстæр чындзыты рарвыстой, æмæ йыл уыдон æртыхстысты. – Кæй чындз дæ? – Кæдæм цæуыс? Дзерассæ цын афтæ: – Уе гас мæ ма фæрсут. Уæ иу мæ бафæрсæд. Уæд æй чындзытæй иу фæхицæн кодта 'мæ йæм дзуры: – Ам мæныл æууæнк ис. Чи дæ, уый мын зæгъ. – Æхсæртæг кæм царди, уый уал мын фенынкæн. Ног чындз Дзерассæйы бакодта, Æхсæртæг кæм царди, уырдæм. Уым уыди стыр мæсыг амад. Кæрты лæджирттæг ысхæцыди. Нал цæрæнбынат зынди быронæй, нал – йæ бацæуæн. – Æз Æхсæртæджы номыл дæн, – загъта Дзерассæ. – Цам дæн, уæхиуæтты тагъд фендзыстут. Стæй ног чындз хистæр устытæн загъта: – Æхсæртæджы ус у. Хистæр устытæ уæд лæппу-фæсивæдмæ фæдзырдтой: – Цæут, æмæ зæгъут Нартæн: Æхсæртæджы ус у. Лæппутæ Ныхасы фехъусынкодтой: – Æхсæртæджы ус у. – Уый уæдæ нæ хæрзгæнæг куы у, – загътой хистæртæ... – Базонут-ма, тагъд æрцæудзысты Æхсар æмæ Æхсæртæг? – барвыстой та хистæртæ. Дзерассæ цын бамбарынкодта кæстæр чындзытæн, цы цыл æрцыди фаззæттыл, уый. Æмæ цæ куыд бавæрдта, уый дæр. Хистæртæм куы бахæддзæ хабар, уæд загътой: – Цæй, уæддæр æгайтма сæ хæдзарвæндаг н' аскъуыди. Æхсæртæджы цæрæнуатмæ бацыди уæд Дзерассæ. Ныссыгъдæг æй кодта, ныссæрфта йæ. Æмæ йын уыйфæстæ райгуырди дыууæ лæппуйы, фаззæттæ – Уырызмæг æмæ Хæмыц. Зын уыди Дзерассæйæн се схæссын, æмæ цæ фæкодта йæ цæгатмæ – Донбеттыртæм. Хæмыц æмæ Уырызмæг сæ мадырвадæлтæм хъомыл байдыдтой. Сæ мад Дзерассæ раздæхт фæстæмæ, æмæ лæппуты ссыдмæ хæдзар афтæ сæрттивын кодта æмæ лæг йæ къулты йæхи уыдта. Уырызмæг æмæ Хæмыц тынг фыдуаг рацыдысты. Хъултæй хъазыдысты Донбеттырты сывæллæттимæ, алкæй æмбылдтой, алкæуыл тыхкодтой. Иуахæмы та хъазыдысты, æмæ-иу кæмæн йæ цонг фелвæстой, кæмæн – йæ зæнг. Донбеттырты хъуырхъуыр цыди. Донбеттырты мад загъта йæ лæппутæй кæстæрæн: – Фæкæнын цæ хъæуы сæ фыдыбæстæм, æмæ уадз æмæ уым уой. Кæннод ам ахæм цæрæг нæй, æмæ адон кæй нæ бафхæрдтой. Дзерассæйы кæстæр æфсымæр цæ ракодта уæд Хæмыц æмæ Уырызмæджы Нартæм, æмæ цæ бахæддзæкодта Дзерассæмæ. Лæппу йæхæдæг аздæхти. Иубон та Нарты лæппутæ милмææхст кодтой. Æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц сæ мадæн: – Ауадз-ма нæ мах дæр. – Нæ сарæхсдзыстут нырма Нартимæ, исчи уæ фæхъыгдардзæн. Кæнæ уæхæдæг искæй фæхъыгдардзыстут, æмæ уын хорз нæ рауайдзæн. – Мах никæй бахъыгдардзыстæм, нæдæр искæй асхойдзыстæм. Нæхи нын исчи куы хъыгдара, уæддæр никæмæ сдзурдзыстæм. Дзерассæ цæ ауагъта уæд æмæ Хæмыц æмæ Уырызмæг, Нартæ милмææхст кæм кодтой, уырдæм ныццыдысты. Нартæ цын бар радтой. Хæмыц æмæ Уырызмæг фæйнæ хатты фехстой милмæ, æмæ Нарты лæппуты амбылдтой. Нарты лæппутæ цыл сæхи барæй къуырдтытæкодтой, хылкъахæн кодтой. Фæлæ цæ Уырызмæг æмæ Хæмыц никæмæ ницы сдзырдтой, афтæмæй рауадысты сæхимæ. Дыггаг бон та уæхскхæстæй хъазыдысты Нартæ. – Ауадз нæ Нарты уæхскхæстмæ, никæй бахъыгдардзыстæм, – загътой лæппутæ. – Ма кæнут, искæмæ фæмæсты уыдзыстут, æмæ уын хылмæ ацæудзæн. – Никæмæ ницы сдзурдзыстæм. Ауагъта та цæ Дзерассæ, æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц Нарты фæсивæды уæхскхæстмæ ныццыдысты. Исдуг цæм кастысты, стæй загътой: – Мах дæр-ма бауадзут хъазын. – Искæуыл уæ исты куы 'рцæуа, уæд мах аххос ма фæуæд. Райдыдтой уæхскхæстæй хæцын. Уырызмæг æмæ дзы Хæмыцы ничи 'мбылдта. Нарты фæсивæд та састы бынаты баззадысты, æмæ хылкъахæн кодтой. Уырызмæг æмæ Хæмыц сæхимæ рацыдысты – никæмæ ницы сдзырдтой. Æмæ сæ мадæн радзырдтой хабар. – Ацы хатт уæ нал ауадздзынæн, – загъта Дзерассæ. Æртыггаг бон Нарты фæсивæд гуыппытæй хъазыдысты, фæлæ цæм Уырызмæг æмæ Хæмыц нал æрцыдысты. Уæд та дын иубон Нарты дондзыхæй иу чызг дон хаста. – Кæс-ма, Уырызмæг, далæ уыцы чызджы донгæрзтæм, – загъта Хæмыц. Хæмыц фат фехста, æмæ чызджы донгæрзтæ ныцъцъæлтæ сты. Чызг йæ мадмæ кæугæ бацыди. – Цы кодтай? – Хæмыц мын мæ донгæрзтæ ныцъцъæлкодта йæ фатæй. – Ацу ма ноджыдæр иу хатт. Чызг æндæр донгæрзтимæ 'рцыди, æмæ та рахæссы дон. – Ныр та æз фехсон фатæй, – загъта Уырызмæг. – Фехс, фæлæ чызгæн мацы кæн. Уæд Уырызмæг фехста йæ фат, æмæ чызгæн йæ донгæрзтæ æрызгъæлдысты. Чызг та кæугæ ссыди. – Цы та кодтай? – афарста йæ йæ мад. – Ныр та мын Уырызмæг асаста мæ донгæрзтæ. – Ацу, ацы хатт-ма ныццу. Кæд ма дын цæ асæттой, уæд, мæ чызг дæ, æмæ де взаг дæхимæ. Кæннод Сехыгоппыл хаугæ фæцу, æмæ де взаг та дæ комы бахус уæд! Чызг æртыггаг хатт æрцыди дондзыхмæ. Систа дон æмæ рацæуы. Хæмыц та йæ фехста, æмæ та чызджы донгæрзтæ ацы хатт дæр æрызгъæлдысты. – Ныр цы хынджылæгкæнут? Кæд афтæ тыхджын æмæ ныфсхаст ыстут, уæд уæ зæронд фыд Нарты рæгъæутты фæдыл куы рафтыд, йæ зæронд царм хурмæ куы бампылд, йæ къæхтæ 'мæ йæ къухты туг къæйтыл куы мизы. Æмæ уал уый фервæзынкæнут! Уырызмæг æмæ Хæмыц кæрæдзимæ бакастысты. Стæй Дзерассæмæ бацыдысты. – Нæ фыды номыл ма исчи змæлæг и? Дзерассæ йæ уайтагъддæр фембæрста, лæппутæ цыдæр фехъуыстой, æмæ цæ 'мбæхсæн ницыуал и, уый. – Бындурзылд бауæд сымахæн уый чи загъта! Фæлæ уæ фыдыфыд æцæгæй дæр Нарты рæгъæутты фæдыл рахау-бахаукæны кæмдæр. – Æмæ йæ куыд базонæм? – Ныхасы бафæрсут искæй. Уæд Хæмыц æмæ Уырызмæг Нарты Ныхасмæ 'рцыдысты. – Фарн уæ ныхасы! – Фæрнæйдзаг ут, лæппутæ! – Фехъуыстам, нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у, уæ рæгъæуттæ уын хизы. Æмæ нын æй бацамонут. Æмæ загътой уæд Нартæ кæстæртæй иуæн: – Акæн ацы лæппуты, æмæ цæ Уæрхæгмæ бахæддзæкæн. Нарты кæстæр Уырызмæг æмæ Хæмыцы йемæ акодта. Æмæ Уæрхæгмæ куыд æввахс кодтой, афтæ Уæрхæг дзуры йæхицæн: – Мæ зæнæджы къæхтыхъæры хуызæн хъусын. Чысыл фæстæдæр та зæгъы: – Сæ ныхас дæр цыма нæхи хуызæн у. Æрывæрдта къус, æхсырæй йедзаг афтæмæй, æрсагъта йæ лæдзæг, æрытыдта йæ нымæт. Уырызмæгитæ йæм баввахс ысты æмæ та Уæрхæг дзуры: – Æ, сæ тæфы хуызæн тæф мæ фындзыл уайы. Бацыди къусмæ Уæрхæг, æмæ йæ фæрсы: – Нæма зынынц мæ фырттæ? – Æрбацæуынц! Уæрхæг фырцинæй къус йæ риумæ нылхъывта. Стæй та лæдзæджы фæрсы: – Нæма 'рбахæддзæвæййынц мæ фырттæ? – Ныртæккæ 'рбазындзысты. Уæрхæг лæдзæг сæрфтытæ кæны, æмæ йæ зæхмæ нал уагъта. Нымæтыл æрбадт, æмæ йæ фæрсы: – Нæма зынынц мæ фырттæ? – Æрбазындысты æмæ дæ уынынц. Уæрхæг фырцинæй нымæты йæхи атыхта. Стæй ныккуыдта 'мæ загъта: – Цæй, кæдæй нырмæ цæм кæсын æнхъæлмæ! Уырызмæг æмæ Хæмыц хæстæг бацыдысты Уæрхæгмæ. – Мах ыстæм Æхсæртæджы лæппутæ – Уырызмæг æмæ Хæмыц. – Нæ мæ уырны, æрбадарут-ма мæм уæ цæнгтæ. Æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц сæ цæнгтæ бадардтой. Уæрхæг цæ æрысгæрста. – Уе стæджыхъæд махырдыгон у, фæлæ-ма уæ уæрджытæ дæр æрбадарут. Уырызмæг æмæ Хæмыц сæ уæрджытæ бавдыстой. Æрысгæрста цæ Уæрхæг – сæ фæзилæнтæ, сæ нуæрттæ... Æмæ загъта: – Уæ фыдыконд дæр нæхи у. Æххæст-ма мын уæ риуæвæрд дæр фенынкæнут. Сæ риутæ дæр бадардтой. Уæрхæг цæ æрысгæрста 'мæ загъта: – Риуыкондæй дæр нæхи стут. Фæлæ уæд уыцы лæппутæ цы фесты? Æмæ радзырдтой лæппутæ сæ мадæй цы фехъуыстой, уыдон æппæт дæр. Уæрхæг фæмасткодта бирæ. Стæй загъта: – Цæй, хъæбул дидинæгдон у, хъæбулы хъæбул та – дидинæг йæхæдæг, æнæдарæг нæ баззаддæн. Нартæ мын бирæ мæстытæ бавзарынкодтой. Ныр, табу Хуыцауæн, тас мын нал у фыдæбонæй. Фæзылди Уæрхæг. Нарты рæгъæуттæй кæй къæдзæхæй фæкалдта æмæ афтæмæй фесæфтысты. Кæй ивылд доны батардта, æмæ цæ дон фæласта. Стæй йæ фыртыфырттæн загъта: – Цæуæм нæ бынатмæ! Æмæ æрцыдысты сæхимæ. Дзерассæйы не рыййæфтой – йæ цæгаты уыди. Уæрхæджы ныннадтой, ныддастой йæ. Стæй йын йæ дарæс раивтой, æмæ усгуры хуызæн фестади. Уæрхæг хæдзарыл йæ цæст ахаста 'мæ загъта: – Чи мын ныссыгъдæгкодта мæ цæрæндон? – Нæ мад. – Кæм и уый та? – Тагъд нæм зындзæни. Стæй йæ ракодтой Уæрхæджы, лæдзæгæй дзыхъ ацарæзтой, æмæ зæгъы Уырызмæг: – Гъеуым-ма дæ доныхуыпп ауадз! Уæрхæг дзыхъхъы йæ доныхуыпп ауагъта. Æмæ тахъафынк ысхаста хæрдмæ йæ доныхуыпп. – Ай нырма хæдзардарæгæн бæззы, – загъта Хæмыц. – Æз дæр афтæ зæгъын, – загъта Уырызмæг. – Нæ мады йын радтæм! Дзерассæ æрыздæхт йæ цæгатæй. Æмæ йын загътой йæ лæппутæ: – Мæнæ дын нæ фыдыфыд! Нырма йæ доныхуыпп урс тахъафынк хæссы. Æмæ дæ уымæн дæдтæм! Æмæ Уæрхæг æмæ Дзерассæ ус æмæ лæг баисты. Атæппæт диссæгтæ иууылдæр æрцыдысты Нарты фæткъуыйы аххосæй. ÆРТÆ НАРТЫ Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн райгуырди дыууæ фаззоны. Дыууæ фаззонæй сæ иу куы гуырд, уæд иннæ та йæ мады уæнтæй ысбырыд, иумæ райгуырын цын зын уыди. Уыйадыл фыдздзаг лæппуйыл сæвæрдтой Фарнæг зæгъгæ, ахæм ном. Фарны гуырд ракодта, æмæ уымæн. Фæлæ уæнтæй чи райгуырди, уый та схуыдтой Уæн. Фарнæг æмæ Уæн рахъомыл ысты. Æмæ иумæ нал фидыдтой Уæрхæджы зæнæг. Хæмыц æмæ Уырызмæг сæхи сæ фыды номыл ныууагътой, æмæ равзæрдысты Æхсæртæггатæ. Уæн æмæ Фарнæг та сæ фыдыфыд Борæйы намыс ысхуыдтой сæхи. Æмæ рацыдысты Борæтæ. Уæрхтæнæгæн та иу фырт уыди Алæг зæгъгæ. Æмæ уый та йæхи номыл ныууагъта фæд – Алæгатæ. Борæтæ фосджын æмæ бонджын систы. Æхсæртæггатæ – тыхджын æмæ хъаруджын. Алæгатæ та – æвзыгъд æмæ номдзыд. Ахæм хуызы Нартæй равзæрди æртæ сыхы, кæнæ Æртæ Нарты: Уæллаг Нарт – Борæтæ, Астæуггаг Нарт – Æхсæртæггатæ, æмæ дæллаг Нарт – Алæгатæ. Алчидæр цæ кадылмæлæг уыди. СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД Нарты Уæрхæджы ус Дзерассæ хуынд, Донбеттырты чызг. Æмæ йын уыди Уæрхæгæй дыууæ фырты, Фарнæг æмæ Уæн. Уыдон фылдæр нырма хæдзарон уыдысты, фæлæ йæ хистæр зæнæг – Хæмыц æмæ Уырызмæг – иугæндзон хæтæнты хаттысты, æмæ та ныр дæр кæдæмдæр фæцыдысты балцы. Уæд иубон Дзерассæ дыууæ къæртайы райста, æмæ рараст и Нартыдонмæ, цалынмæ сыгъдæг у, уæдмæ дзы сдавон зæгъгæ. Нартыдонхæссæн та Сырдтыдоны цур уыди, æмæ Гæтæг уым февзæрд – Дæттыбардуаг. Ныр дын Нартыдон уыцы змæстæй цæуы. Æмæ дын уæд афтид къæртатимæ фездæхти фæстæмæ Дзерассæ. Иучысыл рæстæг рацыд, æмæ та Дзерассæ ногæй ныууади донхæссæнмæ. Фыддæр ызмæстæй та абухгæ цæуы Нартыдон. Сырдтыдон та æртæхау ирд æмæ сыгъдæг уыди. Фæлæ йæ мидæг Гæтæг бадти, æмæ донæй æддæмæ нæ хызти. Стæй æвиппайды февзæрд Дзерассæйы цур. Ком мын радт зæгъгæ загъта. – Науæд Нартыдон афтæ змæстæй цæудзæни. Раздæхт Дзерассæ. Фæлæ йын цы гæнæн уыд, æмæ та чысыл фæстæдæр ногæй ныццыди донхæссæнмæ. Гæтæг дæр та уым февзæрд. – Ныр цал æмæ цал хатты 'рцыддæ... Ком мын куы нæ радтай, уæддæр æз мæхион бакæндзынæн. Фæтарст Дзерассæ 'мæ рацæйлыгъд, фæлæ йæ Гæтæг ралгъыста. Æмæ уыйадыл ус бауæззау. Гæтæг хæйрæг уыди, æмæ хæйрæгæн та чи цы базондзæн! Уæд Дзерассæ йæ дымджытæ бацагъта, æмæ дзы лæппу 'рхауди. Йæхæдæг йæ разкъæртты фæдджитыл ысхæцыд, æмæ ралыгъд... Æмæ уыцы бон Нартæн сæ фыдбылызы бон уыди... Гæтæг азгъордта Донбеттыртæм æмæ 'рбамбырдкодта устыты. Сырдтыдоны йæ атъыстой лæппуйы, æмæ уым цæргæйæ баззад цасдæр рæстæг. Хъомыл æй кодтой Гæтæг æмæ Донбеттыртæ. Сырдтæ-иу фыдздзагау дон нуазынмæ цыдысты. Фæлæ 'ввахс бацæуой донмæ, уый цæ ничи уæндыд – тарстысты лæппуйæ, æмæ-иу ныттыгуыртæ сты доны был. Цæй, æрцахсæм æй, зæгъгæ загътой иухатт Нартæ. – Скæнæм æй нæхимæ. Фæлæ цын лæппу ахсын нæ бакуымдта, æмæ йæ уæд ныууагътой. Хæдзар ын ыскодта Гæтæг йæ фыртæн чыскъæдзæхы рæбын, Нартыдонæн йæ тæккæ был, хид æвæрд кæм уыди, уым. Сырдон зæгъгæ йыл ахæм ном дæр Гæтæг йæхæдæг сæвæрдта – лæппуйæн йæ бакаст сырды хуызæн кæй уыди, чи зоны 'мæ уымæн. Йæ ранмæ куы рацыди Сырдон, уæд ысхызти хиды бынæй, акасти фæйнæрдæм. Стæй ыссыди Нарты Ныхасмæ. Нартæ йыл худæгæй мардысты, фæлæ цыл-иу Сырдон йæхæдæг дзурынмæ стых и. Æмæ-иу уæд банцадысты. Дис-иу кодтой сæхинымæр: "Ай, хуызæнæй нæхи хуызæн дæр у, æмæ дæлимонты 'нгæс дæр у... Уæд кæм цæры, йе кæм вæййы?" Фарстой йæ Нартæ Сырдоны: – Дæхи нын бацамон – чи дæ, кæцон дæ? – Æз дæр Нартæй дæн зæгъгæ-иу загъта Сырдон. – Дис мыл цы кæнут? – Уомæ, мах неппæт дæр ам æмбырдæй куы стæм... Уæд нæ ды кæмæй дæ? – Уымæй мæ цы фæрсут? Сом мæ базондзыстут... Ницыуал-иу загътой уæд Нартæ, æмæ-иу ныхъхъус ысты. Уæд дын иухатт Сырдон Дзерассæмæ бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: – Нартæ мæ, чи дæн, уымæй фæрсынц, æмæ цы зæгъон? – Мæнæй райгуырддæ, уый цын ма зæгъ, æмæ дын æз Нарты хæрæфырты усæн æрхæсдзынæн. Уазæгуаты мæм ис ныртæккæ, æмæ-иу мæ арæх абæрæгабæрæгкæн. Сырдоны дæр ма æндæр цы хъуыди! Дыггаг бон Сырдон Дзерассæмæ бауад. Æмæ йын Дзерассæ афтæ: – Абон æмбисбонты цæудзæни Нарты хæрæфырт йе мбал-чызджытимæ. Дзыхыдоны цурæй раздæхдзысты йе мбæлттæ, æмæ-иу æм уæд фæцырд у. Сырдон Дзыхыдоны цур бадти 'мæ æнхъæлмæкаст. Нарты чызджытæ куыддæр раздæхтысты, афтæ йæ ракодта Сырдон Нарты хæрæфырты, Гæтæг ын цы хæдзар сарæзта къæдзæхрæбын, уыцы 'мбæхст хæдзармæ. Нарты Ныхасмæ-иу рацыд Сырдон, æмæ цæ мæстæй мардта, куы – загъд, куы та-иу хылкæныныл ысси. Цæвынмæ-иу æм куы фæцæйцыд исчи, уæд та-иу фæдæлдзæх. Афтæмæй цæ 'нцой нæ уагъта. Нæ маст дзы сисæм зæгъгæ-иу зылдысты йæ фæдыл Нарт, фæлæ сæ къухы кæм æфтыд! УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ÆЛДÆН-МÆЛИКК Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц Донбеттырты хæрæфырттæ уыдысты. Сæ фыдыбæстæм æрцыдысты, сæ фыдыуæзæг ыссардтой æмæ æрыййæфтой æнæфæкæсæгæй сæ фыдыфыд Уæрхæджы. Раджы базæронд и, цæстæй хорз нал уыдта Уæрхæг. Фæлæ уый зæронды аххосæй нæ уыди. Ацы стыр фыд ын Æлдæн-мæликк ракодта. Рарынчын ис Уæрхæг æмæ арф ныуулæфыди: – Уох-хай-гъе! – Цы кæныс, нæ зæронд фыд, æви кæд мæстыкæныс мах æрцыдыл? – загъта Уырызмæг. – Сымах æрцыд мæ удæн æнцой у. Мæ маст æндæр цæуылдæр у. – Æппын æй нæ зæгъдзынæ? – Нырма уын тæрсгæ кæнын. – Цæмæй нын тæрсыс? Чызджытæ не стæм, мыййаг. Æмæ нæ тыхæй ничи аскъæфдзæн. Кæд нæм тыхæй цæуæг уа, уæддæр фендзыстæм! Цæмæй тæрсыс? – Уæдæ мын Нарты лæгрæгъæуттæм фæдзур. Уырызмæг Нарты лæгрæгъæуттæм фæдзырдта, æмæ цæ Уæрхæг фæрсы: – Ам ыстут уеппæт дæр? – Ам ыстæм, ам! Уæрхæг та ныуулæфыд: – Уох-хай-гъе! Нартæ йæ фæрсынц: – Цы кодтай, цы дыл æрцыд? – Æппын уæ æддæ ничиуал ис? – Ничи. Æртыггаг хатт дæр та ныуулæфыд Уæрхæг. – Уох-хай-гъе! – Æвæдздзæгæн, мæлæтæй фæтарстæ! – Мæлæтæй нæ тæрсын. Нартæ мæ фæстæ цы уыдзысты, уыууыл у мæ сагъæс. – Сымах куыд уыдзыстут, мах дæр афтæ! – Махæн нæ фыдæлтæ знаг нæ ныууагътой. Мах дæр уын нæ уадзæм. Фæлæ ма иу ызнагæй мæ маст не ссыди, æмæ уыууыл хъуыдыкæнын æппынæдзух. Нартæ кæрæдзимæ бакастысты. Уæрхæг цæм дзуры: – Чи уæ лæгдæр у, уый мæм йæ цонг æрбадарæд. Нартæ радыгай сæ цæнгтæ бадардтой Уæрхæгмæ, фæлæ цæ ныфсы ныхас никæмæй загъта. Фæстаг хатт æм Уырызмæг дæр бадардта йæ цонг. Уæрхæг ын æрысгæрста йæ фæзилæнтæ, йæ ныуæрттæ, йæ хæцъæфтæ 'мæ загъта: – Уырызмæг, цæугæ дæхæдæг иунæгæй. Кæдæм дын зæгъон, уырдæм. – Æмæ мах цæуылнæ уадзыс, иумæ цыд нын хуыздæр у. Уæд та Уырызмæгыл исты цæуы, æмæ йæ уæлхъус куы ничи уа, уæд цы кæндзæни? – дзурынц Нартæ. – Уырызмæджы нуæртты сой зилы туджы бæсты. Уый уазалы дæр нæ фæтæрсдзæн. Уый тæвды дæр бафæраздзæн. Нæ фæтæрсдзæн уарынæй дæр, – загъта Уæрхæг. Нартæ уæлдай ницыуал загътой. Акодта Уæрхæг Уырызмæджы. Стæй йын афтæ зæгъы: – Ды цæудзынæ фыдæбоны фæндагыл. Уыцы фæндагыл дæу фервæзынкæндзæн мæ бæх. Авд ныггæнды бын бастæй лæууы. Хæринаджы бæсты йæ фаджыс хæры, нуазинагæн та йæ мицъыра нуазы. Кæд дæ бон бауа йæ раласын, уæд дæ хъуыддаг раст. Фæлæ дын исты фыдбылыз куы ракæна, уæд та мын маст уыдзæн. Уырызмæг авд ныггæндмæ дуæрттæ байгомкодта. Кæсы, æмæ бæхæн йæ кæвдæс дæндагæй æхсыд, кæрæдзиуыл нал хæцы. Хæринаг ын нæй бæхæн, æмæ йæ фаджыс æууилы, ысхуыпкæны йæ мицъырадон. Бæхмæ рухс бакасти 'мæ ныммырмыркодта. Уырызмæджы ауыдта, æмæ йæ цæфхæдтæй зæхх ныххоста. Уырызмæг бæхы йæ фæстаг къæхтæй рацахста, зилгæ йæ рахаста, æмæ йæ цады нытътъыста. Бæх ма йæхи ныууыгъта, фæлæ йæ бон цы уыди! Хæрзнад æй ныккодта, стæй йæ бафæлварон зæгъгæ, загъта йæхинымæр. Уæд æм бæх дзуры: – Барæгæн мын бæздзынæ, Уырызмæг! – Ды та мын хæссæнæн бæздзынæ. Фæлæ мын мæ ном та цæмæй зоныс? Нырма мæ фыдздзаг хатт куы уыныс... – Зонын æй, дæу Уæрхæг мæнмæ рарвыста. Уый дæм рагæй каст æнхъæлмæ. Фæлæ дын уæддæр цы дзырдта? – Нартæн фыдбылыз нæ ныууагъта зæгъгæ зæгъы. Фæлæ ма иу кæмæйдæр йæ маст нæ райста, æмæ уый тыххæй у йæ катай. – Чи у уыцы фыдбылыз? – Нæ йæ загъта. – Уæдæ йæ бафæрс. Стæй дзы хæцæнгарз дæр райс. Уырызмæг Уæрхæгмæ фæцыди... – Цы сарæзтай, Уырызмæг? – Бæх къухты бафтыд, фæлæ хæцæнгæрзтæй цух дæн. Нарты знаг кæй хоныс, уый дæр мын зæгъ. – Зæгъдзынæн, бæгуыдæр. Фæлæ уал ды ныггæнд-къæбицмæ бацу. Уым ысты мæ хæцæнгæрзтæ. Кæд цæ рахæссын базонай, уæд хорз. Кæд нæ, уæд дыл фыдбылыз æмбæлдзæни, æмæ аххосджын – дæхæдæг. Уырызмæг ныггæнд-къæбицмæ ныццыди, федта дуар, æмæ йыл æрвгæнæн – æрмæрины йас. Стыдта йæ Уырызмæг, стæй дуар бакодта. Бараст и мидæмæ, кæсы æмæ дын къулыл – цирхъ, кæрддзæмæй ыслæсыслæскæны. Фат æрдынмæ йæхи ивазы, æмæ йæм нæ хæддзæкæны. Арц зæххыл зилы. Уырызмæг цирхъы фистоныл фæхæст и. Сласта йæ кæрддзæмæй, æмæ йæ фæхсыны фæтъыста. Цирхъ цæхæртæ скалдта, æмæ йæ кæрддзæмы 'нцад æрлæууыди уыйфæстæ. Уырызмæг æй йæхиуыл бабаста. Иннæ фæхсынмæ бахаста фаты фындз, æмæ йæ фæтъыста фæхсыны. Уæд уый дæр æрсабыр и. Æрдын йæ уæлæ 'ркодта, æмæ фатдоны та фат нытътъыста. Æртыггаг фæхсын бахаста Уырызмæг, æмæ дзы арцыфындз фæтъыста уым дæр. Арц ма йæ фæздæг ысуагъта. Стæй йæ Уырызмæг й' армы айста. Бацыди бæхмæ 'мæ йæм дзуры: – Цæй, куыд мыл фидауынц Уæрхæджы хæцæнгæрзтæ? – Хуыздæртæй хуыздæр. Фæлæ цæугæ. Базон мын, чи у Нарты знаг. Уырызмæг Уæрхæгмæ бацыди. – Мæнæ дæн! – Сарæхстæ, Уырызмæг! – Зæгъ мын Нарты знаджы. – Фæлæу. Афтæ цæуыс? – Афтæ! – Бацу 'мæ бæхы барцыл дæ къух ауадз. Стæй, цы зæгъа, уый мын- иу радзур. Æртæ хатты йæ асæрфдзынæ балцы. Уымæй къаддæр – нæ, уымæй фылдæр дæр – нæ! Уырызмæг Уæрхæджы бæхмæ бацыди. Бæхы барцыл æртæ хатты 'рсæрфта йæ къух. Æмæ бæх йæ сæр æрбазылдта Уырызмæгмæ. – Цæуæм? – Цæуæм, цæуæм! – Саргъ мыл сæвæр. – Уох, цæй рох мæ фæци! Уырызмæг фездæхти фæстæмæ, æмæ афарста Уæрхæджы. – Ау, æмæ æнæ саргъæй та куыд? Саргъ мæ нæ хъæуы? Уæрхæг ма чысылтæ уыдта йæ цæстæй. Æххæст æй нæ уырныдтой Уырызмæджы ныхæстæ. – Уæлæ, тарвазыл ауыгъд цы саргъ ис, уый ахæсс. Уырызмæг, тарвазыл ауыгъд цы саргъ уыд, уый райста. Æрдæг фæндагыл уыд, æххæст æм нæма бахæддзæ, афтæ йæм бæх дзуры: – Ахæсс уыцы саргъ фæстæмæ, уыцы саргъы бын хæрæджы фидыд кæндзынæн. Æз та хæцынмæ цæуын. Уырызмæг раздæхти 'мæ дзуры Уæрхæгмæ: – Хуыздæр саргъ мын авæр, ай ницы у, мæ быны ныссæтдзæн йæ къуыдыр. – Уæд та, цæджындзыл ауыгъд цы саргъ ис, уый ахæсс. Уырызмæг, цæджындзыл цы саргъ уыд, уый райста 'мæ йæ рахаста. Æртæ къахдзæфы ма йæ хъуыди бæхмæ, афтæ йæм бæх дзуры: – Аздæх фæстæмæ, Уырызмæг. Уыцы саргъы бын æз хæргæвсы фидыд кæндзынæн. Æз та хæцынмæ цæуын. Фæмæсты Уырызмæг, æмæ та раздæхт. Дзуры Уæрхæгмæ: – Æз хæцынмæ цæуын, æмæ мæн лæджы саргъ хъæуы. Ды та мын иу цавæрдæр фидиссаг саргъ фæкæныс мæ фыдздзаг. – Гъеныр мæ уырны, мæ бæх æмæ дæ мæ хæцæнгæрзтæ сæхимæ бауадздзысты, уый. Мæнæн мæ бæхæн æндæр саргъ ис. Уæртæ ныггæнды къæй рафæлдах. Уым æвæрдæй лæууы мæ бæхы саргъ. Кæд æй рахæссын базонай, уæд хорз. Кæннод аххос дæхирдыгæй фод. Уырызмæг та ныггæндмæ бацыди. Кæсы, æмæ дзы иу ыстыр къæй. Авд ивазны иуырдæм уыди, авд ивазны – иннæрдæм. Ныззылдта йæ, æмæ къæй уæдæрттау зилгæ атахти. Сæмбæлди комы, æмæ ныппырх. Саргъ йе хтæнгтæ рахсы. Кæй ацахсынц, уый атæхынкæнынц й' астæуыл. Уырызмæг хъæд бадардта, æмæ йæ æхтæнгтæ атæхынкодтой хъæды. Уыйфæстæ куыддæр æрсабыр ысты, афтæ саргъ йæ хъустæй фелвæста Уырызмæг, æмæ йæ бæхыл авæрдта. Æхтæнгтæ цырд æрбалхъывта, уидон бафтыдта, æмæ саргъыл бæхы хъарм куы сæмбæлди, уæд æй æрбалхъывтой. Бæх ныммырмыркодта, æмæ уæд йе ргъæвджытæ цæхæр ыскалдтой. Уырызмæг бæх идадзæй æрбаласта 'мæ та дзуры Уæрхæгмæ: – Мæнæ дæн, æд бæх, æд хæцæнгæрзтæ! Зæгъ мын ныр Нарты знаджы. Уæрхæг бæхы 'рсæрфтытæкодта, идон æмæ саргъыл йе нгуылдзтæ 'руагъта. Бæх йæ сæр æрбазылдта Уæрхæгмæ. Æмæ йæ уæд Уæрхæг æрбахъæбыскодта 'мæ загъта: – Йе, мæ Дымсур! Уад дæ уайынмæ не ййæфта фæдисы, дæ риу айнæджытæ саста тохы. Ныр мæ сæрæн нал дæн, ды та ма дæ тыхы дæ. Зон æй, Нарты фыдызнаг чи у, уый. Мæ цæсты рухс кæй аххосæй батар, уый – Æлдæн-мæликк. Уымæй ма куы райстаин мæ маст, уæд ма мæ мæлæтыл та цы мæткæнын! – Фæндаг мын бацамон æрмæст! – загъта Уырызмæг. – Фæндаг мæ Дымсур хорз зоны. Уый дын кæндзæни ныр мæ хабæрттæ. – Уæд та мын иу-дыууæ зондджын ныхасы зæгъ, цæмæй фæндараст фæуон. – Зондджын митæ куы кæнай, уæд дыл мæ ныхæстæ 'рцæудзысты. Фæлæ дын уæддæр зæгъын. Фыдздзаг уый, æмæ, бæхыл куы цæуай, уæд-иу тæссаг хидыл ма ацу. Дыггаджы – тугвæд чердæм цæуы, уыцырдæм ма ацу, тугвæд кæцæй цæуы, уыцырдæм ацу. Æртыггаджы – зондамонæг дын куы фæуа, уæд æй дæ зæрдыл бадар, фæлæ йæ ныхасыл ма ацу. Уæрхæг æй æрбахъæбыскодта Уырызмæджы. Стæй бæхыл абадти Уырызмæг æмæ араст и. – Уæрхæг цæмæй æмæ куыдæгъдауæй бакуырм? – афарста уæд Уырызмæг йæ бæхы. – Уый – Æлдæн-мæличчы аххосæй. Сæдгæрфæнык бакалдта мæликк Уæрхæджы цæстыты, æмæ йæ бон хæцын нал уыди. Нартæм ма йæ бæргæ 'рхастон, фæлæ уæдæй фæстæмæ йæ сæрæн нал кæны. – Æмæ йын уæдæ хос нал уыдзæн? – Йæ хос уымæн сæдгæрсыф у. Сæдгæрсыф рафыцын хъæуы доны. Æмæ уыцы донæй куыддæр æрыхса йæ цæстытæ, афтæ цæ ракæсдзæн. Фæлæ сæдгæр æрмæст Æлдæн-мæличчы цæхæрадоны зайы. Нырма уал ын йæхиуыл фæтых хъæуы. Стæй нын сыф кæдæм ирвæзы! Уырызмæг цæуы дарддæр йæ фæндагыл. Иу фæзранмæ бахæддзæ сты. Фæзы фалейы дон цæуы. Æмæ Уырызмæг йæ бæхы хизынмæ ауагъта, йæхæдæг чысыл æрфынæй. Уæд йæ хъустыл цыдæр хъæлæба ауад æмæ Уырызмæг фехъал и. Фæстæмæ фестади, кæсы, æмæ дон фыдивылд ракодта. Адæм æрымбырд ысты хиды цур, æмæ йыл нæ уæндынц ахизын. Уырызмæг йæ бæхыл абадти 'мæ сæ цуры февзæрд. – Цæуыл тыхсут? – Куыннæ тыхсæм, дон фыдивылд ракодта, æмæ хидыл ахизæн нæй. Тæссаг хид у. Уырызмæгæн Уæрхæджы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ загъта: – Ма тæрсут, æз уæ ахизынкæндзынæн. Бæхы ивылд доны батардта Уырызмæг, æмæ хидыл йе уæхсчытæй ысхæцыди. – Рахизут ныр! Адæм уæд хидыл ахызтысты, æмæ Уырызмæг та бæхыл ауади доны. Арфæтæ йын кодтой адæм. Уырызмæг дарддæр араст и 'мæ федта ахæм диссаг: иу ададжы туг цæуы, æмæ йæ фæд донау уадзы. Уырызмæг тугвæдыл н' ацыди, фæлæ, туг кæцæй цыд, уырдæм йæ ных сарæзта. Кæсы, æмæ – стыр арынгтæ, æмæ адæм сæ тугæй уырдæм рауадзынц. Чи нæ цæуы арынджы, уый та акæлы 'мæ алæсæнкæны ададжы. Æмæ фæрсы Уырызмæг йæ бæхы: – Ай цавæр диссаг у? – Гъе, Уырызмæг, адон туг-хъалон дарынц Æлдæн-мæликкæй. Йæ хъалон чи нæ фæразы фидын, уыдон сæ туджы 'мбис ам, ацы арынджы, ауадзынц. Йæ маст цæ уымæй исы. Уырызмæг ницы загъта, æмæ та араст и дарддæр. Иу бæласы бын æртæ лæджы бады, æмæ цæуылдæр тæрхонкæнынц. Сæ иу дзуры: – Нæй афтæ цæрæн, мах нæ туг калæм, уый Хуыцауы тæригъæд у. – Туг радт, уæд адæймаг мæрдтыл нымад у. Н' адæм дæр æрдæгмард ысты, – зæгъы иннæ. – Махæй йын иу дæр ницы кæндзæни, нæртон адæймаг куы нæ уа, уæд, – загъта æртыггаг. Афарста Уырызмæг йæ бæхы. Адон цæуыл дзурынц зæгъгæ. – Æлдæн-мæликкыл у сæ ныхас. Уымæй æфхæрд ысты, æмæ йын ницы сæ бон у й' амарынæн. Уымæн йæ мæлæт нæртон лæджы къухæй у. Æргæпласта уæд йæ бæхæй Уырызмæг. Бацыди æртæ зæронд лæгмæ 'мæ цæм дзуры: – Фарн уæ ныхасы! – Фæрнæйдзаг у, æмæ нæм алыбон æгас фæцу. – Æмæ йын зæронд лæгтæ ысцæйыстадысты. – Бадгæ кæнут, уæ хорзæхæй. – Дæрддаг бæлццон дæ, куыд уынæм, афтæмæй. – Уо, бæгуыдæр. Нартыбæстæй дæн. – Æмæ кæцытæй дæ Нартæй? – Æхсæртæггатæй. – Йе, мæгуыр. Ацы бæхы хуызæн ма æз Нарты Уæрхæгмæ федтон, – зæгъы иу зæронд. – Æз дæр æй федтон, – зæгъы дыггаг зæронд, – уый йын бæргæ схоскодтаид Æлдæн-мæликкæн. – Раст у, – зæгъы æртыггаг лæг, – фæлæ сæдгæрфæныкæй бакуырм и, мæгуырæг. Йæ бæхы фæрцы ма аирвæзти. – Уæдæ сымах цы Уæрхæджы кой кæнут, уый ме стыр фыдæлтæй у. Фæлæ-ма зæгъут: чердыгæй цæры Æлдæн-мæликк? – Мæнæ ацы фæндагыл ныллæу, æмæ дæ комкоммæ бахæддзæкæндзæн йæ хæдзармæ. – Бузныг, – загъта Уырызмæг, æмæ араст и йæ фæндагыл. Рыг йæ сæрмæ сыстади, æмæ куыд æввахс кодта, афтæ Дымсур- Уырызмæджы бæх – йæ фурттытæй нал æнцад. Бæхы фурттытæ фехъуыста Æлдæн-мæликк æмæ загъта: – Акæсут-ма, цавæр рыг у? – Барæг æрбацæуы. – Цавæр барæг у? – Барæг – ыставдкæндтытæ. Ивтонг алцæмæй дæр. Йæ бæхы къæхты бынæй рыг сыстади 'мæ арвыл æмбæлы. – Кæд мæн агура, уæд мын-иу зæгъут. Уæдмæ 'рбахæддзæ Уырызмæг дæр æмæ бахъæркодта: – Ам уæ чи ис? Æддæмæ ракæсæд! Æлдæн-мæликк хъæрмæ иу лæппуйы рарвыста. – Акæс. Кæд мæн агура, уæд ын-иу, рынчын у зæгъгæ, зæгъ. Куыд ын бафæдзæхста Æлдæн-мæликк, афтæ бакодта лæппу, фæлæ йыл Уырызмæг нæ баууæндыд. Уæд Æлдæн-мæликк фæгæпласта 'мæ æддæмæ фæци. – Кæцы дæ? Чи дæ? – Нæртон лæг дæн! – Æ, фæлтау дын дæ мард куы федтаин дæ удæгасы бæсты! – Дæхиуыл æрцæуæд де лгъыст! Æз нырма цæрынхъуаг дæн, тъыссæн хæрæг! Рахиз æддæмæ! – Ды бæхыл дæ. Мæн дæр бауадз бæхыл бадын... Æлдæн-мæликкæн базырджын бæх уыди, æмæ йыл куыннæ дардтаид йæ зæрдæ! Уæд æм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ: – Куыддæр бæхы раласа, афтæ йын-иу йæ рахиз уæны сæр фæкæрддзæфкæн бæхæн, кæннод аирвæздзæн. Æмæ йæм Уырызмæг бахъавыд. Ныггæндæй йæ куыд ласта, афтæ йын Уырызмæг йæ рахиз уæны сæр фæкæрддзæфкодта бæхæн. Бæх йæ базыртæ айтыгъта, æмæ фæцæйтахти, фæлæ йæ рахиз базыр кæрддзæф уыди 'мæ 'рсасти. Æрхаудта Æлдæн-мæличчы бæх зæхмæ. Æмæ уæд кардæй ысхæцыдысты Уырызмæг æмæ Æлдæн-мæликк. Авд суадоны сæр айнæджы цъуппыл ын æфсæнхæдзар уыди мæликкæн. Æмæ уырдæм тыдта йæхи. Уæд та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ: – Сайдзæн дæ, айнæджы цъуппыл ын æфсæн хæдзар ис уымæн. Æмæ куыддæр уырдæм баирвæза, афтæ йын ницыуал ракæндзынæ. Æлдæн-мæликк айнæджы бынмæ байста йæхи. Уæлейы цы рæхыс уагъд уыди, уыууыл куыддæр фæхæст и, афтæ йæ Уырызмæг рариуыгъта цирхъæй, æмæ рæхыс фæлыг и. Æлдæн-мæликк зæххыл сæмбæлд. Уæд йæхи хæстæгдæр байста Æлдæн-мæликк зилгæдуармæ. Æмæ та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ: – Дыууæ хатты сарæхстæ. Ацы хатт ма кæд сарæхсай, уæд дæ къухты ис Æлдæн-мæликк. Зилгæдуар ис йе фсæнхæдзармæ ссæуæны, æмæ цырд фæлæу, ма дæ фæсайæд. Æлдæн-мæликк ма зилгæдуармæ бæргæ багæцласта. Фæлæ йæ Уырызмæг цирхъæй ракъуырдта й' астæуыл, æмæ дыууæ дихæй атахт. Ронбастæй дæлæмæ æддейы аззади. Уырдыгæй уæлæмæ зилгæдуары бахауди æмæ йæ хорау æрыссадта дуар. Фесæфти Æлдæн-мæликк. Уыйадыл Нарты бæсты къæвдахæддзæ туг ныууарыди. Æмæ йæ Нартæ афарстой Уæрхæджы: – Дæ рæстæджы дæр-иу искуы ахæм къæвда скодта? Æмæ-иу искуы тугæмхæддзæ уарыди? – Никуы. Фæлæ кæд афтæ у, уæд Уырызмæг мæлæтдзаг тохы бацыди. Кæсут боныгъæдмæ: кæд ныгуылæнæй рухскæна, уæд хъуыддаг хорз у. Кæд ыскæсæнæй рухскæна, уæд тæссаг у Уырызмæгæн. – Ныгуылæнырдыгæй дыдзыирд кæны арв. – Уæдæ уайут Уырызмæджы размæ. Нартæ ныххæррæтластой, æмæ Уырызмæджы размæ фæцыдысты. Уырызмæг Æлдæн-мæличчы ронбастæйдæлæмæ арцыл æрцауыгъта, стæй азылди айнæджы сæрырдæм. Уым уыди фидар æхгæд дуæрттæ, сæ уæлæ ивазны бæрц æрвгæнæнтæ. Уырызмæг цæ стыдтытæкодта 'мæ цæ ныззыввыттытæласта. Мидæгæй ахæст адæм цæуын байдыдтой, æмæ нал фæуд кодтой. Сеппæт дæр уыдысты мæрдвæлурс æмæ цола. Чи та ма тыххæй лæууыди йæ къæхтыл. Уырызмæг афарста: – Чи стут ай? – Мах ыстæм ахæст адæм, – загътой уыдон. Нæ тугæй нын йæ куыйты хæссы Æлдæн-мæликк. – Уо, арв ыл ныккæла Æлдæн-мæликкыл, кæд цытæ кæны! Фæлæ мауал тæрсут, уый мард у. Дæлæ йын м' арцыл йе рдæг æрсагътон. – Уо, дæ бонæй уай, ацы лæг! Уымæн ахæм ус ис, бæстæ дæндагæй чи хæры. Уый дæ уæддæр н' ауадздзæни. Йæ куыйты рæгъау дæм нæма рауагъта. – Амонгæ мын цæ бакæнут. Ахæст адæм бацамыдтой Уырызмæгæн уыцы куыйты рæгъау кæм ысты, уый. Уырызмæг цын сæ дуæрттæ стъæппытæласта. Куыйты рæгъау ралæбурдтой. Уырызмæг йæ бæхыл разæй тæхы, фæлæ йæ фæцæйæййафынц куыйтæ. Уæд та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ. – Авд комы кæм баиу ысты, уым ис рæхыс ауыгъд, уыууыл фæхæц. Æриваз æй, æмæ фервæзæм. Кæннод нæ дыууæ дæр сæфæм. Авд комы кæм баиувæййынц, уыйонг бахæддзæ Уырызмæг, æмæ рæхыс ацахста. Æривæзта йæ. Авд комы фæхстæ æрыхгæдтой, æмæ куыйтæ баззадысты. Уырызмæг та айнæгхохы сæрмæ сфардæг и. Кæсы æмæ уæртæ Æлдæн-мæличчы ус ахæст адæмы йæ хъæлæсы ахаста. Æмæ цæ саунадæй мæлæтдзаг фæкодта. Уырызмæг æм тагъдгомау бацыди усмæ: – Уæ, мæнæ ус-мæликк, акæс-ма айнæгæй, Æлдæн-мæликк йæ сæрыл куыд лæууы. Фæлæ ронбастæй уæлæмæ цыма йæ гуыр йæ уæлæ нæй, афтæ зыны. Ус-мæликк акасти айнæгæй. Уырызмæг æй фесхуыста, æмæ ус-мæликк комы ныппырх и. Стæй цын ахæст адæмæн афтæ зæгъы Уырызмæг: – Сæрибар ыстут ныр! Адæм арфæтæ фæкодтой Уырызмæгæн. – Нæ Хуыцауы хай! Уæд та чи дæ, уый нын зæгъ. – Æз уеппæтимæ кæм фæдзурдзынæн. Фæлæ мæм æртæ лæджы 'рбарвитут. Фæндагыл цæугæйæ Уырызмæгыл чи æмбæлд, уыцы æртæ зæронд лæджы йæм æрбакодтой адæм. – Нал мæ зонут? – загъта Уырызмæг. – Нарты Уæрхæджы байзæддаг дæ – куыннæ дæ зонæм! Кæм ма цын уыди бауыромæн! Сæ уæлныхты йæ хастой адæм Уырызмæджы. – Арфæйаг фæут æмæ уæ цæрæнбон бирæ. Ауадзут мæ ныр мæ бæстæм. – Ацæудзынæ, нæртон лæг! Фæлæ дын мæнæ сæдгæрсыф, ахæсс æй демæ. Ноджы акæн бæхрæгъæуттæ, фосы дзугтæ. Ницæмæй дын бафиддзыстæм дæ дзæбæх. Йæ разæй йын сæдæсæдæтæ скодтой бæхрæгъæуттæ 'мæ фосы дзугтæй. Рафæндараст æй кодтой Уырызмæджы. Уырызмæг арцыл хæцыд. Æлдæн- мæличчы ронбастæй дæлæмæ, йæ уæлæ сагъд, афтæмæй. Арфæ ма ракодта Уырызмæг ноджы æмæ аздæхта адæмы. Цæуы Уырызмæг. Кæсы, æмæ дунейы адæм йæ размæ 'рбацæуы. Уырызмæг сагъæсыл фæци: "Уæдæ цымæ чи уой адон?" Æгæр бирæ æмæ æгæр уадцыдæй куы цыдысты, уæд исдуг тæрсгæ дæр фæкодта. Фæстагмæ бамбæрста: уый Нартæ рацæуынц йæ размæ æмгуыппæй. Æрбахастой йæм Уæрхæгмæ арцыл сагъд Æлдæн-мæличчы мард йæ ронбастæй дæлæмæ. Уæрхæг æй æрысгæрста 'мæ загъта: – Йех, кæм дæ, мæ цæстырухс? Кæд Æлдæн-мæликкæн йæ цурхъытæ давгæ ракодтой æмæ цæ кæйдæр мæгуыры къæхтыл ыскодтой... Уырызмæг сæдгæрсыф доны рафыхта. Æмæ уыцы донæй æрыхсынкодта Уæрхæджы цæстытæ. Æмæ Уæрхæг йæ цæстытæй ракасти. – Кæм дæ, Уырызмæг? Ды сысгуыхтæ, æмæ Нарты сæр фæу! Уæрхæджы ныхæстыл сеппæт дæр фæцинкодтой адæм. Стыр куывд уыди уыйфæстæ Нартæм. Æмæ æнæхъæн къуыри ахаста. Бæхрæгъæуттæ Уырызмæг Нартыл байуæрста. Ахæм нал баззади Нартæй, æмæ хай кæй нæ фæци. Æмæ, зæгъы, Уырызмæг уæдæй фæстæмæ Нарты сæр ысси æмæ царди кад æмæ радæй. УÆРХÆДЖЫ МÆЛÆТ Нарты Уæрхæг рарынчын и 'мæ бамбæрста йæ мæлæт. Фæсидти Нартæм, æмæ цын загъта: – Знаг уын нæ ныууагътон, Нартæ! Фæлæ ма мын иу ызнаг ис уæддæр. Никуы бафидыдта уый Нартимæ, æмæ ма мæ маст уымæй куы райстаин... – Зæгъ æй махæн. Дæ маст дын райсдзыстæм. – Сымахæн ницы бантысдзæн. Уыимæ хæцын нæ базондзыстут. Мæхæдæг æм фæцæуон хъуамæ. Æрмæст ма цæмæй сыстон, уый тыххæй ме вдадзыхос у Саухохы суадон æмæ мын уымæй æрхæссут. Нартæ Уæрхæджы ныхас сæххæсткодтой. Æрхастой йын дон уыцы суадонæй йæхи ныннайыны фаг. Уæрхæг æй ыстæвд кæнынкодта ‘мæ дзы йæхи ныннадта. Æмæ йе уæнгтæ сæхи систой. – Æз цæуын ме сæфты фæндагыл зæгъгæ цын загъта уæд Нартæн. Фæлæ уæ мæ фæдыл цæуынвæнд мачи скæнæд. – Уæдæ куы нæ æрыздæхай, уæд дæ кæм агурæм? – Кæсут райсомæй сæуæхсидмæ. Кæд тагъд-тагъд ива, уæд сæфт дæн, æмæ сæфт. Кæд мæнгивд кæна, уæд уый зонут, æмæ ма æгас дæн. Араст и Уæрхæг йе сæфты фæндагыл. Ахызти авд æфцæгыл, ахызти авд комыл, ахызти авд быдырыл. Цæуы дарддæр. Фæллайгæ дæр бакодта зæронд Уæрхæг. Зæрондæн фæллайын цы хъæуы! Мысы йæ рагбонтæ, фæлæ нал ис уыдонæн раздæхæн, мæнæ хурæн йæ фæндагæй раздæхæн куыд нал вæййы, афтæ. Цæуы зæронд Уæрхæг. Бахæддзæ иу доны былмæ ‘мæ дзуры йæхинымæр: «Ам уал мæ фæллад ысуадзон». Æрбадти доны был, кæсы фæйнæрдæм. Никуы ницы федта, стæй æнцадгай æруагъта йæхи ‘мæ афынæй... Уæрхæг æрфынæй Хъæрæмæдзы зæххыл. Чысыл фæстæдæр райхъал. Акасти та фæйнæрдæм, æмæ ауыдта иу ран цавæрдæр хосдзауты. Бацыди цæм хæстæгдæр. – Уæ, байриат, хосдзаутæ! – Уæ, райгæ уай, зæронд лæг! – Кæмæн кæрдут атæппæт хос? – Хъæрæмæдзæн. Уас йе сæфт куы ‘рцæуид! Иу ыстдæссион саг дары, æмæ мах фондзыссæдз хосдзауæй иу бон цы ныккæрдæм, уый йын иу аходæнвагæй фылдæр нæ кæны. Араст и Уæрхæг дарддæр æнæ исты зæгъгæйæ. Бахæддзæ ис хуымгæрдджытæм. – Райгæ уат уæ куысты! – Райгонд уай ды дæр дæ царды, зæронд лæг! – Атæппæт хуымтæ уæхи сты, æви ‘ндæр искæй? Мах кæцæй ысты! Хъæрæмæдзы сты. Дзæгъæл ын баззайой!.. Уас ын йæ мард куы фениккам! Уæрхæг дарддæр араст и. Кæсы, æмæ иу ыстыр фæзбыдыры – дунейы адæм. Цъынатæ амайынц. – Уæ, райгонд уат! – Уæ, райгонд уай ды дæр! – Цæй бирæ цъынатæ амайут? – Цы бакæнæм, ахæмы къухы стæм. – Кæмæн цæ амайут, уый чи у? – Хъæрæмæдз у. Уый цъынатæ сты... Сæ мидæг куыд басудза, хуыцау ахæм арфæ ракæнæд! Ницыуал загъта уæрхæг æмæ та ацыди дарддæр йæ фæндагыл. Бахæддзæ Хъæрæмæдзы хъæумæ. Ссардта Хъæрæмæдзы хæдзар æмæ йæм бахъæркодта: – Ам дæ, Хъæрæмæдз? – Ам дæн! Кæцы дæ? – Мæнæ зæронд лæг дæн, æмæ æз де уазæг. Хъæрæмæдз æм рауади. Йæ цæстытæ фæирдкодта, æмæ йын мусуаты йæстæ аисты. – Кæцæй цæуыс? – Нартæй лидзын. – Кæмæй? – мæсты фарст æй акодта Хъæрæмæдз. – Нартæй, Нартæй! Фæлæбурдта Хъæрæмæдз Уæрхæгмæ æмæ йæ нарты зæронды йæ дзыхы бавзылдта. Уæрхæг хъæркæны: – Фæлæу, ныхъхъуырыс мæ! – Нарт мæнæн менæуынон æмæ ме сæфты хай куы сты! Уæд мæм куыд бауæндыддæ уыдоны кой ыскæнын. – Райс мæ дæ дзыхæй, æмæ дын радзурон æппæт дæр. Хъæрæмæдз æй райста йæ дæлæвзагæй Уæрхæджы. Стæй йæ фæрсы: – Кæмæй дæ? – Æз мæгуыр лæг дæн, Нартæн хъомгæсæй фæхаттæн цæргæ- цæрæнбонты. – Уæдæ сегасы дæр зондзынæ. Æмæ Уæрхæджы дæр зоныс? – Зонын æй? Куыннæ йæ зонын! – Æмæ ма æгас у? У-у-у хæрæг! – Нартæн нырма зондамонæг у. – Уæрхтæнæджы дæр зоныс? – Зонын, Нартæ йæ сæ хуыздæрыл нымайынц. – У-у-у, дыггаг хæрæг та уый у! – Аипп ма уæд, – æз зæронд лæг дæн. Мæ цард-цæрæнбонты цæм рæгъаугæсæй фæхаттæн, фæлæ цæ ды цæмæй зоныс? – Бирæ хæттыты цыл сæмбæлд, фæлæ цын тыхæй тыхмæ тых нæ бафæрæзтон, нæдæр мын уыдон бафæрæзтой исты. – Уагæры цавæр тыхы хицæуттæ уыдысты? – Уый зæгъгæйæ нæу. Хуыцау сæ фарс у, æмæ мын сæ мæлæт нæ загъта. – Уыдон дæр дын нæ зонынц, æвæдздзæгæн, дæ мæлæт? – Уый куы базоной, уæд ма цæ ‘ндæр цы хъæуы? Фæлæ йæ нæ зонынц... Гъеныр мын зæгъ, цы сæрæн æрхаудтай ардæм? – Уо-о, Хъæрæмæдз, æз дæ мад-дæ фыды уазæг, бамбæхс мæ. Уыдон сауыл мысты фæд арынц, æмæ мæ фæд-фæд цæудзысты. Стæй мæ куы ссарой, уæд мæ удæгасæй нал ныууадздзысты. – Тæрсгæ ма кæн, мæнæн сæ фатæй мæлæт нæй, с’ арц мæ н’ ахиздзæн, сæ кард мæ н’ алыгкæндзæн. – Уæдæ уæд ды мадæй райгуыргæ нæ дæ... – Нæ дæн, зæронд лæг. Æй райгуырддæн ахæм бон, æмæ туг лæсæнтæ куы кодта. – Æмæ уый цавæр бон уыди? – Æз гуымиртæй дæн. Нарты фыдæлтæ нæ мыггагимæ хæцыдысты. Мæ мад мæнæй йæхибар нæ уыди. Гуымиртæ лыгъдысты, мæ мадæн та алидзæн нæ уыд. Уæд мæ мад мæлæтдзаг цæф фæци, базыдта, мæгуыр, уацары кæй хаудзæн... Æмæ къутæртæм йæхи баппæрста. Уым иу саджы ауыдта. Уый дæр йæхибар нæ уыд. Мæ мад саджы рацахста, тыхулæфт ыскодта æмæ мын мæ уд ауагъта саджы хуылфы. Æз саджы лæппуимæ райгуырддæн. Æмæ мын мæлæт нæй зæххон лæжды къухæй. Мæ мад амарди. Мæн саг фæхастайæ лæппынимæ. Схъомыл дæн, æмæ мын саг мæ уды бар, цы сагимæ хъомылкодтон, уымæ радта. Уыцы сагæн та мæлæт нæй. – Хуыцау бахизæд ахæмыл исты ‘рцæуынæй. Фæлтау æз мæхæдæг разы дæн уыцы саг бахъахъхъæныныл. Исты тас куы цæуа, мыййаг, искуыцæй, уæд дæм æз хъусынкæндзынæн. – У-ы, зæронд! Ныр уыцы ‘лгъыста Нартæй цæмæн ралыгътæ, уый мын раст зæгъ. Кæд дыл баууæндон, уæд дæ бахъахъхъæныныл мæхи дæр æрхæсдзынæн, кæннод дæ сфизонæгкæндзынæн. – Æз баззаддæн иунæгæй. Иунæг та уымæн, æмæ мын æлгъысты Нартæ стæры заман амардтой мæ фыды. Мæ мад куыд нæ мæт кодтаид уыйфæстæ. Æмæ амарди уый дæр. Мæн Нартæ сæхимæ ахастой. Ницы хорз мын фесты. Сæ фосмæ цын кастæн, иу дзы нæ фæхъаудтон мæ лæппуйы бонтæй гъенырмæ. Ныр уыныс, базæронд дæн. Зæрондмæ лæппуйы тых нал вæййы, æмæ мæ фосæй фæхъуыди. Хæрæгау уæлæуыл фæуасæд Уæрхæг – уый хъомтæй мын фæхъуыди, æмæ мæм мæлæтæй бартхъирæнкодта. Уд адджын у, мæлын кæй фæнды! Хъомты агурыны ‘фсон ралыгътæн. Нартæй авд кæстæры ‘рбаййæфтон ныхасгæнгæ иу фæзбыны. Сæ ныхас та, Хъæрæмæдз, дæуыл уыди. Иутæ дзырдтой: «Хъæрæмæдзæй йæй лæг ис! Мыстау æвæрæнтæ кæны, æндæр ницы». Иннæтæ загътой: «Хъæрæмæдз æддæмæ уымæн нæ уæнды, æмæ йæм Нарты цур нуазæн ничи раддзæн». Аннæтæ дзырдтой: «Хъæрæмæдз лæг к’ уаид, уæд немæ искуы симдыл ныххæцид, фæлæ чызгимæ акафын дæр йæ ныфс нæ хæссы». Æз цæм нал фæлæууыддæн, æнæуый дæр дæ кой Нарты арæх хъуыстон, æмæ йæ афарстон: «Ау, æмæ кæд сымах Хъæрæмæдзæй лæгдæртæ стут, уæд æй цæуылнæ ‘рцагурут. Фæлæ дзы кæд уæхæдæг тæрсут, мыййаг?» Амæсты мæм ысты. Мæ дæргъ æмæ мын мæ уæрх иу ыскодтой. Сау лæгау мæ сау над фæкодтой, æмæ мæ марды ‘фсон ныууагътой. Уыдон хъæды цуаны ацыдысты. Æз мæхи куы æрæмбæрстон уæд загътон: «Цæугæ кæн, мæнæйуый – æнцой дæ нал æруадздзысты Нартæ». Гъеныр-мæ сæр де уазæг. Мæгуыр лæг дæн, æмæ дыл мæхи фæдзæхсын. Кæм дын бабæззон, уым дын исты ‘ххуыс фæуыдзынæн. Уый дын мæ хабæрттæ ‘мæ мæ диссæгтæ. Уæд æй Хъæрæмæдз афарста: – Æмæ Нарты авд кæстæры кæм федтай? – Хуртулæны бын – хъæд. Уый раз – фæз, æмæ растдæр уым. – Дæ ныхæстæм гæсгæ ды стыр тыхст æмæ стыр бæллæхты бахауддæ. – Хуыцау – уæлейы, зæхх – бынæй. Тыхст та ма цы вæййы! – Уæдæ дыл æууæндын. Фæлæ-ма зæгъ: ардæм цæугæйæ искæуыл амбæлддæ, мыййаг? – Амбæлддæн хосдзаутыл, стæй хуымонтыл, стæй та цъынаамайджытыл. – Уæдæ уыдон сеппæт дæр хæринаг цæттæкæнынц, мæ уды бар кæмæ ис, æз цы саджы лæппынимæ схъомыл дæн, уымæн. Æз цæуын Нарты авд кæстæрмæ, хъуамæ цæ ‘рцахсон. Ды та мын иу хъуыддаг бакæн. – Дæ хорзæхæй! – Цъынаамайджытæм бацæудзынæ. Мæ номæй цын зæгъ: сагæн хæринаг æртæ боны æртывæр фылдæр куыд дæдтой, афтæ. – Хорз, мæ хур, хорз! – загъта Уæрхæг. – Фæлæ дæ рох ма уæд: Нарты лæппутæ уым цуан кæндзысты, æмæ дæхи хъахъхъæн. – Уый мæхæдæг зонын. Хъæрæмæдз араст и Нарты авд кæстæры агурæг. Уæрхæг цъынаамайджытæм рацæйцыд. Уæд дурасинтыл куыд æрцæйхызт, афтæ йæм бынæй иу ахæст, иу зæронд дзуры: – Байхъус-ма, нæртон лæг. Уæрхæг æм фæлæууыди ‘мæ йæ афарста: – Чи дæ уый? Цы дæ хъæуы? – Хатыр бакæн, – загъта зæронд лæг. – Ды цæмæ ‘рцыддæ, уый æз хорз æмбарын. Ды ‘рцыддæ, Хъæрæмæдзы марынмæ. Фæлæ бацу, æмæ цъынаамайджытæн з&aeli