ГУЫТЪИАТЫ ХЪАЗЫБЕГ

РАЗНЫХАС


    Ирон  ныхас, ирон дзырды хæзнадоны Æрфæныфæдæй бæрæгдæр ысты
Нарты  кадджытæ  -  ирон адæмы номхæссæны  епос  Дзыхæй  дзыхмæ,
фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты уыцы кадджытæ. Адæмы цард æмæ æнусмæйы
тохæн уыдон æвæджиауы 'вдисæн уыдысты кæддæриддæр æмæ стыр  ныфс
уагътой  адæмы  зæрдæты. Уый уымæн, æвæццæгæн,  æмæ  рагзамантæй
суанг абоныбонмæ ныллæгдæр никуы кодта се стыр аивадон хъомыс.
    Царды цы стыр цаутæ 'рцыди, цы бавзæрстой адæм хорзæй, фыдæй
-  æппæт уыцы хабæрттæ, кæм фæсномыгæй, кæм æргомæй фæкодтой  сæ
таурæгъты  Иры  куырыхон  æмæ разагъды лæгтæ:  Зыгъуытаты  куырм
Бибо,  Беджызаты Леуан, Кертыбиты Кертыби, Хъалæгаты  Иналдыхъо,
Сланты  Гаха,  Туаты  Зауырбег, Гуыриаты  Хъæвдын  æмæ  Джусойты
Кудза...
    Цард  ивгæ  цыд. Ивта адæмæн йæ зондахаст, бирæ ног  дзырдтæ
бафтыд  не  взагыл,  бирæ  дзырдтæ ферох.  Æвзаджы  гæнæнтæ  куы
уæрæхдæр кодтой, куы къуындæгдæр. Фæлæ ирон æвзаджы - æнустæм  -
налхъуытау  тæмæнтæ  калдта  нæртон зæгъгæ,  ахæм  дзырд.  Нарты
кадджытæн сæ кой дæр нæма уыд, уæдæй нырмæ йæ зонынц ирон адæм.
    Иу  нысаниуæг  ын уыди сæйраджы-сæйрагдæр уыцы дзырдæн,  æмæ
уыцы  нысаниуæг у - лæг, лæгаулæг, æхсарджын, хъæбатыр.  Нæртон,
зæгъгæ   -  уый,  йæ  кары  чи  бацыд,  æнцой  чи  нæ  зоны   йæ
цардцæрæнбонты, ахæм лæгæй фæзæгъынц, хæсты быдыры  чи  расгуыхт
æмæ  царды  стыр  быцæуты иу æмæ дыууæ хатты чи нæ  равдыста  йе
хсар, йæ лæджыхъæд... Нарт зæгъгæ, афтæ фæсномыгæй хуыдтой  ирон
адæм рагæй-æрæгмæ сæхи дæр.
    Æнус æмæ 'рдæгæй фылдæр цæуы, ирон адæм сæ фыдæлты таурæгътæ
'мæ кадджытæ 'мбырд кæнын куы байдыдтой, уæдæй нырмæ. Уыцы куыст
уæлдай  зæрдиагдæр  æмæ  æнувыддæрæй  чи  кодта,  уыдон  мысгæйæ
фыццаджыдæр зæрдыл æрбалæууы Цорæты Елдзарыхъойы ном. Стыр куыст
бакодтой  уыйфæстæ Всеволод Миллер, Санаты Дзантемыр æмæ  Гацыр,
Тугъанты  Махарбег,  Æмбалты  Цоцко,  Гарданты  Михал,  Гуыриаты
Гагуыдз,   Тыбылты   Алыксандр,   Дзагуырты   Гуыбады.    Уæлдай
ахсджиагдæр  æмæ  зынаргъдæр  та сты  ацы  хъуыддаджы  Беджызаты
Чермен æмæ Дудары фæллæйттæ.
    Бирæ  фыстæрмæг баззад Ирыстоны архивты, газетты,  чингуыты.
Ис  дзы,  бæгуыдæр, йæ аивадон хуыз æмæ апп нывыл кæмæн у,  ахæм
фыстытæ.  Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд иуыл хæрзхъæд æмæ бæллиццаг
не  сты сеппæт. Уыцы 'рмæг лæмбынæг равзарын, бабæстонкæнын  æмæ
Нарты  кадджытæй иу епикон уацмыс ыснывæндын æмæ самайын  -  уый
бирæ азты фыдæбон уыд.
    Фондз  чиныгæй цæ уадзæм ныр. Уый ног хъуыддаг у. Ног уымæн,
æмæ  ирон  епос афтæ 'ххæст, æнæхъæн æмæ иугондæй никуыма  рацыд
нырыуонг.  Ног уымæн, æмæ бынтон æндæрхуызон у й' арæзт  -  ирон
епос ам иу ыстыр нывæфтыд уацмыс у.
    Фыццаг  чиныгмæ  сæйрагдæр бацыдысты Уæллаг Нарты  кадджытæ.
Дыггаг,   æртыггаг  æмæ  цыппæрæм  чиныджы  ныхас  цæуы   фылдæр
Астæуггаг  æмæ Дæллаг Нартыл. Фæндзæм чиныджы сты,  Æртæ  Нартæн
иумæйаг чи у, уыцы кадджытæ.
    Фæндзæм  чиныджы кæрон уыдзæн ыстыр иртасæн  уац,  мифологон
нæмттæ 'мæ географион бынæтты дзырдуат.
    Рагон  ныхæстæ  'мæ  зынæмбарæн  дзырдтæ  амынд  цæуынц  алы
чиныгæн дæр йæ кæрон.
    Нарты  епос  ирон адæмæн йе стыр хæзна у, йæ цардыфыст.  Нæй
нын ницы зынаргъдæр уыцы хæзнайæ.
    
    *  *  *
    Дзырдтой  нæ  буц фыдæлтæ раджы, мæнг дуне дам  уыди  фынæй,
æмыр  æмæ  саудалынг.  Стæй арвыл фæзынди  мæйы  зынг,  стъалыты
'рттывд,  æмæ  кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд Æрфæныфæд.  Уыйфæстæ
ссыгъди  сæуæхсид,  æмæ цъæх арвыл фæзынди хуры  цалх.  Стæй  сæ
рухсы  'ндæрг  фæрдыгау цæхæртæ ауагъта,  æмæ  арвæй  фесхъиудта
зынджыстъæлфæн. Æмæ куы 'рхауди, уæд сау фæнык фестади зæххыл.
    Хуыцау ысфæлдыста  уыцы æрвон арты сыгъдонæй Нарты.
    Арвы цæссыгæй зæххыл сæвзæрди алцы 'ппæт дæр: хæхтæ 'мæ дон,
бæлас æмæ дыргъ, кæрдæг æмæ хор. Фæзындысты сырдтæ.
    Уалынджы   хуры   тæвдæй   сулæфыд  фурд,   æмæ   фæзындысты
Донбеттыртæ.
    Æмæ  цын  радта  Хуыцау  адæмæн  зонд  æмæ  тых,  амонд  æмæ
фыдбылыз.
    Хъус-ма, ног фæлтæр, æз дын ракæнон Сырдоны фæндырæй нæ
рагон фыдæлты æгъуыстаджы кадæг, æз дын фæдзурон сæ таурæгътæ.


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *