ÆМБАРЫНГÆНÆН ДЗЫРДУАТ



     А
     Адæг - зæххыкуыст кæмæй кодтой хæхбæсты, ахæм дзаума. Арæзт
у  хъæд  æмæ  уистæй. Хор-иу куы байтыдтой, уæд-иу  æй  уыйфæстæ
адæгæй  баластой.  Адæг  бамбæрзы  хоры  мыггаг,  муркæны  зæххы
къуыбæрттæ, æмæ слæгъзкæны хуымгæнд.
     Дзылæу  тулдзбæлæстæ  рацагъта  'мæ  адæг  абыдта.  Лæппуйы
адæгыл авæрдта. Хуым баластой æмбойны.
     Агъуындын - æмбæрзын. Агъуыст зæгъгæ, ахæм дзырд  дæр  цæуы
агъуындынæй. Агъуыст - уома æмбæрзт бæстыхай.
     Ахæм  хæдзармæ  бацыд, æмæ йæ бын уыд авгæй,  йæ  фæрстæ  -
æргъæу, йæ сæр та уыд сæууон ыстъалытæй агъуыст.
     Алдзæн - æмбисондæн, диссагæн, хæлæггагæн, Алдзæн-зæппадз -
уома, æмбисондæн чи баззад, ахæм зæппадз. Алдзæн-фæлм - диссаджы
фæлм. Алдзæн-фæттæ - æмбисондæн кæй хæссынц, ахæм фæттæ. Алдзæн-
дæсны  -  стыр  дæсны, æмбал кæмæн нæй, ахæм.  Фидыды  алдзæн  -
фидыды 'фсонæй, фидыды нысанæн.
     Нарты   Борæмæ  фæцæуон  фидыды  алдзæн,  стæй   йæ   хинæй
ныммардзынæн.
     Азасыф  -  таурæгътæм  гæсгæ - мæрдтыбæсты  чи  зайы,  ахæм
зайæгой-сыф.  Уыцы  сыф уæлæуыл дæр зайы,  фæлæ  'рмæст  цыртыты
рæбын зæгъгæ дзурынц таурæгъгæнджытæй иутæ.
     Алфæн  -  дзырды фидарæн, сæраппонд, сæрыл, номыл,  тыххæй.
Фидыды алфæн - фидыды уохыл.
     Æз ардæм æрвыст дæн Нарт æмæ Чынты номæй. Загъд-заманамæ не
рцыддæн, фæлæ фидыды алфæн дæн.
     Аргъуцкæнын  -  æфсæрмыкæнын,  лæгæн  аргъкæнын,  кадкæнын,
нымайын. Аргъуц - æфсарм.
     Мах  нæртон  адæм  уæд уыдыстæм, æмæ нæ дзыллæ  аргъуц  куы
кодтой.
     Арт  -  ам - схондур, зныгъ æмæ зынгцæгъдæн иумæ. Артгæнæн,
зынггæнæн, зынгхос.
     Арт дæр ын нæй æмæ фæнык дæр - афтæ фæзæгъынц, йæ цæсгом чи
бахордта, æфсармыхъæстæ кæмæ нæй, ахæм адæймагæй.
     Арт æмæ фæнык Уæдæрæгæн нал уыд.
     Арыхъæхсад   -   арыхъсапонæй  æхсад,  уома  -   хæрзæхсад.
Арыхъсапон  зæгъгæ таурæгътæм гæсгæ, хуыдтой фынк чи кæны,  ахæм
цъæх  æлыг. Арыхъсапонæй адæм надтой сæхи дæр, æхсадтой  дзы  сæ
дзаума, сæ дарæс.
     Аххæрæг  - царыл цæхгæрмæ цы хъæд æвæрд вæййы, уый, иннæтæй
ыставддæр.
     Кард уыди аххæрæгмæ рæхыстæй баст.
     Асгæл - алгъац, хæцæнджын тебæ.
     Ацц - хъæддаг бабыз.
     
     Æ
     Æвдадзы   суадон  -  таурæгътæм  гæсгæ  -  алы  низтæй   чи
дзæбæхкæны, суанг ма мæрдтæй дæр чи здахы, ахæм суадон: удыхос.
     Æвддаг  - авд уæладзыджы кæмæн ис, ахæм мæсыг, кæнæ  гæнах,
авд æддæгуæлæйы.
     Æвзин - æвзистæй арæзт рон.
     Æвицог  ран  -  цæуæг  кæм нæй, ахæм  ран,  æнæхæрд  бæстæ,
æдзæрæг быдыр.
     Æгæндæг  хъæд  -  æвнæлд кæмæ нæма уыд,  бæлæстæ  арæх  æмæ
ставдæй   кæм   зайынц,  ахæм  хъæд,  саухъæд,   æмæхгæд   хъæд;
дзуарыхъæд.
     Хъæд  та  ахæм уыд, æмæ дзы калмæн абырæн нæ уыди,  маргъæн
атæхæн - æгæндæг хъæд.
     Æгъуыстаг   -  адæм  кæй  нæма  фехъуыстой,  ахæм   диссаг,
æмбисонды хабар.
     Хъус-ма,  ног  фæлтæр, æз дын ракæнон Сырдоны  фæндырæй  нæ
рагон фыдæлты æгъуыстаджы кадæг...
     Æдзæлы  нозт - донбеттырты поэт, адæймагæн цæлы  фынгыл  йе
фсис чи сæфта 'мæ йæ æвронг чи кодта, ахæм нозт.
     Æдзæнкард - хуымæтæджы кард.
     Æзнæм - цалдæр мыггаджы иумæ.
     Æлгъæнцъ - таурæгътæм гæсгæ - рæхойгæ дæр æмæ кæрдгæ дæр чи
кодта йæхи 'гъдауæй, ахæм арц, сæрдасæнгонд.
     Æлдзæн - хæлæг.
     Мæ цардмæ мын алчи æлдзæнтæ кæны. Кæс: алдзæн.
     Æлутон - ам - нозтæн дæр æмæ хæрдæн дæр ахъаз чи уыд,  ахæм
бæгæны. Иуæй-иу таурæгъгæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй та  æлутон
хоры  мыггаг  у,  æлгъæды хос. Æмбисонд-иу фесты  зæгъгæ  баззад
ныхас, æлутоны цур цы хоры хуымтæ зади, уыдон. Хорыкæрдзынæн дам
уæд, фыдæлты дуджы, лæг йæ цыппæрæм хай дæр нæ фæрæзта бахæрын.
     Æмбонд  -  гæрæн, сисамад. Вæййы кауæй гæрæн, фæйнæгæй  æмæ
дурæй гæрæн дæр.
     Æммид - уайтагъд иумæ, æвиппайды иумæ.
     Дæлимонтæ дын æммид æрбатар ысты.
     Æммыст  -  тæхуды, адæймаджы стыр бæллиц  чи  'вдисы,  ахæм
ныхас.
     Æммыст, æмæ фынæй уæйыджы æртæ хъуыны мæхимæ к' уаиккой!
     Æмыджыр - лæгæн цалдæр усы куы вæййы, уæд уыцы устытæй иу.
     Æнæзгъæ  - зæгъæн дæр кæмæн нæй, ахæм. Менæзгъæ хо -  уома,
йæ ном ысдзурын дæр кæмæн нæ уæндын, исты йыл куы 'рцæуа зæгъгæ,
уый тæссæй, æрхъæцмæ кæуыл нæ хъæцын, уыцы хо.
     Æнæномы сабат - уома никуы, никæд.
     Уæд хæйрæг нымайы, нымайы, æмæ æнæномы сабат нæй æмæ нæй.
     Æнæномы  сабат  ма-иу хуыдтой, хæзгул чи  нæ  дардта,  ахæм
сылгоймаджы.
     Æрæф - ставд æндзалм.
     Æууæнчыцъынды - æвдисæныцъынды.
     Мæнæ мын æууæнчыцъындыйæн йæ худ радта.
     Æрвадæг - æрвон адæг.
     Райсомы  Сослан  хъæдмæ  ауади 'мæ дыууæ  хъуазы  рацахста.
Æрвадæгыл цæ абаста.
     Æрвгæнæн  - рагон ирон хъæдын гуыдыр. Таурæгъгæнджытæ  куыд
дзурынц,  афтæмæй  йын, йæ сусæг чи нæ зыдта, уымæн  бакæнын  нæ
куымдта.
     Уырызмæг  ныггæнд-къæбицмæ ныццыди, федта дуар  -  æмæ  йыл
æрвгæнæн, æрмæрины йас.
     Æрвдур  -  арвæй  цы  дур æрхауы, ахæм.  Йæ  фылдæр  хай  у
æфсæйнаг.  Уыцы 'фсæйнаг ызгæ нæ кæны зæгъгæ дзурынц.  Нæ  рагон
фыдæлтæ дыз алы хæцæнгарз арæзтой. Иронау ма йын ис æндæр нæмттæ
дæр: æрвызгъæр, æрвнæмыг.
     Æрвнæрæг - цуаноны топп.
     Æргъонахъ - цуанон-куыдз.
     Лæппу  дæр  дыууæ сызгъæрин хъулты 'рцъыкласта,  æмæ  дыууæ
къуыдыркуыдзы æмæ дыууæ æргъонахъы агæпласта уыцы хъултæй.
     Æрдамонгæ - Нарты цæджджинаг.
     Æрдамонгæ  хæдзар - Нарты иумæйаг хæдзар, аст фисыны  кæмæн
уыд, сæ уынаффæ 'мæ-иу сæ фæндтæ кæм кодтой, уыцы хæдзар. Нартæн
сæ  уынаффæ  Дæллаг  Нартæм уыд, уыцы  хæдзар  ма  Алæгаты  стыр
хæдзар, Нарты стыр чъырынхæдзар дæр хуыдтой. Уым, Дæллаг  Нарты,
уыд  сæ  ныхас дæр. Алæгатæ кæм цардысты, уыцы хъæуæн ма Фæснарт
хусдзæгат зæгъгæ, æндæр ахæм ном дæр уыд.
     Æрдзæ  -  мин, рагон ирон нымадæй. Æрдзæсæдæ минтæ  -  уома
æнæнымæц бирæ.
     Афтæмæй   минтæ,  æрдзæсæдæ  минтæ,  æрымбырдкодтой   æфсад
дæлимонтæ.
     Æрдынæг - арвæрдын.
     Фæттæ хурыл сæмбæлдысты, æмæ хур æрдынæг æркодта зæппадзыл.
     Æрдыстон  -  æрдыныстон; æрдын, æрдынбос  æмæ-иу  фæттæ  цы
цæрмын агъуды æвæрд уыдысты, уый.
     Æргъæу - зынаргъ дур, налхъуыт-налмас.
     Æрмицауæй - уома куырмæджы, армæй агургæйæ.
     Æрттигъ - фаты фындз, æртæ тигъы кæмæн уыд, ахæм.
     Æртхос - æрцъыккысхон æмæ зныгъ иумæ.
     Æруæз - сагты дзуг, сагты рæгъау.
     Сагтæ æруæзтæй хызтысты.
     Æрфæн - æрвон, таурæгътæм гæсгæ - æрвон бæхты мыггаг.
     Æрфæныфæд  -  таурæгътæм гæсгæ - æрвон бæхы  фæд;  стъалыты
лæзгъæр арвыл.
     Æссæкæнын - рухскæнын.
     Бон æссæкодта, афтæ райгуырд Сæуæссæ, уома - сæумæрайсом.
     Æстæмæй астмæ - уома, къуырийы 'мгъуыдмæ.
     Æфсадхъом  - йæ кармæ гæсгæ, йæ бон хæцын кæмæн  уыд,  ахæм
фæсивæд.
     Нартæ  нæ  цæрын нæ уадзынц, нæ фылдæр фæцагъды, æмæ  дæуæй
хъуамæ 'фсадхъом акæнæм.
     Æфтæуцæг  - Нарт-иу бахъуыды сахатмæ сæ хотых, сæ хæцæнгарз
кæм дардтой, уыцы бынат.
     Æхсар  æмæ  Æхсæртæг  æфтæуцæгмæ бацыдысты  'мæ  равзæрстой
хотыхтæ сæхицæн.
     Нарты  хæцæнгарз цы хæдзары 'фснайд уыдысты, уымæн ма  уыди
æндæр ном дæр: æфтауцдон.
     Æхсæн - гал.
     Æхсæвæрæг  -  хæрынæн чи бæззы, ахæм кæрдæджы мыггаг,  тынг
æхсырджын.
     Æхсæрдзæлдзæг - æхсæры къох.
     Æхсинæг  -  хъæддаг бæлон. Цæры хæхбæсты, й' ахстæттæ  кæны
мæсгуыты 'мæ къæдзæх-бæрзæндты.
     Æхснарцъы - къутæрбæлас, кæнынц дзы йæхсыхъæдтæ.
     Æхсниуæн - чысыл амайæн фæрæт.
     Æхст - иу æхстæн цы топпыхос хъæуы, уый.
     Æхсын - ифтындзинаг уæныг.
     Æхсырфæмбал - кусарты хуылфыдзауматæй конд æмæ  тæнæг  фиуы
тыхт физонæг. Æхсырфæмбалæн ма ис æндæр ном дæр: æхсæмбал.
     Æхсырфæфтауæн - бæрæгбон, кæнынц æй, хор куы 'ркæрдынц  æмæ
йæ куы бафснайынц, уæд уыйфæстæ.
     Æхцин  -  хæбизджын, уæливых - уома, къæйылфых,  фæнычы  нæ
фæлæ.
     
     Б
     Бардз - адæмы къорд, адæмы 'мбырд, тыгуыр.
     Лæгæты кæрон адæмы бардз фынæйкодтой тæккæ фæндаджы был.
     Барз - рагон ирон дзырд, амоны: уæлвæз.
     Бæндæнæлвæстытæй  хъазт - нæртон хъазт, лæгты  хъазт.  Уыцы
хъазт ныр дæр ма фæкæнынц хæхбæсты.
     Бæрцбæрц  - банымайæн кæмæн нæй, ахæм бирæ, æнæнымæц  бирæ.
Уæрхæг цыл ысхæцыд, фæлæ бæрцбæрцыл кæм фæтых уыдаид.
     Бæх - даргъ хъил.
     Беркæф  -  денджызы  чи  цæры, ахæм  ыстыр  кæф.  Беркæф  -
таурæгътæм гæсгæ - йæ лæппынты цасдæр рæстæг æхсырæй фæхæссы.
     Батырадзмæ йæ мадырвадтæлтæ беркефтæ 'рбакодтой.
     Бецау  -  рагон  ирон дзырд, мæгуырæг зæгъгæ,  ахæм  дзырды
синоним; æнамонд, тæригъæддаг.
     Бузнаг - хъæддаг хуы.
     Кæрæдзиуыл  цæ 'рцъыкласта дыууæ хъулы, æмæ цæ  иу  дынджыр
бузнаг алиуырдта.
     Бурæмæдз - ныхасæн, æндадзæн, сасм.
     Мæ  бæхы  авд  хатты  стулынкодтон  ызмисы,  бурæмæдзæй  йæ
байсæрстон.
     Бурæнæлфыс - йæ фæсхъустæ бур кæмæн ысты (бурæнæлфыс дæр æй
уымæн  хонынц), кусартæн-иу буцдæрæн кæй æвзæрстой, ахæм нæлфыс.
Куы  йæ  сфыцынц, уæд йæ фыд ыснæрсы, æмæ йæ бæркад бирæ  у,  йæ
дзидза - хæрзад æмæ ахадæн.
     Быгъдуан - æвджид, бæрн.
     Нартæн быгъдуаны хъомгæс хъуыд, æмæ та Сосланы хал ысхаудта
фос фæхизын.
     Бынвæндаг - зæххы бынты фæндаг.
     Бырц - хохы цыргъ, айнæджы тигъ.
     Хæхты  бырцытæй ивазныдæргъæн къæйтæ 'фтыдтой  æмæ  цагътой
æфсæдты.
     
     Г
     Галгæф - денджызы чи цæры, ахæм ыстыр кæф.
     Араст  и Хæмыц Донбеттыртæм, бахæддзæ, кæсы æмæ доныбыл  сæ
фæллад уадзынц цалдæр галгæфы.
     Галуан - фидæрттæгонд гæнах, йæ систы топпуадзæнтæ арæзт.
     Гæбæт - чысыл лалым.
     Гæбына - мит, тæнæг æмбæрзт куы ракæны, уæд уый; халас.
     Гæлхур - æгуыдзæг, æнæсæрæн æмæ тæппуд.
     Гæрæ  - гæдывад æмæ мæнгард, сылгоймæгты фæдыл чи зилы  'мæ
цæ чи сайы, ахæм лæг.
     Глази - æрттиваг зæлдаг хъуымац, зынаргъ æндæхтæй уæфт.
     Гоцъоби - чысыл дурын.
     Гуз - æнгузы цъар, цъæх ма куы вæййы, уæд.
     Мæнæ  гуз  батайынкæн доны. Стæй дзы дæхи  ныннай,  æмæ  дæ
буарыл сау цъар рауайдзæни.
     
     Д
     Дагъ - хохы цъасс.
     Дарæнгъæу  -  æфсæддон  адæм-иу сæ  фæллад  ысуадзынмæ  кæм
æрынцадысты, сæхъхъис халагъудтæ-иу кæм равæрдтой, ахæм ран.
     Дæлæндыгон  -  хæххон хæдзары-иу, æндыджы бын,  рæхыстæ  цы
хъæдыл ауыгъд уыдысты, уый.
     Дæркъ - афонæй раздæр цы хъуг (сæгъ, фыс) ныззайы, уый.
     Гуыбын дæргъыл дæр нæ зыны, фæлæ æнæнхъæлæджы ныззайы.
     Дондзых  -  нуазыны  дон кæцæй истой,  уыцы  ран;  донисæн,
донгуырæн.
     Дудæгвад - ам - хæлиувад.
     Сослан дудæгвад уыд.
     
     Дз
     Дзагдар - уырдыгыстæг.
     Дзамбасбæх - йæ син кæмæн фелвæсы, ахæм бæх; къуылых бæх.
     Дзахана - ирон аргъæуттæ 'мæ кадджыты - зындон.
     Дзуарка-цæу - йæ сыкъатæ дзуарæвæрд кæмæн ысты,  ахæм  цæу;
дзуджы раздзог.
     Дзуарка-цæуы фæстæ цы хай фæцæуы дзугæй, уый радтут Нартæн.
     Дзындзæрду - ногдзыд хъуын, мыстхъуын.
     Денджызмæ йæ баласта бæхы, æмæ йæ афтæ цынадта, æмæ йын  йæ
дзындзæрду ысзынынкодта.
     
     З
     Залдзæг - цæгтæй арæзт æфсæн хæдон.
     Залтымит  -  тайгæ  чи нæ кæны, ахæм мит. Таурæгътæм  гæсгæ
залтымит ыстыр тъыфылтæй уары, æмæ уалдзæг куы 'рбалæууы, уæддæр
нал фæтайы.
     Æнусыцъитийæ залтымит фæфылдæр.
     Згъæруат  -  арвæй цы згъæрдур хауди, уыдон кæм  æфснайдтой
æмæ 'фсæн хæцæнгарз кæм дардтой, ахæм ыстыр къæбиц-æфтауцдон.
     Æхсар æмæ Æхсæртæг Быценæгты згъæруатмæ бацыдысты.
     Зиллон - æвдузæн
     Æз  зынг фестдзынæн, æмæ зиллæттыл атулдзынæн, ысфæлмæн  цæ
кæндзынæн.
     Змур - хылкъахæг, сонтмæстыгæр æмæ зæгъдаргом.
     Зныгъæг  -  фæттæ  иугæндзон  тæвдæй  кæм  фæлæууынц,  ахæм
фатдон.
     Зыбыттаг - зыбытыиунæг, хæрзиунæг, бынтыбыны иунæг.
     Уæд  иу  зæронд, зыбыттаг зæронд, размæ рацыд, дзуры Уæрхæг
æмæ Уæрхтæнæгмæ...
     
     И
     Изæры бон - зæронды бон
     Цалынмæ хур адæмы тава... уæдмæ цæрæд æгъдауджынæй йæ изæры
бонмæ.
     Иннабонæй-иннабонмæ - уома къуырийы бонмæ.
     Искæйон - цагъайраг.
     Гуымиртæн æмæ уæйгуытæн Нарты чындзытæ искæйонтæ сысты.
     Ифтыгъдтытæ - цуанæтты 'взагыл - ифтыгъд хæцæнгарз, фат æмæ
'рдын.
     
     Й
     Йемылæг - усгуры кары чи ис, ахæм лæппу-лæг.
     Йемылыкк - фыдздзаг хатт саргъ кæуыл сæвæрынц, ахæм байраг;
байраг-бæх.
     
     К
     Кайын - ныхилын, æвналын, æвастæй райсын.
     Мæ уыгæрдæн мын кайыс.
     Кæубыл  фæци  -  уома йæ скæуынмæ бирæ  нал  хъуыд.  Кæубыл
зæгъгæ фæзæгъынц, йæ кæуын йæ былалгъыл чи дары, ахæм адæймагæй.
     Уæнгхор  кæй хуыдтой, уый йæ цæссыгтæ 'руагъта,  Æрмхор  та
кæубыл фæци.
     Камари,  камарирон - сылгоймæгтæ кæй дардтой,  ахæм  æвзист
рон, сызгъæрин доны тылд.
     Кæраз  -  цыппар рон цæджындзыл арæзт тапка, йæ  сæр  вæййы
кауæй кæнæ фæйнæджытæй æмбæрзт. Мæнгагъуыст дæр ма йæ хонынц.
     Кæразимаг  -  афтæ  хуыйнынц  кусарты  цалдæр  фæрсчы   'мæ
риуыстæг иумæ.
     Кусарты кæразимаг фæрсчытæй дын физонæг.
     Куыдвæд кæны - уома йæ кæуынæй не нцайы.
     Æз агурын авд æфсымæры. Сæ мад уæлæуыл куыдвæд кæны, æмæ йæ
тæригъæдæй дуртæ скъуыйынц.
     Куыр - æнæхост уæныг, æнæрдызт, æнæдзæбæхгонд богъа.
     Нартæ  куыры  рауагътой, уый сызнæт  и  æмæ  Батырадз  йемæ
сыкъайæ <уома йæ сæрæй> схæцыди, балхъывта йæ сисрæбынмæ.
     Куырдадзы арынг - куырд-иу кусгæ-кусын дон кæм дардта, ахæм
арынг.
     Йæ  мæлæт у афтæ: æртæ фаты сараз, куырдадзы арынг  райсомы
æртæхæй байдзагкæн.
     Куырдадзы къуз - куырдадзы куынцгом.
     Куырдалæгон  райсомы  æрцыты  цъæлтæ,  хæцæнгæрзты   цъæлтæ
амбырдкодта 'мæ цæ куырдадзы къузы бакалдта.
     Куырсаг - æнæрдызт саг.
     Куырыс  -  ирон таурæгътæ 'мæ æмбисæндтæм гæсгæ - цавæрдæр,
зонгæ дæр æй ничи кæны, ахæм æнахуыр бæстæ. Ногбон æхсæв дам алы
хин   æмæ  кæлæнгæнæг  куырысдзау  фæцæуынц  уыцы  бæстæм.   Æмæ
'рхæссынц уырдыгæй адæмæн афæдзваг хорз æмæ фыд.
     Куырысмæдзог, куырысдзау - хæйрæг, кæлæнгæнæг. Сом  цы  фыд
æмæ  цы  хæрзтæ  бавзардзысты  адæм,  куыд  аивдзæн  æрдз,  куыд
æрзайдзысты  фидæнмæ  хортæ - æппæт уыдон рагагъоммæ  чи  зыдта,
ахæм.
     Курдæвиц цын ныккодта - уома цæ ныццагъта, бындзагъд.
     Курдиат  - адæймаг æрдзæй кæй рахæссы, ахæм ыстыр  миниуæг,
фарн. Нартæм Хуыцауæй курдиат уыди, фæзæгъынц, уома-иу, Хуыцауæй
цы куырдтой, уый цын-иу радта.
     
     Къ
     Къалабæлас - æдкъалиутæ бæлас.
     Урссæр гуымир авнæлдта 'мæ къалабæлас æд уидæгтæ срæмыгъта.
     Къахнайкодтой, уома найкодтой сæ къæхтæй.
     Мусы Сæкæфæджы æртæ фырты къахнайкодтой.
     Къахындзæг - афтæ фæзæгъынц бæх, кæнæ саг, кæнæ æндæр  исты
фос йæ къæхтæй радыгай зæхмæ куы февналы, уæд уымæй.
     Уагуадзæн  афон  саг  араст и, æмæ иу къæйыл  ыслæууыд  æмæ
къахындзæг райдыдта йæ сæфтджытæй.
     Къæбæлтæйхъазт  - ацы хъазт ныр дæр ма кæнынц  хохы.  Дыууæ
лæджы  сбадынц  зæххыл,  сæ  къæхтæ кæрæдзимæ  сбыцæукæнынц  æмæ
къæбæлыл алчи йæхирдæм ахæцы. Зæххæй чи расты, уый фембылд.
     Ноджы  ма  цæм  уыди  æндæрхуызон хъæзтытæ  дæр:  уæхсчытæй
быцæухæст, къæбæлтæйхъазт, армæйхæст, дурæппарын.
     Къæзмыс - рагзаманты-иу топхос кæм дардтой, ахæм дзаума.
     Къæйтæн - бæхы гуыбын куы сриссы, æмæ тæнæг ку' ацæуы,  уæд
уый.
     Уæд  бæхы гуыбын ысгуыргуыр кодта, æмæ фæкъæйтæн. Айдзæгъта
йæ къæйтæн. Уырызмæджы урс куырæт къæйтæнæй нал зынд.
     Къæмбыр - айнæджы тигъ.
     Къобола  - цæвæнгарз; тымбылгонд сæр кæмæн ис, ахæм  ыставд
лæдзæг.
     Къулбадæг - ам - фæныкгуыз, хæдзарæй æддæмæ ракæсын  чи  нæ
уæнды, ахæм лæппуйæ.
     Къусбын  -  кæрдæджы мыггаг, маргхъæстæ. Зайы фæндаггæрæтты
'мæ  быдырты. Лæг дзы сæрзилæджджын-æмæ дзæгъæлтæ кæны - хæрынæн
нæ бæззы.
     Нуазынц,  æмæ  æртæ  'фсымæры  расыг  байдыдтой,  стæй  цын
къусбыны  хус сусæгæй сæ нуазæнты ныккодта Сослан,  æмæ  цын  æй
бадардта. Сæрра сты æфсымæртæ 'ртæйæ дæр.
     Къусæг - й' арæзт къусы хуызæн кæмæн у, ахæм ыстыр дур,  йæ
бын  мидæгæй дзыхъхъытæгонд. Зынг-иу авæрдтой уыцы дурыл, æмæ-иу
афтæмæй хордтой ард рагзаман зæронд Ирыстоны.
     Къухдзæг  -  найгæнгæйæ  мусы къæбæлыл  цыбырбаст  цы  стур
вæййы, уый.
     Къухдзæджы баст дын ныккæндзынæн.
     Къуымыхцы - чысыл цыхт.
     
     Л
     Лæгдон  -  ам - уазæгдон, уазджыты уат. Лæгдонмæ  ахизут  -
уома уазджыты уатмæ ахизут.
     Лæгæгъдæг  -  рагон ирон хæдзары - лæгты фарс. Ирон  хæдзар
лæгты фарс æмæ устыты фарсыл дихкодта.
     -   Лæм  -  цъыфдзаст  ран,  цъæх-хъуына  чи  сæвæры,   æмæ
хъамылгæрдæг арæхæй кæм зайы, ахæм ран.
     Ракасти Сослан, æмæ й' астæумæ лæмы лæууы, йæ разы тæвдæй -
хъæбысыдзаг тымбыл дур.
     
     М
     Мæрдæвдадз - тæфæрфæс, мæрдæгъдау.
     Цаппары   дыууæ  кæстæр  фырты  Нарты  Сыбæлцимæ   сæ   тых
æвзæрстой,  æмæ  сæ сæртæ бахордтой, æмæ мах ныр  уыдонмæ  цæуæм
мæрдæвдадзы.
     Мæрдзытæф - мæрдон тæф.
     Уым  федтой хистæр гуымиры мард. Мард сау-сауидæй зынди 'мæ
мæрдзытæф калдта.
     Мæрдзырухс - мæнгрухс.
     Дæлимонтæ барæй сæ мæрдзырухс ахуыссынкодтой, æмæ цæ  Нартæ
нал уыдтой.
     Мæсгæн  - мæсыджы бын цы уæрм вæййы, уый; арф уæрм,  къахт,
хъоргъ.
     Ныффæлдæхтой   мæсгæныл  къæй,  æмæ   та   талынг   мæсгæны
баззадысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг.
     Мæсæлæйкæнын - тæфæрфæскæнын.
     Фæлæ уæддæр Сатанамæ бацæуон мæссæлæйкæнынмæ.
     Мæстæлгъæд - æгæр маст, æгæр зæрдæрыст.
     Маргъуыз æрвылбон цыди уæзæгмæ. Фæсагъæс-иу кодта, стæй та-
иу мæстæлгъæдæй ныххауди йæ хуыссæны.
     Мæстхæл - тыхджын маст, ыстыр азар.
     Тынг мæстхæл байдыдта мæликк, æмæ дзуры Батырадзмæ...
     Мæсыги-мæсыг - уома иу мæсыгæй иннæ мæсыгмæ.
     Ацæут,  æмæ  цæ  мæсыги-мæсыг ратæрбатæр фæкæнут,  стæй  цæ
фæстæмæ æрыздахут, æмæ цæ Сосланы зачъеты куыд амарат.
     Мæсыджы тара - чысыл тыргъгонд мæсыгæй ракæсæны.
     Мигæнæн  -  ам,  фæсномыгæй - хъримаг топп, хъусхос-иу  кæм
ныннадтой ифтындзгæйæ, ахæм хæцæнгарз.
     Милмæ æхст - нысанмæ æхст.
     Мустучъи - тымбылкъух
     Ахæм тыхгæнæг æрцæуы; й' ас - мустучъийы йас, йæ тых - арвы
цæхæр.
     Мыдзыра - хæцæнгарз, кард æмæ джебогъ иумæ.
     Мыцъæ - алы 'рттывд чи кæны, ахæм æхсондуры мыггаг; зынаргъ
дур.
     
     Н
     Нагъы арынг - зæрæдты найынæн-иу кæй дардтой фыдæлты заман,
ахæм сæрмагонд бæлæгъ.
     Нахæтбос  -  саргъыгоппыл  фæстæрдыгæй  цы  гæрз  фидаргонд
вæййы, уый - барæджы нымæт кæнæ 'ндæр исты дзаума абæттынæн.
     Хæмыц  ницы зыдта Уырызмæджы хинæн, æмæ рифтæгтæ йæ  фæсарц
нахæтбосыл абаста.
     Нæрæмон  -  æнцой  чи нæ зоны, басæттæн  кæмæн  нæй,  чысыл
мастæн  дæр  чи  нæ быхсы, ахæм лæг; ныфсджын, æхсарджын.  Нарты
гуыппырсартæй афтæ хуыдтой фыдздзаджы-фыдздзагдæр  Борæйы,  стæй
Сосланы дæр уыйфæстæ.
     Нæхстæрон - балцыты чи хæты, ахæм лæг, бæлццон лæг.
     Ныв - ам - æндæрг.
     Цæуынц, фæлæ нал уынынц зæронд лæгæн йæ ныв дæр.
     Ныхвæр - къухдарæн-цæг.
     Сгуы   йæм  авæрдтой.  Уæрхæг  ысгуыйы  кæроныл  йæ  ныхвæр
асагъта, æмæ йæ уыцы иу зыввытт фæласта.
     Нымдгæнгæ - æфсæрмытæгæнгæ.
     Араст и ныхасы астæуты нымдгæнгæ.
     
     Р
     Разагъдылæг   -   йæ  хорзы  кой  дардыл  кæмæн   айхъуыст,
æмбисондæн чи баззад, ахæм лæг; куырыхон, дзырддзæугæ.
     Рæхст - дæсны.
     Ронг   -  нæртон  нозт,  йеууæй  кæй  кодтой,  ахæм;  карз,
мыдæмхæддзæ.
     Рынгæхсад - хæрзæхсад.
     
     С
     Сагъадахъ - фатæй æхсынæн цыдæриддæр хъæуы - фатæй, æрдынæй
- уыдон сеппæт дæр иумæ, иу агъуды æвæрдæй.
     Садвæн-зæппадз   -  хæсты  чи  фæмард,  æмæ-иу   иумæ   кæй
бавæрдтой, уыдоны зæппадз.
     Сартæнзæт - хъуазтæм сидæн уадындз.
     Систа йæ сартæнзæт Хæмыц, æмæ дзы ныууасыди.
     Сарыхъæрзæн   -  таурæгътæм  гæсгæ  -  дæлимонты   зындонмæ
бахизæн.
     Саси - фосы низ, арæхдæр дзы рынчынкæнынц лыстæг фос.
     Уæд саг суадонмæ азгъордта. Уæрхæг йæ размæфæци 'мæ суадоны
саси акодта. Банызта дзы саг æмæ хуыфын райдыдта.
     Саубарæг - давджытæ 'мæ æвзæргæнджыты бардуаг. Йæ бынат  ын
таурæгъгæнæг амоны Уæлладжыры, Бызыхъæуы уæле иу бæрзонд къæдзæх
и, æмæ уым, лæгæты.
     Саууæфт - сау тын.
     Сатана  саууæфт байтыдта мæсыгыл, æмæ йæхи æвдисгæ дæр  нал
кодта адæммæ.
     Сæдгæрсыф  -  таурæгътæм гæсгæ - цавæрдæр кæрдæджы  мыггаг,
æвдадзыхос чи у, ахæм.
     Сæдгæрсыф рафыцын хъæуы доны, æмæ дзы куыддæр, чи  бакуырм,
ахæм лæг йæхи æрыхса, афтæ ракæсдзæн йæ цæстытæй.
     Сæйраг - хæххон хæдзары цары цы рудзынг вæййы, уый.
     Сæмпæрчъитæ  - фырзæрондæй чи ныххæррæгъ, æмæ скæнынмæ  дæр
чи нал бæззы, ахæм æрчъитæ.
     Цы    загътаид   Сослан?   Скодта   йæ   сæмпæрчъитæ,    йе
скъуыдтæдарæс,  æркодта  йæ фæлдæхтхуд йæ  хъоппæгцæстытыл,  æмæ
ратардта Нарты фос.
     Сæргъуын - кæнгæдзыггутæ, сæрыхил.
     Сæргъуын ыл æркодтой.
     Сæрзæнт - æфсæн худ, така.
     Зæрисæры   чызгæн  йæ  сæрзæнт  æрхауди,  æмæ  йæ  дзыггутæ
'ркалдысты.
     Сæрыл - æхсидын.
     Сенкард  - уæззау æхсаргард, иу къухæй сисæн кæмæн нæй  æмæ
дыууæ къухæй архайын кæмæй хъæуы, ахæм.
     Сера - царвцæгъдгæйæ гарзы сæрыл цы хæлын баст вæййы, уый.
     Нарты  Хуро базæронд и. Фесты йæ царды райдзаст бонтæ.  Æмæ
'руайын райдыдта ныр хус серайы хуызæн.
     Сетæнвадæн - таурæгъмæ гæсгæ - Донбеттырты науы рахизæн, йæ
раззаг хай.
     Сехыгопп - Сехыхохæн йæ сæр, йæ цъупп.
     Сехыгоппыл хаугæ фæцу.
     Сисдзæф - сискъулы цы хуынкъ вæййы, уый - фатæй кæнæ топпæй
æхсынæн.
     Сидæнхъæз - сагтæм сидæн хъæзæйконд уадындз.
     Старц - æфсæн лæдзæг, арц.
     Стуан - стауæн; чысыл фыййаггонд, амæнтæн, ызмæнтæн.
     Суанг - нарæг рагъ.
     Лæппу  иу  суангыл  ысуайы, иннæйыл дæлæмæ  'руайы,  халоны
цъæхахст, уарийы 'хситт ыскæны.
     Султæрхæг - таурæгъмæ гæсгæ - й' алыварс арт кæмæн фæсудзы,
æмæ æддагон искæмæн бацæуæн кæмæ нæй, ахæм тæрхæг дæлдзæхы.
     Султъы - хусгонд æмæ фæздæгдзыд æрчъиаджы даргъ уадздзаг.
     Суанцъæт  -  хæдзары  дзаума, аг æвæрд  кæуыл  вæййы,  ахæм
æфсæйнаг тæлы. Суанцъæт лæууы æртæ къахыл.
     Суанцъæтыл аг авæрдтой, арт ыскодтой æмæ тæрхъусы æнæхъæнæй
ныппæрстой аджы.
     Схондур  -  æхсондур, тынг фидар æмæ хъæбæр дур. Æфсæйнаджы
гæбазæй йæ куы 'рцæвай, уæд йæ цæхæр акæлы. Арт æмæ-иу дзы  зынг
æппæрстой ахæм дурæй.
     Схъæр - кæрц.
     Сылæгъдæг - афтæ хуынди устыты фарс рагон ирон хæдзары.
     Сылæг мигъ - тæнæг мигъ.
     Сылыстæг  -  уома  сылгоймаг-адæм. Нарты сылыстæг  -  Нарты
сылгоймæгтæ сеппæт иумæ - усæй, чындзæй чызгæй.
     
     Т
     Тæгъдызæй - тыхджын къæвда, æрæгмæ чи банцайы, ахæм.
     Тæзгъылкъæвда - тыхджын уарын, æнæ их æмæ æнæ мит.
     Нартыл тæзгъыкъæвда рацыд, æмæ лæсæнтæ кодта бæстæ.
     Тæзгъыдон  -  уарыны дон; ыстыр къæвдайы фæстæ  æрхыты  'мæ
лæнчыты чи раивылы, ахæм дон.
     Нарты  сæр Уырызмæг уыди. Ныр æнæ Уырызмæг Нартыл тæзгъыдон
цæуы. Æмæ Нарты куы хæрдмæ ласы, куы - уырдыгмæ.
     Тыртына - æхсæрæг, цъил.
     Маргъуыдзмæ  уыди тыртына, й' алы хъуын дæр æрттивгæ  кæмæн
кодта.
     Тæрхъусырын - низы хатт. Зæрдæхъæрмттæ 'мæ дзы суртæ  кæнын
райдайы - таурæгътæм гæсгæ - уыцы низæй чи фæрынчынвæййы, уый.
     
     У
     Уагуадзæн  афон  -  фæлладуадзæн рæстæг райсомæй,  бонрæфты
кæнæ изæрырдæм.
     Цæуы Æвдзæрæн. Уагуадзæн афон æрбахæддзæ 'мæ дзуры...
     Уадæхсин - уад æмæ тымыгъты бардуаг.
     Уадид - уайтагъд, æвиппайды.
     Чызг аскъæфта рæхыс йемæ, æмæ сæхимæ ныххæддзæ уадид.
     Уадымс - рог, фæлмæн дымгæ.
     Уазисæн  - уазджытæ-иу фысыммæ кæм æрхызтысты, уыцы хæдзар,
кæнæ уат, кæнæ хицæн хатæн.
     Уазæджы  ныхæстыл  ма дар, фæлæ йæ уазисæнмæ  акæн  æмæ  иу
комдзаг уæддæр ыскæна.
     Уацамонгæ  (Нартамонгæ, Амонгæ) - раст  æмæ  хæрам  æвзарæн
ыстыр  куыси, кæхц, авд хатæны кæмæн уыди, ахæм. Æндæр æмæ æндæр
таурæгъгæнджытæ  та  зæгъынц: Уацамонгæ уыди  дзаггара,  цæхгæр,
мигæнæн.
     Уæзæг - фыдæлты зæхх, рагон цæрæнбынат; зæронд уæлмæрд.
     Маргъуыдз бавæрдта йæ мады Царциаты уæзæджы, йæ ус  æмæ  йæ
фыртæн та уæзæг ыскодта.
     Уæластæн - астæй  уæлæмæ, къуырийæ фылдæр.
     Уæластæн ма Сослан æртæ боны фæхатти.
     Уæлæндыг  - рагон ирон хæдзары, астæуæй, къонайы  сæрмæ  цы
тымбыл хъæд ауыгъд вæййы, уый - рæхысауындзæн.
     Ударм - сугсæттæн къодах.
     Уололи  -  хъæддаг цъиу, асæй у уарийæ чысылдæр. Зæрдæ  дзы
уынгæгкæны, ахæм уастæй фæуасы æхсæвыгон хæхты, бæстæ  иуыл  куы
'рсабырвæййы,   уæд.  Хонынц  ма  йæ  хуырымцъиу   дæр.   Ноджы:
мысырыхъуг.
     Уыгæс - авд куырисы иумæ амадæй.
     Уыргъы - æгуыдзæг, зæрдæсаст, æнæныфс.
     Уырындыхъбандон - зырнæйзылд æмæ нывæфтыд бандон.
     Æвдзæрæн  бацыди  мидæмæ, арфæ ракодта 'мæ уырындыхъыздухгæ
бандоныл рабадти.
     
     Ф
     Фастыхадзы  - адæм зондæй кæй фæрсынц, ахæм лæг;  уынаффæйы
лæг.
     Фатвæ - лæгæй-лæгмæ хæст.
     Фатгард - залдзæглыггæнæн цыбыр цыргъаг.
     Фатдзыг - фæттæ 'фснайд кæм вæййынц, ахæм мигæнæн.
     Тыраныфцæджы уæйыджы фатдзыгæй æртæ фаты систа.
     Фаткæрддзæм - фатгарды агъуд.
     Фатфæдисон  -  фæдисы цыд цы фат æркæны, уый.  Фаты  хуызæн
тагъд; фæдисы нысан.
     Фæлвынæй - æрдæгфынæй.
     Фæлмзæвт - фæлмæн зæвæт, фæлмæнвад.
     Бæргæ  дын хъомыл кодтон мæ гуыбыны, тыхгæнæг тых кæмæн  не
скодтаид, ахæм гуырд, фæлæ мæ цæгаты куы райгуыра, уæд  фæлмзæвт
уыдзæни.
     Фæрак  - хор куы æрыссынц, уæд ма хорынæмгуытæн сæ цъæрттæй
цы аззайы, уый; цъата.
     Æхсæвы мын фæрæктæ астыдтой доныл.
     Фæсахсæн,   сахсæн  -  бæхы  раззаг  къæхтæ   цы   бæттæнæй
бабæттынц,  уый. Бæхыл сахсæн куы сывæрай, уæд ын дардмæ  ацæуæн
нал вæййы.
     Фæсацæф - фæстейæ цæф.
     Фæхсбандон - фахсфæйнæгæй бандон.
     Феххæлын  - ысзагъд кæнын. Феххæлдзæн - уома дыл  æвиппайды
йæ маст акалдзæн.
     Мæ  фыдæн  куыддæр ыской кæнай, мæ хомæ 'рцыдтæ, уый,  афтæ
дæм феххæлдзæн.
     Фидиуæн   -   фидиуæг  кæцæй  фæхъæркæны,  уыцы   бынат   -
уæлкъуыбыр, бæрзонд ран. Нартæн уыд кæрдгæ-амад даргъ мæсыг, æмæ
уый дæр хуыдтой афтæ.
     Фидиуæг фидиуæны сæрмæ схызти 'мæ ныхъхъæркодта.
     Фугæ  - къутæрбæлас, залгъæдæй чысыл ыставддæр, зайы  хæхты
бæрзæндты.
     
     Х
     Харæ - цыллæ-хъуымац, зынаргъ хъуымац.
     Фæсахсæвæр   ын   сыгъдæг  зæлдаг-æмæ   харæхуыссæнты   уат
бакодтой, æмæ уый дæр йæхи йæ уатыл ауагъта.
     Хæлцдон  -  фæндаггон хызын, бæлццон лæгæн-иу  йæ  фæндаджы
хардз цы хызыны уыди, уый.
     Æфсæндзых  бæхты хъустæй фæйнæ слыгкодта, æмæ  цæ  хæлцдоны
ныппæрста.
     Хæлцон - 1) ахсæн, уæцъæф. 2) хызыны хуызæн чысыл исты.
     Хæрæмигъ - сау мигъ.
     Хæрæгкъæл - донхæссæн къæлæт.
     Хæрвæг - цæстытыл чи ауайы, ахæм ныв, æндæрг.
     Бедуха  хæрвæг  æрбаппæрста  'мæ  Сосланы  раз  атади  уыцы
хæрвæг.
     Хæстмаст - мæстыгæр, фидисæн дæр æмæ чысыл уайдзæфæн дæр чи
нæ фæразы, æфхæрдæн чи нæ бары, ахæм; зындарæн. Хæстмаст Быцентæ
зæгъгæ нæм ахæм ныхас дæр Нарты дугæй баззад.
     Хæтæл  -  топп.  Фыдæлты заман ирон  адæм  топп  зæгъгæ  нæ
дзырдтой, фæлæ хæтæл: хъримаг хæтæл, прангаг хæтæл.
     Хогонд - кæнгæхо.
     Хуры чызг Батырадзæн хогонд уыди.
     Хурæрзылд - иу афæдз Нарты нымадæй.
     Хурмæдзых  -  хурмæкæсæн мæсыг, йæ рудзынг  хурыскæсæнырдæм
арæзт кæмæн уыд, ахæм сæрмагонд мæсыг.
     Хуры 'рбафтауцмæ - уома хуры скастмæ.
     Хуыдым - дон арф кæм вæййы, æмæ зилгæ кæм фæкæны, ахæм ран.
     Хуыдымыкæсаг зæгъгæ дзурынц. Ис хуыдымыкъæцæл дæр.
     Хуымилиаг  - исты бæрæгбонмæ развæлгъау куывдæн  цы  мæнæу,
кæнæ ссад бавæрынц, уый.
     Хуысархъуымац - зынаргъ зæлдаг хъуымац.
     Хæмыцы  хуысархъуымац  Быценон йæ иу къухæй  кæрдгæ  кодта,
иннæ къухæй - хуыйгæ, æмæ Нартæн æхсæвæй бонмæ сæ фæлыст раивта.
     Хуыфи  -  хор цæмæй фæсыгъдæг кæнынц, ахæм хæдзары  дзаума,
цармæй конд сыхырна.
     
     Хъ
     Хъалац - нуазæнкæхц, нуазæнкъус, куыси.
     Уырызмæг Нарты 'рбамбырдкодта, райста йæ хъалац-нуазæн, æмæ
зæгъы...
     Хъалбихца - мæнгæхца.
     Хъан  -  хъомыл кæнынмæ-иу кæй радтой æндæр мыггагмæ,  ахæм
чысыл  лæппу. Хъаныцард - уома буц, æнæмæт, хъæздыг æмæ  парахат
цард.
     Чынтæ  'мæ Гуынтæ ныббырстой Нартæм. Нартæй чи цагъды фæци,
кæй  та  рæгъаугæс ыскодтой. Цагътой Нарты фос, æмæ  хъаныцардæй
æрвыстой сæ бонтæ.
     Хъандзалджын  уæрдон  -  цъæтджын  рог  уæрдон,  дуар   æмæ
рудзгуытæ кæмæн уыд, ахæм.
     Хъарман  -  хъæды мыггаг, сывылдзы 'нгæсæн, фæлæ  сывылдзæй
фидардæр, хъæбæрдæр.
     Хъæллæгъ  -  хортæ  куы бафснайынц, уæд  ма  дзы  цы  хæтæл
баззайы, уый.
     Хъæргæнаг - ам - сармадзан.
     Хъæстæл - сылыдзыхтæй ма цы 'рлæдæрсы, уый.
     Хъæстаргъ - хъæсдарæг
     Хъиамæт - ам - фос, хæзна, фæллой.
     Хъисын  -  хъисын уæлæфтау, къæвдабон-иу лæг  йæ  уæлæ  кæй
æрбаппæрста, ахæм.
     Хъиу  -  1) чысыл мæкъуылгонд, цалдæр куырисы дзуарæвæрдæй;
2) нуар.
     Хъох - хъæддаг хуы.
     Донбеттыртæм ис хъохы мыггаг. Сæ дæндæгтæй дуртæ ссынц. Æмæ
йæ уыдонæй исчи куы сцæва, уæд нын Хæмыцæй пайда нал ис.
     Хъохыдæндаг  -  æмбисондæн чи баззад, уыцы  Хæмыцы  дæндаг.
Æрхъызыдæндаг.
     Хъох  Хæмыцы  сцæвынмæ куыд хъавыди афтæ  йæ  Хæмыц  кардæй
нырриуыгъта. Хъохæн йæ дæндаг фесхъиудта мæ 'хситгæнгæ  Сатанайы
хъæбысы абадти... Хъохыдæндаг Сатана йæхимæ нывæрдта.
     - Хъуаз - сыл саг.
     Райсомы Сослан хъæдмæ ауади 'мæ дыууæ хъуазы рацахста.
     Хъусджын аг - цæджджинаг.
     Хъуыран - уæрм, ныггæнд, зæххы бынты фæндаг.
     Уæд  Уырызмæг æмæ Хæмыц мæличчы усмæ бахъуызыдысты, æмæ  йæ
амардтой.   Сæхæдæг,   кулдуары  цур  цы   хъуыран   уыди,   уым
бамбæхстысты.
     Хъуыран - цавæрдæр сырды мыггаг.
     Хъуытаз - чысыл дзæнгæрæг.
     Хъуытазхъуыр кард - таурæгътæм гæсгæ - кæрдты  хуыздæр,  йæ
хæцæн  зынаргъ дурæй фæлыст кæмæн уыд, йæ кæрддзæм  -  нывæфтыд,
ахæм кард.
     Стыр   хъуыддаджы   йæм   хъуытазхъуыркард   уыди,   æнæуый
хъуыддаджы та - æдзæнкард.
     Хъылма   -  кæрдæджы  мыггаг,  скъæлдзойы  хуызæн,   мастæй
мастдæр, зайы хæхбæсты.
     
     Ц
     Цам - рагон ирон дзырд - æфсарм, худинаг, æгъдау. Цамдæн  -
уома,  къæмдзæстыг  дæн. Мах цам н' амоны -  уома  ме  гъдау  н'
амоны.
     Худинаг  у нæртон лæгæн мидæгмоймæ бацæуын - цас  дзы  кæны
æгас мыггаг дæр.
     Цамта  -  дон-иу  кæм хастой, ахæм мигæнæн цармæй:  фыййауы
хызын.
     Уæйыг  бацыд.  Уырызмæджы цамтайæ систа  'мæ  йæ  хæд-зилгæ
уæхстыл бакодта.
     Цагъд - ам - алы хъæдæрмæг æмæ бæлас иумæ æдзæлгъæд калдæй.
     Цатфæдис - тыхджын æфсады ныхмæ-иу цы фæдис рацыд, ахæм.
     Цæлхыты куырдалæгон - дæсны цæлхгæнæг.
     Цæрддзуйыбæстæ - ам: дæлимонты бæстæ.
     Адæг  цæ гуыр-гуыргæнгæ Цæрддзуйыбæстыл рахаста, æмæ фæуæле
сты.
     Цирхъ  -  дыгомон  æхсаргард; хæцгæ  кæмæй  фæкæнынц,  ахæм
фæрæт.
     Æз уæларв куырдыкуыст кæнын, æмæ дын мæнæ лæварæн мæ цирхъ,
мæхи къухæй конд.
     Цуангæнæнтæ - цуанæтты 'взагыл афтæ хонынц хæцæнгæрзтæ.
     Цумагæнæг  - хицауы номæй æмæ хицауы фæндæй чи дзуры,  ахæм
лæг.
     Цурхъ - къахыдзаума.
     Цыбæл - цуанæтты 'взагыл - йегар.
     Цылыхъ - цуанон лæджы хызын, цармæй хуыд.
     Тагъд  мын,  хæрынæн - адджын, хæссынæн  рог  чи  уа,  ахæм
хæринæгтæ ацæттæ кæн мæ цылыхъхъы дзаг.
     Цыппæрдзæлхыг - цыппар цалхы кæмæн ис, ахæм æхгæд уæрдон.
     Цытыуазæг - минæвар.
     
     Цъ
     Цъала  -  доны фæйнæфарс, донгæрæттæ, митдон кæдæм лæдæрсы,
уыцы комрæбынтæ хæхты.
     Цъауби - цъыфдзаст, уымæл ран.
     Фæйнæ  галы  'мæ фæйнæ бæхы Бузыбыдырмæ фæкæн, æмæ  цæ  уым
фæхиз доныбылтыл æмæ цъаубиты.
     Цъоз  -  нысанæн-иу кæй æвæрдтой, топпæй  фæлваргæйæ,  ахæм
фæйнæджы  гæбаз.  Цъоз  фидаргонд вæййы  даргъ  хъилыл,  æмæ  йæ
афтæмæй ысуадзынц хæрдмæ мæсыджы къулыл.
     Цъой - сылмæнæу.
     Бон  сауизæрмæ  фæкуыстой æфсымæртæ Санты мæликкæн.  Изæрæй
цын   Санты  мæликк  радта  мамæлайыкъæбæр,  цъойæконд  æмæ   цæ
схуыссынкодта бæхты кæвдæсы.
     Цъыззымыззы - куырмæджы архайын.
     Цъынды - æууæнчы тыххæй исты дзаума куы радтынц, уæд, уый.
     Уæдæ  мын  æвдисæн ныллæууæд Уырызмæг, æмæ  мæм  йæ  цъынды
радтæд.
     
     Ч
     Чесахъæд  -  хъæбæр хъæд, зазхъæд, æнусмæ цъæх-цъæхидæй  чи
лæууы, ахæм хъæд.
     Чесена - мæсыг, фидæрттæгонд гæнах.
     Чылæ - афтид хъузг.
     Мæлдзыг афтид чылæ хæссы.
     Чыс - фæлмæн къæдзæхы згъæлæнтæ.
     
     Чъ
     Чъылыхдон  - чъизи, нуазынæн чи нæ бæззы, ахæм  дон;  змæст
дон.
     Чъырын - дурын бæстыхай; чъыримæ амад мæсыг.
     Гуымир-æлдар бацыд чъырынмæ, æмæ фæрсы Нарты адæмы.


* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *