ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ

ДÆ УДЫ ФАРН

                          Время мое пришло, и лучше умереть в час,
                       выбранный тобой  самим, при свете солнца, с
                                              несвязанными руками.
               ...Но почему я дрожу?.. Наверно потому, что я бежал
          от них, а когда убегаешь — на что-то надеешься и надежда
                                               делает тебя трусом.
                                      Норман Льюис. “День лисицы”.

     

ФЫЦЦАГ ХАЙ

1 Усгуртæ хъуамæ æрцыдаид йæ лæппуйы чызгмæ, йе, йæ чызджы чызгмæ; фæлæ уымæн нæ уыди зæнæджы зæнæг, нæдæр зæнæг, налдæр мой; мой кæнын та йæ фæндыд, æмæ йæм æрцыдис курджытæ... Зæрыбонты ’рдæм йæ бонтæ куыд къаддæр кодтой, афтæ арæхдæр райдыдтой йæ курджытæ. Æмæ куыд хъуамæ баууæнда, йæ сылгоймаджы фарн кæй никæйуал хъæуы, ууыл? Куринаг чызджытæн ма сæ рæсугъдтæй дæр бирæтæ куы тæрсынц æнæкуырд баззайынæй æмæ уымæн та йæ курджытæ йæ къæсæртæ куы ныссастой. Уый нæ, фæлæ ма йæм иуцалдæр азы размæ æрдæгæхсæв скъæфæг дæр æрцыди: æвзонг æмæ удыхъæдджын лæппу! Æцæг у, скъæфгæ йæ йæ зæродд фыдæн кодта — йæ хуыссæны та йæхæдæг абырыд. Уæд ма æнæ уый дæр хуыздæр конды хицау уыди, йæ буары æууæдтытæ стæмдæр уыдысты, йæ зæрдæйы авналæнтæ— знæтдæр. Сыхæгты усимæ бадтысты хæдзары, афтæмæй сæм фæзынди уыцы лæппу, йемæ ма — йæхицæй асдæр лæг. Æппындæр сын ницы зыдта — чи сты, кæцæй сты, чи у йæ нымудзæг? Нæ сæм æнхъæлмæ касти. Лæппу-мæ та къæмдзæстыджы митæй æппындæр ницы уыд, йæхи сбарджын кодта хæдзары. Йæ цæстытæ уыдысты галы къæлæты йæстæ, æмæ сæ калди ахæм хъарм, ахæм, æвиппайды йын йæ буарыл судзгæ арт чи сындзæрста. Уайтагъд, зæрдæйæ сæрмæ цы рæхыс ис, уый фæдисы дзæнгæрæг ныццагъта: уæдта-ма иу хатт, уæдта-ма иу сахат дæ цæнгты хъармæй чи бафсæды, куыд амондджын у уыцы сылы къах. Цавæрдæр расыг уылæн зыр-зыргæнгæ зылди йæ тугдадзинты, æмæ мæсты кодта, адæймагæй адæймаджы 'хсæн уæлдæф дæр дуркъæсæрау кæй слæууы, ууыл. “—Уыдзынæ,—аскъуыддзаг кодта йæхинымæр,—уыдзынæ мæн”. Æмæ æрæвнæлдта йæ фæнд æххæст кæнынмæ. — Мæ мады мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтай, — дзырдта уыцы Æнæнтыст æмæ йын йе уæнтыл барджыны хæст æркодта, — кæд ма мын исчи мæ мады хуыз истæмæйты баива нæ хæдзары, уæд уый æрмæстдæр ды уаис. — Дæ ном та цы хуыйны, дæ ном? —Мæ ном?—худтис уыцы Æнæнтыст,—мæ ном мын куыд ферох кодтай, æз ныр дæ хъулон хъæбул куы дæн. — Кæй дæ, уый фæндиаг цæр,— йæ сæр ын æлхъывд лæгъзытæ æркодта йæ къухæй. Фынг сын æрæвæрдта—парахат фынг. Хæринæгтæ æвæргæ-æвæрын-иу йæхи асæрфта лæппуйыл, барæй йыл цалдæр хатты æркалдта хус хæринæгты згъæлæнтæ, æмæ уыдон æрцæгъдыны æфсон, узæлыди лæппуйы зæрдæзæгъгæ уæнгтыл. Уымæн-иу йæ туджы змæлд кæй фегуыппæг, уый кæцæй аирвæзтаид йæ цæстытæй. Хъуыддаджы ныхасæй ницы бæлвырддзинадмæ æрцыдысты. Нæдæр сын ком радта, нæдæр сын сæ дзыхтæ ахгæдта. “—Фенон, абарон, æркæсон”—уыдон алыхатт дæр йæ иударон ныхæстæ уыдысты. Æмæ хистæр уазæг æддæмæ куы рахызт,—йæ фæстæ. сыхæгты ус дæр, — уæд лæппу фæстейæ йæхи фæурæдта. — Æз ма ноджыдæр æрбацæудзынæн, — дзырдта уый,—мах дæр ахæм адæм не стæм, кæуыл нæ баввæрсай, лæппуйы лæггад дын чи кæна, уый мæнæ æз уыдзынæн, ды та мын хъуамæ мæ мады баивай. —Ды цы хæдзарæй цæуыс, уым цæрын мæ куыд нæ хъуамæ бафæнда, фæлæ...—арф ныуулæфгæ йын загъта уый. — Фæлæ цы? — Адæмы нæ зоныс? Мæ цахъæн усæн ма цæй мой кæнынтæ æмбæлы? — Ды мын зæгъ, разы кæй дæ, уый, æндæр адæм цыфæнды дæр дзурæнт. Кæмæн куыд æнцондæр у, алчи дæр афтæ цæры. Æфсæрм хорз у, фæлæ дзы адæймаг йæхицæн бæттæнтæ куы араза, уæд уый цæмæн хъæуы? Æмæ уæд лæппуйæн йæ хъæстæгтæ дзурынмæ æрæвнæлдта. Йæ цæстытæ-иу доны куы разылдта, уæд-иу лæппу дæр къæхты бынæй ныуулæфыд. Ныхæсты тæккæ уæззæуттæ уыдысты йе 'намондыл, йе 'намонды аххосаг разынд йе 'фсарм — къах-къухтæм æй фидар чи ныббаста. Ныхæсты фæстиуат лæппуйæ домдта, цæмæй йæ суæгъд кæна уыцы зындонæй, акæна йæ сæ хæдзар-мæ, йæ фыдæн, æмæ уый дæр иучысыл амондджынæй ацæра бинонты 'хсæн. Хъæубæсты 'хсæн цæмæй йæ ацыд кадджындæр уа, уый тыххæй лæппу æрымысыд хорз фæрæз: æрдæгæхсæв æм фæзындзысты бæхтыл, æмæ йæ цыма скъæфгæ акодтой, афтæ равдисдзысты хабар. Уый дæр æппынфæстаг сразы уазæджы фæндыл, æрмæст ма йæ сразы кодта ууыл, æмæ скъæфæг иунæгæй куыд æрцæуа. Ахæм ныхасил ахицæн сты. Æмгъуыд æхсæв скъæфæгмæ æнхъæлмæ касти йæ хуыссæны. Йæ дзаумæттæй ницы æрцæттæ кодта. Мадард бæгънæгæй хуыссыд сынтæгыл, æмæ æнхъæлмæ касти. Къуымы сыгъди фæтæгены цырагъ ныллæг зылдæй. Хæрз мынæг рухс ницы уанæбæрæджы æнхъæвзта уаты, æмæ тыхсти йæхимидæг. Афтæ ма тыхсти, йæ мой Джерджи йæ куы æрхаста, æмæ фæсчындзæхсæв куы ахибар сты уаты, уæд. Цыдæр уæззау æнкъарæн куыдта йæ риуы, æмæ йыл рæстæг хъиамæттаджы ивæзт кодта. Æрдæгæхсæвæй раздæр æрбахостæуыд дуар. —Рахиз,—адзырдта йæм ныллæг хъæлæсæй. Уыцы Æнæнтыст Уастырджийы хуызæн фидыдта хæдзары, æмæ йæм джихæй каст. — Цæттæ стæм? — дзырдта йæм. — Æрбад уал, — сынтæгмæ йын ацамыдта. Уый рохстæй æрбадт. — Цы кæныс? — фарста йæ лæппу. —Ницы рауайдзæн хъуыддагæй. — Цæмæннæ? —Æнæфæразгæ дæн. Мæ ныхыл ма мын бахæц. Уый йæ уæлхъус æркъæлæт, æмæ йын йæ ныхыл йæ къух авæрдта. Йæ цæстытæ йæм уыдысты афтæ æввахс, афтæ, æмæ йæм, хъæццул иуварс аппаргæ, йæ гом уæнгтæй куы сæвнæлдта, уæд ыл æрвкæлæгау зæрхаудтой. Лæппу йæхиуыл ахæстытæ кодта, фæлæ афтæ зæрдиагæй кæмæ æнхъæлмæ касти, уый йын йæ цæнгты бастæй мин-мин цæдгалы дæр нал атыдтаиккой. Æмæ уый дæр басаст, æрхаудта артуадзæг буарыл. ...ис амонд дæр зæххыл. Æмæ йын цы хуыцау æрæрвыста йæ цардуарзæг уды фæндагмæ Джерджийы æнамонды? Стыр истытæ куы нæ домдта ацы цардæй? Æрмæстдæр мæнæ ахæм тæвд комулæфт, æппынæдзух йæ цинæй расыг кæмæн уай; ахæм зилгæ хуыдымы, лæгъзбуар кæсæгтау, дыууæйæ кæм тæлфой. Нæй, хуыцау ын ахæм хорзæх бахæлæг кодта. Чындзы куы æрцыди, уæд Джерджи дæр ай цахъæн уыдаид, йæхæдæг та къахæй къухмæ—змæлгæ зæрдæ; змæлгæ зæрдæ, æнæзмæлдæй цæрын чи нæ зоны, æнæзмæлдæй фыды кæрдихæй дарддæр чи ницы у. Ахæм хъуамæ уыдаид Джерджи дæр. Уый та ахæм нæ разынд: уый уыдис æрмæстдæр, туг кæм цæуы, фæлæ змæлгæ чи нæ кæны, ахæм фынæйзæрдæ. фыццаг бонты йæ йæхи уды знæтæй нæ хатыд, стæй йæ æрæмбæрста; æмæ-йу йæ цуры дæр тыхсти, зыбыты иунæгæй куыд тыхст, афтæ. Чи зоны — тыхджындæр. Ныр мæнæ, цасдæры фæстæ, йæ уæнгты конд куы аивзыд, йæ улæфт куы æрхалас, уæд ыл фембæлди, иухатт ыл раджы, тынг раджы мойы нымадæн чи хъуамæ фембæлдаид, уыцы змæлгæ зæрдæ. Фæлæ ма цафон? Ныр та йæхи зæрдæйы цавд куы æрмынæг, йæ уæнгты конд куы ныллæзæрд, æмæ амонды бæсты, хуыснæгау куы давы афæндиаг уысмтæ? Цы у уый — царды куыницæмæ бæллыди уарзон бинонтæй, уарзон сæрыхицауæй .дарддæр; ныр дæр куы ницæмæ хæлæг кæны, æрмæст лæгтæй йæ зæрдæмæ чи фæцæуы, уыдон устытæй дарддæр. Æмæ уыцы устытæй искæй амонд куы радавы нымад минутты дæргъы, гъе, æнæхъæн æхсæв, уæд уый тыххæй дæр йæ ном дзырддаг свæййы æнæхъæн комбæстæн. Æмæ цы сты уыцы амонды скъуыддзæгтæ? Цæмæн сæ давы искæмæй? Исчитæ, сæ уымæй адавыныл цæмæннæ архайынц? Цæмæннæ архайынц искæй устытæ йæ лæджы рæстæгмæ сæхи бакæныныл? Æви уыдонæй цауддæру? Æви ахæм амонды аккаг нæу? Цы у уый, цы — царды дын дæ амондмæ иу хатт хуыснæг куы нæ æрцæуа, дæ амондæй атона кæнынмæ дын сусæг хъавджытæ куы нæ уа, уæд уый цæй цард у? Æнамонд дæ, æмæ уый! Æрмæстдæр адæймаджы æнамондæй нæ фæхъавыд атона кæнынмæ, æрмæстдæр адæймаджы æнамондæн нæй къæрныхтæ... ...Уымæн йæ райсом, хур бæрдæнбæрц суади арвыл, афтæ равдæлди йæ уазæджы сæхимæ ацæуын. Бæх æддейæ йæ идоны къæбæлтæ кæй æууылдта, уый сæ æхсæвы зыбыты рох фæци. Хъæууынгты бафæсвæд сты сывæллæттæ, æмбонды зыхъыртæй гудзиццытæ кодтой устытæ, æмæ уазæгмæ къухæй амонгæ, худтысты: —Хи-хи-хи!.. 2 Ныронг нырма уый уыди йæ фыццаг скъæфæг. Курджытæ та... уыдонæн нымæц дæр нал ис. Æмæ сæ фыццаг—Джерджи. Йæ фыды хæдзар æмæ Джерджийы уæды æрбацыд никуы сивайдзысты йæ аивгъуыйгæ бонтæй. Хæдзарæй сын скъæты 'хсæн уыди каубыд гæрæн. Куыддæр фехъуыста, усгуртæ йæм æрбацыд, афтæ йæ йе 'взонг зæрдæ аскъæфта скъæтмæ: тæккæ гæрæны цур баст уыдис йæ уарзон дыгæрдыг. Æниу ын уæды онг хатгæ дæр ницы кодта, уыцы дыгæрдыджы хъулон уарзтæй кæй уарзы. Фæлæ йæ уæд банкъардта. Йæ разы кæвдæсыл æрбадти, йæ сæр ын йæ хъæбысы бакодта, лæсти йæ дæллагхъуырты, сæрфта йыл йæ рустæ: амондджын дыгæрдыг, рæвдаугæ, сæрфта йæ уымæл былтæ чызджы цæсгомыл, æмæ уый ноджы тынгдæр стъæлфыд. Дард кæцæйдæр та йæм хъуыст хæдзайрæгты уынæр. Хæдзары дуары æрбайгомимæ, ууыл дæр; æрбакалд æндæрадхæссæг уæлдæф. Къахдзæфты уынæрæй æнкъардта: уый йæ фыд æрбахызт къæсæрыл, иу къах æрæвæрдта къæсæргæрон æппæрст къæйыл, иннæ та — хæдзары æлыгæйсæрст зæххыл, стæй рæбынæрдæм цалдæр къахдзæфы сарæзта. — Фарн уæд ацы хæдзары,— хъуысти Джерджийы æмуазæджы хъæлæс. —Фарны митæй хайджын у,—уый та йæ фыды хъæлæс уыд. Æппынфæстаг, къæсæргæрон къæйыл фехъуыста къахы уынæр, æмæ фесхъиудта: уый уый къахы уынæр уыди. Каубыд лæсгæр уыди æлыг сыджытæй сæрст, фæлæ кæмдæрты æрызгъæлд; уыцы гæмттæй иуыл йæ цæстæвгас сæмбæлд, атыдта хæдзармæ, къæсæргæрон йæхи скъуырдта галифе хæлаф æмæ ихсыд цырыхъытыл. Хур рагъы хæдсæрмæ куыд базмæлы, афтæ змæлыдысты уыцы цырыхъытæ, æмæ сæ рухсæй тартæ кодтой йæ цæстытæ. Уæддæр ма ауыдта Джерджийы цæргæсбырынкъ фындз. Æрмæстдæр æртыккаг хатт уыдта, уыцы цæргæсбырынкъ фындз. Ныр æм йæ хицау та цæргæсы хуызæн зынди, æфсæнбырынкъ, æндонных цæргæс. Цæргæс дард кæцæйдæр ратахт усгур, фæзылди бæстæтыл, басаста зæххьГцъар, уæддæр йæхицæн аккаг бинойнагыл никуы фæхæст. Æппынфæстаг æрхаудта иу ранмæ... Æмæ йын фемæхсти аргъæутты дуне: ...Иу паддзахæн уыдис иунæг чызг. Чызг басгуыхт бæсты рæсугъд: йæ æрфгуытæ — ног мæйау æнæрмдзæф, йæ цæстытæ—ирд боны хурау, æнæкъæм æмæ уынаг, йæ цæстыгагуытæ — арвы цъæхæй арфдæр, йæ сæрыхил—хуры тынтæй бæзджындæр. Йæхи æхсгæ-æхсын йæ цæсгомæй цы доны æртæхтæ хауд, уыдон сыгъзæрин портитæй тылдысты зæххыл, æмæ-иу зæхх йæ алыварс зæрин кæритæй байдзаг. ...Дунейыл айхъуыст йæ фидыцы кой. Иу хатт æй чи федтаид, уый стырдæр хæрзиуæг нал агуырдта царды. Амондджын уыдысты йæ ныййарджытæ дæр, уæдæ цы! ...Амондджын нæ уыди æрмæст йæхæдæг. Зæххыл цæрджытæй уымæй æнамонддæр ничима рахуыдта йæхи. ...Æмæ æнамонд дæр куыннæ уыди! Зæххыл йæхи 'мсæр адæймаг нæ райгуырд. Йæ фидыц ын уыд æрмæстдæр хъысмæты карздæр æлгъыст. Фыдуынд чызг маймулимæ куыд нæ фæцæуы чындзы, афтæ зæххон нæлгоймæгтæ дæр уый разы æндæр аккаг нæ уыдысты. Уымæн та йæ чындзы цæуæн рæстæг аивгъуыдта, æмæ йæ фидыцы азарæй хъизæмар кодта. Йæхи амарынæй дарддæр ын ницыуал хос уыди. ...Афонтæ цыдысты. Æмæ иухатт чызджы фыды паддзахадмæ æрха.удта; æгас уæларвбæстæ æмæ зæххы цъар чи басаста, фæлæ йæхицæн аккаг бинойнаг чи нæ ардта, уыцы Цæргæс. Чызг æмæ Цæргæс кæрæдзи куы федтой, уæд ныццин кодтой, æппынфæстаг, дам, кæрæдзи ссардтам. ...Фæлæ чызджы фыд не сразы йæ хъæбулы уæларв бæстæм раттыныл. Уæд цæргæс мæсты цъæхахст фæкодта, ахæм цъæхахст, ахæм, æмæ арвы авгæмбæрзæн æрызгъæлди. Чызджы йе 'ккой баппæрста, афардæг æй кодта уæларвмæ. Арвы цъæх къуылдымыл æй суагъта, фæлæ чызг хаугæ нал ракодта, зæххыл куыд цыди, афтæ рацу-бацу кодта уым дæр. Цæргæс йæ базыртæ сцагъта æмæ афтæ зæгъы: ...— Цалынмæ дæ фыд йæхæдæг сразы уа дæу мæнæн раттыныл, уæдмæ ам иунæгæй хит—зæххон цардæй дæр иппæрд, уæларвбæстæй дæр—скъуыд. ...Афтæ загъта, æмæ атахт. ...Чызг ныккуыдта. йæ цæссыгтæ къæвдатæй фемæхстысты. Куывта, цæмæй йæ фыд-сразы уа Цæргæсы фæндоныл. ...Зæххыл чызджы цæссыгтæй цъаргъуына рацыд.Чызджы фыд цæмæй зыдта, йæ чызг цæмæ кувы; йæ паддзахад доны сæфт, уæддæр лæгъстæ кодта, цæмæй йæм йæ чызг фæстæмæ æрцæуа... — Чызг, фынæй бадæ? — иуафон æрыхъуыста йæ мады хъæлæс, æмæ йе 'муд æрцыди йæ разы лæууыд йæ мад. — Æнæнтыст макуы фæуай, — дзырдта йæм ныллæг хъæлæсæй, — кæд æрра не 'сдæ. Дæ цæсгом уыцы мардæнхæринаджы сæтæй куынæуал зыны, æмæ дæ уазджытæм ахизын куы хъæуы. — Цæмæ? — Дæ фыд дæм дзуры. Дæхи сæхс, æмæ мæнæ дæ къаба раив,—йæ сæр ын æрбахъæбыс кодта йæ мад. Хъомуадзæн дуарыл, йæ къахдзæф ын куыннæ хъуыстаиккой, афтæ ахйзт æддæмæ, миты фæлмæнтæй ныссæрфта йæ цæсгом, йæ дзыккутæ, æмæ фæстæмæ баздæхт. Йæ дарæс ивынмæ йæм фæкаст йæ мад. Уый æфсæрмы кодта, йæ мад ын йе уæнгтæ æгæр кæй бæрджытæ кæны йæ къухтæй, фæлæ ницы загъта. — Дæ цармыдзаг ныттымбылтæ дæ, æнæнтыст, — æхсызгон бустæ йыл скодта, æмæ хæдзармæ ахызт. Йæ мады ныхас æм диссаг фæкасти, æмæ уый дæр йе уæнгтыл йæ къухтæ æрсæрфтытæ кодта. Йæхи къухты ныдзæвдæй дæр ныр цæмæндæр йæ буар æхсызгон æлхысчъытæ кодта. Йæ къухы æнгуылдзтæ æмæ йæ буары гæмттæ цыма рæсигæ ныккодтой, уыйау æргъиухъæбæр дардтой. — Чызг, — дзырдта йæм йæ фыд. Уый та цинтæ кодта йæхи буарыл. Нырма йæм ныр бахъардта, заманайы цæстыздахаг уæнгтæ йын кæй ис, уыдонæн та æнæмæнгæй æндæр хицау кæй хъæуы. Уыцы æндæр хицау Джерджи кæй хъуамæ уа, ууыл ахъуыдыгæнгæйæ, йæхи къухты ныдзæвдæй фесхъиудта. Йæ æгæнон зæрдæ, йæ риуы къуылдымтæй, уæлдæф хуынчъытæ кодта. Йæ мад æм æрбацыд. — Ацу, — ахæцыд ыл хæдзарæрдæм, — дæумæ дзуры дæ фыд. Æввахс бацæуын сæм нæ бауæндыд, фæлæ дæрддзæф æрлæууыд. Уæддæр йæ цæстытæ нæ фæлæууыдысты, йе 'рфгуыты бынты сæм бакаст. Лæппуйы цæстæнгас ын, пысырайау, йæ рустæ асыгъта, стæй йе 'ппæт уæнгтæ дæр. Æмæ та банкъардта: йæ буары хицау Джерджи у, йæ уæнгтыл йæ бар нал цæуы. — Лæппуйы æз ницæмæй фауын, — дзырдта йæ фыд, — айразмæ дæр уын куы загътон. Фæлæ мæнæн дæр ацы цъæх чызгæй дарддæр ничи ис, æмæ йын æбарвæнд митæ бакæнон, уый не 'руадздзынæн; мæнæ йын йæхи бафæрсдзынæн, кæд разы у — хуыцау æй амондджын фæкæнæд. Кæннод дæр нырма йæ фыдæй куы нæ сфæлмæцыд. — Фарны ныхæстæ хъуысæд дæ дзыхæй, — дзырдта æмуазæг,—уый æз афтæ бамбæрстон, æмæ ды разы кæй дæ нæ фæндоныл. Ныр та ма хъуыддаг мæнæ мæ гыццыл хойыл кæм у баст, уым æй бафæрсдзыстæм, йæ .сæрмæ хæссы нæ мыггаджы, æви нæ? Уымæ та диссаг касти: цæмæ йæ фæрсынц? Нæ йæ уынынц, нæ йæ хатынц, йæхиуыл йæ бар кæй нал цæуы? Æвй йæ фыд æфсоны ныхæстæ кæны, æмæ йæ фæстæмæ байсынмæ хъавы. — Зæгъ, мæ чызг, зæгъ, — хатыди йæм йæ фыд. Ферох дзы ис, комкоммæ кæсын сæм худинаг кæй у, йæ цæстæнгас джихтæгæнгæ хаста се 'ртæйыл дæр, фылдæр-иу афæстиат лæппуйыл, йæ зæнгтæ та йæ быны æрхауынæввонг уыдысты. —Гъе, æмæ дæ салам бирæ,—загъта æмуазæг,— афтæ дæ бамбæрстон де 'гъдауæй, цыма æввæрсыснæ мыггагыл. Амондæн ма йын цы нæ фаг кодта, уый та йæм уыцы ныхæстæй æрбафтыд Фырцинæй йæ къахы æнгуылдзтæ тæлфыдысты, æхсызгон æлхысчъытæгæнгæ. Йæ цæстытæ зылдысты доны. — Нæ, — дзырдта йæ фыд, — йæхи дзыхæй йын хъуамæ фехъусон йæ фæндон. Æмæ йæ зæрдæ атыппыртæ уыцы ныхæстæм, йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ ссыд, стæй, чысыл сывæллонау, нырма йæ хæкъуырцц схауд, стæй йæ хъæрæй куыд. Иу ран бандзыгау, лидзгæ нæ акодта, афтæмæй хъæрæй куыдта. Куыдта, æмæ йе уæхсчытæ стъæлфыдысты, йе уæнгтæ зыр-зыр кодтой. йæхи куыды уынæр æй ноджы агайдта, æмæ ныббогъ-богъ кодта. йæ мад æй ласæгау акодта æддæмæ. Уым æй йæ хъæбысы ныттыхта, цыма йын æй исчи скъæфгæ кодта. — Ма тæрс, хъæбул, — скуыдта мад йæхæдæг дæр, — æвæндонæй дæ ничи ахæсдзæн, никæмæн дæ дæттын. Никæмæн. Уый йын бынтон фесæфта йæ зонд: —Нæ! Нæ!—богъ-богъ кодта.—Уæддæр йæ фæстæ алидздзынæн. Мад æм, джихтæгæнгæ, бакаст, стæй йæ йæхицæй асхуыста: — Æз та цытæ ахъуыды кодтон. Мацы дын бантысæд. 3 Амондджын гъеуæд уыди! Ныр та ма цы? Ныр æм курджытæ æрцыди, æнамонд кæй у, уый тыххæй. Хъæуы æгъдау ын—æвдисæн: йæ хæдзарæй дæрддзæфгомау батыгуыр сты устытæ æмæ дам-дум кодтой. Алчи дæр сæ цæуылдæрты дзырдта зæрдиагхуызæй, уæддæр цырддзастæй кастысты, се 'ргом чердæм уыд здæхт, уыцырдæм. Дыууæ лæджы сæ ронбасты онг нæма сзындысты Седанты къахыры, афтæ сæ бафиппайдтой. Лæгтæй иу хи хъæуккаг уыди, Чатри. Бæлццæттæй устыты 'хсæн цы чъылдых зæххы гæбаз уыди, уый хуры тынтæм афтæ æрттывта, уæлдæф дзы афтæ ирд тæмæн калдта, æмæ сæ дардуынаг цæстытæй сæ бон нæ уыди уазæджы æрбæрджытæ кæнын. Уæдмæ дыууæ лæджы æрбахызтысты фаллаг хъæуы бынты, æрбауадысты дыууæ хъæуы 'хсæнты. Æнæзонгæ йæ дзыппæй систа æнæтыхт къухсæрфæн, æмæ йæ æруæгътытæ кодта йæ цæсгомыл, стæй куыйты рæйд æмæ устыты цымыдисы 'хсæнты сивгъуыдтой, æрлæууыдысты сæ фысымты раз. Æнæзонгæ æгæр æвзонг уыди, æмæ устытæ фæсæццæ сты. —Матрона! — бахъæр кодта Чатри; “Матрона, гъе Матрона”—сфæзмыдтой йæ устытæ сæ былысчъил æнгасы. Уый цыма æппындæр аищы зыдта хъуыддагæн, уыйау æвдæлонгъуызæй йæхи раргом кодта сæ тыргъы. —А, Чатри куы дæ, —загьта, æмæ дæрддзæф устыты схойгæ цæстæнгас куы 'руыдта, уæд йæхи фæсæрыстыр кодта. — Уазджыты нæ уадзут, Матрона? — дзырдта йæм Чатри. — Уаздæйтæ хуыцауы уазджытæ. Баввæрсут мæгуыр усы хæдзарыл, — йæхи ныкъкъултæ кодта, æмæ та устытырдæм йæ цæстызул адардта. “Нæ номы чындз ныфсæрмы”,—худтысты уыдон. Тыргъы кæраæдзи къухтæ райстой. Иучысыл алæууыдысты, стæй мидæмæ ахызтысты. — Цæсгом, цæсгом, — йæ цæсгомыл йæ къухтæ авæрдта Егнаты идæдз, — ай цахъæн сылыстæг йæ цæсгомыл йæ къух хъуамæ афтæ сиса! Иннæтæ ницы загътой. Сæ зæрдæ ахсайдта Матронатæм, æхгæд хæдзармæ. 4 Зæрдæхсаинагæй ницы уыди йæ хæдзары. Лæгтæй иу хи хъæуккаг уыди, Чатри; иннæ дæр йæ усгур нæ уыди, фæлæ йæ чи куырдта, уый фырт—æрбацыди йæ фыды номæй минæвар. Цалдæр ныхасы дзы куы схауд, уæд æнæнхъæлæджы усы зæрдæ фестъæлфыд: бынтон æддагон ын нæ уыди æнæзонгæйы хъæлæс. Фæлæ чи у? йæ фарстæн дзуапп нæ агуырдта йæхинымæр, йæ фарст дæр æмæ йе 'нкъарæн дæр, йæ риуы баззадысты, фæлæ дзы нæ ферох сты, æнæзасьд дзуринагæй йæм æввахс кодтой йæ уазæджы. Хæдзар бæстон æфснайд уыди. Бæстон конд уыди йæхæдæг дæр, æмæ йын уазæг, йæ хæдзары æфснайд бæрджытæгæнгæ, йе змæлд æмæ йæ уæнгты конд дæр кæй бæрджытæ кæны, уый хатыди, уый йын йæ зæрдæ æлхæдта: нырма йæ цард быйтон нæ аивзыд, нырма йын йæ уæнгты кондмæ дæр сæ хъус дарынц; йæ зæрдæ йын æлхæдта, уæддæр йæ уды рæбын кæмдæр къæмдзæстыг кодта йæ кары æфсæрмæй: уазæг, чизоны, йæ фыды ус— куырдылдæр уæлæхохзæрдæ чи у, уый куыннæ бахуддзæн æцæгæлон усы æнафоны митыл. Æнкъардта æппæт уыдæттæ, æмæ-иу, Чатриимæ ныхас кæнын æфсон, фæлтæрд цæстæнгасæй барста йæ уазæджы: уазæг дзы бирæ кæстæр уыдаид, раст Чатрийы халдих, æмæ усы зæрдæ бауæззæуттæ. “Мæ рæстæджы мæм иу дæ хуызæн куы фæзындаид”—бакатæйттæ кодта, æмæ уазджытæн исты феныны тыххæй иннæ уатмæ ахызт. Рагацау ын æппæт дæр цæттæ уыд, фæлæ йæ æвиппайды нæ фæндыди фынг æрæвæрын: исчи цæмæн хъуамæ афтæ зæгьа, æндъæлмæ мæм касти, агæппæввонгæй лæууы. Уæларт агæй калди дзидзайы адджын тæф, мондаг кодта æмбудæнтæ, æмæ æнæнхъæлæджы йæ цæстытæ донæй сасæстой: уый Чатрийы усмæ бахæлæг кодта, ахæм амонды фыццаг чи у; амонд, йæ ус, æвæццæгæн, хатгæ дæр кæй нæ кæны, куыдфæндыйы цæстæй кæмæ кæсы, йæхицæн æй æмбæлон фæткыл чи нымайы, чизоны, разы дæр кæмæй нæу, æмæ хуыцаумæ хæрам чи кæны, æндæр амонд ын кæй нæ радта. Уæдæ уый цы 'рсырдта, цы! Æви арвы дуар гомæй федта? Æви амонды аккаг нæ уыди? Ацы царды йæ бирæ куы ницы хъуыд,— æрмæстдæр зæрдæйы фæндиаг бинонтæ. Уæд уый дæр уыдаид амондджын, йæ удыхъæд не сдзырддаг уыдаид æгас комбæсты. Нæй, нæ йæм æрхаудта ахæм амонд, цыма иттæг зын хъуыддаг уыди, цыма æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм хорзæх домдта хуыцауæй. “Къæхтæсæрфæн фæуай, цы хуыцау дæ, кæд куыд æнæцæстуарзон вæййыс рæстаг удтæн”,— хъынцъым кодта йæхинымæр. Къулыл ауыгъд уыди йæ къам, чызг ма куы уыди, уæды къам, усгуртæ йæм куы фæзынд, æмæ амондджын куы уыди, уæдыкъам. Æмæ йыл уырдыгæй сæрыстырæй худти. Ныр йæ уæды къаммæ дæр хæлæг кодта, æцæгæлоны амондау, нæ йæ уарзта; цыма дзы исты давта, цыма йын сусæг хинтæ кодта, цыма йе 'намондгæнæг фыдбылыз уый у, афтæ гуырысхогæнгæ йæм касти. Æмæ канд уыцы къаммæ нæ, фæлæ иннæ къамтæм дæр, фидисы ныхасау, хæрам уыди: уыдон се 'ппæт дæр уыдысты йæ сæфт амонды скъуыддзæгтæ, æмæ йæм къулæй æртхъирæнтæ кодтой, худтысты йыл. Уæлдайдæр — йæ мойы ныв: цард-цæрæнбонты цахæм моймæ бæллыди, ахæм хуызы стыр фæлгæты бадти къулыл, æмæ йæ уырдыгæй мæстæй мардта, фыдаудæн ыл кодта; дзырдта йын: кæсыс, куыд дард дæм дæн?—мæнмæ бæллыдтæ, мæнмæ бæллыс, мæнмæ бæлдзынæ — никуы мæм баххæсдзæн дæ къух, никуы, мæ ссардзынæ; æрмæст дæм цалдæр мæйы раргом кодтон мæхи, цæмæй мæ цæрæнбонты агурай, цæмæй, цæрæнбонты мæ фæдтæ агургæ, амонд макуы ссарай. Кæс мæм, æмæ мæ агур. Агурмæ, æмæ мæ макуы ссар. Уыцы нывты æхсæн æрмæстдæр иу нывмæ нæ уыди хæрам йæ хъæдгом зæрдæ; уый йæм аргъуаны къулылконд сабизæдау æдзух æнæхин æмæ æнæрæвдыдæй æнхъæлцау каст кодта, домдта дзы мады иузæрдыг, хæкъуырццгæнгæ касти йæ фæстæ. Хæрам нæ, фæлæ уыцы къаммæ кæсгæ, нæ фæуыны нывы сурæт, æрмæст дзы кæугæ зæлтæй фæфæрсы кæддæры загъд ныхæстæ: “джиджджи, кæдæм цæуыс?” “Ныртæккæ фездæхдзынæн, хъæбул, ныртæккæ”. йæ риуы фæкæуынц кæддæры загъд ныхæстæ, мæнг ныхæстæ, мæнгарддæр дзырдтæн скæнæн кæмæн нæй, йæ хъæбул сидзæрæй кæй тыххæй баззад, йæхæдæг — æнæхъæбул, уыцы дзырдтæй йын æппынæдзух уайдзæфтæ кæны ацы ныв, йæ цæстмæ йын сæ дары. Æмæ стыхсы, нæ бафæразы сабизæды цæстæнгасмæ кæсын, азилы иннæрдæм, хæрамæй нымдзаг вæййы йæ риу, йæ удхæссæг фестынц адæм; адæм, цæргæ-цæрæнбонты цьы хæрзтæм бæллыд, уыдон ын йæ къухтæй чи стыдта, йæ мойы йын чи байста, йæ хъæбулы йын йæхи къухæй дзæгъæл уæзæджы къæйыл чи ныууадзын кодта, уыцы адæм. Чи-фæнды дæр уæд—хъæубæстаг æви æддагон, уæддæр ын уыдон бакодтой знагиуæг, уыдон сты йе знæгтæ. — Чатри, — адзырдта лæгтæм, — уым абаддзыстут, æви тыргъы? — Ам абаддзыстæм, æддейæ æнтæф у. Уый та фæндыди тыргъы абадын, хъæубæсты цæстысындз басхъауын: уæддæр та истытæ æрымысдзысты, исты дам-думтæ та ахъæр кæндзысты, æмæ сæ дзæбæх уæддæр смæсты кæна. Фæлæ Чатри уыдон цæстæнгасæй кæй тылиф кæны йæхи, уый дæр æмбæрста, æмæ фынг иннæ хатæны æрæвæрдта. Хæринæгтæ хæсгæ-хæссын цалдæр хатты ракаст тыргъæй, устыты фыддæрадæн. Фынг куы банæртонхуыз, уæд йæхæдæг дæр æрбадт сæ цуры. Уазæг дзурынмæ иттæг æмхиц нæ уыди, фылдæр дзырдта Чатри, æппæлыди, цы хъуыд æмæ цы нæ хъуыд, уыдæттæй. Уый сæм хъуыста, æмæ æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ уазæджы цæсгоммæ. Уазæджы ныхыл, раст йæ галиу æрфыджы сæрмæ йæ цæет æрхæцыд гуырцæй хаст æртæкъахыг стъæлфыл, раст хъазы къахы хуызæн фæд. Уыцы стъæлфы уындæй йыл æрбакалд цавæрдæр æхцон уæлдæф, цыдæр хъарм уылæн æнхъæвзæнтæ кодта йæ уæнгты. Уыцы стъæлфы уындæй æвиппайды хъармзæрдæ бадардта йæ уазæгмæ, æмæ йæм лæмбынæгдæр бакæстытæ кодта. Æцæгæйдæр, уазæджы хуыз цавæрдæр æнæргом цинæй стад йæ разы, фæлæ цы у уыцы цин, уый йæхæдæг дæр не 'мбæрста; нæ йæ æмбæрста, фæлæ хатыди: уазæджы хъæлæс æддагоны хъæлæс нæу — йæ дзыхы дзырд цы уды арфæй ссæуы, уыцы уынæры райдиан ын хорз зонгæ у, хæрз æввахс. Цæмæндæр та æвиппайды йæ зæрдыл æрлæууыд йæ хъæбул; йæ хъæбул афтæ цардæгасæй сыстад йæ цæсты раз, афтæ сыгъдæгæй йын æрыхъуыста йæ адджын дзыхыныхас, æмæ йæ зæрдæ сæнкъуыст. Ныр дыууиссæдз азы дæргъы йæ хъæбулы сæфтыл цы зæрдæ сахуыр, цадæггай рох кæнын дæр кæй байдыдта, уыцы зæрдæ æвиппайды афтæ æрымысыд йæ хъæбулы, цыма йын ацы тæккæ фесæфт, цыма йын ацы тæккæ загътой, дæ хъæбул сидзæрдонæй алыгъд, æмæ никуыцæйуал разынд. Æрымысыд йæ хъæбулы, йæ гыццыл хъæбулы, йæ зйердæйы уидаджы, æрыхъуыста йын йæ дзыхыныхас, æмæ цыма йæ хъæбысы бады æмæ йын æй йæ хъæбысæй атонынмæ хъавынц, уый адæргæй йæ къухтæ йæ рнумæ æрбалхъывта. Йæ хъæбулы æфсон йæ къухтæ йæ риумæ нылхъывта, æмæ йæ армытъæпæны бын йæ зæрдæйы цавд куы æрхатыд, уæд фестъæлфыд: уый йæ риуы, йæ зæрдæйы æфсон йæ хъæбул куы змæлы, уый йæ риуы йæ зæрдæйы æфсон йæ хъæбулкуы тæлфы. Йæ хъуыдытæй та йæ фескъуыдта уазæджы хъæлæс. Уазæджы дзыхыныхас адджынæй æмбæлд йæ зæрдæйыл, æмæ та йæм бæстон бакæстытæ кодта. Æгæр зонгæ æнгæстæ уыди уазæджы цæсгомæвэæрды, æгæр зонгæ хуызтæ æвдыста йе 'ппæт æууæлтæй дæр. Фæлæ чи у? Йæ фарстæн дзуапп нæ агуырдта, фарст йæхигъæдæй гуырди ныгæд зæрдæйы. Цæмæндæр-иу дзы æрбайрох, уазæг æм йæ фыды тыххæй кæй æрбацыд минæвар; æрбайрох-иу дзы уый, йæ зæрдыл та-иу æрлæууыд, иухатт æм, чызг ма куы уыд, гъеуæд куы 'рцыди усгур — фидыцджын æмæ зæрдæзæгъгæ лæппу, стæй йæ мой чи сси, æмæ æнæхъæн цалдæр мæйы амондджын кæимæ уыд. Уæд, гъенырау, усгуртимæ фынгыл нæ бадти, фæлæ сæм; дæрддзæфæй касти сусæгæй, æмæ йæ мойаджы цинæй суанг йæ къах-къухты онг дыз-дыз кодта. Ныр, фынгыл бадгæ, йæ зæрдыл бæлвырд æрлæууыдыты, йæ мойаг гъеуæд иннæты æхсæн йæхи куыд дардта — ацы мадзура уазæг ын уыцы ныв æгæр бæстæттæ мысын кодта, раст цыма уыцы бонæй рахауæг схъис уыди. Æмæ йæ фæндыди уазæджы ныхасмæ хъусын. Йæ риуы гуырди йавæрдæр къæмдзæстыг, цавæрдæр æфсарм; æфсарм, раджы кæуыл суæлæхох йæ зæрдæ, йæ уæгъдибар цардæй кæй баивта, уый та банкъардта йæ мадзура уазæджы цур; тарсти дзы, йæ зæрдæ йыл куы бахуда, тарсти дзы— ныртæккæ исты ахæм куы зæгъа, арвы цæфау ыл чи æрхауа, йæ сабыр цард ынчи сызмæнта. Уæддæр æм йæ зæрдæ æхсайдта, уæддæр æнхъæлмæ касти, уазæджы дзыхæй кæд сирвæздзæн уыцы рох ныхас. Лæгтæ сабыргай æркой кодтой хъуыддаджы тыххæй. Фæлæ диссаг — æппындæр æм никуыцæйуал хъардта се ’рбацыды сæр, байрох дзы ис, дзуапп дæттын æй кæй хъæудзæн йæ уазджытæн — фæцæуа моймæ æви нæ? Сæ ныхæстæм сын ницы лæмбынæг хъуыста — кæмдæр ын рохуаты аззади, абон ын сæйрагдæр цы хъуыддаг хъуамæ уыдаид, уый; кæмдæр йæ уды змæлыди цавæрдæр рох хъæлæс, æмæ йын йæ аххосагыл нæ хæст кодта. Уæддæр æнкъардта, цыдæр бæллæх æм æнхъæлмæ кæсы. Æвирхъау хабар уа, гъе æхсызгондзинад, уæддæр фыдбылызы гуырысхойаг у. Æнæнхъæлæджы йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: цыма йæ мойы гуырыкондæй къæрттытæ æрхаудта йæ размæ, ахæм хуыз лæвæрдта йæ уазæг. Лæгтæн хъуыди дзуапп раттын. — Мæ цахъæ ус ма цæй моймæ фæцæуы, — дзырдта еын къæзгæйæ. Æрыздæхти йæм йæ кæддæры хæдæфсарм.—Фæлæ адæймагыл уынгæджы бон куы ныккæны, уæд æнæсæр митæм æмхиц у. Мæнæ мæ Чатри зоны, иу æввахс хион мын никуыуал ис зæххыл. Æмæ ма цалынмæ мæ къæхтыл цæуынхъом дæн, уæдмæ бæргæ фæразин, фæлæ куы 'рхауон, уæд цы ми кæндзынæн? Ууыл мæт кæнын. Куы 'руатон уон — чи мæм кæсдзæни? Мæ мард та мын чи ныгæндзæни? Хæдзары иунæгæй куы ныммæлон, уæд мын мæ мард зонгæ дæр куы ничи бакæндзæн. Стæй иунæгæй цæрынæй дæр сфæлмæцыдтæн. Дæ хæдзары макæимæ аныхас кæн, хæдзары хъуыддæгты тыххæй макæимæ адзур — æппæт дæр дæхæдæг араз, æппæт дæр дæхи удæй тон. Дæхи цæнгты тыхæй ратона кæн, æмæ йæ дæхæдæг бахæр. Уый цæй цард у, дæ цæнгты тыхæй искæй куы нæ барæвдауай, дæ цæнгты фæллой искæй куы нæ хъæуа, дæ куысты мæт искæй тыххæй куынæ уа. Арс зымæг йæхи сой йæ дзæмбыйæ куыд фестæры, афтæсабыргай хæр дæхи уды дæхи тыххæй. Мæнæ йæ Чатри зоны, нæ сыхаг хъæуы ма иу мæхи хуызæн æнæмæнузæгъæг ус ис, фæлæ уымæн йæ мой хæсты фесæфт, æмæ ма йæм алыбон дæр æнхъæлмæ кæсы, алысахат дæр æнхъæлцау у, йæ сæфт бæлццон æм кæй фæзындзæн. Æз та? Никæмæ дæр æнхъæлмæ кæсын, никæй дæр мæхæдæг хъæуын. Афтæмæй та алы куыстмæ искæй къухмæ æнхъæлмæ кæсын: суг ласынмæ, хоскæрдынмæ, хойрагмæ. Пенсийы афон мын нæма уыд, фæлæ мын æвæгæсæджы тыххæй радтой — уый дæр мын цалырдæмты хъуамæ аххæсса. Ацы фосы муртæй дæр цы пайда уынын, сæ холладжы аргъ не сты. Афтæмæй мæ хъиутæ хæрын. Искæмæ фæцæуын дæр ма мæ цахъæнæн кæм фидауы. Ныр сонт чындзытæм дæр зулдзæстæй куы кæсынц, уæд цæттæ бинонтæ мæн цингæнгæ кæм сæфсин кæндзысты сæ нæргæ хæдзары. Фæлæ уæддæр ахъуыды кæнон. Фенон. Абарон. Лæгтæ агуырдтой бæлвырддæр дзуапп. Уыи та дзурын нал фæндыд. Дзурын æй фæндыд уазæгимæ, æрмæст æндæр истæуыл. Фæндыди йæ, уазæг æй куы бафарстаид йæ царды хабæрттæй, йæ мойæ, йæ сабийы дзæгъæлы уæзæджы къæйыл цæмæн ныууагъта, æппæт уыдæттæй, фæлæ уазæджы уый царды хабæрттæ иттæг не 'ндæвтой, æмæ йæм иучысыл йæ зæрдæ фæхъæбæр. Зын ын уыди, хионы зæрдæ кæмæ бадардта, уый дæр ын йæ хъысмæтмæ ахæм; уæлагхох .цæстæй кæй ракаст. Уыдон ын фæхатыдтой йæ уазал цæстæнгас, æмæ сæ ныхæстæ балхынцъ кодтой. “Фендзынæн, ахъуыды кæндзынæн”. — Ахæм дзуаппимæ рарвыста йæ уазджыты. 5 Уазджыты рахизын кодта кæрты онг. Уым ын уазæг йæ къух райста, æмæ афтæ: — Цы чысыл дæ азыдтон, уымæй дæр дæм бадардтон мады зæрдæ, æмæ мын дæ уавæр зын у. Мæн уый фæнды, цæмæй дæуæн дæр фæцондæр уа. Дæхæдæн æгъдауджын адæймаг дæ, алцы дæр бæстон абар. Æрцу махмæ дæр. Фен нын нæ цард. Стæй дæ, куыд фæнды, афтæ бакæндзынæ. Æмæ ацыдысты. Уый дæр хæдзармæ баздæхинаг уыд, фæлæ йæ зæрдæ нал фæлæууыд: цæуыл та дам-дум кæнынц нæ хъæуы сылтæ? Сæ цурмæ йæхи байста. Уыдонæй йæ фыдгой чи . кодта, уыдон сæхи æрцæттæ кодтой тох цæнынмæ, сæ цæстытæ æрттывтой, ома, кæд нæ ныхæстæ дæ хъустыл æрцыдысты, уæд мах цæттæ стæм æргом ныхасмæ дæр. Уымæн уыдæттæ йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыдысты: базыдта йæ, ныртæккæ дæр ма йæ фыдгой кодтой — йæ бацыдæй æгæр ныхъхъус сты, ничиуал сæ ницы дзырдта, фæлæ ахæмтæ ницæмæуал дардта, сахуыр сыл ис. — Исты хабар æрцыд, куыд хъусæй лæуут? — йæхи сыл барджын кодта йæ уæгъдибар уагæй. Уыдон сæхи бакъултæ кодтой: — Мæнæ æвдæлон ныхæстæ кæнæм. Зыдта йæ, ныртæккæ йæ æрфæрсдзысты йæ уазæгæй, æмæ йæхæдæг фæраздæр: — Уазджытæ мæм уыдис, æмæ уыдонимæ бадыныл фæдæн. Мæ куыстытæ æнæкондæй баззадысты. —Чи дын уыди, чи, уыцы уазæг?—бафарстой йæ. — Чатрийы сиахсы хъæуккаг. Уыдон бацымыдис сты. —Æмæ йæ цы хъуыди? Ам йæхи фæпарахатзæрдæ кодта: — Сæ мæрдтæ мæ куыдз бахæрæнт. Чызгæй дæр мыл уыйбæрц дзурджытæ нæ уыди, гъеныр мыл куыд сзæрде сты! Курæг мæм æрцыди. — Уыцы æвзонг лæг? — бадис кодтой. — Уе 'гæрыл, — æцæгæйдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыди сæ ныхас, — уый хъæбулы хуызæн куы уыд. Йæ фыды тыххæй æрцыд. —Æмæ? —Цы сын хъуамæ загътаин, нæ зонын. Джерджийы мæгуыр хæдзар дæр, сындзæхгæдæй куыд ныууадзон. Хъæуы зæронддæр ус ыл йæ къухтæ сцагъта: —Æдылы ма у. Дæ зæры бонты мæт бакæн. — Цы равзар-бавзар кæныс? — худтис ыл Егнаты идæдз, — чи дыл дзуры, уый фæдыл ацу. Худтысты йыл. Уымæ та устыты фыдаудæнæй здæхти йæ уæгъдибар царды æнæфсарм — æрдæбон уазæджы цур кæмæй æфсæрмы кодта: — Бынбауай, — загъта йын, — æз ма кæйдæрты уæддæр хъæуын. — Дæ ранмæ æрхаудтæ, — бахудтис ыл уый. — Æз кæй тыххæй æрхаудтæн, уый мæрдты авддæлæмæ ныххауæд, — ралгъыста карзæй. Æлгъыст Егнаты идæдзмæ хауди: — Ныууадз ма уыцы рухсыбадинаджы,—батызмæги.—Ды дæ сывæллоны кæмдæр гуыбыны хæлцыл ныууæй кодтай, æмæ дзы мæгуыр лæг та кæм фæаххосджын? — Уæд гуыбындзæлæй æрцæуæд дæ мæлæт. — Оммен. — Цæрæнбонты ма кæрæдзи хъуын-хъис ма хæрут, — Егнаты идæдзыл сбустæ кодта зæронд ус, стæй, йе 'рдæм раздæхт.— Цавæр хæдзар у? Цавæр бинонтæ сты? —Мæхиау иунæгæй цæры,—загъта æвæндонæй,— ацы лæппу йын ис, æмæ уый дæр æд ус, æд зæнæг Чъребайы цæры. — Цы хуынди дæ уазæг? — фыдаудæн фарст æй акодта Егнаты идæдз. Уымæй байрохи йæ уазфджы ком, нæ йæ бахъуыды кодта. Фæлæ йæ сæрмæ нæ бахаста, йæ уазæджы ном дзы кæй ферох, уый схъæр кæнын: — Доме, — абадти йе 'взаджы цъуппыл. Доме йæ сæфт сывæллоны ном уыди. Æгнаты идæдз мæстæймарæн кодта: — Чатрийы ус афтæ, ай дæр, дам, йæхи фырт нæу, æрхæссæггаг, дам, у. Йæ зæрдæ йын цыдæр фæцагайдта: —Æрхæссæггаг, дам, у? — Гъо. 6 Хъæуы чысыл фиййæуттæ, тай-тайгæнгæ, æрхæццæ сты: хъæууынгтæ æмбу кодтой хъуццыты уастæй, фысты бæгъ-бæгъæй, сæныччыты дæргъвæтин мехъытæй. Сыхæгты куыйтæ знæтæй рæйдтой сыхæгты стуртыл. Хъомыздахджытæ хъæрæй æлгъыстой æгоммæгæс фосы. Хуры цæст бæрзæндтыл дæр æрмынæг, æмæ устытæ апырх сты сæ изæры зылдтытæм. Уый дæр æхсæр уистæй æмбонд кæрты бакодта йæ дыгæрдыджы. Бакодта йæ фысты дæр. Хъуг никуыцæй-ма зынд. Æвæццæгæн та йæ, хъæуы мæлинæгтæ барæй фæхицæн кодтой, асырдтой йæ уыгæрдæнтæм, йе кæрдоджынтæм. Ацафон арс арæх вæййы. Йæ уæхсчытыл къандзолы зæронд æрбауæлæфтау кодта, æмæ йæ хъуг агурæг ацыд. Хъæуы сæрмæ нæма схæццæ, афтæ æрыхъуыста фидисы зарæг: “Матрона, Матрона, Кæм хæтыдтæ, Матрона?” “Лæг агурæг фæцыдтæн”. “Æнæлæгæй æрцыдтæ?” “Усагурæг мæгуыртæй бирæ 'рцахстон æнгуыртæй. Кодтой-иу мыл тыгуыртæ, Æрцыдтæн уæм тындтытæй”. “Ехх, Матрона, Матррна, Дæхи ныммар дæ ронæй”. Æвæццæгæн, абон фиййау чи уыд, уыцы сывæллæттæй исчи у. Нæма æрхæццæ сты, афтæ сын сæ хъусты ацагътой, курджытæ йæм кæй æрцыд. “Сыджыт дын ахгæнæт уыцы дзых, — æлгъыста йæ карзæй. —Уыцы дзых дæ ahmnmr{ сæфты хъæргæнæг фæуæд”. Уыцы зарæг ыл раджы æрымысыдысты. Иухатт Цупылимæ сæ хабар куы рахъæр, уый фæстæ. Уæддæр йæ мойы аххос уыди. Мæрдтыкъæй фæуæд. Моймæ фæцæуыны размæ дæр Цупылмæ хъæрмзæрдæ хаста. Цупыл йæ цæгаты хъæуккаг хæрæфырт у. Гъе, æмæ иухатт, хосыссивæнты рæстæджы, сусæгæй лæппуйы æфцæггты æнæхъæн дурыны дзаг дон айдзæгъта. Уый йæм фæгæпп кодта, æрсырдта йæ. Рагъыл ссывтой хос. Уырдыджы йæ не 'рæййæфта, фæлæ йæ лæнкауы рацахста. Йæхи тонгæ-тонын ахаудтой уыгæсыл. Лæппу галиу уыди, уыгæсы æхсæн æй æрмыдул кодта. Уæды онг ыл нæлгоймаджы къух никуы аныдзæвд, æмæ бауадзыггонд. Хорз уыд, æмæ лæппу йæхæдæг йæхи æрæмбæрста, æндæра йæ чызгон уавджы нал фæцыдаид моймæ. Уæддæр уыцы минуттæ бадардта йæ зæрдыл. Моймæ куы фæцыд, уæд дзы байрох сты. Фæлæ — рæстæгмæ. Йæ мой, мæгуыр, хæстæй къодахы лыггаджы хуызæнæй æрцыд, йæ астæуыл нал лæууыд. Йæ уат никуы систа. Йæхи-иу дзæбæх куы хатыд, уæд искуыдæй-искуыдмæ искæйты æххуысæй тыргъмæ рахылдаид. Стæи хатт-иу дæларм лæдзджыты æххуысæй дæр сарæзта цалдæр къахдзæфы. Æмæ та йæ зæрдæ схъеллауаг: куыд цæрдзæни, цардæмбалæн чи нæ уал бæззы, ахæм лæгимæ? Быхста иу аз, дыууæ, æртæ, цыппар... Цас хъуамæ фæбыхстаид йæ тæккæ тугфыцæны? йæ буар рынчын кодта, йæ цармы бын цавæрдæр æнахуыр дадзинтæ нæрстысты æнахуыр низæй, хордтой йын йæ буар, æвдæрзтой йæ; иуæй-иутæн æхцон дæргъвæтин хъыдзыгæнгæ куыд æрцæуы сæ адзал, афтæ уымæн дæр йæ буар, æхсызгон æлхысчъытæгæнгæ, йæхимидæг рæсыди, хæлди. Хаттæй-хатт иу цавæрдæр хъарм лæсæн лæсти йе стджыты гакъæтты, нымбырд-иу ис йе 'нгуылдзты зæрдæты, æмæ-иу, йе 'нгуылдзтæ кæрæдзийыл адаугæ, фæцæйуадзыг кодта. йæхæдæг бæргæ хорз зыдта: æппæт уыцы низтæн сæ аххосаг, фæлæ... Йæ мой та, мæгуыр, йæ сæр æмæ ма йæ гуыр цы змæлыдысты, æндæр астæуæй дæлæмæ æрдæгхуыскъ уыди — æрдæгудæгас, æрдæгмард буар. Уыцы рæстæджы сæм фæзынд Цупыл. Æвзистгопп саргъ уæййаг сæм уыди, æмæ уый æлхæнынмæ æрцыд. Йæ мойæн хæсты бынтондæр фехæлдысты йæ нуæрттæ, чысыл хъæлæба дæр йæ бон быхсын нæ уыд, æмæ уый дæр уазæгæн къæбæр æрæвæрдта къæбицы. Лæг дæр ма йæм, æвæццæгæн, хъарм зæрдæ хаста, сæ цæстытæ-иу кæрæдзийыл амбæлдысты, сæ цæстыты-иу ссыгъдысты æмбарынгæнæн æртытæ. Æмæ та уæд йæ зæрдыл æрлæууыдысты иухатты адджын минуттæ. Къæбицы бандон нæ уыди, Цупыл тæрхæгыл бадт, æмæ уый дæр тæрхæгыл йæ цуры æрбадт. — Ама, ды дæр дзы иу аназ, — хатыди йæм лæг. Уый нæ бакуымдта нуазæн. —Уæдæ лæгтыл уынгæджы бон ис,—хынджылæг кодта Цупыл, хъазгæмхасæн ын иу къухæй фæхæцыд йе уæнтыл, æмæ йын сыкъа йæ былтыл сдардта. Нæлгоймаджы къухы аныдзæвдæй йæ цæстытæ атартæ сты. Лæгты цæстæй та ахæмТæ нæ ирвæзы — йæ цæстытæ байгом кæнынмæ нал фæхъæцыд, ныпъпъа йын кодта йæ уымæл былтæн. Нæлгоймаджы узæлд æрмæстдæр цалдæр мæйы чи бавзæрста, стæй дзы цалдæразы цухæй чи аззад, уыцы сылыстæгмæ куыд нæ уыдаид райстбавæрд рæвдыдтæ; зæххон цинтæ лæдæрстысты йæ дадзинты, йе 'мбæхст низты цæуæнтæ фæкъæртт сты, æмæ рæдывтой, æддæмæ, бæстæ йыл худти къуырмагæнæн хъæлæсæй, куыдтой йыл дун-дунейы хъæлæстæ, куыдта йæ уды рæбыны æмкъайы иузæрдыг — æппæт дæр ын сæвдылди цин æмæ масты, æппæт дæр ын зилахар кодта расыджы рог тæхæнты, æмæ йыл уарыди бæзджын сыгъзæрин къæвда. Æмæ уыди амондджын... Афтæмæй сæ æрбаййæфта йæ мой. йæ хуыссæнæй уæлæмæ чи нæ стад, дæларм лæдзджыты æххуысæй тыргъы онг дæр цалдæр азы чи нæ уал рахылд, ууыл уæд базыртæ базад, сыстад .йæ уатæй, æнæсымæй æрхызти асинтыл, æнæсымæй смидæг къæбицы. Дуары хъæрмæ фыццаг æрæмбæрста йæхи Цупыл — уыцыиу сæррæттæн Джерджийы иувæрсты .алиуырдта æддæмæ. Матронайыл нырма уыцы бæзджын сыгъзæрин къæвда уарыд, æмæ не 'мбæрста, цы 'рцыди. Йæ мойы богъмæ æрчъицыдта, расхъиудта тæрхæгæй, йæхи аппæрста дуарæрдæм. Æмæ федта æнахуыр ныв: хъæууынгты, йæ ронуагъд хæлафыл хæцгæ, лыгъди Цупыл. Йæ фæстæ дæларм лæдзджытимæ тырныдта Джерджи, æмæ, æрвнæрæгау, нæрыд йæ хъæрахст. Хъæубæстæ чысылæй, стырæй æддæмæ ракалдысты. Кастысты сæм æмæ ницы æмбæрстой, Цупыл, йæ хæлафыл хæцгæ, кæдæм лидзы? Гъе, Джерджи ахæм дугъоцæй кæд басгуыхт, йæ уат уæлæмæ куы нæ иста? Æвæццæгæн афтæ банхъæлдтой: кæмдæр уæларвæй цыдæр диссаг æрхауд, æмæ дыууæ лæджы уырдæм лидзынц— æнæхъæн хъæубæстæ сæ фæстæ ныххæррæтт кодтой, æвзæнгтæй чидæртæ байæфта Джерджийы, фæстейæ йæ фæуагътой, фæстейæ фæуагътой Цупылы дæр, æмæ лыгъ.дысты размæ, кæдæмдæр: иукъахыг Егнат дæр, йæ амондскæнæджы æлгъитгæ, тырныдта йе фæстæ. Фæсхъæу, пыхсбынты Цупыл дæлæмæ фæуырдыг кодта, æмæ та йæ Джерджи цыдæр дæрзæг ныхæстæй нылгъыста. Ацæргæтæ, æвæццæгæн, хъуыддагæн цыдæртæ бамбæрстой — амбырд сты Джерджийы алыварс. Уый зæххыл дæлгоммæ хаудæй богъ-богъ кодта. Сывæллæттæ дæр хабар æрхымпырдтой, фæндаджы былыл слæууыдысты æмæ, Дупылыл фæстейæ тай-тайгæнгæ, къуыззитт кодтой: — Хе-хе! Уæлæ æнцай, хе! —Ссы, Корис, ссы, ссы!—ссилæг сты се 'ппæт дæр. Хъæуы лæгтæ Джердæййы дæлæрмтты бацыдысты æмæ йæ сцæйкодтой. Уый богъ-богъ кодта, йæхи тыдта: — Ауадзут мæ! Хæдзарсæфт сæ хъуамæ фæкæнон! Хъырттызмæлæг 'сæ куыднæуал баззайа! Устытæ бæллæх æнхъæлцау катæйттæ кодтой. Бирæтæ дзы Джерджийы тæригъæдæй кæугæ дæр скодта — сæ кæлмæрзæнты къабæзтæй сæрфтой сæ цæссыгтæ. Иннæтæ сивылдысты сæ хæдзарæрдæм. Иукъахыг Егнатыл хуртæ ракаст: — Æгъи! — сзилæг кодта йæ иунæг къах, — мæ цæстыдзаг уын куыд федтон. Джерджи йæ æрыхъуыста. Лæгты къухæй йæхи рæдывта: — Куыдз, иукъахыг куыдз! — фырмæстæй ницæмæуал арæхст йе 'взаг. — Куыдз чи у, уый усы цурæй адæмы лæгтæ æнæхæлафæй лидзынц, — фидис ын кодта. Хъæубæстæ Егнатыл сæхи сцагътой æмæ уый дæр, хъуыр-хъуыргæнгæ ныууагъта йæ загъд. Уæды онг дзы, æвæццæгæн, рох уыд. —Кæм ис, кæ, уыцы бынызад гацца!—йæхи тыдта . хæдзармæ. Лæгтæ йын хæдзары æнхъæл уыдысты, æмæ лæджы нæ уагътой. Уæдмæ устытæ бамбарын кодтой лæгтæн, кæй йæ никуы арынц. Ныр та уымæн фæтарстысты. Æвæццæгæн, ахъуыды кодтой: йæхи æрцауыгъта. Чындзытæй чидæртæ хъæрæй скуыдтой. Йæ мой сæ. æрыхъуыста: — Уый кæуинаг нæу! Кæугæ адæймаджы мардыл фæкæнынц! Уый та гадза бирæгъ уыди! Мæ бындары мын гуыбыны хæлцыл ныууæй кодта, æз та ма йыл æууæндгæ кодтон. Æз та ма мæ сыхæгты уый тыххæй цагьтон. Ныр та мын мæ хæдзарæй хæзгулдон сарæзта. Уæддæр йæ хъус дардта адæмы змæлдмæ, уæддæр æй, æвæццæгæн, æндæвта — мард у æви удæгас баззади? Уый фæхатыд сыхæгты рудзынгæй кæсгæ, æмæ чысыл йе 'муд æрцыд, цыдæр ныфс дзы бацыд. Зæронд ус сылгоймæгтæн куы бамбарын кодта, уыдонмæ кæй ис, æмæ хъæубæсты хархаса куы æрнымæгдæр, уæд цыма уымæн дæр фенцондæр, афтæ фæфиппайдта. Мæгуырæг, сывæллон йæ мады куыд уарзы, афтæ йыл фæцайдагь. Цупылы худ къæбицы баззад. Сывæллæттæ йæ, сæ къахæй къуырттытæгæнгæ, тылдтой хъæууынджы. Джерджи сæ æруыдта. Кæсдæр сабитæй кæмæндæр худ фаджысæй байдзаг кæнын кодта, æмæ йæ æрцауыгъта фаджысы михыл. — Уый чи райса, уымæн афтæ йедзагæй лæууæд йæ мæрдты раз,—карзæй ралгъыста Джерджи. Уыцы ми йæ чысыл æрсабыр кодта. Фæстæдæр куы бафидыдтой — цы æнæбафидаугæ йын уыди, чи йæм кастаид хуыссæнуатмæ, стæй йыл æвзагæй дæр фæтых, тыхми мын кодта, зæгьгæ; æфсонæн Цупылыл хъæусоветмæ дæр бахъаст кодта, фæлæ хъуыддæгтæ куы 'рнывыл сты, уæд йæ хъаст фæстæмæ райста—гъе æмæ куы бафидыдтой, уæддæр Цупылы худ фаджысы михæй райсын нæ бауагъта йæ мой. Æмæ лæзæрди худ фаджысы михыл, цалынмæ йæ Цупыл иу æхсæвыгон йæхæдæг нæ адавта, уæдмæ. 7 Хъуыдытыл фæци, æмæ æгæр дардмæ радзæгъæл. Йæ хъуг никуыцæй зынд. Мæй, мигъты 'хсæн цы сакъадах аззад, уырдыгæй æрттывта, мæйрухс къуылдымтыл тæмæнтæ калдта; бонрухсау уыди, æмæ йæ 'хсæв нырма иттæгнæ тæрсын кодта— азылди хъæдгæрæтты, кæрдоджынты, фæлæ йæ хъуг койсæфт баци. Мæстджынæй раздæхт фæстæмæ. Хъæумæ йæ нырма дзæвгар ацæуын хъуыд, афтæ мæй мигъы бацыд, бæзджын мигъы, æмæ талынг зæххыл æмхауд æркодта — мæстæгæй, хъуынтъызæй. Тарæй калди зæрдæхсайгæ тас, æмæ-иу йæ зæрдæ бауынгæг; уыцы фидисы зарæг æй хъуыдытыл фæкодта, æндæра кæдæм хаудта афтæ дард. Чъылдымæрдыгæй йæм цыдæр хъавæг кæй ис, уыцы тасыл гуырысхогæнгæ, тырныдта хæдзармæ. Æхсæвы хъуыртхъом æм фæстæрдыгæй нæ фæлæбурдта, фæлæ æрлæууыди йæ развæндагыл, æрæхгæдта йын йæ фæндаг — рагъмæ йæ бирæ нал хъуыди, уæд æм хъæу разындаид, фæлæ йæ бынатæй феккуырсын нал уæндыд—йæхицæй иу-цасдæр æддæдæр йæ разы бабадг æнагъæттаджы æхсæвидар, æмæ йæм æнхъæлмæ касти. Фыртæсæй йæ мидбынат æрхауæгау кодта. Æхсæвы хъуыртхъом талынджы талынгдæр гæппæлæй змæлыди, хыр-хыр кодта, фæлæ уыйæрдæм нæ тырныдта, цыма къæбæлмæ баст уыди, æмæ йæ рæхыс атонын нæ фæрæзта гъе та йын афтæ дзырдта: кæдæм мын ирвæзыс, амæстæй уал дæ марон, ахъазон дæ, стæй мææ нæ уыдзынæ. Ницы йын æвзæрста, йæ бон базонын нæ уыд — сырд у, æви æнæзæгъинаг. Зыр-зыргæнгæ, æнхъæлмæ касти æнæнхъæлæджы фыдбылызы кæронмæ. Мæсты кодта йæхимæ, исты цыргъаг кæй нæ рахаста, гъе, сыхæгты куыдзы йемæ кæй нæ ракодта. — Гъы-ы-ы,—хъæрзыди æхсæвы хъуыртхъом. Сыхæгты куыдзы йемæ кæй нæ ракодта, уый тыххæй та йæхимæ куы бамæстджын, уæд æм æрцыди диссаджы хъуыды! Уæддæр .сæфт æмæ сæфт — кæд сырд у, уæд æй, чизоны, фæтæрсын кæнон, зæгъгæ, йæхи батызмæг кодта: — Æу-у! — куыдзы хъæлæс сфæзмæгау ыл схъæр” кодта ус. Уæдмæ та мæй мигъты æхсæнæй разынд. Мæйрухс куыд тыхджын кодта, афтæ уый дæр цадæггай æвзæрста, уыцы æхсæвидар сырд нæ, фæлæ адæймаг кæй у. Æххæст ыл не 'ууæндыд, фæлæ мæйы рухсæй ныфсджын кодта, æмæ йæм бацыд. Уый разынд Фæсрагъы хъæуккаг расыггæнаг. — Ай Бага куы дæ, уæд ам цы архайыс? — афарста йæ. — Гъы-ы,— нæтыди уый æмæ йæ артæнбынтæ калдта. — Марг баназ, марг, чи дæ амара, уый,—æлгъыста йæ, йæхимидæг та цин кодта, цыма йæ æцæгæйдæр. сырдтæ хордтой æмæ афтæмæй февзæрд йæ уæлхъус ацы къупри. — Цы быгъдулæг кæныс ам? — хæрдмæ ивæзта лæджы цонг,—сыст æмæ уæхимæ ацу. — Матрона, — багуым-гуым кодта уый æмæ йæм æвнæлдта къухæй. — Дæ туг фæкал, — атъæпп! кодта расыг лæджы, æмæ йæхицæй разыгондæй рацыд хæдзармæ. 8 Сæ кæрты дуармæ æрæййæфта йæ хъуджы. Хъуг, цыма йæ азым зыдта, уыйау æм йæ сæр разылдта æмæ йæм тæригъæддаг хъæлæсæй бауасыд: — Му-у-у. Дзæбæх фæнæминаг æй уыди, фæлæ йын уыцы æнæбон уастæй йæ зæрдæ балхæдта, фæтæригьæд ын кодта бауагъта йæ кæртмæ, æмæ йæм дуцынмæ куы рацыд, уæд ма йын кæрдзыны къæбæр дæр йемæ рахаста. Хъуг дуцын æм искæй буармæ æвналæгау касти: резинæ портийы хуызæн дымст фæздон хъыррыст кодта йе 'нгуылдзты 'хсæн, цæмæйдæрты йын мысын кодта йæ чызгон буары, хъæддых æмæ нуарджын чи уыд, æддæмæ- иу знæтæй чи тыдта, уыцы чызгон буары; уыйхыгъд хъуджы дæрзæг æмæ ихсыд фæдджытæ та йæ уырзты æхсæн æнкъардта зæронд усы цармау — хус æмæ æмпылдæй, дæрдджын æмæ æнхъырдтæй. Аджы, æхсыры уæлæ, хъазыди мæйрухс. Фæдджытæй кæлæг дыууæ цыхцырæджы сæ иумæ хæццæ кодтой: мæйрухс тади æхсыры мидæг, æхсыр бæзджын кодта мæйы сыгъзæрин рухсæй, æмæ уыцы æгъуыстаджы змæсты тæф дзæнæтон хуыз лæвæрдта æхсæвæн. Дыгъд куы фæци, уæд хæдзармæ рацыд. Фырфæладæй цырагъ ссудзынмæ базивæг кодта, æмæ тыргъы бандоныл йæхи æруагъта. йе уæнгтæ рыстысты. Хъæубæсты хæдзæртты сыгъдысты рухсытæ; нæ, уыдон канд рухсытæ нæ уыдысты, уый сæ царды-тæф калди, хъарм царды тæф—алы къуымы дæр дзы змæлыди бинонты адджындзинад, алы къуымы дæр хъæрмуд бинонтæ, хъæрмуд цард æрвитгæйæ, æнхъæлмæ кастысты цæмæдæр: хионы, гъе æддагоны фæзындмæ. Хорз у, адæймаг искæмæ куы фенхъæлмæ кæсы, искæй фæзындмæ æнхъæлцау куы вæййы; æнхъæлмæкæсæгæн алыхатт дæр бæрæгбоны чем вæййы, йæ уд æрвылуысмон хъуыдытæй ссыгъдагг вæййы, цыма йæм раст хуыцауы минæвар бадардта йæ сæр, цыма цæрæнбонты кургæхæрзты уарыны бон ныллæудзæн. Хорз у бæргæ искæмгр æнхъæлмæ кæсын! Æрцæуинаг дæр дæм мачи уæд, уæддæр зон: исчи дæм фæзындзæн. Уый та кæмæ æнхъæлмæ кæсы? Чи йын ис хицоны сæраппонд? Кæй æнæнхъæлæджы фæзындыл бадара йæ зæрдæ? Никæй. Никæмæ æнхъæлмæ кæсы. Æрмæстдæр даргъ æхсæвы æгъуыссæгмæ, æрмæстдæр иунæджы уатмæ — ивгъуыды æндæргтæ кæм фæцоппай кæнынц, сæ уынæрæй йын йæ уд йæ хъуырмæ чи скæны. Йæ хæдзар ссис æндæргты цоппайгæнæн, аууæтты ЦæреВнуат. Æви йæхæдæг дæр батади, баруади, æмæ дзы аууонæй дарддæр ницыуал баззад, æви йæхæдæг дæр уæлмæрды дурæй хъауджыдæр ницыуал у — уæлмæр-ды дур, йæ быны сау мæры цы хырыз стæгдар хуыссы, уый дæр кæддæр удæгас адæймаг кæй уыди, уый æвдисæн, Æвдисæн?.. Адæймаг кæддæр кæй царди, уымæн дæр æй æвдисæн хъæуы—дурцырт; адæймаг исты хорздзинад куы сараза, йæ цæргæйæ, уæддæр ын хъуамæ æнæмæнг æвдисæн уа, науæд никæй хъæуы уыцы хорз, науæд адæймагыл, ничи баууæнддзæн. Æви адæм æрмæстдæр уый тыххæй цæрынц, цæмæй кæрæдзилæн æвдисæнтæ уой, цæмæй кæрæдзи цæстмæ аразой сæ митæ? Æмæ æнæвдисæнæй иу хъуыддаг дæр—нæ! Уæд æрмæст стыр хуыцауы хъуыддæгтæн нæй æвдисæн, æмæ ууыл, дæр, æвæццæгæн, уымæн нал æууæндынц. Хъæуы, æвæццæгæн, алы къахдзæфæн дæр æвдисæнтæ. Уый та сæ нæ кодта. Егнаты азарæй фервæзын кодта йæ иунæг хъæбулы æнæ æвдисæнæй, æмæ йыл адæм адау кодтой, йæ сывæллоны, дам, гуыбыны хæлцыл ныууæй кодта. Цы у уый, цы? Цы у царды зынаргъдæр? Адæмы уæлæнгай æууæнк? Кæд миййаг хи уды рæстдзинад, уый номæи адæмы цæстмæдарæн дæр куыд ницæмæ дарай, адæмы худинаджы гаккæн дæр кæм быхсай, искуы дын дæ хорз бамбарой, æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ? Кæд миййаг адæм сæ кæрæдзи тасæй дæр сæ удыхъæд раргом кæнын нал уæндынц, æмæ бæрæг нал у: чи сæ у хорз, æвзæр, къахбай, æдылы... кæрæдзи тасæй цæрынц кæнгæ удыхъæды, æцæгæлон удыхъæды. Хъæубæсты хæдзæртты сыгъдысты рухсытæ. Цард сæ хъазыди йæ алы хуызты. Устытæ сæ лæгты раз цæстмæмитæ кодтой, сæ сывæллæттæ фæлвæрдтой сæ хисдæрты фæзмыныл, цæмæй сæм исты афтид æппæлæн ныхас æрхауа. Æддейæ та сыл æрфæлдæхт тар йе 'ппæт тызмæг æнгасы, æнæрмдзæфæй, йæ хъæддаг конды. Сыхæгты къæбыла тарсти æхсæвы хъуынтъызæй, æмæ рæйдта йæ уды рæбынæй. Уый рæйынмæ иннæ куыйтæ дæр къæу-къæу кодтой алырдыгæй. Уымæн дæр йæ зæрдыл æрлæууыд, къахыры сæрмæ Багайæ куыд фæтарст. Сæ дыккагхæдзæртты къæбыла йæм йæхиау æнамонд фæкаст, æмæ йæ афæзмыдта. 9 Хуыссæнуаты куыддæр йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдта, афтæ йæм йæ хатæны цоппайгæнæг æндæргтæй йæхи раргом кодта йæ фырты хуыз. Хæдзары тæккæ астæу слæууыд, йæ цæстыты æнхъызтысты йе знæт цæссыгтæ. Цæссыгтæ нæ калдысты йæ рустыл, фæлæ, зилгæ хуыдымау, зилахар кодтой йæ цæстыты къуырфыты, афтæмæй йæ фарста: “Цæмæн мæ ныууæй кодтай гуыбыны хæлцыл, цæмæн?” “Хъæбул, — дзырдта йæм, — ды дæр адæмы ныхæстыл баууæндыдтæ? Æви дæ мæхицæй кæй аскъуыдтон, цæмæй удæгас баззайай, уый тыххæй дæу дæр æвдисæн хъæуы? “О, о! Æвдисæн! — рыхыди. —Бирæгъ дæр ма йæ лæппыны куы нæ- баивдзæн стонджы амалæн, уæд мæ ды цæмæн ныууæй кодтай гуыбыны хæлцыл?” “Хъæбул, хъæбул, — дзырдта йæм, — кæд ма дæ мадыл дæр не 'ууæндыс, уæд цавæр æвдисæныл баууæнддзынæ?” “Мад? Цавæр мад?” “Дæ царды тыххæй уыйбæрц тых кæмæ разынди, æмæ дæ йæхицæй чи аскъуыдта, адæмы астæу дæ дзæгъæлæй чи ныууагъта, цæмæй цардаис, цæмæй дæм дæ марæджы къух ма баххæссыдаид. Мады ныхæсты та ма мады зæрдæйæ дарддæр цæй æвдисæн хъæуы, хъæбул. Хъуыды ма кæныс, дæу ацы хæдзарæй куы кодтон, цæмæй дæ æцаггæлон адæмы астæу фæдзæгъæл кодтаин, уæд нæ хæдзары къул сыджытæй ног куы рацагътон? Бакæс-ма уыцы къулмæ, хъæбул: дæ гыццыл гуккытæ дын ногсæрст къулмæ куы æлхъивын кодтон, цæмæй дæ къухы фæдтæ уæддæр баззадаиккой мæ афтид хæдзары; бакæс-ма, хъæбул, ныры онг дæр дæ чысыл гуккыты арф фæдтæ куыд бæрæгæй зынынц. Хæдзары къултæ чъырæй куы рацæгъдын, уæддæр уыдон сахурын куы никуы бауарзта маа цæст, æмæ мæм цæрæнбонты 'сау æндæргтæй æртхъирæн куы кæнынц. Ды та, дæ фæхъау, фаæуон, худæгæй куы мардтæ, дæ дзуары гуккытæй куынæуал ауæрстай къулыл фæдтæ кæнын, мæнæй та мæ зæрдæ фæрчытæ куы хаудта, фæлæ цæмæй ды хъæлдзæг уай, уый тыххæй кæуын дæр куынæуал бауæндыдтæн. Бакæс-ма ноджы уыцы къулмæ, хъæбул, дæ рæз мын кæййонг схастай, уый нысан дæр уым куы баззади: къулгæрон дæ слæууын кодтон, мæхи цæст нæ бауарзта дæу къулмæ фæнысан кæнын, æмæ дын дæхицæн куы загъ-тон, зæгъын ма къулмæ дæ сæр тынг балхъив, æмæ дзы дæ сæры ныв фенай. Сыджыты муртæй дæ сæрыл цы аззад, уыдон дын сæрвасæнæй куы ныффастон æмæ сæ хæ-цъилы куы батыхтйн. Дæ разы ма скъаппы дуар байгом кæн, æмæ уырдыгæй хъæдын чырын райс. Уыцы сыджыты муртæ нырма дæр уым куы сты, хъæбул, ныры онг дæр мын дæ сæрыхъуынты ад куы хæссынц, хъæбул. Фен ма ноджыдæр уыцы чырыны, дæ пысултæй мын чи баззад, уыдон иууылдæр уым куы сты: æхсинаг дзы чи уыд, уыдон æхсгæ дæр куы нæ ныккодтон, дæ хиды тæф сæ дæ. мады зæрдæйæн куы нæма байсыст; дæ цыбыр хæлафы дæ доны хуыпп аирвæзт, æмæ мæм ныры онг дæр царды уыцы тæфæй хуыздæр куы ницыма ракалд. Фен, хъæбул, фен, мады зæрдæйы рæбинæгты. Ды мын уыцы бон зæххыл дæр куынæуал лæууыдтæ, кæдæмдæр, дам, цæуæм, мæнæн та мæ сæрыл тугтæ куы уарыд; ды мын æрхъæцмæ дæр нал лæууыдтæ, мæнæн та ацæуын куы нæ 'нтыст, зæгъын ма мын алы бæлас, алы дурмæ дæ куы февналис, цæмæй дæ уыдонæн дæр бафæдзæхсон, æмæ дын хорз фæндаджы арфæ ракæной. Нæ хъæуы дæттæй дын алкæмæй дæр куы нуазын кодтон, кæд, зæгъын, дын царды хос фестиккой; нæ дзуары бæлæсты сыфтæртæй дын дæ дзабырты куы нывæрдтон, кæд, зæгъын, дын нæ бæсты дзуæрттæ раарфæ кæниккой. Хъуыды ма кæныс, хъæбул, æцæгæлон ранмæ куы 'рцыдыстæм, уæд мын ды æппæтмæ дæр дæхи куы ивæзтай; мæ чысыл муртæй дын фæстаджы лæггæдтæ куы кодтон, æмæ мæ къухы куы ницыуал уыд, уæд мæ къухыфыдтæ дæндагæй куы хордтон. Дæ фыды лæвар кæлмæрзæн мыл уыд, уый дын сырхфистонджын хырынкъайыл куы баивтон. Автобустæм бирæ адæм кæм æнхъæлмæ каст, уым дæ бандоныл, фынæйгæнгæйæ куы ныууагътон, уæд мæ зæрдæ куыд нæ аскъуыди. Дæ фынæй улæфт мæ фæстейæ куы сырдта, фæрсгæ мæ куы кодта, тагъд æрбаздæх-дзынæн, уымæй. “Тагъд æрбаздæхдзынæн, цард дын фестон”—мæ лидзгæ цыдæйдын афтæ куы дзырдтон. Цæмæй дæм фæстæмæ ма раздæхтаин, уый тыххæй æнæ-зонгæ хъæуы автобусыл куы абадтæн, æмæ цалдæр боны дзæгъæл куы цыдтæн кæйдæр хъæууынгты, цæмæй, зæгъын, хъæубæстæ афтæ фенхъæлой, фæсхохы уыдтæн, кæд, зæгъын, Егнаты сырд дæ фæстæ нал цуан кæнид, агъуыд сырдау. “Цы кодтон Егнатæн, цы?” — куыдта саби. “Кæд дæ ферох ис, — йæ зонын дын ницы пайда у. Уадз æмæ æдыхстзæрдæ уай, хъæбул”. “Сайыс, сайыс! Цæмæннæ фæцыдыстæм иумæ дард ранмæ, Егнаты къух нæм кæдæм нæ баххæстаид. Уым цардаиккам иумæ. Фæлæ ды сайгæ кæныс”. “Нæ сайын, хъæбул. Нæ мыл баууæнддзынæ, уый дæр зонын. Фæлæ дын æй уæддæр дзурын. Адæймаг куы фæтуггопп уа, уæд цыфæнды сырдæй дæр тæссагдæр у. Кæмдæр, мæрдтыбæсты иу лæгбирæгъ райгуырди, æмæ цытæ бакодта адæмæн! Цы хуызæнæй æрыздæхтысты хæстæй? Нæ хъæуы Егнатæй сабырдæр адæймаг нæ уыд, æмæ йын цы митæ бакодта? Æмæ цас адæмы схъæстæ кодта уыцы лæгбирæгъ? Мах искуыдæм дард ранмæ куы фæлыгъдаиккам, уæддæр зæрдæ иухатт йæ уæзæгмæ æрластаид йæхи. Цæугæ куы нæ æркодтаиккам, уæддæр нæ цæрæн бынатæн бæрджытæ уыдаид. Уыцы азты дæ фыдæй хабар нал хъуыст. Нæ йæ зыдтон, мард у æви удæгас. Æз æй, кæй зæгъын æй хъæуы, удæгас æйхъæлдтаин, зæрдæ йæм æхсайдтаид, æмæ йæм искуы æрцыдаиккам, искуы абæрæг кодтаиккам нæ уæзæг. Æмæ та Егнат базыдтаид — кæм цæрыс. Адæймаг йæ цæргæйæ йæхи нымудзæг у. Æз та дæуæн тарстæн, дæ цардæн. Ды йæ нæ зоныс, фæлæ æз федтон, уыцы хæсты бирæтæ афтæ мæстыгæр, афтæ суцца систы, æмæ æрратæй хъауджы нал уыдысты: сæ цæстыты раз алы уысм дæр лæг- мæрдтæ цыд, æмæ уыцы лæгæргæвсты æнагъæддаджы уындæй сæ зæндтæ фæсахъат сты. Хъуыды кæныс, хъæбул, дæ хæстæджытæм кæй дæ, уый дæр ничи зыдта, фæлæ дæ Егнат ссардта. Мады зæрдæ зонаг у, хъæбул: гъеуæд комкоммæ мусæй куы нæ фæцæуæг уыдаин, уæд дæ Егнат йæ туг систаид, аргæвстаид дæ. Мады зæрдæ зонаг у, æмæ мадæн кæд цыфæнды зын уыди, уæддæр, æз куыд бакодтон, афтæ бакæнын хъуыд. Мæн дæ цард хъуыди. Уыцы рæстæджы дын мады рæвдыдæй удæгас баззайын сæйрагдæр уыд. Æз уый сарæзтон. Мæн хъуы дис, ды удæгас баззайай, æмæ мын бантыст. Дæу хъуыди мады рæвдыд, фæлæ дæ æз мæхицæй аскъуыдтон. Дæуæй зындæр мæнæн уыди. Иуæй-иу хатт мады æнувыд хъæбулхор разыны. Æз хъæбулхор не ’сдæн. Уадз æмæ ма зонон, кæм дæ; уадз æмæ ма зонон, цы хуызæн дæ, цавæр адæймаг дæ — мæн хъуыди, цæмæй ды цæрай, æмæ цæр. 0, куы зонис, цы хъизæмар у уый ма-дæн: дæ хъæбулы дæхи къухæй дард ранмæ фесаф; зон æй, удæгас у, цæры, фæлæ кæм, куыд, уый ма зон, Зон æй, дæ хъæбул дын дæ ном никуы æрымысдзæн, стæй йæ куы æрымыса, уæддæр фыдæлгъыстæн. Фæлæ мады-зæрдæ хъæбулы цардæн фæразон у. Æмæ цæр, кæмдæриддæр дæ...” “Æмæ йæ зоныс, удæгас дæн?” “Зонын æй. Мады зæрдæ алцыдæр зоны.” “Нал цæрын, нан! Ды мæ цæмæн ныййардтай, уымæй фæиппæрд дæн. Æндæр адæймаг сдæн”. “Уд иу у. Уый удыхъæд аивы”. “Уæдæ мæ цæмæннæ базыдтай? Скæс-ма мæм”. Йæ разы лæууыди йæ абоны уазæг. Джерджийы; сих. “Уый ды дæ?” “Æз дæн”. “Доме!” — ныккуыдта хъæрæй, æмæ йæм йæхи сивæзта... Æмæ фехъал. 10 Йæ буар уыди хидмæцъæл. Уæддæр йæ бон нæ баци — ма сыста. Цырагъ ссыгъта, æмæ бацыд къулгæронмæ: йæ чысыл сабийы пырх къухвæдтæ йæм, цыртыл фыстытау, æвзыстой къулæй. Сæ разы йæ зонгуытыл æрхауд, æмæ сын пъатæ кодта. Къухвæдтæ уыдысты уазал, уымæ та афтæ каст, цыма йæ уыдон дæр сæхицæй схойынц. Æмæ сæм тынгдæр æлхъывта йæхи. “—Доме, — куыдта хæкъуырцц куыдæй, — Доме, мæ хъæбул!” Йæ гом уæрджыты бын бахаудтой къулæй æрызгъæлæг муртæ, æмæ хуыры цъæлтæ нынныхстысты йæ цармы. Æнæбары сæ къухæй æрцагъта, æмæ бацыд скъапмæ, райста дзы йæ хъæдын чырын. Чырыныл æвæрд уыди чысыл гуыдыр. Дæгъæл кæм нывæрдта, уый дзы байрох, æмæ архайдта гуыдыр ратоныныл. Нæ йын бакуымдта. Æфсæн æвдузæнтæ мидæгæрдыгæй къæдз уыдысты. Чырыны сæр стоныныл афæлвæрдта, уый дæр ын нæ бакуымдта. Йæ хуыссæнты бын æвæрд уыди дæргъæй-дæргъмæ хъама, æмæ уый райста, атъыста йæ, чырынæй сæры 'хсæн цы чысыл зыхъхъыр уыди, уым, æмæ йыл схæцыди — йæ тых, йæ бонæй. Фæстаг æвдузæнтæй иу схауд, æмæ уæд дыууæ къухæй схæцыд фанерæ сæрыл. Сцъæл æй кодта. Чырыны æвæрд уыди чысыл тыхтæттæ æмæ йæ мойы фыстæджытæ. Чырыны сæр йæ сывæллоны дзаумæттæ феныны тыххæй срæдывта, исгæ та фыстæджытæ скодта. Алы фыстæг дæр дзы зыдта æнæкæсгæйæ, алы фыстæджы дæр дзы уарзта хи къухы хъомыл удау: се 'ппæты фылдæр та — Джерджи йемæ кæй схаста хæстæй, æмæ йæм иу-цасдæры фæстæ тарф рынчынæй кæй радта, уыцы фыстæг. Хъуыста фыстæджы яыхæстæ, фыстæджы ныхæстæ сæхигъæдæй дзырдтой .Джерджийы хъæлæсæй: “Матрона. Ацы гæххæтг дæм арвитдзысты, æз удæгас куы нæ уал уон, уæд: чи зоны, иу боны фæстæ, чи зоны, иу азы фæстæ. Бæргæ дæм ацы гæххæтт дæр куы нæ ар-витин, бæргæ дын мæ бон куы суаид, цæмæй дæ мауал фæриссын кæнон, фæлæ нæй гæнæн: зонын, цалынмæ мæ мæлæт фехъусай, уæдмæ мæм кæй æнхъæлмæ кæсдзынæ цæрæнбонты дæр. Мæн та уый нæ фæнды. Уый тыххæй дæмфыссын. Куыддæр дыл ацы гæххæтт сæмбæла, афтæ мын мæ ном цæхджын хойрагæй ссар, æмæ стæй дæ амонды кой бакæн. Зон æй, ды уæлæуыл амондджын куы уай, уæд æз дæр мæрдтыбæсты амондджын уыдзы-'нæн. Науæд мæрдтыбæсты авд марды кæндзынæн, дæ тыхсты кой мæм куы ныхъхъуыса. Зонын æй, æз дæ фæсайдтон, æз дын ницы хорз æрхастон æмæ мæ фæстæ .дæр амондджын куы нæ уай, уæд мæ мард азыймаг у. Ницы мæ фæндыд, дæуæн хорзы бацæуынæй дарддæр, дæуæн æмæ нæ гыццыл лæппызæн. Мæхи хуыцауы æмсæр æнхъæлдтон, сымах мæ хæдзары кæй стут. Ныр та цы? Фæсайдтон дæу дæр. Фæсайдтон нæ гыццыл фырты дæр. Цы-аккаг уыдыстут, иу ахæм лæггад уын нæ бакодтон, афтæмæй мæнæ къодахы лыггаджы хуызæнæй баззадтæн. Ныр æнæхъæн азы бæрц хуыссын фæрс-хъæдау, фæлæ, æвæццæгæн, бирæ нал фæхуысдзынæн. Бæргæ мæ фæнды тынг зæрдиагæй дæумæ, сымахмæ, уæд та ма ну цæстæй бакæсын, фæлæ мæ зæрдæ нæ тæры; цы хуызæнæй мæ зыдтай, ахæмæй мæ ницыуал баззад. Къодах, æрмæстдæр къодах. Æмæ мæ нæ фæнды, мæ мæлæгы размæ мæ тæригъæддагæй фенай; нæ мæ фæнды, мæн цы цæстытæ уарзтой, уыдон мын тæригъæд кæной, афтæмæй сæ фенон. Уадз, дæ зæрдæйы баззалон удæгас адæймагæй. Мæнчи, уарзта, уый мын мæ цæнкуыл буар ма хъуамæ фена. Чи зоны мæм фæхæрам уай, фæлæ æз амдохтыртæн — дæр афтæ загътон: “Ничи мын ис”. Цæмæн? Уый дын загътон. Бæргæ дæм куы нæ ныффыстаин ацы гæххæтт дæр, фæлæ йæ зонын, ме 'рцыдмæ æнхъæлмæ кæсдзынæ. Æмæ дæ ныр курын: кæд мæ уарзтай, уæд дыл куыддæриддæр ацы фыстæг сæмбæла, афтæ, æгъдау куыд амоны, ахæй фынджыдзаг сараз, стæй дæ амонды кой бакæн. Хъусыс, дæ амонды кой. Æрмæст сывæллоны рæвдыдцухæй ма ныууадз. Фыды ныхасы ад нæ базыдта, ды йын фыды бæсты дæр фæу. Дæхи Джерджи”. —Абон—а-сом кодтон уыцы къуыри, — дзырдта йын Джерджи тарф рынчынæй, — фæлæ та мæ мæлæт фæивъуыдта, иу-цалдæр мæймæ радзæбæхдæр дæн, æнæбары-иу слæууыдтæн лæдзæджы æнцой. Дохтыртæ мын афтæ: дæ астæуыстæг, дам, æмбыди, ныр дын дзæбæхæрдæм. фæци. Æнхъæлдтон, ссæрæн уыдзынæн, æмæ дæм ратагъд кодтон, мæхи басастон, æрцыдтæн дæм. Гæххæтт дæр барæй нал ныскъуыдтæ кодтон: зæгъын, искуы бынтондæркуы сдзæбæх уон, уæд дын æй равдисдзынæн, дыууæйæ иумæ удхæссæгыл куыд фæхудæм. Фæлæ нæй, тыхджындæр та мæ разынд уыцы куыдзы тугæйæхсад. Ехх, мæ астæу, мæ астæу, фыдæбойнаджы астæу. Дзырдта, æмæ йæ хус уадултыл лæдæрстысты йæ цæссыгтæ. Кумдта уый дæр. Уæдæй æввахсдæр æм никуы. уыди йæ мой. Нæ зыдта, уыцы сабыр æмæ уазал лæгæн ахæм зæрдæ кæй ис, афтæ уарзын кæй зоны. Йæ хауд риуыл æрæппæрста йæ сæр æмæ дзынæзта. Уый йын йе стæгдар æнгуылдзты 'хсæн бакодта йæ цæсгом, æмæ йæ бон нæ уыд, йæ сæрыхъуынтыл ын йæ былтæ авæра, уыйбæрц æй нæ уыди йæ сæр схъил кæныны бон. — Зонын æй, — дзырдта йын фæсус хъæлæсæй, — зоныц æй, тæригъæд мын кæныс. Æз та уымæй тарстæн — дæ цæстыты мæхи тæригъæддагæй фенын, дæ зæрдæйы мæхи цæнкуылтæй ссарын. Ехх, Матрона, Матрона... Ды нæ зоныс, бирæ кæй уарзыс, уый разы куыницыуалхъом уай, куы ницæмæнуал бæззай, дæхи уындæй дæхæдæг куы 'фсæрмы кæнай, уæд уый цавæр мæрдтылгъыст вæййы. Зæгъ ма мын: тæригъæдæй дарддæр мæ, уæд та ма иу-чысыл уарзгæ нал кæныс? Кæд нæ, уæддæр мын зæгъ — уарзын, æмæ та мæ тыхтæ мæхимæ æрцæуой, мæхи та иучысыл бауарзон. Науæд мæхицæй мæ удхæссæг федтон, мæхи æдых мын ноджы мæ тых асаста. Уый та йæ кæд, æцæгæйдæр, искуы уарзта, уæд æрмæстдæр гъеуæд уыд: чидæр ыл афтæ æнувыд кæй у, уымæй йæ дзыхы ныхас фесæфта, æгомыгау ыл цин кодта буарæй, йæ былтæй, æмæ йæм афтæ касти, кæд исчи искуы амондджын уыд, уæд æрмæстдæр уый йæхæдæг; уыцы сахат æм афтæ касти, зæгъгæ, йæ мой ныртæккæ бынтондæр сæнæниз, уæд афтæ æввахс нал уаид йæ удæн; уый хъуыдис йæ мой гъеуæд куыд уатон уыд, ахæм рынчынæй, ахæм уарзтæмдзагæй, ахæм хъарм ныхæстимæ. Йæ мой та уый не 'мбæрста, афтæ йæм касти, цыма йын тæригъæд кæны, æмæ йын йæ цæсгом йæхицæй асхуыста. Йæ хауд цæстытæ æрттывтой, фыдгæнæджы цæстытау. — Ку мыл, ку! Тæригъæддаг дæн æз! Кæй ма цæмæн хъæуын. Ку мыл! Кæуинагыл кæуын хъæуы. Цы ма мæ хъуамæ уарзай? Цы хъуамæ уарзай къодахæй?—хыр-хыр кодта æрхæцгæ хъæлæсæй. — Ку мыл! Æз тæригъæддаг дæн, æмæ -ма мын тæригъæд уæддæр кæнай. Æниу мын тæригъæд дæр цæмæн кæныс? Чй дын дæн? Никуы ничи никæй зыдта! Стæй æрсабыр. — Ехх, Матрона, Матрона,— дзырдта æнкъардæй, — мæ зондыл мæ хъару нал цæуы, сфыдзонд дæн. Фæлæ-иу мын ды уæддæр ныббар. Æниу дын дзургæ æцæгтæ кодтон. Цæмæн ма дæ хъæуын? Стæй ма кæй цæмæн хъæуын! Цы пайда ма у мæ цард? Зилыс мæм, тыхсыс мыл, æмæ цæмæн? Цæй тыххæй ма цæрын? Куы ницыуалхъом дæн, куы ницæмæнуал бæззын, уæд ма дæ мæ удæгасæй цы тыхсын кæнон? Цы уæлдай у, гъеныр амæлон, æви ма иу бон фæцæрон. Уæлдай дзы ис — цас раздæр уыйас—хуыздæр. Мæнæн дæр мæ тухитæ фæкъад-дæр уыдзысты, дæу дæр нал тыхсын кæндзынæн. Куы Йæ уыныс, куыд утæхсæн кæнын, уæд дын цас зын у, хæринагыл мын исты хос азмæнтай. Ахъуыды-ма кæн, цас хуыздæр уыдзæн, цас фæцыбырдæр уыдзысты нæ хъиэæмæрттæ. Намæ уый-дæр—нæ. Зæгъ мын рæвдыд-хуызæй, бирæ мæ кæй уарзыс, æмæ мын удыхос агурынмæ кæй цæуыс. Æз дыл баууæнддзынæн. Удисæг алцæуыл дæр æууæнды. Зæгъ мын афтæ, æмæ дуæрттæ гуыдырæй сæхгæн, искуыдæм афардæг у. Æз та дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, æнхъæлма кæсдзынæн, бирæ кæй уарзый, уый мын удыхос кæй æрхæсдзæн, æмæ афтæ-рæсугъд æнхъæлмæгæсгæйæ зонгæ дæр нæ бакæндзынæн мæ ацйд ацы дунæйæ. Фæстаг сулæфты онг дæр æнхъæлцау уыдзынæн дæ ауындмæ, дæ иунæг ауындмæ, удыхосмæ. Æмæ уый уыдзæн тæхудиаджы мæлæт. Зæгъ-ма, зæгъ: афтæ рæсугъддæр нæу? —Джерджи,—йæ риуыл ногæй ныддæлгоммæ, афтæмæй йыл куыдта уый. — Джерджи, цытæ дзурыс, æз дын дæ ныллæг удæфтæн дæр тæрсгæ куы фæкæнын, уæд мын цытæ фæдзырдтай? Фынæй куы вæййыс, æмæ дæ цуры кæй дæн, уый ууы нæ фæхатыс, уæд мыл бæстæ куы сафтид вæййы, уæд мын ды та цытæ фæдзырдтай. Æви мып тæригъæд дæр нæ кæныс? Æви мæ дæхицæй схойыс? Уый йын йæ мæллæг æрмтты æхсæн бакодта йæ цæсгом, æмæ йæм ныккасти. Афтæ æдзынæг æм фæкасти дзæвгар рæстæг, стæй йæ цæстытæ ферттывтой, схудти æгас цæсгомæй: —Матрона, Матрона,—дзырдта йын,—гъеныр мæ бауырныдта, æрмæст тæригъæд мын кæй нæ кæныс, уарзгæ дæр ма мæ кæй фæкæныс. Уый æнхъæл дæ мæхицæн нал уыдтæн. Нал уыдтæн мæхицæн уый æнхъæл, æмæ ма мыл ахæм хуызы дæр æнувыд уай. Ныр та мын фенцондæри. Ныр та мæхи дæр адæймаг банхъæлдтон. Мæхи зæрдæмæ та фæцыдтæн. Ныр та мын мæлæтæй тас нал у... Уымæй цалдæр мæйы фæстæ æрцыди йæ хабар Цупылимæ. 11 Йæ мойы хъæлæсы зæлты æхсæнты æрыхъуыста къæвдайы уынæр. Æддейæ къæвда уарыд сæх-сæхæй. Æртæхтæ, æртхъирæнгæнæгау, хостой рудзынджы æвгтæ, уымæ та афтæ каст, цыма йыл чидæр табæтмæ æфсоны цæссыг калы. Æмырæхгæд хатæн æм марды чырынау зынд, марды чырын—фæстаджы æмбæхсæн, фæстаджы уат; æддейæ та —урс дуне, кæмæй ахицæн æмæ йыл ныр æфсоны куыд чи кæны. Йæ мой куы амард, уæд ыл йæхæдæг дæр ахæм цæссыгтæ калдта: цæстытæй цыхцырджытæ ныллæууыд, риуы та рисæн йæ кой дæр нæ уыдн. Нæ дæр цин кодта, нæ дæр хъыг. Æрмæст йæ хуылфæй æддæмæ рæдывтой йæ мойы ныхæстæ, уыцы ныхæстæ фестадысты дон, æмæ уыдон рæдывтой цæс-сыгты хуызы. “— Æрцыдис, — дзырдта йын йæ мой йæ амæлæты разйæ, — æрцыдис, æвæццæгæн, мæ цæуыны рæстæг. Афон дæр мын у. Мæ уд мисхалы бæрц дæр ницы ахæм ары, цæй æфсонæй ма афæстиат уон царды. Зоныс, Матрона, зæронд адæймаг куы фæмæлы, уæд ма йæ алы зонгæ хуызы фендæй дæр афæстиат фæфæнды, йæ алы зонгæйыдæр ма, йæ цард цæуыл фæхæца, уый фены. Мæнæн та æппæт дæр сафтид. Къухæй цæуыл фæхæцон мæхи фæуромыны охыл, ахæм ницыуал ис. Ды? Ды дæр — нал. Æз ма иыр дæр æууæндын, мæ цард дæ кæй хъæуы, æнæмæнг дæ кæй хъæуы, тæригъæд мын кæй нæ кæныс, фæлæ дын æнæ мæн зындæр кæй уыдзæн. Хатын æй, афтæ нæ уыд, уæддæр æууæндыдтæн, удисæг æууæндаг у, сывæллонау. Æууæндыдтæн ууыл, фæлæ мæ ды дæхæдæг нал хъæуыс. Мæхæдгег мæхи куыд нал хъæуын, ды дæр мæ афтæ нал хъæуыс. Æз дын æппæт дæр барын, барын дын мæ фырты сæфт дæр,—чи зоны йæ, æцæгдæр, уæй ныккодтай—уæддæр дын æй барын. Барын дын дæ сæйдтытæ дæр. Иунæг иу хæрам дæр мæм нæй дæумæ мæ цæуæн бон. Æрмæст та мæ ме 'рра зæрдæ ардауы, æмæ дæ уымæн фæрсын: куы амæлон, уæддæр мыл æфсоны куыд кæндзынæ? Тæригъæд мын кæндзынæ? Ничердыгæй дæм бвхъардзæн мæ амæлæт? Æппын зæрдæсæрæй не схъæрздзынæ мæ марды уæлхъус?” Хуыцауы æлгъыст уыди, æцæгæйдæр, æрцыдысты йæ ныхæстæ: йæ марды уæлхъус йæ зæрдæ нæ бауæззæуттæ, æрмæст уыцы ныхæстæ йæ риуы тадысты, æмæ цæхджын æртæхтæй хъуызыдысты æддæмæ. Цæмæн? Куы йæ фæндыди, йæ зæрдæ фырмæтæй куы сæнкъуысид, куы бауадзыг уаид. Æви йын зæрдæ æппындæр нæй? Æви мæт кæнын æппындæр нæ зоны. 12 Бон ыл куыд æрбарухс, уый нæ базыдта. Цырагъ куы ахуыссын кодта, æмæ хатæн куы фæталынг, ха-тæн рухсæй куы аззад, уæд фæджихау — æхсæв ыл кæ-. уылты афардæг! Хуыссæнуатыл йæхи куы 'руадзы, уæд иу- дыууæ сахаты бæрц фæсайы йæ цæстытæ, стæй рай-хъал вæййы, хуыссæг æй нал фæахсы, æхсæв ыл афтæ ныддаргъ вæййы, æмæ йæ нал фæуырны, искуы ма сбон уыдзæн. йæ дзаумæттæ скодта æмæ æддæмæ рахызт. Æхæв бонмæ айдагъ хæдоны фæбадт, йæ буар тынд маргъы цармау ныцъцъæх, уæддæр ыл æддейæ къæвдахсад уæлдæф куы сæмбæлд, уæд йе уæнтты ахъардта, ноджы тынгдæр суазал. Къæвдайы банцад дæр нæ базыдта. Дзыхъхъыты, хъомты къахвæдты æмæ лæнкауты дон скъултæ-къултæ. Нырма къулварс гакъæтты лæдæрс-тысты къадатæ. Стыр къæвда та уыдис. Уыгæрдæцтæ æнæуый дæр калд уыдысты æмæ ноджы ньæкалдаик-кой. Чи ма йын сæ æркæрддзæн? Кæрты уазалы ныкъкъæдз сты хъуг æмæ дыгæрдыг. Æвæццæгæн, æнæхъæн æхсæв лæугæ фæкодтой. Фысты хъуын къæвда ныхсадта æмæ ныуурс сты. Ауæй сæ хъæуы. Сæ холладжы аргъ не сты. Хосдзау фырттæ куынæ ахизы йæ кæртæй. Йæхи сæхсадта, йæ сæр алæгъз кодта, æмæ хъуг дуцынмæ рацыди. Ныллæг сæрак дзабыртæ ныгъуылдысты цъыфы, æмæ асинты бын йæ къалостæ рацагуырд та. Æвæццæгæн, къæвдайы рæстæджы дымгæ дæр кодта — асинты бын дæр хуылыдз уыд. Йæ къалостæй иу дæлгоммæ фæлдæхт уыд, æмæ уый хуылф сурæй аззад, иннæ ныххуылыдз. Уæддæр сæ скодта. Хæдзары раз цы æхсынцъы уыд, уый æгасæйдæр йæ быны фестад, цъыфимæ сызмæстысты, æмæ сæ рауидзынмæ фæзивæг кодта. Туаг аразыны фаг ма йыл аззад. Кæрты фаджыстæ цъыфимæ схæццæ сты, стуртæ сыл фæлæгæрстой. Къæпийæ сæ æрбатымбылтæ кодта. Адæм тæхудиаг сты. Чи дын фиййагыл фæхæцдзæн, чи уисойæ æрбамæрздзæн, æмæ адæймаджы къух фæрæуæг вæййы. Нæ, алцы дæр дæхæдæг араз, иу къухæй фиййагыл хæц, иннæмæй уийойыл. Чындз дæр у, æмæ æфсин дæр. Хъуджы фæздоны раз куы 'рбадт, уæд фæхатыд, хъуг æнæхъæн æхсæв лæугæ нæ кодта, йæ фæздон цъыфæй самæхста.—“Мардæн хæрды фæу” — бахъуыр-хъуыр кодта, æмæ хæдзармæ баздæхт, дуцæн аджы дон рахаста, æрæхсадта дзы хъуджы фæздон æмæ дуцынмæ бавнæлдта. Хъуг уæгъдвæдæг уыди, æмæ æхсыр ставд цыхцырджытæй калди агмæ. Æвæццæгæн æм йæ сæр егæр хæстæг бакодта — хъуг ын йæ цъыфæйдзаг къæдзилæй радзæхст кодта йæ цæсгом, йæ цæстытæ цъыфы лæдæртæнтæй айдзаг сты. — “Судзаггаджы мардæн бахъу”,—ралгъыста йæ, æмæ йæ цæсгом раздарæнæй ныссæрфта, Аджы æхсыры уæлæ сау фæд уагьтой цъыфы муртæ, йæ армы дзыхъæй саг скалдта æмæ та бав-нæлдта дуцынмæ. Æхсыр кæнынмæ йын хорз басгуыхт, дыууæ хъуджы бæрц кæны. Æнæуый галиу у, хæдзар-мæ нæ цæуы.—“Ды та мæхицæй æддæкъахдæр”,—бабустæ йыл кæны худгæмхасæн. Дыгъд куы фæци, уæд йæ къалостæ асинтыл раласта. Хуылыдз къалос ын сау фæд ныууагьта йæ къахыл. Æрдæбон дæр афтæмæй бафæд кодта хæдзармæ. Пъолсæрфæн голлагæй сæ ныссæрфта, æмæ æхсыр æхсæвы донхъимæ ныффæрсыгъта, ахъарм æй кодта, ахсæн ыл ауагъта æмæ фос аздахынмæ рацыд. Сыхæгты хъыбыл æрбаирвæзт æхсынцъыйы бынмæ æмæ хъуыст йæ цъæм- цъæм, Æхсынцъыты-æппыты къæрцц ын фæрæхуыста йæ зæрдæ, æмæ хъыбылы асырдта, цъыфæйдзаг гагаты æнæхъæнтæ рауыгъта йæ раздарæны. Хæдзармæ сæ схæссинаг уыди, фæлæ йæ къахдарæс асинтыл куы феппæрста, æмæ та йæ чъиллон къахмæ куы 'ркаст, уæд фæзивæг кодта йæ сæрфынмæ, йæ раздарæн раласта, æд æхсынцъытæ йæ æрæвæрдта асинты уæллаг къæпхæныл. Хъæуы сывæллæттæ сæ фос раздæхтой сæрвæтмæ. Уый дæр рауагъта йæ фос æмæ сын сæ семæ баиу кодта. — Аздахут сæ, — загъта сын. — Æз дæр ма уæм фæкæсон? — Нæ, мах сæ аздахдзыстæм, — уый йын Чатрийы фырт дзырдта. — Дæ фыд хæдзары ис? — бафарста йæ. —Гъо. Кæрдынмæ цæуы. — Уæхи уыгæрдæнтæм? — Колхозы. 13 Хъæуы астæутыл акодта йæ фæндаг. Йæ уыгæрдæнтæ дæллаг хæйтты сты. Кæд бынтон нæ ныффæл-дæхтысты, уæд та йын сæ, чизоны, исчи ракæрда. Алаз адæмæн лæгъстæ кæнынæй нал фæразы. Фароны холлæгтæй дæр ма йын ис, æмæ йын исчи йæ уыгæрдæнта? æрдæгыл куы æркæрда, уæддæр ын сфаг уаиккой. Уыгæрдæнтæй къулы чи уыд, уыдон ныффæлдæхтысты, цыма сыл исчи хъæдтæ атылдта. Фæзы уæттæ дæр ныккалдысты, фæлæ уыдонæн ницыдæр уыди. Къæвдаджын аз уыд, æмæ зад кæрдæг у. Фыстæн фæйнæ цъерийы, стуртæн фæйнæ цыппары, уый дын дыууæ— дæс цъерийы. Фæзы хуымтæ таугæ кæрдæг сты æмæ æдæппæт, чизоны, уой ссæдз цъерийы бæрц. Искæмæн зæгъын хъæуы, æмæ сæ æрдæгыл ныккæрда. Æрдæгыл дæр та фæзивæг кæндзысты, зымæджы хос туджы аргъ куы вæййы. . . .Чатрийыл йæ фæндаг ракодта. Нæ йæ фæндыд уырдæм бацæуын, фæлæ йе зноны уазæгмæ йæ зæрдæ æхсайдта æмæ йæ ных батардта. Лæг бадти сугсæттæн къуыдырыл æмæ цагъта йæ цæвæг. йæ чызджы чызг уæрагмæ ботъиты цъыфы ныссагъд æмæ йæ къæхтыл схæц-схæц кодта. —Дæ райсом хорз,—салам ын радта. —Хорз уай, Матрона,—фæрсæджы каст æм ба-кодта Чатри. — Кæрдынмæ цæуыс? — Гъо. Ацы уымæлæй колхозы уыгæрдæнтæ ныккæрдæм, æндæра сыл хурбон цæвæг рæстмæ нæ хæцы. Чатрийы ус æй ауыдта тыргъæй æмæ сæм ратагъд кодта, цыма йын йæ лæджы сæумæцъæхæй: æлвынгæ кæны. Æвæццæгæн, уый фендæй бамæстджын — чысыл чызджы цъыфæй фелвæста, æмæ йын йе 'рбадæнтыл æркалдта—ома йæ зон, куыддæр Матронайы суынай, афтæ дын исты маст кæй æрхæсдзæн i8uh сæнæуынæг кодта: — Цас дын фидынц колхоз? — фарста Чатрийы. — Цъерийæн фондз сомы, — загъта йын æвæндонæй. — Праценттæ та? — Фондз цъерийæ — иу, — загъта лæг, æмæ та йæ цæвæг цæгъдынмæ бавнæлдта. — Дæ райсом хорз, Матрона, — фыдаудæнгæнæджы хъæлæсæй йын салам радта ус. Йæ сæр нæма æнæфаст уыди. Чизоны, йæхи дæр нæма ныхсадта. Йæ гом зæнгтыл, æвæщгæгæн, цъыфдон спырх — чъвди æртæхтæ сыл тылдысты, æмæ фыдхуыз лæвæрдтой. “Гъе ахæмтæм хъуамæ тæхудиаг уаин”—йæхимидæг ыл бабылысчъилтæ кодта. —Дзæбæхæй цæр, Натъа,—з.агъта йын. — Уæдæ кæрдынмæ цæуыс? — баздæхт та Чатри-мæ. — 0, кæрдынмæ, — бахъуыр-хъуыр кодта лæг. — Колхозæн? —Колхозæн! — Уæртæ мæ хостæ ныккалдысты, æмæ мын сæ зæ-гъын куы ракæрдис. Ам ус йæхи фæхистæр кодта, кæронмæ дзурын æй нæ бауагъта: —Кæм ын ис, кæ, рæстæг. Нæхиуæттæ дæр æрдæгкарст куы сты. Стæй колхозы куыстытæ дæр нырма кæд фæуыдзысты, батагъд сыл хъæуы, проценттæ хорз фидынц. Фондз цъерийæ — иу. — Гъе æмæ сæ мæнæн та æрдæгыл ныккæрдут. Самайут сæ, æмæ се 'рдæг мæн, се 'рдæг—сымах. Лæг йæ сæрыл схæцыд, агмæ йæ усмæ бакаст. Уый йæм йæ цæстытæ фæдзагъул кодта: —Æрдæгыл дын сæ алчи дæр ныккæрддзæн. Нæ йæ æвдæлы, æндæра дын сæ куыннæ ракæрдид. Лæджы нæ бафæндыд ахæм æфтиаг йæ къухæй ауадзын. —Тынг ныккалдысты?—бафарста йæ. — Къулы уæттæ, — баныфсджын лæджы дзырдтæй,—фæзы кæрдæг нырма дзæбæх у. — Хорз. Æркæрддзынæн сæ. Усы нæ фæндыди, йæ лæгæй йын, хъæубæстæ исты дам-думтæ кæной, æмæ йæ маст чысыл чызгыл акалдта, йæхи йыл сцагъта: — Цы цъыфы ныббырыдтæ, зæххы дæ атъыстæуа! Ацу хæдзармæ дын зæгъын, дæхимын ма аргæвдын кæн. — Самайдзыстут сæ, æмæ сын се 'рдæг раласдзыстут, — цыма усы тардзæгъдæны аххосаг нæ бамбæрста, йæхи афтæ дардта. — Цæй, ууыл нæ дзурдзыстæм, — загъта лæг. —Уæ хъæбулты хурæй бафсæДут, — раарфæ сын кодта æмæ рацыд. Иу- цалдæр къахдзæфы сарæзта, æмæ йæ дарддæр йæ уæрджытæ нал ахастой. Æрлæууыд. —Чатри,—адзырдта сабыргай, æмæ ауыдта, усæн йæ уæхсчытыл йæ сæр куыд сонтæй фесхъиудта. — Цы у? — афарста йæ Чатрийы ус. Уый иудзæвгар ницы сдзырдта. Ус хъоппæг цæстытимæ æрбалæгæрста йæ цурмæ. Йæ къæхты мæсты цæфтабй цъыф пырх кодта. — Де зноны уазæг цы хуынди? — бафарста йæ æрæджиау. — Доме. — Дзуапп, радта ус æмæ агрфæлмæн, йæ цæстыты ссыгъдысты цымыдисы стъæлфæнтæ. — Доме? —О. Сæ дыууæйы дæр нал фæндыд, лæг сынсæ ныхæстæ хъуса, уый æмæ сабыр къахдзæфтæй сæхи байстой суадоны цурмæ. Суадоны уæлæ фæлдæхт уыди стыр дур, цъæх хъуына кæуыл .рахæцыд. Æвæццæгæн ыл сывæллæттæ рыгæйдзаг къæхтæй слæууынц, æмæ къæвдайы уыцы чъизитæ судæстысты. Нал ыл æрбадтысты устытæ дæр. Лæугæйæ ныхæстæ кодтой. — Зоныс сæ ды дæр?— бафарста усы. —Зонын,—æппæлæгау загъта уый. —Æмæ цавæр адæм сты? —Нæ чызджы хъæуккæгтæ сты. Лæппу йæхæдæг Чъребайы цæры æд ус, æд зæнæг. Хæдзарьг лæгæй дарддæр ничи ис. Æнæуый цæрæг хæдзар сты. Нымад адæм. Лæппу стир бынаты кусы. —йæхи лæппу, дам, куы нæ у?—бафарста мынæг хъæлæсæй. — Чи та дын æй аппæлыд? — Егкаты ус. Дæуæй афтæ, уый, дам, мын æй дзырдта. — Æмæ цы! — бауырдыг æм ис ус, — бирæтæн сæхи хъæбултæ æнæбары лæггæдтæ дæр нæ фæкæнынц! Сæ дъæуы та æндæр дзырд нæй — уый, дай, йæ кæнгæ фыдæн куыд лæггад кæны, уый, дам, ыл куыд зæрдейæ у! Усæй, сывæллонæй, дам, æй афтæ сæ къухты рахæсс-бахæсс. дæнынц. Пысулы дзæбæх, хæринаджы адджын, ныхасы хуыздæр — цух, дам, цицæмæй у аббабау. Ды та искæй ныхæстæм ма хъус. Хæдзарвæндаджы адæм сты, цæттæ хæдзар — ныццу, æмæ царды дзæбæхæн цæр. Фауинаг адæм куы уаиккой, уæд сæ нæ лæг æрбауагътаид, йæхи æлгъыстаг кæны? — Йæ хæстæджытæй йскæй лæппу у, æви йæ сидзæрдонæй æрбакодта? Йе йæ искуы ссардта?— афарста йæ, æмæ йæ зæрдæйы улæфт ныллæууыди. Йæ ныхæй хид рахъардта. Усы былты змæлдимæ змæлыдысты йæхи былтæ дæр. — Уый нæ зонын. Дæуæн та цы уæлдай у. Ма тæрс, миййаг зæронд лæгыл исты куы 'рцæуа, уæд дæу чи фед-дæдуар кæна, ахæм адæм не сты. Се 'гъдау койæн дзу-ринаг у æцæхъæн хъæуы. Æнæхъæн хъæубæстæ дæр сæ дцсæн хæссынц. Нæ чындзы æфсин æндæр дзырд нæ кæны! Лæппуйы чызг, дам, æй райсы, æмæ, дам, æй сывæллонау ныннайы. Алы улæфты бон дæр, дам, æд уæзгæ хæссинæгтæ уым æрбалæууынц. Уæдæ. Хорз, хорз, ææм федтай, ахæм хорз адæм сты. Уыцы ныхæстæй йе муд æрцыд. —Дæ чызджы никуы бæрæг кæндзынæ? —Мæнæ.ацы къуыриты. Сывæллон йæ мады æрымысыд æмæ йæ ныккæнон. Рацу ды дæр мемæ æмæ сæ фен. — Демæ, зæгъыс? — 0. Мемæ. Уый ахъуыды кодта. — Нæ, — загъта йын. — Сæхæдæг та зындзысты. Фæлæ ма-иу ды дæ чызджы æфсины бæстон æрфæрстытæ кæн — кæцæй æрхастой лæппуйы? Чи у? — Хорз, ууыл та цы тыхсыс? — Нæ, нæ. Дзæбæх ма-иу æй бафæрс. — Бафæрсдзынæн. —Цæуон æз. Мæ цыхт ахсинаг у. Ахсæн æй ахæрдзæн. 14 Хъæу дыууæ дихы уыд. Суадон — дыууæ хъæуы æхсæн. Фаллаг хъæу — уый Чатриты 'рдыгæй уыд, артыккаг хъæу—йæхæдæг кæм цард. Алы хæдзар дæр—кæ-ройнаг хæдзар. Хæдзæрттæй кæцыфæндыйы цурæй дæр дур фехстай, уæд ма дур иннæ хъæуы сæрты дæр иудзæвгар дарддæр ахаудзæн. Уæддæр æй дыууæ хъæуы хонынц. Йæ хæдзармæ суайын хъæуы дыууæ кауæхсæнты: иуæрдыгæй Егнаты идæдз цæры—уый дæр Егнаты фæстæ иунæгæй баззад, — иннæрдыгæй та — Къолатæ. Ныр дæр та сæ кæртæй хъуыст Багайы ныхас. Дысон дзы куыд фæтарст, уый æрлæууыд йæ зæрдыл, æмæ кауы сæрты бакæсын афæлвайрдта. Уисбыд кау лæгбæрзæндæн уыд. Кæрты сугсæттæн къуыдырыл бадти Къола æмæ фæрæтæй цыдæр æвдузæн амадта. Чысыл æддæдæр цъыфы сагъд дзоныгъыл бадтысты Бага æмæ Егнаты ус. Сæ уæлхъус—æрттæдæлармæй—Къолайы ус. Цыдæр та æруадц йæ хъустыл — йæ цæстытæ æгæр æрттывтой. Багайæн та чидæр иу сыкъа адардта,—æгæр хъæлдзæг хуыз æвдыста, йæ къæхтæ йæ хæдзармæ нал ахастой. Байхъуыс- та дæм. — Ды нæма кæрдыс, Бага?— афарста йæ Къола. —Æмæ цы ныккæрдон,—бустæгæнæгау дзырдта Бага. — Есетæ æнæхъæн къуырийы размæ ссыдысты, æмæ хъугомы бæзджыныл ныллæууыдысты. Ныр та Доныбылтæм бавнæлдтой. Иннæ рæтты та лæг цъери дæр нæ ныккæрддзæн æнæхъæн бон. Сæхи уыгæрдæнтæй сæрвæттæ сарæзтой, цыма колхозы зæххыл нæ цæрынц, æмæ алаз-алаз мæ алывæрстæм фæлæбурынц. — Кæрдын дæ куы фæндыдаид, уæд сæм дæ разæй нæ бавнæлдтаиккой, — хæцыди йæм Къола, — фæлæ æфсæнттæ кæныс, нæ дæ фæнды. — Куыд нæ мæ фæнды! Фæнды мæ. Зымæгмæ мæ холлаг уæддæр хъæуы. Фæлæ уыдонимæ дзурæнтæ и. Фарон дæр мын афтæ бакодтой. Ссыдысты мæм —иу- мæ, дам, ныккæрдæм. Уыдон бирæгътæ сты, чи бакусдзæн семæ, нæ сын сразы дæн; зæгъын, хъугом мæнæн ныууадзут, иннæтæн цыфæнды дæр кæнут. Хъугоммæ нал февнæлдтой, фæлæ иннæ уыгæрдæнтæм аздæхтой, аздæхтой, æмæ — гъе туг ныууара сæ бинонты уæлхæдзæрттыл — æрулæфт нал зыдтой: æхсæв-иу сæ кæрдгæйæ ныууагътон, райсом-иу сæ кæрдгæ æрæййæфтон. Æртæ къуы-рамæ сæ ныддастой. Мæнæ зæронд лæг дæн, фæлæ цъери никуыма самадтон. Уыдонæн сæ авдæны сывæллæттæ дæр —цъериамайджытæ. Иу хæрæфырт сын ис, зæххæй къуыпп нæма дары, цайданыдзаг дон не сфæраздзæн, мæ уый дæр цъериамайæг уыди: хосы гуцъула-иу æм 'куы сæппæрстой, уæд-иу йæ быны фæци, загътон-иу, зæ- гъын, сывæллон фæхуыдуг. Фæлæ фæкæс, æмæ та гæккуырийау сгæпп кодта хосы бынæй. Колхозы цъеритæ сывæллæттæ амадтой, проценттæн—сæхæдæг. Колхозæн—мæкъуылтæ, сæхицæн—цъынатæ. Æрцыдтæн сæм, зæгъын, уый чердыгон амад у, æмиæстæ уын цæмæннæ сты? Æмиæстæ, дам, фаззæттæ дæр нæ вæййынц. Хорз, зæгъын. Бригадæн æй фехъусын кодтон. Бригад сæм æрцыди, федта сæ, æмæ-се 'вварс рахæцыд—хъулон митæ, дам, нæ кæнынц. Ноджы ма сын æртæ цъынайы цъерийы дæр радта, хорз, дам, кусут, æмæ-, дам, дзы уæхицæн сатæйтты æхсæвæр саразут. Æз дæлæ дæл бырцы ставд хæлттæ ракарстон мæхицæн, æмæ мын сæ колхозæн самайын кодта. Уыдонæн та — лæвæрттæ. Кæм ис рæстдзинад! Сæ лæвар цъеритæ цæу æмæ нуæзтыл баивтой. Сагæйтты æхсæвæр дæлæ Рекомы къуылдымыл сарæзтой. Мæнмæ дæр фæдзырдтой. Æфсæрмæй сæм ныццыдтæн. Уыцы æрратæ куы арасыг сты, уæд мемæ тох кæнын æрæмысыдысты — æвзæгтæ, дам, цæмæн хæссыс? Чи сæм фæлæууыдаид? Æмæ сæм æз дæр сдзырдтон. Ратардтой мæ! Мæ къухы ницыфæци, æндæра сæм” мæнæ мæнæ баххæссыдтæн — уæнгсæстытæ сæ фæкодтаин. — Уæнгсæстытæ уанцон нæу, — худтис ыл Къола,— уый бæсты куы багуыбыр уаис, æмæ иу-дыууæ кæрдæ-джы бындзыг куы ратонис дæ цæвæгæй. Æви та æхсæвыгон Есеты кæрстытæй.давдзынæ! Маргæ дæ цæмæннæ кодтой. — Æмæ кæд радавтон! Стæй сæхæдæг къаддæр давынц. Сæ зыгуымдæттæ ма сын фен, кæддæра дзы фырнадæй къухбатъыссæн вæййы. — Уыдон кусгæ дæр афтæ кæнынц. Ды та — хъеллау. Дысон уæхимæ уыдтæ? —Уæдæ кæм уыдтæн,—загъта, æмæ йæ сæрыл схæцыд, бахудт. — Хе-хе-хе! — Цæуыл та худыс? — Хе-хе-хе-хе!.— ивæзта йæ худт. Къола йæ куыст фæуагъта æмæ -йæм, дисгæнгæ, йе ргом раздæхта. — Æнæхъуаджы та нæ худыс. Цыдæр дзуринаг дæм кæй ис, уый дæ бадтыл дæр зыны. — Хе-хе-хе-хе!— устытæм йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта. Бага, — иу диссаг уын радзурон уæ хъæуы секреттæй? — Цы у, цы? — бацымыдис сты устытæ. — Знон уын Матронамæ курджытæ уыди? — ивæзта йæ ныхас. —Æмæ цы? — Дысон та уын кæм уыдис? — Кæм уыдис? — йæ хъустæ фæхъил кодта Егнаты мдæдз. — Хе-хе-хе, — худтис уый. — Цæй, бæхау цы мыр-мыр кæныс? — батызмæг Къола.— Кæд исты дзурыс, уæд а'й зæгъ. — Дыс,он ардцгæй куы ацыдтæн, уæд уæлæ Цилджыны къахыры афынæй дæн... — Æмæ дысон бонмæ уым фæджиудтай, — худтис ыл Къола, — Уæдæ! Уæ хъæуы устытæ искæй фынæй кæнын бауадздзысты. Уым афынæй дæн æмæ куы райхъал дæн, уæд цы диссаг федтон... — Цы? — æмфарст æй акодтой устытæ. — Мæнæй иу-цъус æддæдæр чидæр йæ уæрджытыл лæууыди, йæ къухтæ зæхмæ ныббыцæу кодта, афтæмæй куыдзау рæйы. Афтæ тыхджын рæйы æмæ фараст куы-дзы дæр йæ цуры ницы уыдаиккой. Æз фыццаг фæтарстæн, стæй йæм æввахсдæр бацыдтæ, æмæ куыд æнхъæл стут, чи уыд? — Матрона?! — сдис кодтой уыдон. — Матрона, — загъта Бага. — Рæйы куыдзау, æмæ йæ сæры хъуынтæ куы -ныттилы, уæд цыфæнды хæйрæг дæр уый цур æдасдæр уыдаид. Æз æм кæсын, зæгъын, цы ми кæны, цы архайы. Уый афтæ лæууы æмар рæйы. Уæд аз дæр схуыфыдтæн. Уый мæ хуыфт куы фехъуыс-та, уæд фæгæпп кодта æмæ мæ фыдбылызтæ рахаста. — Саубон мæ баййæфта! — сдиссæггæ кодта Къолайы ус. — Дысон мæнæ Егнаттæм бадтæн, æмæ ку” рацыдтæн, уа&д сæ чидæр, æцæгæйдæр, куыдзау рарæйдта. — Уæ дзыхтæ ныххуыйут! — схъæр сыл кодта Къола, æмæ Багайы æрдæм раздæхт.—Дæуæн та цы зæгъон, уый зоныс? Де 'взаг бæттын зон æмæ сылгойма-гау дамтæ ма кæн. Ныууадзут мæгуыр усы йæ адыл. Дарддæр хъусын сæм йæ бон нал баци. —Бага куыдз, уæ Бага куыдз,—кауы сæрты сæм хъæр кодта. — Адæмы уынгты æрра куыдзау ды разил-базил кæныс, адæмы уынгты æрра куыдзау ды калыс дæ сæт, æмæ йæ ме 'фсон та кæнгæ кæныс? Цы уын кæнын, уе 'гæр калат, цæрын мæ мауал ныууадзат! Мæгуыр адæймаг уе 'хсæн мауал фæцæра? Сургæ мæ кæнут? Нæ уын бакомдзынæн сурын, нæ! — йæ зæрдæ суынгæг, æмæ йæ хъуыр æхгæдта.—Уæдæ ма мæ кæртæй иу къуылых лæппу рацæуæг дæр уаид, кæддæра мæм афтæтæ уæндиккат! Фæлæ мæгуыры алчи дæр зæвæт кæны. — Уæдæ ма мæ лæппу нæхимæ уаид, — куыдта хæ-къуырцгæнгæ, — кæддæра мæм дæ хуызæттæ уаæндиккйй. Фæлæуут!—бартхъирæн сæм кодта.—Уый уын фенын кæндзæни. 15 Зыдта йæ, ныр та дзы дам-думтæ кæндзысты, ног истытæ та йыл æрымысдзысты, æмæ йын уыцы æнæнхъæлæджы маст йæ хъæдгом зæрдæ, цæхджын суары тулæгау кодта. Æнæхицау æй кæй æнхъæлынц, йæ сæрыл ис,чи кæй сдзурдзæн, ахæм тас сæ кæй нæй, уый йæм хардзау æркасти. Æнæуый раджы сахуыри адæмы дам-думтыл, хъыг æм нал кастысты: уый нæ, фæлæ ма-иу ын æхсызгон дæр уыдысты, æмæ уæ фæнда, нæ фæнда, уæддæр кæнут мæ кой, мæ царды уæхи тъыссут, æмæ уæ царды æз дæр уæлдай кæй нæ дæн, æнæмæн дæр уæ цард къахыр кæй уыдзæн уый уæхи дзыхæй дзурут. Æмæ-иу уыцы ныфсæй хаттæй-хатт исты ног дамтæм дæр æнхъæлмæ касти. Уыцы дамтæ йы рох кодтой йæ иунæгдзинад, уыцы дамтæ систы йæ хæдзары дыккаг удгоймагау—цард ын адджын кæй тыххæй кодта. Ныр ын хъыг уыдысты. Ныр æм хардзау æркаси, æнæхицауыл æй кæй ныайынц, уымæн дæр хионтæ кæй ис, æмæ уыцы хионтæй дæр кæй не 'фсафмы кæнынц. Æмæ ныр цалдæр азы дæргъы фыццаг хатт фестъæлфыд йæ зæрдæйы: чизоны йæ цæсты къæмæй уынынц йæ хионтæ, æмæ йыл уымæн суæлæхох сты, чизоны дзы адæмы астæу ныхкъуырд сты, чи зоны дзы адæмы астæу сæхион рахонынæй æфсæрмы кæнынц? Уыцы æнæнхъæлæджы хъуыды йын йе уæнгты тас ауагъта. Хионтæ та ма йын цæй хионтæ ис—нал дæр цæгаты 'рдыгæй, нал дæр йæ мойы 'рдыгæй. Æрмæст ма кæмдæрты-кæмдæрты— дард хæстæджытæ. Фæлæ рæстæг уыди, æмæ уыцы дард хæс-тæджытæ дæр хионы лæггæдтæ кодтой ацы хæдзарæн, æддагоны цæстæй нæ кастысты ацы къуьммæ, йæ цины æмæ йæ хъыджы сахатты йын уырдыг лæууыдысты. Джерджийы амарды фæстæ — нал. Æниу сæ йæ мойы рæстæджы дæр афтæ арæх нал бæрæг кодтой, фæлæ йылуый фæстæ бынтондæр систой сæ къух. Цæмæн? Чи зоны, æцæгæйдæр, йæ номæй'ныхкъуырд сты, æмæ сæ уæ-лæхох зæрдæйæ æмбæхсынмæ хъавынц, ацы хæдзармæ æппындæр кæй ницы бар дарынц, æцæгæлон сын кæй у, æмæ сæм йæ худинагæй дæрхай кæй ничердыгæй ха-уы. Æмæ, ау, æцæгæйдæр, ахæм æгады бынатмæ æрхаудта йæ сæр? Йæ уд йæ хъуырмæ ссыд уыцы хъуыдытæй. Кæуындзæг ын æлвæста йæ хурхысæртæ, йæ комыкъултæ хъылмайы тæф хастой, æмæ уыцы хъыхъхъаг тæф, чъиллон бинты уаццагау, тыхсти йæ цæстытыл, асæста сæ, боны лакъонæй сæ амæхста. Йæ къухты бын-иу цыхты фæлмæн гуымбыл æрбайсæфт сылыйы. Цалдæр хатты.. цыхтахсæн аджы дæр бауыгъта, цыма йæ бын хауд уыди, æмæ цыхты мæнгæндæгъд уæлахсджытæ уырдыгæй хаудтой, афтæ йæм фæкаст. Цæрæнбонты цыхт ахста, фæлæ ныры онг йæ хъуыдымæ никуы æрцыди: æппæтыл дæр дыууæ къухæй арæхстгай хæцын хъæуы, æппæтмæ дæр дыууæ къухæй рæвдз лæууын хъæуы, науæд, æгæрыстæмæй, дæ пырх къухты æхсæнты дæр ахъуыздзæн дæ фыдæбон, ацъелф кæндзæн, ныппырх уыдзæни, æмæ та йæ стæй ногæй тымбыл кæн. Ногæй ма æртымбыл кæнæн кæмæн уа, уый уæддæр дæхи уыдзæн, фæлæ æруидзæн кæмæн нал уа, уый та? Уымæн та ма цы хос ис? Ма йыл хъуы- ды кæн? Дæ зæрдæйы мидæг æй рохы бафтау? Хорз зæрдæ рохгæнаг у, фæлæ зæрдæ æрымысын дæр зоны. Цалдæр хатты дæ зæрдыл чи 'рдæууа дæ кæддæры митæй, уый та рох кæнын никуыуал бакомдзæн. Уæлдайдæр, æвдæлон куы уай, дæ митæ дæ боны рæстæгæн йе 'рдæг дæр куы нæ тоной. Стæй кусгæ кусын дæр адæймаг хъуыдытыл хæст куы у, уæд æвдæлон рæстæг куыд нæ ахъуыды кæндзæн. Æвæццæгæн мæ хуызæттæн се знаг сæ хъуыды у. Сæ хъуыды, ома — сæхæдæг. Æмæ дæхицæй куыд хъуамæ фервæзай? Фынæйæ дæр нæ фер-вæздзынæ. дæхицæй, митæгæнгæ дæр, æвдæлонæй дæр. Уæдæ ма кæд? Сывæллæттæ бирæ куы уаид, уæд уыдон мæтæй, чизоны, дæхицæй рохы аззайай, фæлæ кæм.сты уыдон дæр? Не сты сывæллæттæ дæр. Дæхицæй дын ирвæзæн никуыдæм ис. — Ис, — загъта йæхинымæр, — ис! Æмæ та йын хатæн уазалæй айдзаги. Ахæм уазалæй, ахæм, æмæ чъырæйсæрст къултæ, цъенго ихтау, къæс-къæс кодтой, хатæны уæлдæфы та ныббадти урс халас, цъылынæй мæрзын чи нæ бакуымдтаид, уисойæ хафгæ чи не ссыдаид. Джерджийы куы бавæрдтой, адæм хæрнæджы фæстæ куы апырх сты, уæд ма мæрддзыгойхуыз лæвæрдтой хæдзары аууонджын къултæ. Æцæг мардæрцыды хуыз гъеуæд хаста хæдзар. Æхсæв цырагъ ахуыссын кæнын дæр нæ бауæндыд. Йæ сынтæгыл йæхи куы æруагъта, уæд фæкомкоммæ Джерджийы сынтæгмæ. Уый йæм гобийæ æртхъирæн кодта. Ивæзта йæм йе 'фсæйнаг къухтæ. Дзырдта йын: дзæгъæлы сайыс дæхи, уыцы сынтæгыл хуысгæ дын нал у, æрцу ардæм, дæхæдæг уыныс, дагаицæй дарддæр дзы ничиуал ис. Дыууæ уыдыстут, уæ иуы бафснайдтон. Ныр та дæ рад у. Æрцу, лидзынæй дын нæу. Мæнмæ дæ хъæуы. Исчи ма куы уаид хæдзары, уæд уал, чизоны, дæу фæуагътаин, фæлæ дзы дæуæй дарддæр ничиуал ис. Ныр. та дæу хъуамæ бафснайон. Æмæ йыл худти йæ мойы сынтæг йæ гоппыты æрттывдæй. Марды зыхъхъыр дæндæгтау, зындысты уыцы æрттиваг гоппытæ. Сынтæгыл та уыдта схъæл æмаг цыргь роцъо, Джерджийæ дæр табæты мидæг роцъойæ дарддæр ницыуал зынд. Æхсæвы куы бафынæй, уæддæр йæ фыны роцъотæй дарддæр ницы уыдта, йæ зонгæ адæм æм цыдысты роцъоты агъудты; цæсгомæй, уойгæй иу-уылдæр иухуызон уыдысты, æрмæст хицазн кодтой сæ роцъотæй, æмæ сæ кагрæдзийæ иртæста, алкæй дагр дзы зыдта йæ роцъойæ. Афтæ цалдæр æхсæвы. Стæй цадæггай байсæфтысты, ферох сты. Æмæ та ныр йæ зæрдыл æрлæууыдысты. — Пуй, ме 'нæуынон фæут, — бахъуыр-хъуыр кодта хъæрæй, æмæ, цыхты гуымбыл æлыг къусы тагъд-тагъд æрлæмаргæ, тыргъмæ рахызт. Æрдæбон йæ мæстæй йæ лæхъир къах дæр нал ныссæрфта, фæдгæнгæ æрбацыд хæдзармæ. Дæргъæццон сау фæдтæ асинтæй хæдзармæ хылдысты, кæлмытау. Хатæнмæ бакасти. Йæ алы къахдзæф дæр ын йæхи æргом кодта йæ чъизи къахы фæдæй. “Чизоны, мæхиуыл дæр мæхи чъизи къæхтæй афтæ. фæрацу-бацу кодтон, чизоны, мæ фыртыхстæй нæ хъуыды кодтон, мæхи цъыфы кæй нæмын мæхи къæхтæй. Сау сыджыт сæ бахæ-ра, уæ сау сыджыт сæ бахæра”—æлгъыста йæхинымæр, агмæ æркасти йæ къæхтæм. Иуыл дзы къалос чъиллоны æмпъузæнтæ ныууагъта, иннæ сыгъдæг уыди, уатдарон. йæ сыгъдæг къахы уынджи йæ зæрдæ барухс, ныццин кодта, цыма æцæгæйдæр исты ссардта, цыма æнхъæл кæмæн нæ уыди, ахæм æхсызгон хабар фехъуыста. “Иу къахы чъизи ницы у, — цин кодта, — иу къахæй дæхи цасфæнды дæр ма нæм цъыфы, иннæ къах сыгъдæг у, иннæ къах та дæ сурмæ кæны. Мардæрцыд дыууæ си-нæй къуылых у. Иу синæй къуылых иттæг нæ чиуы”. Пъолсæрфæн голлагæй цырд сæрфта йæ къах, стæй йæ. къахвæдтæ, æмæ йын цавæрдæр æхсызгон æнкъарæн рог кодта йæ зæрдæ, æрбайрох дзы ис йæ маст дæр. Нал æй фæндыд истæуылты хъуыды кæнын. Сæрфт куы фæци, уæд дурынæй рауагъта сæн æмæ йæ анызта. Агуывзæ йæм æгæр къаннæг фæкаст, æркæстытæ йæм кодта, æмæ та йæ ногæй æрыдзаг кодта. — Уымæй та Джерджи мæрдты рухсаг уæд, — загъта æмæ йæ анызта. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг æмæ хъæрæй ныхасмæ рахызт: —Амæй та мæхи цæрæнбон уæд бирæ. Бæззын æмæ ноджыдæр цы бæззон, уыцы амонд мæ уæд. Искæйтимæ цæрын алкæмæн дæр æнцон у, фæлæ чи бæззы, уый хъуамæ иунæгæй дæр йæ цард йæхицæн адджын кæна. Хъуамæ дын дæхиимæ дæр уа æнцон, æмæ дын уæд цæрын æнцон уыдзæн. Дæ цæрæнбон бирæ уæд, Матрона. Дæ хъæбулы ном куыд нæ хъусыс, афтæ уымæ дæр йæ мады æвзæры кой ма ныхъхъуысæд, — зæрдæбын куывтытæ скодта йæхицæн. Æмæ æртыккаг дæр анызта. Йæ зæрдæйы дзæбæх чемы ныххаудта, æмæ та тыргъмæ рацыд. Æнæввæрсон стæнгас ахаста хъæууынгыл. Къолаты размæ ма лæууыди Бага. Æвæццæгæн ын устытæ сæ цинæй лæугæ-лæууын адардтой æмæ йын рацæуын нал æнтысти. Ронбастыйонг-иу æркъæдз, афтæмæй сын цыдæртæ дзырдта. Райхъуыст-иу йæ худын: — Хе-хе-хе-хе. Йæ уæлвæд устыты чыр-чыр. —Хи-хи-хи. — Уæрагсаст фæу, — ралгъыста йæ, — фæндаджысæрдæнты хай фæу. Стæй йæхиуыл сбустæ кодта: — Бынбауай, Матрона, адон хуызæттæ кæй бамæстджын кæнынц. Адон сæхæдæг фидиссæгтæ куы сты. Уадз æмæ уынгты, æвзæр куыйтау, къæу- къæу кæной. Æз дæуæн зæгъон, адæмау адæймаджы цур исты дзурын бауæнддзысты. Фæлæуут, — бартхъирæн сæм кодта, — æз та уын, уæ зæрдæтæ куыд атоной, ахæм ми бакæндзынæн. Карчы фыд, уæливыхтæ æмæ парахат фынг ныззилон сихормæ. Иугай, дыгай та мæм уæхи бæргæ ласдзыстут. Уæ хæдзæртты дæр дзаг фынгтыл куынæ фæбадут. Уæ къæбæртæй уæ цæст ахæрын дæр нæ уарзы. Фынг дæр та æрæвæрдзынæн, нозт дæр та æрхæсдзынæн, æмæ та фæндырæй дæр дилæлæ-милæлæ кæндзынæн. Хъæубæстырдæм æртхъирæнгæнæджы каст акодта æмæ бахудт: —Хæрзаг та кæмæндæрты æхсызгон уыдзæн.

ДЫККАГ ХАЙ

1 Адæймаг куы фæцуды, уæд йæ цард зæронд кауы хуызæн свæййы — алырдыгæйты йæм быцæутæ æвæрын фæхъæуы, цæмæй бынтондæр ма афæлдæха, адæм æй сæ къæхты бын бынтондæр ма банай кæной. Æмæ. уый дæр бйрæ азты дæргъы йæ кæлæццаг цардмæ æвæрдта быцæутæ, уыцы быцæутæ уыдысты алы æмæ алыхуызон æфсæнттæ, æнæсæрфат æфсæнттæ, фæлæ йын царды æндæр ницыуал баззад, æмæ ма уыцы æфсæнтты фæрцы йæхицæн адджын кодта йæ цард, уыцы æфсæнтты фæрцы ма йæм здæхт царды зыд. Ныр ын уыцы быцæутæ дæр æмхауд æркодтой, афæлдæхтысты. Чатрийы æмуазæджы фенды фæстæ йæ æнæсæрфат æфсæнттæй ницыуал аззад, айсæфтысты, æмæ йæ уд, дзедзлойгæнгæ, иунæгæй аззад — æнæ ныфс, æнæфæхæцæгæй. Зæрдæ та уæддæр зæрдæ у, æмæ йæ сыджытæй дарддæр йæ тæлфынæй ницы æрсабыр кæндзæни. Йæ хъæбул ссарыны ныфс йæуды куы амард, уæд бирæ азты дæргъы цы æнæсæрфат цардæй цард, уымæ æнæнхъæлæджы фыдызнаджы цæстæй ракаст, уыцы цард æртхъирæнгæнæгау сыстад йæ цæсты раз, æмæ йын тас уагъта йæ уды, ныууыгъта йæ сæрæй къæх-ты бынмæ — раст цыма йæ мæстæй æнæнхъæлæджы фæсонт, йæ зонд фесæфта, æмæ йæ хуыздæры амардта: æмæ ныр, йæхи куы æрæмбæрста, йæ зонд йæхимæ куы æрцыд, уæд йæ фыдракæнды уæлхъус зыбыты иунæгæй аззад, ахæм фæсмонгонды тас æй уыгъта сæрæй къæхты бынмæ. Æмæ уыцы тасæй æнкъардта: уый та ногæй йæ хъæбулы ссарыны ныфс бацыд йæ уды. Йæ хъæбулы ссарыны ныфс та бацыд йæ уды, æмæ йæ хъæбулы номæй йæ ивгъууд цард, йæ æнæсæрфат цард, фыдракæндау, стад йæ уды сыгъдæг æнкъарæнты раз, кæрзыдта дзы йæ зæрдæ, æмæ та, йæ ахуырмæ гæсгæ, агуырдта æфсæнттæ; агуырдта æфсæнттæ йæ æнæсæрфат цардæн, агуырдта æфсæнттæ йæ хъæбулы номы раз йæ уды тæригъæдтæ сраст кæнынæн, фæлæ зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй ницæуыл хæст кодта, æмæ йæ хъуыдыты йæхи æппæрста йæ ивгъуыд цардмæ, йæ царды змæстыты райдианмæ, йæ царды стырдæр дудгæбæттæм. Кæдæй райдыдтой йе намонд царды бонтæ? Хæстæй. Хæсты азты бонтæй. Джерджийæ цалдæр мæйы дæргъы нал уыд бæрæг, ницыуал фыста. Уæдмæ хъæуæй бирæтæ райстой саугæххæттытæ, æмæ Матронайæн дæр æнхъæлмæ кæсынæй йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Æнхъæлмæ касти Джерджийы фыстæгмæ, фæлæ уыцы æнхъæлмæ касты уыйбæрц тас уыд, уыйбæрц æвирхъау тас, æмæ-иу постхæссæг сæ хъæумæ куы фæзынд, уæд-иу къахæй къухмæ базыр-зыр кодта, æнхъæлмæ каст хабар базонынмæ, фæлæ уыцы рæстæджы дæ бæлццояæй исты хабар фехъусын æмæ фыдрынчынмæ бадын иу уыд — фыдрынчынмæ бадын, дæ тарф рынчын дыууæйыл куы уа, æмæ куы нæ зонай, чысыл фæстæдæр дæм хуыздæрæй ракæсдзæн, фæдзæбæхдæр уыдзæн, æви дзы фæстаг улæфт схаудзæн. Уый дæр Джерджийы фыстæгмæ афтæ æнхъæлмæ каст, уал мæйы фæстæ йæ зæрдæ джитæнтæ кодта, æмæ-иу кæуын дæр нæ уæндыди: нæ уæндыди кæуын, йæ бæлццон фæндагыл кæй ис æмæ хуыцаумæ исты хъыг куы фæкæса, уый адæргæй йæ кæуындзæг та йæ уæгъд нæ уагъта, йæ кæуындзæг та йын йæ хурхы сæртæ æхсыдта. Æрмæст-иу хъæубæсты ног хъыджы рæстæджы суагъта йæ тыппыртæ. Уæд-иу ын фæци фадат йæ зæрдæйы æмбæхст мæстытæ судзæггаг цæссыгтæй ралæмарын, судзæггаг хъарджытæй. Уыцы рæстæджы сæм фæзындысты хицауады æрвыст лæгтæ... Хæдзармæ фæзындысты æнæнхъæлæджы, сызмæстой хæдзар, иу гыццыл къуым дæр æнæсгæрст нал ныууагътой, иу гыццыл гæххæтты гæбаз дæр æнæбакæсгæ нæ фесты. Хæстæй Джерджийæ цы фыстæджытæ æрцыд, уыдон семаг ахастой. Ницы сын бамбæрста се 'нæнхъæлæджы митæн—касти сæм, æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, бамбарынхъом ницы уыд, фæлæ хатыд: цыдæр фыдбылыз сæмбæлд Джерджийыл, цыдæр фыд æрцыд.йæ бæлццоныл, æмæ мæнæ йæ хæдзар сау хæлд баци, ракалд йæ хæдзарьь цæджындз. Хицауады лæгтæ, хъæубæсты дæр фæфарстой хæ-дзаргай, хицæнтæй. Суанг ма-иу сывæллæттæй дæр хъæууынджы кæуыл амбæлдысты, уый дæр- иу хибармæ акодтой, æмæ йæ афтæмæй ракъах-бакъах кодтой. Цы сын хъуамæ загътаиккой хъæубæстæ! Се 'ппæт дæр æй зыдтой: Джерджи хæстмæ ацыд, æмæ дзы ныр цалдæр мæйы дæргъы бæрæг нал ис. Хъæубæсты 'хсæн та, дам, куыд царди? Куыд хъуамæ цæра удæгас адæймаг йæ хъæубæсты 'хсæн? Джерджи дæр адæмæй уæлдай куыд хъуамæ цардаид йæ хъæубæстимæ? “Тынг хорз, тынг адджынæй...”—загътой хъæубæстæ. Æмæ та уæд уыдон рафæрс-бафæрсыл схæцидысты: хæстæджытæ сын чи ис, кæмыты цæрынц æмæ æндæр ахæмтæй. Стæй афардæг сты. Уыдон афардæг сты, фæлæ уæдæй фæстæмæ йæ хæдзар хæдзары хуызæн нал сси, уæдæй фæстæмæ хæдзар цудын райдыдта, бонвыддæрмæ фæци. Хъæубæстæ фыццаг бонты æлгъыстой уыцы æрвыст лæгты, Джерджийы цæуæн фæндæгтæй' сæ нывондæн хастой, стæй рацæй-рабон, æмæ чидæртæ зулмæ кæсын райдыдтой йæ хæдзармЗр, чидæртæ дзы æнæууæнчытæ райдыдтой йæ хæ-дзарыл. Хъæубæсты 'хсæн саугæххæттытæ куыд фылдæр кодтой, афтæ хъæубæстæ дæр сæхи тынгæй-тынгдæр тигъ кæнын райдыдтой Джерджийы хæдзарвæндагыл, æмæ-сæм, æппынфæстаг, знаджы цæстæй ракастысты, тудæ-джын сæ фестад Джерджийы хæдзар. Йæ чысыл хъæбулы йын нырма йæхи æмцахъæнтæ райдыдтой схо-йын, нырма йын йæхи æмцахъæнтæ фидис кодтой, стæй та — стыртæ дæр. Уæды онг дæр йæ бæлццоны мæтæй мæтмæрдтв кодта, фæлæ уæд хъæубæстæ æмхуызон зæрдæйыуагыл уыдысты: се 'ппæт дæр мæрдджын æмæ æнхъæлцау уы-дысты, æмæ-иу сæ иумæйаг мастыл æмхуызонæй мæтгæнгæ, фæрæзтой кæрæдзи фæрцы, кæрæдзи фæрцы хъæцынхъом уыдысты сæ мастыл. Фæлæ уæдæй фæстæмæ, цыма хæсты æппæт æвирхъау хабæртты аххосæгтæ дæр сæ хæдзарæй цыдысты, уыйау ыл сæхи атигъ кодтой. Æмæ йæ уд йæ хъуыр- мæ сси, йæ бон нал уыд хъæубæсты фыдæх цæстæнгас уромын. Йæ гыццыл хъæбул-иу хъæууынгæй кæугæ æмæ гъе-гъегæнгæ куы 'рбацыд, уæд-иу суанг йе стджыты гакъæттæй схъæрзыдта, зыдта йæ, цæуыл та кæуы йæ хъæбул, йæ чысыл зæрдæйы уидаг; йæ хъæбысы-иу æй ныттыхта, нылхъывта-иу æй йæ риумæ. — Цы кæныс, мæ зæрдæдарæн? Цы кæныс, хъæбул? — Нæ мæ уадзынц, джиджджи, — куыдта-иу йæ зæрдæйы уидаг хæкъуырцц куыдæй, ставд цæссыгæй, — семæ хъазын мæ нæ уадзынц. Йæ гыццыл хъæбул-иу æм æлхъывта йæхи æмæ-иу фыркуыдæй зыр-зыр кодтой йæ чысыл уæнгтæ. Адæймаджы хуыцау куы ралгъита, уæд æй хур бон дæр арв æрцæвы. Йе 'ппæт бæллæхтæ йын цыма фаг нæ уыдысты, уыйау уыцы рæстæджы æрцыд Егнаты усы хабар дæр. 2 Хæст цы аз райдыдта, уыцы аз æрхаста Егнат ус. Фидыцджын æмæ æгъдауджын чызг уыди Зара. Хъæу-бæсты 'хсæн æндæр дзырд нæ уыд—Егнат æмæ дам, Джерджийы цы амæндтæ фæци, уый — никæй. Цалдæр мæйы дæр нæ ацардысты, афтæ акодтой Егнаты дæр хæстмæ. Зара æвгъæддон уыд, æмæ йыл йæ бинонтæ хъæцынхъом нæ уыдысты, колхозы куыстмæ дæр æй нæ уагътой. Йæ хицау йæ фыртæй сау гæххæтт куы райста, уæд ын уый фæстæ йæхæдæг загъта, цæмæй йæхи хъахъхъæна. Æвæццæгæн, уыцы дудгæбæтты Егнатæн тарст. Тарсти, миййаг ууыл дæр исты куы 'рцæуа, æмæ йæ кæстæр хъæбул куы февæстаг уа. Джерджийæ уыцы .мæнг хабæрттæ куы райхъуыстысты, уæд ма-иу сæ Зара абæрæг кодта—уый размæ адджынæй цардысты, æйæ æвзонг чындз йæ хъæубæсты фыдæх йæ зæрдæмæ ницы уанæбарæджы айста. Æцæг сæм фыццагау арæх нал цыд, æвæццæгæн йæ бинонты аргъуцæй, фæлæ-иу сæм уæддæр æрбахауд. Тагьд æнхъæлцау уыд, мæй дæр æй нал хъуыд, афтæ сæм иубон æрбауад. Ныхæстыл фесты, уæд адæмæн сæ ныхæсты сæр иууылдæр иу уыд, æмæ сæм дзуринæгтæ куыд нæ уыдаид. Æппынæрæджиау Зара батагъд кодта, хæдзары, дам, мæм хæцдзысты. Йæ чысыл хъæбул хæдзарæй куыд рауад, уый хъуыды дæр не 'ркодта. Асинты бын бамбæхст, æмæ Зара асинтыл куы æрцæйхызт, уæд ын йæ къахмæ фæлæ-бурдта. Зара фæтарст, асинтæй ратылд, æмæ асинты раз къæйдуртыл йæ тъæпп фæцыд. Куыннæ фæтарстаиккой се 'ппæт дæр?! Сывæллон дæр фæтарст, æмæ ныцъцъæхахст кодта. Ныцъцъæхахст кодта Матрона йæхæдæг дæр, æмæ йæм æрызгъордта. Чидæртæ ма атыгуыр сæ алыварс. Зарайы сыстын кодтой. Уый фыртасæй ныффæлурс æмæ зыр-зыр кодта. Чи йын йæ къухтæ æууæрста, чи йын йæ къæмисæнтæ сæрфта хуылыдз хæцъилæй, æмæ чысыл фæстæдæр фæхуыздæр, йе 'муд æрцыд. Кæрты йæ бандоныл æрбадын кодтой. — Ницы мын у, — æппынæрæджиау баныфсджын уый,— æрмæст нæ бинонтæн мацы зæгъут. Æмæ уæд йе 'муд æрцыд Матрона. Загъта йæхицæн: фыдбылызæй фервæзтæн, йæ хъæбулы æрцахста æмæ йæ ахæм над фæкодта, ахæм, æмæ нырма дæр йæ кæуын йæ хъустыл уайы, нырма дæр йæ къухтæм фыдынаджы цæстæй кæсы. Зара йæхæдæг ацыд сæхимæ. Устытæ дæр апырх сты. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Сахат дæр нæма рацыд, афтæ Егнаты ’рдыгæй сыхъуыст адæмы хъæлæба. Уайтагъд йæ зæрдæ ауазал, йæ зæрдæ ныдздзынæзта: нæй, хуыцау та йыл ногæй рахæтыд, хуыцау та йын ног фыдбылыз йæ сæрыл æртыхта. Ницы зыдта, цы бакæна, уымæн. Ныццæуа Егнаттæм, æмæ кæд Зара æвзæрдæр у, уæд æй йæ бинонтæ дурдзагъдæй расурдзысты. Ма ныццæуа, æмæ йын уый та йæ цæсгом бар нæ дæтты. Нæ фæлæууыд йæ зæрдæ, ныццыд сæм. Егнатты размæ та æрбатыгуыр сты устытæ. Егнаты мад æй куы федта, уæд йæ размæ-лæбурæджы къахдзæфтæ ракодта, йæ синты сæртыл авæрдта йæ къухтæ: — Уæ мæнæ иу абырæджы хæдзарæй уынгæджы фестæм, — хъарæггæнæгау ивæзта йæ ныхас, — уæ, сау хæдзар бауон, ацы уынгæджыйы ма нæ ноджы цæрын чи нæ уадзы. Уæ, дæ хъæбулы быныл баззайай, æрмæхсæстæй дзы аззайай, æрмыфтыд дзы фæуай. Уæ, нæ уынгæджыйы ма нæ чи уынгæджы кæны, уыдоныл мæ бон акæна. Уромæг æй нал урæдта. Судзаггаджы мæрдджын кæй у, арвуациллайы хуызæн фыртæн хæрнæджытæ кæй скодта, уый дæр дзы ферох—йæ ног марды йын исчи куы ралгъита, уый дæр ницæмæуал дардта; цыма йæ фырты марджытæ дæр уыдон уыдысты, уыйау йе 'ппæт мæстыты азар дæр калдта уыдон хæдзарвæндагыл. Егнаты фыд кæрты дзоныгъимæ архайдта, галтæ йыл ифтыгъта. Дзоныгъыл уыд куыф æвæрд, куыфы — хуыссæнгæрзтæ. йæ усы какула куы фехъуыста, уæд йæ куыст фæуагъта, ракаст удонырдæм. Куы йæ федта, уæд йæ сæр ныттылдта. — Зонут æй, — æртхъирæн кодта, — мæнæ-мæнæ чындзыл исты æрцыд, уæд уыл арт бандзардзынæн. Цъыбыртты сыгъд уæ бакæндзынæн. Хъæуы устытæй чидæртæсæ хъæбысы рахастой За-райы, куыфы йæ нывæрдтой. Зара хъæубæсты зæрæдтæм се 'ппæтмæ дæр уайсæста, æмæ йæ ныр Матрона хъæрæй хъæрзгæ куы федта, хъæрæй уынæргъгæ, уæд бамбæрста: хъуыддаг бынтон æвзæр у. — Мæлын, джиджджи, — зæрдæхалæн уынæргъд кодта Зара. аæмæ йæ пæссыгтæ цыхцырджытæй' калдыс-ты;— мæлын, дæйдæджи. — Уынæргъыдта. æмæ йæхимидæг рафт-бафт кодта. йе 'тæрттæм лæбурдта дыууæ къухæй. — Уæ, кæуæндон фæуа сæ хæдзар нæ сафджытæн, — хъарæг кодта Егнаты мад, — уæ, иронвæндæгтæ фæкæной нæ сафджыты хæдзармæ. Уый та йæ мидбынат бандзыг, адæргæй зыр-зыр кодта, нæ зыдта, цы ми акæна, цы фæкæна йæхи. Зара, ацы хъæубæстæй ма йæм хорз цæстæй чи каст, уый йæ цæсты раз фыдутæхсæны мард, фыдутæхсæны хиды цад фестад, хъæрзгæ зæрдæ, æмæ йæ бон нæ уыд—бацæуа йæм, истæмæй йын феххуыс кæна, исты ныхас æм скæна. Зара-иу æм хъæрзгæ-хъæрзын знаджы цæстытæ æрбазылдта, йæ былтæ-иу базмæлын кодта, æмæ уыцы былты змæлдæй уымæн та йæ тых састи. Æмбæрста: ныр ын æцæг зындон фестдзæн йæ цард ацы хъæубæсты 'хсæн. Зарайы рынчындонмæ аласта йæ хицау. Йемæ ацыдысты йæ идæдз файнуст æмæ йе 'фсин. Седанты къахырæй ахызтысты, нал зындысты хъæумæ, уæддæр ма устытæ тыгуырæй лæууыдысты æмæ кастысты сæ фæстæ. Уый дæр ма иудзæвгар сæтдзæйæ алæууыд йæ мидбынат, стæй згъорæгау акодта сæ хæдзармаэ. Хæдзары йæхи тæрхæгыл æрæппæрста, æмæ ныгъгъе- гъе кодта, ныккуыдта, ныдздзынæзта. Ныр, æцæгдæр, ацы бæллæхы азымджын кæй сты, Егнаты мады фыдæхы ныхæстæм сдзурæн дæр кæй нæй, уый йын ноджы æвдæрзта йæ уд, æмæ йæ бон ницыуал уыд кæуынæй дарддæр; нал дæр истæуыл хъуыды кæнын, нал дæр истæуыл дзурын, æгасæйдæр фестад кæуындзæг, кæуындзæджы къуыбылой, æмæ куыдта судзаггаджы куыдæй. Афтæ бирæ рæстæджы фæстæ æваст йæхи куыды уынæры æхсæнты æрыхъуыста ноджы кæйдæр куыды уынæр, æмæ фестъæлфыд. Ацагуырдта йæ хъæбулы. Сывæллон никуыцæй зынд æмæ сæргъуыйау. Бакаст тæрхæджы бынмæ. Йæ хъæбул, йæ чысыл хъæбул, йæ зæрдæйы уидаг тæрхæджы бын къуымы батымбылтæ, къуыммæ йæхи нылхъывта, æмæ куыдта йæ мады кæуынмæ. Уый фенгæ, ноджы йæ зæрдæ тъæппытæ фæцæйхаудта, йæ зонгуытыл æрхауд тæрхæджы раз, æмæ йæм ивæзта йæ къухтæ: —Цы архайыс уым, хъæбул, цæуыл кæуыс? Рацу мæхимæ, цард дын фестон. Уый, æвæццæгæн, нæмынæй тарст, æмæ ноджы йæхи къулмæ нылхъывта. Бавнæлдта йæм, æмæ йын йæ цонгыл рахæцыд. — Ма тæрс, хъæбул, ма тæрс. Дæхи джиджджи дæникæмæн бауадздзæн нæмын. Сывæллон фыртасæй зæххыл дæлгоммæ ныххауд, йæ чысыл къухтæй зæххыл ныддæвдæг, æмæ йæ тыбыр-тæ цæгъдæгау кодта. — джиджджи, джиджджи... — фыркуыдæй нал фæрæзта улæфын. Тыхæй йæ раласта тæрхæджы бынæй: нæ куымдта, йæхи рæдывта йæ хъæбысæй, фæлæ куы базыдта, нæмгæ йæ нал кæны, уæд æрсабыр, йæ хъæбысы ныттымбылтæ æмæ, хæкъуырцгæнгæ, куыдта. — джиджджи, — алы дзырды фæстæ дæр-иу зæрдæ-уынгæггæнæн хæкъуырцц скодта сывæллон, — æз æй нæ раппæрстон. Æз хъазгæ кодтон. Уый йæ нылхъывта йæ риумæ, ацы дунейыл ма йын ахсджиаг чи у, ацы уæзæгыл ма йæм знаджы цæстæй. чи нæ кæсы, уыцы гыццыл уды æмæ куыдта. Сывæлло-ны ныхæстæ йæм нæ хъуыстысты, ницы æмбæрста, æрмæст ма кæуын йæ бон уыди æмæ куыдта. Фæлæ цæмæй мауал тæрса, æрсабыр уа, уый охыл мады зæрдæ йæ ахуырæй сывæллоны ныхасмæ ныхас сæппæрста. — Цæмæн хъазыдтæ, хъæбул, цæмæн? — Уæдæ кæимæ хъазон? — уæхсчы схъиудæй, хæкъуырцгæнгæ, куыдта йæ гыццыл хъæбул. 3 Егнаты фыд уыцы æхсæв æрбаздæхт фæстæмæ. Бæрæг хабар ницы æрбахаста—рынчындоны, дам, æй схуыссын кодтой. — Цъыбыртты сыгъд сæ бакæндзынæн! — æртхъирæн кодта сæ хæдзарырдæм. Дыккаг бон устытæй ничи фæзынд, æмæ йæ уды чысыл ныфс бацыд: чизоны, æппæт дæр хорз уа, чизо-ны хуыцау сауда мæгуыр адæмыл. —Уæ хуыцау, — лæгъстæ кодта æрвылуысм йæхи-мидæг, — уæ, хуыцау, мæ уд дæ цæуæн зæххыты фæхъау, фехъуысæд дæм мæ лæгъстæ, æмæ Зарайы фыдбылызæй бахиз. Уæ, хуыцау, уæ хуыцæутты хуыцау, кæд дæм искуы искæй лæгъстæ фехъуыст, уæд уый æмбал мæн дæр бакæм, фехъуысæд дæм мæгуыр адæймаджы лæгъстæ—бахиз фыдбылызæй уыцы тæригъæддаджы, ма мын сдзырддаг кæн мæ хъæбулы, фыдæлгъысты сæйраг мын ма скæн мæ зæрдæйы уидаджы. Нæ фехъуыст йæ лæгъстæ хуыцаумæ. Æртыккаг бон æрбаздæхт Егнаты мад. Устытæ йыл сæ хæдзары размæ атымбыл сты. Мат.рона сæм ацæуын нæ бауæн-дыд, скъæты фисынæй сæм сусæгæй касти æмæ фырадæргæй гæв- гæв кодта. —Уæ, цы царæфтыд фæдæн, мæнæ адæм, цы царæфтыд!—хъарæг кодта Зарайы æфсин.—Уæ иу азы дæргъы дыууæ хатты судзаггаджы зЙæнттæ цы хæдза-рыл æрцæуы, уый тæригъæдæй арв дæлæмæ цæмæннæ ^рхауы, ^æхх цæмæннæ аскъуыйы... “Дыууæ хатты судзаггаджы зиæнттæ?” — ныззыр-зыр кодта. — Уæдæ Зара дæр... Уæдæ сындзджын арты судзинаг фестæм! Уæдæ нын ныр зæххыл цæрыны бар нал и? Фыртæсæй нындзыг йæ мидбынаты, æмæ йæ бынатæй феккуырсын йæ бон нал уыд. “Кæдæм фæлидзæм? Кæм бамбæхсæм?” — фарста йæхи, стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ хъæбул йæ цуры кæй нæй, æмæ уыцы æппæрст акодта йæхи хæдзармæ. Сывæллон хæдзары нæ уыд.— Доме! — сирвæзти дзы æвирхъау цъæхахст. Æмæ ницыуал базыдта. ...Сывæллон фæскъул хъазыд. Йæ мады хъæр куы фехъуыста, уæд хæдзармæ сызгъордта. Хæдзары пецы фарсмæ йæ мады зæххастæрдыл дæргъæй куы федта, уæд фергъуыйау, ивæзта йын йæ къух хæрдмæ, фæлæ йæм уый куы ницы дзырдта, уæд адæргæй нырдиаг кодта. — джидæджи! — тъизыдта тарст сывæллон, æмæ ивæзта йæ мады цонг. Сывæллон йæ тарстæй, æппынфæстаг, æддæмæ ралыгъд. Сæ дыккаг хæдзæртты зæронд ус хъæууынджы дæлæмæ фæцæйцыд, æмæ йæм йæхи баппæрста, ныззезелæг ыл ис. — джидæджи... — тъизыдта тарст сывæллон, æмæ зæронд усы йæ раздарæнæй ивæзта, сæхирдæм. — Цы кæны джиджджи? — бафарста йæ. — Хæдзары ахаудта,—куыдта уый. ...Адæттæ йын фæстæдæр йæ хъæбул æмæ зæронд ус радзырдтой, йæхæдæг ницыуал æмбарынхъом уыди. ...Куы æрчъицыдта, уæд йæ уæлхъус лæууыд сæ дыккаг хæдзæртты зæронд ус хуылыдз хæцъилы тым-былтимæ. Йе 'муд нæма æрцыд. Йæ цæстытæ фæстæмæ бацъынд кодта. Йæ хъуыды йæм тагъд æрыздæхт. Фестъæлфыд. — Доме!— сирвæзти дзы уынгæг хъæлæсæй, æмæ фæгæпп кодта. Доме сæ цуры лæууыд. Доны къусыл хæцыд, æмæ уырдæм йæ цæссыгтæ тагъдысты. Йæ мады сыстгæ куы федта, уæд къус аппæрста, æмæ йын йæ фæдджитыл атыхст. Уый йæ фелвæста йæ хъæбысмæ. — Кæм уыдтæ, хъæбул? — æлхъывта йæ йæ риумæ. — Кæм хъуамæ уыдаид? — бауайдзæф ын кодта зæронд ус.—Цы 'рцыд, цæмæй йын тæрсыс? Ныр та уый афарста сонтæй: — Цы кодта Зара? — Зарайæн ницыдæр у. Ма тæрс. Нæ йын баууæндыд йæ ныхасыл. —Дзæбæх у. — Дзæбæхдæр у. Уыцы ныхас æй баныфсджын кодта. —Æмæ уæдæ йе 'фсин цæй дыккаг зианы кой код-та? — Фаззæттæ уыд йæгуыбыны. —Æмæ? —Февзæри. Йæхи асыгъдæг кæнын йæ бон нал сси, æмæ йын сæ йæ гуыбынæй систой. —Уæ, туг куыд ныууарыди, хъæбул, дæ мады сæрыл, — скуыдта та уый, — ныр нæ цæрын бынтон куынæуал ныууадздзысты. Зæронд усæн сæ уавæрдæй йæ зæрдæ суынгæг. — Уанцон нæу, чындз, — æррæвдыдта йæ. — Дæхиуыл фæхæц. Цæмæй тæрсыс? Исчи ма уæм исты сдзурæд. Хъæу нал стæм. Тыргъмæ куы рахызтысты, уæд æрыхъуыстой хъæубæсты уынæр. Хъæубæстæ чысыл дæлдæр æртымбыл сты, æмæ се 'хсæнæй хъуыст Егнаты фыды æртхъирæн: — Бафæруст-ма, цы сæ дарæм, уымæй? Цы дарæм. Парсайы хæдзарвæндагæй? Цы сæ дарæм. æнæхъæн къæубæстæй? Йæ фыд нæ немыцæгты фæдджиты бынæй æхсы, куыдзы хъыбыл та нæам æвæстаг кæны! Хъæуы зæронд лæг Уасил лæдзæджы æнцæйтты бацыд сæ цурмæ. Иучысыл сæм байхъуыста, стæй баздæхт Егнаты фыдмæ: — Гиго, хъыгджын зæрдæ дæ, уый мах дæр зонæм. Мах не 'ппæт дæр хъыгджын зæрдæтæ стæм, æмæ нын кæрæдзи хæргæйæ нæу, кæрæдзийыл нæ фæхæцын хъæуы. Хъæубæсты фарн æвæргæйæ у. — Цавæр хъæубæсты фарн? — нæ чъил кодта Егнаты фыд.—Не знæгты зæвæттæ чи стъæры, уыдон хъæубæстаг сты? — Тæригъæд ныхас хъæдрæбыны дæр нæ фидауы, Гиго,—бауайдзæф та йын кодта Уасил. —Чизоны, æцæгæлон зæххыл йæ мæгуыр стджытæй зæхмæ дæр ни-цыуал бацыд, æмæ йæм ныронг рухсаджы æртах нæ фæ-хæццæ кодтам. Джерджи не 'нæзонгæ куынæ уыд, хъæубæсты фидыцы лæппу куы уыд, хъæубæсты 'хсæн æнæ-хъæн зиу куы уыд йæхæдæг. — Цъыбыртты сыгъд сæ бакæндзынæн! — Кæй?— бафарста йæ Уасил. —Уæлæ уыцы куыдзы хъыбылы æдхæдзар. — Æмæ уый цы 'мбары? Уый сывæллон куы у, гормон, уæд сывæллæттимæ хъæбысæй хæцыс? — Сывæллон!..—мæсты ту ныккодта Егнаты фыд, æмæ дæрзæг ныхас загъта. — Худинаг, Гиго!—тызмæгæй сдзырдта Уасил.— Сывæллон æмæ сылгоймагыл куыдз дæр нæ рæйы, æмæ мах хъæубæстæ куы стæм! .Зонæм æй. Гиго, уыцы сы-вæллоны аххосæй ноджы уæлдай маст баййæфтай, фæлæ дзы кæй баазымджын кæнæм? Уæлæ уыцы гыццыл муры? Æмæ исты зонынхъом чи вæййы, уыдон дæр куы рæдийынц, уæд уыцы гыццыл та цы зыдта? Цæмæй зыдта уыцы гыццыл уд, искæй къахмæ тæрсын кæныны охыл куы фæлæбура, уæд ахæм фыдбылыз æрцæудзæн? Зæгъ-ма, Гиго, зæгъ, кæй баазымджын кæнæм? Йæ мады? Уæ, гормæттæ, æмæ уый махæй мæрдджындæр куы у, уæлæ йæ тдеригъæдагй бæстæ куы скъуыдтæ кæны, уæд адæм нал стæм? Гъа, кæд Джерджи, æцæгдæр, сæрра, æцæгдæр знæгты æвварс рахæцыд, уæддæр дзы адон аххос цы у? Уый дæр махау фæндаггоны хицау куы у. Æмæ махæн не сгуыхт лæппуты тыххæй нæ цæстытæ ничи къахы, уæддæр рафтыдыстæм, уымæн та йæ сæфт фæндаггоны тыххæй алы сахат йæ цæстмæ æхсидав куы дарут, уæд уын хуыцау нал и? Хуыцауы бын нал цæрæм? Тыргъæй хъуыста Уасилы ныхæстæм æмæ, йæ хъæбулы йæ риумæ нылхъивгæ, куыдта къуырма куыдæй. Уасилы ныхæсты фæстæ хъæубайстæ ныхъхъус сты. Ничиуал сæ.ницы дзырдта. Стæй Егнаты фыд æрæдж-ау йæ дысæй йæ цæстытæ асæрфта. — Ехх, — ныууынæргъыдта зæрдæбынæй, — мæ куыдзы сæр бахæр, Гитлер. Стæй баздæхт Уасилырдæм. — Бахатыр кæн, Уасил... Афтæ æнхъæлыс, ацы фыд-рæстæджы ма ноджы искæмæ сдзурын мæнæн æнцон у? -Фæлав мын уыцы лæппуйы фæстæ нæ чындзы хабар мæ зæрдæ ноджы бакъуырдта, амардта мæ бынтондæр. Ехх, Уасил, цы тæхудиаг сты, ацы заманы йæ фæндаггон фæндагæй дзæбæхæй кæмæн æрыздæха, уыдон. Мæ хæдзардарагджы афтид ингæны сыджыт мæ зæрдæйыл уæз кæны æхсæвæй-бонæй, æхсæвæй-бонæй мæ риуыл æнцайы, æмæ мæ бон нал у, Уасил, йæ уромын. Тæхуды йæ сывæллæтты разæй йæ сыджытмæ чи бацæуы... Æнæхъæн хъæубæстæн дæр сæ зæрдæтæ бауынгæг сты; æнæдзургæйæ, зæрдæхъæрзгæйæ апырх сты, сæхи хибар рæттæм айстой. Мæрдты дзæнæты фæбад, Уасил. 4 Егнаты æрыздæхты фæстæ йын цард бынтондæр зындон фестад. Хъæумæ фæд-фæдыл цыдысты саугæххæттытæ. Куыдтой мæрдджын адæм. Фæлæ -кæуын дæр агдæрсгæ нæ уæндыдысты, се 'сæфт бæлццæттыл хъарæг кæнын сæ цæст нæ уарзта — иу дагр дзы йæ зиан йæ уæлтæрхæг нæ федта, иуы дæр дзы сæхи къухæй нæ сæмбæлын кодтой йæ сыджыты хайыл, æрмæст-иу алы саугæххæтты фæстæ дæр уæлмæрды фæзынд ног афтид ингæн. Афтид ингæн та уæддæр афтид ингæн у, æмæ уыцы ингæны афтид уæддæр цыдæр ныфс æвæрдта зианджынтæн, бынтон нæма æууæндыдысты сæ хуыцауы цæфыл, æнхъæлцау ма уыдысты сæ фæндаггонтæй. Хъæуы куыстхъом адæм нæ тых кодтой сæ куыстытыл. Æниу ма дзы цæй куыстхъом адæм уыди—зæрæдтæ æмæ устытæ. Æххуыс сын кодтой сывæллæттæ дæр, фæлæ уæддæр не 'ххæссыдысты утæппæт куыстытыл. Фыдгуыст, фыдтухиты-иу сæ æрбайрох сты сæ судзаггаджы зиæнттæ, фæлæ та-иу изæры куыствæлладæй куы æрцыдысты сæ хæдзæрттæм, сæ сывæллæтты-иу, æнахъом, куыстдзагъд сывæллæтты дæргъытæй куы федтой тæрхджытыл, уæд-иу куыннæ хъуамæ фемæхстаид сæ цæссыг, куыннæ-иу хъуамæ райхъуыстаид сæ хъарæг. Уыцы уалдзыгон бон хуссæртты хуым кодтой. Сывæллæттæ уыгътой дуртæ, æмæ сæ хастой цæндтæм, хуымы кæрæттæм. Зæронд лæгтæ æмæ устытæ та хуым кæныныл уыдысты: чи галтæ скъæрдта, чи гутон дардта. Мæллæг, холлагцух галтæ нæ фæрæзтой гутон, уыцы мæллæп хъомы уисæй цæвын никæй зæрдæ тардта, фыл-дæр сыл хъæр кодтой, æмæ хуымæй хуымгæнджыты хъæр æмæ сабиты цъах-цъах æнхъæвзæнтæ кодта алырдæм, хъæуæн цæрдгъуыз лæвæрдта. Æртæ гутонæй хуым кодтой. Гутон дарынхъом дзы Егнаты фыдæй дарддæр ничи уыд. Райсомæй изæрмæ иунæгæй гутоны къухтыл хæцыд, райсомæй изæрмæ цæнгтæтыгъдæй ауыгьд уыд гутоны къухтыл. Дзургæ ницы кодта. Нæ дæр галтыл хъæр кодта. Бонсауизæрмæ уыцы иугъæдонæй дардта гутон, æмæ дзагъырдзæстæй каст гутоны æфсæнмæ, цыма галтæ гутон нæ, фæлæ йын йæ зынгхуыст лæппуйы ластой, цыма йын йæ судзаггаджы мæрдты нæ фæрæзтой ласын, ахæм хуыз æвдыста. Хаттæй-хатт-иу æй устытæ кæнæ æвзонг лæппутæй исчи раивтаид. Фæлæ æрмæстдæр нымад минуттæм. йæ риуы дзыппæй-иу систа тамакойы сыфы æууылдтытæ, йæ дзыхы йæ баппæрстаид, æмæ-иу æууилгæ-æууилын каст, чи йæ раивта, уымæн гутон уыннæ коммæ кæсы, гутоны хахх куыд зылынтæ кæны, уымæ. Бирæ кæсын-иу æм нæ баци йæ бон, йæ сæр ныттылдтаид, йæ тамакойы æууылдтытæ фæстæмæ йæ дыппы ныппæрстаид æмæ, тамакойы маст дон ачъиртгæнгæ, æнæдзургæйæ аиуварс кодтаид йæ раивæджы. Иннæ дыууæ гутоны устытæ æмæ æвзонг лæппутæ дардтой. Радгай, кæрæдзи тагъд-тагъд ивгæ. Матрона дæр — уыдонимæ. Нæ арæхст гутон дарынмæ. Æниу иннæтæ дæр уымæй хъауджы ницы рæвдздæр уыдысты, æмæ сæхи хурхæй мардтой. Уайтагъд-иу хиды цад фестад. Гутон йæ коммæ нæ каст, дыууæрдæм ын цъелф кодта—куы-иу ын згъуыдыл ацыд, куы йын кондыл ирвæзт. Æвæлтæрдæй йæ астæуы стæг къæс-къæс кодта, састи йæ астæу-магъз, æмæ-иу йæ астæуыл слæууын йæ бон нал уыд. Йе уæнгтæ-иу афтæ рыстысты, цыма сæ исчи сæхимидæг ныцъцъæл крдта. Фырфæлладæй-иу гутоны къухтыл ауыгъдæй аззад. Гыццыл сывæллæттæ конд хуым змæстой, хъæбысыдзагæй уыгътой хуычъытæ. йæ гыццыл хъæбул дæр уади гутоны фæстæ, æмæ-иу, хуычъы ссаргæ, цингæнгæ хъæр кодта: —Иу та ссардтон! Дынджыр хуычъы! Исчи-иу æй куы раивта, уæд-иу фырфæлладæй аууонмæ ацæуын дæр фæзивæг кодта, конд хуыммæ-иу пелтъыл æрхаудаид, йæ гыццыл хъæбул-иу æм балыгъд æмæ йын йæ разы æркалдтаид хъæбысыдзаг хуычъытæ. — Ай, цас хуычъытæ дын æруыгътон. Уый-иу, йæ хъæбулы йæ хъæбысы бакæнгæ, хордта дæрзæг æмæ нуарджын хуычъытæ. Хордта, æмæ-иу касти, чи йæ раивта, уый дæр, йæхиау, куыд утæхсæн кæны æгоммæгæс гутонимæ. Касти йæ хъæубæстæм, æмæ дис кодта ай мæнæ æнæхъæн хъæубæстæй æмхуызон уынгæджы куы стæм, не 'ппæты сæрыл дæр уыцы иу фыдбылыз куы æртыхст, уæд ма уымæ цы уæлдай фыдæхы цæстæй кæсынц йæ хъæубæстæ? Уыдон цы арты судзынц, уый дæр уыцы арты куы судзы, уæд ма йæ сæ цæст схойын куыд уарзы? Цы сын ракодта? Сихоры уагъды афонмæ æввахс уыд, афтæ сывæллæттæ æваст атыгуыр сты иу ран, æмæ Седанты къахырæрдæм сæ цæстытæ ныцдавтой. —Чидæр æфсæддон нæм ссæуы!—райхъуыст сæ цъах-цъах. Сывæллæтты ныхæстæм хъæубæстæ оæ куыст фæуагътой, се 'ргом аздæхтой Седанты къахырмæ. Цавæр дæр æфсæддон æнахуыр цыдæй тырныдта уыдонæрдæм. Хъæубæстæ сæ мидбынаты бандзыгау сты, цавддурты хуызæн сæ мидбынатæй сæ бон фезмæлын нал уыд, аф-тæмæй кастысты æфсæддоны 'рдæм. Уый сæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ хъæубæстæ бамбæрстой æф-сæддоны æнахуыр цыды аххосаг! Цинелджын иукъахыг уыди, дæларм лæдзджыты æххуысæй тырныдта уыдон æрдæм. Сывæллæтты фæндыд йæ размæ азгъорын, фæлæ сæ ныфс нæ хастой æмæ хисдæртæм бакæс-бакæс кодтой. Хисдæртæ дурдзавдау лæууыдысты, æмæ сæ цæст нæ истой иукъахыг æфсæддонæй. Алкæй зæрдæ дæр сæ ахъеллæуттæ кодта. Кастис æм Матрона дæр, æмæ не 'мбæрста: чи уыдзæн уыцы иукъахыг æфсæддон, цæмæн афтæ тынг тырны уыдоны 'рдæм. Хъæубæстæ сахуыр сты саугæххæттытæ исын, фæлæ сæ бæлццæттæй исчи уæнгхаудæй дæр фæзындзæн, уый хъуыды сæм нæ уыди. Æмæ ныр уыцы иукъахыг æфсæд-доны уындæй сæ зæрдæтæ саджилтæ кодтой, сæзæрдæтæ ахсайдтой сæ бæлццæттæм: чи зоны уыдон бделццæттæй дæр исчи уæнгхаудæй фæзына? Афтæ хъуыды кодтой, фæлæ уыцы æфсæддон сæхион куы разына, ууыл нæма æууæндыдысты; не 'ууæндыдысты, уыцы иукъахыг æфсæддон сæ бæлццон кæй у, ууыл — уыдонæн сæ бæлццæттæй уæнгцух ничи уыд, се 'ппæты дæр æнæниз, æнæса-хъатæй афæндараст кодтой. “Уæ, тæхуды, йæ бæлццон ма уæнгцухæй дæр кæмæн сæмбæлы йæ хæдзарыл”—хъуыды кодтой уыдон. Афтæ хъуыды кодта уый дæр. Йæ мид-зæрдæйы бæллыди, уыцы бæлццон Дæердæй куы разынид, фæлæ йын уыцы хъуыды тас уагйта йæ зæрдæйы, цыма йæ бæлццоны æлгъитгæ кæны, цыма йæ фæндаггоны фыдæлгъыст ракодта, афтæ йæм каст йæ сусæг тæхуды — уый æнхъæлмæ каст Джерджимæ, хæдзарæй йæ куыд арвыста, ахæм хуызы фенынмæ. Ныры онг йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, хъуыды дæр никуы акодта, Джерджи йæм сахъатджынæй æрыздæха, уæнгцухæй йæ фена. Æгуыппæг тас йæ зæрдæйы ныццахст, афтæмæй фæлвæрдта æфсæддоны цæсгом суынын. Æвиппайды адæмы астæуæй сыхъуыст Егнаты ма-ды хъæр: — Егнат! Уыцы хъæрмæ адæм се 'муд æрцыдысты. Æмгуылф акодтой иукъахыг æфсæддоны размæ. 5 Уæ, адæмы азардæ басудза, хæстрауадзæг!.. Цæй Егнат ма дзы уыди! Йæ галиу къах уæрагæй дæлæмæ хауд, æмæ иннæ къахы фарсмæ, кусарты агъ-дау, ныззæбул. Йæ галиу цонджы хъул дæр цæф уыд— онг æнæхъæнæй дæр батад, баруад, ныллыстæг. Уыдонæн ма ницы уыдаид, фæлæ йæ зонд дæр рæстмæ нал уыд. Зондцух нæ фæци, йæ зонд йæхимæ уыд, фæлæ-иу дзургæ-дзурын адзæгъæлтæ, дзургæ-дзурын-иу йæ зонд фæкуыддæртæ кæй астæу ис, æмæ цы ми кæны, уыдон-иу ын фæхæццæ сты. Уæлдайдæр та, нозты хъæстæ куы фæуыдаид, уæд. Йæ галиу сæрыфахсыл галы цæфхадыйас нос уыди, дзыхънос. Бомбæйы схъис, дам, мын æй атыдта. Нæ дæр уазалæн фæрæзта, нæ дæр тæвдæн. Уай-тагъд-иу стыхст, йæ цæсгомыл-иу йæ норттæ фесхъиу-фесхъиу райдыдтой. — Охх, джиджджи! — хъæрзыдта-иу зæрдæуынгæггæнæг хъæлæсæй. Йæ уындæй зæрдæйы тугтæ тагъдысты. Уæлдай-дæр — йе 'намонд хабар дзургæйæ. Цыма йæ исчи уигъ-гæ кодта, уыйау-иу къахæй къухмæ ризын райдыдта, йæ дзыхæй-иу дзырдтæ уыйбæрц нæ хауд, уынæргъгæ цас кодта, йæ алы ныхас дæр-иу уынæргъд уыди, йæ алы ныхас дæр-иу йæ уды æрфытæй афтæ уынæргъгæ схауд, цыма мæлæты къахыл адæймаг йæ марæджы ном зæ-гъынмæ хъавыд. — Ды йæ зоныс, мæнæн мæ къахы æрдæг кæм ис, уый?—фарста-иу йæ цуры бадæджы.—Хæсты быдыры мын кафгæ кæны, кафгæ! Мæнæ сымах цы кæфтытæ кæнут, ахæм кафтæй нæ, уый бынтон æндæрхуызон кафт кæны. Цавæр- æндæрхуызон кафтæй кафы? Цахæм, цæ, æмæ æнагъæддаджы кафтæй. Йæ разæй мæ уырыссаг æмбалы армытъæпæн кафыди, тугкалгæ æмæ гæппытæ- гæнгæ. Йæ фæстæ та йæ мæ къахы æрдæг расур-басур кæны, алырдыгæй та сыл нæмгуытæ, бомбæтæ ниуынц. Сымах искуы федтат, ахæм æнагъæддаджы кафт? Ни-куы федтат! Дзырдта, æмæ-иу йæ хъоппæг æмæ сырхфæлдæхт цæстытæй тагъдысты йæ цæссыгтæ. Стæй-иу куы 'рсабыр, уæд радзырдтаид йе 'намонд хабар: —Æнæзонгæ адæм кæрæдзийæн туджджынтæ куыд хъуамæ уой, уый не 'мбарын. Ницы йын æмбарын, зонгæ дæр кæй нæ кæнын, æлгъитгæ кæй нæ фæкодтон, иу мисхалы бæрц дæр æвзæрдзинад кæмæн нæ сарæзтон, уый мæ мæлæтмæ цæмæн хъуамæ бабæлла? Цы йын кодтон? Дæ цъеритæ дын фæтылдтон æви дын дæ галтæ адавтон? Гъе дын дæ уыгæрдæнтæ ныккарстен? Уыцы бон дард цыдæр быдыры хæцыдыстæм. Дзæгъæл быдыр, хъæуы охыл уым æввахс куырой дæр кæм нæ уыди. Æрхытæ дзы скъахтам, мæнæ донуадзæн æрхыты хуызæн, уым нынныгъуылдыстæм, æмæ æхстам не знæгты. Знæгтæ зæгъай, кæй мардтам, уыдонæн сæ цæсгомы хуызтæ уæддæр куы æвзæрстаиккам! Цæй цæсгомы хуызтæ! Æрмæст æй уыныс: дæлæ нæмгуытæ бызычъитау, кæм гуыв-гуыв кæнынц, уым дæхи хуызæн адæймæгтæ æд сæр, æд къухтæ, æд къæхтæ, дарæсы мидæг де 'рдæм сæ уды быцъынæг скъуынынц, нæмгуытæ сæ алыварс ихуарæгау кæнынц, уæддæр архайынц дæумæ æрбаххæссыныл, цæмæй дæ амарой, цæмæй дæ туджы сæхи сæвдулой. Ай дын ницы кæнгæ кæнын, нæ дæ æл-гьитгæ кæнын, алы къахдзæф дæр дæм мæлæт гæппæввонгæй лæууы, уæддæр нæ чъил кæны, уæддæр дæм лæбуры—хъуамæ, дам, дæ амарон! Цæй тыххæй?! Автоматы хъæдыл-иу ныззæгæл дæн, мæхинымæр-иу дзырдтон—ма амар, ма амар —фæлæ уæддæрмардтон. Цы сарæзтаин? Нæ сæ амардзынæ æмæ дын дæхи амар-дзысты. Куы дæм æрбаххæссой—лыстæг кæрдæктæ дæ скæндзысты. Стæй канд дæхи нæ, фæлæ ахæм æрра зондахаст кæмæн ис, уый дын дæ бинонтæм куы баххæсса, уæд уыдоныл дæр кæм. бацауæрддзæн? Кæм бацауæрд-дзысты ахæм агьуыд куыйтæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттыл дæр. Ницыгæнæгæй мæм ахæм фыд-зæрдæйæ чи лæбуры, мæ мæлæт ахæм тынг кæй фæнды, уый куы базона, йе 'мбæлттæй йын цалдæры амардтон, уæд мын мæ бинонтыл дæр кæм бацауæрддзæн! Кастæн- иу сæм æхсгæ-æхсын æмæ-иу дис кодтон—атæппæт нæмгуытæ æмæ æхсæнгæрзтæн æфсæйнаг та кæм ис! Хоскæрды-нæн цæвджытæ лæг куынæ фæары, цæвджытæ агурыныл адæймаджы сæр куы разилы, уæд атæппæт дзæгъæлы æфæйнæгтæй цæвджытæ саразæм, нæ хосы муртæ дзы рæстæгыл æркæрдæм, цæмæй нæ фос зымæджы аирвæ-зой æмæ дæхицæн дæр исты уа æмæ дæ бинонтæн дæр. Мæ тæккæ цур лæууыд иу уырыссаг лæппу Иполит. Йæ ном дæр. мæм худæг касти, стæй æнæ уый дæр худæг адæймаг уыд. Хъæлдзæг, адæмуарзон лæппу. Йæ ныхæстæ-иу ын иууыл хорз не 'мбæрстой, фæлæ куы дзырдтаид,, уæд æм мард дæр æнæ худгæ нæ фæлæууыдаид. Бирæ йæ уарзтон. Хæцгæ-хæцын дæр æнкъард кæнын нæ зыдта. Æнæ^æнг хъуамæ истытæ дзура æмæ афтæмæй æхса. Æхса, ома цæгъда йе знæгты. — Бей их, Игнат, бей!—хъæр мæм кодта. Йæхæдæг ныххуыссыд къанауы сыджытварсыл æмæ афтæ зæрдиагæй архайдта, цыма хосгæрдæны тæмæн у, æмæ кæрдæг куы фæкæрдиппæрд уа, уымæй тарсти, цыма адæмы нæ цæгъды, фæлæ кæрдæг дасы. Æз æм кастæн æмæ дис кодтон —цин та цæуыл кæны, цин? Ау, тæригъæд цы у, уый йæм æцæгæйдæр нæ хъары? А, маргæ сæ кæн, æз дæр сæ марын, уымæн æмæ сын æнæмаргæ нæй, кæннод нын нæхи марынц, фæлæ цин та цæуыл кæныс? Уыдон дæр мад æмæ фыды гуыбынæй куы рацыдысты, сывæллæтты хицау куы сты. Уалдзæг сæ идæдзты хуымтæ æнæкондæй куы зайдзысты, сæрд сæ уыгæрдæнтæ — æнæкарстæй. Стæй сæ тæригъæд та? Æви хуыцауы бын тæригъæд нал ис? Иу рæстæджы ныл арв æмæ зæхх æмхуызон гуыпп скодтой, æмæ æмхуызонæй цъæх арт суагътой. Бамба-рæн нал уыди — зæхх мыл уары уæл.ейæ къуыбаргай, æви мæхæдæг тæхын зæххы, гæбæзтимæ уæлдæфы. Бæбгæ чысыл куы басабыр, лæг, цæстæй æвзарынхъом куы фæци, уæд фыццаг цы ауыдтон, уый уыды Иполит: æнамонд лæппу сыджыты рагъыл размæ хаудæй баззад, йæ къухтæ размæ аппæрста æмæ йæ сæры пырхæнтæ йæ дыууæ къухыхсæн магъз æмæ сыджытимæ сæмхæццæ сты. Йæхæдæг та, сырх-сырхид хъуымацы уаццагау, æмпъузæнæй зынд сыджыты рагъыл. йæ размæ æппæрст цæнгтæй иуыл армытъæпæн нал уыд æмæ , дзы туг цыхцырæгау цъыгъгъыст кодта йæ амарджыты 'рдæм, цыма сæ ныр та йæ туджы цыхцырæгæй цæгъдынмæ хъавыд. Æз акастæн, йа' цонджы туг чердæм пырхæндæг кодта, уыцырдæм, æмæ мæ сæры хъуынтæ арц абадтысты, мæ туг йæ кусынæй ныллæууьгд, ахæм æнагъæддаджы ныв 'ауыдтон: йæ армытъæпæн, йæ цон-джы хъулæй цц армытъæпæн фæхицæн, уый чьгсыл æддæдæр схъиугæ кафт кодта быдыры. Гæппытæ нæ, нæ дæр схъиугæ, фæлæ схъиугæ кафт. Ахæм кафт, æмæ йæ уындæй адæймаджы хуылфыдзаумæттæ скъуыдтæ кодтой сагхймидæг. Æнæхъæн метры бæрц-иу фесхъиудта уæлдæфы, пака фондзæнгуылдзджын армытъæпæн-иу, цъилау ныззылдц уæлдæфы дæр æмæ зæххыл дæр, æмæ туджы пырхæндæг калдта. Уыцы 'пака фондз æнгуылдзы-иу зæххыл куы аныдзæвдысты, уæд-иу мæм афтæ фæкаст, цыма сæ хицауы буар агурынц, цыма цы цонджы хъулæй фæхицæн сты, уыцы цонг агурынц, нæ сæ фæнды, фæхицæнгæнæн цы буарæй нæй, уымæй фæхи-цæн кæнын. Стæй ма лæппуйæн йæхи цæнгтæ дæр размæ æппæрст уыдысты, æмæ мæм ноджы афтæ каст, цыма, Иполиты мард буар дæр- йæ армытъæпæны фæстæ ивазы йæхи, цыма йæ буары хайы рацахсынмæ хъавы, .æмæ мæ бон нал баци мæхи бауромын — зыдтон æй, Иполит мард у, стæй ма удæгас дæр куы уа, уæддæр ын йæ хауд армытъæпæнæй ницыуал æфтиаг ис, фæлæ уыцы размæ æппæрст цæнгтæ, цыма æцæгæйдæр сæ армытъæпæны фæстæ ивæзтой сæхи, цыма æцæгæйдæр йæ æрцахсынмæ хъавыдысты, цьила уыцы армытъæгТæн чысыл галиу сывæллон у æмæ йæ цонджы хъулæй æнæбары фæиртæст, быдыры адзæгъæл æмæ кæрæдзи арынхъом нал сты, ахæм хуыз сын уыд, æмæ мæ боннал баци уыдонмæ кæсын, мæ бон нал баци уыдонæн ма бах--хуыс кæнын, фæгæпп кодтон æрхæй æмæ басырдтон уыцы æнахуыр кафтæй кафæг армытъæпæны: уый ахсын нæ куымдта, стæй мæ буар дæр цыдæр æнагъæддаджы-тасæй æмдзаг уыд, æмæ йæ рацахсынæй дæр мæхимидæг тарстæн, афтæмæй йæ расур-басур кодтон быдыры æмæ... ...Æмæ ницыуал базыдтон. Цы фæдæн, госпиталмæ куыд бахаудтæн, госпиталы уадзыгæй цас фæхуыссыдтæн, уыдæттæн та ма чи цы зоны. Стæй куы æрчъицыдтон, уæд цы митæ кодтон, уыдонæн дæр ницы, хъуыды кæнын, ницы сын зонын, уымæн, æмæ æгасæйдæр уыдтæн рысты мидæг, æнæхъæнæй дæр уыдтæн риссгæ, судзаг сынчъы хуызæн, æмæ кæд судзаг сынкъ исты зонын æмæ исты хъуыды кæнынхъом у, уæд æз дæр истытæ хъуыды кæнын уыцы тухиты., Фæлæ чы-сыл куы æрдзæбæх дæн, мæ хъуыды мæхимæ здæхын куы байдыдта æмæ куы базыдтон, мæ къахы æрдæг мæ уæлæ над ис, уæд фыццаг мæ хъуыдымæ цы æрцыд, мæ цæстыты раз цы ауыдтон, уый уыд Иполиты армытъæпæн: мæнæ сымах куыд уынын, афтæ мæ цæсты раз уыдтон: Иполиты армытъæпæн быдыры, тугкалгæ, схъиудтытæ кæны, æмæ йæ фæстейæ та расур-басур кæны мæ къахы 'рдæг — цырыхъхъдзыхыдзаг дзы туг цых-цырæг ныллæууыд, уæлдæф туджы самæхста, уæддæр расур-басур кæны Иполиты къукы. Уыцы нагъæддаджы хабарæй афтæ фæтартсæн, æмæ та бауадзыг дæн. Æхх, куыд æрæгмæ базыдтон, Иполит-иу æхсгæ-æхсын цæуыл цин кодта, уый. Ехх, цы хорз мыл æрцыдаид, уыцы куыйты тугæхсæдтытæм ма мæ къух иу хатт куы баххæссыдаид, мæ низты æрдæг ахаудтаид, мæ рыстытæ фесæфтаиккой, уыдонæй ма иумæ топпы кæсæнæй куы акастаин, уæд, фæлæ мæ хæстмæ нал ауагътой. Куыд тынг мæ фæндыд уыдонмæ ма иу хатт топпы кæсæнæй акæсын! Ныр æрвылæхсæв мæ фынты æппынæдзух гъе уый уынын: мæ къахы æрдæг æмæ Иполиты армытъæпæн быдыры, тугкалгæ, кæрæдзи куыд расур-баур кæнынц. Мæ цæнкуыл къахы уындæй дæр уый фæуайы мæ цæстытыл, æндæр ницы. Уæ, Иполит, дæ цинæй бацин кæнын ма мын уæд та иу сахаты бæрц куы фæуыдаид рæстæг, уæд мæ рыстытæ бæргæ ахауиккой, мæ низæй бæргæ фервæзин... ...Дзырдта Егнат, æмæ йæ цæсгомы нуæрттæ сонт стъæлфт кодтой: цыдæр быдыры уыцы æнæзонгæйы армытъæпæн куыд гæппытæ кодта, Егнатæн та йæ цæсгомыл йæ нуæрттæ афтæ райдыдтой схъиуын. Уый йæм каст æмæ йæ цæстыты раз та Джерджийы уыдта: Джерджи, къуххауд æмæ къаххауд Джерджи æцæгæлон быдыры расур-басур кæны йæ тугамæхст къах æмæ къух. Йæ цæстыты разæй-иу сырдта уыцы ныв, стæй йæ хъуыдытæй дæр, фæлæ уыцы æбуалгъы ныв æдзæсгом æгъ-дауæй æрбынат кодта йе 'нкъарæнты, æмæ сурын нал куымдта... Уæ, адæмы азар дæ басудза, хæстрауадзæг! 6 Фыццаг бонты сæм Егнат æвзæр цæстæй нæ ракаст. Хъæубæстæ йыл хуымты куы атыгуыр сты, уæд уымæй дæр ферох, уыцы хæдзар æм тудæджыны цæстæй кæй кæсы; Егнаты уындæй йыл хуртæ æркаст. Къахæй- къухмæ фестади æнхъæлцау зæрдæ — чи зоны, уый уæддæр зоны Джерджийы æцæг хабæрттæ, чизоны ныр Егнаты æрыздæхты фæстæ Джерджийы хæдзарвæндагмæ дæр фарн æрбакæса æмæ сæ Тухитæй фервæзой. Уыцы æнхъæлцау ныфсæй дзы æппæт дæр æрбайрох, каст Егнаты былты змæлдмæ, йæ зыд цæстæнгас ахста йæ былты алы змæлд дæр, æмæ йын æрхъæц нал уыд—уыцы дзыхæй кæд схаудзæн ныфсы ныхæстæ, уыцы былтæ кæд ракæндзысты Джерджийы кой. Бафарстаид æй, уыцы хъару йæм нæ уыд, йæ ныфс нæ хаста — ацы æнхъæлцау минутты йæ бæлццоны кой йæхæдæг ракæна, йæхи дзыхæй схауа Джерджийы ном. Уый фæндыд, уыцы ном ацы тæккæ Егнат куы зæгъид, æмæ уыцы ныхæсты фæстæ йæ зынтæ бынтондæр куы ахауиккой; уыцы ныхæсты фæстæ хъæубæстæм сæрыстырæй куы акæсид, куы сын зæгъид: хъусут, хъусут, уе 'гæр фæкалат, Джерджийы æцæг хабæрттæм, уый æцæгæлон зæххыя уæ сæрвæлтау дывыдоны арты судзы, сымахта йын ам йæ бинонты æр-гæвдгæ кæнут уæ тигъ цæстæнгасæй, уе схуыст ныхæстæй... Фæлæ хъæубæстæ æмхуызонæй афтæ сзилæг сты Егнаты алыварс, æмæ фæллад бæлццон дыууæ ныхасы фæдчрæдыл зæгъынхъом нæ уыд; се 'ппæт дæр æм æм-хуызон æппæрстой сæхи, се 'ппæт дæр æм дзырдтой сæхи дзуринæгтæ. Сæ хъæумæ хæстæй фыццаг 'рыздæхæг Егнат уыд æмæ алчи дæр афта æнхъæлдта, цыма хæсты чи ис, уыдон се 'ппæт дæр кæрæдзи хабæрттæй истытæ зондзысты, æмæ йæ бæлццоны тыххæй та чысыл исты фехъусын дæр кæй нæ фæндыд: куыд нæ фæндыд, сау-гæххæттытæ щл ныййарджытæ райстой сæ хъæбулты тыххæй, уыдон Егнаты дзыхæй ныфсы ныхæстæ фехъусын — æхæм ныфсы ныхæстæ, сæ дудгæ зæрдæтæ сæ дудынæй цæмæй фæлæууыдаиккой, хурты хур сыл цы ныхæстæй æрбакастаид... Дзырдтой æмæ йын дзырдтой æнæхъæн хъæубæстæ сæ бирæ дзуринæгтæ, уымæн та.дыууæ ныхасы зæ-гъын дæр нæ уыд йæ бон — утæппæт хъæлæсты 'хсæн фехъуынхъом нæ уыд, чи йæ фæрсы æмæ йæ чи цæмæй фæрсы, нæ Йæм хъуыстысты сæ ныхæстæ, æмæ сæ йæхæ-дæг дæр, цинтæ æмæ хъæбыстæгæнгæ, фарста цæмæй дæрдты. Утæппæт æнæдзуапп æмæ никæмæхъусæг фарстытæй хъæубæстæ æмæ Егнат дæргьвæтин рæстæджы кæ-рæ.грч фæфаргтой, стæй чысыл æрсабыр сты, æмæ сæ уæд Егнат йæхæдæг афарста: —Хъæуы лæппутæй хæсты чи ис, уыдонæй та цы хабæрттæ хъуысы? Уыцы фарстмæ хъæубæстæ се 'ппæт дæр дурдзавдау фесты: афтæ ныссабыр сты, афтæ, æмæ кæрæдзимæ хъуыст сæ зæрдæты куыст. Хъæубæсты ныссабырæй Егнат дæр фергъуыйау æма та сæ ногæй бафарста: — Цы хабæрттæ хъуысы нæ лæппутæй та?.. Æмæ номгай нымадта, хъæубæстæй хæстмæ чи ацыд, уыдоны нæмттæ. ...Æмæ уыцы рæстæджы дæргъы хъæубæстæ бавзæрстой ноджы иу фыдæвзарæн: ... Сæ бæлццæттæй саугæххæттытæ чи райста, уыдон Егнатмæ ахæм æнхъæлцау цæстæй кастысты, цыма сæ бæлццæттæ знаджы раз лæууынц, цыма нырма удæгас сты, фæлæ дзы ныртæккæ Егнат кæй ном зæгъа, уый уыцы тæккæ знаджы къухы амæттаг бауыдзæн, сæ тæккæ цæсты раз сын сæ бинонты ахсджиаджы фехсдзысты. Уыдон се 'ппæт дæр Егнаты уындæй чысыл раздæр афтæ баныфсджын сты, æмæ дзы алчи дæр афтæ æнхъæлцау уыд: ныртæккæ йын Егнат зæгъдзæни, йæ бинонты хуыздæры йын нырма тæккæ знон сæрæгасæй кæй федта, æнæниз æмæ сæрæгасæй, уый дæр тагъд рæстæ-джы хæдзармæ кæй хъæуы; тагъд рæстæджы нæ, фæлæ чысыл фæстæдæр, дæлæ ма сыхаг хъæуы йе 'мбæлтти мæ афæстиат, æмæ ныртæккæ кæй зындзæни... Æмæ уæд уыдон ныццин кæниккой æмæ зæгъиккой, сæ зæрдæтæ сæ кæй нæ сайдтой, уыцы саугæххæттытыл кæй йæ баууæндыдысты... Æмæ йæм æнхъæлцау æмæ табуйау лæгъстиаджы цæстæнгасæй дзырдтой: ма зæгъ, ма зæгъ мæ фидыцы бæлццоны ном, ма мын багæндон кæн мæ хæдзар, мæ артыл мын дон ма ауадз... Цы зыдта Егнат уыдæттæн та? Æмæ нымадта, хъæубæстæй хæсты чи уыд, уыдоны нæмттæ. Æмæ-иу уыцы сæфт бæлццæттæй искæй ном куы загъта, уæд-иу хиуæттæм афтæ фæкаст, цыма Егнат сæ сæфт бæлццоны ном нæ загьта, фæлæ сæм фехъуыст æхсты хъæр — сæ бинонты хуыздæры сын чи байсæфта, чи сæ басаухæдзар кодта, уыцы æхсты хъæр. Ахæм зæрдæйыуаг уыд уымæн дæр. Касти хъæубæстæм, каст Егнатмæ, йæхинымæр та йын лæгъстæ кодта: “— Ма зæгъ, ма зæгъ Джерджийы ном, мæ зæрдæ мын ма фехал, æмæ цæрæнбонты дæ цæуæн зæххытæн мæ уд снывонд кæндзынæн. Мæ уд дæ. сæрыбæсты хаст фæуæд, Егнат, æмæ ацы тæккæ ма скæн Джердæййы кой. Чысыл фæстæдæр ракæн йæ кой. Зæгъ, æцæгæйдæр, Джерджи йæ хъæубæсты тыххæй йæ туг кæй калы, йæ хъæубæсты сæрыл цæрддзу кæй кæиы, æмæ цæрæнбонты Джерджийы хæдзарвæндаг дæ номæн сæхи снывонд кæндзы- сты.” Загъта Егнат Джерджийы ном дæр... Йæ мойы ном Егнаты дзыхæй фехъусгæйæ, нæ фес-тъæлфыд, йæ зæрдæ нæ ныссæххæтт кодта, æрмæст ын чысыл раздæр цы зæрдæйыуагæй лæгъетæ кодта, цæмæй йын йæ мойы ном иннæ нæмттимæ ма загътаид, ахæм зæрдæйыуаг ыл ныр та бустæ кодта: “—Де 'гæр фæкалай, Егнат, лæгъстæ дын куы кодтон, мæ уд дын нцвондæн куы хастон, цæмæй Джерджийы ном ацы тæккæ дæ дзыхæй ма схаудаид, уæд дæм куыннæ фехъуыст мæ уды æрдиаг, цæмæн мæ бафтыдтай ноджы хъæубæсты цæсты? Дæхæдæг дæр хæсты куы уыдтæ. Дæхæдæг дæр, Джерджиау, фыдæвзарæнты куы уыдтæ, уæд æй куыннæ æмбарыс, уымæн дæр куыд зын у, æмæ йæ бинонтæн дæр. Куыд нæ йæ зоныс, уымæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр сæ уд æрдуйæ нарæгдæр кæй сси, цæрын сæ кæй нал фæнды, цæрынæн цы зæххыл райгуырдысты, уыцы зæххыл. Уыцы зæххыл сын цæрыны фадæттæ кæй нæ уал ис, уый ды та куыд нæ æмбарыс? Куыд нæ дæм хъа-ры?” — бустæ кодта йæхимидæг цыма Егнат, Джерджийы ном кæй загъта, уымæй йæ, æцæгæйдæр, хъæубæсты цæсты бафтыдта. Егнат дарддæр нымадта иннæты нæмттæ. Æниу фараст адæймаджы ном зæгъынæн цас рæстæг хъæуы, цас нымаинаг сты, фæлæ хъæубæстæй алчи дæр йæ бæлццоны ном фехъуеыны тасæй афтæ æмдзаг уыд, æмæ-иу Егнат иу номæй иннæ ном зæгъыны астæу цы цæстныкъуылды бæрц рæстæг бахардз кодта, уый сæм æнæхъæн бонцауы бæрц касти. Хъуыстой йæм сæ улæфг ныууормгæ, æмæ-иу йæ бæлццоны ном чи фехъуыста, уымæн-иу йе суынæргъдимæ йæ бон сулæфын дæр баци. Æмæ, æппынфæстаг, Егнат йæхи æфсымæрты дæр куы афарста, уæд йæ мад йæхи нал баурæдта, сбогъ-богъ кодта. Сæхи нал баурæдтой иннæ устытæ дæр, æмæ æмхуызонæй райхъуыст сæ судзаггаджы марой. Егнат сæм джихæй касти, — Цы ныл æрцыд? — фарста сæ сонтхуызæй. — Чи нæ фæхъуыд? Æвæццæгæн æм чысыл раздæр хъæубæсты мæрдджынтæ цы лæгъстиаджы цæстæй кастысты, цæмæй сын сæ бæлццæтты ном ма зæгъа, ахæм зæрдæйыуагæй сæ фарста ныр та йæхæдæг. — Уæ, хъæбул! — хъарæг кодта йæмад, æмæ йæ дзурын нæ уагъта йæ кæуындзæг. — Уæ, мæ ахсджиаг, цы бон ныл ныккодта, мæ бон куы бакалд, уæд ды та кæм уыдтæ, мæ ахсджиаг, кæм уыдтæ ды та? Егнат бынтондæр сæргъуыйау. — Куыд кæм уыдтæн?—йæ цæсты гагуытæ хъоп-пæгæй рацæйхаудтой сæ къуырфытæй, æмæ-иу куы хъæубæстæм бакаст, куы та йæ зæбул къахмæ. — Уæ, хъæбул, уæ, хъæбул! — дзынæзта йæ мад. — Дæ мадызæнæджы бæсты цæй сау халон æртахт нæ мæ-гуыр хæдзармæ. Уæ, мæ ахсджиаг, æз ныфсы хъæбул куы арвыстон мæ хæдзарæй, уæд мæм уый бæсты сау халон цæмæн æртахт? Уæ, мæ ахсджиаг, куыд бауагътай дæ мадызæнæджы бæсты сау халон дæ мæгуыр мадмæ рарвитын!? Æвæццæгæн ма Егнаты ныфсæй æнхъæлцау уыди йæ сæфт хъæбулæн. Нæ баууæндыди йæ саугæххæттыл, нæ йæ уырныдта — Егнат дæр уыцы хæсты куы ис, уæд, сæрæгас уæвгæйæ, куыдбауагътаид йæ хисдæр æфсымæ-ры мæлын; нæ йæ уырныдта—кæд цыфæнды стыр хæст у, уæддæр иу хæст куы у, иумæ хæцынц иу знаджы ных-мæ, æмæ дзы кæрæдзи бахъахъхъæнынхъом куыннæ бауыдзысты йæ хъæбултæ! Афтæ канд Егнаты мад нæ хъуыды кодта, фæлæ хъæубæсты иннæ мæрдджынтæ дæр. Хатгæ йæ кодтой— афтæ нæу, фæлæ сæ уырнгæ нæ кодта, сæ хъæубæсты лæппутæн кæрæдзи бахъахъхъæныны фадат кæй нæй, сæ зын сахаты дзы иу иннæйы фарсмæ кæй нæ балæудзæн. Нæ сæ уырныдта уый, æмæ дзы ныр алчи дæр йæ хъарæджы, йæ судзаггаг зианы кой кæнгæ, цыдæр азымы дардта Егнаты. Æргомæй йæ баазым кæной, уый дзы никæй зæрдæ хаста, фæлæ йæ, се сгуыхтыты кой кæнгæ, алчи дæр уымæй фарста: ды та кæм уыдтæ? Ома йын ды та куыд нæ баххуыс кодтай, йæ фарсмæ куыд нæ балæууыдтæ, куыд нæ йæ фервæзын кодтай — дæ туг æмæ де стæг куы у, де 'фсымæр, де 'рвад... Егнат уыцы азымтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы æмбæрста. Дзæккоры цæфтау ыл æмбæлдысты хъæубæсты хабæрттæ, æмæ цæмæй уыцы цæфтæ бауромын йæ бон бауа, цæмæй мафæцуда, уый тыххæй йæ иунæг къахæй йæ лæдзджытæ чысыл раздæр айста, йæ уæз сыл æруагъта, æмæ æртæ æнцойгæнæны æххуысæй архайдта уыцы цæфтæ бауромыныл. Йæ цæссыгтæ калдысты сау зæхмæ, каст йæ цæссыгты фæдыл уыцы сау зæхмæ, æмæ архайдта, цæмæй ма фæцуда, цæмæй ма ахауа. Стæй дын уыцы æфхæрд æмæ фæллад лæг куы базыр-зыр кæнид, йæ лæдзджытыл ауыгъдæй аззад, мæнæ адæймаджы дыууæ цæджындзыл куыд байтындзай, стæй фыццаг йæ къах фæцудыдта йæ быны, стæй талæдзджытæ фæбырыдысты, æмæ уæлгоммæ зæххыл ахауд. Хъæубæстæ йæм сæхи бакалдтой, рабадын æй кодтой, афæлвæрдтой, цæмæй йæ слæууын кæной йæ къахыл, фæлæ уый сæ коммæ нæ бакаст, нæ йæ бафæндыд растын. —Хъæбул, уæ, хъæбул,—сдзынæзта йæ мад æмæ йæ ныттыхта йæ цæнгты 'хсæн. Фæлæ уымæ дæр нæ ракаст. Йæ армытъæпæнтæй йæ Дæстытыл ныххæцыд, æмæ йге къуырма куыд рахызт уынæргъгæ куыдмæ. — У, куыйтæ!—фæстагмæ-фæстагмæ-иу райхъуыст йæ уынæргъын. — У, куыдзы тугæй æхсад адæм! Æппынфæстаг æрсабыр, йæ дыууæ къухæй йæ къахы лыккаджы æууæрдгæ уынæргъыдта: — У, куыйтæ, —.йæ цæсты гагуытæ хъоппæгæй рацæйхаудтой сæ къуырфытæй. — Тæхуды, мæ дыууæ цонджы хаудæй, уыдонмæ ма мæ къух иу хатт куы баххæс-сид, уыдонмæ ма мын топпы кæсæнæй акæсын иу хатт фадат куы фæуаид. Ехх, Иполит, тæхуды дæ цинæй бацин кæныны фадат ма мын куы фæуаид. 7 Уыцы бон фæссихæрттæм нал адардтой хуымты гутон: æнæхъæн хъæубæстæй дæр Егнатыл фесты. Фæссихæрттæм Егнат æмæ йæ бинонтæ рацыдысты хуымæй сæхимæ. —Рагацау-иу суадзут галты,—бафæдзæхста сæ Егнаты фыд, — æмæ-иу хæдзармæ рацыд. Изæры нæ бæлццоны ном ссарæм. Акувæмын. Хъæубæстæн дæр се уонг куыстмæ нал æртасыд. Сæ зæрдæтæ схъеллауаг сты, алкæй дæр ма дзы фæндыд Егнаты цæмæйдæрты афæреын. Хуры ма бæндæнбæрцæй фылдæр хъуыд нынныгуылынмæ; афтæ суагътой галтæ. Хъæубæстæ та ногæй Егнаты кæрты куы 'ртымбыл сты, æмæ сæ Егнаты мад афтæ тыгуырæй куы федта, уæд та йæхи нал баурæдта, йæ сæфт хъæбулы рисæй сдзынæзта. Уый йæ мойы зæрдæмæ нал фæцыд: — Кæугæ нал, — загъта йын тызмæг хъæлæсыуагæй. Дзургæ йæм тызмæгхуызæй кодта, фæлæ йæ ныхæстæ та лæгъстæгæнæгау уыдысты. — Кæуынæн фаг у. Ныр та нæ бæлццоныл бацин кæнæм. Ныр та нæ бæлццоны ном ссарæм, цæмæй хуыцаумæ дæр мацы фæкæса хъыг æмæ хъæубæсты зæрдæхудт дæр ма райсæм. Ныр хъæубæстæй алкæй Егнаты цур бадынмæ нал æвдæлд—нæлгоймæгтæй чи кусартыл архайдта, чи фынджы кой кодта. Сылгоймæгтæ та къæбицы змæлыдысты. Егнаты цур ма дзы чи аззад, уыдонæн фадат фæци, æмæ йæ лыстæггай фарстой йæ хабæрттæй. Уый дæр, Джерджийæ исты базоныны ныфсæж, чысыл æддæдæр лæууыд, æмæ йын хъуыста йæ хабæрттæм. Бæргæ йæ фæндыд къæбицмæ бакæсын дæр, иннæ сылгоймæгтау, истытæ архайын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста: исчи та йæ исты ныхасæй куы фæрæтъуза, куы та йæ фæрæхойа йæ зулдзæстæй, æнæуынон цæстæнгасæй. Нæ йæ фæндыд, ацы тæккæ дæр æм хъæубæстæ сæ тигъ цæстæнгас равдйсой. Æмæ сæ йæхи хызта. — Матрона, — иу рæстæджы йæм адзырдта Егнат, — мæ уынд дын хъыг уыди? Уыцы æддейау куыд æнкъардæй лæууыс? Йæ ныхæстæй хъуыст хионы бустæ. — Мæ уд де 'рцæуæн зæххыты фæхъау фæуæд, — загьта йын æмæ йæм æввахсдæр бацыд. —Джерджийæ та цы хабæрттæ хъуысы? Кæцæй æрвиты? Цы йын хъуамæ загътаид? Йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, æмæ йæ кæуын тыхæй уромгæ касти Егнатмæ. Сæ алыварс чи уыд, уыдон дæр сæм цымыдисæй ныхъхъуыстой. — Кæцæй æрæрвыста фæстаг хатт? — афарста йа ногæй. Сæ цуру чи уыд. уыдон гуырысхогæнæг цæстæнгас ын бæрз уисæй нæмæгау надта йæ буар, æмæ йæ уды тыхст бамбæхсын нал баци йæ бон—йæ уды тыхст рарæдывта æддæмæ къуырма куыдæй. йæ кæуынæй Егнат фергъуыйау джихтæгæнгæ касти куы уымæ, куы та, сæ цуры чи лæууыд, уыдонмæ; уымæн та йæ кæуын бауромыц йæ бон нал уыд, фæлæ уæддæр æвзæрста.— Егнат-иу хъæубæстæй кæмæ бакаст, уый- иу йæ сæр æруагъта, уый-иу йæхи сау зæхмæ кæсæг скодта. — Матрона! — сирвæзт сонт хъæр Егнатæй, — Дæердæ?!.. Йæ иу къах зæхмæ фæбыцæу кодта, æмæ йæ иунæг къахы уæрагыл растад. Ныхæстæй бафæрсын æй, æвæццæгæн, йæ зæрдæ нæ бахаста, фæлæ йæ фарста тарст цæстæнгасæй. Уыцы тарст цæстæнгасы уыди æввахс адæймаджы аудындзинад. Уыцы ныхæстæ хъуыстысты, йæ мойы цард адджын кæмæн у, ахæм адæймаджы уды æрфытæй, æмæ йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, Егнаты дзырдтæ дзы ахæм ныфс бауагътой, ахæм сæрхъызой тых сæ рахатыд, цыма Джерджи æрбалæууыд йæ разы, цыма йæ æнæхъуаджы тухитæн сæ кæрон ууыл банцад. Кæугæмхасæнты фемæхстысты йæ хъæстæгтæ, кæу гæмхасæнты дзырдта Егнатæн, хицауады лæгтæ Дæер-джийы кæй агуырдтой, сæ хæдзары цард сын кæй сыз-мæстой æмæ сыл хъæубæстæ дæр кæй сдызæрдыг сты. Дзырдта йын æппæт уыдæттæ, æмæ дзы лæгъстæгæнæг цæстæнгасæй домдта, цæмæй уый уæддæр бамбарын кæна адæмæн Джерджийы уды сыгъдæгдзинад; йæхицæн ын цыфæнды дæр кæнæнт, æргæвдæнт æй, фæлæ Джерджийы ном ма чъизи кæнæнт. Егнаты уыцы лæгъстæты сæр ницæмæн хъуыди. — Чи уыдысты уыцы æнаккæгтæ? — фырмæстæй зыр-зыр кодта уый. Нæ зонæмы нысанæн хъæуккæгтæй чидæр йæ уæхсджытæ фезмæлын кодта. — У, худинаггæнджытæ! — фырмæстæй тыфылтæ калдта. — Мах хæсты быдыры нæ туг калæм, нæ хуыздæртæ хæсты быдыры цагъды кæнынц, нæ удæгас буæрттæй нын нæ цæнгтæ æмæ нæ къæхтæ лыг кæнынц, æмæ нын уыдон та ам нæ бинонты нæ уадзынц цæрын!? Йæ хъæрмæ, хъæубæстæй цыдæртæ чи архайдта, уыдон дæр æрбатыгуыр сты. Егнаты раз æй лæугæ куы федтой, уæд, æвæццæгæн, афтæ ахъуыды кодтой, Егнат ын йæ мойы æлгъиты, Джерджимæ æртхъирæнтæ кæны, æмæ архайдтой йæ басабыр кæныныл: — Æрсабыр у,—дзырдтой йæм,—æвæццæгæн æм исчи мæсты уыд æмæ дзы ныр йæ маст исы, æндæра Джерджи не 'нæзонгæ куы нæ уыд. Егнат сын не 'мбæрста сæ ныхæстæ: — Сымах та кæм уыдыстут, сымах? — хъæр сыл кодта. — Хъæубæстæ куы стут! Джерджи уый тыххæй калы йæ туг, æмæ йын ам исчи йæ бинонтæй хынджылæг кæна? Уый сымах тыххæй куы калы йæ туг, уæд ын, сымах йæ ном æмæ йæ бинонтæ бавæрынхъом дæр нал стут! Уый хъуыста Егнаты ныхæстæм æмæ куыдта, куыдта фырцинæй — æппынфæстаг Джерджийы сæрыл сдзурæг кæй фæци, Джерджийы бинонтæн сæрхъызой кæй-фæзынд; куыдта æмæ æмбæрста: хъæубæстæ Егнаты ныхæстæй кæй ныхъхъус сты, уый сæ фæсмоныл дзурæг кæй у, кæй фæсмон кæнынц, Джерджийыл уыдон дæр кæй фæдызæрдыг сты, ууыл. Уыцы изæр уыди йæ царды адджындæр рæстæджы-ты скъуыддзæгтæй сæ иу. Фырцинæй ницыуал æмбæрста — нал зыдта, кæм ис, цы архайы. Нæ базыдта, йæхæдæг бацыд, æви йæ исчи бакодта Егнатты къæбицмæ, иннæ сылгоймæгтæ кæм змæлыдысты, уырдæм. 8 Уæ дæлæмæ æрхауай цард раттæг, кæд куыд зыгъуыммæтæ дæ! Æнæхъæн цалдæр боны дæргъы хъæубæстæ къæссавæлдæхт фесты, цыма сæ исчи ивгæ бакодта — ныры онг æй тынгдæр чи схуыста, уый ныр куыд- фæндыйæ дæр архайдта, цæмæй йын йæ зæрдæ балхæна, цæмæй йын истæмæй йæ зæрдæ ссара. Фыццаг бонты бинонтæ Егнатæн Зарайы хабар не схъæр кодтой, стæй йын æй куы загътой, уæддæр дзы йæ хъæбулы ном басусæг кодтой, аххосджын йæ хъæбул кæй уыд, ууыл æй нæ бассы кодтой. Фæлæ адæмы дзыхы цы хабар бафта, уый иикуы басусæг уыдзæн — чидæртæ йын рафæзмыдта хабары æцæгдзинад. Егнат уымæн дæр ницы стыр нысаниуæг радта, æвæццæгæн, Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, æмæ сын уыцы чысыл хъуыддаджы тыххæй зæнæг ма рацæуа, цæрæнбонты февæстаг уой. Фæлæ рацыд цалдæр къуырийы, цалдæр мæйы, æмæ Егнатмæ Зарайы хабар хъарын райдыдта, æртæфсти йыл. Джерджийы хæдзарвæндаджы 'рдæм нырма æргом ницы дзырдта, фæлæ-иу чысыл нйцæй тыххæй дæр Зарайы масты хай фæкодта. —Æнæсæрфат, о æнæсæрфат,—æфсон æй фæуæд, æндæр-иу йæ усыл тай-тай: райдыдта, — куынæ. йумæ рæхсыс, куынæ дæхи æвæрынхъом дæ, уæд цавæр адæймаг дæ! Цы хуыцау дæ скодта ме 'намондæн, дæлæмæ 'рхауа! Зара, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæрста, йæ мойг йæ азымы цæй тыххæй дары æмæ та тудæджыны цæстæй ракаст Джерджийы хæдзармæ. Стæй канд Зара нæ, фæлæ та бинонтæ се 'ппæт дæр бонæй-бонмæ ногæй фыдæх цæстæнгас æвдисын райдыдтой Джерджийы хæдзармæ. Куыннæ сын фæхатыд сæ тигъ цæстæнгас æма? та йæ зæрдæ схъеллауаг, сæ цæсты бахауынæй та йæхи хизын райдыдта, -афтæмæй куывта, лæгъстæ кодта хуыцаумæ, цæмæй та сæм. Егнаты. бинонтæ фыццагйу ма сызнаг уой, тудæджыны цæстæй та сæм ма ракæсой, æнæхъæн хъæубæстæй та сыл ма суæлæхох уой. Уыцьг хъуыдыйæ æмризæджы рызти йæхимидæг æмæ сусæг-æргомæй архайдта, цæмæй хъæубæсты 'хсæн алы адæймагæн дæр ибты хорзы бацæуа, йæ зæрдæ йын ссара, йæхимæ фæхъыг кæнын сæ ма бауадза. Уæд æнæнцой фæуæд амондскæнæг! Егнат бонæй-бонмæ карздæр кæнын райдыдта. Цы бон фæкъæртти йæ хæрамы дзæкъул? Тæккæ. хосгæрдæны рæстæджы уыди. Гъеуæд дæр хуссæртты куйстой. Уыцы удуæлдай куыстафон Егнат районмар ацыд, æмæ дзы æнæхъæн æртæ боны ныффæстиат. куы 'рбаздæхт-гуæд сæм комкоммæ хуымтæм ныццыд. Сывæллæттæ йыл амбырд сты — чи йын йæ лæдзджытæм агвнæлдта, чи йæ 'фсæддон хæлафы фадгуытæм. йæ чысыл хъæбул дæр ын йæ чысыл къухтæй ныххæцыд йу лæдзæгыл, æмæ йæ уигъæгау кодта. Егнат лæдзæгыл фенцой кодта, æмæ иннæ лæдзæджы бырьтнкъæй ныр-риуыгъта сывæллоны. Уый уæлгоммæ Йæхи ахаста, зæххыл сæмбæлд æмæ йе 'рдиаг ссыд. Йæ зæрдæ фæцæйскъуыд уый фенгæ. Æрлыгъди сæм Йæ хъæбулы йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ йæ нылхъывта йæ риумæ. — Де 'гæр фæкалай, Егнат, — йæхи бауромынхъом нал сси, — кæд ма æнæуыйдæр схуыст цух нæу. Æмæ уæд Егнат фыццаг хатт сниудта йæ тæфæбоны ниуды: —Цы ма мын калын кæнут, цы!? —лæбурæгау сæм кодта.—Æз ме 'гæр дæр куы фæкалдтон æмæ мæ туг дæр. Æгæрдæр ма сæ куы фæкалдтон! Къахæй- къухмæ мыл куы ницыуал баззад, ме уæнгтæй кæрæдзийыл куъг ницыуал хæцы, уæд ма мын цы калын кæнут?! фæлæу-ут! — æртхъирæнгæнгæ тылдта йæ лæдзæг.—Фæлæуут! Æз мæ туг æгæр дæр ма фæкалдтон! Ныр та йе 'фсымæрты чи цæгъды, уыдон быныскъуыд хъуамæ скæнон!. Хъырттызмæлæг сæ куыннæуал уа! Егнаты ныхæстæм йæ зæрдæ тъæппытæ фæцæйхаудта. —Уæ, мæ тæригъæд дæ баййафа, цы лæг дæ, кæд ныл цы уынгæджыйы бонтæ скæнын кодтай, — скуыдта, æмæ йæхи ныхæстæй йæ зæрдæ ауазал. Фырадæргæй фыццаг хатт ралгъыста йæ мойы, æмæ куыддæр йæ ныхæстæ йæхæдæг æрыхъуыста, афтæ йыл æртæфсти сæ хъуыды — куыд бауарзта йæ цæст йæ мойы ралгъитын? Æцæг уынгæджыйы ран уый куы ис, æцæг уынгæджыйы бонтæ уый сæрыл куы æркодта ацы фыдрæстæджы, уæд ма йæ уый та куыд ралгъыста? Егнат æмæ йын Егнаты бинонтæ алывыд кæй калынц, халæттау кæй уасынц, йæ цæуæн фæндæгтæ йын кæй æлгьитынц, уый йын фаг нæу, йæхицæн та ма куыд батасыд йе 'взаг? Уыцы хъуыдытæй йæ зæрдæ фыдæхæй айдзаг. Йæ тыхст фæцдаггоны йын йæхи дзыхæй ни ралгъитын код-та, уыдон ын .æвиппайды тудæджын знæгтæ фестадыс-ты. Ныры онг сæм ахæм фыдæхы зæрдæ никуы бадарæта. Ныры онг дæр ын кæд бирæ æнæхъуаджы мæстытг кодтой, уæддæр зыдта—уый се 'ппæт дæр сæ фыртыхстæи кæнынц афтæ, се 'ппæт дæр дывыдон арты судзæгау кæнынц, æмæ уыцы лæгтæ кæй агуырдтой Джерджийы, уый тыххæй фæгуырысхо сты сæ хæдзарвæндагыл, сæ фыртыхстæй калынц сæ маст Джерджийы бинон-тыл; фæлæ алцы дæр куы базоной, кæй рæдыдысты, уый хуы базоной, уæд ма йæ разы къæмдзæстьи дæр фæуыдзысты, йæ разы ныхкъуырд уыдзысты, стыр хатыртæ дзы курдзысты, æмæ та фыццагау адджынæй цæрдзысты. Но-джы адджындæрæй. Афтæ хъуыды кодта, æмæ-иу сæм кæд фæхæрам, уæддæр сæм фыдæхы хæрам никуы фæци. Фæлæ йын ныр йæ тыхст бæлццоны йæхи дзыхæй куы ралгъитын кодтой, уæд йæ зæрдæ арæсыд, фыдæхы хæрам сæм фæци, æнæуынон ын фесты сæ уынд дæр æмæ сæ ныхас дæр. Уыдон та афтæ фенхъæлдтой — ома Егнаты ралгъыста. — Уæ тæригъæд уæ хæдзарæй макуы рацæуæд! — ралгъыста йæ Егнаты мад, — У, фашисттæ! — сниудта Егнат. — Сымахæн уæ тæригъæд арвы бын дæр куйнæ бацæудзæн, уæд æй кæмæн хъарут? Уæ тæригъæдтæ дæр ма искæй сæрыл хъуамæ æртыхсой! Уæхи сæрыл хъуамæ æртыхсой! Уæ цæсгæмттæ нæ тугæй хъулон сты! Æмæ уæ тæригъæдтæ дæр уæхи сæрыл хъуамæ æртыхсой. Знагæй йын знагдæр фестад Егнат. — Тайригъæд ныхас чи кæны, уый тæригъæдджынæй фæцæрæд, — ралгъыста йæ фырмæстагй Матрона. — Фæхитæд — хъæр кодта Егнат. — Йæхионты тутæй йæ цгесгом ахуырст кæмæн у, уыдонæй змæлæг мауал рацæуæд! Дæ лæг нæ знаджы чъылдымæй цæгъдæнтæ кæны, йæ лæппын та нын нæ сывæллæтты нæ уадзы рухсмæ, йæ лæппын та нын нæ байзæддаджы цæгъды. Уæ удæгасæй мын цард нал садджын уыдзæн. Уæ удæгасæй адæймаг сабырæй бафынæй уыдзæн? Фæлæуут! — бартхъирæн сæм кодта. — Кæд ма базонин знагимæ хæцын. Хæсты мын уый фадат нал фæци, фæлæ ма, чи зоны, Иполиты цинæй бацин кæнын мæ бон бауа! Чи йын цытæ фæдзырдта — хæйрæг йæ зонæг. Уыцы бонæй фæстæмæ банкъардта: тудæджын зна-джы цæстæй йæм кæсынц Егнаты бинонтæ. Знагæй йын знагдæр у Егнат æмæ сæ йæхи дæрдты ласта. Нал дзырдта семæ. Се 'мгæрæтты нал цыд куысты рæстæджы дæр æмæ æвдæлонæй дæр. Йæ чысыл хъæбулы та Егнаты æртхъирæнты фæстæ йæхицæй акъахдзæф кæнын дæр налуагъта. Фæлæ сывæллон куыднæ аирвæздзæн къухæй? Ахæм æнæвдæлон æмæ фыдгуысты рæстæджы йын æдзух йæ къухыл кæм хæцдзынæ? Фæиртæст-иу сывæллон йæ цурæй. Рахъуызыди-иу. Уыцы хабарæй къуыри дæр нæма рацыд. Кæрты фыстæ æлвыдта, Нæ йæ хæсгард бæззыд, нæ йын фыс лæууыд, æмæ дзы, афтæ удхаргæнгæ, йæ хъæбул айрох. Сывделлон ахъуызыд хъæууынгмæ æмæ сывæллæт-тимæ хъазыныл фæци. Цы хуыцауы æлгъыст у—цыма йæ исчи ардаугæ скодта — Егнаты æфсымæры сидзæртæй кæсдæртимæ схъуырдухæн. Егнат хъæдæй æрыздæхт æмæ сæ ауыдта. Æрсырдта сывæллоны. Сывæллон дæр æй ауыдта æмæ лидзынмæ фæци. Кæцæй аййæфтаид иукъахыг лæг сывæллоны, æмæ йыл фырмæстæй сниудта: — У, абырæджы лæппын! Кæдæм мын ирвæздзынæ! Дæ сучъитæ дын слыг кæндзынæн. Уæ, куыд галиу уыд уый йæ хъæбул дæр, куыд га-лиу... фæстæмæ йæм фездæхт, йе 'рбадæнтæ бахоста æмæ йын афтæ: — Мæнæ мын уый бахæр. Лæг фырмæстæй цæхæртæ акалдта. Басырдта йæ. Кæм æй баййæфтаид:, æмæ йыл уæд фæстейæ фæрæт ныххуырста фæрæт сæмбæлд сывæллоны агъды рæбын, æмæ уыцы цæфæй йæхи нал баурæдта, зæхмæ дæлгоммæ йæхи ахаста. Уый фенгæ йæм Егнат, счипп-счиппгæнгæ, базгъордта. Фæлæ сæ уæдмæ хъæубæстæй уынæг фæци. Æрдугъ сæм кодтой. Егнат йæхи тыдта, фæлæ йæ чи бауагътаид тугкалгæ сывæллонмæ. ... Уыдæттæ фæстæдæр базыдта, йæхæдæг сæ нæ федта. Æрмæст хъæубæсты уынæр куы æрыхъуыста, уæд фестъæлфыд, йæ сывæллоны йæ цуры куы нæ ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, æмæ йæхи уыцы æппæрст лкодта хъæууынгмæ. Хъæууынджы чидæртæ хæцыд Егнатыл, йæ хъæбул такæйдæр хъæбысы йæ гæн дзæхтæ цæгъдæгау кодта, æмæ æгасæй дæр уыд туджыæвдылд. Тыхы мур нал аззад йе уæнгты, афтæмæй сæм йæхи баппæрста. Йæ хъæбулы æрбадæны бынмæ йæ агъд уыд ра.ст фондз æнгуылдзы бæзн лыг, царм фæйнæрдæм алыгъд, фыдтæ æддæмæ рабырыдысты, туг дзы, цыхцырæгау, калди, æмæ йæ хъæбул æгасæйдæр фестад ахст туджы фæзгъæры хуызæн. Фырадæргæй сæррайау. Ницы зыдта, цы аразы, цы архайы. Ницы йын базыдта, сывæллоны хъæдгомыл цытæ сæвæрдтой, æмæ йæ цæмæй ныббæстытæ кодтой, гал-тæ чи сифтыгъта, æмæ йын йæ хъæбулы куыфы цæмæн нывæрдтой. Фæлæ хъæдгомы туг куынæуал цыди, бæстытæй йæ куы федта, уæд чысыл йе 'муд æрцыд. Йæ алыварс акæстытæ кодта. Йæ алыварс зæхх тугхъулон дардта. Йæхæдæг дæр, стæй хъæубæстæй дæр сывæллонимæ чи архайдта, уыдон дæр уыдысты туджы амæхст. Æмæ куы ахъуыды кодта, утæппæт туг йæ хъæбулæй фæцыд, адæмæй, зæххæй йæ хъæбулы тугæй адардтой тугхъулон, уæд йæ зонд фæхæццæ. Фысæлвынæн хæсгард йæ разы зæххыл ауыдта — æвæццæгæн, уый размæ фыртыхстæй йæ къухы раирвæзт — фелвæста фысæлвынæн хæсгард æмæ Егнаты 'рдæм йæхи аппæрста: — Куыдз! — фæндыди йæ хъæр кæнын йæ тых, йæ бонæй, фæлæ фырадæргæй æмæ фырмæстæй йæ хъæласы дæгъæлтæ сæхгæдтой, æмæ фæсус хыр- хыргæнгæ, хъуыстысты йæ ныхæстæ. — Куыдз! Кæй хъæбулы æргæвдыс, кæ? Хъæубæстæй дзы уый æнхъæл ничи уыд. Фыццаг хатт æй федтой йæ бинонты сæрыл сдзургæ. Æвæвдæгæн афтæ æнхъæлдтой, ома сабыр адæймагæн йæ бон нæу йæ хæдзар бахъахъхъæнын, йæ бинонты сæрыл сдзурын. Æмæ, æцæгæйдæр, гъеуæд фыццаг хатт фæкомхæлди йæ хъæубæстæм, сдзурын æй кодтой æмæ сæм уæдæй фæстæмæ фæкъæйных. Егнат дæр æнхъæл нæ уыди, æмæ йæм сæхи хъæуккаг чындз хæсгардимæ лæбура, фæлæ хæсгарды цыргъ бырынчъытæ йæ уæхсчы онг куы бахæццæ сты, уæд ын йæ цонг къухæй атъæпп кодта. Хæсгарды бырынчъытæ йын йæ хæдоны дыс æрфаринтæ кодтой, йæ цонгыл та йын ныууагътой дыууæ лыстæг тугдзæуæн хаххы. Уый фенгæ, хъæубæстæ се 'муд æрцыдысты: бамбæрстой, Егнатæй уыцы хæсгарды сиучытæ кæй нæ раздахдзæн йæхигъæдæй, æмæ та сыл атыгуыр сты, йæ хæс-гард ьгн йæ къухæй байстой. — Бафæрсут-ма йæ, бафæрсут, цæмæн мын æргæвды мæ хъæбулы? Егнат дæр йе 'муд æрцыд: — Уæуу, мæнæ диссæгтæ! — йæ лæдзджытæй сæ иуæй æрриуыгъта зæхх, — ай ацы хæдзарвæндаг сывæллонæй, усæй, лæгæй иууылдæр лæгмарджытæ куы басгуыхтысты. Уæуу, мæнæ мæ хæдзары нывæрзæн цас фашисттæ царди. Уæуу, мæнæ... Хъæубæстæн дæр Егнаты ми хъыг уыди, æмæ йыл фæйнæрдыгæй стай-тай кодтой. Уымæн уæддæр йе 'ртхъирæнтæ фемæхстысты. Уый дзурын нал бауагътой. Чидæр галты сæрбосыл ахæцыд, æмæ районы рынчындоны 'рдæм адардтои сæ фагндаг. Уый фæстейæ хъуыста Егнаты æртхъирæнтæм, куыфы чъилыл дыууæ къухæй хæцыд, ныккасти-иу йæ хъæбулмæ, стæй-иу ракаст 'фæстæмæ. —Ма мын агайæд мæ хъæбулмæ,—фæсус хъæлæсæй дзырдта фæстæмæ, — йæ туджы мæ къухтæ сæвдулдзысты. — Багъæцут, æз уын фенын кæндзйнæн! — фæстейæ йæ хъустыл уадысты Егнаты æртхъирæнтæ. 9 йæ хъæбулы агъды лыг тагъд байгас, фæлæ йæхи зæрдæ уæдæй фæстæмæ фæхъæдгом. Уæдыонг æй никуы бафæндыд йæ хъæубæстæй искæмæн уæддæр исты фыдæх ми саразын, фæлæ-иу ныр йæ хъæбул афтæ тугæйдзæгтæй йæ цæстытыл куы ауад, уæд-иу фырмæстæй срызти, бафæндыд-иу æй йæ хъыгдарджыты бынысæфт. Йæ хъæбулы рынчындонæй комкоммæ йæ цæгатмæ акодта. Уæдыонг йæ цæгатæн бæстон никуы ницы схъæр кодта, тарст, йæ æгат дæр сæхи куынæ бауромой, исты фыдбылызтæ куы аэрцæуа, æмæ йæ тыхст бæлццон хъæубæстæн дæр æмæ йæ цæгатæн дæр ног фыдылгъыстыты сæр куы фæуа. Фæлæ ныр сывæллонæн хæдзармæ акæнæн нал уыд, æмæ йæ бæстон фæрстытыл куы схæцыдысты йæ ныййарджытæ, уæд йæ бирæ мæстытæ бамбæхсын йæ бон нал сси, радзырдта сын йæ хъизæмæрттæ; дзырдта сын йæ уды дудгæбæттæ, æмæ уыцы æм-рæстæджы уыдта, йæ уды дудгæбæттæ йæхицæн куыд зын сты, йæхæдæг сæ куыд фæрысти, йæхицæн сæ йæ уд йæ хъуырмæ куыд сси, афтæ йæ ныйиарджытæн дæр зын кæй сты; уыдон дæр, йæхæдæг куыд риссы, афтæ йæ зындзинæдтæй кæй рисоынц. Æмæ йæ фæндгæ бæр-гæ кодта, йæ зæронд ныййарджытæн зындзинад куы нæ аразид, сæ зæрдæ сын куы нæ риссын кæнид, зæрыбон- ты сын сæ цард йæхи уды ристæй куынæ хъæстæ кæнид, фæлæ йæ бон нал уыд ныр æмæ йæ уды зæгъинæгтæ ма загътаид, йæ уды зæсъинæгтæ басусæг кодтаид йæ ныййарджытæй — уадз, фæлтау уыдон дæр фæриссæнт, уадз æмæ сын зын уæд, фæлæ йæ хъæбулы кæйдæрты азарæй бахизæд. Æмæ ма канд уый нæ, фæлæ йæ зынтæ искæмæ дæр афтæ тынг кæй хъарынц, уый дæр ын йæ зæрдæ æлхæдта; зын ын уыди, йæ рисæй сын зæрыбонты сæ цард кæй хъæстæ кæны, фæлæ йын сæ иузæрдыг йæ зæрдæ дæр æлхæдта — ома æнæсæрылхæцæг нæ дæн, ис ахæм адæм, йæ рисыл ын йæхийау чи риссы, ис ахæм адæм, Джерджийы æрцыдмæ йын йæхицæй дарддæр йæ хъæбулы чи æррæвдауа, фыдбылызæй йæ чи бахиза. Æмæ сын йæ хабæрттæ конд куы фæци, уæд ын аф тæ фенцондæр, афтæ фæрогдæр йæ зæрдæйы маст, цыма йæ тыхст бæлццон сæ къæсæрыл æрбалæууыд, цыма адæмы æнæбындур дам-думтæн Джерджийы фæзынд сæ дзых ахгæдта. йæ мад уæдыонг дæр йæхи тыхæй урæдта, йæ мæстытæ дзурыны рæстæджы- иу схъарæгау кодта, йæ тæ-ригъæдтæ-иу схъардта хуыцаумæ, æмæ ныр та бынтондæр йæхи нал урæдта, скуыдта зæрдæхалæн куыдæй, йæ уæрджытæ йæ къухтæй æрцавта: — Уæ, хъæбул, дæ мад амæла, уый дæ чындзы фервыстон, æви дæ бирæгъты дзыхмæ радтон! Уæ, бирæгъы цармы тыхт адæм кæуинаджы сæр бауой. Уæ, уыцы адæ-мы лæгтæ лыгтæ æрбауой, сывæллонмæ лæгвæрæтджынæй лæбурын йæ сæрмæ чи хæссы! Куыдта йæ мад, æмæ арвмæ асинтæ æвæрдта йæ мæстæй. Йæ фыд æнæдзургæйæ бадт æмæ касти зæхмæ. Æрæджиау-æрæджиау усы æлгъыстытæм йæ сæрыл схæцыд, фехъуыста йын йе 'лгьыстытæм иудзæвгар, стæй йæ къух ауыгъта. — Ныууадз дæ тардзæгъдæн. Фыдæлгъыст адæйма-гæн ноМгæнæг нæу! — загъта йын, стæй раздæхт йе 'рдæм: — Фыд дын нал и, чызг, нырыонг мын цæмæннæ исты загътай? Цы йын хъуамæ загътаид? Йæ фыд æй бамбæрста. — Æмæ кæй цæмæн хъæуы мæ дыууæ бопы цард, мæ сывæллон арты куы судза, уæд? Мæ бирæ сывæллæттæ мыл скæудзысты? Æви ме 'ннæ сывæллæттæ æнæ мæн æнæдарæг баззайдзысты?! Йæ мад та кæугæмхасæн йæ тæригъæдтæ схъардта. — Ныууадз дæ как-ула,—загъта йын,—уыдонимæ ныр мæхæдæг дзурдзынæн. Ды та, чызг, мæнæ дæ хæ-дзары æрбад. Мæ бирæ сывæллæттæй куы нæ фæлмæ- цын. Йæ хъæбулы рынчындонæй куы кодта йæ цæгатмæ, уæд йæхæдæг дæр бирæ фæхъуыды кодта: ныццæуа йæ мойы хæдзармæ, йæ æргæвдæг хъæубæсты астæумæ, æви йæхæдæг дæр йæ хъæбулы цур йæ цæгаты баззайа; биряе сагъæсты фæстæ аскъуыддзаг кодта: “Нæ, уæд Дæерджийы ном дзырддаг кæны. Сывæллон æдас уæд, æн-дæр Джерджийы тыххæй мæхæдæг цыфæнды зынтæн дæр бафæраздзынæн”. Ныр æй, йæ ныййарджыты æнувыддзинад банкъарыны фæстæ, кæд нал фæндыд йæ цæгатæй æмæ йæ хъæбулы цурæй иу сахат дæр фæхицæн уа, уæддæр йæ фæнд нал аивта: — Нæ,—загъта сын,—уæд хицауады лæгтæ æмæ хъæубæстæ ноджы ахъуыды кæндзысты: Джерджи æцæ” гæйдæр знаг у, гъе, æмбæхсгæ кæны. Зæгъдзысты: фæ-лыгъдысты æгас бинонтæй æмæ сæ сæр бафснайдтой. уымæн æмæ сæ зылын зонынц, уымæн æмæ йæ базыд той, ам сын цæргæйæ кæй нæ у. Уадз, фæлтау мын зындæр уæд, уæддæр уыцы хæдзар кæйдæрты фæндиаг нæ фæкæндзынæн. Æрмæст сывæллон дзæбæх уæд, æндæр мæнæн ницы у. йæ мад ыл йæхи сцагъта: — Цытæ дзурыс, цы? Змæлæг сæ мауал рацæуæд. Бындзагъд фæуæнт! Дæ тæригъæдæй тæригъæдджынæй æрцæуæд сæ мæлæт. Дæ къах дæр никуыдæмуал авæрдзынæ! — Нæ, — загъта сын цæхгæрæй. Йæ фыд ныхъхъуыды кодта. — Ацу, мæ чызг, ацу. Мад йæ тыбыртæ фæцæйцагьта: — Никуыдæм ауадздзынæн мæ иунæг хъæбулы! Ничиуал мæ хъæуы. Ныууадзæнт мын мæ сывæллæтты. Йæ мады ныхас ын хъыг уыд, адæмы æвзагæй æмæ адæмы æнæхъуаджы фыдтæй æвиппайды уый дæр Джерджийыл кæй суæлæхох, “уый дæр мæ нал хъæуы” дзы кæй загъта, уый йын йæ зæрдæ ацæхæраджынтæ кодта. Æмæ та ныккуыдта. — Ацу, мæ чызг, ацу, — загъта та йæ фыд. — Уæдмæ кæд уыцы лæппуйæ дæр исты хабар хъуысид — уæдæ цы фæуыдаид. Ацу, æндæра ноджы сæ дзыхты калмы æвзæгтæ разайдзæн, счъизи кæндзысты алырдыгæй уыцы лæппуйы. Ацу æмæ сын сæ ныхæстæ æппындæр мацæмæ дар. Сывæллонæн та, мæ цæст æрттивгæйæ, æппындæр мацæмæй тæрс. Мæхæдæг дæр дæ бæрэег кæндзынæн. Мæхæдæг дæр адзурдзынæн семæ. 10 Хъæумæ куы æрыздæхт, уæд ыл хъæубæстæ атыгуыр сты. — Куыд у сывæллон? — фарстой йæ æмхъæлæсæй. Æвæццæгæн йæ фæстæ ныхæстæ рауад хъæубæсты 'хсæн — æгæр хъæрмуд зæрдæйыуаг æм равдыстой. Се ’ппæт дæр сæ куыст ныууагътой, æмæ чысылæй, стырæй тыгуыр кодтой йæ алыварс. — Фæдзурут Уасилмæ дæр, — загъта лæгтæй чи-дæр.—Æмæ Егнаттæн дæр фехъусын кæнут. Ардæм рацæуæнт иууылдæр. Цыдæр кæй сфæнд кодтой æнæхъæн хъæуæи, уый йын цы бамбарын хъуыд, фæлæ цы, уый нæ ахста йæ зонд æмæ джитæнтæ кодта. Фæлæ йыл хъæубæстæ иннæ хагттытæй æнувыддæр кæй сты, уый йын йæ зæрдæ æлхæдта, уый йын сабыр кодта йæ тарст зæрдæ. Уæдмæ фæзынд Уасил дæр. — Чындз, куыд у сывæллон? — бафарста йæ Уасил æмæ йын йæ къух райста. Уый уыди, æнæхъæн хъæубæстæ дæр цæуыл бадис кодтой, ахæм хабар: æгъдауджын æмæ фыдæлты хъуыддагыл хæст зæронд Уасил фыццаг хатт йæ къух бадард-та хъæуы чындзмæ æмæ йын йæ къух райста. Æмæ уыцы мийæ йæ зæрдæ цины гуыпп-гуыпп скодта, бамбæрста йæ, цыдæр хорз ыл цæудзæни. Цы йын хъуамæ загътаид—хъæуы ацæргæ чындзытæ дæр Уасилмæ уайсæстой. Фæлæ йын йæхинымæры йæ зæронд сæрæн йæхи ныннывонд кодта. Фæзынд Егнаты фыд Гиго дæр. Хъæубæстæ сæ ны-хас фæмынæг кодтой, Егнаты фыдмæ бакæс-бакæсгæнгæ, сусу-бусу райдыдтой. — Æмæ Егнат кæм ис? — бафарста йæ Уасил. — Рацæудзæн уый дæр. Цыдæр ныхкъуырд хатыд йæхи Егнаты фыд. Йæ сæр æруадзгæ, æнæдзургæйæ сау зæхмæ касти. Уæдмæ фæзынд Егнат æмæ хъæубæстæ ныссабыр сты. Егнат сын фæхатыд сæ ныхъхъусы аххосаг, æмæ, йæ лæдзджы-тыл æрæнцойгæнгæ, сæрыстыр æмæ æнæввæрсон цæстæнгас хаста се 'ппæтыл дæр. Ууыл йæ цæст куы 'рхæцыд, уæд былысчъил худт бакодта. — Фарн дæм бадзурæд, Гиго, — бадзырдта йæм Уасил, — нæ адæм мæ ныхасæй фембырд сты ардæм. Иучысыл нæ ныхаскæнинаг ис... Чысыл фæлæууыд, Егнатмæ бакаст, стæй йæ ныхас адарддæр кодта: — Аныхаскæнинаг нæ ис Егнатимæ. — Хъусын дæм, Уасил, — загъта Егнат: — Егнат, дæ рынтæ бахæрон, зонæм æй, цы стыр фыд дыл сæмбæлд, уый. Фыдтæ æрцæуæнт, фыдбылызы хай нæ чи кæны, уыдоныл. Зонæм æй, стыр дудгæбæттæ кæй бавзæрстай. Мæ фыд-зæрдæйæн ма йæ удæгас буарæй йæ уæнгтæ чындæуа. Стæй дæ мæгуыр æфсымæр дæр. Фæлæ цы саразæм, уынгæджыйы бон ныл ныккодта, æмæ цы стæм, уымæй уал кæрæдзи фæрцы хъуамæ хъæцынхъом уæм нæ хуыцауы цæфыл. Лæг зынты хъæуы. Зынты фæразын хъгйуы. Мах не 'ппæт дæр æмхуызон мæрдджын куы стæм. Бинонтыл зиан куы 'рцæуа, уæд сæ уæлдай мæрддæйн чи хъуамæ уа? Æмхуызон мæрдджын вæййынц. Мах та иу хъæубæстæ стæм, иу хæдзарæй байуаргæ. Æмæ нæ иу хæдзарыл дæр куы 'рцæуа исты, уæддæр æнæхъæн хъæубæсты зиан у. Махæй та алы адæймаджы зæрдæ дæр у рæсыд нæ хуыцауы цæфæй. Æмæ, Егнат, дæ рынтæ бахæрон, зын саха-ты кæрæдзимæ хъуамæ ма фæуæм, фæлæ кæрæдзимæ быцæу лæууын хъæуы. Чи у, чи уæ зæгьдзæни æмæ нæ сæфт лæппуты хабар искæмæн æсылзгон уа? Ничи. Иу дæр уæ иннæмæй афтгæ нæ зæгъдзæни. Æмæ уæдæ нæ зын сахаты кæрæдзи бавæрынхъом цæмæннæ стæм? Мæнæн, дæ рынтæ бахæрон, мæ азты нымад дæр схæццæ, афтæ бирæ цæрын, фæлæ никуыма фехъуыстон, æмæ хъомыл адæймаг сывæллонмæ лæбура. Уымæй дæр лæг-вæрæтджынæй. Уый цы у, Егнат, цы? Нæ хъæубæсты 'хсæн нæ, фæлæ нæ ныхасæи дзурæг адæмы 'хсæн дæр никуыма фехъуыстæуыд ахæм хабар. Бауырнæд дæ, лæппу, куы йæ фехъуыстон, уæд, зæгъгæмæ цуры фæдæ, уæд мах тыххæй цы туг ныккалдтай, уымæ дæр дын нал фæкастаин, мæнæ дыл ацы лæдзæгæй дзæбæхтæ æрзылдаин. —Æмæ мæ цæвут. Каед ма цæвын цух дæн, уæд мæ цæвут, — загъта Егнат мæсты æмæ уынгæг хъæлæсæй. —Ничи дæ цæвы лæппу, фæлæ ма агай уыцы сывæллонмæ. Сывæллон кæд фыдбылыз бакодта, уæддæр сывæллон у, æмæ йæ кæй не 'мбары, уый тыххæй бакодта афтæ. Ды та лæг дæ, не знæгтимæ хъуырæй-хъуырмæ хæцыдтæ, æмæ уыцы лаегдзинад кæмæ разынд, уый алцы æмбарынхъом дæр хъуамæ уа. —йæ фыд дæр, æвæццæгæн, сывæллон у, ницы æмбарынхъом у, — мæсты ныхас кодта Егнат. —Уымæй та тугтæригъæд ныхас ма кæнут! — батызмæг Уасил.—Тæригъæд ныхас никæмæн æмбæлы. Уæлдайдæр та — æфсымæрæй. Ды дæр ын махæй уæл-дай ницы зоныс, æмæ йæ æруадз йæ адыл. Цы фæдæ цы, уыцы лæппу,— адзырдта кæмæдæр. Кæсдæр лдеппутæй иу, æртындæсаздзыд Чатри бацыд Уасилы цурмæ. — Рахабар-ма йæ кæн, цы ис уыцы гæххæтты? Уый, æвæццæгæн, Егнатæй тарсти, бакаст æм, бакаст Уасилмæ дæр. — Уасил мæ арвыста, — загъта уый. — Лаккоты лæппуйы гæххæтт, дам, æрбахæсс, цы, дам, дзы фыссы Джерджийы тыххæй. Лаккотæ мын афтæ, гæххæтт, дам, махмæ нæй, районы, дам, ис. Æмæ сæрдаримæ районмæ ныццыдыстæм. Районы нын гæххæтт нæ радтой, фæлæ нын æй бакастысты. — Æмæ дзы цы уыд, уый бахъуыды кодтай? — бафарста йæ Уасил. — Бахъуыды кодтон. — Зæгъ-ма сæ уæдæ. — Куыдтæ, дам, стут, иууылдæр, дам, дзæбæх стут. Стæй фыссы-, мæхицæн дæр, дам, ницы у, нырма, дам, иу цæф дæр нæ фæдæн. Нæхирдыгæттæ дæр, дам, ис мемæ,. æмæ, дам, уыдонæй дæр рæуæг цæфтæй дарддæр зиан никæуылма æрцыд. Æцæг, дам, цалдæр къуырийы размæ саджилхъæуккаг Джерджи æвиппайды фесæфт. Ноджы ма, дам, йемæ — æртæ уырыссаджы, уæд, дам, хæцгæнæ кодтам. Уый размæ, дам, стыр ссæст уыд æмæ, дам, æртæ боны нæхи цæттæтæ кодтам. Æмæ, дам, уыцы улæфт рæстæджы фессефт Джерджи. Ноджы ма, дам, æртæйæ. Ничи, дам, сын ницы базыдта, цы фесты, уымæн. Уыцы æртæйæ, дам, сæ иу уый размæ кæмæндæр дзырдта, цæйнæфæлтау, дам, афтæ æнæмæнузæгъæгæй амæлæм, фæлтау, дам, алидзæм, кæнæ, дам, немыцма нæхи раттæм. Джерджийæ, дам, ахæмтæ ничи фехъуыс-та. Иууылдæр, дам, дзы æппæлгæ кодтой. Æрмæст, дам, иу хатт афтæ загъта: ацы хæсты фæстæ ма, дам, удæгас чи баззайа, уый, дам, куыд амондджын уыдзæни. Æмæ, дам, сын ничи ницы зоны, цы фесты, уымæн. Æндæр дзы ницы фыст уыди, — йæ сурхид акалд фыртыхстæй. Цыдæр ма фæхъуыды кодта, Егнатмæ йе 'рфгуыты бынты бакаст æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Районы .лæгтæ афтæ, мах, дам, Егнаты куы бафæдзæхстам, цæмæй, дам, Матронаиты ма хъыгдара. джиджырджийæ, дам, дарддæр цы бæрæг уа, уый уал, дам, фенæм, æмæ, дам, стæй уæд нæхæдæг, цы хъæуы, уый кæндзыстæм. Фæлæ, дам, Егнат Матронаиты ма хъыгдарæд. Сывæллоны хабар нæ зыдтой. — Æмæ дын афтæ ничи загъта, Егнаты, дам, ма хъыгдарут? — фыдаудæн фарст æй акодта Егнат. — Ничи, — загъта лæппу. — Ды ма Æндæр йсты зоныс Джерджийы тыххæй? — бафарста йæ Уасил. — Æмæ уый фаг нæу! — Фаг у, Егнат, цæмæй джиджырджийæ тæригъæд ныхас ма дзурæм, уый тыххæй. Фæдæ уæм æз уый тыххæй нæ фæдзырдтон. Джерджи цы баци, уый хицауад æвзардзысты, хицауадыл махæй стырдæр цæстытæ ис. Æз та уый зæгъын, æмæ ды сывæллонБг йæ адыл куыд ныууадзай. Никæй зæрдæмæ дын цæуы уыцы хъуыддаг. Бафæрс-ма хъæубæсты, кæддæра сын сæ былты ракъуырдау нæу дæ ми? — Уый сывæллон нæу, уый бирæгъы лæппын у! — Лæппу, — батызмæг та Уасил, — æнæхъæн хъæубæсты дæхимæ ма фыдæх кæн. Æви дын хъæубæсты ныхас ницыуал у! — Æмæ мын хъæубæстæ æрхæсдзысты мæ хауд къах, куы сæм хъусон уæд? Æви мын мæ хæдзар мæ сывæллæттæй байдзаг кæндзысты? Ныууадзут мге иууылдæр! Кæд ме знæгты сæрыл гæрæхтæ кæнут, уæд мæ æнæхъæн хъæубæстæй дæр нæ хъæут! Ныууадзут мæ! — Ныхъхъус у! — фæхъæр ыл кодта Гиго, æмæ та сау зæхмæ ныккаст. —Егнат, дæ рынтæ бахæрон, мах иууылдæр нæ хъæубæсты хорз фæнды. Æмæ дын зæгъæм: уыцы сывæллонмæ ма дæ къух куы фæкæнай, уæд дыл нæ къух сисдзыстæм. Бахъоды дыл кæндзыстæм. — Хъоды? — сирвæзтис дзы дисы хъæр. — Гъо! — загъта йын Уасил. — Кæд нын цыфæнды зын уа, уæддæр дын дæ рæстаг туг ныккалдæй дæр нал фефсæрмы кæндзыстæм. Нæ уæзæгæй худинаггаджы хъæр ма хъуамæ айхъуыса. — Хъоды? Мæныл? — фарста йæ Егнат. — Дæуыл! Уымæн саухъулæттæ афæлдæхт йæ цæсгомы хуыз. —Æмæ мыл бахъоды кæнут! Кæд.æндæр аккаг нал дæн, уæд мыл бахъоды кæнут! Кæдадæм нал стут, уæд мыл бахъоды кæнут! Кард райсут æмæ мæ дзы аргæвдут. Уе знæгты та уæ фæччиты бын бакæнут. Ту, кæд сымах хъæубæстæ не стут! Фæлæ æз нырма удæгас дæн, æмæ цалынмæ удæгас уон, уæдмæ ме знæгтæй ме сæфт уындзынæн. Ницæмæй сыл бацауæрддзынæн! Нæ, æз ма Иполиты цинæй цин кæнын базондзынæн! Йæ сæры зрнд та фæхæццæ æмæ, йæм дзурæн нал уыд. —Уæ уе 'гæр калат, уе 'гæр,—скуыдта Егнаты мад. — Цы ракодтой мæ хъæбултæ, иугай-дыгай мын сæ цæмæн æргæвдут? Уе 'гæр калат, мæ лыгтæ хъæбулымын уæддæр ныууадзут йæ мæгуырыл... Хъæубæстæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, æма чысылгай апырх сты. — Æз мæ ныхас загътон. Мауал агайæд уыцы сывæллонмæ! — æмæ йæ зæронд сæр ныттилгæ, Уасил дæр фæцæуæг. 11 Уымæн йæ æртыккаг бон хур бæндæнбæрц дæр нæма суад арвыл, йæ райсомы змæлдтытæ дæр нæма фæци, афтæ йæм сæ сыхæгты чызг æрбауад фæдисуадæй.. —Ды фыд...— дзырдта йæм... Йе уæнгтæ ихуазал аисты. Иу уысмы бæрцмæ йæ зæрдæ алырдæмты ахъеллæутæ кодта. — Цы кодтат мæ фыд? — Дæ фыд Егнаттырдæм фæцæуы. Уынгмæ йæхи уыцыиу æппæрст акодта. Хъæууынджы йæ фыд бæрæгбонарæзтæй йæ сабыр цыдæй фæцæйцыд Егнаттæм. йæ урс цухъхъайыл ын фыццаджы фыццаг ауыдта сæ фыдæлты сау хъама æмæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта — йæ фыдбæлцуаты æдзухдæр ирон дарæсы цыд, фæлæ уыцы хъама стæм хаттæй дарддæр никуы дардта. — Дада! — фæхъæр æм кодта фæстейæ æмæ йæм азгъордта. Йæ хъæрмæ йæ фыд æрлæууыд, сабыргай йæм йе 'ргом разылдта, æмæ йæ цурмæ куы бахæццæ, уæд æй уыцы уæззаугай бафарста: — Цы хабар у, чызг? Исты æрцыд? йæ ныхæстæй йæхæдæг фергъуыйау. — Кæм уыдтæ афтæ раджы?—сфæрæзта ма дзурын. Йæ фыд бахудт: — Куыд раджы ма у? Уæлæ сихорафон куы сси, — ацамыдта йын хурмæ. Йæ цæгатæй ардæм æрдæг бонцауы цыд у, уæлдай дæр та зæронд лæгæн. Æвæццæгæн, æрдæгæхсæв рараст сæхицæй. — Кæдæм цæуыс? Цом нæхимæ. —Ацу хæдзармæ,—уыцы уæззаугай та йын загъта йæ фыд. — Мæн мæнæ хъуыддаг ис, стæй уый фæста хæдзармæ дæр бацæудзынæн. — Кæм дæ ис хъуыддаг? — афарста йæ лæ гъстæ-гæнгæ. Йæ фыд йе 'рфгуытæ фелхынцъ кодта, иудзæвгар ницы сдзырдта. — Гиготæм, — загъта æрæджиау. — Дада, ма сæм бацу, — ныллæгъстæ йын кодта. — Семæ хъуамæ аныхас кæнон. — Ма сæм бацу, дада, — ногæй та йын ныллæгъстæ кодта. — Ацу хæдзармæ. Зондамонæг сдæ дæ фыдæн, æви куыд у дæ хабар? — Уæд æз дæр демæ цæуын, — ныххæцыд ын йæ цонгыл. йæ фыд йе 'рфгуытæ нылхынцъ кодта. — Ацу хæдзармæ! — загъта йын тызмæгæй. йæ фыд æм тызмæгæй никуы сдзырдта, æмæ йын ныр йæ тызмæг ныхасæй фæтарст ноджы йæ зæрдæ алырдæмты адзырдта. Йæ фыд æй, æвæццæгæн, бамбæрста, æмæ йæм бахудт. — Ацу хæдзармæ, мæ чызг, ма тæрс. Ацу, æндæра худинаг у—адæм нæм кæсынц æмæ афтæ зæгъдзысты, дæ фыд зæрырдæм сæрра, кæйдæр хъæууынджы лæбуры, æмæ йæ йæ чызг иргъæвы. Лæбургæ нæ кæнын, ныхас кæнынмæ цæуын. Уыцы ныхæстæ йæм бахъардтой, æмæ суагъта йæ фыды цонг. Уый уæззау къахдзæфтæй фæраст Егнаттырдæм. Егнаттæй сæ, æвæццæгæн, уынæг фæци æмæ хæдзары сæхи бааууон кодтой — æдде сæ ничи зынд. Хъæубæстæй чи тыргъæй гудзиццытæ кодта, чи — хæдзæртты фисынтæй. Йæ фыд дæрддзæфгомау йæ цыд фæсабырдæр кодта, фæлæ никуы æрлæууыд, комкоммæ бараст Егнаттæм. Хæдзары тæккæ раз уæрдоны цур æрлæууыд, исдуг йæ алывæрсты йæ цæст ахаста, стæй сæм бахъæр кодта. Иудзæвгар Егнаттæйзынæг ничи уыд, стæй тыргъы асинты сæрмæ разынд Егнаты фыд. Асинты сæрмæ иу цасдæр афæстиат, æвæццæгæн, дывæнд кодта—ныххиза йе 'нæхонгæ уазæгмæ, æви уырдыгæй аныхæстæ кæна йемæ. Уæддæр нæлгоймаг сæрыстыр у, æрхызт бынмæ, æмæ йæ фыдмæ дæрддзæфгомау æрлæууыд. Уый та, йæ фыд æй кæм ныууагъта, уыцы бынаты сагъдауæй баззад, касти дыууæ зæрондмæ, æмæ фыртасæй зыр-зыр кодта. Нæ зыдта, цы араза: сæ цурмæ ныццæуа æви хæдзармæ ацæуа. Нæ дæр æй иуæрдæм хаста йæ къах, нæ дæр — иннæрдæм, æмæ адæргæй йæ уæрджыты тых дон кодта. Уæдмæ дыууæ зæронд лæджы кæрæдзимæ бакъах-дзæфтæ кодтой, кæрæдзи къухтæ райстой, цыдæртæ адзырдтой, Егнаты фыд ын хæдзарæрдæм къухæй цыдæр амыдта, æвæццæгæн æй хæдзармæ хуыдта, фæлæ йæ фыд не сразы, уæрдоны уæлдыуæттыл æрбадæгау кодтой. Сæ миты уындæй уый дæр йæ риуыдзаг сулæфыд, йæ тас айсæфт, цавæрдæр æхсызгондзинады хъарм ахъардта йе уæнгты, æмæ йæ уыцы æхсызгондзинады æнкъарæн бассы кодта хæдзармæ ацæуыныл. Ацыд хæдзармæ, фæлæ мидæмæ бацæуын уæддæр йæ бон не сси, тыргъы йæхи бааууон кодта, уырдыгæй сæм йæ хъус дардта. Дыууæ зæронды цытæ дзырдтой, уыдон нæ хъуыста, фæлæ йын сæсабыр ныхас йæ удыл царды тых æфтыдта. Æхсызгондзинады хъуыдытæ гуырди йæ сæры, æмæ та йæм æрцыд сабыр царды ныфс. Сабыр цард, хъæубæстæ та йыл æнувыд кæм уыдзысты, йæ хъыджы сахат уыдон дæр хъыгджын кæм уыдзысты, йæ цинæй — цинджын, ахæм сабыр царды ныфс. Æмæ цин кодта, ахæм зондджын фыд ын кæй ис, цин кодта, нæлгоймæгтæ уæддæр хъуыдыджындæр æмæ æппæтхъомдæр кæй сты, æмæ уыцы хъуыдыйæ йæхиуыл бустæкæнынмæ фæци: “— Уæ, куыд æнæрхъуыды дæн, куыд æнæрхъуыды. Куы йæ зонын, сылгоймаг цыбыр зонд у, ницыхъом у, ницæмæ арæхсы, уæд алцы бабæстон кæнынмæ мæ ныфс куыд бахастон, куыд бахастон мæ ныфс мæхи зондæй атæппæт змæстытæ æрнывыл кæнынмæ. Æви мын фыд нæ уыд? Æви мæ зондджын фыдæй мæхи зондджындæр банхъæлдтон. Уый мæ фыдмæ æцæгæлæттæ дæр зонд фæрсынмæ куы цæуынц, уæд уый сусæгæй æз куыд хъавыдтæн атæппæтзындзинæдтæй фервæзынмæ”. Дыууде зæронд лæджы сабыр ныхас æй æфтыдта ахæм цины хъуыдытыл, фæлæ уæддæр æмбæрста: уый йæ цин кæнын кæй фæнды, ацы тæфæбоны бæллæхтæй фервæзыны ныфс æй кæй бацыд, уымæн кæй хъуыды кæны афтæтæ; йæ уды арфдæр рæбынты та тæлфыд тасы æнкъарæн. Уыцы тасы æнкъарæн уыд Егнат. Æмбæрста йæ уынаг зæрдæ: ацы хъуыддаджы дыууæ зæронд лæджысабыр ныхас нæу сæйраг. Сæйраг дзы Егнаты зондахаст у. Егнат дæр ма куы бадид сæ цуры, Егнат дæр ма куы уаид разы дыууæ зæронд лæджы ныхæстыл, уагд, æцæгæйдæр, мæнг уаиккой йæ мидзæрдæйы ныгæд гуырысхотæ, уæд ма уый фæстæ истæуыл гуырысхо кæнын йæхицæн мæнгарддзинадыл банымаид. Фæлæ Егнат уыцы ныхасы хайад нæ исы, Егнат уым нæй, æмæ Егнаты сабыр ныхас кæцæй нæ хъуысы, уый йын гуырысхойаг у, уæдæ йын цы у?! Хур тынг æрæндæвта, æхсæвы æппæрст æртæх ай-сыст, æмæ хъæубаастæ ивылдысты мусырдæм, найкæнынмæ. Æмæ-иу хъæууынгты искæуыл йæ цæст куы схæцыд, уæд-иу фесхъиудта. Фесхъиудта-иу йæ уды рæбынты æмбæхст тасы æнкъарæнæй. Уыцы æнкъарæн уыд æрмæстдæр иунæг иу фарстæй: “Егнат фæзынд æмæ цы уыдзæк дарддæр?” Æмæ фæзынд Егнат. Æдде нæ уыд, сæ хæдзары уыди. Сæ хæдзарæй рахызт уыцы сæрбæрзондæй. Дыууæ зæронд лæджы йæм кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый цыма хатгæ дæр нæ фæкодта — сæ иувæрсты фæцæуæг мусырдæм. Лæгтæ растадысты, сæ бынатæй, уæддæр сæм нæ ракаст, не 'рлæууыд, цыма Хъарсы фидар бацахста иунæгæй, уыдон та тæппуд æмæ гадзрахатæй цæуджытæ уыдысты, уыйау семæ дзурын йæ сæрмæ нæ хаста. Æвæццæгæн æм йæ фыд цалдæр хатты фæдзырдта, фæлæ йæм нæ ракаст, æмæ сæ иудзæвгар куы адард, уæд уый онг дæр сыхъуыст йæ тызмæг дзырд: — Лæппу, дæумæ нæ дзурын! Уæд Егнат æрлæууыд. Ракаст сæм, стæй сæм цадæг-гай раздæхта йе 'ргом. Тыргъы æмбæхстæй бадын йæ бон нал баци. Тагъд-тагъд рауад .æддæмæ. Мæнгагъуысты сæрæй сагой райста, æмæ мусмæ цæуыны æфсон Егнаттырдæм фæцæуæг. Сæ цурмæ нæма ныххæццæ, афтæ 'рыхъуыста Егнаты ныхас: — Мæн ницы цæринаг ис адæмы æргæвдджытимæ! Фыдæй, фыртæй лæгæргæвдджытæ сты! Фашисттæ! Сæ устытæ нæм нырмæ хæсгæрдтæй лæбурдтой, ныр та нæм уæлæ сагоимæ æрлæбуры! Æмæ уыцы ныхæстæй бамбæрста, рацæуын æй нæ хъуыд, фæлæ байрæджы, йæ уындæй та Егнаты марг æвзаг скуыста. Дыууæ зæронды разылдысты йе 'рдæм æмæ йæм уыцы дисхуызæй ныккастысты. Йæхæдæг дæр фергъуыйау, нæ бамбæрста, цæмæн æм афтæ дисгæнгæ кæсынц, уый. йæхиуыл йæ цæст ахаста, æмæ æрмæст гъеуæд бафиппайдта: сагойыл дыууæ къухæй хæцыд,. æмæ йæ хуыз, æцæгæйдæр, уыд лæбурæджы æнгæс. Йæ иу къухмæ райста сагой æмæ сæ иувæрсты йæхи фæцæуæг кодта. — Чызг, кæдæм цæуыс? — фехъуыста йæ фыды хъæлæс, æмæ йæ йæ хъæлæсæй бамбæрста,—смæстджын. — Мусмæ, — сæрæй сын ацамыдта мусырдæм. Егнат хин худт бакодта: — Уыцы сагой, æвæццæгæн, иу къухæй нæ фæразыс, æмæ йыл дыууæ къухæй уымæн хæцыдтæ? Æниу уæззау уыдзæн, кæй зæгнын æй хъæуы, уæдæ хæсгарды уæзæн у. — Лæппу! — тызмæг æм сдзырдта йæ фыд Гиго. — Йæ фыд цавддуры хуызæнæй лæууыд æмæ сæм хъуыста. — Науæд дæ фыд дард фæндагæй куы æрцыд йæ номы сиахсы хæдзармæ, уæд æй къæбæр æнæ бахæргæ уадзыс? Нæ лымæнты раз нæ æнæхъæн хъæубæстæй куыд фидиссаг кæныс! — нал ауæрста йæ фыдаудæнгæнæн ныхæстыл Егнат. Уыцы ныхæстæм се 'ппæт дæр фæхъус сты. Джерджийы номæй йын йæхицæн дæр æмæ йæ фыдæн дæр фидис кодта, фæлæ уазæгæн къæбæр бахæрыны тыххæй уыцы фидис Егнатæн йæхимæ дæр æмæ йæ фыдмæ дæр кæй хауы, уый бамбæрста, æмæ ма æрæджийау цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ байрæджы: Егнат, Егнаты фыд æмæ Матрона йæхæдæг дæр фесхъиудтой йæ фыды æнæ нхъæлæджы хъæрæй ныхасмæ: — Чызг, ардæм-ма рацу! Уый, йæ фыды хуызæн уæззау лæгæн чи нæ æмбæлы, ахæм сæртæг æмæ хъæр ныхас уыд. Йæ хъæлæсыуаг афтæ карз уыд, æмæ мæлæг адæймаг дæр хъыпп-сыпп скæнын нал бафæрæзтаид. Йæ сагой йæ къухтæй æрхауд, æмæ бацыд йæ фыды цурмæ. Лæгъстæгæнгæ бакаст йæ фыдмæ. Уымæн йæ цæстытæ уыдысты иннæ хæттытæй бирæ стырдæр. Йæ фыд ын йæ цонгыл ныххæцыд. — Гиго! — дзырдта уыцы карз хъæлæсæй. — Ай кæд уæ чындз у, уазддæр нырма мæ чызг у, æмæ æз уый бар никæмæн ратдзынæн мæ цæстæрттивгæйæ, æмæ мын исчи мæ сывæллоны æцæхъуаджы æфхæра. Боны фæстагмæ, гормæттæ, сылыстæг куы у, æмæ сылыстæгыл куыдз дæр куы никуыма срæйдта, уæд æм дæ фырт цы æвзагæй дзуры?! Æви йе 'мсæр у? Æви хосгæрдæнты æмзиууæттæ вæййынц?! Гиго зæхмæ ныккаст. — Уый бæсты хæсгардæй хорз рæхсы, — фæхъуахь та кодта Егнат. — Ды, æвæццæгæн, бынтондæр дæ цæсгом бахордтай! Æниу дын цæй цæсгом ис! Сылыстæгимæ хыл кæнын йæ цæсгом кæмæн хъæцы, лæгвæрæтджынæй сывæллонмæ чи лæбуры, уымæн ма цæй цæсгом ис! Ахæмимæ мæн ницы дзырддаг ис! Фæлæ дæумæ дзурын, Гиго, — баздæхти та уыйæрдæм, — æртхъирæн никæмæ кæнын, æртхъирæнтæ тæвдсæртæ фæкæнынц. Мах та, мæнмæ гæсгæ, кæрæдзи хорз зонæм. Фæлæ ма йæ ноджыдæр иу хатт зæгъын: мæ сывæллоны мын æнæхъуаджы чи æфхæра, уымæн никуы ныббардзынæн. æз уæ уæззæмæ мæ сылыстæджы уымæн нæ рарвыстон, æмæ мын ам нæлгоймæгтимæ тох кæна, йæ тиутимæ! Кæд уыцы лæппу æцæгæйдæр сæрра, кæд æцæгæйдæр знаджы фарс рахæцыд, уæд æй стыр хуыцау йе знаджы фæндиаг фæкæнæд; Уæхи агрвад куы у, уæхи хъомылгонд куы уыд, уæд дзы кæд исчи аххосджын у, уæд уæхæдæг стут! Мæ чызг æй хъомыл кодта? Мæ чызг ын бауагъта йæ сæры уыцы зонд? — Уæдæ æз дæн аххосджын, нæ? — ферттывтой Егнаты цæстытæ дæр. —Æмæ ацы чызг цы аххосджын фæци? — Цы аххосджын фæци?! — скарз ис Егнат. — Цы аххосджын фæци зæгъыс? Ракæс-ма мæнæ æмæ йæ бамбарай. Егнат йæ дыууæ лæдзæг ныддыввытт кодта, æмæ иу къахыл лæугæйæ аззад. — Æрбакæс-ма мæнæ, — хъæр кодта. — Хуыцау мæ уый тыххæй нæ радта, цæмæй мæ дыууæ къахыл цæуон ацы зæххыл?! Æмæ уæдæ æз цæмæйнæ цæуын, мæ дыууæ къахæй цæуын цы зæххыл хъæуы, ууыл? Æви æз уый аккаг нæ дæн, æмæ зæххыл дыууæ къахæй цæуон?! — Æмæ дзы ацы чызг цы аххосджын у? — йæ тæригъæддаг уындæй æрсабырдæр йæ фыд. — Цы аххосджын у?! — фарста йæ Егнат. — Куыд цы аххосджын у? Мæ удхæссæг уынын ме знæгтæй. Ме знæртæ мæнæн иууылдæр иу адæймаджы хуызæн ме 'нæуынон сты. Æмæ мын ды цæмæй бауырнын кæндзынæ, мæнæ ацы къахыл Джерджийы нæмыг нæ сæмбæлд, Джерджийы нæмыгæй нæ ахаудта мæ къах? Гъы? Цæмæй мын æй бауырнын кæндзынæ? Æви мæ утæппæт адæмы 'хсæн æвзаргæ ракодтаид, ома уый уæддæр нæхион у, æмæ йыл мæ къухæй мацы æрцæуæд! — Ацу хæдзармæ, — загъта йын йæ фыд. — Æмæ мæ куыд цæуын кæнут, куыд? — сæррайау та Егнат.—Уæртæ уыцы лæдзджыты æххуысæй? Нал мæ фæнды уыцы быцæутæ мæхимæ æвæрын, нал? Æмæ уæдæ куыд цæуон? Ацæуын мæ кæн, гъа! Хорз лæг дæ, æмæ мæ ацæуын кæн! — йæ иу къахыл гæпп-гæппкæныныл схæцыд.— Кæд ай цыдыл нымайут, уæд æз дæр цæуын, гъа! Цæуын, æмæ йæ фенут, кæддæра кæдæм фæхæццæ уаин! Æмæ иу къахæй, гæпп-гæппгæнгæ, ачепп-чепп кодта иуæрдæм, иннæрдæм, стæй йæхи нал баурæдта æмæ зæххыл сæмбæлд. — Ацæуын мæ кæнут! — хъæр кодта. — Цæуылнæ мæ цæуын кæнут?! Ничи йæм ницы сдзырдта. Гигойы цæстытæй æртылдысты йæ æнæбаурæд цæссыгтæ. — Ацу хæдзармæ, æрулæф, — загъта йын æрæджиау. —Нæ, нæ! Хуыздæр лæгтæ фестут сымах, æмæ мæ ацæуын кæнут! Цæуылнæ мæ цæуын кæнут! — богъ-богъмæ та рахызт йæ хъæр. Йæ мад æмæ йæм йæ ус фæфæдис сты. йæ дæлæрмтты бацыдысты æмæ йæ хæдзармæ акæныныл архайдтой. Уый сын нæ куымдта, йæхи тыдта сæ къухтæй. — Цæуылнæ мæ цæуын кæнут! Нал мæ фæнды æмæ мæ кæной мæ дæлæрмттæй. Нал мæ фæнды, æмæ зæххæй мæхимæ хъæдын быцæутæ дæттон! Мæн дæр мæхи дыууæ къахæй цæуын фæнды, цæрынæн цы зæххыл рай-гуырдтæн, ууыл! Ацæуын мæ кæнут!.. Тыххæйты йæ акодтой хæдзармæ. Дыууæ зæронд лæджы иудзæвгар æнæдзургæйæ, зæхмæ кæсгæйæ, алæууыдысты, стæй йæ фыд баздæхт Гигомæ. — Бахатыр кæнут, гъа. Уæхи фæндиаг уæнт уæ хъуыддæгтæ. Гиго быннозæй ныуулæфыд. — Цы саразæм, дæ рын бахæрон. Къахæн бæргæ ницы у, иннæ дæр ма мын æнæкъахæй дæр куы фæзынид. Фæлæ йæ сæры зонд дæр рæстмæ нал у, дæлæмæ æрхауа хуыцау. Мæ сабыр сывæллон бирæгъ фестад, — нал æм сдзырд ис, нал хъусынхъом у. 12 Йæ фыд нынкъард. Аходæны охыл æнæбары цыдæр-тæ йæ дзыхы баппæрста, стæй цæуыны къахыл ныллæууыд. — Иу-дыууæ боны уал бафæраз, — загъта йын, æддæмæ куы рахызтысты, уæд. — Уыцы лæппу, æцæгæйдæр, сæнамонд, фæлæ Гиго æгъдауджын лæг у, æмæ кæд истытæ кæнид. Уæдмæ лæппуйæ дæр кæд исты хабар хъуысид. Науæд хæдзармæ рацæудзынæ. Сывæллонмæ та дæ зæрдæ ма 'хсайæд. Хъæц, мæ чызг, зынтæн адæймаг хъæуы. Æмæ ацыд. Йæхæдæг дæр ма иу-чысыл хæдзары абадт. Нæ йæ фæдыд мусмæ ацæуын, фæлæ куыстытæ сæ тæккæ тын-гыл уыдысты, æмæ йæ нæ бафæндыд хъæубæсты цæсты йæхи æппарын, йæ сагой райста æмæ ацыд мусмæ. Хъæубæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, чысылæй, стырæй зыдтой йæ фыды æрцыды хабар, æмæ йæ ныццыдмæ ууыл кæй дзырдтой, уый йын цы бамбарын хъуыд — ничи йæ ницæмæй бафарста, иууылдæр ныхъхъус сты. Вæййы ахæ цавæрдæр æнæуынгæ аххостæ, æнæнхъæлæджы иу иннæйы раз йæхи цыдæр къæмдзæстыгæй куы фæхата. Райсом Егнаты ахæм хуызы куы федта, уæд ын йæ æдых, йæ тæригъæддаг уавæр йæ зæрдæ бакъуырдта. Ахæм тæригъæддаг ранмæ кæй æрцыд, уым уый цыдæр аххосджын кæй у, йæ чысыл хъæбулмæ дæр дзы цыдæр азым кæй хауы, уыцы хъуыды йыл æрхæндæг æфтыдта, уыцы хъуыдыйæ цæмæндæр къæмдзæстцг кодта хъæубæсты раз. Æмæ уыцы æмрæстæджы йæхæдæг дæр уыдта: хъæубæстæ дæр сæхи цыдæр къæмдзæстыгæй хатынц йæ раэы, цыдæр ныхкъуырдæй. Æвæццæгæн сæм йæ фыды хиуылхæцгæ ми бахъардта, ома мæстджынæй дæр æгъдауджын чи у, уымæй аргъуц куыннæ хъæуы. Æнæдзургæйæ куыста, æмæ йæ цæсты зул дардта се 'ппæтмæ дæр. Æмæ та йыл æ.ртæфсти: уый се 'ппæт дæр тыхст æмæ уырыд уавæры куы сты, уый сæ алчи дæр уынгæджыйы ран куы ис. Цæй, цы азымы бадарæн ис Егнаты фыды, йæ хистæр хъæбулæй æнæ хъæбул чи аззад, иннæ лыгтæ æмæ æрдæгæррайæ кæмæн æрыз-дæхт? Æмæ уæд йе 'ртыккаг хъæбул та? Уый дæр ын фыдæвзарæны куы ис, уæд уæдæ уыдон куыд быхсынц? Йæ чысыл хъæбулы тыххæй уый сулæфын дæр куы нæ фæразы, уæд сæ хъомыл хъæбултæ иугай-дыгай кæмæн мæлынц уыдон ныййарджытыл цы уды фидар ис? Уый ма йæ чысыл хъæбулы цæстæй уыны, йæ чысыл хъæбулы ма йæхæдæг бахъахъхъæнынхъом куы у, æмæ уæддæр мæтæй куы рафтыд, уæд сæ хъомыл хъæбултæ кæмæн мæлынц, сæ хъомыл хъæбулты бахъахъхъæнынхъом чи нæ у, сæ хъомыл хъæбултæ цыфæнды дзидзидай сывæллæтæй дæр æвæрæздæр ран кæмæн сты, æмæ сæм сæ къух кæмæн не 'ххæсы, уыдоны ныййарджытæ цæнгæтæй конд сты? Ави дæ хъæбулы зындзинад дæхи цæстæй куынæ уынай, дæхи цæсты раз куынæ уа йæ фыдбылыз, уæд æппæтæн дæр æнцондæр быхсæн у? Æви уæд адæймаг стырзæрдæ вæййы? Йæ хæдзары цы фыд-æвзарæнтæ ис, алкæй хæдзары дæр ахæм фыдæвзарæнтæ куы ис, ахæм нæ — ноджы стырдæр, ноджы тугтæригъæдджындæр бæллæхтæ, уæд уæдæ уыдон куыд сты хъæцынхъом сæ хуыцауы цæфыл? Кæд миййаг адæймаджы мæлæт нæу æцæг мардæрцыд, кæд миййаг æцæг мардæрцыд уый у, æмæ дæ исчи æнæаххосджынæй аххосджын куы кæна тæригъæдджын хъуыддаджы? Кæд мий-йаг фыдæвзарæнты фыдæвзарæны сæр дæр æнæаххосджынæй æфхæрд у. Æмæ уæд ацы адæм кæм фæаххосджын сты цавæрдæр лæгбирæгъы раз? Зонгæ дæр æй куынæ кодтой, сæ фæсонæрхæджы дæр куы никуы уыд æмæ кæмдæр зæххыл ахæм æмæ ахæм адæймаг цæры, ахæм æмæ йын ахæм адæм ис? Куы ницы йын зыдтой, йæ кой, йæ хъæр дæр ын куы никуы фехъуыстой? Уæд кæм фæаххосджын сты атæппæт æрмæфтыдæй аззайæг ныййарджытæ? Нæ йæ фæндыди ахæм хъуыдытæ кæнын, фæлæ хъæубæсты раз йæхи цыдæр къæмдзæстыгæй кæй фæхатыд, стæй хъæубæсты миты дæр ныхкъуырддзинад кæй фæфиппайдта, уый йæ ардыдта ахæм хъуыдытыл. Æнæ-уый дæр фæлмæст æмæ мæстджын адæм ныр ноджы æнкъарддæр хуыз æвдыстой. Дыууæ мусы най кодтой. Зыгуымы рыг зилахар кодта сæ алыварс, сæ сæрмæ. Уыцы рыг ныббадт сæхиуыл дæр æмæ афтæ зынд, цыма уый сæ хæццæ æмæ æмтъери хъуыдытæ рыджы хуызы зилынц сæ алфæмблайы. Уыцы рыгамæхсты ноджы æнтъыснæг хуыз истой, æмæ сæ уындæй йæ зæрдæ уынгæг кодта. Æрæджы дæр ма йын адджын æмæ æввахс цы хъæубæстæ уыдысты, æрæджы дæр ма йын æнувыд цы хъæубæстæ уыдысты, уыдон тæригъæддаг уынд ын ныр дæр агайдта йæ зæрдæ. Фæссихæртты сæм фæзынд Егнат. Йæ фенгæйæ, хъæубæстæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, кæрæдзийæн цæстæнгасæй цыдæртæ ацамыдтой фæлæ дзургæ ницы скодтой. Се 'ппæтыл дæр зынд — йæ фæзынд сын æхсызгон нæ уыди. Йæхи иуварс ласта Егнатæй, фæлæ йын йæ архайдмæ йæ цæсты зул дардта. Касти йæм цæсты зулæй, æмæ йæ уындæй йæ зæрдæ уæззау кодта; æнæуынон æмæ йын цæстысындз чи фестад, уый йæхæдæг дæр ахæм тæри-гъæддаг сси, æмæ йæм цæст кæсын дæр нæ уарзта. Кæддæры фидæрттæ, уындджын æмæ хъæубæстæн уарзон адæймаджы баивдæуыд хус быдыргъыйæ. Дыууадæс æмæ ссæдз аздзыд лæг нымпылд, нырруади. Йæ сæр урс халас адардта, æмæ цыма уыцы сæрыхъуынтæ дæр æндæр ранæй сзадысты — хуыйы хъистау уырдыг лæууыдысты йæ сæрыл æмæ йын æнахъинон хуыз лæвæрдтой, йæ æнæдаст цæсгомы хил дæр халас хæццæ уыд. Уыцы æвдæрзтытæ æнæдаст цæсгом, уыцы пака сæрыхъуынтæ, уыцы змæст цæстытæй калди ихæн, тасы ихæн. Æмæ уыцы ихæнæй йедзаг кодта йæ риу. Æвæццæгæн Егнат фæхатыд: хъæубæстæ абон иннæ бонтæй хъауджы мадзурадæр кæй сты, уый райсомы хабæртты аххос кæй у, æмæ сæм дзырдæппарæнтæ кодта, фæндыди йæ семæ ныхæстæ кæнын. Уыдон-иу æнæбары цыдæртæ загътой, æмæ та-иу ныггомыг сты. Егнатимæ кæй нæ ныхæстæ кæнынц, уый дзы тас уагъта. Тынг æй фæндыд, исчи йемæ куы аныхæстæ кæнид, исчи йæ хъазгæмхасæнтæй куы бахъæлдзæг кæнид. Йæ тарст зæрдæ хатыд: хъæубæстæ дзы сæхи кæй хизынц, уый хорзмæ кæй нæ расайдзæн, исты хыл та кæй сызмæнтдзæн. Бафæндыд æй, искæмæн зæгъа, æмæ йæм исчи истытæ сдзура, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. Æмæ мæсты кодта хъæубæстæм, — уыцы лыстæг хабæрттæ чи нæ æмбары. “Æвæццæгæн, — хъуыды кодта йæхины- мæр,—æвæццæгæн, .тасджын адæйМаг хуыздæр æмба-ры, тас дзы кæмæй ис, уый цæстæнгас, æндæра иннæтæ куыд нæ хатынц, сдзурын æм кæй хъæуы, сæ мадзурайæ йæ знæт кæй кæнынц.” Хъæубæстæ та уый не 'мбæрстой. Æмæ Егнат, æцæгæйдæр, фæстагмæ тарæрфыгæй-тарæрфыгдæр кодта. Стæй куыдфæстагмæ рахызт сусæг рæнтъузæн ныхæстæм. Йæ рæнтъузæн ныхæстæ иууылдæр уыдысты уый бацагайыныл: куы-иу сывæллæттæм баппæрста йæ ны-хас—уый дын хæсард нæу, зæгъгæ, уый сагой у; куы та-иу хистæртæй искæмæ скодта уый афхæрæн ныхас. Ничи йæм ницы дзырдта. Фæлæ æгæр-æгæр куы систа, уæд.æм йæ фыд нал фæлæууыд, сонт зылд æм фæкодта, мæсты дзагъултæгæнгæ йæм иудзæвгар фæкаст. — Ту! — мæсты ту акодта зæхмæ, хъуынтызæрфыгæй ма йæм иу каст фæкодта, æмæ та дарддæр йæ мимæ бавнæлдта. Æмæ уæд Егнат фæсаст. Иудзæвгар ма алæууыд мусы. Æнæбары ма цæмæдæрты февнæлдта, стæй аивæй йæхи фæиуварс ласта, найгæнинаг цъериты æхсæн бафæсвæд. Егнаты ацыды фæстæ хъæубæстæ ноджы ныггомыг сты. Алчи дæр сæ аныгъуылд йæ уæззау æмæ æнкъард хъуыдыты, алкæй зæрдæ дæр сæ, æвæццæгæн, ахсайдта йæ тыхст бæлццонмæ. Гиго сæ бамбæрста. Сагойы æнцой иудзæвгар æнæдзургæйæ алæууыд, стæй арф ныуулæфыд: — Уæ не 'сафæг бынысæфт фæуа, кæд нын цы митæ бакодта нæ сывæллæттæн, — загъта, æмæ, хъæубæстыл йæ цæст ахæсгæ, ногæй йæ куыстмæ бавнæлдта. Иннæ мусæй хъуыст кæйдæрты хъæлæба, сывæллæтты хъæр, фæлæ уыдон мус уæлмæрды хуызæн фестад; уæлмæрды нæ—зындоны хуызæн. Алчи дæр сæ аныгъуылд йæ судзаггаджы хъуыдыты, æмæ, сæ хъуыдыты ныдздзæгъæлтæ уæвгæ, фæдисы лæбурд кодтой сæ куыстмæ. Галтæ афтæ цæстытæй зилахар кодтой мусы зылды, æмæ, æвæццæгæн, сæ сæртæ дæр зылдысты. Мусы-иу найкæнинаг кæм суæлæнгай, уым-иу райхъуыст чъеурийы хъыррыст, уыцы хъыррыстмæ ноджы сæ зæрдæтæ хъæрзыдтой, цыма сын мæнæ ацы мусы зылды цæгъдынц сæ тыхст бæлццæтты, цыма- чъеурийы хъыррыст нæ, фæлæ сæ сæфт бæлццæтты стджыты хъыррыст райхъуысы, цыма сын хæст сæ сæфт бæлцæтты мæнæ ацы ран æмвæз кæны зæххимæ, цыма уый зыгуымы рыг нæ, фæлæ сæ сæфт бæлццæтты туджы æртæхтæ ныббадтысты сæ сæрмæ. Нæ, уый нæ уыди хъæубæсты æмæвнæлд зæрдиаг куыст, хъæубæсты удуæлдай куыст. Удуæлдай куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, кодтой, фæлæ сын ацы тæккæ куыст нæ уыд сæйраг, фæлæ сæ уды тыхст: сæ уды тыхст уромын нал фæрæзтой, сæ уды тыхст сæ афтæ тæлфын кодта, æмæ галæй, адæмæй, цъилау зылдысты мусы зылды. Æппæт уыцы удаист змæлд рыджы тымыгъы нуæрстæй уыди, йæ хъуыры цы кæуындзæг ныббадт, уый хуызæн. Уыцы кæуындзæг цæмæй ма фергом уа, уый тыххæй уыд æрмæстдæр иунæг иу хос — дæ уды тыхст саф куысты змæлды, цæмæй дын фыддæртыл хъуыды кæныны фадат мауал уа, цæмæй дæ дудгæбæттæ лыстæггай ма æрлæууой дæ зæрдыл. Æмæ та уæд йæ сæры фегуырди: ау, се 'ппæт дæр афтæ æмхуызон мæрдджын кæм сты, уым кæрæдзи цæмæннæ хъуамæ бамбарой? Цæмæннæ йæ хъуамæ æмбарид Егнат дæр? “Æмæ йгем кæд ныххатыдтæ, цæмæй дæ бамбара? — фарста йæхи, — кæд ын ракодтай дæ зæрдæйы рæбинаг ныхæстæ?” Йæхинымæр йæ хъуыдытæ кæрæдзимæ быцæу кодтой: “Æмæ дæ бамбардзæн?” “Чи зоны дæ бамбара”. Æмæ йæ, æцæгæйдæр, æрфæндыд Егнатимæ цæстæй-цæстмæ аныхас кæнын, хибарæй, куыд ничи сæ хъыгдара. Радзурид ын йæ тыхст уавæр. Ныллæгъстæ йын кæнид, цæмæй Джерджийæ цалынмæ исты бæрæг хъуыса уæдмæ уал сæ уæддæр куыд ныууадза сæ адыл. Чи зоны йæ бамбара. Чи зоны йæм фехъуыса йæ уды тыхст хъæр. Æрцыд æм ахæм хъуыды, фæлæ йын гуызавæ йæ зæрдæ æхсыдта: куынæ йæ бамбара, куынæ фæчъил уа, æмæ та бæстæ йæ сæрыл куы сиса, куы та ферра уа, уæд адæмзæгъдзысты: Егнаты аххос цы у—куы-æрсабыр вæййы, уæддæр æй йæхæдæг хъыззы-хъыззы кæны æмæ та лæг фæрæдийы. Уæддæр æй уыцы хъуыды уæгъд нæ уагъта. Афæнд кодта, цæмæй Гигойæн зæгъа йæ хъуыды, фæлæ уымæ дæр йæ ныфс нæ бахаста. Æмæ афтæ, хъуырдухæнгæнгæ, мæцыд йæ удаист куысты. “Нæ, — æппынфæстаг аскъуыддзаг кодта, — хъуамæ йын зæгъон. Хъуамæ йын фæстаг хатт ныллæгъстæ кæнон. Цынæ вæййы, — чизоны фæтаса”. Æмæ æнхъæлмæ касти æмбæлон фадатмæ. Фадат ын фæци уыцы изæр. Сæ боны найгæнинæгтæ фесты, мæнæу голджытæм сæвгæдтой æмæ йæ баластой хордонмæ. Æхсæвы куы скъæвда уа, зæгъгæ, уый тасæй зыгуым дæр каугуыффæ уæрдæттыл бафснайдтой зыгуымдæтты. Уæдмæ æризæрмилтæ, æмæ алчи йæ хæдзары куыстытæм атагъд кодта. Уый дæр дæлхъæу сæрвæттæм ацыд йæ хъом агурæг. Дæлхъæу, цынайы сæрмæ, ададжы былыл, бадт Егнат æмæ арæзта цыхцыры нук. Хъæубæсты лæппутæ æмæ сывæллæттæн сæрдыгон цынайы алыхатт дæр цых-цыр арæзт уыд— фæскуыст хи найынæн. Ныр уымæ никæйуал æвдæлд, æмæ, æвæццæгæн, абон Егнат мусæй куы рацыд, уæд уый йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ бабукъ цыхцыр аразыныл. Иудзæвгар æм дардæй фæкаст. Дывæнд кодта — бацæуа йæм, æви нæ. Стæй æппæтыл дæр йæ къух ауагъта, æмæ йæ цурмæ бацыд. Уый йæ, æвæццæгæн, уынгæ нæ фæкодта, гъе, та ахæм хуыз равдыста. — Егнат, — сдзырдта йæм. Лæг йæ куыст фæуагъта æмæ йæм джихæй касти. Уымæн та йæ хъуыр ахус, æмæ нæ зыдта, цæмæй райдайа дзурын. — Ныхасаг мæ ис демæ,—загьта йын. Уымæн йæ хъоппæг цæстытæ йæ цæсты чъилтæй рацæйхаудтой. — Егнат, уæддæр дæм мæхæдæг æрбацыдтæн, мæ ных æрбахастон, цæмæй демæ аныхас кæнон. Мæн нæ уырны, æмæ мæ ма бамбарай. Знæгтæ куы нæ стæм кæрæдзийæн. Ацы фыдæбойнаджы хæсты размæ нæ хæдзарæн сæ адджындæр адæмæй иу ды куы уыдтæ. Джерджиимæ уын иу хæдон уæгъд куы уыди, уæд æвиппайды афтæ знаджы цæстæй ракæсай махмæ, уый мæ уæддæр нæ уырны. Егнат, дæ низтæ, байхъус мæм, хъуамæ дын мæ дзуринæгтæ фæдзурон. Байхъус мæм, æмæ мæ бамбардзынæ, мæ бон улæфын дæр кæй нæ уал у мæ сывæллоны тæсæй. Джерджийæ уыцы ныхæстæ куы райхъуыст уæд хуыцаумæ æнхъæлмæкæсæгау куы кастæн нæ хъæуы бæлцæттæй искæй фæзындмæ — уый, зæгъын, зоны хæсты дудгæбæттæ, æмæ Джерджи знаджы фарс кæй нæ рахæцдзæн, уый сын, зæгъын, уæд бамбарын кæнид. Ды нырма фыццаг дæ уыцы адæмæй. Æмæ куы фæзындтæ, уæд фырцинæй зæххыл дæр куынæуал хæцыдтæн, — ныр, зæгъын, Джерджийы сæрыл дæр æмæ йæ бинонты сæрыл дæр чи сдзура, ахæм адæймаг фæзынд. Æмæ фыццаг бон Джерджийы сæрыл куы рахæцыдтæ, уæд фырцинæй ме 'ппæт дудгæбæттæ дæр куы æрбайрох кодтон, мæ зынтæ мæм æппындæр куы ницыуал кастысты. Уæд,. Егнат, дæ низтæ бахæрон, ныр дæу дæр цæмæн бауырныдта, æмæ демæ чи схъомыл, демæ æфсымæры цард чи фæкодта, уый хæсты быдырæй ралыгъди, йе знаджы фарс рахæцыд. Уыцы лæппу дæр æндæр куы ницы фыссы. Джерджи, дам, æнæнхъæлæджы фесæфт. Æмæ йæ, чизоны, искуы фæсвæд маргæ акодтой, уæд дзы тугтæригъæдтæ цæмæн дзурут? Йæ сыджыты хай йын уымы бæсты цæмæн чъизи кæнут? Йе знæгтæм куыд алыгъдаид, ам дæр иу уæлдай ми куы никæмæн барста, уæд уыцы цъыфхор адæмимæ цæрын йæ сæрмæ куыд схастаид? Лидзгæ куы ракодтаид, уæд йæ сывæллоны фенынмæ та куыд никуыцæй фæзындаид? Стæй хъæубæсты фарн фæхудинаг кæнын та йæ сæрмæ куыд хъуамæ схастаид? Худинаджы хъуыддагæй йæм мæлæт хуыздæр куы касти, уæд ныр худинаггаджы сæр йæхи кæм фæкодтаид? Нæ, дæ низтæ бахæрон, Егнат, Джерджи ницы аххосджын у, мæ зæрдæ йæ зоны, æмæ дзы цалынмæ исты бæрæг уа, уæдмæ дын лæгъстæ кæнын, æфсымæр мын нæй, фæлæ дæ мæхи æфсымæрау курын æмæ Джерджийы мацæмæй аххосджын кæн... — Мацæмæй йæ аххосджын кæнон? — æнæввæрсонæй йæм касти Егнат. — Æмæ уæдæ мæнæ ам афтид кæй.у,—йæ къахы фарсмæ йæ иннæ къах кæм хъуамæ уыдаид, уым зæхх æрхоста, — ам афтид кæй у, мæ къах дзы кæй нæй, уымæй та кæй баазымджын кæнон? — Егнат, дæ низтæ, æмæ дзы Джерджи цы аххосджын у. Знаг знаджы амæттаг фæуа, не 'ппæты знаг дæр иу куы у, знагцух куы нæ стæм миййаг, нæ утæппæт знæгтæй нæ уд нæ хъуырмæ куы ссыд, уæд ма нæ кæрæдзийæ та знæгтæ цæмæн кæнæм, кæрæдзимæ ма та знаджы цæстæй цæмæн кæсæм? — Ныууадз мæ! Ныууадзут мæ! — схъæрзыдта Егнат. — Нæ, нæ, Егнат, дæ низтæ бахæрон, æрбайхъус мæм. Кæд мын мæ ныхæстыл не 'ууæндыс, кæд Джерджийы, æцæгæйдæр, знагыл нымайыс, кæд афтæ æнхъæлыс, æмæ, æцæгæйдæр, Джерджи худинаггаджы ми йæ сæрмæ бахаста, уæд дын цы кæнон. Фæлæ мæ хъæбул та цы гæнæг у? Цы ракодта мæ чысыл хъæбул та? А,. кæд Джерджи, æцæгæйдæр сæрра, кæд знаджы фæндиаг фæци, уæд фæндаджы сæрдæнтæ фæуæд нæ тæригъæдæй. Фæлæ мæ гыццыл хъæбул та цы ракодта? Мах дæр ын сымахæй уæлдай куы ницы зонæм йæ митæ”. Мах дæр сымахæй уæлдай куы ницыгæнæг стæм йæ хъуыддæгты. Мах дыууæ боны цардыстæм йемæ, сымах та гыццылæй фæстæмæ куы схъомыл стут иумæ. Уæхи туг æмæ стæг куы у, уæд дзы мах та цы аххосджын стæм? Цы аххосджын у мæ гыццыл хъæбул, æмбаргæ дæр куы ницы кæны, æмбарынхъом дæр куы ницы у? Егнат, дæ низтæ бахæрон, ныууадз мын мæ хъæбулы. Ма мын агай мæ гыццыл зæрдæйы уидагмæ. Лæгъстæ дык кæнын, дæ разы мæ зонгуытыл хуыцаумæ кувæгау кувын, æмæ мын мæ гыццыл хъæбулмæ ма агай. Йæ разы йæ зонгуытыл æрхаудта æмæ лæдæрстысты йæ цæссыгтæ. — Мæхицæн мын цы фæнды дæр кæн, мæхи мын æргæвдгæ дæр акæн. Дæ къухы фæрæт ис? Мæнæ дын мæ къубал къуыдырыл æвæрын, — æмæ æцæгæйдæр йæ сæр æрдæгкъахт нукыл æрæвæрдта — мæ къубал дын къуыдырыл æвæрын æмæ йæ фæрæтæй ахауын кæн. Фæлæ мын мæ хъæбулмæ ма агай. Ницыгæнæг у мæ хъæбул. Нырма куы ницы æмбары, æмбарынхъом дæр куы нæма у. Дур фестад Егнат, дойнаг дур æмæ йæм ницыуал хъардта. — Ницы аххосджын стут! — йæ тасæфтауæг хъæлæсыуагæй та рыхыд уый.—Æмæ уæдæ мæ сывæллæттæ хæдзары цæмæннæ сты? Усæй, лæгæй æвæстагæй цæмæн бадæм? — Æмæ уый гыццыл мур куы у, куы ницы æмбары, æмбарынхъом куы ницы ма у, уæд барæй афтæ бакодта? Къухы зæрдæйыйас дæр куы нæма у, уый исты куы æмбарид, уæд афтæ бакодтаид? Егнат, дæ фæхъау фæуон, дæ низтæ бахæрон, мæхицæн мын цыфæнды дæр кæн, фæлæ мын мæ гыццыл хъæбулмæ ма агай. Ныууадз мын æй. — Дæхицæн... — былысчъилтæ йыл кодта, — æмæ мын мæ усы бæсты дæр сывæллæттæ ды ныййардзынæ? — Мæ сывæллоны мын ныууадз, æндæр мын мæхицæн цыфæнды дæр кæн, — фырадæргæй рызти æмæ йæ зонгуытыл хаудæй лæгъстæ кодта Егнатæн. — Алцæуыл дæр разы дæ? — хин худт кодта Егнат. — Алцæуыл дæр, — куыдта уый, æмæ йæм лæгъстæгæнгæ касти. — Мæ усы бæсты мын сывæллæттæ ныййар. Лæгъстæгæнгæ йæм касти, æмæ не 'мбæрста, цытæ дзуры, уый. — Разы дæ? — худти хинæйдзаг худтæй. Касти йæм, æмæ не 'мбæрста: уыцы æлгъаг ныхæстæ дзы æнæнхъæлæджы сирвæзтысты, æви сæ æмбаргæ- æмбарын дзуры. — Ы? — худти уыцы худтæй. Æмæ æвиппайды йæ зæрдæ арæсыд йæ риу айдзаг æнæуынондзинадæй. — Куыдз, — загъта йын ныллæг, ивазгæ хъæлæсæй, æмæ цадæггай йæ къæхтыл слæууыд. Æлгьгæнгæ ныккасти йæ разыбадæг лæгсырдмæ. — Куыдз. Иукъахыг куыдз! Æмæ ныккуыдта. Ныккуыдта, æмæ йæхи аппæрста иуварсмæ, искуыдæм,—мæрдты бæстæм дæр уæд, æрмæст ацы.æлгъаг адæймаджы цурæй дард уæд, мауал ын хъусæд йе 'лгъаг хъæлæс, йе 'лгъаг ныхæстæ; мауал фехъусæд, царды ма ныры онг æлгъагдзинадæй цы нæ фехъуыста, уыдон. Ныры онг ын царды цыдæриддæр зындзинадæй уыд, уыцы зындзинæдтæй цыдæриддæр ристæ бавзæрста, уыдон ын ныры рисы хуызæн нæ уыдысты. Ныры онг æрмæстдæр хæцыд йæ мой æмæ йæ хъæбулы сæрыл, йæ цард нывонд кодта уыдон номæн, фæлæ йæхи ссæст æмæ дæлдзиныгæй никуы хатыд. Ныр ын Егнаты æдзæсгом ныхæстæ къæхты бын æууæрстой йæ сылыстæджы сæрыстырдзинад, æмвæз æй кодтой зæххимæ, æвдылдтой йæ цъыфы. Æмæ уыцы рис уыд бынтон æндæрхуызон. Æмæ уыцы ног рисы адæргæй куыдта. Куыдта кæм дæр талынджы цавæрдæр бæласыл банцойгæнгæ. Куыдта æмæ хъуыды кодта, адæймаг чысыл куы фæцуды, уæд алцæмæй дæр къæхты бынмæ куыд тагъд æрхауы, ууыл. Куыдта æмæ æнкъардта: абонæй фæстæмæ та йæ зынтæм ноджы иу фæндаг байгом, иу къабуз ма та сæм бафтыд, æмæ ма йæ бирæ хæттыты бахъæудзæн ацы ног зындзинады тыххæй дæр кæуын æмæ хъизæмар кæнын, уымæн æмæ адæймаг йæ царды иухатт цы бавзары, уый та ногæй æнæбавзаргæ нæ фæвæййы, уымæн æмæ йын уырдæм гъеуæд байгом вæййынц дуæрттæ, æмæ дын царды иу хатт дуæрттæ кæдæм байгом уой, уырдæм та дын æнæбахизгæ нæй, хæрзæбон уа æви фыдæвзарæн, уæддæр. 13 Уæ куынæ загътаид йæ мæстæй уыцы ныхæстæ... Егнат кæд тынг хаста йæ зæрдæмæ йæ къахы ахауд, кæд ын æцæгæйдæр тынг уæззау уыд уыцы хабар, тынг ыл бандæвта, уæддæр дзы кæмдæр сæрыстыр уыд. Сæрыстыр дзы уыд—хæсты йын йæ хъæубæсты æмæ иннæ адæмы сæраппонд кæй ахауд, уыдон сæрыл æй нывондæн кæй æрхаста, уый тыххæй, æмæ йæм афтæ каст, цьма йæ ныр адæм хъуамæ сæ къухтыл рахæсс-бахæсс кæниккой, йæ цæрайæ цæриккой, тырысайау æй бæрзæндты хъуамæ хæссиккой. йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, æмæ иукъахыг кæй у, уый йын исчи бафидис кæна, йæ удæгас буары уæнджы ахаудæн ын кады бæсты фидис кæной. Æмæ йын æй уый йæ мæстæй куы бафидис кодта, иукъахыг куыдз æй куы рахуыдта, уæд æм тынг диссаг фæкаст, диссаг æмæ худæг. —Ха-ха-ха!—худтис сæрыстыр хъæлæсæй.—Иукъахыг куыдз! Йæ иу къах хоста йæ армытъæпæнæй æмæ хъæр кодта: — Ха-ха-ха! Егнат иукъахыг куыдз у! Йæ хъæр ын фехъуыстæуыд. Боны дзы кæд чидæртæ сæхи дард ластой, уæддæр æм ныр, йæ хъæр фехъусгæйæ, атагъд кодтой... Цыфæнды уавæрты дæр цымыдис адæмæн сæ къухыл хæст у. Уымæн та адæмы уындæй йæ сæры зонд ноджы хæццæ кодта: —Егнат иукъахыг куыдз! Рацæу æмæ йæ фенут— иукъахыг куыдз дæн! — æмæ йæ иу къах, уæлæмæ схъилгæнгæ, ратил-батил кодта уæлдæфы. — Æз æцæг куыдз дæн, адон хуызæтты тыххæй йæ къах лыгмæ чи радта. Æз æцæг куыдз дæн, æнæсмудæн куыдз! Йæ алыварс чи амбырд, уыдон хабарæн ницы æмбæрстой. — Цы 'рцыд, Егнат? — фарстой йæ. Уый, йæ къах ныхъхъилгæнгæ, хъæр кодта: — Ныр та мын “иукъахыг куыдз” фидис кæнынц! Ныр та мæ иукъахыг куыдзæй тонынц! Ныууадзæнт мæ! Сæхи мын ма хъарæнт усæй дæр, æмæ æндæрæй дæр! Ныууадзæнт мæ! Ныццæгъддзынæн сæ усæй дæр æмæ сывæллонæй дæр. Адæм хабарæн цыдæртæ æмбарын байдыдтой. Уæдмæ йæм æрхæццæ сты йæ ус æмæ йæ мад дæр. Архайдтой йе 'рсабыр кæныныл, фæлæ уый нæ уисæн кодта: —Ме сæфт сæ уынын! Æнæхъæн хæдзарæй дæр мæ туджджын знæгтæ сты. Уый та ма мын йæхи хъары. Уый та ма мын зоныгуылæй лæгъстæ кæны—батæригъæд ын кæн! Уæдæ—батæригъæд ын кæн! Æррæвдау æй. Æмæ Егнат йе знæгтæн куы тæригъæд кодтаид, уæд мæнæ ам йæ иунæг къахы фарсмæ къах нæ уаид? У, æнаккæгтæ! Фараст æвзаджы сласынц, фараст æвзагæй дæм сдзурдзысты æмæ, сæхион сæхирдыгæй куынæ фæвæййы, уæд та фидистæм рахизынц, уæд та сын иукъахыг куыдз свæййын! Хъæубæстæй чидæртæ Егнаты дзырдтæ раст нæ бамбæрстой æмæ бадиссæгтæ кодтой, сæ цæсгомыл сæ къухтæ авæрдтой. — Уæуу, мæнæ иу хæдзарæй нæ сæр саууынгæджы фæци!—сдзынæзта Егнаты мад.—Уæуу, кæдæм ма сæ фæлидзæм, куы ницыуал мæ сæрæн зонын. Хъæубæстæ Егнаты ласæгау акодтой йæ хæдзармæ. Уыцы æхсæв ног койаг фæзынд хъæубæсты 'хсæн. Ныхæстыл иу дæр не 'ууæндыд, гуырысхо кодтой Егнаты ныхæстыл, æмæ йыл сæ мидзæрдæйы сæ зæрдæ худти, уæддæр дзырдтой: Матрона, дам, Егнатæн, цæмæй йын йæ сывæллоны ма хъыгдара, уый тыххæй йæхи хъардта... 14 Уый та уыдæттæн цы зыдта—фæстæдæр ын сæ радзырдтой. Цы зыдта æппæт уыдæттæн, кæд æмæ хъусынхъом дæр ницыуал уыди. Æхсæвы, цынайы, бæласыл банцойгæнгæ, цас фæлæууыд, уымæн дæр ницы базыдта. Хæдзармæ куы ссыд, уæд дæр ницæмæуал акаст—нал дæр хъоммæ, нал дæр кæрчытæм. Рухс дæр нал ссыгъта. Æрбадт йæ сынтæгыл æмæ хъуыды кодта, дарддæр цы чындæуа, ууыл. Хъуыды кодта, фæлæ ницы æрхъуыды кæнын баци йæ бон, афтæмæй йыл æрбабон. Боны рухс дæр æрæгмæ фæхатыд. Фæлæ йæм йæ хæдзары къуымы муртæ сæхи куы равдыстой, æнæнхъæлæджы сыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд æрчъицыдта, æмæ базыдта—бадгæйæ та йыл сбони. Йæ зæрдыл æрлæууыд, дысон йæ муртæ кæй нæ бабæстæттæ кодта, фæлæ йæ æддæмæ ахизын нæ фæндыди, æддæмæ ахизын æм мардæрцыдау каст; йæ зæрдæ йæм дзырдта: цæмæ дзы хизыс, уæддæр та дæ исчи истæмæй фæрæнтъуздзæн, исчи та дæ истæмæй масты хай бакæндзæн. Фæлтау бад де 'хгæд хæдзары æмæ хызт уай фыдбылызæй. Йе 'хгæд хæдзары дæр йæхи нæ бахызта мастæй. Уырдæм æм балæбурдта Зара, Егнаты бинойнаг. Хъæр дæр не 'рбакодта, дуар дæр не 'рбахоста, комкоммæ йæм уатмæ балæбурдта, æмæ йын калдта алывыд. Уый йæ уаты куыд бадт, афтæ бадгæйæ баззад. Бадти, хъуыста, æмæ не 'мбæрста: цæмæн æм æрбалæбурдта Зара? Лæбургæ сæм йæхæдæг куы хъуамæ бакодтаид, адæмы 'хсæн сæ йæхæдæг куы хъуамæ сцъаммар кодтаид, уæд ын йæхимæ сæумæраджы цæмæн æрбалæбурдтой? Йæ сæр афтæ фæллад уыд, хуыссæгхъæлдзæг æмæ куыстдзагъдæй йе уæнгтæ афтæ ныллæмæгъ сты, сæрымагъз афтæ ныкъкъуырма, æмæ йæм Зарайы ныхæстæ нæ хъуыстысты, нæ хызтысты йæ зондмæ. Æрмæст бадти, каст æм, æмæ дис кодта: уæддæр æм цæй тыххæй æрбалæбурдта? — Цы кæныс, цы? — бафарста йæ æппынæрæджиау. —Зара тыфылтæ калдта: —Æдзæсгом! Ныууадз нæ! Сымах нæ багæндон кодтат, æмæ нæ ныр ныууадзут! Февæстаг мæ кодтæ, ныр та мын мæ лæджы исыс? — Чи дын исы дæ лæджы? — нæ йын æмбæрста уæддæр йæ ныхас. — Ды, æдзæсгом, ды! Дысон ын цынайы ды нæ хъардтай дæхи?! — Куыд ын хъардтон мæхи? —Тыхæй!—йæ цæсгом сау хъулæттæ афæлдæхт Зарайæн. — Æдзæсгом ус искæй лæгæн йæхи тыхæй куыд фæхъары, афтæ! Уыцы ныхæстæм йæ сурхид акалд. —Æз Егнатæн...—йæ цæсгом нал бахъæцыд дарддæр бафæрсын. —Ту, æдзæсгом!—нытту йыл кодта Зара. Йæ риуы йын цыма исчи йæ хуылфыдзаумæттæ скъуынгæ æркодта — сулæфын йæ бон нал сси, туг ныссæххæтт кодта йæ сæрмæ: туг, тæвд туг цавта сæрымагъзмæ, æмæ йæ сæры мæсчъытæ тъæппытæ хаудтой фæйнæрдæм. —Адæм не стут?— фарста йæ фæсус хъæлæсæй. Адæргæй та йæ хъуыры дæгъæлтæ æрбахгæдтой. Йæ ком ныххус. —Ды цы дæ, ды?! —Æз? —Ды! —Мæгуыр адæймаг æмæ мæ ныууадзут мæ мæгуырыл. Ма мæ чъизи кæнут! — Чи кæй чъизи кæны?! — Уæ, уе 'гæр фæкалат, уе 'гæр, кæд куыд æнæ хуыцауы хай стут. Хуыцауы бын куы цæрут, уæд тæригъæдæй дæр нал тæрсут? Æз ма йæм фæстаджы ныфсæн лæгъстæмæ куы бацыдтæн, мæ збнгуытыл йæ разы лæгъстæ куы кодтон — уæддæр, зæгъын, адæймаг у, æмæ мæ куыд нæ бамбардзæн; зæгъын, æм кæд мæ лæгъстæ бахъарид, ныууадзид мый йæ адыл мæ гыццыл хъæбулы, кæд зæгъын, сырдау йæ фæдыл нал зилид. Æмæ уый та цъыфхор куы у, цъыфхор. Уымæн та йæ сау цæсгом цытæ бахъæцыд зæгъын! — Цытæ? — Куыдз у уый, æндæр адæймаг нæу! — загъта æмæ та йæ дысоны ныхæстæ сфæлхатт кодта.—Иукъахыг куыдз! — Цытæ бахъæцыд йæ цæсгом? — фарста йæ Зара. — Мæ усы бæсты, дам мын сывæллæттæ ды ныййардзынæ?.. — Æмæ йын ды ныййардзынæ сывæллæттæ æцæгæйдæр? — Ныййар, дам, мын мæ усы бæсты сывæллæттæ...,—загъта Егнаты æдзæсгом ныхæстæ, æмæ ныккуыдта. Ныккуыдта судзаггаджы куыдæй æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй бамбæрзта. Уæддæр ма ауыдта: Зарайæн йæ уæхсчытыл йæ сæр сонтæй фесхъиудта. Уый уыд, калм ныкъкъуырцц кæнынмæ куы бахъавы, раст уый хуызæн. — Цы? — фарста йæ, ныхæстæй нæ, йæ риуы, æвæццæгæн, цы уæлдæф уыд, уый иу сулæфт ракодта иууылдæр, æмæ уыцы уæлдæфы къуыбылойимæ схауд йæ фарст дæр. Уый йæм ныцыуал сдзырдта. Йæ цæсгом йæ армытъæпæнты æхсæн нылхъывта æмæ куыдта. — Матрона... — хъуысти йæм Зарайы хъæлæс. Йæ бон нæ уыд æмæ йæм ракастаид. — Фыдтæ чи мысы, уый йæ хъæбулы фыдтæ бахæрæд! — хъуыстис ноджы йæ карз æлгъыст, фæлæ та йæм ницы сдзырдта. Æрæджиау дыууæ къухæй йæ цæстытæ асæрфта æмæ йæм ракаст. — Оммен уæд, — загъта йын. Æмæ та йæ зæрдæ фыдæхæй айдзаг. — Оммен уæд, Зара, оммен, — загъта та, æмæ сыстад. Йæ бон нал баци уыйæрдæм бакæсын. Æвиппайды фæхатыд: канд æнæуынон ын нæ фестадысты ацьг адæм абонæй фæстæмæ, фæлæ ма цыдæр æлгъаг тæф дæр æмбуды сæ уындæй, зæрдæ кæмæй хæццæ кæны ахæм тæф. “Уый æлгъагдзинад дæр тæф куы хæссы, æмæ йæ куы нæ зыдтон”, — ахъуыды кодта æмæ рацы йæ цурæй. Зара æнæдзургæйæ хæдзарæй куы феддæдуар, уæд ма йæ фæстæ, æлгъгæнгæ, адзырдта: — Оммен уæд, Зара, оммен. ...Уыцы бон, дам, Егнат æмæ Зара сау диссаджы хыл фесты, æмæ Зара тæргай алыгъд йæ цæгатмæ. Хъæубæстæ дæр базыдтой: уымæн, Матронайæн нæ, фæлæ Егнатæн йæхицæн кæй бахъæцыд зæгъын æдзæсгом ныхæстæ, æмæ йыл æнæхъæн хъæубæстæй дæр æххыту кодтой. Фæлæ дам-дум уæддæр дам-дум у. Дам-думтæн та адæмы æхсæн хъарм æмæ парахат бынат никуы ис — алчидæр ын базыдта йæ уды рæстдзинад, уæддæр уыцы кой ахъæри æмæ дзыхæй-дзыхмæ ахæлиу сыхаг хъæуты дæр. 15 Зарайы тæргай алыгъд бирæ нæ ахаста — æртыккаг бон æй æркодтой фæстæмæ. Фæлæ Егнат уыцы маст йæ зæрдыл бадардта, уыцы маст æй ноджы сызнæт кодта. Уыцы бон дæр хъæу най кодтой. Райсом раджы мусмæ куы фæцæйцыд, уæд æруыдта Егнаты. Уый æртхъирæнгæнæджы худт бакодта. “Де 'ннæ къах дæр асæттæд, фæндаджы сæрдæнтæ фæу, кæд мæ цæсты рухс нæ дæ!”—йæхинымæр æй ралгъыста, æмæ мусмæ ацыди. Йæ зæрдæйы цыдæр тас гуырди, афтæмæй фæкуыста сихорафæттæм. Сихорыл Егнаты ус сæхимæ суад, æмæ куы æрыздæхти мусмæ, уæд дзы æнæнхъæлæджы схауд, йæ лæг райсомæй нырмæ кæй никуыцæй зыны. Уайтагъд йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты, йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ, йæ уæрджытæ æрцæвгæ, мусæй азгъордта. Нал дæр хæдзармæ бауад, никæмæ дæр уал фæрсмæ фæкаст. Йæ уæрджытæ йæ цы хастой, уымæй дугъ кодта йæ хъæбулмæ, йæ цæгатмæ. Фæндагыл-иу ыл чи амбæлд, уыдон хуызтæ уынгæ дæр нæ кодта. Уыдон та, æвæццæгæн, афтæ æнхъæлдтой, йæ зонд фæхæццæ, æмæ уыцы лыгъдæй уымæн лидзы. Йæ уæрджыты тых бадон, йе уæнгты хъару рафтыд, афтæмæй бахæццæ йæ цæгатмæ. Уыдон æм дисгæнгæ кастысты. Уымæн та улæфт нал фаг кодта, афтæмæй сæ фарста: — Сывæллон?.. Кæм ис сывæллон?.. Уыдон джихтæ кодтой: — Цæмæй йын тæрсыс, — загътой йын, — цъалайы сывæллæттимæ йæхи найы. Æмæ уæд ноджы йæ зæрдæ ауазал, йæ уæрджытæ ныххоста æмæ цъалайы 'рдæм йæхи аппæрста. йæ цæгат дæр йæ фæдыл ракалдысты. Цъалайы, иу уæлæнгай цады, хъæуы сывæллæттимæ хъазыд йæ хъæбул. Цъалайы сæрмæ, къутæрджын былæрдыгæй сæм калмау йæ гуыбыныл фæцæйлæст Егнат. Уыцы иу цъæхахст фæкодта йæ хъæлæсыдзаг, æмæ уыцы хъæрмæ йæ гуыбыныл бырæг сырд арвмæ фæхауд. Йæ хъæбул дæр ауыдта йæ мады æмæ йæм разгъордта, тæккæ Егнаты рæзты. “Егнат! Егнат!”—фæдзæхста йæ хъæбулы, фæлæ йын уый ницы æмбæрста. Уыцы сырд дæр, æвæццæгæн, йæ æнæнхъæлæджы хъæрæй фергъуыйау, æмæ сывæллон йæ рæзты куыд асыффытт кодта, уый нæ ауыдта. Сывæллон йæ хъæбысмæ куы балыгъд, уæд фырфæлладæй æрхаудта зæххыл æмæ, йæ хъæбулы иæ риумæ нылхъивгæ, ныгъе-гъе кодта. Уæдмæ сæм æрхæццæ сты йæ цæгат дæр. Йæ фыд уым нæ уыд, фæлæ йæ цæгаты хъæуккаг, иу æхсæрдæсазыккон лæппу, йæхи уыцы иу уагъд акодта Егнатыл. Уæдмæ Егнат йæ лæдзджыты æнцой слæууыд, йæ къухы уыд æрмæрины дæргъæн кард, йæ дæндæгтæ зыгъарæджы дæндæгтау ныззыхъыр кодта, афтæмæй йæм дзырдта: — Рауай-ма, рауай, куыдзы фырт, æмæ лæгтау аныхæстæ кæнæм! Лæппу йæ афтæ сырддзастæй куы федта, уæд æм афтид армæй йæ ныфс нал бахаста. Къутæрты æхсæн хъилы охыл ницæуыл схæцыд йæ цæст. Цады былыл, сывæллæттæ сæ дарæс ауындзынæн цы мих ныссагътой, уый стыдта, æмæ та балæбурдта Егнатмæ. Уый йæ лæдзджытыл йæ дæлæрмттæй æрæнцад, йæ иу къах зæхмæ ныббыцæу кодта, æмæ йæм сидти: — Рауай, рауай. Æмæ махæрдыгон лæг куыд мæлы, уый дын базонын кæнон. Æвæццæгæн та хæсты нывтæ змæлыдысты йæ сæры. Лæппу хъил æруагъта, Егнатæн кард цы къухы уыдис, ууыл. Кард зæхмæ асхъиудта, æмæ лæг йæ къухы цæфмæ йæ дзыхæй февнæлдта. Стæй йæ лæдзджытæй ну ныххуырста лæппуйыл. — Куыдзы гуыбынæйдзыд! — хъæр кодта, — лæгау ма мæм къухæй æрбавнал. 0, куыдзы гуыбынæйдзыд! Лæппу йæ хъил алпæрста. Къахæй йын фæцæф кодта йæ артæнтæ. Егнат йæхи нал баурæдта, къутæрты æхсæнты йæхи ахаста, æмæ зæххыл уæлгоммæ сæмбæлд. Лæппу йыл къахæй балæгæрста: æвæццæгæн тæрсгæ дæр фæкодта, æмæ ссонтау. Егнат афæлвæрдта йæ къæхтыл слæууын, фæлæ йæ лæджытæм нал баххæст, стæй йæ лæппуйы цæфтæ дæр нæ уагъджытой растын, æмæ æдыхæй, адæргæй сниуæгау кодта: — Цæв, цæв, куыдзæй чи райгуырди! Цæв, фашист, цæв!—хъæр кодта йæ фæсус хъæлæсæй,—уæддæр мыл къахæй куы фæцыдыстут. 0, хъæды сырдтæ, тугмондаг сырдæ! Мæ къах мын ралыг кодтат, мæ сæр мын хæсты ныххуынчъытæ кодтат, ме 'рцыдмæ мын мæ сывæллæтты сыскъуыдтат, ныр та мын мæ хурх ракæнут! Ракæнут æй, —æриттыгъдæй хылди йæ карды 'рдæм, — гъа мæнæ уын кард, æмæ мын мæ хурх ракæнут! Æви уæм уый дæр фаг нæ кæсы? Уæд мын ме 'ннæ къах дæр ракæнут. Ракæнут мын мæ цæнгтæ дæр. Æмæ уын лыггæнинаг куы ницыуал уа, уæд та... Стæй мын мæ хурхмæ дæр бавналут! Ныллыг кæнут уый дæр! Ныллыг кæнут уый дæр, тæригъæд чи нæ зоны, уыцы куыйты цæуæт, — хъæр кодта тæригъæддаг хъæлæсæй, æмæ йæ къухтæй скъуыдтæ кодта йæ сæрыхъуынтæ. 16 —Цы чыждæуа дарддæр?—ныхъхъуыды кодта уыцы хабæртты фæстæ, — цы чындæуа? Куыд дæ бахизон, мæ хъæбул, Егнаты азарæй? Ам ныууадзæн дæр дын куынæуал ис, цыфæнды дæм ма кæсой, уæддæр та сæ къухæй куы аирвæздзынæ, æмæ уæд мæ артыл дон куы кæнын, мæ хæдзар саухæлд куы кæны. Искуыдæм фæлидзиккам, æмæ кæдæм фæлидзæм ацы сыгьд рæстæджы? Стæй кæмæн ныууадзæм Джерджийы хæдзар та? Æви йæ сындзæхгæд скæнæм? Сындзæхгæд дæр æй скæнæм, мæ хъæбул, фæлæ нын уый цы ирвæзæн хос у? Ноджы нæ фæстæ куы бафтдзысты,ноджы зæгъдзысты: “А! Джердæй кæцæйдæр фæзынд, æмæ уын уый амоны уыцы зæндтæ! Уæдæ уæхи бамбæхсынмæ хъавут адæмы азарæй! Æнæхъæн бинонтæй лидзынвæнд скодтат! Æмæ ноджы цæсты куы бахауæм. Стæй дыууæ боны номыл дæр кæдæм фæлидздзыстæм? Ау, дæ фыдæй уымæй хъауджы бæрæг куыд нæ уыдзæн? Æмæ дзы исты бæрæг куы уаид, хъæбул, уæд æй бæргæ зонын, æппæт дæр та æрнывыл уаид, фæлæ уæдмæ дæр банхъæлмæ кæсын куы хъæуы. Æмæ уæдмæ кæм бафæсвæд уæм, мæ зæрдæдарæн! Кæм дæ бафæсвæд кæнон уæдмæ Егнаты цæстæй? Куыд дæ бахизон Егнаты азарæй. Цы бакæнон, хъæбул, рæстæгмæ дæ мæхицæй хъуа-мæ аскъуынон, æндæр куы ницы мæ сæрæн зонын. Æндæр хуыздæр куы ницы ахсы дæ мады сау сыджытæн хæринаджы сæр. Хъуамæ дæ аскъуынон рæстæгмæ мæхицæй, хъæбул. Уадз, мады рæвдыдæй рæстæгмæ æнæхай аззай, уадз, уыцы бонты дæ мад, дæ уындмæ бæлгæ, йæ сæрыхъуынтæдæр тонæд, фæлæ дæ уд æдас ран уæд. Дæ рæзгæ буарыл ма дын исты хъæдгом куы фенон, уæд дæ мады уд куы схаудзæни. Ныр дæр дын дæ, агъды нос фенгæ, мæхн марынмæ куы æрцæуын. Æмæ искуы куы бахъомыл уай, хъæбул, искуы стыр лæг куы суай, æмæ-иу дæ агъды нос æруынгæ, дæ мады куы бафæрсай: “джиджджи, ацы нос та мыл кæцæй фæзынд кæ?”—уæд-иу дын цы хъуамæ зæгъон, хъæбул? Афтæ дын куынæ зæгъдзынæн, дæ чысылæй дæ де 'рвадæлтæй чидæртæ æргæвдынмæ хъавыдысты дæ тугæй-сын дойны уыди. Æмæ уыцы нос баззад дæ гыццыл рæзгæ буарыл, фæлæ ма йыл ноджы исты ахæм куы фенон, уæд дæ гыццыл уды раз дæ мад йæхи куы æрбамардзæн. Æмæ дæ хъуамæ атонон мæхицæй иу-дыууæ боны, хъæбул, хъуамæ дæ атонон. Зонын æй — зын дын уыдзæн æцæгæлæтты æхсæн æнæ дæхи джиджджи, фæлæ дын уым æдас уыдзæни, хъæбул, æмæ-иу мæм дæ гыцыл зæрдæ ма фæхъæбæр уæд, дæ низтæ бахæрон. Дæ мадæн ноджы зындæр уыдзæни, фæлæ мæн дæ цард хъæуы, цард дын фестон, æмæ дын хъуамæ дæ рæзгæ цард бахъахъхъæнон, хъæбул. Бирæ дæ нæ ныууадздзы- нæн, хъæбул, цалдæр къуырийы, дыууæ-æртæ мæйы дæр фестæнт—уæдмæ кæд дæ фыдæй дæр исты бæрæг хъуысид. Дыууæ, æртæ мæймæ дзы куыд ницы бæрæг фехъусдзыстæм, æмæ та уæд иумæ куы уыдзыстæм, абадтысты, Гафи йæ хабæрттæй куы æрфæрстытæ кодта, уæд ын уый, цæссыгзгъалгæ, фæдзырдта йæ дудгæбæттæ. Фæдзырдта йын йе 'ппæт хъæстæгтæ дæр лыстæггай, æмæ дзы цæстæнгасæй куырдта, цæмæй йын баххуыс кæна. —Ныр мын æй сидзæрдонмæ хъуамæ айсын кæнай, æппынфæстаг ын схъæр кодта йе 'рцыды аххосаг.—Æндæр гæнæн мын ницыуал ис. Искуы мын æй ахæм хибар ран ратт сидзæрдонмæ, нæхирдыгоны цæст ыл кæм не 'рхæца, Егнаты къух æм кæм нæ баххæсса. Æрмæстдæр иу-дыууæ мæйы. Æртæ мæйы дæр фод. Уæдмæ дæр ницы хабар 'рыхъуысдзæн Джерджийæ! Æмæ йæ уæд ракæндзынæн. Гафи, дæ низтæ бахæрон, ацы хъуыддаджы мын хъуамæ баххуыс кæнай, — лæгъстæ йын кодта,—хъуамæ мын мæ хъæбулы айсын кæнай сидзæрдонмæ. —Ам æй уадз,—йæ тыхстæй Гафийы зæрдæ дæр суынгæг, — æз æм кæсдзынæн. Мæнæ . сывæллæттимæ хъаздзæн, æмæ йæхицæн дæр æмæ дæуæн дæр æнцондæр уыдзæн. —Нæ, Гафи, дæ фæхъау фæуон, — ныллæгъстæ йын кодта, афтæ йæм фæкаст, цыма йæ нæ фæнды, баххуыс ын кæна, уый. — Мæ хъæбулы æз ам куы ныууадзон, уæд та-иу æм мæ зæрдæ нæ фæлæудзæн, æруайдзынæн та- иу æм, æмæ та уайтагъд фæбæрæг уыдзæн, мæ хъæбул кæм æмбæхсти, уый; мæн та уый фæнды, æмæ дæуæй дарддæр куыд ничи зона, мæ хъæбул цы ран ис, уый. Мæхæдæг дæр æй куыд нæ зонон. Æндæра та-иу сидзæрдонмæ дæр мæ сыджытæн хæринаджы зæрдæ нæ фæлæудзæн, абæрæг та-иу æй кæндзынæн, æмæ та мæ уынæг фæуыдзæн. Нæ, Гафи, нæ. Мæхæдæг дæр æй хъуамæ ма зонон. Мæхæдæг дæр æй куыд нæ зонон, афтæ мын æй искæцы сидзæрдоны бамбæхс, нæхирдыгоны цæст ыл кæм не 'рхæца. Æз-иу дæумæ æруайдзы-нæн, æмæ дын кæд фыдæбон уыдзæн, уæддæр-иу ды абæрæг кæндзынæ мæ зæрдæйы уидаджы, æмæ-иу мын ракæндзынæ йæ хабæрттæ. Мæнæн æй нæ райсдзысты, Гафи, дæ нывонд фæуон. Æз æй иннæбон ардæм ракæндзынæн. Сихорафæтты-иу, саустранцтæ кæцæй цæуынц, уырдæм æрбацæудзынæ. Дæхи-иу ма равдис. Æз мæ хъæбулы бафынæй кæндзынæн, æмæ йæ бандоныл фынæйæ ныууадздзынæн. Æмæ-иу æм уæд ды бацу. Уæ сау туг ныууара ме 'намонд сæры къуыдырыл, сау туг! Ды-иу æм бацу, Гафи, дæ фæхъау фæуон, æмæ мæ хъæбул куы райхъал уа, уæд йæ джиджджийы куыд нæ агурдзæни, мæ фæрстæ йын фехæлой. Агурдзæн мæ зæрдæйы уидаг йæ мады, æмæ-иу ын уæд ды зæгъ, йæ мады йын кæй зоныс, æмæ йæ кæй бахаццæ кæндзынæ йæ мадмæ. Фæсай-иу æй, сайды фæуа йæ мады сæр, æмæ-иу æй дæхиуыл æрæууæндын кæн. Æрæууæнддзæни дыл мæ зæрдæйы уидаг, чырыстон сывæллон у. Æмæ-иу æй уæд ды искæцы сидзæрдонмæ бахæццæ кæн. Ахæм хибар ранмæ мын æй фæкæн, нæхирдыгон уынæг мын æй кæм нæ фаæуа, Гафи, цард дын феста дæ хойы сæр уый мын сараз, æмæ дын стæй мæ сæр цæуæн фæндæгтæн дæр бабæззæд. Сараз мын уый, фæхъау дын фон, æндæра царæфтыд куы кæнын. Куыдта æмæ лæгьстæ кодта Гафийæн. Йæ уындæй Гафийы зйрдæ дæр уынгæг кодта. —Хорз, Матрона, хорз, — рæвдыдта йæ дзыхы ныхасæй, — мæ бон цы уа; уый сараздзынæн. Мæ бон бакæнын цы нæ уа, уый дæр нæ лæджы зонгæты фæрцы бакæндзынæн. Иу сидзæрдоны мын æввахс зонгæ ис, æмæ йæ кæд уырдæм айсын кæнин. — Ма мын æй зæгъ мæхицæн, фæхъау дын фæуон, макæмæн дæр æй кой скæн, уæд дын дæ хо амæла. Кæм ис, уый дæхицæй дарддæр куыд ничи зона, цæст ыл кæм не 'рхæца. Сывæллæттæн дæр мацы ской кæн, сывæллон дзыхы къæбæл у, искæмæнты йæ радзурдзысты, æмæ уæд мæ хæдзар куы хæлы, —Ма тæрс, Матрона,—рæвдыдта та йæ дзыхыныхасæй, —ма тæрс. Иудзæвгар ма абадтысты иумæ. Цалдæр хатты ма йын ныллæгъстæ кодта, цалдæр хатты ма йын радзырдта, цы аразын æй хъæуы, уый, стæй йæ хъæбулмæ атагъд кодта. Сихорафæттæм схæццæ йæ цæгатмæ. Ныр æй бынтон нал фæндыд, æмæ иннæбонмæ йæ цæгаты баззайа; нæ йæ фæндыд, йæ хъæбулы йæ цæгатæй акодтаид иннæбон, йæ уæзæджы комы зæдтæй йæ ма бафæдзæхстаид, æмæ йæ мад æмæ йæ фыдæн мæнг ныхæстæ ракодта: — Джерджийы дард хæстæджытимæ бадзырдтон, — затъта сын,—æмæ йæ уыдонмæ хъуамæ акæнон. Уыдонмæ йæ ныууадздзынæн, горæты йын æдасдæр у. Бафæдзæхстон сæ, цæмæй макæмæн мацы зæгъой, æмæ йæ ничи зондзæн. Йæ мад æмæ йæ фыд бадиссæгтæ кодтой: — Никуыдæм ауадздзыстæм сывæллоны. Нæ цуры хъуамæ уа. Ныр ын йæ къух уæгъд нал суадздзыстæм. Нæ цурæй æдасдæр ын никуы уыдзæн. —Нæ,—цæхгæр сын загъта,—уым ын æдасдæр у. Уæ куыстæй уæ хъуырмæ стут, æмæ та аирвæздзæн уæ къухæй. Егнат та йæ хорз зоны, ам кæй ис. Æмæ байсæфдзынæн... Йæ фыд æцæгдæр спыхс: — йæ амонд уыд, æмæ ам нæ фæдæн. Фæлæ ныр тæккæ сом уырдæм цæуын. Сом мæ уырдæм хъæуы, æмæ уыцы куыдзы гуыбынæйдзыдимæ ныр, куыд æмбæлы, афтæ аныхас -кæндзынæн. Ибоны ныхас — нал. Сывæллонмæ лæбурын куыдхъæуы, уый йын æз бæстон бацамондзынæн. Уый скуыдта, æмæ йæ фыдæн ныллæгъстæ кодта: — Дада, ма йæм ныццу. Мацыуал ын зæгъ. Æз уæддæр сывæллоны Джерджийы хæстæджытæм хъуамæ акæнон. Æмæ ма сæм ды куы ныллæбурай, уæд ма уыцы æррайы знæт цы скæнай, æндæр цы пайдайы хос у? Сæрра та уыдзæн æмæ та ноджы знæтдæрæй бафтдзæн мæ хъæбулы фæстæ. Фæлтау æй уадз. Уадз уал æй, стæй рæстæг, уыдзæн, æмæ аныхас кæндзынæ йемæ. Ныр уый йæхæдæг дæр ныхкъуырд у, æмæ уал иуцалдæр боны æнхъæлмæ кæсдзæн дæ фæзындмæ, æмæ уал уæд сабыр уыдзæн. Стæй уый фæстæ дæр сывæллоны ам æнхъæл уыдзæн æмæ цалынмæ уый ардæм искуы æрæфта, цалынмæ уый базона, сывæллон ам нæй, æмæ кæм æмбæхсти, уый агура, уæдмæ рæстæг дæр цæудзæн, æмæ Джерджийæ дæр исты хабар хъуысдзæн. Хъæумæ куы ныццæуон, уæд уал хъæубæстæн дæр ницы зæгъдзынæн, æмæ мæхи кæй ныхъхъус кодтон, уымæй дæр фæтыхсдзæн, хъæубæсты фыдæхæй тæрсдзæн, æмæ уал рæстæгмæ кæд æрсабыр уаид. Афтæ хуыздæр у, Дада, æмæ дын лæгъстæ кæнын — нырма сæм цæуыны фæнд ма скæн. Йæ фыд ныхъхъуыды кодта. —Зондджын чызг мын дæ,—загъта йын,—фæлæ уæддæр фæстæдæр æз аныхас кæндзынæн уыцы æнæдзæмбы сырдимæ. Æмæ сразы сты йæ фæндыл. Уыцы бон ацыдысты сæхимæ. Æрталынг, афтæ æрхæццæ сæхимæ, фæлæ йæ уæддæр уынæг куыд нæ фæци, æмæ йæм устытæ иугай-дыгай цыдысты хæдзармæ. Цы сын хъуамæ загътаид, йæ дзуринæгтæ сын куы нæ фадзырдтаид. “— Мæ хъæбулмæ мæ зæрдæ æхсайдта æмæ йæм ныууадтæн. Иу-дыууæ боны йæ мемæ ракодтон. Иннæбон тæ йæ фæстæмæ мæ цæгатмæ кæнын? — загъта сын. Устытæ æгæр æрæгмæ куы цыдысты йæ хæдзарæй, æгæр куы фæстиат кодтой, уæд æй фæхатыд, — цыдæр дзуринагма сæм ис, æмæ кæрæдзимæ æнхъæлæ кæсынц, чи йæ зæгъа. Æмæ та йæ зæрдæ ахсайдта. — Цыдæр мæ сусæг кæнут? — фарста сæ. Уыдон кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, æмæ ныхъ-хъус сты. — Исты ныл æрцыд? — фарста сæ ногæй. —Дысон дын дæ хъомтæ бакодтам,—æрæджиау загъта Уасилы бинойнаг, фæлæ уæныг никуыцæй разынд. —Æмæ? — Кæрдоджыны йæ бирæгьтæ бахордтой. Райсом æй сывæллæттæ ссардтой. Æвæццæгæн, уыцы азты бирæгътæ дæр хæсты быдырæй сабыр рæттæм лыгъдысты, æмæ дзугтæй зылдысты хъæуы алывæрсты. Куыд нæ йын уыд хъыг, йæ уæныг ын бирæгътæ кæй бахордтой, уый, уæдæ ма хъыг цы хъуамæ уа, фæлæ йæ уыцы тæккæ уыдæттæ не 'ндæвтой: уый фæндыд йæ хъæбулимæ хибарæй баззайын, йæ хъæбулыл цинтæ кæнын, цы дыууæ боны йæ атона йæхицæй, уыцы бонты бæсты дæр ыл ныр - узæлын, æмæ цæмæй хъæубæстæй тагъддæр фервæзтаид, уый тыххæй йæ мæт нæ равдыста, куыдфæндыйы цæстæй йæм ракаст. —Цы йын бакæнон. Бирæгъты амæттаг фæуæд иннæтæ дæр. Уыдон кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, æмæ цадæггай апырх сты. “— Цы стыр зæрдæйы хицау у, — хъуыды сæ кодтаид алчидæр, — йæ мастыл мæт кæнын чи нæ зоны, ахæмтæн та цæрын цы хъæуы”. 17 ...Æмæ æрхæццæ уыцы бон дæр... Горæт æм алыхатт дæр тыхстхуыз касти: цыдæр стыр бæллæх кæуыл сæмбæлд, адæм кæм сæмхæццæ сты, се стыр фыды сарæй кæрæдзи кæм нал æмбарынц, кæрæдзи кæм нал уынынц, ахæм мардæрцыдау æм каст горæты хъомпал змæлд; алчидæр дзы кæдæмдæр фæтагъд кæны тыхстхуызæй, æнæвдæлонæй, иу дзы иннæуыл нæ бацин кæндзæн, зонгæ дзы зонгæимæ нæ аныхæстæ кæндзæн, куы аныхæстæ кæной, уæддæр — цæуыны къахыл лæудæй. Тыхст æмæ зæрдæрыстæй уый дæр йæ хъæбулимæ горæты уынгты тырныдта кæдæмдæр. Йæ цæстæнгас-иу искæцы æнæзонгæйы цæстæнгасыл куы аныдзæвд, уæд ын цыма уыдон дæр йæ зæрдæйы риссæгтæ зыдтой, ахæм хуыз æвдыстой, сæ фæллад æнгасæй-иу ын цыдæр ныфсытæ авæрдтой. Зыдта йæ, афтæ нæу, утæппæт адæмæй йын иу дæр не 'мбары йæ зæрдæйы рисс, йæ æбарвæндоны митæ, фæлæ сæ тыхст цæсгæмттыл нæ уыд тызмæг æууæлтæ, æмæ йæм афтæ каст, цыма йæ дзы алчидæр æмбары, алчиæр дзы йе 'вварс хæцы... Уæдмæ æмбисбон дæр сси. Автобусы лæууæндонмæ куыд æввахсдæр кодтой, афтæ тынгæй-тынгдæр зыр-зыр кодта йæхимидæг. Тарсти, Гафи куынæ фæзына, уæд дарддæр цы ми кæндзæни, уыцы хъуыдыйæ. Стæй ма—Гафи куы фæзына, фæлæ йын куы зæгъа, йæ хъæбулæн ын бынат не ссардта, уæд цы ми кæндзæни? Йæ цæгаты мæнг ныхас зæгъын сфæрæзта, æмæ йын ныр сывæллоны уырдæм нык-кæнæн дæр нал и, нæй сын фæстæмæ сæхимæ баздæхæн дæр. Æмæ цы фæуыдзысты? Уыцы хъуыдытæ йыл ихæнриз æфтыдтой, фæлæ канд уыцы хъуыдытæй нæ тарсти, канд уыцы хъуыдытæ иыл не 'фтыдтой ихæнриз; йæ уды арфы ма ноджыдæр гуырди æндæр тас, сусæгæй, йæхицæн дæр æй нæ хъæр кодта, фæлæ тас зæрдæйы мидæг йæхи æмбæхсын нæ зоны—тарсти, Гафи куы фæзына, уымæй дæр. Карды бын уæууытæй нæу, уæд æнæмæнг хъуамæ фæхицæн уой йæ хъæбулимæ кæрæдзийæ, уæд рæстæгмæ æнæмæнг хъуамæ атона йæ хъæбулы йæхицæй; æмæ йæ уыцы дыууæ æмтъеры тасы æнкъарæнтæ сæрæй къæхты бынмæ уигъæгау кодтой. Автобусты лæууæндонмæ куы .схæццæ сты, уæд фыццаг йæ цæст æрхæцыд Гафийыл — кæимæдæрты ныхæстæ кодта, æмæ сæ агуырдта адæмы æхсæн цæстæнгасæй. Гафийы уындæй адонзоныг, цыма йын ныртæккæ йæ хъæбулыл бирæгътæ ныццæвдзысты сæхи, афтæ фæци, йæ хъæбулы йæ хъæбысмæ фелвæста, æмæ йæ нылхъывта йæ риумæ. Æвиппайды йæхæдæг йæхицæн афтæ æнæуынон фестад, йæ митæ йæм афтæ æлгъаг фæкастысты, æмæ йæ удырæбынæй сдзырдта цавæрдæр 'фыдаудæнгæнæг хъæлæс: “Уый дæ хъæбулы цардæн нæ тæрсыс, фæлæ дæ хъæбулы дæхицæй цæмæй атонай, ууыл архайыс: цæмæй дæхи удæн зындзинад мауал аразай, цæмæй æвæлмастæй цæрай, цæмæй дæхи удæн сабыр æмæ æвæлмон цард уа. Æмæ йæ ды та дæ хъæбулы цард бахъахъхъæныны æфсон кæныс”. Йæ уды рæбынæй хъуыстысты уыцы æвронг хъæлæсы ныхæстæ, æмæ йæм æцæгдæр æнæсæрфат митæ фæкастысты йæ хъуыд-дæгтæ: “Цы у уый, цы, — фарста йæхи, — чи у Егнат æмæ дзы цæмæй тæрсын? Кæд мæхицæн сабыр цард нæ агурын, уæд Егнаты тасæй куыд тонын мæ хъæбулы мæхицæй? Цæмæннæ фæцæуын искуыдæм, кæдæмфæнды дæр уæд, авд æфцæджы фæстæмæ дæр фестæд, фæлæ мæ хъæбул мæхи цур кæм уа, æдас мын куыд уа йæ цард. Цæмæн мæ бахъуыдысты, адæм цы зæгъдзысты, уыдæттæ, кæд æмæ мæ хъæбулы тыххæй цæуы ныхас”. Фæлæ адæймаджы сконды ис ахæм æбæлвырд цыдæр, йæ хъуыдытæ æмæ йæ зæрдæйы фæндты коммæ чи нæ бакæсы. Кæд хъуыды афтæ кодта, уæддæр æй цыдæр тых та хаста Гафийы 'рдæм. Гафи дæр сæ æруыдта, йæ цуры лæуджытимæ йæ ныхас фæуагъта, æмæ сæ кæй федта, уый бамбарын кæнынæн йæ сæр бакъултæ кодта. Уый йæ хъæбулы ноджы йæ риумæ тынгдæр ныл-хъывта æмæ цæстæнгасæй Гафины хабæрттæй фарста... Тафи та йæ сæр разыйы æнкъуыст куы бакодта, уæд амбæрста —хъуыддæгтæ арæзт сты. Фæци. Æмæ æвиппайды Гафимæ йæ зæрдæ цæуылдæр фæхæрам. Хъыг ын уыди йæ уынд дæр æмæ йæ тæригъæдгæнаг цæстæнгас дæр. Цыма йын йæ хъæбулы хъуыддæгтæ нæ арæзта, фæлæ йын йæ иунæджы æлгъитгæ кæны, ахæм уазал зæрдæ йæм бадардта. Тарсти йын йæ уыцы мадзура тæрсынгæнæн цæсгомы хуызæй. Ноджы тынгдæр та фæтарст, исты сæм куы сдзура, уымæй. Гафи конд уыд цыдæр тарбын фæлысты, æмæ, уыдонæрдæм кæсгæ, йæ ныгъуылд уæхсчыты æхсæн йæ сæр куыд къултæ кодта, уыцы хуызы йæм цæмæндæр халоны хуызæн зынд. Ноджы йæм лæмбынæгдæр куы ныккаст, уæд æй бауырныдта, Гафи æцæгæйдæр халоны æнгæс кæй у ацы тæккæ. Халон та дзурын кæй нæ зоны, халоны хъæлæсы мыртæ та æддæмæ хъуахъ-хъуахъæй кæй райхъуысынц, уый адæргæй фæтарст Гафийы дзыхыныхас фехъусынæй — халоны уаст æвзæры нысан у — æмæ иуварс рацыд. Гафийæ дæрддзæфгомау æрбадти бандоныл. Йæхицæй æнæуынондæр кæмæн уыдысты æбузн адæм. Гафи йын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдиаг лæггад кодта, æмæ йын афтæмæй йæ уынд хъыг кæй у, ноджы ма йæм хæрам дæр кæй фæци, уымæй йæ мидзæрды æфсæрмы кодта, фæлæ йæ бон нæ уыд, æмæ ууцы æнæнхъæлæджы æнæуынондзинад асырдтаид йæ зæрдæйæ: ныр йæ хъæбулы сæраппонды тыххæй æппæт тас дæр æнкъардта Гафийы уындæй. Тарсти, Гафи ам кæй ис, уымæй, æмæ йæ æдых, æвæрæз уавæры адæргæй йæ зæрдæ уазал кодта йæ хæрзгæнæгмæ. Йæ хъæбул æнæхъæн бон горæты рацу-бацуйæ ныффæлад, йæ хъæбысы ныттымбылтæ, æмæ цыдæртæ дыгъал-дыгъул кодта. Йæ уды хъæрзтæй йæ сывæллоны ныхæстæ рæстмæ дæр нæ хъуыста, афтæмæй йын цыдæртæ дзырдта, йæ ризгæ цæнгтæй йæ æлхъывта йæхимæ, касти йын йæ хурыгуыдыны хуызæн цæсгоммæ, йæ сæры та зилахар кодтой йæ пырх хъуыдытæ. Сывæллоныл йæ фæллад æртæфст, стæй йæ ирхæфсæг дæр нæ уыд, æмæ, цыдæртæ дзургæ, уайтагъд афынæй. Нæ йæ фæхатыд, йæ хъæбул йæ хъæбысы куыд афынæй. Бæргæ йæ фæндыд йæ хъабулы истæуылты ирхæфсын, цæмæй æрæгмæдæр афынæй уа, цæмæй æрæг-мæдæр фæхицæн уой кæрæдзийæ, фæлæ йын йæ уды тас къуырма кодта йæ зонд, æмæ йæ бон нæ уыд истытæ дзурын. Къуыттыйæ касти йæ хъæбулы цæсгоммæ, æмæ йæ хъæбулы ныхыл, раст йæ æрфыджы сæрмæ, æруыдта гуырцæй хаст стъæлф, хъазы къахы хуызæн стъæлф. Уыцы стъæлф æм, пырх къухæй æвзидæгау, æртхъирæнтæ кодта æмæ фесхъиудта, æрчъицыдта. Æрчъицыдта йæ къуытты уавæрæй, æмæ йæ алывæрсты акæстытæ кодта. Гафи, халонау, зылди сæ алыварс. Гафийы уындæй бамбæрста, дарддæр æй цы аразын хъæуы, йæ хъæбулы æрæвæрдта бандоныл æмæ сыстад. Ныр лæугæйæ касти йæ хъæбулы цæсгоммæ, æмæ йыл уыдта уыцы æртхъирæнгæнæг стъæлф, фæлæ ныртæккæ йæ хъæбулæй кæй фæхицæн уыдзæн, уый йæ тасыл нал æфтыдта. Стыр диссаг æм фæкасти йæ уыцы æнахуыр æнкъарæн, фæлæ æнæнхъæлæджы йæ зæрдæ афтæ ныддур, йæ хъуыдытæ афтæ нындзыг сты, æмæ йæм ницыуал касти йæ фынæй хъæбулы ныууадзын, йæ хъæбулы йæхицæй атонын. Касти йæ хъæбулы цæсгоммæ, хъуыста йæ хъæбулы æнæ загьд ныхæстæ — “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?”—æмæ йæхимидæг дзырдта йæ хъæбулмæ: “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд”. Йæ уды арфæй хъуыстысты уыцы ныхæстæ, æндæр ницыуал хъуыста, æмæ йæ уыцы ныхæстæ сырдтой йæ хъæбулы цурæй. Æмæ ныууагъта йæ хъæбулы бандоныл фынæйгæнгæ. Гафийы цурмæ куы бацыд, уæд уыдта Гафийы тæригъæдгæнæг цæсгом, йæ 'ндзыг зондмæ хьуыстысты йæ ныхæстæ: “Æппæт дæр сарæзтон. Ацу, дæхи мауал хæр. Æппæт дæр хорз уыдзæн. Ацу хæдзармæ. Æз дæр изæрмæ фæзындзынæн”. Æмæ йæ уыцы ныхæстæ дæр сырдтой йæ хъæбулы цурæй, æмæ йæ фæндыди, уырдыгæй искуыдæм тагъддæр аирвæзын, йæ хъæбулы цурæй дарддæр алидзын. Æмæ тындзыдта уый дæр кæдæмдæр. Тагъд кодта кæдæмдæр, фæлæ йæ фæстейæ сырдтой уыцы цалдæр ныхасы: “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?” “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд”. Фæстейæ йæ сырдтой уыцы æнæбайрайгæ ныхæстæ, æмæ йæм афтæ касти, йæ хъæбулы цурæй дарддæр куы уа, уæд æм уыйбæрц нал хъуысдзысты уыцы ныхæстæ дæр. Æмæ тырныдта кæдæмдæр... Тырныдта кæдæмдæр, æмæ йæ бон нæ уыд, чердæм цæуы, уый базона, йæ алывæрсты йæ цæст ахæсса; тæрсгæ нæ кодта, фæлæ йæм цæмæндæр афтæ каст, цыма йæ сæрмæ фыдбойнаджы халон зилы, æмæ йыл куыддæриддæр йæ цæст æрхæца, афтæ халон йæ сау дзых фæхæлиу кавндзæн, æмæ райхъуысдзæн йæ æбуалгъы хъуахъ. Уый та нæ фæндыди уыцы æбуалгъы хъуахъ фехъусын. Хъуыста æрмæстдæр, йæ хъæбул æмæ йæхи астæу загъд чи нæ æрцыд, фæлæ йæ уды рæбынæй чи сыхъуыст, уыцы ныхæстæ: “джидæджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?” “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд”. Хъуыста уыцы ныхæстæ. Уыцы ныхæстæ йæ сырдтой горæты уынгты: иу уынгæй иннæмæ йæхи раппар-баппар кодта, фæлæ йæ уæддæр ныхæсты зæлтæ уæгъд нæ уагътой. Æмæ йæ бон куынæуал уыд, уæд йæ хæстæджытæй кæйдæр хæдзармæ йæхи баппæрста. Уыдон æй тыхстхуызæй куы федтой, уæд æй хынц фарстыл схæцыдысты. Æмæ сын уый йæ дзуринæгты бæсты дзырдта, Джерджийæ бæрæг хабар кæй нал хъуысы, æмæ уый мæтæй кæй батад. Дзырдта сын ноджы æндæр цыдæртæ дæр, фæлæ та йæ уыцы хæдзары дæр æнцой нæ уагътой йæ мæнг ныхæсты зæлтæ: “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?” “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд”. Æмæ йæ хæстæджытæм дæр бирæ абадын нал сси йæ бон. Уыцы ныхæсты хъæлæс та йæ расырдта йæ хæстæджытæй уынгмæ. Уынджы дæр та æнцой не 'руагъта уыцы мæнг ныхæсты хъæлæс, æмæ та фырадæргæй йæхи баппæрста йæ хæстæджытæй æндæр кæмæдæр... Æмæ йæ афтæ æгас бон уыцы ныхæсты æнагъæттаг хъæлæс сырдта уынгæй йæ хæстæджытæй искæй хæдзармæ, уырдыгæй — уынгмæ. Æппынфæстаг изæрæрдæм атындзыдта Гафитæм. Гафи хæдзары уыд. Рагæй йæм æнхъæлмæ каст. Хибармæ йæ акодта, æмæ йын дзырдта йæ хабæрттæ: йæ хъæбул æрæгмæ кæй райхъал, æмæ йæ цуры дзæвгар кæй афæстиат, стæй куы райхъал, уæд кæй фæтарст, йæ мады кæй агуырдта æмæ кæй куыдта; уый йæ йæхиуыл кæй æрæууæндын кодта, дæ мады дын зонын æмæ дæ дæ мадмæ кæй акæндзынæн, зæгъгæ, йын кæй загъта, æмæ уæд сывæллон дæр кæй æрсабыр. Сидзæрдонмæ йæ куы бакодта, уæд та уым дæр кæй фæтарст, фæлæ стæй йæхи цахъæн сывæллæтты цур кæй æрсабыр, æмæ хъазыныл кæй фæци. Дзырдта йын Гафи йæ хьæбулы хабæрттæ. Хъуыста йæм. Хъуыста Гафийы ныхæстæ, фæлæ-иу дзы цыдæртæ йæ зæрдыл нæ бадардта, æмæ-иу Гафи дзырд куы фæци, уæд та-иу æй ногæй хынц фарст кодта искæцы хабарæй. Гафи та-иу ын æй ногæй радзырдта. Уæддæр та-иу дзы цыдæртæ нæ бахъуыды кодта æмæ та-иу æй ноджы хынц фарстыл схæцыд... Æхсæвы Гафитæм баззад. Адæргæй фынæй тагъд баци, фæлæ йæ фыны дæр уæгъд не суагъта йæ хъæбулы хъæлæс; йæ хъæбулы нæ уыдта, фæлæ йæм кæцæйдæр æввахс ранæй хъуыст йæ кæугæ хъæлæс: “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?” Ныр æй фыныгъдауæй нæ фæндыди йæ хъæбулæн мæнг ныхæстæ зæгъын, фæлæ йын цы зæгъа, цалынмæ-иу ууыл хъуыды кодта, уæдмæ-иу йæ размæ суыдта цавæрдæр сау æндæрг, сау халоны хуызæн. Уыцы халоны хуызæн- иу йæхи бауыгъта, йæ сау дзых-иу фæхæлиу кодта, æмæ уыцы тæккæ кæй фæхъуахъ кæндзæн, уый адæргæй-иу батагъд кодта йæ мæнг ныхæстæ зæгъыныл: “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд.” Дыккаг бон дæр сæхимæ ацæуын йæ бон не сси. Зылди, йæ хæстæджытæй æмæ ма йæ зонгæтæй кæй хæдзары нæ уыд, уыдоныл; дзырдта сын, Джерджийæ кæй ницыуал хабар хъуысы, æмæ æндæр цыдæртæ. Стæй йын горæты ахæм зонгæ куы ничиуал баззад, кæмæ дзы нæ бауад, уæд ацыд кæцыдæр хъæумæ йе 'ннæ хæстæгмæ. Æмæ афтæ æртæ боны дæргъы хъæуи- хъæу йæ хæстæджытыл зылд, дзырдта сын, уыцы тæккæ йæ дзурын цæуылты нæ фæндыд, æндавгæ дæр æй чи нæ кодта, уыдæттыл. йæ фысымтæ-иу ын йæ размæ куыд ницы æрхастаиккой, фæлæ йæ хъуыры къæбæр нæ хызт, æмæ-иу сæфсон кодта хæрдджын дæн, зæгъгæ. Æмæ та æппынфæстаг, сыдæй мæлгæ, горæтмæ куы æрæфтыд, уæд йæ дзабыртæ кæмдæр баивта урс дзулы гуыдыныл. Уый дæр йæ бон не сси хæрын, йæ дæларм æй бакодта, æмæ дзы рох дæр фæци. Афтæмæй иу изæрыгон куыддæртæй ныххæццæ сæхимæ. Хæдзары фæллад æмæ фæлмæцыдæй йæхи хуыссæнтыл куы æруагъта, талынг уаты æгуыппæгмæ куы ныхъхъуыста, йæ уаты къуымтæй уынæр куы никуыцæй райхъуыст, уæд ыл æртæфсти, йæ хъæбулæй кæй фæхицæн, уый. — Кæм-ис мæ хъæбул? — сдзынæзта йæхимидæг,— Кæм ис мæ хъæбул? Æмæ та ныхъхъуыста уаты талынг æмæ æмыр къуымтæй фæлæ дзы нæ райхъуыст йæ хъæбулы уынæр. Уаты талынг къуымты йæ хъæбулы бæсты змæлыд афтид тар, æнагъæддаджы тар, æмæ уыцы тар уыди халоны æндæрджы хуызæн. Ныр æм бахъардта, Гафи йæм халоны хуызæн цæмæн фæкаст: Гафийы уындæй базыдта, йæ хъæбул йæ цуры кæй нæ уал уыдзæн рæстæгмæ, йæ цуры йæ хъæбулы бынат афтидæй кæй аззайдзæн, афтиддзинад та тæссаг кæй у, халоны уынд куыд тасхæссæг у, афтæ. Фæлæ халоны уынд æрмæстдæр тасхæссæг у, фыдуацхæссæг нæма у, фыдуацхæссæг халоны хъуахъ у; æмæ цæмæй уыцы халоны æндæрджы хуызæн йæ сау дзых ма фæхæлиу кæна, йæ хъуахъ ма райхъуыса, уый адæргæй йæ уды рæбынæй сыхъуыстысты йæ мæнг дзырдтæ: “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?” “Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд”. Йæ уды рæбынæй сыхъуыстысты уыцы мæнг дзырдтæ æмæ йæ цæрæнбонтæм уæгъд нал суагътой. 18 Цардæй бирæ æнхъæлцау чи вæййы, бирæ зынтæ дæр дзы уый бавзары.... Фыццаг бонты йыл афтид хæдзары къуымтæ ниудтой, хæдзары къуымты талынг æндæргтæ, халæттау, бадтысты йæ алыварс — стæхынæввонгæй, схъуахъ кæнынæввонгæй. Фæззыгон удаист куысты фæстæ-иу хæдзармæ куы æрбаздæхт фæллад æмæ зæрдæсастæй, йæ хъæбулы-иу хæдзары куы нæ æрбаййæфта, хæдзары æмыр къуымтæ-иу ыл куы сниудтой, хæдзары афтиды-иу куы æрыхъуыста йæ хъæбулы æнæзагъд ныхæстæ: “джиджджи, тагъд æрбаздæхдзынæ?”, уæд-иу йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси, æхсæвыгон- иу йæхи аппæрста горæтмæ, Гафитæм. Ахæм дардвæндаджы фæстæ æрдæгæхсæв кæй къæсæрыл балæууай, уымæн зын, куыннæ уыдаид йæ уавæр — Гафи йæм загъд кодта, дæхи æрæмбар, зæгъгæ, дæ зонд нæ фæцыд, фæлæ уый уыдæттæ не 'ндæвтой, уый æрмæстдæр æндæвта йæ хъæбулы цард, æмæ-иу ын цалынмæ Гафи нæ фæдзырдга, йæ хъæбул дзæбæх кæй у, сывæллæттимæ кæй æрцахуыр, сидзæрдоны сæ хъуаг кæй ницæмæй уадзынц, уæдмæ-иу йе муд не 'рцыд. Æрмæфтау-иу йæ къухы цы айста, уыдон уым ныууагътаид, Гафийæн-иу ныллæгъстæ кодта, мæ хъæбулмæ мын сæ фæхæццæ кæн, зæгъгæ, æмæ та- иу æмæхсæвæджы фæстæмæ сæхимæ рафардæг. Фæззыгон куыстыты рæстæг уыд, адæймаджы колхозы куыстытæй йæ уд исынмæ дæр не 'вдæлд, æмæ уый кæм ссардтаид æвдæлон бон. Стæм хатт- иу ын фæци боныгон горæтмæ ныууайыны фадат. Æмæ афтæ цалдæр хатты æхсæвыгæтты хуыснæджы цыдæй цыди горæтмæ Тафитæм, йæ хъæбулы хабæрттæ бæрæг кæнынмæ. Æмæ та иу ахæм фæззыгон мæйрухс æхсæв йæ æрмæфтауимæ йæхи аппæрста горæтмæ. Комы дымæгæй фæдæле, фыццаг быдираг хъæуы онг ма йæ иудзæвгар ныууайын хъуыд, афтæ иуафон фæстæмæ фæкаст, æмæ æруыдта дæрддзæфгомау йæ фæстæ кæйдæр куыдзы. Ницæмæ йæ 'рдардта, дарддæр йæ цыды хай кодта. Фæлæ та иуафон йæ зæрдæ цæмæдæр фæкъæпп кодта, фæстæмæ та фæкаст: уыцы куыдз иунæг нал уыд, цалдæр уыдысты, йæ фæстæ æнæбарыгомау сæпп кодтой. Йæ зæрдæ ауазал быдираг хъæу афтæ дард нал уыд æмæ йæ фæндыд хъæуы онг баирвæзын. Фæстæмæ та куы фæкаст, уæд федта, куыйтæ дæр сæ сæппуадмæ кæй бафтыдтой. Æмæ уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, базыдта йæ, куыйтæ нæ, фæлæ бирæгътæ кæй сты. Йæхи размæ аппæрста, йæ тых, йæ бонæй згъордта размæ, фæлæ хъæу нырма дæрддзæф уыди. Згъоргæ-згьорын фæстæмæ фæкаст: бирæгътæ сæппдугъ кодтой йæ фæстæ. Базыдта йæ, хъæумæ кæй нæ бахæццæ уыдзæн, кæй йæ æрбаййафдзысты, кæй йæ ныскъуыдтæ кæндзысты, æмæ уыцы тасы адæргæй æрлæууыд, бандзыг йæ мидбынат, ныртæккæ цыдæр æвирхъау хабар кæй æрцæудзæн, уыцы хъуыдыйы æнæнхъæлæджыдзинадæй йæ бон йæ бынатæй феккуырсын нал уыд, афтæмæй каст йæ фæстæуайæг бирæгътæм. Æмæ фырдиссагæн федта: бирæгьтæ дæр сæ цыд фæсабырдæр кодтой, стæй уыдон дæр æрлæууыдысты æмæ йæм кастысты дæрддзæфæй. Кастис сæм уый дæр, кастысты йæм уыдон дæр, æмæ цы сараза, уый йæ хъуыды нæ ахста. Зыдта йæ, бæригътæ уыцы лæудæй бирæ нæ фæлæудзысты, чысыл фæстæдæр базмæлдзысты, атыгуыр уыдзысты йæ алыварс, гæбазгай йæ ныккæндзысты, йæ сæфт ын зонгæ дæр ничи бакæндзæн. Æгæрыстæмæй—йæ хъæбул дæр. Æмæ, йæ хъæбулы ном æрымысгæ, æрчъицыдта йæ къуытты уавæрæй. —Æмæ уæд мæ хъæбул та? — фарста йæхи,—æмæ уæд мæ хъæбул та цы фæуыдзæн? Уæд мæ хъæбул бынтон æнæсæрылхæцæгæй куы зайы. Йæ хъæбулы ном æрымысгæ, йæ хъуыдытæ базмæлыдысты, æххуыс агур йæ алыварс йæ цæстытæ ахаста. Хъæу дард у нырма, куы ныхъхъæр кæна æмæ йæ исчи куы фехъуса, уæддæр æм цалынмæ æххуысмæ лидзой, уæдмæ дзы бирæгътæ се стонг басæтдзысты. Стæй йæ хъусгæ дæр чи фæкæндзæн æмбисæхсæв. Æмæ та ноджыдæр акæстытæ кодта йæ алыварс. Дымдта фæззыгон сабыр дымгæ. Йæхицæй чысыл æддæдæр йæ цæст æрхæцыд, сбырæн кæуыл ис, ахæм бæласыл. Бæлас нæ дæр тала уыд, нæ дæр, бирæ азтæ кæуыл ацыд æмæ дардыл чи ныззылд, ахæм. Бæласы уындæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, бирæгътæ уæддæр бирæгътæ кæй сты, æмæ бæласыл бырын кæй нæ зонынц. Фæззыгон сабыр дымгæмæ бæласы цъупп змæлыд, тасыд. Дымгæ уыйæрдæм дымдта, æмæ-иу бæласы цъупп уыйæрдæм куы ратасыд, уæд афтæ зынд, цыма уый удæгас адæймаг у, йæ бон йæ бынатæй фезмæлын нæу, фæлæ йын йæ тыхст уыны æмæ йæм æххуыскæнынмæ йæ къух ивазы. Æмæ хатгæ дæр нал ракодта, йæхи бæласмæ куыд аппæрста, куыд ыл сбырыд. Фæлæ бæласыл бырæн кæй онг уыд, уый онг куы сбырыд, бæласы лыстæг цъуппыл дыууæ къухæй куы ныззезелæг, уæд ракаст бынмæ: бирæгътæ сабыргай змæлыдысты бæласы алыварс, нырма дæрдтыл, стæй фæстагмæ æрбатымбыл сты йæ алыварс, рауай-бауай кодтой бæласы бын, хъуыста сын сæ хъуыр-гъуындæг, стæй æрбадтысты сæ фæстæгтыл, æмæ, сæ мукъутæ хæрдмæ ныхъхъилгæнгæ, кæрæдзимæ дзырдтой бирæгъы æвзагыл: — Мгъу-у-у-у... Ныр сæ тæрсгæ нал кодта. Бæласы цъуппыл бадт, касти сæм бынмæ, æмæ дис кодта, цы сæ хъæуы, ууыл, Бирæгьтæ иудзæвгар рæстæг афтæ, сæ фæстæгтыл бадгæ, кастысты уæлæмæ, стæй та сызнæт сты, зылдысты бæласы алыварс, кæрæдзи къуырдтытæгæнгæ, стæй дзы иу бæласы бындзæфхадмæ дæндагæй фæлæбурдта æмæ сниудта, цыма йыл стыр тæригъæддаг хабар сæмбæлд: —У-у-у-у! Æмæ уæд иннæтæ дæр сызнæт сты: сæ раззаг къæхтæ бæласыл авæргæ æмæ сæ мукъутæ хæрдмæ ныхъхъилгæнгæ, комхæлиуæй сдзынæзтой: — У-у-у-у-у-у! Хъуыстис сæ дæндæгты къæрцц-къæрцц. Кастисæм уæле бынмæ æмæ дис кодта: цы сæ хъæуы? Цы сын ракодта? Цæмæн сæ афтæ тынг фæнды йæ бахæрын? Уыдон дæр удæгас уонджы хицæуттæ куы сты йæхиау, уыдонæн дæр се уæнгты туг куы лæдæрсы, цæстæй уы-нынхъом куы сты, сæ дзыхæй сæхи æвзагыл дзырдтæ сæппарынхъом куы сты. Мæнæ ацы бæласы мидæг туг дæр куы нæлæдæрсы змæлынхъом дæр куы нæ у, æмæ ма йæ уый дæр бавæрынхъом куы сси, змæлын йæ бон нæу, афтæмæй йæм æрдæбон йæ ирвæзын кæнынмæ йæ цæнгтæ куы ивæзта, уæд уыдон та удæгас буары хицæуттæ куы сты, уæд сын йæ тугæй дойны цæмæн у? Бирæгътæ ноджы знæтæй-знæтдæр кодтой, хъуыст сæ дæндæгты къæрцц- къæрцц, лæбурдтой йæм уæлæмæ, хъуыст сæ тæригъæдаг дзынæзт: —У-у-у-у! Уæлейæ сæм уырдыгмæ каст æмæ йæм æрцыди æнахуыр хъуыды: чи зоны сыдæй мæлынц æмæ уымæн афтæ кæнынц. Сæ мидæг уд тæлфы, æмæ стонгæй чи мæла, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ истытæ кæна. Йæ хызынæй систа, йæ хъæбулæн цы фых карк рахаста, уый, æмæ сын æй раппæрста: Æмæ федта ноджы стырдæр диссаг: бирæгътæ сæхи ныццавтой карчы мардыл, скъæфтой йæ кæрæдзи дзыхæй, стæй кæрæдзимæ-фездæхтысты, æмæ дзы иу иннæуыл нал ауæрста. Æхсæвы æмырдзинад байдзаг сæ æнæхъола хъуыргъуындæгæй. Хъæу кæд дæрддзæф уыди, уæддæр уырдæм дæр куыннæ хъуыст се 'рдиаг: хъæуы куыйтæ фæдисы рæйдæй ныррæйдтой нырма хъæуæй, стæй æввахсдæр рæттæй. Куыйты фæдисы рæйдмæ хъæуæй райхъуыст иугай адæймæгты хъæртæ, стæй топпы гæрæхтæ дæр. Бирæгътæ, кæрæдзи хъуын-хъистонгæ, куыдфæстагмæ сæхи айстой бæласы бынæй, æмæ дард кæцæйдæр хъуыст сæ тæригъæддаг ниуын. Фæлæ цалынмæ дзæбæх сбони, уæдмæ бæласæй æрхизын нал бауæндыд... Уæдæй фæстæмæ æхсæвыгон цæуынмæ йæ ныфс никуыуал бахаста. Уæдмæ бонтæ дæр цыдысты æмæ чысылгай æрцахуыр, йæ хъæбулæй иппæрд кæй у, ууыл. Егнат дæр æрсабыр, ницыуал æртхъирæнтæ дзы хъуыст, æмæ йæ хъæбулы тыххæй йæ зæрдæ чысыл æрсабыр. Фæлæ уыцы æхсæвæй фæстæмæ йæ зæрдæйы райгуырд ноджы иу хæрам. Хæрам æмæ дызæрдыг. Уыцы æнкъарæны æфсон та уыд Джерджи. —Æцæгæйдæр кæм ис Джерджи?—Уыцы æхсæвæй фæстæмæ йæ уæгъд нал суагъта ацы дызæрдыг. — Кæд æгас у, кæд æцæгæйдæр знаджы дæлбазыр нæ бакодта йæхи, уæд сыл йæ зæрдæ куыд сивта? Йæ зæрдæ куыд лæууы, цæмæй зæрдæ йын ис, æмæ йæ чысыл хъæбулы макуы æрымыса, исты бæрæг ма æрæрвита? Кæд удæгас у, уæд удæгас адæймаджы бон куыд бауыдзæн йæ хъæбулы афтæ байрох кæнын? Ау, уал мæйы дæргъы иу бæрæг хабар куыд нæ æрæрвыста йæ бинонтæм? Йæ хъæбулмæ? Йæхæдæг æй куы зонид, кæм ис, уæд æм мæнæ ацы тыхст уавæрты дæр куы фæцæуид, æмæ йæ куы ссарид, цæмæй йæ фена, цæмæй.йæ базона, удæгас кæй у, æнæниз кæй у, уæд уымæн йæ зæрдæ куыд лæууы, æмæ йæ бинонтæм мацы æрæрвита? Æви Егнат æцæгæйдæр раст у? Æви æцæгæйдæр йæхи знаджы дæлбазыр бакодта? Æмæ ма уæд ам цы фыдæбонæй мæлы йæ хъæбулимæ, цавæр хæдзары фарн ма хъахъхъæны, зындоны арты судзæгау ма цæмæн судзынц йæ хъæбулимæ Джерджийы хъæубæсты æхсæн? Кæд знаджы фарс нæ рахæцыд, уæд сæм уæдæ цæмæннæ исты фыссы? Æви йæ не 'ндавынц йæ бинонтæ? Нæ дæр йæ ус, нæдæр йæ хъæбул? Æви йын ничи сты йæ бинонтæ? Æви йæхи сæр тыхст кæй у, уый тыххæй дзы байрох сты йæ адджын бинонтæ? Æмæ йæ йæхи сæрæй дарддæр ничиуал æндавы? Уыцы хъуыдытæ йыл стых сты, æмæ йæ хуыдуг кодтой. Уыцы хъуыды йын афтæ тæссаг уыд, ахæм дызæрдыджы йæ æппæрста, æмæ уый адæргæй ныр хæцынхъом дæр уыди, йæ хъæбулæй иппæрд кæй у, ууыл дæр. Æрымысыд- иу, Джерджиимæ иумæ цы бонтæ ацардысты, уыдонæй искæцы скъуыддзæгтæ, Джерджи-иу æм уазал зæрдæ кæм равдыста, ахæм уысмтæ, æмæ йын уыцы мысинæгтæ йæ зæрдæ къахтой, хæрам æй кодтой Джерджийы номмæ, сылгоймаджы æнкъарæнтæ йын æлхъывтой йæ зæрдæ. Уæдмæ фæззæг дæр фæци. Ныллæууыд зымæг. Мит æнæнхъæлæджы афтæ бирæ ныууарыд, æмæ къæсæрæй-къæсæрмæ акæсæнтæ нал уыд. Хъæуы лæгтæ æнхъæлмæ кастысты, мит йæ уарынæй кæд банцайдзæн, цæмæй комы дымæджы онг дзоныгътыл уæддæр афæд кæной. Уыцы æхсæв цыдæр зæрдæсастæй схуыссыд. Йæ хъæбулмæ йæ зæрдæ æхсайдта. Æртæ къуырийы бæрц дзы ницыуал хабар базыдта. Схуыссыд æмæ фыны цыдæр æнахуыр ранмæ бахауд: иууылдæр æнæзонгæ адæм. Мит дзы ахæм мит уыд, æмæ хæдзæртты сæрты калд. Æмæ уыцы хъæпæнæвæрд бæстæйы цæмæндæр агуырдта йæ хъæбулы. Æмæ йæ суыдта æппынæрæджиау: хъæпæны астæу лæууыд йæ хъæбул, æмæ йæ къухтæ тылдта, хъæр кодта. Йæхи йæм аппæрста, фæлæ йын ницы æнтыст, нал хæццæ кодта йæ хъæбулмæ. Йæ хъæбул та миты хъæпæны ныхсти æмæ ныхсти, æмæ йæм стæй куы бахæццæ, уæд йæ хъæбул миты хъæпæны нал разынд. Хъæр кодта йæ хъæбулмæ, агуырдта йæ миты хъæпæны, фæлæ йæ хъæбул никуыцæйуал зынд, æрмæст ын кæцæйдæр хъуыста йæ хъæр, фæлæ кæцæй, уый раха-тын нæ уыд йæ бон, афтæмæй змæста миты хъæпæнтæ. Хъæр æм кодта, хъуыста йæ хъæбулы хъæр, фæлæ кæрæдзи нæ ардтой, æмæ афтæ утæхсæнгæнгæ райхъал. Æхсæвы адæргæй нал бафынæй. Райсом бон дзир-дзуртæ кодта, афтæ уыцы æвæд миты алæгæрста горæтырдæм. Йæ тых асаст æвæды, афтæмæй тыхамæлттæй куыддæрты уыцы бон изæрæрдæм ныххæццæ горæтмæ. Гафи йæ куы федта, уæд хорзау нал фæци. — Куыд у мæ хъæбул? — афарста йæ. Гафи та йын дзырдта, йæ хъæбул дзæбæх кæй у, æнæниз, уыдæттæ. Æмæ та уæд йæ зæрдæ æрсабыр. Фæлæ фæхатыд, Гафи цæуылдæр тыхстхуыз кæй у, цыдæр дзы кæй æмбæхсы, æмæ та йæ зæрдæ ахсайдта: — Цыдæр мæ æмбæхсыс, Гафи, æмæ мын æй зæгъ, уæд дæ хо амæла. — Цæй, цы дæ æмбæхсын, — сбустæ йыл кодта уый. Уыцы бон ахæм фæндагыл фæстæмæ здæхинаг нæ уыд, уым баззад. Æмæ цас фылдæр касти Гафимæ, уыйбæрц йæ зæрдæ ноджы цæуылдæр гуырысхо кодта: Гафи йæхи тыххъæлдзæг дардта. Алыхуызты дæр фæлвæрдта Гафийы тыхсты сæр базоныныл, фæлæ йын уый ницы дзырдта. Æмæ уæд бынтондæр сдызæрдыг. — Гафи, — ныллæгъстæ йын кодта, — куыд у мæ хъæбул? Зæгъ мын æй. Зæгъ мын æй, мæ хъæбул дзæбæх кæй у, уый; дæ сывæллæттæй, дæ фæндаггоны номæй, Джерджийы номæй расомы кæн, мæ хъæбул дзæбæх кæй у, ууыл. Æмæ уæд Гафи йæхи нал баурæдта, скуыдта: Матронайы цæстытæ атартæ сты: — Цы ныл æрцыд? — Матрона, — куыдта уый судзаггаджы куыдæй. — Цы кодтам? — Доме сидзæрдонæй алыгъд. Дуне йыл аталынгтæ: —Æмæ?—фарста йæ, æмæ йæ нæ фæндыд Гафийы ныхас фехъусын. —Æмæ никуыцæй уал зыны. Æмæ йыл аталынг йæ дуне. Æмæ йыл уыцы ныхасы фæстæ дуне асæстæй баззад.

ÆРТЫККАГ ХАЙ

1 ...Уыцы бон ыл дуне, сасæста æмæ ныр мæнæ дыууиссæдз азмæ æввахс цæры уыцы асæст дунейы. Ныр дыууиссæдз азмæ æввахс цæры уыцы асæст дунейы, æмæ цы аразы, уымæн хатгæ дæр ницыуал кæны. Нæ, зæрдæ дæр зоны хи удыл комдзогæй цæуын. Бонтæ куыд цыдысты, афтæ йæм æлгъаг æмæ цъаммар кæсын райдыдта йæ царды фæтк, йæ уæлæхох царды уаг — ныры онг буц кæмæй уыди, хъæубæсты сылгоймæгтæй йæхи уæлдæр цæй тыххæй æвæрдта, цард ма йæм адджын цæй тыххæй касти, уыцы уæлæхох царды уаг. Æмæ дыууæ къуырийы дæр нæма рацыд Чатри æмæ йе 'муазæджы фæзындыл, афтæ йын йæ ивгъуыд цард æнæуынон фестад; йæ ивгъуыд сæрысуангæй нæ, фæлæ йæ сывæллоны фесæфыны бонæй абоны онг. Йæ хъуыдытыл йæхи бар нал цыд, хи зæрдæйы фæндиаг хъуыдыты бæсты зæрдæмæ хъуыстысты кæйдæр хъæлæстæ: кæйдæр хъæлæстæ, йæхи хъæлæсы уынæр кæм нæ уыд, фæлæ йæ зæрдæйæн æввахс æмæ æхсызгон чи уыд, ахæм хъæлæстæ. Уыцы хъæлæстæ афтæ барджын кодтой йæ удыл, афтæ аргъуцаг уыд сæ уынæр, æмæ сæ æфсæрмы кæнын райдыдта йæхи уды раз. Уыцы хъæлæстæ йын йæ ивгъуыд цард цавæрдæр тасæфтауæг азымæй дардтой йæ цæстмæ. Æмæ тарсти уыцы хъæлæстæй, кæд æмæ сæ хъæлæсы уаг йæ зæрдæйæн æддагон нæ уыд, нæ дæр æцæгæлон, нæ дæр æнæзонгæ, уæддæр тарсти уыцы хъæлæстæй. Уыцы хъæлæстæ йын цавæрдæр тасы аууон дардтой йæ сæрмæ, хъуыстис сæ хионы схуыст ныхас—хион адæймаг дæм дæ фыдракæнды тыххæй куы фехæла, алывыд дын куы акала — раст ахæм схуыст ныхас хъуыст уыцы хъæлæстæй дæр. Æмæ уыцы хъæлæсты уынæрæй уыйбæрц нæ тарстаид, фæлæ йæ цæй тыххæй схойынц, уый тасæй бадти йе уонджы мигъ, ууыл æй нæ фæнды-ди хъуыды кæнын; нæ йæ фæндыди, уыцы адджын æмæ æввахс хъæлæстæ йæ фыдазымы цæй тыххæй дарынц, ууыл хъуыды кæнын, уый кæронмæ бамбарын. Фæлæ йæ уæддæр йæ уды скондæй хатыд: йæхицæн æй йæ хъуыдыты дæр йæ бон нæ уыд схъæр кæнын, фæлæ йæ хатыди йæ удыскондæй, æмæ йæхи раз йæхимæ ницыуал касти, йæхиуыл йæхи раз лæгæрста цъыф къахæй. Тарсти йæ зæрдæ. Тарст зæрдæ та æфсæнттæм æмхиц у, тарст зæрдæ та æфсæнтты быцæутыл лæууы, æмæ уый дæр йæхицæн мысыд алыхуызон æфсæнттæ. Мысыд алыхуызон æфсæнттæ, йæ зæрдæ ма цæуыл фæлæууыдаид, йæ зæрдæ та цардмæ цæй фæрцы ахсайдтаид: хъæуы устыты-иу атыгуыр кодта, æмæ семæ йæхи къæбæр хæрыныл хъардта. Гъе та-иу се 'хсæн ракодтаид ахæм ныхас, йæхи сæ цæсты кæм баппара, сæ хъыг сын кæм райса, йæ тигъ цæстæнгас ын кæм банкъарой, цæмæй та йæм æрцæуа йæ уæгъдибар царды къæйныхдзинад. Фæлæ йын уыдæттæ дæр нæ уыдысты ирвæзыны хос, йæ æнæзæрдæмæдзæугæ ныхæстæ-иу йæ дзыхæй йæ хъусты онг куы сыхъуыстысты, йæ хылмондаг тай-тай æмæ æнæфсарм дзырдтæ-иу йæ дзыхы æвзаджы змæлдæй куыддæрид тæлфын райдыдтой, афтæ-иу йæ зæрдæйы рæбынæй райхъуыст уыцы хъæлæсты аргъуцаг уынæр, æмæ-иу йæхи ныхæстæй йæхæдæг фефсæрмы, йæхи цæсты раз-иу йæхæдæг фегад. Кæимæ хыл кодта, уыдон раз дæр-иу йæхи æгады бынаты рахатыд. Уый та йæм хъыг касти, йемæ хылгæнæджы йæхицæй бæрзонддæр бынаты æнæнхъæлæджы кæй авæры, ууыл та мæсты кодта. Афтæ-иу смæсты æмæ-иу йæ бон сдзурын нал сси, нынныхъуырдта- иу йе 'взаг. Мæстæйдзагæй-иу йæхи айста хибар ранмæ, æмæ уым йæхиуыл бустæ кодтаид: “Цы кæныс? — бустæ-иу кодта йæхиуыл. — Цы мард дыл æрцыд? Æви адæммæ хæлæг кæнын райдыдтай? Куыд цы кæнын, — хæцыдаид йæхимæ, — уый цы дзыхæй дзырдтон? Уæдта мæ афтæ æлгъитгæ-æлгъитын уыцы арвы уациллайы хуызæн хъæбул æрбаййæфта. Чатрийы æмуазæгæй зæгъын. Хъæбулы хуызæн чи уыд, уыцы уазæгæй. Бынбауай, Матрона, — бауайдзæф-иу кодта йæхицæн,—уый сæрæй базæронд дæ, иунæгæй цæрынхъом нал дæ, иунæгæй цæрын нал уæндыс, дæ мард кæйдæр хæдзармæ хæссынвæнд скодтай, æмæ уымæн кæныс ног чындзы æфсæрмытæ. Фæсаууонмæ дæр уымæн тæрсыс кæйдæр фæзындæй. Фæлæ-иу уæд йæ уды рæбынæй сыхъуыст æндæр хъæлæс, уыцы хъæлæс-иу æй сдзурын кодта æндæр ныхæстæ: Æфсæрм, Матрона, æфсæрм. Гъа, кæд дæхицæй нал æфсæрмы кæныс, уæддæр дын чи ис, уыдон номæй хъуамæ æфсæрмы кæнай, ма сын æгад кæнай сæ ном, дæ митæй сын ма чъизи кæнай сæ цæсгом”. Уыцы хъуыды йыл афтæ стых, æмæ-иу хъæубæсты устытæй исчи йемæ æнæаххосæй загъд куы самадта, уæд æм уайдзæфæмхасæн бадзырдтаид: — Цы уын кæнын, цы? Цæуылнæ мæ ныууадзут? Мæгуыр адæймаг уæ астæу мауал фæцæра. Мæнæн дæр кæмдæр чидæртæ куы ис, уæд мын кæд мæхицæй не 'фсæрмы кæнут, уæд уыдонæй уæддæр фæаргъуц кæнут. — Мæнæн дæр кæмдæр чидæр куы ис, — загъта-иу. Фæлæ-иу уыцы чидæры йæ хъæбул рахонын нæ бауæндыд йæ зæрдæ. — Æз дæр хъæбулы хицау куы дæн, — сдзырдта-иу æм йæ зæрдæ. Уыцы хъуыды йыл куыдфæстагмæ тых кæнын райдыдта. Йæ зæрдæйы гуырысхотæ йæ хъуыдытæй фылдæр уыдысты йæ бон нал уыл, æмæ ма истæуыл ахъуыды кодтаид æнæгуырысхойæ, ницæуылуал æууæндыд; бæлвырд æй ницыуал аразын фæндыд, æмæ цыдæриддæр арæзта, уыдон æм дызæрдыггаг кастысты, гуырысхо кодта йæ алы сныхас æмæ йæ алы акъахдзæфыл дæр, алцы дæр барын райдыдта: “Уæд та раст нæ сарæзтон? Уæд та ма афтæ бакæнын нæ хъуыд?” Гуырысхо кодта канд йæ аразгæ митыл æмæ хъуыддæгтыл нæ, фæлæ йæм йæхинымæр истæуылты хъуыдыгæнгæйæ дæр йæ хъуыдытæ дызæрдыггаг кастысты. Йæ уды рæбынæй-иу цы хъæлæстæ сыхъуыст, уыдон фæстагмæ бæлвырд хуыз исын райдыдтой, æмæ сæ кæд уæды онг йæ удыскондæй хатыд, уæд æм ныр та бæстонæй хъуысын райдыдтой, бæстонæй сæ райдыдта æвзарын. Æмæ уыдонæй сæ иу уыд йæ сæфт хъæбулы хъæлæс, æнахъом сабийы хъæлæс, йæ зæрдæйы уидаджы хъæлæс. Йæ уды рæбынæй йæм хъуыстысты йæ хъæбулы ныхæстæ. Йæ уды рæбынæй стадысты, йæ хъæбулæй йæ бон фехъусын цы баци, уыцы ныхæстæ, уыцы ньдхæстæ чысыл уынæры онг ахста йæ хъус æмæ канд уыцы ныхæстæ нæ, фæлæ дзы сæ чысыл царды цыдæриддæр йæ бон баци фехъусын, уыдон мисхалы онг гас кодтой йæ уды рæбын, æмæ сæ бæлвырд зæлтæй ахстой йæ хъустæ. Фæлæ-иу йæ удрæбын йæ сабийы хъæлæс куы сыстад, уæд ма йæ чидæр хъыгдардта, иннæ хъæлæс дæр-иу æмдзырд райдыдта йæ хъæбулы ныхас фæзмгæ: иннæ хъæлæс дæр дзырдта раст йæ хъæбулы ныхæстæ, фæлхатт сæ кодта, фæзмыдта йын йæ хъæбулы алы сулæфт дæр, æрмæст ас адæймаджы хъæлæсæй; сабийы хъæлæсæй нæ, фæлæ ас адæймаджы хъæлæсæй. Хаттæй-хатт-иу уыцы хъæлæс афтæ тынг стыхджын, æмæ-иу йæ зæлты æхсæн байсæфт йæ сабийы хъæлæс, нал-иу райхъуыст. Чи уыд иннаг хъæлæс та? Доме. Чатрийы æмуазæг. Цы хъуыд уыцы æнæзонгæ адæймаджы, æнæнхъæ-лæджы йын йæ цардмæ кæцæй æрбабырста, йæ сабыр цард ын цæмæн сызмæста, æдзæсгомæй йын йæ хъуыдытæ йæхирдæм цæмæн аздæхта, уымæн æппынæрæджиаумæ ницы хатыд. Фæлæ иуæхсæв куы бафынæй, уæд та йæм фыны фæзынд йæ сæфт хъæбул: растдæр зæгъгæйæ та, йæ сæфт хъæбул æм нæ фæзынд, фæлæ йæм йæхæдæг ныццыд, бандоныл æй фынæйгæнгæ кæм ныууагъта, уырдæм. Йæ фынты йæ сывæллоны агурынæй куы стыхсы, йæ бон куынæуал вæййы, йæ уд йæ хъуырмæ куы ссæуы, уæд йæ хъуыдымæ æрцæуы: уым æмæ уым бандоныл, фынæйгæнгæ, куы ныууагътон мæ хъæбулы, уæд æй уым цæмæннæ агурын. Æмæ адæргæй уырдæм аппары йæхи. Уым æй куы ныййафы, æмæ стæй куы райхъал вæййы, уæд бирæ фенцондæр вæййы йæ удæн, фыны дæр ын йæ сывæллоны уынд бирæ зæрдæдарæн ныфс ратты. Фæлæ йæ уым куы нæ ныййафы, йæ зæрдæ фæрчытæ уæд райдайы хауын: фыны дæр ын йæ сабийы уындæй хай кæй нæй, уый дæр йæхи аххос фæкæны— ома уый аккаг нæ дæн, æмæ мæ хуыцау аккаг æфхæрд кæны. Ныр цал æмæ цал азы цоппай кæны йæ фынты уыцы бандонæй сæ уæзæджы 'хсæн. Цал æмæ цал хатты аппары фыруынгæджыйæ йæ сæр уыцы бандоны цурмæ... Ацы хатт дæр та йæ уым ныййæфта: хуыссыди йæ-гыццыл хъæбул уыцы тæфæбойнаджы баыдоныл, уыцы æнæзмæлгæ, уыцы сабыр хуыстæй, æмæ йæ ныр уал æмæ уал азы фæЬтæ йе 'намонд мад фыццаг хатт кæдуыны, йæ агурынæй йыл сау уынгæджыйы бон кæй уыд, уый йæм хъаргæ дæр ничердыгæй кодта —-хуыссыди йæхицæн æнæмæт æмæ æвæлмон хуыстæй. Æмæ та йæныр дæр, иннæ хатджытау, йæ цæст нæ бауарзта райхъал кæнын. Йæ цæст æй нæ бауарзта райхъал кæнын, йæ разы йæ зонгуытыл æрхаудта, æмæ, кæуын нæ бауæндгæ, къуырма цæссыг згъæлста, афтæмæй касти йæ сæфт хъæбулы цæсгоммæ. Уый æппындæр ницæмæй фæивта. Фыццаг куыд уыди, афтæ рухсдзæсгом æмæ худгæ хуры хуызæн уыд ныр дæр. Ныккасти йæм ноджы лыстæгдæр, æмæ йын йæ æрфыджы сæрмæ стъæлф куы ауыдта, хъазы къахы фæды хуызæн чысыл стъæлф, уæд йæ зæрдæ фырцинæй æнæхуызæнон æлхысчъытæ скодта: ныр уал æмæ уал азы йæ сывæллоны алы гыццыл цъыз-зытт дæр, йæ алы гыдцыл фезмæлд дæр, йæ къахы чысыл чъизийы онг дæр мин æмæ мин хатты æрлæууыдысты йæ зæрдыл, мин æмæ мин хатты ауадысты йæ цæстыл, фæлæ цæмæндæр уыцы стъæлфыл ныр фылдæрцин ныккодта, цæмæндæр ын æхзысгондæр уыд ныр уыцы стъæлфы уынд. Æмæ йæхи нал баурæдта, йæ саби куы райхъал уа, уымæй дæр нал фæтарст, фырцинæй йæ сæр разылд, йæ цæстытæ атартæ сты, афтæмæй йæм: байвæзта йæ цæнгтæ. Байвæзта йæ цæнгтæ йæ хъæбул- мæ, йæ хъæбулы ныхы чысыл стъæлф æрлæгъзытæ кæнынмæ. Фæлæ йæ цæнгтæ йæ хъæбулы онг куы нæ баххæссыдысты, уæд фæджихау, ракаст йæ цæстытæй... æмæ цы федта. Бандоныл йæ хъæбулы раз нæ лæууыд йæ зонгуытыл, фæлæ кæд бадти сæхимæ фынджы фарсмæ. Фынгыл ма бадтысты Чатри æмæ Доме — Чатрийы æмуазæг. Уый йæм диссаг фæкаст æмæ дистæнгæ ныккаст Домемæ — Чатриты æмуазæгмæ. Уымæн йæ ныхыл, раст йæ æрфыджы сæрмæ, айразмæ йæ куыд федта, афтæ здыр дæр бæрæгæй зынд сау стъæлф — хъазы къахы фæды хуызæн чысыл стъæлф. Уый дæр та йæм диссаг фæкаст. Йæ зæрдыл ма лæууыд, чысыл раздæр уыцы стъæлфмæ кæй ивæзта йæ къухтæ, кæй йæ фæндыд уыцы стъæлфыл ацинтæ кæ-нын, фæлæ йæ уыцы стъаалфыл афтæ зæрдиагæй цæмæн фæндыд узæлын, уый йæ хъуыды нал ахста. Афтæ йæм фæкаст, цыма уый æрдзæй рахæсгæ стъæлф нæу, фæлæ йæ ацы хуыцауыуазæг йæ ныхыл барæй сарæзта: æвæццдæгæн æй фæхатыд, уыцы стъæлфы уынд ын æхсызгон кæй у, æмæ йын цæмæй йæ зæрдæ балхæна, уый тыххæй йæ нынныв кодта йæ ныхыл. Æмæ та йæхи бауромынхъом нал сси, бафæндыд æй базонын: ацы хуыцауы уазæджы ныхыл уыцы стъæлф нывгонд у, æви æрдзæй рахæсгæ у — йæ къух байвæзта уазæджы ныхмæ. Фæлæ та уымæ дæр йæ къух куы нæ бахæццæ, уæд фæсæццæ, лæмбынæгдæр ныккаст йæ размæ, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ зонд хæццæ кæнын райдыдта: йæ разы нæ дæр уазæг уыд, нæ дæр фынг, æрмæст йæхæдæг йæ уæрджытыл лæууыди Джерджийы къамы раз, æмæ йæм ивæзта йæ къух, Джерджийы къам уыд раст уыцы хуыцауы уазагджы æнгæс..." Афтæ удхар кодта йæ фыны. Æмæ йæ бон куынæуал уыд уыцы фæливæнтæй, уæд стыхст, фæлвæрдта йæ хъæбулмæ æххуысагур ныхъхъæр кæнын, æмæ афтæ хъæр кæныныл архайгæ, райхъали. Уаты талынг уыд. йæ фынты утæхсæнæй æмæ уаты талынгæй мæгуыр кодта йæ зæрдæ, цыдæр тас æвзæрд йæ риуы, нал уæндыд бафынæй кæнын, æмæ сыстад. Цырагъ ссыгъта æмæ æрбадти сынтæгыл. Ныхъхъуыды кодта, æмæ йæ фын йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд фестъæлфыд, йæ зæрдæ- ныдздзортт-дзортт кодта; æцæгæйдæр айразмæ уыцы хуыцауы уа-.зæгæн дæр йæ ныхыл ахæм стъæлф куы уыд, раст йæ гыццыл хъæбулы ныхыл цахæм уыд, ахæм. Ныр æрлæууыд йæ зæрдыл, айразмæ йæ уазæджы ныхыл куы федта уыцы йъæлф, уæд йæ зæрдæ кæй æрфæлмæнтæ, фæлæ 'йæ зæрдыл не 'рлæууыд, йæ хъæбулы ныхыл дæр ахæм стъæлф кæй уыд, уый. Æмæ та йæ цæстытыл ауадысты йæ хъæбулы хуызтæ, йæ мой Джерджийы уæнгтыконд æмæ æддаг бакаст, стæй йæ айразмæйы уазæджы æууæлтæ дæр, йæ цæсты раз та ферттывтой сæ дыууæйы ныхыл дæр уыцы иуæрдæм фæлдæхт æртыкъахыг чысыл гакк, се сныхас æмæ сæ хъæлæсы уаг, æмæ утæппæт æнæнхъæлæджы æмхуызондзинæдтæй афтæ фæтарст, æмæ йе уæнгтæ æрбампылдысты, сæр уæхсджыты æхсæн нынныгъуылди, æмæ нал уæндыд сызмæлын, нал уæндыд æгæрыстæмæй йæ цæстæнгас дæр æндæрæрдæм азилын. Æмæ йыл уыцы тас йæ уæз нæ уагъта, бынмæ йæ не 'лхъывта, нæ йæ цъист кодта; уый нæ, фæлæ цыма йæхæдæг æд хæдзар, æд сынтæг уæлæмæ-уæлæмæ цыд — уæлæмæ, кæдæмдæр; æмæ ныртæккæ кæдæмдæр, рахауæн кæм ис, уыйонг куы схæццæ уой, уæд уырдыгæй бынмæ æмхауд кæй æркæн-дзысты, уый адæргæй йæ цæнгтæй йæ тæрттæм фæлæбурдта... — Мæ хъæбул у... — схаудысты хыр-хыргæнæг ныхæстæ йæ уды арфæй. "" Æмæ банкъардта, кæй схæццæ, кæцæй хъуамæ æр-хауа, уырдæм. — Мæ хъæбул у, — ныхæстæй нæ, фæлæ йæ уды рæбынæй йæ бон баци йæ æнæмыр дзуринаг раулæфын. Æмæ йæ цæстытæ атартæ сты... 2 Ныры онг йæ буар æмæ йæ удыскондæй цы æнкъардта, ууыл ныр басаст йæ хъуыдыты дæр, йæхицæн сæ хъæрæй ныхæстæй зæгъын дæр бауæндыд, фæлæ уыдæттæ искæй цур ской кæнын нæ дæр хъавыд, нæ дæр йæ фæсонæрхæджы уыд. Удыскондæй æнкъардта — йæ уазæг ын æддагон ма хъуамæ уа, фæлæ зæрдæйы банкъард зæрдæйы фехсайдæй хъауджы нæу, зæрдæфехсайд та — сайды фæуынæй. Æмæ уыдæттæ искæмæн ской кодтаид, ууыл хъуыды кæнын. дæр нæ уагъта йæхи æмæ сыл хъуыды дæр никуы кодта, фæлæ ныр уый фæндыд йæ уазæджы царды хабæрттæ лыстæггай базонын, цæмæй базона, чи у æцæгæйдæр уыцы хъуыцауы сконд адæймаг, йæ æнæнхъæлæджы фæзындæй йын йæ цард чи сзыгъуыммæ кодта? Æмæ æрæвнæлдта йæ хъуыдытæ æххæст кæнынмæ. Цалдæр хатты ской кодта Чатрийы ус Натъайæн, ома, дæ чызджы хæдзары ма афæрстытæ кæн, æмæ базон — чи сты, цы адæм сты, лæппу сын æрхæссæггаг у, æви сæхи. Натъайæн ницыуал хуызы æнтыст йæ чызджы абæрæг кæнын. Стæй йæ абæрæг кодтаид, ууыл дæр нæ архайдта. Уый нæ, фæлæ-йу ын куы ской кодта, уæд æм ахæм хъуыддагхуыз æмæ сæрбæрзондæй равдыстаид йæхи, цыма Чатрийы ус Натъа нал у. Йæ зæрдæ-иу фæ-цæйскъуыд, дæлзæхх фæуын-иу æй æрфæндыд. Натъа-йы раз-иу йæхи афтæ. ныллæгæй куы фæхатыд, уæд. Натъа, цæрæнбонты йæ цуры йæ сæр схъил кæнын чи ни- куы бауæндыд, цæрæнбонты йæхи лæг дæр ма кæуыл æнæрвæссæттæ кæны, хæринаг хæринаджы хуызæн сара-зын иу хатт йæ боц кæмæн нæма баци, устыты æхсæнæй исты æдылы æмæ æнæууылд ныхас æнæсæппаргæ ныр-ма чи никуы рацЫд, уыцы Натъа-иу æй цыма йæ раны 'рæййæфта—кастаид, истытæ дзырдтаид, æмæ дын йе 'нгасæй æмбарын кодтаид: “Æгъи! Мæ цæстыдзаг дын куыд федтон! Мæ къах дыл куыд æркъуырдтон!” Цæмæй зыдта Натъа, уый мой кæныны мæт кæй нæй, зæрырдæм чындзы фæцæуа, ууыл кæй нæ тыхсы. Рахъавыд-иу хаттæй хатт йæ сусæггæгтæй йын истытæ ской кæнын, фæлæ та-иу йæ къух ауыгъта, уыцы æдылыйæн сæ лæмбьгнæг куы фæдзурай дæ уды риссæгтæ, уæддагр сын куы ницы бамбардзагн, дзырды сæйраг дæ цы скæна, æндæр, æмæ ма дын дæ уды схъæрзæнтæ та кæцæй хъуамæ бамбара. Лæг йæхæдæг дæр никуыцæй зынд, æндæра ма куы фæзындаид, уæд ын загътаид — йæ цæсгом атардтаид, æмæ йын загътаид: уæ хæдзар дæр уал уын куы фенин, зæгъгæ; æмæ стæй сæ хъæумæ куы ныфтыдаид, уæд уал дзы искæйты куыннæ афæрстытæ кодтаид, искæмæйты истытæ куыннæ базыдтаид. Фæлæ уый дæр никуыцæй зынд. Йæхицæн та уыцы хъæуы Чатрийы чызгæй дарддæр зонгæ ничи уыд, стæй дзы кæд уыд, уæддæр ын ницы зыдта, æмæ уырдæм та æнæ Натъа куыд нуц-цыдаид? Ницы гæнæн ын уыд æмæ æнхъæлмæ касти лæгæн йæхи фæзындмæ, Домемæ. Æнæмæнгæй кæй фæзындзæн, уый зыдта, уый йæ зæрдæ хатыд, фæлæ йын ныр алыбон дæр, алы сахат дæр афтæ ивæзтысты æмæ иу æм мæсты кæнын райдыдта — цыма йæ иу-цалдæр къуырийы йæ хъæбул нал абæрæг кодта, йæ ныййарæг мады ферох кодта, йæхинымæр-иу ыл ахæм бустæ скодта. Уый та нæ зынд. Æмæ æнхъæлмæ касти. Натъайæн бакой кæнын йæ сæрмæ нал хаста, йæ уды цы адджын фæндтæ уыд, уыдонмæ йын уыцы мырчъи былалгъæй ракæса æмæ сыл былысчъилтæ кæна, йæ уды сусæг æмæ ахсджиаг фæндтыл ын цъыф къахæй лæгæрда, уый аразын нал уыд йæ бон. Бонтæ та цыдысты. Чатри йæм æй тæккæ хосгæрдæн мæйы райдианы æрбакодта. Ныр та хосгæрдæны мæй фæуд кодта. Æрхъавыди та йæхи Натъайы раз æрныллæг кæнын: ныр ын хъуамæ загътаид, уый дæр йемæ кæй ацæудзæн йæ чызджы хæдзармæ, æмæ уæд Натъа йæ фырцымыдисæй æнæмæнг сразы уыдаид. Зыдта йæ, уый йын æгæр сæрныллæг ми у, йæхи æгæр дæлæмæ уадзы, йæхи адæмы цæсты æфтауы, фæлæ йыл цы сагъæс стых, уый номæй разы уыди æппæтыл дæр. Натъайæн лæгъстæ кæныны сæр æд нал бахъуыд. Натъа нæ абæрæг кодта йæ чызджы, фæлæ сæ чызг йæхæдæг абæрæг кодта йæ мойимæ — сæ чысыл чызг уынæг æрбауадысты. 3 Райсом раджы хъæуы фосимæ йæ хъомтæ куы баиу кодта æмæ сæ сæрвæтмæ куы аздæхта, уæд ын Чатрийы гыццыл лæппу аппæлыд: — Абон дын дæ хостæ ссивдзыстæм. — Ды та цъеритæ амайдзынæ? — бафарста йæ хъазгæйæ. —Æмæ гъа,—уыцы лæджы хъæлæсæй дзырдта уый, — Нене æмæ Солтан дæр дысон æрбацыдысты æмæ та сæ, æвæццæгæн, Солтан амайдзæн, цыма уый мæнæй хуыздæр зоны. Цавæрдæр диссаджы æхсызгрндзинад ыл æрцыд сабййы ныхæстæй. Ныр æртæ къуырийæ фылдæр кæмæ æнхъæлмæ каст, уыдонæй исты бæрæг кæй уыдзæн, исты бæрæг ныхас сæ кæйфехъусдзæн, уый цинæй сабийы истæмæйты афæрсын дæр йæ цæсгом нал бахъæцыд, хæдзармæ ратындзыдта, æмæ стыр задрдиагæй бавнæлдта сихормæ йæ кусджытæн исты адджын хæринæг-тæ æрцæттæ кæнынмæ. Йæ хостæ ныр æнæхæн къуыри лæууыдысты карстæй, ногкарстæй сыл къæвда дæр æрцыд, æмæ сын уымæй бæргæ ницы уыдаид, фæлæ уый фæстæ уыцы тæппал хурмæ æгæр бирæ кæй фæлæууыдысты, æгæр кæй ныххус сты, кæрдæгæн йæ сыфтæ кæй азгъæлдзысты, уый уындæй-иу йæ зæрдæ бауæззæуттæ: уыгæрдæнты кæрдæгæн дæр æмæ таугæ кæрдæгæн дæр йæ сыф куы азгъæла, уæд ма дзы цæй ад и, цы ма ахады йæ бæркад? Æртæфстис- иу ыл: цы у уыцы хæдзар, хосгæрдæны хосдзау кæмæй нæ ахизы, хосгæрдæны фæдисы куысты искæмæ куы æнхъæлмæ кæсай? Хохы куыстытæн сæ сæр хосгæрдæн у, æмæ уæддæр искæмæ æнхъæлмæ кæс, хъæууон хæдзар уымæй кадджын у, хосгæрдæны дæ хæдзарæй цал цæвæджджыны ахиза, дæ хоедзæутты бонгарст иннæтæн цæстывæрæн куы уа; дæуæн та дæ хæдзарæй хосдзæуттæ нæ, фæлæ иу хосдзау дæр куынæ ахиза, хосдзау нæ, фæлæ æххуырсгæ хосдзауы дæр цæсты рухсæй куы агурай, æгæрыстæмæй, ссивæг æмæ амайæг дæр æххуырсгæ куы кæнай, уæд ма уый цæй хæдзар у, уæд ма кæм хъуамæ сахада уыцы хæдзары кад, кæр ма цæмæн хъæуы ахæм хæдзары фарн? Никæй. Уыцы хæдзары фарн уæд адæмы къæхты - бынмæ æппæрст у, æгад æмæ дæлдзиныг у. Сихормæ сцæттæ кодта уæзгæ хуын: скодта уæли-выхтæ, аргæвста карк. Рагъыдзуары стырбоны -бæгæны-йæ ма йын уыд, ныккæнды йæ авджын мигæнæны нывæрдта, æмæ уый дæр систа. Стырбоны йын уæрыкк æргæвст уыд. Уымæй дæр ма йын баззад, уымæй дæр иу къабаз сфыхта. Æнæхъæн хъæуы уымæй дарддæр никæмæн уыд уазалгæнæн. Лæгдыхæй цы нæ фаг кодта йæ хæдзары, хъæубæсты æхсæн дзыхълæуддæр цæмæй уыд, уый хыгъдмæ архайдта, гæнæн ын цæмæй ис, уыдон аразын — уадз æмæ уыдæттæй уæддæр уа уæлдæр хъæубагсты æхсæн, уыдæттæй сыл уæддæр тых кæна. Сихор куы сцæттæ, уæд ма йæ каст уыд—Натъа дæр йæ хосдзæуттæн сихор кæд рахæсдзæн. Нæ йæ фæндыд, фыццаг сæм йæхæдæг фæзындаид. Стæй ма хорз зыдта, Натъа та цы сихор ныххæсдзæн йæ кусджытæн, æмæ йæ фæндыд йæ басхъауын — уадз æмæ зоной, кæд йæ хæ-дзар мæгуыр хæдзар у, уæддæр дзы алыхатт дæр дзаджджындæр хæрд кæй вæййы, тæрсгæ-ризгæ кæй нæ хæры йæ чысыл муртæ. Сихор Натъа нæ рахаста, фæлæ йæ чызг Венерæ. Уый йын æхсызгондæр уыд — афæрстытæ йæ кæндзæн, йæ зæрдæхсаинаг хабæрттæй истытæ бæстондæр базондзæн. Сиахс уæддæр сиахс у — кæйдæр лæппу, æцæгæлон — хынцфæрстытæ йæ кæм кæндзынæ? Чазджы ныййæфта æрдæгвæндагыл. Æвæццæгæнг уый дæр йæ фæзындмæ æнхъæлмæ каст—ныр ма йæм дард уыди, афтæ йæ бафиппайдта Венерæ, йæ хæссинæгтæ зæххыл æрæвæрдта, фæлæууыд æм. —Цыдæр хуынхæссæджы хуыз дын ис, Матрона,— дзырдта йæм чызг. —Мæ кусджытæн сихор уæддæр бахæрын кæнон,— загъта йын, æмæ йæ куы баййæфта, уæд йæ хæссинæг-тæ зæххыл æрæвæрдта, атыхст ыл.—Мæнæ цы хъæбысыдзæгтæ ныддæ! Æвæццæгæн дæ цух ницæмæй уадзынц уыцы адæм? — Бæргæ мæ сæ къухтыл хъуамæ рахæсс-бахæсс кæниккой, фæлæ кæм ис ахæм адæм, — худтис уый. —Æрцæуæджы-иу йæ лæг æ.мбарæд, æндæр æнæ-хъæн зæххыцъар дæр хæсдзæн йæ къухтыл, дæ нывонд; фæуон, Нене. — Бæргæ, фæлæ кæм ис ахæм лæг дæр. Чызджы ныхæстæй калд амондджын царды комулæфт. Йæ цæстытæм ын куы бакаст, уæд дзы федта ахæм цымыдисы стъæлфæнтæ, æрмæстдæр æвзонг адæймаджы цæстыты чи фæсудзы — ома æз царды алцыдæр хатын, фæлæ йæ æвдисгæ нæ кæнын, зонын ын йе 'мбæхсын. Афтæмæй та, сæхæдæг æмбæхст æмæ хины касг кæй фенхъæлынц, уыцы цæстæнгас сыл афтæ комдзог рацæуы, афтæ æргом сын фæдзуры сæ мид зæрдæйы хъуыдытæ, æмæ сæ уындæй адæймаджы зæрдæ бангæстæ вæййы—нæ, нырма уæ зæрдæтæ сыгъдæг сты, цыфæнды кæнгæ митæ кæнат, уæддæр уæ зæрдæтæ нырма нæ зонынц, цы у æцæг хиндзинад, царды хиндзинад. Чызджы уыцы цæстæнгас ма йын æхсызгон дæр уыди — йæ кой сæм æнæмæнг уыдаид, æмæ йын кæд исты хабар базонид йæ зæрдæхсаинæгтæй. —Уый бæстьг ма-иу æй демæ ракæн, ардæм куьг фæцæуыс, уæд, æмæ йæ мах базонæм, хуыздæр сиахе нæм æмбæлди, æви нæ. Чызг бангæстæ ис. — Æмæ ам куы ис. — Уæдæ уый дæр уыгæрдæнты уыдзæн? — Гъо. Цæуылдæрты ныхæстæ кодтой, æмæ сæ ныхæстæй йæхæдæг фæлмæцыд. Дзуринæгтæ йæм куыд нæ уыдис, фæлæ йæ æндæр истæуылты дзурын нæ фæндыд, йæ зæрдæхсаинæгты кой скæнын та йæ цæсгом нæ хъæцыд; нæ йæ фæндыд, чызг ын йæ зæрдæйы рæбинаг хъуыдыты æндæрырдæмты бамбара, йæ мид-зæрдæйы йын сыл бабылысчъилтæ кæна, бахуда йыл — ома дæ цахъæн усæн уыдон цавæр æнафоны митæ сты, цæй чындзы цæуын ма дæ æндавы; æмæ æнхъæлмæ каст, Венера йæ-дæдæг кæд ракæндзæн уыцы адæмы кой, Венера та, æвæццæгæн уымæ æнхъавлмæ каст, цæмæй йæ йæхæдæг афæрса уыцы адæмæй, æмæ афтæ сæ дыууæ дæр иу кой кæнинагыл хъуыдыгæнгде æнæбары цæуылдæрты ны-дæстæ кодтой. Уæдмæ уыгæрдæнтæм дæр бахæццæ сты. Хосдзæутты уындæй æрчъицæгау кодта. Мæнæ та йын куыд ницыбантыст йæ хъуыддæгтæй истытæ базонын, мæнæ та йыл мæрдкъуылымпы куыд бахæцыд. Чызджы истæмæйты кæй нæ афæрстытæ кодта, хибарæй сын фадат кæй фæци адзурынæн, æмæ уыцы фадатæй кæй не спайда кодта, уый адæргæй йæхимæ афтæ смæсты, æмæ. йæ ныдздзыназынмæ бирæ нал бахъуыд. "Бафæндыд æй: фырмæстæй йæхи зæххыл ныццæва, ныхъхъæр кæна адæммæ, æппæтыл дæр йæ къух ауигъа, ма цы сын басусæг кæна, афтермæй сын фæдзура йæ 'хъæстæгтæ, эæгъа сын: “Уæ, адæм, адæм, мæнæн мæ бон куы-нагуал у цæр.æнбрнты иунæгæй алцæуыл архайын, цæрæнбонты алцы дæр мæхимæ куы кæсы, æмæ мæ бон куынæуал у. Искæй æххуыс мæ нæ хъæуы, фæлæ тыхст рæстæджы искæмæ баулæфын, искæй истæмæй афæрсын, искæй раст зондыл ныхас фехъусын та куыд нæ хъæуы мæ йунæг къоппайы. Уæ, адæм, адæм, рацæут æмæ ма фенут, мæ бон иунæгæй кæй нæ уал у, æз дæр адæймаг кæй дæн, æмæ адæмау мæн дæр бинонты ныхас кæй хъæуы, хионы сулæфт мæ кæй хъæуы, æввахс адæймаджы ныхас. Уæ, адæм, адæм, не 'ппæт дæр адæм куы стæм, уæд ма мæн дæр бамбарут, мæ хъæстæгтæ уын куы кæнын, мæ зæрдæйы тыппыртæ уын куы дзурын. Бамбарут-ма мæ æмæ базонут, уыцы лæппу æцæгæйдæр мæ хъæбул у, æви мæ сайгæ кæны мæ сыджытæн хæринаджы зæрдæ. Бирæ мæ ницы хъæуы хорз адæм, æрмæст æй базонон, мæ хъæбул кæй у; базонон æй, мæ хъæбул кæй у, мæ хъæбул удæгас кæй у, удæгас æмæ амондджын, федъусон мæ удæгас хъæбулы дзыхæй иу ныхас, æндæр мæ куы ницы хъæуы. Æндæр куы ницы хъæуы мæ мæгуыр къоппайы. Æрмæст æй базонон, удæгас кæй у, стæй мæ мæ цард дæр куы ницæмæнуал хъæуы”. Фырмæстæй йæ зæрдæ арæсыд, æмæ йæ æппæт уыдæттæ бафæндыд хъæрæй зæгъын, фæлæ та, æрвылхаттау; йæ ахуыр куыд уыд, афтæ сæ йæхинымæр куы фæдзырдта, уæд ын чысыл фенцондæр. Æрсабыр. Уыгæрдæнты куыст уыди йæ тæккæ тынгыл: цып-пар цъерийы дзы самадтой, амадтой фæндзæм цъери. Цъериамайæг, æцæгæйдæр, сæ сиахс уыд, Чатри æмæ йæм йæ лæппу та æппаргæ кодтой. Натъа архайдта сси- выныл. Цалынмæ уыцы цъери дæр кæронмæ самайой, уæдмæ кæй нæ басихор кæндзысты, уый зонгæйæ сæ хæссинæгтæ кæрз бæласыл æрæвæрдтой, бæласы къалиутæй, æвæццæгæн, бынхостæн æрцагътой, æмæ йын уый дæр хъыггомау уыди: искæй къух сындз тонынæй дард-дæр ницæмæн бæззы — бынхосы тыххæй та кæрз бæласмæ дæ къух куыд хъуамæ батаса, фæлтау æй дæхицæн æрцæгъд, æмæ дзы зымæгмæ дæ фыстæн сыфтæр бабæтт. — Мæнæ мын цас кусджытæ ис! — бадзырдта сæм æддозæй, æмæ сæм куы баввахс, уæд сын салам ратта. —Уæ хуыцау уæ алыхатт дæр кусынхъомæй уадза, мæнæн мæ куыстытæ чи кæны. —Натъайæн, æвæццæгæн, уæды онг дæр æрхъæц нал уыди: — Дæхæдæг цы бамбæхстæ, Матрона, дæхæдæг? Цы бакæнон, Натъа, æз цæрæнбонты дæр æмбæхстытæй хъазын, — хъыг ын уыдис йæ ныхас, цыма йын лæвар кусынц. Сиахс сæ ныхасмæ цъерийы сæр йæ кусынæй чы-сыл фæлæууыд, ракаст сæм, æмæ сын йæ уынд æхсызгон кæй уыд, уый равдисынæн сæм бахудт. —Хъæбул, дæу дæр фыдæбойнаджы хай фæкодтам, æвæццæгæн?.. Уый та сæм ногæй бахудт: — Мæнæн та цы у!.. Сиахс æндæр та цæмæн æнтысы? — Дæ хуызæн сиæхстæ-иу цæлы фынгтыл хъуамæ бадиккой, фæлæ махмæ уыдæттæй сæрхызт сты, — алхыскъ кодта Натъайы. Натъайы, æвæццæгæн, кусын нал фæндыд, æмæ йын йæ ныхæстæ ницæмæ æрдардта, халамæрзæн цъерийыл бахъил кодта æмæ сæ цурмæ бацыд. — Охх, бафæлладтæн! Æнæхъæн уыгæрдæн иунæгæй æрæссывтон. Цом, уæлæ уал бæласы бын абадæм, уæдмæ кæд адон дæр амад фæуиккой. — Цæй, æз уал дæ бæсты рассивон, — загъта чызг. Кастис сæм, æмæ уыдта: чызджы, æцæгæйдæр, кæй фæнды истытæ акусын, йæ мой кæм кусы, уым куыстытæ фæрогдæр кæнын. Сиахсы змæлдыл дæр бæрæг уыд, зæрдиагæй кæй кусы, йæ бинойнаджы номæй йæхиуыл кæй нæ ауæрды. Нæ, уыдон нæ уыдысты цæстмæ митæ. Уый уыдис дыууæ æввахс адæймаджы иу хъуыдьг—кæрæдзийыл аудын, кæрæдзи къух фæрог кæнын, кæрæдзи ном хъахъхъæнын. Æмæ уыцы сыгъдæг æнкъарæн, æвæццæгæн, сæхæдæг дæр не 'мбæрстой, арæзтой йæ, æндæрхуызон ын аразæн кæй нæ ис, уыцы зæрдæйæ. 0, уый уыди амонд, ссаргæ амонд кæй фæхонынц, уый: ссаргæ амонд, алы адæйчмаг дæр кæй фæагуры æмæ алы адæймаджы къухы чи нæ бафты. Ссаргæ амонд, уыцы амонд-джын адæм фæстагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæмæ ракæсынц, куы йыл ацахуыр вæййынц, уæд ын стыр аргъ чи нæ уал фæкæны, сæхицæн æй æнæмæнг æрцæуæг хабарыл чи банымайы, цардæй сæм ахæм хал кæй æрхауд, уый æнæмæнг хъуыддагыл гуырысхо чи нæ уал фæкæны, сæ цæсты фæстагмæ чи саслам вæййы. Адæмæн цы у уыцы ссаргæ амонд, уый аргъ ма фæзонынц æрмæст мæнæйæхи хуызæттæ, Матронайы хуызæттæ—царды уыцы ссаргæ амондæй хай кæй нæ фæвд. Натъа уыдæттæн цы æмбæрста: —Нæ, нæ,—загъта йæ чызгæн,—стæй йæ рассивдзыстæм. — Уæд та дон æрдавон. Стæй сæ къухтæ цæмæй æрæхсдзысты. Йæ ныхæстæй бæрæг уыди, йæ мойы цурæй йæ кæй нæ хæссы йæ къах. Æвæццæгæн æй фæндыди йæ мойы хæрзарæхст куыстмæ кæсын, фæндыди йæ, цæмæй йын йæ мой дæр кастаид йæ куыстмæ, кастаиккой сæм иннæтæ дæр, æмæ сæ уындæй сæ зæрдæтæ рухс кодтаиккой, ома кæрæдзи аккаг сты алцæмæй дæр, алцæмæй дæр рæсугъд æмæ амондджын сты. 4 — Дæ бонæй дæ уа, Матрона, — кæрзы бын нæма æрбадтысты, афтæ æрхъæцмæ нал фæлæууыд Натъа, — уыцы адæм та дæм ныхæстæ куы æрбарвыстой. Уый нæ фæндыд, афтæ зæрдиагæй кæмæ æнхъæлмæ касти, уыдонæй исты хабæрттæ Натъайы дзыхæй фехъусын, æмæ йын кæд йæ мид-зæрды æрхъæц нал уыд исты бæлвырд хабар базонынмæ, уæддæр йæ цымыдис æргом нæ равдыста: — Чындздзон чызг дæн, чындздзон, Натъа, æмæ мын усгуртæ мæ къæсæртæ цæмæннæ хъуамæ сæттой. — Нæ, нæ, æцæг дын зæгъын, — батагъд кодта Натъа йæ дзуринæгтыл, — æвæццæгæн, дæ нæ адæм дæр феппæлыдысты, æмæ, дам, лæппу афтæ, кæд, дам, мын мæ фыдыл æввæрсы, уæд, дам, нын исты бæлвырд ныхас рарвитæд æмæ, дам, нæ хъуыддаг мауал æргъæвæм. —Æмæ, дам, ыл куыд баввæрсон, мæ цæсты кæронæй уæддæр куы ауынин мæ мойаджы, фыццагон рæстæг ма у?— худтис ын йæ ныхæстыл. — Цæй, — сæрыстыр æмæ йæм хины каст кодта йæ фыдцъылыс цæстытæй,—цæрдтæй мæрдтæм куы феввахс дæ. Ссæдзаздзыд лæппу балæудзæн дæ фæсдуар? Хъыг ын уыдысты йæ ныхæстæ. — Дæлæмæ æрхауæд амондыскæнæг. — Ныууадз ма йæ адыл дæ амондыскæнæджы, — фæсæццæ ис Натъа, — дæ зæры бонты мæт бакæн. Хæринаг ма-иу искæй номыл уæддæр араздзынæ. Зын ын уыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Зын ын уы-дысты, уымæн æмæ раст дзырдта. “Гъе, бынбауай, Матрона, — бустæ кодта йæхиуыл, — Натьа дæр ма зондамонæг кæмæн сси! Уæ дæлæмæ æрхауай амондыскæнæг, Натъайы армыкондмæ хъуамæ цалдæр удгоймаджы æнхъæлмæ кæсид, Натъайы арæзт хæринагмæ цалдæр адæймагæн хъуамæ уаид се скаст, æмæ мæнæн та мæ армыконд мæхицæй дарддæр мачи хъуамæ хæрид. Цы, цы, фæлæ уыцы амондæй дæр хъуамæ ма уаин хайджын, æмæ мын æрвылбон дæр исчи бустæ кæна мæ армыкон-ды тыххæй. Æппын ницы, фæлæ дын дæ арæзт хæринаджы дæр мачи хъуамæ бафауид. Ацы æдылы, цæрæн-бонты рæстмæ хæринаджы тæф кæй уæлартæй нæ ракалд, уый дæр ма амондджын куы у—йæ арæзт хæринаг кæйдæр хъæуы, йæ арæзт хæринагмæ чидæр æнхъæлмæ кæсы, йæ тъылланг цæхдон рæстæгыл куы нæ сцæттæ кæна, уæд чидæртæ æххормагæй зайынц. Ды та, Матрона, фæнды хуыцауы раз æвæринаг хæринæгтæ сараз, уæддæр никæй хъæуы дæхицæй дарддæр, дæ хойрагмæ æнхъæлмæ гæсгæ, дæхицæй дарддæр ничи баззайдзæн æххормагæй. Уæ, æххормагæй æрцæуа йæ адзал ме 'намондгæнæгæн! Уæ йæ арæзт хæринагæй хæрæг ма уа ме 'намондгæнæгæн”!.. Натъа ныхæстæй нывæста йæ амцæф-умцæф дзуринæгтæ. Уый, Натъайы ныхæстæм хъусын сæфсонгæнгæ, йæ мидзæрдæйы йæхицæн кодта йæ мæгуыры хъæстытæ. Уæдмæ нæлгоймæгтæ дæр фесты сæ цъери амад, æмæ æрбацыдысты сæ цурмæ. Уыгæрдæнты ныры онг дæр ног хосы хъарм тæф уылæнгай ивылд, фæлæ ныр нæлгоймæгты æрбацыдæй уыцы тæф фæтыхджындæр: уыдонæн сæ хид сæ буарыл лæсæнтæ кодта, хидлæхъир буарыл цæстæнæвзаргæ "бæзнæй ныббадт хосы рыг, æмæ æппæт уыцы æтмхæццæ тæф туаггомауæй æмбæлд æмбудæнтыл. Уыцы тæф цыдæр зонгæ æнкъарæнæй хъыдзы кодта Матронайы зæрдæ, æмæ æвйппайды фестъæлфыд: раст ма ахæм тæфы ад зилахар кодта æгас хъæуы алыварсхæсты рæстæджы йемæ хæсты фæстæ азты. Æмæ та бабæллыд: куыд нæ у амондджын уыцы адæймаг, æрвылбон уыцы тæф йæ бинон^æ кæй хæдзармæ бахæссынц, сæ удæгас буæрттæй куцсты тæф кæйæн фæкæлы. Куысты тæф, царды тæф, дæ цард кæйдæр кæй хъæуы, дæ цард кæмæндæр зынаргъ кæй у æмæ цæмæй æрай, уый тыххæй йæхиуыл чи нæ ауæрды; зынаргъ сын кæй дæ, уый нъгхæстæй æмæ митæй нæ, фæлæ сæ удæгас буæртты тæфæй дæр кæмæн хатай. Уæ, тæхуды, адæймаджы цæрайæ уыцы хиды тæф кæмæй ракæлы, уыцы бинонты хицау, уыцы сывæллæтты мад... Цы йын æмбæрстой уыдон та йæ хъуыдытæн? Фæлæ сæхæдæг дæр, сæхицæн æнæ^бæрстæи, радысты сæ куысты царддæттæг тæфæй, радысты сæ кæрæдзийы уындæй. —Уæдæ цæхсæм нæхи, и?—йæ цыбырдыс хæдон феппæрста Чатри. Дон æркæнынмæ Венерæ хъавыд, фæлæ йæ моймæ куы бакаст, цæстæнгасы мадзура æвзагæй кæрæдзйимæ куы аныхæстæ кодтой, уæд æм кружкæ ратта, иуварс алæууыд, æмæ йыл цыма æнæнхъæлæджы хорздзинад æрцыд, хурау, худт. Чатри, фурттытæгæнгæ, калдта дон йæ цæсгомыл, йæ мæцъис цæнгтыл. Урс майкæ хидхуылыдзæй саубын дардта. Лæгæн йæ мæкъуыстæджытæ хурсыгъдæй цух баййæфтой, æмæ урс гæрæмæй зындысты йæ цæнгтыл. Нуарджын, фæлæ æддæмæхæст тæнтимæ, хъуынджын æмæ фидар цæнгтимæ лæг зынди арсы хуызæн. Чатримæ æгæр лæмбынæг кæй кæсы, уый фæхатыд; фæхятыд, Натъа дæр кæй бафипрайдта, йæ мойы уæнгты конд ын æгæр кæй бæрджытæ кæны: йæ цæсгом ныссаудалынг. Ноджыдæр ма куы акæстытæ кодта йæ алыварс, уæд федта — чызг дæр бафиппайдта, йæ мад цæуылдæр кæй бамæстджын, стæй цæй тыххæй бамæстджын, уый дæр хатыд: иннæтыл-иу йæ цæст ахæсгæ, сæрыстыр æмæ амондджынæй бакаст йæ моймæ. Иннæтæ иууылдæр сæхи куы цæхсадтой, уæд чызг йæ мойы къухæй райста кружкæ: —Дæ хæдон ралас, æмæ ды дæр дæхи цæхс. Сиахс уысмы бæрц ахъуыды кодта, стæй бакаст йæ бинойнагмæ, цæстæнгасæй йын загъта йæ ныхæстæ, æмæ йæ хæдоны хъуырыл фæстæмæ фæхæцгæ, бавнæлдта йæхи æхсынмæ. Чызджы фæндыд, йæ мой дæр йæ хæдон куы раластаид, йæхиуыл дон дзæбæх куы спырх кодтаид, цæмæй йæ буар сулæфа, фæлæ йин йæхиуæттæй кæй æфсæрмы кæны, сиахсæн æнæмæнгæй дæр куыд æмбæлы, ахæм æгъдау кæй æххæст кæны, уый дæр та йын йæ зæрдæ балхæдта: йæ цæстæнгас йæ мойæ атонгæ, амондджын хуызæй бакаст йæ мадмæ, ома мой хъуамæ ахæм уа, гъе! Ома дæуæн та дæ мой Матронайы хуызæттæм дæр æрхауы! Ацы хатт Натъа дæр бафиппайдта йæ чызджы сæрыстыр æнгас: йæ цæсгомы нуæрттæ фестъæлфыдысты, æмæ фыдызнаджы цæстæй бакаст фыццаг йæ моймæ, стæй та — Матронайырдæм. Уый йæхицæй ницы уынæг ацарæзта, цыма се 'хсæн цы мадзура хъаугъа цæуы, уый нæ хаты, йæхи афтæ равдыста: —Ме 'ххормаг кусджытæ,—дзырдта нæлгоймæгтырдæм, — исты хус къæбæртæ уæддæр ахæрæм. Сымахæн цахæм сихор хъæуы, уый бæргæ хорз зонын, фæ-лæ адæамаг цыбыркъух куы уа, уæд... Дзырдта, æмæ кæрдæгыл тыд кæттагыл æвæрдта дзидзайы кæрдихтæ, уæливыхтæ, карк, авджыдзаг арахъхъ. Стыр уæгъдхъуыр дурыныдзаг бæгæны куы систа, уæд нæлгоймæгтæ бангæстæ сты. — Уый хъуыддаг у, гъе, — æргомæй бацин кодта Чатри.—Ацы тæвды бæгæны хорз усæй дæр хуыздæр у. Æмæ ныххудт. Фæлæ йæ усы саудалынг цæсгомыл куы аныдзæвд йæ цæстæнгас, уæд фембæрста, ацы тæккæ йын уыдон æнæууылд ныхæстæ кæй уыдысты. — Лæппу, рауадз-ма. — Ацы уазал бæгæныйæ Уастырджи дæр баназдзæн,—уырдыгыстæджы бартæ йæхимæ райста сиахс, æмæ хатгæ дæр нæ фæкодта, бæгæныйыл кæй бацин кодта, уымæй йæ усы мады фыдæх кæй райста — Натъа йæм ахæм цæстытæ сзылдта, ахæм, æмæ сæ йæ чызг куы ауыдта, уæд фæтарст йæ мойæн, лæгъстæгæнгæ, бакаст йæ мадмæ: — джиджджи, мах нæ сихор фæстæмæ хæссинаг стæм? — Къухы цы уа, уый алыхатт дæр аджын хъуамæ уа, — уæлæхох хъæлæсæй загъта, æмæ уый дæр картофджынтæ æрæвæрдта сæ разы, — адæймаг йæ гуыбыны зды ауадза, æрмæст ууыл куы хъуыды кæнид, уæд истытæ ссарынæн та цас хъæуы? Йæ ныхæстæ кæмæ хаудысты, уый сиахс æмæ гыццыл •лæппуйæ дарддæр иннæтæн та цы 'мбарын хъуыд; ныр уыцы дыууæйæ дарддæр иууылдæр бамбæрстой, се 'хсæн мадзура хъаугъа кæй цæуы. Фынг æнад кодта. Натъайы ныхæстæ йæ ацæхæраджынтæ кодтой, смæсты. Афтæ смæсты æмæ исты сдзурын дæр нал сфæрæзта. Стæй æвиппайды загъд ныхæстæй йæ маст кæй нæ райсдзæн, уый йæ зæрдыл даргæ, хъуыды кодта, цы йын зæгъа; цы йын зæгъа ахæм судзаг ныхас, цæмæй бамбара, царды амонды аккаг Натъайы хуызæттæ нæ, фæлæ Матронайы хуызæттæ кæй сты: цæмæй бамбара, царды æнамонд кæй у, уый дæр Натъайы хуызæн адæймæгты аххос кæй у, уый хуызæн адæймæгтæ йын кæй сызмæстой йæ цард. Натъайы хуызæн адæймæгтæ куынæ уыдаиккой, уæд уый дæр ныр уыдонау амондджын кæй уаид, уый дæр, бинонты хицау кæй уаид. Уый æнамонд у, Натъайы хуызæн адæймæгтæ йын кæй сызмæстой йæ цард, Натъайы хуызæттæ та амондджын сты, сæ цард сын кæй ничи змæнты. Чи сын змæнты сæ цард? Мæнæ ацы мадзура хъаугъайы дæр чи у аххосджын? Æмæ уыцы хъуыдытæй æвиппайды йæ зæрдæ ауазал. “— Чи змæнты мæнæ ацы амондджын бинонты цард ныртæккæ?” — фарста йæхи. “— Чи, чи, æмæ ды, Матрона”, — фегуырди йæ хъуыдыйы. Йæхицæй сырдта уыцы хъуыды, фæлæ цæрæнбонты раст ныхæстыл чи сахуыри, уыцы зæрдæ йын чъил кæнын нал куымдта: “— Ды, Матрона, ды, — дзырдта йæм йæ зæрдæ, — мæнæ ма сæм акæс: бинонтæ сæхицæн адджынæй кусынц, цæмæй амондджын уой, ууыл архайынц, æмæ сын æй ды æнад кæныс. Æнад сын кæныс сæ кæрæдзийы уынд, се 'хсæн кæй дæ, уымæй. Æнад сын кæныс сæ адджын къæбæрхæрд, ды дæхи гуыбыны тыххæй кæй сарæзтай, æмæ сын ныр сæ разы цы комдзæгтæ авæрдтай, уымæй дæр. Æмæ дæ чи цæуыл домдта? Уыдон дæм бацыдысты истæмæ æххуысагур, æви сæм ды дæхæдæг бацыдтæ æххуысагур? Æмæ уæдæ Натъайæ уæлдай иу комдзаг кæй æрæвæрдтай сæ разы, уымæй сын цæмæн æнад кæныс сæ цард дæр æмæ сæ хæрд дæр? Уыдонæн сæ хус къæбæр дæр кæрæдзийы уындæй адджын куы у, уæд дæу чи домдта дзадджын фынгтыл? Цæуыл мæсты кæныс Натъайы ныхæстæм? Æви Натъа дæр дæуау æрмæст йæ гуыбыны мæт куы кæнид, уæд нарддæр комдзаг не 'рхастаид сæ размæ? Æви сæ ныр дæр куы бафæнда, уæд сæ бон не суыдзæн? Уыдон ма дæуæй хъауджы бинонты мæт дæр куы ис: бинонты, сывæллæтты, хæдзары фарны... Зæгъ-ма, зæгъ, Матрона, чи кæй цард змæнты? Натъа—дæу, æви ды—Натайы? Цæмæн? Цы аххосджын фæци? Цæмæн æнамонд кæныс кæйдæр амондджын бинонты? Кæддæр дын дæхи амондджын цард чидæртæ куыд фехæлдтой, афтæ ныр дæхæдæг цæмæн ныхилыс кæйдæр амондджын цардмæ? Дæуæн гуыбыны хæлцыл у дæ цард, уыдонæн та сæ цард куысты тыххæй куы у. Куыст — адæймаджы хорздзинæдтыл чи ардауы æмæ адæймаджы дзæгъæлы сæпттæм кæмæй не 'вдæлы”. Уыцы хъуыдытæ йыл æркалдысты æрвкæлæгау. Йæ уды азым æй ныууыгъта сæрæй къæхты бынмæ. Æмæ цæмæй уыцы хъуыдытæй фервæза, йæ зæрдæйы цы удазымты лæсæн фæкъæртт, уый рæстæгмæ æрæхгæна, уый адæргæй йæ æвиппайды бафæндыд Натъайы зæрдæ ссарын: — Гъе, Натъа, — загъта йын зæрдæбынæй, — ахæм хæринæгтæ нæ, фæлæ- иу адæймагæн хус къæбæр дæр куы уаид, æрмæст æй йæ бинонтимæ куы хæрид. Хæдзары-иу бинонтæ уæд, æндæр курæггаг къæбæртæй дæр фæцæрдзысты. Йе 'нæнхъæлæджы ныхæстæм Натъа фæсæццæ. — Мæнæ ацы хъæбулты хуызæн хъæбултæ мæ хæдзарæй куы рахизид, æмæ сыдæй дæр, мæ мæлæт куы æрцæуид, — архайдта Натъайы зæрдæ ссарыныл, — ды тæхудыйаг дæ, Натъа, ахæм хъæбултæ куысты рæстæджы йæ уæлхъус кæмæн æрбалæууынц. Мæгуыр мæнæ мæ хуызæттæ сты — мæнузæгъæг кæмæн нæй. Сылгоймаг уæддæр сылгоимаг у, уæлдайдæр та хъæ-булы коймæ, æмæ Натъайы зæрдæ æрфæлмæн. — Дзæбæх у, Матрона, — загъта йын, — дæ цард æхсызгон кæмæн у, уыдон фæндиаг у. — Чи мын ис, чи, Натъа, — дзырдта дарддæр, —мæнæ сымах хуызæтты фæрцы куынæ цæрйн, уæд цы кæнин? Венера бангæстæ се 'нæнхъæлæджы хъæрмуд ны-хæстæй. — Матрона, — загьта йын худгæбылæй, — фæндгæ дæ бакæнæд, æндæра ахæм адджын бинонты æхсæн бахауис, ахæм, æмæ ма дæм бирæтæ тæхуды дæр кæниккой. Бинонтæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. — Цы зæгъынц, цы, уыцы адæм та?—къахæджы фарст акодта Натъа йæ чызджы. — Мæнæ Солтаны минæвар æрбарвыстой, — загъта уый, æмæ йын цæмæй иууылдæр йæ ныхасмæ лæмбынæг байхъусой, бамбарой йын йæ ныхæстæ, ахæм лæгъстæгæнæджы цæстæнгасæй каст се 'ппæтмæ дæр. Доме нæм хæдзармæ æрбацыд: бафæрс-ма, дам-иу æй, æмæ, дам, нын исты бæрæг ныхас æрхæсс. Дæуæй хуыздæр, дам, ацы хъуыддаг ничи сараздзæн. Йæ хъæлæсы уаджы уыд уыйбæрц лæгьстæ, æмæ се 'ппæт дæр бамбæрстой: чызджы тынг фæнды, цæмæй йын йæ моймæ лæмбынæг байхъусой, цæмæй бамбарой: йæ мойæн ын адæм ахсджиаг хъуыддæгтæ кæй бакæнынц йæ бар, адæмы æхсæн разагъды лæгыл кæй у ны-мад, æмæ ахæм адæймаджы ныхасæн та аргъ кæнын кæй хъæуы. Се 'ппæт дæр, сиахсы ныхасмæ æнхъæлмæгæсгæ, ныхъхъус сты. Уый та, алы æвæлтæрд адæймаг дæр куыд фæтыхсы йæ бæрнгонд хъуыддаджы, афтæ фыццаг фæкъæмдзæстыг, фæлæ йын æнæдзургæ кæй нæ ис, уый йæ зæрдыл даргæ, тыххуыфт бакодта. — Æцæгдæр хорз адæм сты, — загъта æрæджиау, — ме 'рвадæлтæ сты, æмæ сæ уый тыххæй не 'ппæлын, фæлæ Уакко нæ комы æгьдауджындæр лæг у. Доме та æцæг хорз адæймаг у. Нæ хъæуы се 'ппæт дæр Домейы ныфсæй ныфсджын сты. Горæты йæ ныхас кæмдæриддæр кæрдаг у. Нæ хъæуы хъуыддæгтæ аразæг уый у. Æмæ мын дзырдта, цæмæй дæм бахатон, æмæ сын исты дзуапп ныххæссон. Мæнмæ гæсгæ, ахæм адæмимæ цæрынæй ницы фæфæсмон кæндзынæ. Венера йæм касти, æмæ разы уыд йæ лæджы арæхстæй. Уый йæ ныхас куы фæци, уæддæр ма йæм иу-дзæвгар фæкаст æнхъæлцауы цæстæнгасæй, ома ма кæд истытæ зæгъид, фæлæ лæг куы ницыуал загъта, йæ ныхæстæ кæй фесты, уый æвдисынæн йæ дысæй йæ ныхы хид куы асæрфта, уæд Венера дæр йæ сæр разыйы тылд бакодта: ома дæхæдæг хуыздæр зоныс, иугæр ницыуал дзурыс, уæд, æвæццæгæн, афтæ хъæуы. Куы ничиуал ницы дзырдта,' уæд ныхас йæхимæ айста Натъа. — Омæ, Матрона, цы дывæндтæ кæныс? Кæд афтæ хорз адæм сты, уæд дзы цæмæй фæфæсмон кæндзынæ? Мæнæ нæ бинонтæ иу бон дæр хæдзары куынæ вæййынц, уæд мыл мæ хæдзары цыппар къулы тъизгæ фæкæнынц; цыма нын нæ хæдзар исчи фæхаста, афтæ нынкъард вæййын. —Цæй, цыма дæ нæ фæнды,—худгæбылæй ас лæджы ныхæстæ æрбаппæрста гыццыл лæппу. Хъуыста сæм, касти сæм, æмæ зæрдæйы цæстытæй' уыдта æппæт дæр. Гыццыл лæппуйы ныхæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кæйдæр ныхæсты фæстуæг уыдысты. Цы 'мбары сывæллон та, адæймаджы цытæ фæфæнды, уыдæттæн? Цы 'мбары сывæллон, царды алы дудгæбæттæ дæр чи бавзæрста, ахæм адæймаджы кæй ницыуал фæфæнды, уымæн? Цæй фæндиæгтæ ма вæййы ахæм адæймæгтæм, царды йæ рæбинаг фæндтæй иу дæр кæмæн нæ сæххæст? Цæй фæндиæгтæ ма хъуамæ уа уый цахъæн сылгоймагмæ йæ сывæллæтты амондæй дарддæр. Æмæ уыдон та не сты. Не сты сывæллæттæ, не сты фæндиæгтæ дæр. Цард та фæндиæгтæй конд у. Фæндиæгтæ кæмæ” нал ис, уымæн цард дæр нал ис, уым цард дæр байсæфт, фæци. Æмæ ма уæдæ цы ныфсæй цæры? “Мæ хъæбулы ныфсæй, — загъта йæхицæн, — мæ хъæбулы ныфсæй!” Йæ хъæбулы коймæ та йæ хъуыдытæ сæхи аппæр-стой .дард æцæгæлон уæзæгмæ, уыцы æнæхайыры бан-донмæ. Уыцы æнæхайыры бандоныл хуыссыд йæ хъæбул, йæ зæрдæдарæн, æмæ фынаæй кодта уыцы æвæлмон, уыцы æвæлмаст хуыстæй. Касти йæ чысыл зæрдæдарæны цæсгоммæ, æмæ йæ хъæбулы цæсгомыл, раст йæ æрфыджы сæрмæ суыдта хъазы къахы фæды хуызæн стъæлф. Уыцы стъæлф æм, пырх къухæй æвзидæгау, æртхъирæн кодта, йæ зæрдæ йын йедзаг кодта тасы æнкъарæнтæй. Уыцы тасы æнкъарæнтæ йæ разæнгард кодтой цардмæ, уагътой дзы ныфс, царды ныфс. Æмæ уыцы царды фæстаг ныфсы сæраппонд разы уыди æппæтыл дæр. — Хъæбул, — сдзырдта сиахсмæ, — афтæ куы фехъуыстон, сæхи лæппу, дам, нæу? Бинонтæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. — Сæхи лæппу нæу, фæлæ-иу алкæмæн дæр йæхи .лæппутæ дæр афтæ куы лæггад кæниккой!—загъта сиахс. — Уымæй та цæмæй тæрсыс, Матрона,— загъта йын Натъа,—боны фæстагмæ, дæ муртæ уал ам нырма ма бакъаддæртæ кæн, æмæ кæд дæ зæрдæмæ нæ фæцæуой, уæд фæстæмæ мæнæ дæ хæдзармæ сыздæхдзынæ. Натъайы æдылы банхъæлдта йæхи зондыкъуыбар. “Гъе, уæууай, гъе!—хъуыды кодта йæхинымæр,—адæймаг йæхи куы æрныллæг кæны, уæд æм сæрыстырæй чи нæ ракæсдзæн. Уæд ын зондамонæг чи нæуал свæййы!” — Сымах кæд здæхут фæстæмæ? — бафарста сæ. — Райсом. — Хорз, — загъта сын, — изæры уæ хæдзары абæрæг кæндзынæн æмæ уын зæгъдзынæн мæ ныхас. 5 Уыгæрдæнтæй куы рацыд, хæдзармæ куы сирвæзт, уæд банкъардта: йæ хъару бынтондæр асаст. Тыхы мур нал аззад йæ уæнгты. Хъæдын тъахтиныл хауæгау æркодта. — Цы чындæуа? — хъуыста йæхи уды хъæрзт, — цы чындæуа? Æгад æмæ йæм дæлдзиныг каст зæры бонты кæйдæр хæдзармæ фæцæуын, кæйдæр цæттæ бинонты æхсæн æрцæрын. Кæйдæр хæдзар, æнæзонгæ бинонтæ сæ цæнгты тыхы фæрцы кæй фæцарæзтой, цæст дзы цыдæриддæр уына, суанг къæхтæсæрфæн ызгъуыры онг, æппæт уыдæттæ сæ цæнгты фæллой кæмæн сты; æмæ ды уырдæм ныццу, æввонгæй сын дæхи схицау кæн, зæгъ сын: ныр адоныл дæр сымахау мæ бар цæуы. Æмæ искæй фæллад цæнгты фæллоймæ чи цы бар дары? Цæрæнбонты сæ удæй артцæгьдæгау цы цард фæцарæзтой, уымæн дæ æввонгæй чи хъуамæ схицау кæна? Чи дын ратдзæн уый бартæ? Æмæ хæдзары та истæуылты куынæ цæуа дæ бар, уæд дзы куыд хъуамæ фæцæрай? Куыд хъуамæ цæрай, дæ къухты фæллойæ хай бахаст кæм нæй, ахæм бинонты астæу? Хуыснæджы цардæй? Къуымтæ æфснайай, хæринаг аразай, æви иуран бадай, уæддæр хат: де змæлдмæ дын чидæр, æнæуынгæ, чидæр йæ цæст дары, фæрсы дæ дисгæнæджы хæлæсæй: — Чи дæ, чи? Цы архайыс ацы къуымты? Кæцæй æрхаудтæ? —Æмæ кæд уый зоныс,—тъахтиныл хаудæй алырдæмты дзæгъæлтæ кодтой йæ хъуыдытæ, — кæд уый зоныс, æмæ æцæгæлон хæдзар у, уæд æм цæмæн æппарыс дæхи? Кæд æцæгæлон хæдзар у, уæд зæры бонты цы сæрра дæ, цы тых дæ ласы уырдæм? Цæмæннæуал дын ад кæны дæхи мæгуыр къуым? — Уыцы лæппу, — загъта йæхицæн, — уыцы лæппу... Æмæ та æрыхъуыста зонгæ хъæлæстæ. Æрыхъуыс-та йæ гыццыл хъæбулы дзыхы ныхас, уыцы лæппуйы агхсызгон хъæлæс; йæ цæсты раз та сыстад уыцы зонгæ стъæлф, — йæ цæстныдзæвæны уыцы стъæлф афтæ рæзт, афтæ, æмæ æндæр исты уынын нал уыд йæ бон. Æмæ уыцы стъæлфы тасуадзæг уындæй хатыд йæ зонд; ныры онг ма йын цард адджын цæй тыххæй уыд, ныры онг ма цæрыны сæраппонд йæ уд цæуыл хæцыд, уыдонæн сæ кой, сæ хъæр дæр нал ис, æрбайсæфтысты. Уы-донимæ æрбайсæфт йæ цард дæр, йæ царды ныфс дæр. Фæлæ нырма мæнæ удæгас куы у. Удæгас адæймаг та йæ фæстаг сулæфты онг дæр цæргæ куы фæкæны. Цæргæ чи кæны, уый та истæй ныфсæй хъуамæ цæра. Уый та цæй тыххæй цæры? —Дæу тыххæй, мæ хъæбул, дæу тыххæй. Æз æй зонын, ды удæгас кæй дæ, æмæ цалынмæ цæрон, уæдмæ дæ ныфсæй цæрдзынæн, ды удæгас æмæ амондджын кæй дæ, уый базоныны ныфсæй. Мæн ницы хъæуы, хъæбул, фæлæ йæ базонон, ды, æцæгæйдæр, мæ хъæбул дæ, æви мæм мæ хъæбулы хуызы цæстмæдарынæн фæзындтæ, — куыдта, æмæ-йæ мидзæрдæйы, лæгъотæгæнгæ, дзырдта йæ айразмæйы уазæгимæ. — Ма тæрс, хъæбул, мæн дæуæй ницы хъæуы, куы дæ ссарон, уæддæр дæ хъæбулы лæггæдтыл нæ бадомдзынæн. Æз хъæбулы лæггæд-. ты аргъ нал дæн, мæ зæрдæдарæн, хъæбулæн мæхуызæн мад æгады хосæй дарддæр ницы у æмæ дæ хъæбулы лæггæдтыл нæ бадомдзынæн, мæ сæрныллæгæй дын дæ сæр адæмы раз не 'рныллæг кæндзынæн, мæномæйдæ адæмы раз нæ фæкъæмдзæстыг кæндзынæн, фæлæ-иудын сусæгæй дæ дзыхы ныхасмæ уæддæр байхъусдзынæн. Мады рæвдыдæй цух цы зæрдæ бавзæрста, уымæ дардæй уæддæр бакæсдзынæн. Æз дын, хъаабул, æрмæст дæ удæгас уæнгты змæлд фенон, æндæр лæггад дæ нæ бадомдзынæн. Æцæгæлон адæймагау мæм æцæгæлоны цæстæй куы кæсай, дæ ныййарæг мад дæм æцæгæлонæй куы фæзына, барæвдауын дæр дæ куынæ уæнда, уæддæр де сулæфтæй æхсызгондæр куы ницы уыдзæн мæ фæрчытæхауæг зæрдæйæн. Куыдта, æмæ афтæтæ лæгъстæ кодта йæхинымæры, цыма йæ хъæбул æцæгæйдæр йæ разы лæууыд. Хъæбулуарзаг зæрдæйæн та йæ сæнтты фадат фæци, æмæ нал ауæрста йæхиуыл. Цинтæ æмæ лæгъстæ кодта йæхинымæр йæ хъæбулæн, æмæ уыцы æмрæстæджы ноджы хъуыды кодта, фыццаг уал йæ хъæбулæн йæхæдæг йæхи кæй не схъæр кæндзæн, фæлæ хъæбул дæр уæддæр хъæбул кæй у, æмæ æппынфæстаг мады зæрдæйы хъарм æнæбафиппайгæ кæй нæ фæуыдзæн, кæй базондзæни йæ мады, æмæ йын нырмæ æнæзонгæ æмæ æцæгæлон хæдзар чи у, уым кæй разындзысты йæ адджын бинонтæ. Æмæ уыдзæни амондджын. 6 Уыцы хъуыдытæ йæ цух нал суагътой, уьщы хъуыдыты амондæй йæ зонд расыг кодта, æмæ изæры Чатритæм куы бацыд, уæд гуырысхотæ æмæ дывæндтыл нал схæцыд. Уый нæ, фæлæ ма йæхимидæг дис дæр кодта: цы у, цы, йæ дызæрдыджы сæр? Цæй сæрæгады кой кæны, æппæт дæр йæ хъæбулы ссарыны сæраппонд куы аразы? Цы сты Натъайы хуызæтты былысчъилтæ, йæ хъæбулы ссарыны ныфс йæ зæрдæйы куы бацыд? Чатриты бинонты баййæфта æмбырдæй. Уыдысты фынгыл æрбадынæввонг. Æвæццæгæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты. Натъа банæртонхуыз: йæ чызг æмæ йæ сиахсы номыл сарæзта дзаджджын æхсæвæр — уыдис дзы ног цыхтæй конд хæбизджынтæ, дзыкка æмæ æндæр цыдæртæ. Æвæццæгæн абон йæ сихор мæгуыркъух дæр кæй разынд, уый йын йæ зæрдæ бацавта—карк дæр рауæлдай кодта. Хæринæгтæ фынгыл æвæрд куы фæци, уæд йæхæдæг дæр сæ фарсмæ æрбадт, æмæ уыйæрдæм фæллад, фæлæ сæрыстырæй бакаст — ома кæсыс, адæттæм адæймаджы æвдæлгæ нæ ракæны, æндæра се ссарынæн та цы хъæуы. Чатри æмæ сиахс фæйнæ цалдæр анызтой. Цæмæй йæ зæрдæ ныфсджын уыдаид, уый тыххæй йæхæдæг дæр “нæ”-тыл не 'схæцыд, се 'мныуæзт кодта. Хъуыддаджы тыххæй йæ нырма ничи фарста, фæлæ йын йæ цæрæнбон куы ракуывтой, уæд Натъа дæр сыкъа райста, бирæ цыдæртæ йын фæкуывта, æмæ йæ анызта. — Цæй, Матрона, — фарста йæ аудæг хъæлæсæй, — цы фæнд дæм æрцыди? Уымæн та кæд йæ фæнд лыггонд уыди, уæддæр æм йæ дзурын зы касти, æмæ ныхъхъус. Ныхъхъус сты уыдон дæр. Ничиуал ницы дзырдта, æмæ йын уыцы мадзура бадт йæ тых саста. Æмæ та цæмæй йæ зæрдæ быйтондæр ма æрлæмзегътæ уа, йæ ныфс та ма асæтта, уый адæргæй батагъд кодта: — Цæй фæндтæ ма вæййы мæ хуызæттæм та, — загъта сын,—нæ зонын, цы 'бакæнон. Ме 'нæбары муртæ та цы фæкæндзздæн? йæ ныхæстæй йын се 'ппæт дæр бамбæрстой йæ фæнд, æмæ сæхйуыл схæцыдысты, базмæлыдысты, кæрæдзймæ бакæстытæ кодтой. — Æ, мæрдТьиАæй ма-куы фæуай, — байради На-тъа, — Дæхи удæн æнцондæр цы у, афонмæ дæр дæ уый аразн хъуыди... Дæ папитыл та цæуыл мæт кæныс— хæдзармæ куы ныццæудзынæ: дæ къухты хъиамæт кæдæм бахæссай, уым дын бартæ фылдæр уыдзæн. Афтæ дын уæддæр ничи зæгъдзæн—нæ даринаг дæ. Уыцы ныхæстæй Венерайы цæсгом хурау схудт. Сæрыстыр æмæ райгондæй бакаст йæ мойы 'рдæм — ома адон иууылдæр дæ зондджын миты фæрцы сты, æмæ дарддæр цы аразын хъæуы, уымæ дæхицæй хуыздæр ничи сарæхсдзæн. Йæ мой йын бамбæрста йæ цæстæнгас. — Уыдоныл та цы тыхсыс, Матрона? — йе 'мкъаймæ йæ сæр разыйы тылд бакæнгæ, дзырдта сиахс, —Доме мын афтæ фæдзæхста: кæд дам разы у махмæ æрцæуыныл, уæд дам-иу ын зæгъ: йæхимæ цыдæриддæр ис, уыдонмæ дам ын йæхи удæй дарддæр ничи ницы бар дардзæни, куыд æй фæнды, афтæ дам сын бакæнæд. Кæд дам æй фæнды, уæд дам сæ ауæй кæнæд, æмæ æхца йæхи уды номыл нывæрæ, уыдон дам æрмæст йæхи сты. Æмæ, æвæццæгæн, афтæ хуыздæр уыдзйен, Мат-рона. Ма тæрс, исты цух чи у, ахæм хæдзармæ нæ ныццæудзынæ. Алцæмæй дæр цæрæг хæдзар сты. Доме йæхæдæг йæ бинонтимæ горæты цæры, æмæ Уакко иунæгæй кæй аззайы, æндæр цух ницæмæй сты. Уакко сын горæтмæ нæ комы — ам дам у мæ уæзæг, æмæ дам ардыгæй икуыдæм фæцæуинаг дæн. — Гъе, æмæ цы, — нал та фæлæууыд Натъа, — афтæ та ноджы хуыздæр. Ауæй сæ кæн, æмæ æхца дæхимæ куы уа, уæддæ куыд фæнды, афтæ сын кæндзынæ. Хæдзар нæуæг хæдзар у, æмæ йæ æлхæнджытæ уыдзæн. Стурты дæр афтæ. Хъуг мæнæ мах нæхæдæг дæр балхæндзыстæм. Уый ницы дзырдта. —Кæд разы дæ,—дзырдта йæм сиахс,—уæд сын иу бонмæ сæмгъуыд кæн. Ардыгæй-уæдмæ дын бæстон кæнинаг цы уа, уыдон æрбæстон кæндзынæ, иннæты та уæй акæн. Уыцы бон дæм машинæйыл æрбацæудзысты, мæхæдæг дæр æрбацæудзынæн семæ, демæ ласинаг цы уай, уыдон сæвæрдзыстæм, æмæ уыцы иу цыдæй афардæг уыдзыстæм. Уый ницы дзырдта. Æнхъæлмæ каст, Чатри та цы зæгъдзæни. Чатри сæм уæды онг æнæдзургæйæ хъуыста, фæлæ ныр йе сиахсмæ бакаст æмæ нал фæлæууыд: — Куыд ын сæ уæй кæнын кæнут, куы, уыцы иу гуыппæй? Ай цæрæнбонты сконд хæдзар у, сæныччы хъус куы нæ уæй кæны! Сæхæдæг дæр ма иу хатт æрбацæуæд, æмæ ноджы бæстон бадзурæт. Уæдта йæ ныццыдыл нал разы кæнынц, уæд æй уæлмит, уæлих аззайын кæнынмæ хъавут? Чатрийы ныхæстæм йæ чызг бадиссæгтæ кодта: — Цытæ дзурыс, цы? — уыцы дисгæнгæ ныкомкоммæ йæ фыдмæ, — Доме ахæм адæймаг у, æмæ сывæллоны раз дæр нæ фæсайдзæн йæ ныхас. Стæй Солтаны дæр уымæн æрбарвыста, æмæ йыл алцæмæйдæр кæй æууæнды. — Сымах сывæллæттæ стут, æмæ нырма ницы æмбарут,—цæхгæр сæм сдзырдта Чатри,—-ц.æрæнбонты фæллæйттæ афтæ талф-тулфæй къаппа- къуппа кæнинаг не сты. Венерайæн тынг хъыг уыдысты йæ фыды ныхæстæ, æмæ йæ цæсгом фæтар кодта. Йæ мойы йын сывæллон кæй рахуыдта, адæм сæхи хъуыддæгтæ дæр кæй бæрн бакæнынц, уымæн йæ ныхас фæсвæд кæй авæрдта, уый нæ ныббарста йæ фыдæн — мæсты æмæ йæм гуырысхогæнгæ бакаст: ома дæ кæд æндæр исты зæгъын фæнды, ома кæд дæ зæронд хæзгулы ацыдыл нæ дæ разы? Натъа дæр æндæрхуызон бамбæрста йæ лæджы ныхæстæ, æмæ йæ цæсгомы хуыз фæсау: — Æмæ лæппу йæхи зондæй дзуры? — фыдæхы хъæлæсæй сдзырдта йæ моймæ, — сæ ныхас ын загътой, æмæ йæ æрвитгæ дæр уымæн æрбакодтой. Чатри фембæрста йæ усы хъæлæсы уаг: —Æниу алкæмæн йæ бар йæхи у, —загъта куыд-фæндыйы хъæлæсы уагæй. — Мæн та дзы цы хъæуы. Уый та ницы загъта. Хъуыста сæм, касти сæм, æмæ та сын фæхатыд сæ мадзура хъаугъа. Уæддæр ын æхсызгон уыд, Чатри йæ сæрыл кæй сдзырдта: уæддæр хъæубæсты фарн хъæубæсты фарн у, уæддæр ацы хъæубæсты æхсæн фæцард, æмæ никæйхъæуæг къæбылайау, аппаринаг кæй нæу, уый йын йæ зæрдæ æлхæдта. йæ хъуыды аивыны фæнд йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, фæлæ йын йæ уавæр чидæртæ кæй не 'мбары, йæ царды змæстытæм ын афтæ уæлæхох цæстæй кæй кæсынц, уымæй йæ риу æрхæндæгæй дзаг кодта. —Æз дæр мæхи зондæй нæ дзурын,—фæхъыги Солтан дæр йæ каисы ныхæстæм, — Доме мæ уый тыххæй æрбарвыста. Мæхæдæг дæр дам бацæуин, фæлæ дам æз уæддæр æцæгæлон дæн, æмæ дам мæ цуры йæ хъуы- ды зæгъын куы нæ бауæнда. Мæнæ уымæн дæр дзырдта, — цæстæнгасæй ацамыдта йæ бинойнагмæ, — ды дам уæддæр сæхи чызг дæ, æмæ дам дæуæн æргомдæр зæгъдзæни йæ ныхас. Венерайыл та йæ мойы ныхæстæй хуртæ ракаст. Рæвдаугæ цæстæнгасæй йæм касти æмæ йæ сæр разыйы тылд кодта. — Гъе, æмæ сын зæгъ дæ ныхас, Матрона, — бауырдыг та йæм Натъа. Æмæ æвиппайды афæлмæцыд йæхи дзæгъæлы ратас-батасæй. Лыггонд ын цы хъуыды уыд, уый ма исчитæ рауил-бауил кæной, алчи ма дзы йæхи тъысса, алчи ма йын йæхи уынаффæгæнæг кæна, уыдæттæ йæм æцæгдæр æгæр сæрныллæг митæ фæкастысты: — Хорз, — загъта сиахсæн, — æрбацæуæд. Уыцы дзырдтæ дзы куы схаудысты, уæд сыл йæ цæстæнгас ахаста, æмæ федта: се 'ппæтмæ дæр диссаг фæкастысты йæ ныхæстæ — цыма нырыонг ныхас æндæр цæуылдæр уыди, цыма æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм дзырдтæ дзы схаудысты, уыйау бинонтæ джихтæгæнгæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтой. Чатри цæуыл дис кодта, уый æмбæрста, фæлæ иннæты дисы сæр цы уыд, уый нæ ахста йæ зонд. Цæуыл дис кæнынц — абондæргъы дзы уый куы домдтой, цæмæй уыцы ныхæстæ загътаид? Æви йæ сайгæ кодтой? Йæ зæрдæ ауазал йæ фæстаг хъуыдыйæ. Къахгæ йæ кодтой? Æмæ уæд иратаманы чи нæ æрцыд, ахæм митæ сын куы бакæндзæн! Сæ ном сын фидисæн дзуринаджы сæр куы скæндзæн!.. Кастис сæм, æмæ йын сæ сæццæ æнгас йæ зæрдæ саджилтæ кодта. Æппынæрæджиау сæ дзурын сфæрæзта Натъа: — Æ, мæрдтыкъæй макуы фæуай! Афонмæ дæр афтæ, гъе! Натъа йæм дзырдта цины цæстæнгас æвдисгæ, фæлæ йæ ныхæстæй та хъуыст тæригьæдгæнæджы хъæлæсы уаг. Уыцы тæригъæдгæнæг хъæлæс æрыхъусгæ йыл æвиппайды æртæфсти, Чатрийæ дарддæр иннæтæ цæуыл дис кодтой: йæ разыйы ныхас сын куы загъта, уæд сæ разы аззад æдых, æвæрæз, æнамонд æмæ тæригъæддагæй; тæригъæддагæй, иу фæхæцæг кæуыл нæй, æмæ иунæджы тасæй æппæтыл дæр разы чи у. Уый та нæ фæндыд, æмæ йын исчи тæригъæд кæна; нæ йæ фæндыд йæхи тæригъæддагæй уынын, йæхи тæригьæддаджы бынатмæ æрæппарын, æмæ мæсты кæнын райдыдта. Йæ зæрдæ арæсыд. Афæнд кодта, йæ хъуыды цæхгæр аива, фæлæ та йæ хъæбул ссарыны ныфс йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд йæ мастыл дæндагæй ныххæцыд. Уæдæ хæдзары бинонтæ дæр æрчъицыдтой се 'нæнхъæлæджы дисæй. — Матрона,—цины хъæр сирвæзти Венерайæ,—уæдæ ныр бафайнустытæ стæм. Хуыздæр ныхæстæ не ссардта йæ цин равдисынæн. Фæлæ сæрыстыр æмæ фæуæлахизуæвæджы цæстæнгасæй бакаст йæ фыдмæ—ома йæ ныр дæхи цæстæй федтай, мах сывæллæттæ нæ, фæлæ æппæт зонынхъом кæй стæм. Ацы хатт Солтан дæр нал бамбæхста йæ сæрыстырдзинад: — Кæд æрбацæуой? — фарста йæ, йæхицæн аргъ кæ-нын чи зоны, ахæм лæджы хъæлйесы уагæй. Уый та ныхъхъуыды кодта. Чатрийы къуырма цæстæнгасæй тыхсти, зын ын уыди, цæрæнбонты йæ сæрыстыр æмæ æнæбасæттонæй чи зыдта, уыдон раз йæхи сæрныллæгæй уынын. Нæ йæ фæндыд, сæ мадзура æнгасы сын сæ хъуыдытæ фиппайа, фæлæ йын не 'нтыст, фæлтæрд цæстæнгасæй ницы ирвæзт.. — Абон — хуыцаубон, — дзырдта йæхиимæ дзурæгау, —иннæ хуыцаубоны нæ, фæлæ иннæ æртыццæджы æрбацæуæд. Ардыгæй уæдмæ мæ муртæн дæр, цы кæни-наг уон, уый бакæндзынæн. Бæргæ ма уый размæ йæхæдæг иу хатт куы æрбауадаид, æмæ сæ иумæ куы æрбæстон кодтаиккам, уæд хуыздæр уыдаид. —Чи?—хин фарст æй кодта Венера.—Доме æви йæхæдæг. Чызджы æнгасы фæхатыд сæрыстыр былысчъилтæ — ома дæ кæд дæ мойаджы фенын фæнды развæлгъау. Æмæ йæ зæрдæ арæеыд: æцæгæйдæр æй сывæллоны бы-наты куы авæрдтой, цыма ма уыцы кары ис, æмæ æцæгæй дæр йе ссаргæ амондыл тыхсы, цыма ма уыдонæн сæхи зæрдæтæ цы агурынц, уый дæр уыдæтты мæт кæны. — Куыд чи, бакаст æм уайдзæфгæнгæ, — Доме йæхæдæг. — Хорз, — ныхасы бынтондæр йæхи сбарджын кодта сиахс,— чи зоны ма æрбауайæм уый размæ дæр. Фæлæ цы нæ вæййы, куы нæ фæзынæм, уæддæр уыцы бон æнæмæнг фæзындзыстæм, æмæ уæдмæ дæ хъуыддæгтæ æрбæстон кæн. — Хорз, хъæбул хорз, — загъта йын. Йæ ныхæстæ сын загъта, æмæ йын ныр цæуын афон дæр уыд, фæлæ йæ цæмæндæр йæ къах нæ хаста. Цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ цы, уый йæ зонд нæ ахста, æмæ, хæдзары бинонтыл йæ цæстæнгас хæсгæ, архайдта, цы зæгъын ма йæ фæнды, уый æрымысын. Венерайæн уыд амондджын хуыз. Цыма абон ссардта йе стыр амонд, ахæм æнгас æвдыста. Рæвдаугæ æмæ уарзтæмдзаг цæстæнгасæй касти йæ моймæ. Сæрыстыр уыд, ахæм мой йын кæй ис, бирæ йæ чи уарзы, æнувыд ыл чи у, стыр хьуыддæгтæ аразын дæр йæ бон кæмæн у, йæ мад æмæ йæ фыд цы цардæй фæцардысты, ахæм цардæй нæ, фæлæ æмзæрдæйæ кæй цæрынц. Йæ мойæ афтæ разы кæй у, уыцы хъуыдыйæ былысчъилтæ кодта йæ фыдыл дæр — йæ мадыл ын æнувыд чи нæ уыд, мæнæ ай хуызæттæм, Матронайы хуызæттæм дæр-иу чи æрхаудта. Тæригъæд кодта йæ мадæн, йæ лæг иузæрдыг кæуыл нæ уыд, йæхийау æм æцæг амонд кæй не 'рхаудта царды. Уыцы тæригъæдгæйæджы æнгас бафиппайдта Натъа дæр, æмæ йæ чызджы амондджын хуызæй йæхи дæлдзиныджы бынаты фæхатгæ, йæхæдæг дæр тæригъæдгæнæджы каст кодта Чатримæ—ома кæсыс, куыд рæдыдтæ, кæуыл-иу мæ баивтай. Чатри дæр цыдæртæ хатыд йæ бинонты хъуыдытæй, æмæ ныхъхъуынтъыз. Куыднæ хатыд уыдæттæ йæ зæрдæ, æмæ сæм дарддæр кæсын йæ бон нал баци, сыстад. —Цæй, хорзыл-иу амбæлут. Райсом уæ, æвæццæгæн, нал фендзынæн. — Хорз, Матрона, — батагъд та кодта йæ дзуринагыл сиахс, — иннæ æртыццæджы æнæмæнг æрбацæудзыстæм. Æрмæст афтæ ма рауайæд, æмæ дзæгъæлы цыд фæуæм. Мæ дыккаг хæдзæртты раз мæ ма ныххудинаг кæн. — Куыд? — бафарста йæ. — Уæдта дæ фæнд аивтай. — Æцæг, æцæг, — лæгъстæгæнгæ йæм дзырдта Натъа дæр, — æлгъыстаг мын сæ ма фæкæн. “Мæ хъуыддæгты алчидæр йæхи мæхицæй бæрнджындæр куыд хаты,” — ахъуыды кодта йæхинымæр. — Нæ, хъæбул, нæ, — загъта сиахсæн, — æрбацæут-иу. Куы рацыд, хæдзарæй куы адард, уæд йæ фæстæ не 'рыхъуыста Чатрийы бинонты фыдаудæнгæнæн худт, фæлæ йæ зыдта: ахсæв ма уыцы хзедзары бирæ фæкæндзысты йæ кой, æмæ-иу сæ алы ныхасы фæстæ дæр искæмæй сыхъуысдзæн: — Хи-хи-хи-хи... 7 “Æвæццæгæн, мæрдтæм цæуын дæр уымæн зын вæййы æмæ, адæймаг цæстæй кæй уыдта, цæст кæуыл сахуыр, уыдон уынынхъом кæй нæ уал уыдзæн. Æмæ чй амæлы, уый ма цæй уынынхъом вæййы? Зын, йæ фæстæ кæй ныууадзы; уыдонæн вæййы, æндæра ма амæлæг та цæй мæтхъом вæййы. фæлæ йæ фæстæ кæй ныууадзы, цæрæнбонты йæ чи уыдта, уыдонæн æвиппайды куы æрбайсæфы, уынынхъом æй куы нæуал вæййынц, уæд сын куыд нæ хъуамæ уа зын. Уыдис, æмæ нал ис. Цæст æй уыдта, къухæй йæм февналæн уыдис, æмæ æвиппайды нал ис, нал æм ис къухæй бавналæн, нал æм æххæссы дæ къух. Зын у, уæдæ цы ,у! Зын куыд нæ у, мæнæ ацы папитæ, цæрæнбонты мæ цæнгты тыхæй кæй ратыдтон, алы мурыл дæр дзы мæ уды тых кæмæн бахардз, мæ уырзты фæд кæуыл баззад, уыдон æвиппайды куы нæ уал уынон, уæд? Æви сыл цæрæнбонты фыдæбон дæр уый тыххæй кодтон, цæмæй сæ фесафон? Æви адæймаг фыдæбон дæр уый тыххæй кæны, цæмæй цæуыл фыдæбон кæны, уыдон фесафынæй тæрса, уыдон фесафыны тасæй йын цард адджын кæна?” Афтæтæ хъуыды кодта, се 'мгьуыды бон куы æрхæццæ, райсом раджы куы сыстад, æмæ та йæ къуымтыл йæ цæст куы ахаста, уæд. Гадзрахатæй рацæуæджы хуы-зæн хатыд йæхи, йæ зæрдæ тыхст, æмæ, исты ми кæнын æфсон, йæхи раппар-баппар кодта. Йемæ аласинаг цы дзаумæттæ уыд, уыдон къуымты алы рæтты тыхтытæй лæууыдысты, къултæ гомæгæрццæй аззадысты, æмæ сæ уындæй йæ уд ихæн кодта. Уый размæ бон хъыбыл аргæвста. Хъыбылы фыдтæ фынгыл æвæрд уыдысты уонггай, тугæйдзæгтæй, æмæ уыцы туджы тæфмæ йæ уд уæлæмæ хаудта; цыма кусарт нæ, фæлæ фыдракæнд сарæзта, цыма æргæвдæн кæмæн нæй, ахæм цыдæр аргæв-ста, æмæ йæ ныр цы фæкæна, уый нал зоны, афтæ дзы тарсти. Хатæны астæу æрмттæдæлармæй лæууыд, йæ къуымтыл йæ цæст хаста, æмæ цы араза, цы архайа, уыдоныл йæ хъуыдытæ нал æххæссыдысты. Цæуылдæрты тагьд кæнын та йæ æнæмæнг хъуыди — чи зоны, цафон фæзыной. Доме йæм йæхæдæг нал æрбацыд, фæлæ ма Солтаны иу хатт æрбарвыста: абонæй, се 'мгъуыды бонæй афтæ, уæд, дам, æнæмæнг æрбацæудзыстæм. Дæ муртæй уал, дам, æнæмæнгбæстон кæнинаг чи у, уыдон уал, дам, æрбæстон кæн, иннæтæн, дам, фæстæдæр исты хос кæндзыстæм. Æмæ уал уый дæр йæ фос ныууæй кодта. Хуыцаубоны хъæуы лæппутæ базармæ скъæрдтой фысвос, æмæ сын уый дæр йæ фысты семæ арвыста. “Цы исой, ууыл-иу сæ радтут” сын загъта, æмæ йын сæ ауæй кодтой. Хъыбыл аргæвста. Хъуг æмæ дыгæрдыджы ам бынаты дæр бирæ æлхæнджытæ уыд. Фыццаг сыл Натъа сдзырдта. Бæргæ йæ фæндыд, йæ хъуг хуыздæр хицауы къухмæ раттын, фæлæ Натъа хъуджы аргъ не сдзырддаг кодта, æмæ ма сын æй цы 'фсонæй хъуамæ ма радтаид. Уæддæр сæ бафæдзæхста: “—Цы нæ вæййы, царды алцыдæр æрцæуы, æмæ иу мын уæд мæ хъуг фæстæмæ йæхи аргъыл радтут”. Ууыл дæр ын сразы сты. Хæдзарæн дæр æлхæнджытæ уыд, фæлæ йæ нæ ауæй кодта. “— Фенон уал, — загъта йæхицæн, — æмæ йæ уæд стæй ауæй кæндзынæн. Кæн-нод уæдта уæлих аззадтæн.” Дзаумæттæй дæр йемæ аласинаг кæй уыд, уыдон ахæссын æввонг æркодта. Уæд-дæр ма йын бирæ цыдæртæ аразинаг уыд, æмæ уал дзы кæцы сараза, уый нæ зыдта. . Уæдмæ хъæубæстæ сæ хъом раздæхтой сæрвæтмæ. Æвæндонæй йæхи атыдта йæ хъугæй, æмæ æхсыр асин-тыл æрывæргæ, йе стурты хъæуы фосимæ баиу кодта. Хъуг, цыма йæ абонæй фæстæмæ кæй нæ уал фендзæни, уый зыдта, уыйау фæстæмæ ракаст, йæ хъуыр айвæзта, æмæ ныууасыд: —Му-у-у! Йæ хъуджы уаст æм зæрдæхалæн куыды хуызæн фæкаст. Хъуджы цæстытæ уыдысты цæссыгамæхст, æви йæхи цæссыгтæ фемæхстысты, уый нал рахатыд, ныртæккæ адæмы раз куы ныккæуа, уый адæргæй лидзæгау акодта хæдзармæ. Нæ, кæуын æм нал цыди. Йæ цæстыты фæлм ныббадт. Уыцы фæлм ныббадт йæ уды дæр, фæлæ йæм кæуын нал цыди. Хæдзары тъахтиныл йæхи куы æрæппæр-ста, гомæгæрцц къултыл æмæ къуымты рæдзагъд тыхдæт тыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд та йыл æртæфст: нырма йын бирæ цыдæртæ ис аразинаг. Аразын та йæ ницы фæндыд. Къуымтыл йæ цæст хаста, йе змæст къуымтæ йын цыдæр йæ зæрдыл лæууын кодтой, фæлæ цы, уый йæ хъуыды нæ ахста. Кæддæр ма йыл æрцыд мæнæ ахæм хабар, кæддæр ма уыд мæнæ ахæм уавæры, кæддæр ма федта мæнæ ацы змæстытæ, фæлæ кæд? Æппынæрæджиау йæ зæрдыл æрлæууыд: йæ ныййарджытæ куы амардысты, нырма йæ фыд, стæй йæ мад, сæ хæдзар куы федзæрæг, иунæг тау- къоппайæ сын афæдзæй-афæдзмæ йы кæндтæ куы фæцарæзта, уæд ма хæдзары цы муртæ аззад, уыдонæн дæр исты сæрфат хъуыд. Цы сын хъуамæ сарæзтаид? Хæдзар ауæй кодта, хæдзары къуым-ты цы.уыд, уыдон та ардæм æрбаласта. Цы бон сæ ласта, гъеуæд дæр, раст мæнæ абонау, йæ цæгаты хæдзары йæ ныййарджыты муртæ мæнæ афтæ бæстытæ æмæ тыхтытæ уыдысты. Æмæ уæд йæ цæгаты хæдзар æдзæрæг фæци, æмæ сын сæ бынтæ ардæм ласта, фæлæ ныр та кæй хæдзар федзæрæг, кæдæм ласы ацы хæдзары бынтæ? Уæд уыцы хæдзары бынтæ сæ хъæбул аласта, сæ хъæбулы хæдзармæ бафтыдысты, фæлæ ныр та ацы хæдзары муртæ кæй хæдзармæ ласы, кæй хæдзармæ бафтдзысты? Уæды бон æмæ йæм абоны бон афтæ æмхуызон кастысты, æмæ йын уыцы æнгæсдзинад йæ зæрдæ æррæвдыдта. “— Чи зоны, хъуыды кодта йæхинымæр, — чи зоны ныййарæджы бынтæ æрмæстдæр хъæбулы хæдзарыл æфтгæ сты, æмæ ацы хæдзары бынтæ дæр ацы хæдзары бындарыл бафтой. Уыцы бон дæр раст мæнæ абоны боны хуызæн куы уыд, æмæ кæд уыцы бон ныййарæджы бынтæ хъæбулы хæдзармæ бафтыдысты, уæд абон адон æндæр ранмæ куыд хъуамæ бафтой? Уыцы бон æмæ абоны боны. æхсæн куы ницы хицæндзинад ис?” Тынг бацин кодта уыцы хъуыдыйыл. Саст зæрдæ æфсон ссардта, æмæ йæ нал фæндыд уыцы хъуыдыйæ фæиппæрд уæвын. Утæппæт тыхтæтты астæуæй систа иу чысыл тыхтон, йæ чысыл хъæбулы дзаумæттæ, ныр дыууиссæдз азмæ æввахс цæсты гагуыйау кæй хъахъ-хъæдта, нылхъывта сæ йæ риумæ. Йæ риумæ сæ æлхъывта, йæ сæрæй та уыцы хъуыды нал цух кодта. Æмæ, æвæццæгæн, афтæ фæбадтаид йæ уазджыты æрбацыдмæ, фæлæ йæ хъæуы устытæй чидæртæ абæрæг кодтой. Цыдæртæ йын дзырдтой, цыдæртæ йын аразын кодтой, æмæ сын уый дæр йæ хъуыддæгтæ сæ бæрны бакодта, йæхæдæг та, коммæгæс сабийау, сæ уæлхъус лæууыд, æмæ йын чи цы дзырдта, уый арæзта. Хъæуы устыты нæ бафæндыд, æгуыдзæджы цыдæй ацæуа абон— хъыбылы фыдтæй иу цæуæн бауæларт кодтой, арæзтой цыдæр хæринæгтæ. Уый семæ разы уыд алцæуылдæр. Йæ ацыд сын æхсызгон кæй нæу, йæ цардыл ын кæй тыхсынц, уый зынди сæ кæнгæ хъæлдзæг ныхæстыл, сæ ныфсæвæрæн дзырдтыл. Айхуызæн кусгæ бон, хосæссивæны рæстæджы йæ иунæгæй кæй нæ ныууагътой, æгæрыстæмæй Натъа æмæ Егнаты идæдз Зара дæр йæ уæлхъус кæй æрбалæууыдысты, уый йын йæ зæрдæ æлхæдта, бахъардта йæм: мæнæ ацы хъæубæстæ, цæрæнбонты кæй астæу фæцард, уыдон ын алы дудгæбæттæ кæй бавзарын кодтой, семæ кæй хылтæ кодта, уымæй дæр ын адджын кæй уыдысты... Сæ кæнгæ хъæлдзæгдзинад, се змæлд æмæ сæ ныхæстæй цыдæр зонгæ нывтæ стъæлфыд йæ риуы, фæлæ сæ бæлвырдæй нæ ахста йæ .хъуыды, стæй йæ нæдæр фæндыд ууыл хъуыды кæнын. Кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон фæзындысты бонрæфты. Æртæйæ. Уæзласæн машинæйы шофыр, Доме æмæ Солтан. Доме йæхи машинæйыл æрбацыд, Солтан дæр йæ фарсмæ бадт. Хæдзары раз машинæтæ куы æрурæдтой, уæд цыма стдæсаздзыд чызг цыди чындзы, уыйау устытæ батыхстысты: —Омæ нæ хъæуы лæг нал ис, лæг?! — Цума, — батыхсти Натъа æмæ сывæллæттæй кæйдæр æрвыста,—махон хæдзары ис æмæ уымæ уæддæр фæдзурæд. Доме æмæ Солтан машинæйæ куы рахызтысты, уæд сыл хъæуы сывæллæттæ атыгуыр сты. Устытæй дæр чидæртæ рацыд сæ размæ. Солтан, сиахсæн куыд æмбæлы, уымæй барджындæр æвдыста йæхи—ома ам хъуыддæгтæ аразæг æз дæн: устытимæ аныхæстæ кодта хъæууынджы, уæзласæн машинæйы шофыры дæр æрхизын кодта, æмæ сæ хуыдта хæдзармæ: — Мидæмæ нæ нæ уадзут, мидæмæ? — барджын хъæлæсæй дзырдта устытæм. Йæхæдæг сæ размæ нæ рахызт. Тыргъы сæм банхъæлмæ каст. Тыргъæй йæ цæстæнгас хаста уазджытыл. Касти Домемæ æмæ йæхинымæр дзырдта: “Уæ хъæбул, уæ хъæбулы хуызæн хъæбул, æгайтма фæзындтæ, æгайтмæ ды фæзындтæ, æгайтма дæ мæ цæстæй федтон.” Уæдмæ уыдон тыргъмæ схызтысты. Солтан та уымæн дæр йæ къух барджынæй райста, æмæ йæм дзырдта цыдæртæ. Шофыр дæр ын райста йæ къух, гуырысхогæнæджы цæстытæй йæм бакæстытæ кодта, стæй иуварс алæууыд. Æмæ æппынфæстаг йæ разы æрлæууыд Доме: йæ къух ын райста, иннæ къух та йын йе уæхскыл æрæвæрдта. — Бузныг, — дзырдта йын зæрдæбынæй, — бузныг, кæй ныл баввæрсыдтæ, уымæй. Ныр дæуæн хи лæппуйы лæггад чи бакæна, уый мæнæ æз. Хъыггомау ын уыдысты йæ ныхæстæ. Уый йæм æнхъæлмæ касти æндæр цавæрдæр ныхæстæм, ахæм ныхæстæм — хъæбулы комулæфт кæмæй фæхатыдаид, хионы сулæфт, кæм банкъардтаид. Устытæ хатæны фынг æрæвæрыныл архайдтой. —Мидæмæ ахизут,—хатыд сæм. Солтаны фæндыд фысымиуæг кæнын: —Цæй, рæгъытæ нæ кæндзыстæм, — хатыд уый дæр Доме æмæ шофырмæ, — иучысыл абадæм, стæй нæ фæндаджы кой бакæндзыстæм. Натьа фæпарахатзæрдæ: — Матрона лæджы æмсæр ус у, лæджы 'мсæр, карчы цъиу нæу, æмæ йын кады митæ хъæуы. Иуцъус дæр хъуамæ абадат æмæ фылдæр дæр. Уæдмæ фæзынд Чатри. Йæ фæзындæй се 'ппæт дæр бангæстæ сты. Домеимæ кæрæдзийыл бацин кодтой. Ацы хатт Чатри дæр сæрыстыр уыд йе сиахсæй: цыты уазæджы цæстæнгас æм равдыста æмæ уыцы цæстæнгасæй æмбарын кодта Домейæн — ома кæд ды стыр лæг дæ, уæддæр хъуыддæгтæ аразæг Солтан у, .æмæ Солтан та ме сиахс у. Солтан йæ каисы цур фæныхкъуырд æмæ фысымиуæджы бартæ уый бæрн бакодта. Тыргъы иудзæвгар аныхæстæ кодтой. Уæдмæ фæзынд Къола дæр. — Цæттæ нæма стут? — бафарста Чатри устыты. — Æмæ кæд нæ уыдыстæм цæттæ? — парахат зæрдæйæ радзырдта Натъа. Лæгтæ мидæмæ ахызтысты æмæ фынгыл æрбадтысты. Устытæ рауай-бауай кодтой. Уый тыргъы лæууыд æмæ чысыл сывæллонау сдыгъуырццæг, цы аразын æй хъуыд, уыдæттæн ницыуал хатыд. Фæндыди йæ лæгты цур абадын, Домейы ныхæстæм хъусын, фæлæ афтæ аив кæй нæу, уый æмбæрста æмæ йæхи фæхибар кодта. Рацыд æддæмæ. Æрбæрджытæ кодта йе скъæт. Скъæт уыди афтид æмæ хæрзмарзт. Сыхгæдта йæ. Гуыдыр ыл сæвæрдта. Уый дæр æм фаг нæ фæкаст. Гыццыл лæппутæй кæмæдæр фæдзырдта æмæ дуар цалдæр зæгæлæй ныххуыдтой. Æмæ та дарддæр цы араза, уый нал ахста йæ зонд. Къæбицы бæсты йын цы къæсговд уыди, уырдæм бацыд, къуыдыр бандоныл йæхи æрæппæрста æмæ ныккуыдта; ныккуыдта къуырма куыдæй, ставд цæссыгæй. Куыдта æмæ кæугæ-кæуын йæ цæстытыл уад, иухатт сæ раджы мæнæ ацы къуымы йæ мой Джерджи Цупылимæ куы æрыййæфта, уыцы нывтæ. Хибарæй абадын æй бирæ нæ бауагътой хъæуы устытæ. Иугай-дыгай æм цыдысты уырдæм, цыдæртæ йын дзырдтой, цыдабр ныфсæвæрæн ныхæстæй йæ ирхæфстой, æмæ та-иу ахызтысты æддæмæ. Сæ кæнгæ хъæл- дзæгдзинады, сæ ныфсæвæрæн дзырды та банкъардта цавæрдæр зонгæ митæ, цавæрдæр зонгæ уавæр, фæлæ цы, уый æрцахсын та не сси йæ бон. Йæ зонд ныкъуырма, æмæ истæуыл хъуыды кæнынмæ нал арæхст. Æмæ уым къуыдыр бандоныл бирæ куы фæбадт, устыты ныхæстæм бирæ куы фехъуыста, уæд æм иуафон фæзынд Натъа, æмæ йыл сбустæ кодта: — Ныр дын цы митæ сты уыдон? Лæгтæ стынхъус сты æмæ худинаг у, иу каст сæм уæддæр скæн. Хæдзармæ куы схызт, уæд лæгтæ æцæгæйдæр стад уыдысты. Чатри йæ куы æруыдта, уæд сыкъатæ æрыдзаг кæнын кодта: — Цæй, Матрона, амондджыны къах ахæсс нæ хъæуæй, — ракуывта æмæ Домейырдæм баздæхт, — Доме, Матрона лæгæмсæр ус у, лæгæмсæр усы цард фæкодта нæ хъæубæсты астæу æмæ кæрæдзи бавæрынхъом цы уад, уыцы хорз уын бауарзæд хуыцауы цæст. — Чатри, — дзырдта йæм Доме, — уе 'ппæтæй дæр стыр бузныг. Уæ лæггад мæныл уæд. Матрона та йæхи хæдзары куыд барджын уыд, уыцы бартæ йын уыдзæни нæ хæдзары дæр. Æмæ махæй аразгæ цы уа, уымæй нæхиуыл нæ бацауæрддзыстæм. Лæгтæ сæ фæстаг рæгъытæ банызтой æмæ æддæмæ ахызтысты. Устытæ февнæлдтой фынг æфснайынмæ. — Ныр фæндаджы кой дæр бакæнын хъæуы, — тыргъæй хъуыст Чатрийы хъæлæс, — ракæ-бакæ ницыуал пайда у. Хæссинаг дзы цы ис, уыдон машинæмæ хæссын хъæуы. Æмæ чысыл фæстæдæр хæдзар æмызмæлд сси. Устытæй иутæ фынг æфснайдтой, иннæтæ февнæлдтой дзаумæттæ хæссынмæ. Дзаумæттæ хæссынмæ сын æххуыс кодтой лæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр. Хæдзар сымтъеры. Йæхицæй дарддæр дзы алчидæр цæуылдæр тагъдгæнæг сси, цæуылдæр тыхстысты, фæдисы змæлдæй змæлыдысты. Хъуыст, уæззау дзаумæттæй кæй хастой, уыдон къæс-къæс, лыстæг мигæнæнты дзыгъал- мыгъул, сывæллæтты хæццæ ныхас, хистæрты уынаффæгæнæг хъæлæс. Касти æггпæт уыдæттæм æмæ хæдзар чысылгай куыд афтид кодта, афтæ та йæ хъуыдыйы змæлын райдыдта, абондæргъы йæ зонд кæй нæ ахсы, уыцы цавæрдæр зонгæ хабар, зонгæ уавæр. Æппынфæстаг, хæдзар хæссинаг дзаумæттæй куы раафтид æмæ фынгæй ист ногæхсад мигæнæнты тæф куы банкъардтой йе 'мбудæнтæ, уæд йæ зæрдæ фестъæлфыд: раст ма зианы афæдзы боны вæййынц адæм ахæм зæрдæйы уагыл. Абондæргъы устыты кæнгæ хъæлдзæгдзинад, сæ ныфсæвæрæн дзырдтæ æмæ йын сæ тыхст цæстæнгас уый лæууын кодта йæ зæрдыл æмæ уый нæ ахста йæ зонд. Хæдзарыл гуыдыр куы сæвæрдтой, устытæ æмæ йыл сывæллæттæ хæрзбоны нысанæн сæхи куы бакъултæ кодтой æмæ, æппынфæстаг, машинæмæ куы баирвæзт, уæд та йæм æрцыд уыцы хъуыды: ахицæн афæдзы бон дæр, афæдзæй-афæдзмæйы кæндтæ фесты æмæ ныр алчи дæр йæ хæдзармæ цæуы. Кæдæм? Кæцы хæдзармæ?

ЦЫППÆРÆМ ХАЙ

1 ...Зæрыбонтырдæм сног чындз дæ, Матрона... Ныр цалдæр боны ацы хъуыдыйæ дарддæр, йæ бонницæуыл уыд хъуыды кæнын. Цалдæр боны кæйдæр хæдзары, кæйдæр бинонты астæу, кæйдæр уæзæгыл æрмæстдæр ацы хъуыды змæлыд йæ зæрдæйы, йæ туджы цавды, йæ алы фезмæлды. Уыцы хъуыды йын нæдæр цины хос уыди, нæдæр масты хос, нæдæр æм фæсмон æвзæрд—æрмæст ын цавæрдæр æбæрæг æрхæндæгæй æмдзаг кодта йæ уды сконд, уыцы æбæрæг æрхæндæг йæ удмæ лæдæрсти фарсты ныхæстæй: цы уыдзæн дарддæр? Уыцы фарсты ныхæстæ дæр нæ уыдысты йæ дарддæры цааринаг бонты тыххæй — йæхи хъысмæтыл куыддæр суæлæхох. Æндæр цымыдис гуырди йæ зæрдæйы — чи сты ацы бинонтæ? Чи у, мойы охыл зæрыбонты цæрынмæ кæмæ æрцыд, уый кæнгæ фырт? Уыцы хъæбул? ... Хъæбул... Ацы ныхасæй тас æвзæрд йæ риуы, æмæ цæмæй уыцы тасы æнкъарæн ма тæлфыдаид йæ хъуыдыты, уый адæргæй чысыл ницæй тыххæй дæр йæхицæн бустæ-гæнгæ дзырдта: —Зæрыбонтырдæм сног чындз дæ, Матрона... Бустæгæнæгау дзырдта йæхицæн ацы дзырдтæ, фæлæ йæхиуыл æцæгæй бустæ кæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд; нæдæр сæ фиднсæн дзырдта: хъуг дуцынмæ цыдаид, йе донхæссынмæ, йе хæринаг арæзта-ид — æппынæдзух дæр йæ хъуыдыты ацы дзырдтæ уыдысты, фæлхатт сæ кодта йæхинымæр, æмæ йæ хъуыдыты ивылæнтæн арæзта гæрæнтæ, тыхта сæ уыцы дзырдты кæнгæ хæрвы. Уæддæр æнкъардта — йæ хъуыдыты ивылæнты уыцы уынгæг хæрвы тыхтæй бирæ кæй нæ бауромдзæн, кæй ратондзысты, кæй æрæнцайдзысты иунæг иу сагъæссаг дзырдыл... ... Хъæбул... ...Æрæнцайдзысты ацы дзырдыл, æмæ æндæр истæуыл хъуыды кæнын йæ бон нал уыдзæн. Зыдта йæ— уый æнæмæнг афтæ уыдзæн. Зыдта йæ: ардæм дæр уыцы иунæг иу сагъæссаг дзырды тыххæй кæй æрхаудта; зыдта йæ: ам, кæйдæр хæдзары, йæ алы фезмæлд дæр уыцы дзырды тыххæй кæй у; æмæ йæхиуыл мæнгæфсон бустæгæнгæ, йæ риуы цы æбæрæг æрхæндæг æвзæрд, уый уыд норст æнкъарæнты æртхъирæн. Зыдта ма ноджы дæр — йæ цард йæхи æвæндонæй бынтондæр раивта, ныссыхуылтæ, схæццæ йæ цард. Ныр цал æмæ цал азы дæргъы царди æрмæст йæхи фæндонмæ гæсгæ, адæммæ хорз фæкæсой йæ хъуыддæгтæ æви æвзæр, уыдæттыл хъуыды кæнын дæр нал зыдта, систа сыл йæ къух, йæ царды фæткæн равзæрста йæ зæрдæйы домæнтæ. Фæлæ ныр та? Ныр цыдæр фыдбылызы тых сбарджын йæ удыл, йæ алы ми, йæ алы акъахдзæфмæ дæр касти дызæрдыггæнгæ — кæд миййаг афтæ аразынлæ хъуыд, кæд миййаг зæрдæмæ нæ фæцæуæг акъахдзæф сарæзтон? Æмæ архайдта йæ алы лыстæг хъуыддагыл дæр лæмбынæг хъуыды кæнын. Æгæрыстæмæй, йе сныхас дæр райдыдта лыстæггай луарын, нал æй фæндыди, искæй зæрдæмæ чи нæ фæцæуа, искæй зæрдæ йыл цæмæй фæхуда, ахæм ныхас дзы сирвæза. Цæмæн? Кæйдæр бинонты æхсæн кæй цард, кæйдæр бинонты æхсæнмæ кæй æрцыд, уый йæ тæрсын кодта — ома сæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуон, сæ зæрдæ мыл куы бахуда æмæ мын куы зæгъой: “— Цы дын зæгъæм, уый зоныс, Матрона, фæцу-ма, кæцæй æрцыдтæ, фæстæмæ уырдæм; мах æнæ дæу дæр адджын цард кодтам, демæ нæ дæ сæр иттæг æхсызгон нæ хъæуы”. Нæ! Раст зæгъгæйæ, йæхæдæг дæр æнæ ацы бинонтæй æвзæрдæр нæ царди йæхицæн. Уый нæ, фæлæ ма йæхи афтæ хатыд, цыма йе уæнгтæ баст сты, цыма йæ азмæ-лæнты бæндæнтæ тыгъд ис. Фæлæ уæддæр ацы хæдзарæй фæцæуын нырма йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Уый тыххæй нæ æмæ æппынфæстаг йæхицæн мой ссардта. Нæ! Ахæм мæйттæ куы кодтаид, уæд æм уымæй хуыздæр æмæ æвзонгдæр адæмтæ бирæ хæттыты хатыдысты. Уый æндæвта æрмæстдæр иунæг хъуыддаг: — Чи у, мойы охыл зæрыбонты цæрынмæ кæй фæдыл æрцыд, уый кæнгæ фырт? Уыцы хъæбул? Ацы фарст ын æвдæрзта йæ зæрдæ; афтæ тынг ын æвдæрзта йæ зæрдæ æмæ йыл уæлдæф дæр инджынахс-тау уæз кодта. Чатри æмæ йæм Доме фыццаг хатт куы фæзындысты, уæдæй фæстæмæ сызмæст йæ цард, уæдæй фæстæмæ фæиппæрд йæ цард йæ уæгъдибар фæндагæй. Ардæм дæр уый тыххæй æрцыд. Фæлæ хъуыддаг базоны-ныл нæ тагъд кодта. Хъуыддаг цæмæй базыдтаид, уымæн агуырдта алыхуызон мадзæлттæ, фæлæ дзы тæрсгæ дæр кодта æмæ йыл фæстæмæ-фæстæмæ хæцыд. Æн-хъæлмæ каст, бинонтæм кæд æрхаудзæн ныхас ацы хабары тыххæй, йæ зæронд мой йæхæдæг кæд ской кæндзæн, йæ кæнгæ фырты кæм æмæ цы хуызы ссардта, уыдæттыл. Æнхъæлмæ каст хъæубæстæм дæр—уыдонæй дæр хабар зонджытæ куыннæ уыдзæн æмæ уæд искæй бинонты хабæрттæ æддагон куыд лыстæггай радзура, афтæ сæ бинонтæй ничи радзурдзæн. Бинонты æмбæхст хабæртты дзых хъæубæстæ сты. 2 Сабат æмæ хуыцаубоны сæ хæдзар фæрныг хуыз райсы: Доме æмæ йæ бинойнаг сæ зæнæгимæ æрцæуынц сæ уæзæгмæ. Ныр дæр та фæзындысты. Йæ мой, зæбулрихи ззеронд лæг, сæфсæрм вæййы йæ байзæддаджы дзырдæппарæнтæй. Сæфсæрм вæййы йæхæдæг дæр, æм-бары—нал фидауынц уыдон цахъæнтæн æнафоны митæ. Фæлæ йæ тынгдæр стыхсын кæны Домейы хисдæр чызджы нæстæнгас, стæй Домейы бинойнаджы хинæй-цзаг хъуызгæ мидбылхудтытæ. Дзаг машина чъиппагай бахастой хæдзармæ. Мат-пона дæр сын аххуыс кодта, стæй ус æмæ чызджытæ чъиппатæ халынмæ куы æрæвнæлдтой, уæд йæхи аиуварс кодта, æмæ сæм каст хæлæггæнгæ. “— Тæхудиаг, — уынгæг зæрдæйæ хъуыдытæ кодта йæхинымæр, — тæхудиаг уыцы ныййарджытæ, сæ хъæбултæ сæ алыварс афтæ кæмæн атыгуыр вæййынц. Цы тæхудыйаг сты уыцы ныййарджытæ, сæ хъæбултæ афтæ, уæдта ма иунæг иу хатт, кæуыл бацин кæнынц. Кæс сæм, Матрона, æрттæдæлармæй, - бауынгæг йæ зæрдæ,—ды зæнæджы рæвдыдæй æрмæхсæст дæ, æмæ кæс, цæрæг хæдзары бинонтæ кæрæдзийыл цин кæнын куыд зонынц, куыд зонынц кæрæдзи рæвдауын. Уæ, тæхуды, ахæм фидыцы бинонты хицау чи у”. Доме йын, æвæццæгæн, фæхатыд йæ зæрдæйы уаг: — Матрона, — хионы бустæ йыл скодта, — хæдзары фысым ды дæ ныр ам, æмæ цы уазæджы лæуд кæныс? Мах уазджытæ стæм, æмæ нын фынг авæр. Уыцы ныхæстæм йæ зæрдæ бафæлмæнтæ. — Мæ уд уæ фæхъау, — загъта сын, — кæд зæгъын æз фыстæм акæсон? Зæронды дæр нæ бафæндыд, йæ зæнæджы цурæй йæ ауадза, уый: — Фыстæ никуыдæм ацæудзысты, фæлæ ды дæр мæнæ сывæллæтты цур абад. —Бабуся,—дзырдта йæм Домейы кæстæр чызг Алла, йæ цæсгом хуры гуыдыны хуызæн, къæйных æмæ хъæлдзæг зæрдæйы хицау, йе 'фцæгыл ын йæ къухтæ атыхта, æмæ худти худгæ хурау, — бабуся, дæ цахъæн ус афтæ кæм æфсæрмытæ кæны, уым æз чындзы куы фацæуон, уæд та куыд кæндзынæн? — Алла! — йæ цæстытæ йæм бахъулæттæ кодта йæ мад. — Дæ хуызæн хуры гуыдыны хуызæн чызг кæй хæдзармæ бацæуа, уым дæ сæхæдæг æфсæрмы кæндзысты, — йæ сæр ын æрлæгъзытæ кодта, æмæ йæ цæстытæ бауымæл сты: цавæрдæр хи туг, хи стæджы ад ын кодта Алла, цæмæйдæрты йын йæ зæрдыл лæууын кодта йæхи æвзонджы бонтæ. Фынгыл сæ æрбахæссæггаг хæринæгтæ куы æрæвæрдтой, уæд уый дæр пецы бынæй æртæ ногконд хæбизджыны райста æмæ сæ фынгыл æрæвæрдта. Райсом сæ скодта, зыдта йæ — æнæмæнг кæй æрбацæудзысты æмæ афтæ цæмæн хъуамæ зæгъой, сæ хæссинæгтæм сын æн-хъæлмæ кæсы, йæхæдæг æнæрхъуыды у, йе — æнæфæ-царæхст. Фæлæ йын йæ уæливыхтæ кæнгæ кæнын дæр йæ зæрдæ, æлхъывта иу хабар — уыдон горæттаг уæз-дан адæм сты, чизоны йын йæ армы кондыл æввæрсгæ дæр нæ кæной. Уæливыхты уындæй Доме йæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл æрцавта: — Ай, æз нæ зонын, хæдзары æфсин цы у, уый! Матронайы фæрцы та нæ хæдзар бацæрæгхуыз. Зæронд лæгæн дæр æхсызгон уыд Матронайы æрхъуыды. Райсом æй хыссæкъухæй куы федта, уæддæр бахудæнбыл. Фæлæ ныр ахæм хуыз равдыста, цыма йæ фырты ныхас йæ зæрдæмæ нæ фæцыд: —Æмæ нæ хæдзар æдзæрæгхуыэ кæд уыд? —Æдзæрæгхуыз никуы уыд, фæлæ-иу дзы не 'рбацыдмæ хъарм хæбизджынтæ дæр никуы æрбаййæфтам,—загъта Доме. — джиджджийы фæстæ, — æрбаппæрста йæ ныхас Алла. —Уый дæр раст у,—загъта'зæронд лæг æмæ фенкъард. Уыцы ныхæстæм иууылдæр фенкъард сты. — Цæй, мæнæ нæ кæнгæ мады цæрæнбон бирæ уæд Алычкæ, — акуывта Доме. — джиджджийы фæстæ, — æрбаппæрста йæ ныхас Алла Доме йæм йæ цæстытæ бахъулæттæ кодта æмæ Матрона бамбæрста: се 'ппæтæн дæр зын у, ацы хæдзары бирæ кæй уарзтой, уый бынаты ныр æцæгæлон чидæр кæй бады; æцæгæлон чидæр, ацы хъарм цардмæ æппындæр бар чи хъуамæ ма дарид, зонгæ дæр кæй нæ кæнынц, рæвдыд кæмæй нæ зонынц; кæй нæ уарзынц, фæлæ сæ астæу кæй бады, уый тыххæй алкæй дæр ахæм хуыз равдисын кæй фæнды, цыма йæ уарзынц, цыма сын æцæгæлон. нæу, цыма уый дæр сæ бинонтæй у; бамбæрста, Доме йын йæ цагрæнбон барæй кæй ракуывта Аллайы ныхæсты фæстæ, цæмæй йæм бинонтæ æмхуызон туджджыны цæстæй ма ракæсой, цыма сын сæ джиджджийы уый амардта, цыма сæ уарзон нана ацы хæдзары кæй нæ уал ис, уым уый истæмæй æххосджын у. джитъырийы комдзаг уыд йæ дзыхы, æмæ нынныхъуырын нал куымдта, йæ кæуындзæг йæ хурхы сæры онг ссыд æмæ рæдывта æддæмæ, уый та фæндыд йæ джитъырийы комдзаг нынныхъуырын, фæлæ йæ бон нæ уыд, йæ кæуындзæг ын нæ уагъта йæ джитъырийы комдзаг ныныхъуырын, джитъырийы комдзаг та йын йæ кæуындзæг нæ уагъта рарæдувын æмæ йæ улæфæн нал уыд. Фырадæргæй йе уæнгтæ срызтысты. Уæддæр та фæтых йæ мастыл, нынныхъуырдта йæ комдзаг дæр æмæ йæ кæуындзæг дæр. Нæ йæ бафæндыд кæйдæр бинонты раз йæхи æдых æмæ тæригьæддагæй равдисын. Райсомæй нырмæ куыд тынг æнхъæлмæ каст: кæд æрбацæудзысты йæ горæттаг адæм? Кæд æрбацæудзысты йæ горæттаг адæм æмæ кæд базондзæн — æввæрсынц ын йæ армы кондыл, æви нæ? Хъуыды кодта: кæд мын мæ армы кондыл æввæрсой, уæд мæм бынтон æцæгæлоны цæстæй нæ кæсдзысты. Цæмæндæр-иу февзæрд йæ хъуыдыйы: — Уæд мæ туг, ме стæгæй сты. Ныр бамбæрста: цыфæнды дзæбæх цæстæй йæм ма кæсой, уæддæр-иу сæ джиджджийы коймæ се 'ппæт дæр иумæ иу зæрдæйы хуызæн фестдзысты, уыйæрдтм æрбакæсгæ-иу сæ схаудзæн иунæг иу фарст: —Чи у ацы æцæгæлон? Чи нын бацахста нæхи джиджджийы бынат? Чысыл йе 'муд куы æрцыд, уæд йæ цæст аивæй ахаста йæ горæттаг адæмыл æмæ фæхатыд—Доме æмæ йьн Алла адджынæн хæрынц йæ армы конд, стæй зæрондлæг дæр. Фæлæ хисдæр чызг амæ йæ мад, цыма йын стыр удыбæстæ аразынц, ахæм хæрд кæнынц уæливыхтæй. Æмæ та бамбæрста: уымæй дæр ахæм хуыз равдисынмæ хъавынц, цыма сын æввахс адæймаг у, цыма æцæгæйдæр сæ былыцъæрттæ хордтой йæ армы конд фенынмæ. Уæддæр ын æхсызгон уыд, Доме æмæ йын Алла æнæ цæстмæмитæй кæй æввæрсынц йæ фых хойрагыл. Хитæр чызг хуызæй дæр йæ мады хуызæн у, Алла та йæ цæсгомæвæрдæй мысын кодта йæхи кæддæры цæсгом. — Алла дæр мæ туг æмæ ме стæгæй у, — фестъæлфыд йæ сæры. 3 — Абон джиджджийы уæлмæрдмæ ссæуæм,—бауынаффæ кодтой бинонтæ. Уымæн та æрхæндæг йæ зæрдæ бацавта. “Абон джиджджийы уæлмæрдмæ ссæуæм?” Мæнæн та чи цæудзæн мæ уæлмæрдмæ, чи мын цæудзæн мæ уæлмæрдмæ, удæгасæй куы никæй хъæуын, уæд? Стæй дæм цæугæ дæр чи хъуамæ скæна? Æви афтæ æнхъæлдтай, дæ цæргæйæ адæмы æнувыдæй цух цы аззадтæ, уый дын мæрдтыбæстæм фиддзысты, къордгæйттæй цæудзысты дæ ингæнмæ æмæ дæ алыбон дæр рухсаджы цæссыгæй æнæ хай нæ уадздзысты? Гъе, мæгуырæг Матрона, уый удæгæсты æхсæн куыд ис æнамонд æмæ амондджынтæ, мæрдты æхсæн дæр афтæ куы у. Уый мæрдты 'хсæн дæр куы ис амондджынтæ æмæ йæ æз куынæ зыдтон. Куыннæ дзы ис амондджынтæ, уæдæ æрвылбон — æрвылбон ма уæд, æрвылмæй фестæд — йæ зæнæг рухс кæмæн зæгъынЦ, йæ ингæн цæссыг æмæ зылд цух кæмæн нæ уадзынц, уыдон æмæ æнæхицау мæрдтæ иу сты; æнæхицау мæрдтæ, дæлсыджыт кæй фæкæнынц æмæ йве ныгæнæн бонæй .дарддæр, рухсзæгъæджы номыл бацæуæг кæй ингæнмæ нал вæййы. Уæ, тæхуды, йæ ингæны сыджытмæ йæ хъæбултæ рухс кæмæн зæгьынц. Уæ, тæхуды, уыцьгмæдтæ, дæлсыджытмæ дæр кæй уарзынц, дæлсыджытмæ , дæр кæй хъуыды кæнынц. Уæдæ æз цы 'рсырдтон, æз? Æви зæхх цы хорздзинæдтæ радта, уыдонæй мæнæн хай нæй — нæдæр цæргæйæ, нæдæр мæрдтыбæсты. Уæ, дæлæмæ æрхауай, хуыцау, иу хицоны хъæлæс арвæй зæххы астæу .кæмæн нæ радтай... — Матрона, немæ уæлмæрдмæ нæ цæуыс? — æры-хъуыста Домейы ныхæстæ. — Цæмæннæ цæуы? Уадз, æмæ рацæуа, — загъта зæ-роид лæг. Йæ зæрдæ йын бацагайдтой сæ кæнгæ уæздан митæ—ома кæсыс, мах дыл æддæмæ ницæмæй хæцæм, алцæмæйдæр дæ фæрсæм. “Æмæ мæ цы фæрсут? Цы сæрнизæн цæуын æз та уæлмæрдмæ? Уый фарст нæу, уый адæймаджы ницæуыл нымайут, адæймагæн тыхми кæнут. Уый тыхми у, уæдæ æндæр цы у? Фæнда мæ, нæ фæнда, уæддæр ныр хъуамæ уемæ ацæуон, æндæра зæгъдзыстут—нæ марды нын ницæмæ дары, йæхимидæг æй æлгъиты. Цæмæн æй æлгъитын? Цы мын ракодта? Кæм ис, уым дзæнæты бадæд. Фæлæ мын сымах уæ марды азымæй мæ цæстытæ цы къахут? Хъуамæ ссæуон уемæ æмæ та мын уым дæр уæ митæй бамбарын кæнат: махæн мæнæ ам ингæны дуры бын чи хуыссы, уый куы у нæ къуымы ахсджиаг, уæд ды та чи дæ? Йæ бынаты дæхи цы схицау кодтай? ...Æмæ мæ уæдæ æндæр цæмæ кæнут уæлмæрдмæ? Уæ мардæн мæ фæлдисут? Æмæ æз нырма искæмæн филдисинаг нæ дæн. Никуыдæр уыдзынæн. Скæнат мæ уæлмæрдмæ æмæ уæ мардмæ ныдздзурат: “джидæ-джи, мæнæ дын дæ ингæныл ацы усы фæлдисæм. Цалынмæ цæра, уæдмæ дын дæ хæдзары дæ куыстытæ кæндзæни, стæй куы амæла, уæд та дын уымы бæсты уыдзæн цумагæнæн”. Афтæ, нæ? Нæ. Матрона искæй мæрдтæн йæхи нæ фæлдисы. Матрона æрмæстдæр йæ хъæбулы номæн ныффидар кодта йæхи -æмæ цалынмæ цæра, уæдмæ йæ хъæбулы цæуæн зæххытæн хъуамæ кува, уæдмæ йæ хъæбулы цæрайæ хъуамæ цæра”. Æнæнхъæлæджы та йæм йæ хивæнддзинад æрыздæхт: —Нæ,—загъта сын, — адæмæи худинаг у. Уæхæдæг ацæут. Æз та фыстæм акæсон. Бирæгъ арæх у æмæ сыл исты æрцæудзæн. Йæхи расайдта æмæ фыстæ агурынмæ рацыд. — Хуртæ дыл ракæсæд, Матрона, — хæцыд йæхи-мæ, — мой мой кодтай æмæ дын уый та мой. Цæр цæттæ хæдзары дæ моимæ, дæ мойы цæттæ бинонтимæ. Цы ма дæ хъæуы: цæттæ хæдзар, цæттæ бинонтæ! Нæдæр дæ сывæллæттæ хъомыл кæныны æфсæрм ис, нæдæр хæдзар скæныны æфсæрм — хуыцау дын сæ цæттæйæ ратта æмæ цæр. —Уæд дæлæмæ æрхауæд,—ралгъыста карзæй, — уæд дæлæмæ æрхауæд! Йе 'нæнхъæлæджы хъуыды йын йæ зæрдæ ацæхæ-раджынтæ кодта: —Цы сын дæн æз?—фарста йæхи,—цумагæнæн? Цумайы ус, уæдæ æндæр цы? Цумайы ус, æххуырст, искæйон. Уæдæ сæ æндæр цæмæн хъуыдтæн, цæмæн мæ æркодтой? Мæ тыхст цард мын зыдтой, тæригъæд мын фæкодтой, æмæ мæ сæ нæргæ хæдзары уымæн æрбалæууын кодтой — ды дæр, дам, зæрыбонты цардæй исты фен, Матрона, дæ цæрæнбонты фыдæбæттæ, дам, дын фаг сты. Уæдæ! Æрмæстдæр цумайы усæн. Сæ фыдмæ сын зилын хъæуы, хæринаг ыл аразын хъæуы, æхсын æй хъæуы. Стæй сын фосы фæстæ дæр куыннæ сбæздзынæн, фосы бынтæ дæр сын куыд нæ рамæрздзынæн. Уæдæ урсагимæ дæр архайын хъæуы: уæд æхсыр дуцынæй зæгъай, уæд цыхт ахсынæй, уæд царв цæгъды-нæй. Æмæ æппæт уыдæттæ чи хъуамæ араза? Чи, чи, æмæ ды, Матрона! Уæдæ дзы моймæ фæцæуынæй дарддæр æндæр ницы хъуыди? Кус æмæ хырх! фæлæ кæмæн? Йæ зæрдыл æрлæууыдысты Доме æмæ Алла æмæ уыдон номæй йæ маст цадæггай æрусыст. — Мæ зæрдæ рæдийын нæ зоны.. Нæ зоны зæрдæ рæдийын. Уыдон мæ туг æмæ ме стæг сты. Йæ зæрдæ æрфæлмæн æмæ сыл йæхимидæг бабустæ кодта: — Цард уын фестон, кæд мæм сымах та æддагоны цæстæй куыд ракæсут. 4 Изæры змæлдтыты фæстæ та бинонтæ æрбатымбыл сты. Матрона ацы хатт йæхи барджындæр æвдыста. Сихорыл йæ адæм уæлмæрдæй куы æрыздæхтысты, уæд сæм каст, йæ цæст сыл хаста, æмæ фæхатыд: уый ныр-ма дæр æцæг хъыгджын зæрдæ куы сты, сæ зианыл нырма дæр куы нæ æрцахуыр сты. Сæ бинонты ахсджиаг сæ хæдзары кæй нал ис, уымæй æцæгдæр куы фæхъæдгом ацы бинонты цард. Ныр та сæм тæхуды бакодта. “— Уæ, тæхуды, сымах кæ хъæбултæ стут, уæ цы тæхудиаг у, сыйах йæ мардыл дæр афтæ иузæрдыг кæмæн стут, уыцы ус,—хъуыдытæ кодта йæхицæн,—æз та сыл цы бустæ кæнын? Цы бустæ кæнинаг фесты? Сæ хъыгыл сæ хъыг кæнын дæр нал уадзын? Сæ зæр-дæйы тыппыртыл хъæцынхъом кæй сты, уымæй дæр сын бузныг хъуамæ зæгънс, Матрона, цæмæй дыл æцæ-гæйдæр æрцахуыр уой, цæмæй банкъарой — сæ зиан хъыг кæмæн у, сæ хорз —æхсызгон, уый сын æддагон адæймаг кæй нæу. Се 'ппæтæй æнкъарддæр уыд Доме. Тыргъы иудзæвгар æнæдзургæйæ фæлæууыд, стæц бинонтыл йæ цæст ахаста, æмæ Матронайы зæхмæ кæсгæ куы федта, уæд арф ныуулæфыд. —Афтæтæ, гъе,—загъта æбæрæг хуызæй æмæ Матронайы цурмæ бацыд. Уымæн йæ къæхтæ йæ быны бадонзоныг сты æмæ йæм джихæй æнхъæлцау каст кодта. — Афтæтæ, гъе. Нал ис нæхи джиджджи. Никуыуал дæр нæ рæвдаугæ бакæндзæн, никуыуал дæр — схойгæ. Хуыцау нæй, æндæра джиджджийы хуызæн адæймæгтæ хъуамæ мæлгæ кæниккой?.. Æмæ та бакат Матронамæ. — Мах иуæй-иу хатт нæ хъыгыл фæвæйиæм, Матрона, æмæ-иу дæм уый хъыг ма фæкæсæд. Нæ зианыл. нæма æрцахуыр стæм. Ды йæ куы зыдтаис, уæд æй ды дæр уарзтаис, ахæм адæймаг уыд. Ды та-иу дæ зæрдæмæ хъусынтыл ма фæу. Ам дæумæ зулцæстæй чи бакæса, ахæм адæймаг нæй. Стæй, бауырнæд дæ, цæмæйдæрты нæхи джидæджийы хуызæн дæ, де сныхасæй мæм хионы хъæлæс райхъуысы. Матронайы йæ мидбынат æрхауынмæ бирæ нал бахъуыд: уый йæм æввахс уды хъæлæс дзырдта рæвдаугæ; рæвдаугæ хъæлæс, хицоны бусгæ кæмæй хъуыст, хицоны уайдзæфтæ йын чи кодта. Йæ зæрдæ афтæ æрфæлмæнтæ æмæ йæ цæссыгтæ бауромын йæ бон нал сси, фемæхстысты йæ цæссыгтæ. Чысыл ма бахъæуа, Домейы йæ хъæбысы ныттуха; йæ риумæ нылхъцва, йæ зæрдæйы уидаг кæй æнхъæлы, уый æмæ йын зæгъа: Доме, кæд ма зæрдæ исты зонынхъом у, уæд ды мæ хъæбул. куы дæ. Кæд афтæ нæу, кæд мæ хъæбул нæ дæ, уæд ма мын уе 'ппæт дæр æргомæй радзурут, кæцæй æрхаудтæ ацы хæдзармæ? Чи дæ ныййардта? Чи у дæ ныййарæг? Фæлæ та йæхи баурæдта. йæхи баурæдта, йæ фæндтæ куы ныссуйтæ уой, уый тасæй. — Цард уын фестæд мæ уд, — загъта сын æрхæцгæ хъæлæсæй. Уыдон ын, к.æн зæгъын æй хъæуы, -не 'мбæрстой йæ цæссыгты аххосаг æмæ фæсæццæ сты, джихтæгæнгæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. — Бабуся, цæуыл кæуыс, цæ? — дисгæнгæ йæ фарста Алла, æмæ йе 'фцæгыл æртыхсæгау кодта. — Зонын æй, зын дын у, — загъта йын Доме, — фæлæ ницы кæны. Тагъд ныл æрцахуыр уыдзынæ. Уыцы ныхæстæм та йæ зæрдæ суынгæг. — Цард уын фестæд мæ уд,— загьта сын ногæй. Æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: —Цы амондджын уыдаид, сымах кæй хъæбултæ стут, уыцы мад. ...Æмæ та ныр, изæры змæлдтыты фæстæ, бинонтæ куы æрбатыгуыр сты, уæд йæхи уæгъдибардæр хатыд, ныхасгæнгæ сын сæ ныхасы йæхи нæ тъыста, фæлæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ уæддæр иугай ныхæстæ сæппæрста. Бинонтæ дæр æй нæ тыхсын кодтой сæ фарстытæй æмæ уый дæр йæ цымыдис æмбæхсгæ, къæрц-хъуеæ хъуыста сæ ныхæстæм. Фæлæ нæй—уый цы хабæрттæ базонын фæндыд, уыдон кой дзы ничи кодта. “— Быхс, — загъта йæхицæн, — бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Зæрондæй уæддæр истутæ базондзынæн, зæронды уæддæр ракъахдзынæн, æфсонмæ-æфсæнтты”. Æхсæвæрыл куы æрбадтысты, уæд зæронд лæг цал-дæр куывды фæстæ ракуывта хъæбултæн. Уый æгасæй дæр хъустæ фестад. — Дæуæн ницы уыд зæнæг, Матрона? — бафарста йæ Домейы бинойнаг. Æмæ уый афæнд кодта, йæ хъæбулы тыххæй сын æппæт дæр радзурын; радзура сын йæ хабæрттæ æмæ Доме æцæгæйдæр кæд йæ хъæбул у, уæд йæ мады куыд нæ базондзæн; куыд нæ базондзæн чысылæй цы дудгæ. бæттæ бавзæрста, уыдонæй истытæ, куыд ницы дзы æрлæудзæн йæ зæрдыл — цыппар азæй йыл фылдæр куы цыд. Фæлæ та йæхи баурæдта. Йæ дзуринæгтыл фæс-тæдæрмæ фæхæцыд. йæ койаджы сæрмæ æрæвналын дзы цыдæр тас уагъта. —Хуыцау дæлæмæ æрхауæд,—загъта уынгæг хъæлæсæй. 5 Æхсæвы йæхи сынтæгыл куы æруагъта, уæд ацы хæдзары фыццаг хатт банкъардта хуыссæнгæрзты тафс — нырыонг хуыссæнгæрзтæ йæ буармæ æввахс нæ цыдысты, хуыссæнгæрзтæ-иу дæрзæг æмæ хъыррыстгæнгæ ныдзæвдысты йæ буарыл æмæ-иу стыхст, кæрзыдта-иу йæ зæрдæ. Ныр Домейы аудгæ хъæлæсы фæстæ йæ зæрдæ куыд æрфæлмæнтæ, афтæ хуыссæнгæрзтæ дæр сойæвдылдау æндæгъдысты буарыл, хъæрмуст æмæ йын адджын тæф хастой. Иннæ хатæны хуыссыдысты йæ горæттаг бинонтæ. Зæронд лæг та æддейæ тыргъы. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æм æрбайхъуыст бинонтæй искæйы сынтæджы хъыррыст, кæнæ та тыргъæй йæ мойы дæргъвæтин æрхæцгæ улæфт. Уыцы уынæрæй дæр æм амонды тæф калди. Ныр цал æмæ цал азы дæргъы нал фехъуыста бинонты уынæр хуысгæ уатмæ æхсæвы æгуыппæджы. Цы хорз у, æрдæгæхсæв куы райхъал уай, дæ алыварс талынг бæзджынæй куы бада, ды та ма дæ фыдфынты мæцгæ, фезмæлынхъом куы нæ уай, æмæ афтæмæй куы æрыхъусай дæ бинонты уынæр, дæ бинонтæй искæй сынтæджы хъыс-хъыс, йе искæй ныхас. Уæд адæймагмæ уыцы талынджы æмæ уыцы фыдфынты хур æрбакæсы, амонды хур. Ехх, тæхуды йæ цæргæ-цæрæнбонтæ йæ адджын бинонты æхсæн чи арвыста. Цымæ сылгоймагæн йæ адджын бинонтæй зынаргъдæр цы ис ацы цар-ды... Цы ис ацы царды уымæй зынаргъдæр, фынæйгæнгæ дæр дæ бинонты хъæлæба куы хъусай дæ мидфынмæ, дæ адджын фын дын дæ бинонты хъæлæба куы фескъуына; гъе фыдфынтæ куы уынай, куы утæхсæн кæнай, дæ утæхсæн дын исчи куы хъуса, куы дæ райхъал кæна æмæ дæ куы бафæрса: — джиджджи, цы кæныс, цы? Цæуыл хъуырдухæн кæныс? Нæй, уымæй зынаргъдæр ницы ис, æвæцдæгæн, сылгоймагæн. Æвæццæгæн, сылгоймаг цæргæ дæр æрмæст уый тыххæй кæны, цæмæй йæ зæнæджы уынæр хъуса, хуыцау æй уымæн сфæлдыста, цæмæй йæм хъуыса йæ зæнæджы удæгас ныхас, цæмæй фыдæбон кæна- йæ зæ-нæджы сæраппонд; фыдæбон кæна, куса æмæ уа амондджын. Иунæг иу сылыстæг дæр нæ рахондзæн йæхи амондджын, йæ хъæбулты тыххæй чи нæ фыдæбон кæны, йæ хъæбулты цин æмæ мæтæй йæ зæрдæ йедзаг кæмæн нæу. 6 Уыцы æхсæвы хуызæн адджынæн никуыуал бафынæй. Хуыссæнгæрзтæ йе 'мбуар æрыыдысты, хатæны уæл-дæф ын æрхъарм, хатæны уæлдæф ыл уазалæй йæ уæз нал уагъта æмæ суанг- райсоммæ йæ къах нал атылдта. Уæддæр йæ ахуырмæ гæсгæ райсом раджы райхъали. Иннæ хæттытау ацы хатт сынтæгыл бирæ нал афæстиат, бафæндыд æй, æцæгæлон къуымы ад ын чи нæуал кæны, уым истытæ змæлын, æмæ сыстад. Æддейæ бæстыхъæд æппæтæй дæр æвдыста хорз боны миниуджытæ. Хæхты цъуппытæ арвы цъæх фæччитыл сæхи æргом кодтой зонгæ нывтæй. Райсом раджы хæхбæсты комы доны уынæр тыхджын вæййы. Тухджын æмæ иугъæдон. Æмæ ныр дæр йæ уынæр æнæферхæц-гæйæ æнхъæвзæнтæ кодта. Райсомы змæлд хъæуы нæма стыхджын, æмæ-иу искуьцæй йе стуры уаст, йе куыдзы рæйын куы райхъуыст, уæд топпы гæрахау зæлыд комы гакъæтты. Савумæйы сатæг уæлдæф æппæтæй дæр цæттæ уыд боны змæлды хъæлæбайæ байдзагмæ. Лæгтæ уæддæр раздæр сыстадысты. Хæдзары фарсмæ, кæрдо бæласы бын лæууыд йæ зæронд мой æмæ касти ададжырдæм. Ададжы къада доны уæлхъус, айдагъ майкæйы лæууыд Доме æмæ уазал дæрзæг донæй æхвадта йæхи. Чызджытæ æмæ сæ мад нырма, æвæццæ-гæн, фынæй кодтой. Горæттаг адæм райсом раджы аходæныл зæрдейæ кабй сты, уый. куыд нæ зыдта-æмæ сугтæ хæссынмæ рацыд. Цалынмæ цъыхыры сугтæ саста, уæдмæ Домейы бинойнаг дæр тыргъмæ рацыд, æмæ сын худгæбылæй салам ратта: — Уæ райсом хорз. — Дзæбæхæй цæр, чындз. Уый дæр бæргæ фæндыд, чындз æй куы рахонид, исты хъарм ныхæстæ йæм куы скæнид: хъарм ныхæстæ — æфсинæн йæ чындзы тыххæй æвæрд цы ныхæстæ вæййынц цæргæцæрæнбонты, ахæм рæвдыд дзырдтæ, фæлæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд. — Дзæбæх райсомтæ дыл цæуæд, — загъта йын зæрдæбынæй. Домейы бинойнаг йæ хицауы цурмæ рацыд æмæ цæуылдæрты ныхæстæ кодтой. Уæдмæ уый сугтæ æрцъæл-тæ кодта æмæ сæ хæдзармæ ахаста. Йæ зæронд мой йæ чындзимæ цы хъарм зæрдæйы уагæй дзырдта, уый йын йæ зæрдæ балвæста, ног æнæзынд æнкъарæн ын райхъал кодта йæ уды: уый зæрдæйæн канд хъæбул куы нæ вæййы адджын, фæлæ ма дæ хъæбул йæ цард кæимæ сбæтта, дæ хъæбул йæ цард кæимæ баиу кæна, уый дæр рæбинаг куы свæййы зæрдæйæн. Æцæгæлон, æнæзонгæ адæймаг, тугхæстæг дын чи нæ у, уый дæ хъæбулимæ йæ цард куы сбæтта, уæд уый дæр хъæбулы хуызæн куы свæййы. Уæ, цы тæхудиаг у уыцы мад, хъæбулы хицау чи у; уæ, цы тæхудиаг у уыцы мад, йæ хъæбул амояд кæмæн есары; куыннæ у тæхудиаг уыцы мад, йæ хъæбул йæ цæсты раз йæ рæз кæмæн хæссы; дæ хъæбул дæ цæсты раз йæ рæз куыд хæссы, уымæ кæс, йæ лæджы ранмæ куыд хизи, уый уын æмæ зон: мæ хъæбул йæ ранмæ ахæццæ æмæ тагъд бадыууæ уыдзысты; æмæ куы бадыууæ уой, дæ хъæбултæ æцæгæйдæр бирæ кæнын уæд райдайдзысты, афтæ ныббирæ уыдзысты æмæ ды куы нæ уал уай, уæддæр дæ фæстæ сæ бæрцыл ноджы бæрц æфтдзæни, комыдзаг адæм суыдзысты дæ хуылфæй рахизгæ хъæбулæн йæ хъæбултæ æмæ уыдон хъæбултæ. Зон æппæт уыдæттæ, æмæ дæ хъæбул йæ лæджы ранмæ куыд хиза, афтæ дæ мидзæрдæйы æвзар, дæ хъæбулы фæстæ чи æрцæуа, уый номыл райстбавæрд зæгъинæгтæ, уæды онг кæй никуы-ма загътай, дæ уды рæбын та рагæй чи тæлфыд. Тагъд мад чи суа, дæ хъæбулы хъæбулты мад, ахæм сылыстæгæн та мадмæ куыннæ разындзæн удæн адджын дзуринæгтæ? Уæ, тæхудыйаг фæуа уыцы мад, йæ хъæбулы номæй искæй сылыстæгмæ “чындз” бадзурыны ныфс кæй вæййы... Пецы раз, йæ зонгуытыл лæугæ, арт кæныныл архайдта, æмæ нывæзта йæ уды рæбинаг сагъæстæ. Афтæмæй иннæ уатæй æрыхъуыста Домейы чызджыты ныхас. Йæ арт кæнын фæуагъта, æмæ сæм ныхъхъуыста. —Дура, — хъуысти хистæр чызджы ныхас. —Сама ты дура,—дзырдта Алла. Ныхæстæ цы сты, уый нæ зыдта, фæлæ дзæбæх ны-хæстæ кæй не сты, уый ахста йæ зонд æмæ йын хъыг уыдис, Домейы хуызæн лæджы сывæллæттæ æнæуаг ныхæстæ кæй кæнынц. Ныхъхъуыста сæм ноджы лæмбынæгдæр. — Кæд дæ фæнды, хæснæгтæ скæнæм, — дзырдта Алла. — Дура, æз æй æнæ хæснагæй дæр зонын — зæрæдтæн сывæллæттæ нал фæгуыры. — Гуыры, — нæ састи Алла. Сæ ныхæстæм йæ сурхид акалд. — Уæдæ папæ æмæ мамæ нырма зæрæдтæ дæр не сты, æмæ уыдонæн дæр куы нæуал гуыры сывæллæттæ, уæд уыдон та тынг зæрæдтæ куы сты? Чысыл афæстиаты фæстæ райхъуыст Аллайы дзурын: — Уый мамæ папæмæ раджы æрцыд чындзы æмæ сын уый тыххæй нал гуыры сывæллæттæ, фæлæ бабуся та нырма гъеныр æрцыд чындзы æмæ чындзы чи æрцæуы, уымæн та сывæллон райгуыры. — Нæгъ! Нæ гуыры! — Гуыры, Гуыры. Папæ дын уымæн фæдзуры, гъе, ды дæхи йеттæмæ никæй уарзыс æмæ дæ нæ фæнды, бабусяйæн гыццыл сывæллон уа. — Ницщ æмбарыс нырма. Зæрæдтæн сывæллæттæ нал фæгуыры. — Райгуыры, — нæ састи Алла, — уæдæ фарон га-зеты афтæ фыст куы уыд, иу тæтæйрагæн, дам, девяносто аздзыдæй райгуырд сывæллон æмæ нырма дедушка æмæ бабусяйыл восемьдесяттæ дæр куы нæ цæуы. — Гъеныр ницы æмбарыс æмæ дын æй куыд зæгъон, зæрæдтæн сывæллон цæмæннæуал фæгуыры. — Зонын. — Цы зоныс? Ныртæккæ сæ, чи нæ æмбæлы, ахæм ныхæстæ кæй схаудзæн, уый адæргæй афæлвæрдта исты сдзурын, сæ ныхас сын фескъуынын, фæлæ йæ бон не сси, йе 'взаг нындзыг. — Сывæллон цæмæн райгуыры, — хъуыста Аллайы хъæлæс. — Цæмæн? —Цæмæн, цæ, æмæ лæг æмæ усæн сæ цуры ничи вæййы æмæ кæрæдзи цур схуыссынц æмæ кæрæдзийæн фæпъатæ кæнынц. — Ну и что? — хъуысти хистæр хойы былысчъил ныхас. — “Ну и что, ну и что” — афæзмыдта йæ Алла, -— цыма йæ киноты никуы федтон æмæ йæ нæ зонын. —Ницы зоныс. — Дæхæдæг ницы зоныс, —хъуысти Аллайы мæстджын ныхас, — æмбаргæ дæр ницы кæныс æмæ дын ма-тематикæйæ тройкæтæ дæр уымæн ис. Троечница! — Уæддæр æй нæ зоныс, сывæллон цæмæн райгуыры. — Зонын. — Нæ йæ зоныс! Æмзе дын æй зæгъгæ дæр иæ кæн-дзынæн. Ты этого еще не поймешь. Дарддæр хъусын сæм йæ бон нал баци. Схуыфыд. Суынæр кодта. Пецы трубаты суджы лыггагæй бахос-та — сæ милтæ æрцæгъдын æфсон. Чызджытæ сæ ныхас фескъуыдтой, райхъуыст сæ нымæг сусу-бусу, стæй дзы кæцыдæр æддæмæ ахызт, тыргъæй æрбайхъуыст йæ къахы уынæр. Цæмæндæр æм афтæ фæкаст, уый æнæмæнгæй Алла кæй хъуамæ уа, æмæ ныртæккæ хатæнмæ кæй æрбахиздзæн. Æцæгæйдæр, чысыл фæстæдæр дуар фегом æмæ къæсæргæрон алæууыд Алла. — Бабуся, — æрбадзырдта йæм къæсæргæронæй мидбылхудгæ. — А, мæ гыццыл хъæбул, — йæ бон нал баци Алла-мæ йæ хъарм зæрдæйы уаг бамбæхсын. — Куыд раджы сыстадтæ, мæ чызг? Æмæ йæм хъæбул сдзурын кæя бауæндыд, уымæй йæхиуыл хуртæ ракаст. — Æри æз дæ бæсты сарт кæнон, — йæ уæлхъус алæууыд Алла. —Нæ, нæ, дæхи ныммид кæндзынæ,— аиуварс кодта чызджы. Пецы сугæвæрдтыл фæтæген бакалдта, спич-кæ сыл ацагъта æмæ слæууыд. Чызджы иу къухæй æр-бахъæбыс кодта. — Нæма сæххормаг дæ, мæ чызг? —Æмæ. исты Беллæ дæн,—бабылысчъилтæ кодта йæ хистæр хойыл,— ацафон Беллæ фæхæры. Дыууæ чызджы ныхас нырма йæ хъустыл уад æмæ Аллайыл йæ цæстæнгас æрхаста. “—Æцæгæйдæр, цьг 'мбарыс нырма лæг æмæ усы цæрдтытæн, — хъуыды кодта йæхинымæр,—нырма дæ чызгон миниуджытæ сæхи æргом æвдисын дæр куы нæ райдыдтой”. Уæдмæ та дуар æрбайгом æмæ мидæмæ æрбахызт чызджыты мад. Йæ къухы лыстæг къалиуыл халгонд уыд цалдæр къалмахи кæсаг. — Алычкæ, папæ дын фарельтæ æрцахста. — Ой, — ныццин кодта чызг æмæ кæсæгтæ йæ мады къухтæй раскъæфта. Бабуся, сфыцма мын сæ, гъо, æмæ дзы æз Беллæйæн ма раттон. Уый базивæг кодта кæсæгтæ фыцынмæ. Зыдта йæ, горæттаг адæммæ ног ахст къалмахи кадджын кæй у æмæ сæ рæстмæ куы нæ сфыца, уæд сæ зæрдæхудты кæй бацæудзæн. — Дæ нывонд фæуон, — загъта йын, — æмæ æз кæсæгтæ фыцынмæ куы нæ арæхсын. Дæ мад сæ хуыздæр афыцдзæн. —Æмæ. сæ цы хъæуы, — загъта Аллайы мад, — мæхæдæг сæ афыцдзынæн. —Афыц,—загъта йын,—æз та хъуццыты радуцон. 7 Домейы чызджыты ныхас йæ хъуыдытæй нал хицæн кодта. Æфхæрды охыл æй нæ райста йæ зæрдæмæ, фæлæ сæ ныхасы фæстиуæгæй йæ риуы ныббадт цавæрдæр уазал мигъ æмæ йæхицæн дæр йæ бон нæ уыди йæ зæрдæйы уаг бамбарын: иуæй йæхи йæхæдæг æвæрдта ца-вæрдæр хынджылæггаг уавæры, мæнæ цыма чысыл сывæллæттæ чындзы цæуынтæй хъазт æрымысыдысты, æмæ уыцы хъазтæй хъазынц—сывæллæттæн æрвылхатт дæр куыд вæййы—æцæгхуызæй, йæхи дæр ын йе 'мцахъæн акодтой æмæ хъазынц уыцы хъазтæй, уымæй дæр — йæ-хæдæг чындзы бынаты; æмбаргæ адæм сæм кæсынц æмæ йын худынц йæ æнæраны хъæзтытыл — чи зæрдæхæларæй, чи.та хъуынтъызæрфыгæй. Фæсаходæнты сæ Солтан æмæ Венера дæр куы абæрæг кодтой, уæд бафиппайдта: сылгоймæгтæ æрвылхатт дæр куыд фæкæнынц чындзæхсæвы кæнæ ног къæйтты цур, афтæ Венера æмæ Домейы бинойнаг уæлдай хъармзæрдæ æвдыстой сæ лæгтæм. Аллæ уыдæттæ нæ хатыд -фæлæ йæ хистæр хойы цæстæй нæ ирвæзтысты уыцы хъармзæрдæ ахастытæ: йæхи-иу фæтарæрфыг кодта, йæ цæсгомыл-иу разынд æнæразыдзинады фæдтæ. Уый йæм диссаг фæкаст. Лæмбынæгдæр æм йæ цæст куы æрдардта, уæд рахатыд: Аллайы хо æппæтæй дæр рæвдз уыд йæ æцæг сылыстæджы кармæ бахизынмæ; йæ сылыстæгон миниуджытæ æппæтæй дæр сæхи къæйныхæй æргом кодтой. Нырма кæрæдзийæ дард чи лæууыд, кæрæдзимæ чи нæма æрбаввахс, уыцы риуæвæрдтæ дæр æвдисæн уыдысты сылыстæджы фидыцы ахадындзинады фæстейæ кæй ницæмæй зайынц. “—Уæ æнæнтыст макуы æрбауай,—хъуыды кодта йæхинымæр,—уый ныридæгæн царды хæрзтæй хай ратонынмæ дæ бæттæнтæ куы тоныс, уый ныридæгæн нæуæг цард аразынмæ дæхи куы æрцæттæ кодтай”. Нырыонг, Аллайæ хъауджы, уымæ цæмæндæр уазал зæрдæ дардта. Ныр æм уыцы хъуыдыйы фæстæ æрхъармзæрдæ. Йæ цæстытæм-иу ын куы бакаст æмæ- иу ын йæ цæстыты куы федта, цардмæбæллæг сылгоймаджы цæстыты цы арт фæсудзы, уыцы арты стъæлфæнтæй, уæд ын уыцы цæстæнгас йæ зæрдæ æлхæдта. Разы уыд йæхинымæр, нырма хæр æвзонг уæвгæ, цард аразыны хъуыдытæ йæ зæрджиы кæй тæлфынц, ууыл. Йæхины-мæр кæимæдæр быцæугæнгæ, нывæзта, адæймаг йæ цард аразын сæрысуангæй кæй хъуамæ райдайа, дзырд цардыл куы цæуа, уæд барын кæй никæмæн хъæуы, æгæрыстæмæй — де 'ввахс хиуæттæн дæр, науæд алы æфсæнтты æмæ алы æфсæрмыты руаджы адæймагæн йæ цард ньгкъаппа-къуппатæ вæййы æмæ дæм стæй де намонды рæстæджы иу хион дæр нал фæдаргъ кæндзæн йæ къух; хи цард аразгæйæ, адæймаг йæхи уды цард кæй нæ фæаразы, фæлæ бирæ адæймæгты цард — дæ хъæбулты цард, дæ хъæбулты хъæбулты цард æмæ ма дæхæдæг уынгæ дæр кæй нæуал фæкæнай, дæ ном дын мысгæ дæр чи нæуал æркæна, уыцы хъæбулты хъæбулты даргъ æмæ уæрæх байзæддаджы цард дæр... 8 Хæхбæсты уыцы афон хосыссивæнтæй дарддæр ницыуал куыст вæййы. Хосыссивæнты рæстæг удуæлдай куыст у, фæлæ уыдонæн сæ æхгæд зæххы гæппæлты хос фаг кодта сæ нымад хъомфосæн æмæ æхсæны угæрдæнтæм нал ныхилдтой. Сæ зæххы хæйтты æхгæдмæ дæр зæрдæ не 'хсайдта — æфсæн быд телæй æмбонд уыдысты: Матрона ардæм куы æрцыд, уæд ын йæ зæронд мой йæ хъомфосы фæстæ стæй уыдон фенын кодта — истытæ акусыны æфсон æй цæхæрадæтты азилын код-та æмæ хæдзармæ куы æрцыдысты, уæд раппæлыд: — Нæ комы мæнæй дарддæр йæ зæххы хæйттæ æфсæн быд телæй æхгæд никæмæн сты. Суг дæр сын зымæгвагæй фылдæр уыд ласт, картоф къахынæн та нырма раджы уыд æмæ Доме бафæнд кодта комы доны кæсаг ахсын. Алычкæ дæр нал ныллæуыд. Мад хистæр чызджы дæр æрвыста йæ фыдимæ, фæлæ уый нæ акуы'мдта — нæ дам уарзын кæсаг ахсын. Æххæст ма карк дæр аргæвд, зæгъгæ, Домейæн карк куы аргæвдын кодтой, уæд уый Алычкæимæ кæсаг ахсынмæ ацыдысты. Хисдæр чызг нымæт рахаста, кæрдо бæласы бын æй байтыгъта æмæ нымæтыл дæлгоммæ ныххуыссыд; йæ роцъо йæ армытъæпæнтыл æруагъта, армытæпæнтæ—нымæтмæ, афтæмæй цæуылдæр хъуыды кодта; цæуылдæр хъуыды кодта, йæ къæхтæй та, сы-вæллонау, хæрдмæ скъæдзгæнгæ, хъазыд йæ æдзынæг ныхъуыды йын лæвæрдта ас адæймаджы хуыз, йæ хъазт та — хæрз сабийы æнгас. Иунæгæй йæхи кæй фæхибар кодта, уымæй Матронайы зæрдæ бамæгуырхуыз: “—Æвæццæгæн, йæ чызгон мæткæнинæгтыл хъуыды кæны”, — ахъуыды кодта йæхинымæр. Чызджы удыхъæды цас фылдæр фиппайдта сылыстæгон миниуджытæ, уый бæрц æм æввахсдæр кодта. Ахъавыд, йæ цурмæ бацæуа, йæ чызгон койæгтыл ын ныхас æрæфтауа, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. “— Фæлтау ын йæ мады рарвитон йæ цурмæ”, — загъта йæхинымæр æмæ хæдэармæ рацыд. Домейы бинойнаг уæдмæ фынг систа æмæ æхсадта фынгæй ист мигæнæнтæ. “Æххæст ма уыдон абæстон кæна, стæй йæ арвитдзынæн,” — загъта йæхинымæр æмæ карчы ныллопъо кæныны тыххæй цы дон бауæларт кодтой, уымæ арт бандзæрста. Дон æнæуый дæр æхсидынхъус уыд æмæ уайтагъд рафыхт. Карчы къуырф тасы нывæрдта æмæ йыл уырдæм æхсидгæ дон аскъæрдта. Хуылыдз бамбулиты тæф йе 'мбудæнтыл куы ауад, уæд æй бафæндыд, Домейы бинойнаг æм куы фæкæсид карк лопъо кæнынмæ. Нæ уарзта ацы тæвд доны удæст бамбулиты тæф: иппæрд, æдзæрæг, ныккæлын æввонг чи у, ахæм къæсыл къæвда куы фæуары, къæвда æмбыд хъуариты. æмæ кæлæццаг æндзæлмтты æхсæнты куы æртæдзы, ды иунæгæй куы бадай уыцы æркæлынæввонг къæсы æмæ дыл уыцы чъизи къæвдайы дон куы лæдæрса, раст ахæм уавæры фæхаты йæхи ацы хуылыдз бамбулиты тæф банкъаргæ. Уæдмæ Домейы бинойнаг мигæнæнтæ æхсад æмæ сæрфт фæци, хъавыд Матронамæ фæкæсын. Матронайæн кæд йæхи дæр фæндыд, карк аразынмæ- йæм куы фæкæсид, уæддæр йæ фыццаг хъуыдыйы фæсвæд нæ авæрдта: — Иу карк афыцынхъом не суыдзынæн? Уый мæхи бар уадз, ды та уæртæ дæ чызджы цурмæ ауай æмæ йын истытæ аныхæстæ кæн. Чызджы зæрдæ мадй хуызæи чи зоны æмæ уый та ныр чындздзон чызг у. Уымæн æхсызгон уыд, йæ чызджы йын чындздзоя кæй рахуыдта, йæхимидæг бабуц, фæлæ уæддæр æфсонæн загъта: — Чындздзоны кармæ йæ бирæ анхъæлмæ кæсын бахъæудзæн нырма. — Нæ, нæ, дæ нывонд фæуон, афтæ ма хъуыды кæн,—нæ йæ суагъта дзурын,—бакæс ма йын йæ гуырыкондмæ! Мад куыд фæхъуыды кæны, чызг уымæй бирæ раздæр бахизы йæ кармæ, бирæ раздæр райдайы хъуыды кæнын йæ чызгон мæткæнинæгтыл. Уыйфæлтау æй йæхи цур сывæллон мауал хон, чызг уый цахъæнæй æрра митæм æмхиц у, стæй йæ хибарæй дæр бирæ ма уадз, йæ цуры-иу арæхдæр абад, йæхæдæг цæуылты хъуыды кæны, ахæм дзуринæгтыл-иу аныхæстæ кæн йемæ. Уый йæм дисгæнгæ бакаст: — Æмæ йæ уæдæ цы хонон йæхи цур? Матрона йæ карк лопъо кæнын фæуагъта, йæ астæу сраст кодта æмæ бамбулиты хуылыдз тæфæй чысыл рæстæг фервæзыны фадат банкъаргæ. йæ сæрыл æддоз ахæцыд. — Мадæр æй сывæллон хон, мадæр чындздзон чызг. Уый дын æз, йæхи цур куы уай, уæд зæгъын. Сывæллон æй куы хонай, уæд дыл цъусгай нал æууæнддзæн, алцы кæй нæ зоныс, уый йæ бауырндзæн, суæлæхох дыл уыдзæн æмæ дын алцы нал дзурдзæни, йæ дзуринæгтæ дæ райдайдзæн æмбæхсын, райдайдзæни дæ сайын, схивæнд уыдзæн, уый цахъæн чызгæн та уымæй тæссагдæр ницы ис. Фæлтау-иу йемæ æмсæр адæймаджы ныхæстæ акæн, уый цахъæн куы уыдтæ, уыцы хабæрттæй-иу ын истытæ радзур, стæй ма йын æрмæст сылгоймаджы дзуринæгтæй дæр истытæ хаттæй-хатт куы сæргом кæнай, уæддæр хуыздæр уыдзæн. Уæд æй бауырндэæн, ды алцы зонынхъом дæр кæй дæ æмæ дæ сайынвæнд нал кæндзæни, йæхæдæг- иу дæ фæрсдзæни истæмæйты. фæлæ йæ чындздзон чызг дæр ма хон йæхи цур. Уæд йæхимæ ныззындзæн, цы афон ын у, уыцы афоны митæ нал кæндзæни. Алцæмæй дæр фæзмдзæни сæ кармæ ацæуæг сцлгоймæгты æмæ йæ уыцы кæнгæ митæ хъыгдардзысты. йæхи хуызæн- нал уыдзæн. Æмæ, гæнæн ис, исчитæ йыл худгæ дæр бакæна, искæмæнты худæджы сæр дæр басгуыха. фæлтау-иу æй бауадз æмæ-иу хаттæй-хатт сывæллоны митæ дæр акæна. Нырма нæдæр æцæг чындздзон чызг у, налдæр сывæллон у æмæ-иу ын искуыдæй-искуыдмæ йæ сывæллоны митæ дæр йæ цæстмæ ма æдар, — дзырдта йын зæрдæбынæй æмæ дзургæ-дзурын йæ цæстытыл ауад, æрдæбон Беллæ нымæтыл хуысгæ, цæуылдæр куыд ныхъхъуыды кодта, йæ къæхтæй та сывæллонау куыд хъазыд, уыцы ныв. Тынг æй фæндыд, чызджы мад æй дзæбæх куы бамбарид, исты хорзы сын куы бацæуид. Уый йæм джихтæгæнгæ хъуыста. — Матрона, — бафарста йæ дисгæнгæ, — чызджытæ дын куы нæ ис, уæд утæппæт лыстæг хябæрттæ афтæ бæстæттæ кæцæй зоныс? Æвæццæгæн æм диссаг фæкаст, ома ай цахъæн зæронд ус, иу хицон, иу мæнузæгъæг кæмæн нæй, уыд нырыккон чындздзон чызджы хъуыдытæ фæлгъауын кæм сахуыр; диссаг æм фæкаст уый æмæ Матрона йæ цæсты фæкадджын, касти йæм аргъуцгæнгæ, йæ цæстыты ссыгъд, сылыстæг сылыстæгмæ æввахс цæмæйты у, уыцы райстбавæрдты хъармзæрдæ. Уый Матрона дæр куыннæ фæхатыд æмæ йын кæд æхсызгон уыд, уæддæр æй уыдæттыл бацин кæнынмæ нал равдæлд, До-мейы бинойнаджы фæстаг ныхæстæм йæ зæрдыл æрлæууыд, знон та йæ, сывæллæттæ йын ис, æви нæ, уымæй кæй фарста. “— Агъа, — загъта йæхинымæр, — чызджытæ мын кæй нæй, уый зоныс. Уæдæ уый дæр зондзынæ, лæппу мын кæй уыд, кæй мын фесæфт æмæ уый кæй агурын. Кæй йæ агурын, уый чизоны æмæ зоныс, фæлæ йæ ацы хæдзары дæр кæй агурын, уый, мæнмæ гæсгæ, нæ зоныс. Уый хорз у æви æвзæр, уый мæхæдæг дæр нæ зонын, фæлæ уадз æмæ рæстæгмæ афтæ дæр уæд” — загъта йæхинымæр. Æргомæй та загъта: — Уыдæттæ та цы зонын хъæуы. Зæрдæйы хъустæ мыл куы ис. Домейы усы фæндыд зæрдиаг ныхæстæ йын куи зæгъид: — Матрона, — дзырдта йæм хионы хъæлæсы уагæй, — дæхæдæг нын ницы хъæр кæныс, фæлæ нын Венера дæ хабæрттæ ракодта æмæ мæм диссаг кæсы, æппын никуыцæй уал разынд дæ лæппуйы фæд? — Никуыцæй, — загъта уынгæг хъæлæсæй. йæ уавæрæй Домейы усы цæсгом дæр бамæгуыр-хуыз. Матрона фæхатыд: ныртæккæйы хуызæн хъармзæрдæ ныхасмæ чи зоны никуыуал æрхауой æмæ ныр гæнæн цы ис, уымæй йæ ракъахын хъæуы Домейы хабæрттæй— йе схæсджытæ дзы цы зонынц, уыдон йæ ус æнæ базындæй куыд ныууагътаид? Хатыд уыдæттæ, фæлæ Домейы бинойнаг йемæ зæрдиаг ныхас кæй кодта, уый та йæ истæмæйты ракъахынмæ кæй хъавыд, уымæй йæхимæ комдзог цæуæджы хуызæн зынд æмæ йæ хъуыдыты нывæзты къуыхцы кодта, цæмæй райдайа, уый йæ зонд нæ ахста. — Йæ ном та дын цы хуынди? — бафарста йæ Домейы бинойнаг. — Доме. — Доме? — бафарста йæ уый. — Доме, — загъта ногæй, æмæ æвиппаиды йæ хъæбулы номæй йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, байрох дзы ис, Домейы бинойнаджы цæмæйдæрты ракъахын кæй хъæ-уы æмæ йын ахæм фадат тагъд кæй нæ уал фæуыдзæн — Доме хуынди мæ хъæбул дæр, йæ сæрыбæсты хаст æрцæуон, дæ лæджимæ æмнæмттæ сты æмæ дын дæ лæгмæ уый тыххæй мæхимидæг уæлдай хъармзæрдæ дарын. Йæ фыды тыххæй нæм-фыццаг хатт куы фæзынд, æмæ йæ ном Доме кæй хуыйны, уый куы базыдтон, уæд дæр мæм дзы хи хъæбулы рухс æрбакалд. Ардæм дæр, æвæццæгæн, не 'рыфтыдаин, уыи Доме куы нæ хуындаид, уæд. Фæлæ, зæгъын, мæ хъæбулы ном уæддæр хъусдзынæн, цы хæдзары цæрон, уым, æмæ уымæй уæддæр рæвдаудзынæн мæхи, — загъта зæрдæбынæй æмæ æвиппайды йæ фæстаг ныхæстыл фæфæсмон кодта; чысыл ахъуыдыгæнгæ, фæфæсмон кодта йе 'ппæт æргом ныхæстыл дæр. Домейы бинойнаджы дзыхæй Домейы хабæрттæ истытæ фехъусынмæ хъавыд, афтæмæй та йæхи уды сусæгтæй йæхæдæг цыдæртæ срæцыгъта. Йæ ныхæсты фæстæ, ардæм зæронд лæджы фæстæ нæ, фæлæ сæм Доме кæцæй æрхауд, уый базоныны тыххæй кæй æрцыд, уый куы раргом уа агмæ йын æнæнхъæлæджы йæ фæндтæ йæ хъуыры куы фæбадын кæной, уый адæргæй йæ сурхид акалд. Бакаст Домейы бинойнаджы цæстытæм. Уый цæстыты æцæгæйдæр сыгъаысты цымыдисы стъæлфæнтæ. Уый йын бынтондæр йе уонг амардта, архайдта исты æрхъуыды кæнын, фæлæ та йæ зонд фæкъуырма æмæ йæ бон хъуыды кæнын нал уыд. — Цал азы йыл цæуид ныр? — фарста йæ Домейы ус. Йæ ныхасы уаджы сылгоймаджы цымыдис нæ уыд, фæлæ нæлгоймаджы зæрдæхсайд хъæлæсы уаг. — Сымахоныл цал азы цæуы? — бафарста йæ æмæ йæм æнæнхъæлæджы æрцыд йæ ныхæстæ бараст кæныны ныфс. — Цыппар æмæ дыууиссæдз азы. Уыцы ныхæстæм йе 'муд æрцыд, фервæзт йæ къуытты уавæрæй æмæ йæхимидæг бацин кодта: “Уæддæр дзы цыдæртæ ракъахтон. Цал азы йыл цæуы, уый уæддæр базыдтон. Иу аз та алырдæм дæр фæрæдийæн ис”. — Уæдæ дзы мæ хъæбул æхсæз азы хистæр у, -- загъта майнг ныхæстæ, — мæ хъæбулы райгуырдыл ныр дæс æмæ дыууйссæдз азы бæрц цæуы. Фæндыдис æй уæлæхох хъæлæсыуагæй дзурын æмæ, æвæццæгæн, уый йæ къухы дæр бафтыд — йæ ныхæстæй цыма Домейы усæн фенцондæр, афтæ рахатыд. 9 Иудзæвгар ма куы аныхæстæ кодтой, уæд æй бауырныдта: йæ гуырысхо дзæгъæды уыд, Домейы ус ницæуыл фæдызæрдыг. Æмæ æхсызгонæй сулæфыд. Нырыонг бæстон никуы ахъуыды кодта, ацы бинонтæй базонынмæ цы хъавы, уый йын развæлгъау куы рахъæр. уа, уæд цы ми хъуамæ кæна, ууыл æмæ йæм йæ митæ фæкастысты хуыснæджы хъуыддагау: цыма ацы бинонтæй цыдæр давынмæ хъавы, сæ адджын цард сын змæнтынмæ хъавы æмæ йæ куы фæхатой, уæд фыдгæнæджы бынаты аззайдзæн, ахæм тасы ран банкъардта йæхи. — Мæнæ куыд æнæсæрфат митæ кæнын, — хъуыды кодта йæхинымæр æмæ йæ зæрдæ бауæззæуттæ. — Мæнæ мæ уды сусæгтæ æмбæхсын дæр куыд нæ уал зонын. Нырма куынæ ехсы къæрцц хъуысы, куынæ бæхы хуыррытт, уæд цы æнæрхъуыды митæ кæнын? Уæд мæ уды æнамондæй цæмæн хъæстæ кæнын кæйдæр бинонты адджын цард? Æви æцæгæйдæр мæ уды æнамонд мæ фæстæ æфтыд фæци æмæ уый сарæй кæйдæрты дæр цæрын нал уадзын? Æмæ уæд хъуамæ мæрдтæм ме стджытæ дæр мауал бахæццæ уой. Кæд афтæ сæнамонд дæн æмæ кæйдæр бинонты адджын царды къæмау хауын, уæд' мæ мæрдтæм дæр мацыуал бахæццæ уæд!” — æлгъыста йæхи æмæ архайдта, мацæуыл хъуыды кæна. Уый та йæ къухы не 'фтыд. йæ хъуыдытæ йæ ссы кодтой æндæр хъуыдытæм, иу хъуыды йæ ардыдта æндæр хъуыдыйыл æмæ йæ хъуыдытæ та, йæ царды цы федта, уыдонæй дарддæр æндæр цæуыл хъуамæ уыдаиккой. йæ царды искæй бинонты амонд кæй хæлдта, уыцы хъуыды йæхи цæй сырдта, йæхи дзы тылиф кодта, фæлæ зæрдæйы цы стæлфа, уый хъуыдытæм куыннæ хъуамæ фæхæццæ уа. Йæ уды рæбын сызмæлыдысты, йæ уæлæхох царды рæстæджы-иу йæхицæн рæстæгмæ цы лæгты бакъаддæр-тæ кодта, уыдон устытьг æртхъирæнтæ, уыцы бинонты царды змæстытæ; æртæфсти йыл, йæ æнæсæрфат уды домæнты сарæй иу нæ, фæлæ бирæ бинонты амондджын цард кæй къахыртæ кодта. Утæппæт хæццæ-мæццæ хъуыдытæ æмæ æмтъеры царды скъуыддзæгты 'хсæн йæ зæр-дыл æрлæууыд йе 'нæуаг царды райдиан: Цупылимæ сыл уыцы æнагъæттаг хабар куы 'рцыд æмæ йыл уый æфсонæн хъæусоветмæ куы бахъаст кодта — тыхæй мыл хæцыд, зæгъгæ, уæд Цупылы бинойнаг фæтарст, йæ лæджы йын æцæгæйдæр куы æрцахсой; фæтарст йæ лæгæн ахсынæй æмæ йын кæд, æвæццæгæн, уыцы рæстæджы зæххы цæарыл уымæй, Матронайæ æнæуынондæр ничи уыд, уæддæр йæ бинонты адджын цардыл хъуыдыгæнгæ, зылди Матронайы фæстæ, хъахъхъæдта йæ æмæ йыл иуахæмы хибарæй куы амбæлд, уæд хыл æмæ цъæхахсты бæсты, йæхи баппæрста Матронайыл æмæ йыл ныттыхст; ныттыхсти йыл, афтæмæй куыдта æмæ йын лæгъстæ кодта, цæмæй йын йæ бинонты цард ма фехала, йæ хъæбулты йын æнæ дарæг ма ныууадза — фæстæмæ йæ хъаст райса æмæ йын йæ бинонты дарæджы ма æрцахсой. Уыи та фергъуыйау, йæ бынаты ныддур, афтæмæй касти Цупылы бинойнагмæ æмæ не 'мбæрста, цæмæн ыл тыхстытæ кæны ацы ус, тыхстытæ нзе, фæлæ йын йæ дзыккутæ цæмæннæ ныттоны, дур цæмæннæ сисы æмæ йын дзы йæ сæр цæмæннæ ныцъæл кæны. Æрæджиау, куы æрчъицыдта, куы æрæмбæрста, Цупылы ус дзы цы домы, уæд æм бахъардта йæ чъизи мийы фæстиуæг: мæнæ цахæм адæймаджы цард сызмæста æнæнхъæлæджы, мæнæ цы сыгъдæг уды цард счъизи кодта, мæнæ цы диссаджы æвдисæн ис, ус йæ лæджы куыд хъуамæ уарза, уымæн. Уый та цахæм уарзтæй уарзта йæ мойы? Никуы уарзта Джерджийы! Фыццаг æй нæ хатыд, фæлæ фæстагмæ сæфты къахыл куы ныллæууыд æмæ æндæр лæгты дæр куы федта, уæд ыл æртæфст: йæ хæзгултæм цы зæрдæйæ тырныдта йæ буар, Джерджимæ дæр йæ райдианæй фæстæмæ æндæр ницы уæлдай æнкъарæнæй тырныдта йæ уд. Нæ йæ уарзта. Уый уыди, сылгоймаг иунæгæй куы баззайа, уый адæрджы тас. Хæсты размæ сæ царды райдианы Джерджиимæ цы рæстæг ацард, уыцы цъус бонты йæ нæ рахатыд, стæй ма ноджы хæсты рæстæджы Джерджийæ куы ницы хабар хъуыст, хъæубæстæ йыл куы суæлæхох сты, уæд ноджы уыцы тас стыхджын æмæ йын уыцы тасы æнкъарæн бынтондæр схæццæ ис уарзты адимæ, сылгоймаджы уды домæнтæ æмæ йын уарзт фæивддзæгтæ сты, фæлæ Джерджи хæстæй куы æрыздæхт, утæппæт æвирхъау хабæртты рæстæджы афтæ тынг кæмæ æнхъæлмæ каст, яæ хъизæмæрт-тæ кæй номы цур ницæмæ дардта, уый сæрæгасæй куы æрыздæхт, уæддæр ма йæ уды дудгæбæтты рыстæй ницы хатыд. Фæлæ иудзæвгар куы ацардысты, уæд ыл æртæфсти: нæ уарзы Джерджийы! Хæсты уый бæрц зынтæ чи федта, хæстæй къуыхтæ æмæ æвдæрзтæй чи æрыздæхт, уыцы мой йæ цæсты бонæй-бонмæ хъуамæ кадджындæр кодтаид, хъуамæ йыл хъæцынхъом дæр ма уыдаид. Æмæ йæ фæндыди, архайдта, цæмæй йын Джерджи ахæм уыдаид, æмæ ууыл цас фылдæр архайдта, уый бæрц йæ мидзæрдæйы та хатыд — йæ зæрдæ йæм хъæбæрæй-хъæбæрдæр кæны, йæ зæрдæ йæ мойы цурæй æддæмæ тырны. Уыцы æнагъæттаг зæрдæйы уаг æй хур-хæи мардта, йæхицæн тыхми кодта, афтæмæй архайдта, цæмæй йæ мойы сæрыл царвау тайа æмæ нæ хатыд, йæхицæн тыхми кеей аразы, уымæй ноджы йæхицæй Джерджийы дарддæр кæй кæны. Æппынфæстаг ыл æртæфст: йæ дудгæбæтты дæр Джерджимæ нæ, фæлæ йын йæхи уды фарнæн, йæ сылгоймаджы уДыхъæдæн æппæтæй дæр дзуапп чи дæтты, ахæм моймæ, ахæм æввахс адæймагмæ æнхъæлмæ касти. Джерджи та ахæм нæ уыд. Уæддæр æппæт амæлттæй дæр архайдта, дыууæ æв-вахс уды кæрæдзиимæ куыд хъуамæ цæриккой, афтæ цæрын. Хуыцау та уæле кæсы. Хуыцау та æппæт дæр уыны, æмæ мæнгард удыхъæдæн барын нæ зоны. Нæ зоны барын æмæ йыл ныккалдта йæ азар, басыгъта йæ хуыцауы азар. “Уæ, арвы цæфæй басудза дæ сæр, Матрона, кæд цæрæнбонты ды дæхи удæн дæр ницы базыдтай, — йæхи фыдæлгъыст кодта йæхинымæр, — цæрæнбонты дæхи удæн дæр куы ницы базыдтай, цæрæнбонты дæхи уд куы у тæригъæдджын хуыцауы раз, æмæ ды та адæмæн куы хъардтай дæ тæригъæдтæ. Хуыцауы бын тæригъæдджын чи у, уый та искæуыл тæригъæдджынæй куыд хъуамæ бахуда? Адæймаг мæлынæн гуырд куы у, мæн дæр амæлын куы хъæуы, æмæ куы амæлон, уæд Джерджийы сыгъдæг уды раз та цы цæсгомæй хъуамæ æрлæууон? Ме стыр дудгæбæтты дæр Джерджимæ куы æнхъæлмæ кастæн, адæмы фыдæх дæр уый номæй куы ницæмæ дардтон, фыдæлгъыст ын чи кодта йæ мæгуыр хæдзар, уыдонæн Джерджийы рæстаг уды тæригъæд куы хъардтон æмæ къуырццæвæны йæ номы раз мæхи удæй тæригъæдджындæр куы ничи разынд. Уыцы дудгæбæтты йын йæ ном бахъахъхъæнынмæ куы хъавыдтæн æмæ йын йæ ном мæхæдæг куы счъизи кодтон. Зæгъын ын йæ ном сыгъдæгæй бавæрон æмæ ма уый тыххæй мæ ахсджиаджы дæр мæхицæй куы фæиппæрд кодтон. Уæ, мæ ахсджиаг хъæбул, дæ фыды номы тыххæй дæ мæхи-цæй куы атыдтон æмæ мæ стæй цæрыны сæрæй дæрддæр куы ницыуал хъуыд, дæ фыды ном къæхты бынмæ уæд куы æрæппæрстон. Уæ, мæ ахсджиаг хъæбул, цæрæнбонты мæхи уды митæн дæр куы ницы базыдтон, æндæра уый куы зыдтаин, дæ фыды ном дын æндæр ницæмæ дарын, уæд ма дæ гыццыл зæрдæйы хъыджы та цæмæн цыдтæн! Цæмæннæ фæлыгвдыстæм иумæ Егнаты азарæй? Уæ, Егнат мæрдты йе стджытæй дæр фæхъæрза нæ тæригъæдæй, иу адæймагæй та дæ куыд нæ бахъахъхъæдтаин? Æви де 'намонд мадæн цæрæнбонты йæхи удæй адджындæр ницы уыди, æмæ дæу дæр йæхи-цæй уымæн атйдта? Йæхицæй дæ уымæн атыдта, цæмæй йæ сау удæн æнцондæр уыдаид, йæ сау удæн иунæгæй царды фæндтæ нывæзтаид? Уæ, мæ ахсджиаг, дæ мад, æвæццæгæн, æцæгæйдæр сау уд уыди, йæхи удæй дарддæр æй ничи хъуыди, йæ сау уды фæндиаг цæрыны фæнд-тæ кодта æмæ ныр мæнæ йæ цард куы фæци, йæ иу къахæй ингæны былыл куы æрлæууыд, гъеуæд æй æрхъуыдысты йæ хъæбул дæр æмæ йæ хъæбулы фыды ном дæр? Гъеуæд æй æрхъуыди, йæ сау уды йын чи баныгæна æмæ йыл зæрдиаг куыдтытæ чи фæкæна, уыцы ахсджиаг хъæбул. Уæ, мæ ахсджиаг, уæд дын дæ мады зæрдæ мæрдты зындоны арты фæсудза, ды куы базонай дæ мады мард æмæ ууыл зæрдиаг куыд куы фæкæнай. Дæу йæхицæй чи атыдта, уыцы сау уд кæуыны аккаг нæу, зæрдиаг куыды аккаг, хъæбул. Мардыл кæуын кады нысан у, хъæбул, æмæ-иу уый аккаг ма скæн дæ мады сау уды. Дæ мад удæгасæй кæуинаг у, мæ ахсджиаг, фæлæ дæ уый сæр та макуы бахъæуæд. Удæгасæй кæуинаг хиуæттæн æгады хос у æмæ макуы базон, дæ мад удæгасæй кæуинаг кæй у, зын уыдзæни дæ сæрыстыр удæн...” Йæхимидæг хъарæгæмхасæн хъуыдытæ нывæзта æмæ йæ фæстаг хъуыдытæй йæ зæрдæ сæнкъуыст, йæ зæрдæйы бын цыдæр фæлæууыд, сулæфын йæ бон нал баци æмæ чысыл фæстæдæр йæ бон куы баци сулæфын, уæд йæ зæрдæйы рыст йæ улæфтимæ схауд, схъæрзыдта удисæгау хъихъ- хъæрзтæй. 10 Чысыл рæстæджы дæргъы кæй ныхъус, уый, æвæццæгæн, Домейы бинойнаг йæхирдыгонау бамбæрста æмæ йæ нæ бахъыгдардта, æнæдзургæйæ стыгъта æмæ карста хъæдындзытæ, фæлæ йын йе сунæргъд куы фехъуыста, уæд æм фæзылд. — Цы кæныс, цы? Исты дæ срыст?—бафарста йæ дисгæнгæ. — Мæ зæрдæйы бын цыдæр фæлæууыд, сыджытæн хæринаг фæуа. — Зæрдæйы къапли дын радтон? — Нæ, нæ хъæуы, — загъта йын æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, æрдæбон дзы, Домейы ус ыл цæмæй фæдызæрдыг уа, ахæм ныхæстæ кæй схауд æмæ батыхст, йе 'нæнхъæлæджы ныхъхъус æмæ йе 'нæнхъæлæджы схъæрзтæй йын ногæй фадат кæй дæтты фæдызæрдыгæн, уый тасæй батагъд кодта йæ рæдыд бараст кæныныл. — Нæ хъæуы, — загъта йын рæвдаугæ хъæлæсæй, — ацы хуылыдз бамбулиты тæф гыццылæй фæстæмæ дæр нæ уромы мæ зæрдæ, мæ улæфæнтæ мын ахгæны. Фæлæ Домейы бинойнагмæ куы бакаст, уæд бамбæрста, исчи сывæллон кæй нæу æмæ йæ æнцæйтты кæй нæ асайдзынæ: Домейы ус кæд аудгæ хæлæсæй дзырдта, уæддæр дзы йæ цæстæнгас æмбæхста æмæ уыцы æмбæхсгæ цæстæнгасæй бамбæрста, йе 'рдæм барæй кæй нæ кæсы — ома йе 'муд æрцæуа æмæ ма фæхата, йе схъæрзты аххосæгтæй йын цыдæртæ кæй æмбары. —Æмæ мын загътаис,—йæхи бынтондæр ницы уынæг скодта Домейы ус, — мæхæдæг æй ацæттæ кодтаин. Уый батагъд кодта Домейы усы дызæрдыг рæстæгыл айсафын. —Æмæ, зоныс, цæмæннæ уарзын ацы хуылыдз бамбулиты тæф,—дзырдта æмæ архайдта, цæмæй йæм уый дæр комкоммæ кæса.—гыццыл ма куы уыдтæн, уæд мын нæхимæ мæ цæгаты иу дзыгъуыр бæдул уыди. Рæсугъд бæдул уыди, раст хъæддаг бæлоны хуызæн. Æрмахуыр æй скодтон, мæ фæстæ-иу узгæ-узгæ радугъ-бадугъ систа. Иухатт арахъ уагътам. Цуайнаджы сæр систам, тæвд æнтыд хъуамæ гарзтæм равдæлон кодтаиккам æмæ уыцы рæстæджы бæдул тæвд æнтыды ныххауд. Фелвæстон ма йæ тæвд æнтыдæй, мæ сывæллоны зондæй йæ уазал доны фæтъыстон. Нæма амард, йæ дзых фæхæлиу-фæхæлиу кодта, тылдта йæ базыртæ; æз та йæ уазал доны æхсадтон æмæ æхсадтон, афтæмæй куыдтон, йæ хуылыдз бамбулиты тæф та мын мæ улæфæнтæ æхгæдта. Йæ дзых ма удисæджы фæхæлиу-фæхæлиу кæй кодта, уымæй мæ сывæллоны зондæй æз та афтæ æнхъæлдтон, уыцы æвзæр тæфæй нал у йæ бон улæфын. Æмæ бæдул куы амард, уæд уыцы бонæй ацы бонмæ мæ удхæссæг фестад хуылыдз бамбулиты тæф. Сывæллон диссаг у, ницы дзы рох кæны, — дзырдта, æцæгæйдæр иу хатт йæ цæгаты кæй федта, ахæм хабар æмæ йæ фæндыд, Домейы ус дæр ын йæ ныхæстыл куы баууæндыдаид. Дзургæ-дзурын дзы йæ цæстæнгас нæ иста, касти йын йе 'ппæт æууæлтæм æмæ уыдта: Домейы ус дæр-иу ракасти йе 'рдæм, фæлæ йæм иу хатт дæр комкоммæ никуы бакаст, нæ йæ цымыдис кодта, цы уынгæг хъæлæсы уагæй дзуры, уыцы ныхæсты рæстдзинад йæ цæсгомыл фена. Цы бамбарын æй хъуыд: Домейы ус æм æфсоны хъуыст кæны, чи зоны йын йæ ныхæстæ дæр хъусы, фæлæ хъуыды та æндæр цæуылдæр кæны. Домейы ус ын хъуыста йæ ныхæстæ: — Гыццыл алцæмæй дæр тæригъæд у, — загъта йын æнкъардæй. Æмæ ныхъхъус. Ныхъхъус йæхæдæг дæр. Фæндыди йæ истæуылты дзурын, фæлæ цы дзура, уый нæ зыдта, æмæ ныхъхъус. — Матрона, — æрæджиау æм сдзырдта Домейы ус: йæ кусинаг фæуагъта, бандоныл йæ разы æддоз æрбадт æмæ йæм касти комкоммæ. Уый. дæр йæ куыст фæуагъта æмæ йæм ныхъхъуыста æнхъæлцау зæрдæйæ. Ацы хатт сæ дыууæ дæр иу уысмы дæргъы кæрæдзимæ кастысты комкоммæ æмæ тыхстысты сæ мидзæрды: Домейы ус тыхсти йæ зæгъинаг зæгъынæй, уый та — цы фехъусдзæн, ууыл. Æмæ уый сæ дыууæтæ дæр æмбæрстой. — Зæгъæм, дæ сывæллоныл уал азы фæстæ искуы амбæлдтæ, уæд ма йæ базонис? — батагъд кодта Домейы ус йæ дзуринагыл, цыма йæ æнæхъæн сахат фен-хъæлмæ кæсын кодта йæ ныхæстæм, афтæмæй та уысмы бæрцæй фылдæр нæ ферхæцыд йæ ныхасы. Ахæм ныхæстæм не 'нхъæлмæ каст æмæ фæсæццæ. — Базонис, зæгъыс? — фарста йæ рохстæй. — Гъо. Ацы хатт нал батагъд кодта йæ ныхас зæгъыныл. Ницы йын хатыд, цæй охыл æй фæрсы æмæ тарсти, ис-ты та куы срæдиа йæ уды сусæгтæй. — Æмæ гъа, чи йын цы зоны, — загъта хиуылхæцгæ. — Ныр йæ сæфтыл дыууиссæдз азы бæрц цæуы. Уый цахъæныл ма сывæллоны хуызтæй цы бæрджытæ уыдзæн? Уый йын йæ хиуылхæцгæ ныхас ницæмæ æрдардта, нæ йæ рахатыд. —Æппын ыл ахæм ницы нысан уыд, йæ лæджы ранмæ дæр йæ уæлæ чи баззадаид? Зæгъæм, искæмæ дæ зæрдæ фехсайдта, уæд афтæ цæмæй зæгъай: фенут-ма йæ, кæд ыл æуым æмæ æуым нысан ис, уæд мæ сывæллоныл, дæр ахæм нысан уыд, — æппындæр йæ цымыдис æмбæхсыныл нал архайдта уый. Цæй охыл æй фæрсы, уый рахатын йæ бон нæ уыд æмæ та йæ рохстæй афарста: — Нысан зæгъыс? — Гъо. Исты нысан: кæнæ райгуырдæй хаст стъæлф, кæнæ нуæс, кæнæ æндæр исты ахæм? Уыцы ныхæстæм йæ зæрдæ фестъæлфыд. Домейы ус ын комкоммæ каст йæ цæстытæм, уыцы æдзынæг цæстæнгас æй фæдзæхста, ома сайынвæнд ма скæн, дæ цæстытæм дын кæсын, æмæ дыл дæ цæстытæ уæддæр комдзог рацæудзысты. Æмæ та æцæгæйдæр йæхæдæг йæхиуыл комдзог куы рацæуа, уымæй фæтарст, архайдта йæ зæрдæйы тæлфт æрсабыр кæныныл; архайдта йæхи æрсабыр кæныныл, афтæмæй уыцы иу рæстæджы хъуыды кодта, ацы хаттæй хуыздæр фадат ын кæй никуыуал фæуыдзæн Домейы усы ракъахынæн. Домейы ус дзы йæхæдабг цы домдта, уый йын ныр æмбæрстгонд уыдй — йæ лæджы ныхыл, раст йæ галиу æрфыджы сæрмæ цы æртæкъахыг стъæлф уыд. Фæлæ нуæс... — Ницы стъæлф уыди йæ рæзгæ буарыл, йæ нывонд фæуон, урс уæрыккау мын æнæ нысан уыд. Бæргæ мын йæ буарыл исты ахæм фæд куы уыдаид, уал азы фæстæ йæ адæмы астæу цæмæй базонон, уæд адæмыл иугай уæддæр фæзилин, хъæуи-хъæу æмæ сыхгай адæмыл бæргæ фæзилин æмæ йæ афтæмæй уæддæр ссарин, фæлæ йыл ахæм бæрæг фæд дæр куы ницы уыди. — Ницы дæр ыл нуæс уыди? — фарста йæ уый. — Нуæс зæгъыс? Нуæс ыл уыди, цард ын фестон фæлæ рæзгæ буар тагъд æгасгæнаг у æмæ ма уал азы фæстæ нуæс дæр кæм разындзæни, — дзырдта æмæ йæ улæфт ныууромгæ, цæсты зулæй хъахъæдта Домейы усы алы фезмæлд дæр. — Цахæм нуæс? — йæ сæрыл схæцгæ йæм комкоммæ касти уый. — Хъæдгомы нуæс, — барæй цыбыр ныхас кæнын фæлвæрдта æмæ йын касти йæ алы фезмæлдмæ дæр. — Зынæн ран? — тагъдгомау æй бафарста уый. — Йæ къахыл. — Йæ къахыл? — фестъæлфыд уый. Уыцы ныхæстæм йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Уыцы ныхæстæй базыдта, Домейы къахыл, йе та йæ къахмæ æввахс кæмдæр ахæм нуæс кæй ис, йæ бинойнаг æй афтæ цымыдисæй кæй тыххæй фæрсы, йæ койæ кæмæн фестъæлфыд. Уымæй фылдæр ницы дæр хъавыд Домейы усæй базонынмæ æмæ ныр архайдта, цæмæй йын йæ гуырысхо асура. — йæ рахиз къахы уæлфадыл, — дзырдта æмæ дзургæ-дзурын архайдта исты дзæбæх æфсон ссарын, — йæ рахиз къахы уæлфадыл ын иухатт хъуг фæлæууыд, æмæ йын рæстмæ нал бахсыст, йæ мады уд схауа, къуылыхгомау дзы цыди, — мæнг ныхæстæ кодта æмæ йæхинымæр та йæхи æлгъыста: “Уæ мæ къæхтæ ахауой, кæд дзы мæ цæст цытæ зæгъын уарзы. Уæ, дæ мады къæхтæ къуыхтæ æмæ лыгтæ æрцæуой, кæд дыл цытæ мысын”. —Æмæ нал раивтаид?—дызæрдыггæнгæ йæ фарста Домейы ус, — нал ын сдзæбæх уыдаид? — Чи йын цы зоны, — архайдта, цæмæй йын Домейы ус йæ ныхæстыл баууæнда. Æнæхъæн азы бæрц ма мæхи цур уыд æмæ уæд нæ раивта. Уый фæстæ дæр ма кæцæй раивтаид. Уыцы ныхæсты фæстæ сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты. Се 'нæнхъæлæджы ныхъхъусæн сæ кусинæгтæм бавналынæй хуыздæр æфсон ницы ссардтой, фæлæ иудзæвгар фæстæ, сæ дыууæ дæр уыцы иу рæстæджы сæ куыст фæуадзгæ, кæрæдзимæ бакастысты, сæ цæстæнгас кæрæдзийыл сæмбæлд æмæ уыцы æнæнхъæлæджы фемдзас-тæй сæ дыууæ дæр фефсæрмы сты: уыцы фемдзастæй бамбæрстой, кæрæдзи раз æргомдзырд кæй не сты, уый сæ дыууæ дæр кæй хатынц, æмæ уый та бинонты æргомдзинадыл дзурæг кæй нæу; алчидæр сæ банкъардта, ныртæккæ йæ иннæйы зæрдæ балхæнын кæй хъæуы, æрмæст — æргом ныхасæй æмæ уыцы æргом ныхас райдайынæн та хæрз чысыл цыдæрæй дарддæр кæй ницы хъæуы. Фæлæ цы, уый сæ зонд нæ ахста æмæ ууыл хъуы-дыгæнгæ, сæ дæргъвæтин мадзура уавæрæй тыхстысты. Æвæццæгæн, ахæм уавæры кæрæдзийæ афæлмæцыдаиккой æмæ æппынфæстаг кæрæдзимæ уазал зæрдæ дæр бадардтаиккой, фæлæ уæдмæ тыргъæй æрбайхъуыст кæйдæр къдехты хъæр æмæ сæ дыууæ дæр æхсызгонæй сулæфыдысты. Сæ хæрзгæнæг уыд Беллæ: нымæт йæ дæларм æрбахаста, сынтæгмæ йæ баппæрста æмæ фæллад, фæстинон хъæлæсы уагæй дзырдта йæ мадмæ: — Мамæ. — Цы кæныс, мæ чызг? — йæ ирвæзынгæнæгау ыл бацин кодта йæ мад. — Мæн дæр Аллаитæм фæнды. —Æмæ сæм ацу,—худтис уый,—мæ хъæбысы дæ ныххæссон? — Дæллагхъæуы куыйтæй нæ уæндын. Стæй дедушка дæр афтæ загъта... Æмæ ферхæцыд. — Цы загъта дедушка? — фарста йæ йæ мад. Уый иу цъус æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæхи фæбарджын кодта: — Искæй, дам, демæ акæн æмæ, дам, суар сдава. йæ ныхæстыл ын схудтысты æмæ чызг фефсæрмы, йæхи фæхъуынтъыз кодта. —Æмæ акæн,—худтис йæ мад,—нæ уыныс, хæдзар дæхицæй кæсдæртæй йедзаг у. — Æз æрæгмæ ссæудзынæн, — ныттарæрфыг Беллæ. Уый та, Матрона, хъуыста мад æмæ чызджы ныхæстæм æмæ цин кодта чызджы уындыл: æхсызгон ын уыд йæ фæзынд, æхсызгон ын уыдысты йæ ныхæстæ дæр — нырма афтæ æнæхин чи у æмæ йæ æнæбары гæдыныхæстæн дæр рæстмæ æфсон ссарынхъом чи нæ у. Уæдмæ йæ карк дæр цæттæгонд фæци, уæларт æй аджы бафтыдта æмæ йæ бафæндыд йæхи чысыл æддæмæ асайын. —Æз сдавдзынæн суар,—баздæхт чызджы мады-рдæм, — уæддæр фыстæм дæр акæсын хъæуы. Ды та хæринаджы кой бакæн. 11 Нырма бон йæ тынгмæ нæ бахæццæ, фæлæ хурафтæ тынг æрæндæвта, æмæ зызын уддзæф дæр, маргъы базырау, ныдзæвд адæймаджы буарыл. Веллæ йæ фыды машинæйæ райста уæрæхчъил худ-æмæ йæ ныккодта йæ сæрыл. Уый та донгарзæн дурын райста йемæ æмæ рацыдысты. Суар дæр комы доны былыл уыд, уыцыфарс. Дон стыр уыд, дурты сæртыл дзы æнæ ныххуылыдзæй нæ ахызтаиккой æмæ Беллæ йæ дзабыртæ фелвæста, хъавыд дзы балæгæрдынмæ, фæлæ йæ нæ бауагъта, хидыл ахиздзыстæм, зæгъгæ. Дон-дон иудзæвгар куы суадысты, уæд дыууæ ставд хъæдæй арызт хиды цур федтой кæйдæр машинæ. Машинæйы ничи бадт, йæ дуæрттæ æхгæд уыдысты. Домеитæ дæр уым никуыцæй зындысты. — Æвæццæгæн, уæлейау сивгъуыдтой, — загъта Беллæйæн, — цом, суары цур мæ дурын æрæвæрон, суар дæр баназ, стæй дæ сæ цурмæ схизын кæндзынæн. Хидыд ахызтысты уыцыфарсмæ. Йæхæдæг æрмæстдæр иу хатт уыд суар хæссынмæ æмæ йæ рæстмæ. нал хъуыды кодта, фæлæ Беллæ фæндæгтæ хорз зыдта — пыхс къутæртæ æмæ егъау залмы сыфты æхсæнты бауадысты æмæ, суары донвæды онг куы бахæццæ сты, уæд суарырдæм фæхæрд кодтой. Суары дон кæм лæдæрст, уым зæххы буар схаудта, згæхæрдау сбури, бур нæ, фæлæ сырх хуыз афæлдæхта æмæ афтæ 'зыдд, цыма йыл хæрз æрæджы туджы лæсæнтæ уад æмæ ныр уыцы фæдтæ дон æхсы. Уыцы лæхъир зæххы уаццаг ахæм тæф хаста, цыма ног æргæвст кусартæн уыцы тæккæ ракалдтой йæ хуылфыдзаумæттæ. Æппæт уыдæтты уындæй цæмæндæр йе 'мбудæнтыл æмбæлд туджы тæф æмæ йæ зæрдæ бамæгуырхуыз. Суармæ куы сæввахс сты, уæд æрыхъуыстой кæй-дæр хъæлæба æмæ Беллæ фæлæууыд. — Папæ! — фæхъæр сæм кодта. Ничи сын сдзуапп кодта. —Алла!—ногæй та сæм фæхъæр кодта Беллæ. Дзуапп дæттæг та нæ уыд. Æвæццæгæн сæ доны уы-нæрæй нæ хъуыстой. Стæй Беллæйы хъæлæс æнæуый дæр уыд ныллæг æмæ фæсусгомау. Горæттаг чызджыты уыцы фæстинонхуыз хъæлæс æм диссаг касти æмæ ныр Беллæйы рæхснæг æмæ мæнгæвæрд уæнгтыкондмæ кæсгæ хъуыды кодта, ахæм сылыстæгæн та йæ бон сывæл- лон ныийарын куыд бавæййы, ууыл. Домеитæ суары цур нæ разындысты. Суарæй дæрддзæфгомау, уæрæх лæгуынгонды æруыдтой, цæст чи басхъауа, ахæм ныв: лæгуыны, зæххыл тыд хъулон-мулон гауызыл тæппал хурмæ бадтысты, сæ тæккæ чындзы цæуыны кармæ чи бахæццæ, дыууæ ахæм чызджы, бæгънæгæй, айдагъ цыбырзылд трусикты æмæ риударæнты; бадтысты æмæ боны рухсмæ æдзæсгомæй, æнæгъдауæй æвдыстой се стыгъд буар. Сæ бур сæры-хъуынтæ уæгъд калдæй зæу-зæу кодтой сæ гом уæхсджытыл. Сæ разы гауызыл уыди цыдæр хæринæгтæ æмæ цыбырхъуыр æвгтæ. Æддæдæр дурты æхсæнæй лыстæг хал фæздæг йæхи ивæзта — æвæццæгæн дзы физонæг фыхти. Уыдон, дæр сæ федтой, фæлæ нæ фефсæрмы сты, къæйныхæй сæм кастысты æмæ хæрз ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ сусу-бусу кодтой. Касти сæм æмæ не 'мбæрста, цы адæм сты. Кæддæрты ма фехъуыста: уырыссæгтæ, дам, стæй сæхиуæт-тæй дæр чидæртæ, сæрдыгон доны былыл бæгънæгæй фæулæфынц, фæлæ йыл уæд бæстон нæ ахъуыды кодта æмæ йæм ницы диссаг фæкасти. Ныр æй чызджыты æнæхуызæнон уаг дисыл æфтыдта: диссаг æм касти, бонсихорафон æцæгæлон арвы бын дæхи сбæгънæгкæ-нын куыд хъуамæ бауæндай, уымæй дæр — хæрд æмæ нозты уæлхъус; диссаг æм касти, æцæгæлæтты уындæй куыд нæ фефсæрмы сты, сæ буары гом сæ бйзгъуыртæй амбæхсыныл цæмæннæ архайынц. Уæдта сæ искæй нæлгоймаг æрæййæфта ам, хъæды астæу, афтæ бæгънæгæй? Цы нæлгоймаг уыдзæн уый, ахæм хуызы сæ хъæды астæу чи æрæййафа, æмæ сыл тьгхæй ма ныххæца? Æмæ уымæй та куыд нæ тæрсынц? Диссаг æм фæкастысты уыдæттæ æмæ дисгæнгæ бакаст Беллæйырдæм. Беллæйы цæсгомыл дисы фæдтæй ницы рахатыд. Уый цахъæн чызгæн ахæм худинаг-таджы уындæй йæ цармы тæнцъары бын цахæм сырх уылæн хъуамæ анхъæвзæнтæ кодтаид, ахæм æфсæрмыйы лæсæнтæ йын нæ рахатыд йæ цæсгомыл. Уый нæ, фæлæ йе 'нгасыл зынд сæрыстыр æууæлтæ. —Чи сты, чи?—бафарста йæ дисгæнгæ. — Праститутæетæ. — Былы,счъилæй загъта уый. Йæ ныхас ын нæ бамбæрста. —Æмæ цы архайынц? — Улæфынц, — загъта сæрыстыр хъæлæсы уагæй. Æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Сæ зæрдæйы дзæбæхæн. Чызджы уазал хъæлæсы уагæй фæсæццæ æмæ йæ ницæмæйуал бафарста. Суар куы банызтой, уæд æй цæмæй ардæм цæуын мауал бахъæуа, уый адæргæй дурынæ дæр байдзаг кодта æмæ рацыдысты. Фæстæмæ комы доны онг куы æрхæццæ сты, уæд дурын бæрæг ран æрæвæрдта æмæ дон-дон Домеиты агурæг ацыдысты. Бирæ нæ бауадысты, афтæ та федтой дыууæ æнæ-зонгæ лæджы — уыдон дæр бæгънæджытæ, айдагъ ми-дæггаг цыбыр хæлæфты: сæ иу доны астæу лæууыд, иннæ та—доны был. Доны был чи уыд, уый сæм чъыл-дымырдæм лæууыд æмæ йын рæстмæ не 'взæрстой йæ гуырыконд, фæлæ иу диссаг уыд иннæмæ бакæсын: кæм лæууыд, уым дон арф уыд, хæццæ кодта йæ сагæхты онг æмæ йæ трусик йæ сагæхты цур рапуситæ; йæ трусикы 'сæрмæ, бæхы æргъомау, æрзæбул йе стыр гуыбын æмæ йын æнагъæттаджы хуыз лæвæрдта. «Саубонтæ, — бадис кодта йæхинымæр, — уæртæ йæ цард йæ цармы куыд нæ уал цæуы æмæ йæ фыдтæ йæ уæлæ куыд æрлæбырдысты. Æнхъызт хыссæ дæр ма мигæнæны былæй алырдæмты афтæ акæлы». Уыдон дæр сæ бафиппайдтой, фæлæ уыцы чызджы-тау, адон дæр нæ фефсæрмы сты. Цæмæндæр сæхи аф-тæ дардтой, цыма сæ нæ федтой. Беллæйæн сæ уынд хъыг уыди. —Куыйтæ!—загъта мæсты хъæлæсы уагæй æмæ размæ атагъд кодта. Чызджы митæ йæ бацымыдис кодтой: — Чи сты, чи? — фарста йæ. — Уыцы сылты кавалертæ. — Загъта Беллæ æнæввæрсон хъæлæсы уагæй. — Æмæ цы архайынц? — Æвæццæгæн та доны хлор калынц. — Цавæр хор? — нæ йын бамбæрста йæ ныхаь. —Хлор. Беллæйы хъæлæсы уагæй бамбæрста, йæ фарстытæй йæ кæй фæлмæцын кæны, æмæ ницыуал сдзырдта. Чызджы фæстæ цыд æмæ йæ цæстыты ныдзæвæнæй нæ хицæн кодта уыцы лæджы æнагъæттаг уæнгтыконд. Уонгджын адæмтæ та куыд никуы федта, фæлæ адæймагыл йæ фыдтээ афтæ æрзæбултæ уой, уый йæ никуы бауырныдтаид; адæймаг йæ цармы мидæг афтæ мауал цæуа, йæ уæлдай комдзæгтæн йæхи буарыл хицæн дзæкъултæ уа, тохъылы фæхсынтау сæ йæ уæлæ зæу-зæугæнгæ хæсса, уый æгад у, уæдæ цы у? Уый хойраджы æгадгæнæг у, æндæр ницы. Хъуыды кодта уыдæттыл æмæ йæ цæстытыл ауад, уыцы лæджы лидзыны сæр куы бахъæуа, уæд йæ уæлдай фыдтæ йæ уæлæ фысы фæхсынау тъæп-тъæпгæнгæ куыд фæцæйхæсдзæн æмæ йæ худын нал баурæдта, схудти хъæрæй. Беллæ йæм дисгæнгæ, фæстæмæ фæкаст: — Цæуыл худыс, цæ? —Уыцы лæгыл,—худтис, афтæмæй дзырдта чызгмæ.—Æ, хойраджы азар æй басудза, кæд хойрагыл афтæ ничи зыд кæны. Исчи дæр ма хойраг æмбæхсынæн йæ удæгас буарæй дзæкъултæ аразы? Ныр та йын Беллæ нæ бамбæрста йæ ныхæстæ. — Кæрæдзи аккаг сты, — загъта æнæввæрсонæй. — Чи сты кæрæдзи аккаг? — бынтондæр нал бадт кæрæдзийыл сæ ныхас. Сæ ныхас кæрæдзийыл нал бадт æмæ уый дæр ныхъхъус. Беллæ уыцы чызджыты æнæуаг хуызыл кæй нæ бадис кодта, стæй уыцы лæджы ивæзтытæ уæнгтыл дæр, афтæмæй сæм цæуылдæр кæй фæхъыги, цæуылдæр сыл йæ зæрдæ кæй худт, уый æмбæрста, фæлæ цæй тыххæй, уый нæ ахста йæ зонд; не 'мбæрста, се 'нæуаг хуызæй дарддæр ма æнæзонгæтæм цæй тыххæй хъуамæ фæхæ-рам уыдаид. Зæрдæйæ хатыд, уыцы адæм ам, æцæгæлон арвы бын ахæм хуызы кæи еты, уый гуырысхойаг кæй у, бынтон хорз фæндиæгтæ сæм кæй нæ ис, æмæ уый Беллæ кæй зоны. Æмæ сæм цы фæндтæ хъуамæ уа? Чи сты уыцы дыууæ лæджы, цавæр хор калынмæ хъа-вынц цæугæдоны? Чи сты уыцы чызджытæ та? Сæ устытæ нæуыдзысты — æгæр æвзонг сты. Уæдæ сæ чызджытимæ дæр хъæды астдеумæ цæмæн хаудтой, стæй куринаг чызджытæ сæ фыдты цур сæхи афтæ дæр кæм сбæгънæг кодтаиккой? Уæдæ ма сын чи хъуамæ уой? Æмæ йæм æппынфæстаг бахъардта, Беллæ цæуыл мæсты кодта, уый. — Сæ хæзгултæ сты! Æмæ уыцы хъуыдыйæ цавæрдæр хъарм лæсæн анхъæвзæнтæ кодта йæ буары. Сылгоймаг йæ хæзгулимæ гом арвы бын йæхи афтæ уæгъдибарæй хата, уый йæ нæ уырныдта. 12 —Беллæ! Бабушка! Сæхицæй чысыл уæлдæр доны тæнæджы бæгъæввадæй лæууыд Алла æмæ сæм йæ къух тылдта. Домейыл сæ цæст никуы æрхæцыд. Йæ цурмæ куы ссыдысты, уæд Алла йæ разæй бедра фелвæста æмæ йæ æвдыста Беллæйæн: —Федтай, цас æрцахстам! Бедрайы æцæгæйдæр уыд иу-цалдæр кæсаджы. Иууыл къалмахитæ нæ уыдысты: иу цалдæрыл дзы, къал-махи йе 'ддаг уындæй дæр рæсугъд цæй тыххæй у, уыцы æрттиваг тæппытæ нæ уыд. Уыдон та, æвæццæгæн, хуыдзыхтæ уыдысты: ацы доны дам æрмæстдæр къалма-хитæ æмæ хуыдзых кæсæгтæ ис. Беллæ дæр сыл бацин кодта, хъавыд Аллайы къу-хæй бедра райсынмæ, фæлæ йæм æй уый нæ ратта: —Уæдæ!—сæрыстырæй йыл бабылысчъилтæ кодта,—ды 'абондæргъы хæдзары бадгæ кæныс æмæ дын сæ ныр æввонгæй куы радтин! Беллæйæн хъыг уыди йæ хойы ми æмæ уый дæр йæ былтæ асчъилтæ кодта: —Æмæ мæ цæмæн бахъуыдысты. Зыдыка. — Дæхæдæг зыдыка. Беллæ цæстæнгасæй ацагуырдта йæ фыды: — Æмæ папæ та кæм ис? — Куырм дæ? Нæ йæ уыныс?! — схъæр ыл кодта Алла. Сæ дыууæ дæр акастысты, Алла чердæм каст, уыцырдæм: сæ бакомкоммæ уидагджын был байбын бахаста, йæ алыварс та — уæрæх мал, æмæ уым хуыдымæй зынд Домейы сæр. Хуыдымы дон нæ дæр змæст уыд, нæдæр бынтон рæсуг æмæ цæст дзæбæх æвзæрста, Доме йæ сæр уидагджын былмæ нылхъивгæ, йæ къухтæ иæ тых йæ бонæй байбыны арфмæ куыд ивазы, — Цал кæсаг æрцахстат? — бафарста йæ Беллæ- — Иуæндæс. Ацы кæсагыл бахъуыдыстæм, æндæра фылдæр æрцахстаиккам. Папæ афтæ, стыр кæсаг, дам, у æмæ, дам æй куыд ныууадзон, — акъæр- къæр кодта Алла æмæ æвиппайды фæтæнзæрдæ, Беллæмæ бедра бадаргъ кодта. — Фен-ма сæ, фен, куыд дзæбæх сты. Беллæ дæр йæ сæрыстыры коммæ нал бакаст, райста бедра, дзуццæг бадт æркодта æмæ кæсæгты иугай сгæрста йæ уырзтæй. Ног ахст кæсæгтæй нырма иуæй-иутæ мард нæ уыдысты, стæлфыдысты-иу, æмæ сæ Беллæ тарст. Аллайæн уый æхсызгон уыд. Йæ хойы алы фæхъихъыл дæр- иу худæгæй бакъæцæл. — Тæппуд! — худтис, афтæмæй-иу ыл йæ къухтæ сцагъта. Доме та удхар кодта уыцы кæсаг ахсыныл. Æвæццæгæн уæлейау сбырыд æмæ йæм йæ къухтæ ничердыгæй æххæссыдысты, Ноджы йæ байбыны æрфыджы уидæгтæ хъыг дардтой, ныхстысты йæ сæры фахсы, рæстæгæй- рæстæгмæ-иу сæм сæвнæлдта йæ иу къухæй, æрцъæлтæ-иу сæ кодта, уæддæр ничердæм уыд йæ бон уы-цы кæсагмæ баххæссын. Æмæ афтæ дзæвгар рæстæджы куы фæфыдæбон кодта, уæд иуафон доны бынтондæр аныгъуылд. Сылыстæг уæддæр сылыстæг у æмæ доны был æртæйæ дæр фæтарстысты — ма фæхуЪгдуг уа. — Папæ! — тарстæй йæм ныхъхъæр кодта Алла. Уæдмæ донæй фæзынд Домейы сæр: ныффурттытæ кодта, йæ сæр ныттылдта, æмæ йæ ронбасты онг доны слæууыд. — Алычкæ, — цингæнгæ сæм рахъæр кодта. Йæ къухтæ донæагй куы сзындысты, уæд ын йæ дыууæ армы æхсæн федтой хъыбылыйас кæсаг: уый лæджы къухтæй йæхи тыдта æмæ йæ тыбыртæ цагъта. Æвæццæгæн æй тыхæй урæдта йæ фидар æрмтты æхсæн, былгæронмæ ралæгæрста æмæ сурмæ æххæст нæма рахæццæ, афтæ йæ тых, йæ бонæй кæсаджы сурмæ фехста. Уый донагй дæрддзæф æрхауд æмæ йæм чызджытæ балыгьдысты. Кæсаджы мæлын нæ фæндыд. Кæсаг афтæ зынæй иста йæ уд, æмæ йæ уындæй йæ зæрдæйы тугтæ æртагъдысты: зыдта йæ, кæсаг кæсаг у, æмæ кæсаг унæргъын нæ зоны, фæлæ йæм диссаг фæкаст, уыцы зынудисæны, уыцы мæлæтдзаг утæхсæны кæсаг, галау, куыд нæ ныббогъ кæны, йæ уд исын афтæ зын кæмæн у, уый æнæхъæнæй дæр тæригъæддаг хъæрзты хъæр куыд нæ фесты, йæ тæригъæдæй бæстæ иууылдæр дон цæмæннæ фесты, йæ фервæзын кæнынæн? Кæсаг та йæ мæлæтдзаг кафт кодта цъæнутыл. Уысмы бæрцмæ иу цалдæр схъиуды фæкодта уæлдæфы æмæ иу цалдæр хатты йæхи ныххуырста зæххыл. Чызджытæ хъихъытæгæнгæ зылдысты йæ алыварс æмæ йæм нæ уæндыдысты февналын. Æмæ уæд йæ зæрдыл æр-лæууыд, иухатт-иу раджы Егнат цы хабар дзырдта, уый: йе 'мбалы йын бомбæ куы ныскъуыдтæ кодта, йæ цон-джы хъулæй йын йæ армытъæпæн куы атыдта, æмæ уыцы армытъæпæн, туджы пырх калгæ, хæсты быдыры. схъиугæ кафт куыд кодта. «Мæ къах мын куы алыг кодтой, — дзырдта-иу Егнат, — уæд-иу мæм уый фæстæ афтæ каст, цыма нырма дæр Иполиты къух хæсты быдыры, йæ туджы пырх калгæ, æнахуыр кафтæй кафы æмæ йæ фæстейæ та, мæ къахы æрдæг расур-басур кæны». Уыцы нывтæй йæ зæрдæ сæнкъуыст. «Уæ мæгуыр дæ бон, — йæхимидæг тæригъæд кодта кæсагæн, — уыцы къух йæ удæгас буарæй фæхицæн, æмæ йæ цы удæгас буарæй раскъуыдтой, уый агуырдта, фæлæ ды та цы агурыс? Æнæхъæнæй дæр иу уонг йедтæмæ куы нæ дæ, куы нæ дыл къах йс, куы нæ къух, уæд дæ кæцы, буары хай агурыс? Æвиды та доны буары хай дæ, æмæ иу уонджы хуызæн дæр уымæн дæ; доны буары хай дæ, донæй дæ раскъуыдтой æмæ дæ удисæны хъæр кæнын дæр уымæн нæу дæ бон. Удгоймаджы уæнгтæ та кæрæдзийыл куы нæ хæцой, уæд хицæн чъылбызгай куыд хъуамæ схъæрзой, дзидзайы кæрдихтæй дарддæр куы ницыуал вæййынц. Фæлæ удгоймагæн йе уонг куы ракæнынц, уæд уыцы уонгæй дæр туг куы фæцæуы, æмæ дæуæй туг дæр куы нæ рахъардта. Æви уд цæры нæн цы цардæн райгуыры, уыцы буары хай у æмæ йæ уыцы цардæй куы фæхицæн кæнынц, уæд ма, мæнæ дæуау, удисæны гæппытæ фæкæны, уæд ма йæ цард æрмæстдæр удисæны утæхсæн вæййы æмæ уыцы утæхсæн кæмæн бирæ ахæссы, кæмæн цъус», — йæхимидæг уынгæгзæрдæйæ нывæзта йæ хъуыдытæ æмæ касти, кæсаг дадæггай йæ тæлфынæй куыд æрæнцад æмæ ма йæ дзых æнæбоны фæхæлиу-фæхæлиу куыд кодта, уымæ. Алла, æцæгæйдæр, Беллæйæ уæндагдæр уыди: кæсаг йæ къухмæ куы фелвæста, уæд та уый ногæй стæлфыд æмæ Беллæ фæхъихъ кодта, фæлæ йæ уый нал ап-пæрста: — Папæ, папæ! — хъæр кодта фырцинæй, — мæнæ цæй дынджыр у! Æмæ, æцæгæйдæр, раст æрмæрины дæргъæн æмæ цалдæр æнгуылдзы бæзн уыди. Йе рагъы æнæнымæц æрттиваг тæппытæ хурмæ тæмæнтæ калдтой æмæ афтæ зынд, цыма уыдон хъоппæг цæстытæ сты æмæ хуры рухсы уындæй ныджджих сты. Се 'ппæт дæр цин кодтой сæ кæсагыл æмæ уый дæр йæ зæрдæйы уаг нæ равдыста: — Уый йæхæдæг æнæхъæн сихорваг куы у, — загъта кæнгæ цины æнгасимæ. Доме йæхæдæг дæр нæ архайдта йæ цин æмбæхсы ныл: — Аййас кæсаг дзы никуыма æрцахстон, —дзырдта райгондæй, — æнæхъæн къило æмæ æрдæг уыдзæн. Æмæ йæхи бауыгъта: — Доны æгæр бирæ фæбадтæн æмæ суазал дæн. Лæг уыд майкæйы. Йæ хæлафы, фадгуытæ суанг йæ уæраджы сæртæм счъил уыдысты. Æфсон æй фæци æмæ йын йæ буары гæмттæ цæстæнгасæй куы æрбæрджытæ кодта, уæд та йæ зæрдæ ахсайдта Домейы бинойнаджы ныхæстæм: лæджы гом буарыл иунæг ныуæсы фæд дæр никуы уыд. —Уазал дæ ма бацæуæд. Доны уаза стджытæ судзы, — загъта йын кæддæры фехъуыст ныхæстæ, — дæ майкæ уæддæр ныллæмар, адæймаг фæсонтæй уазал кæны. Уый йæ къух ауыгъта: — Стæй сæ ныллæмардзынæн. Иу-дыууæ ранмæ ма æхсайы мæ зæрдæ æмæ æххæст уыдон дæр басгарон. 13 Сæ цурæй рацыд æвæндонæй. Кæронмæ сæ цуры бафæстиат уа, уый йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Стæй йæ зыдта, Доме йæ цуры кæй нæ ныллæмардзæн йæ дарæс æмæ йæ кæд ныр ацы зæххыл æндæр ницыуал æндæвта — цас гæнæн ис, уымæй Домейы буармæ бакæсын, уыцы ныуæсы фæд ыл цы ран ис, уый базонын, уæддæр йæ цæсгом нæ бахъæцыд йæхи бафæсвæд кæна, æмæ Доме йæ дарæс куы лæмара, уæд æм сусæгæй бакæса: уый гæнæн нæ уыд, æмæ йæхи куы бафæсвæд кодтаид, уæд æй исты хуызты ма бафиппайдтаиккой æмæ сын уæд цы хъуамæ загътаид, кæйдæр бинонты раз ма йæхи цæмæй сраст кодтаид? Стæй йæ нæ фæндыд, гадзрахатæй цæуæгау, сусæгæй гудзиццытæ кæнын. Уый размæ æцæгæлон лæгтæ кæм лæууыдысты, уый онг куы æрхæццæ, уæд федта, чызджытæ дæр сæ цурмæ кæй æрцыдысты æмæ ныр сæ цыппар дæр донбылгæрæттæм æввæхсты цыдæртæ кæй агурынц. Цæугæ цæуын сæм йæ цæст дардта, æмæ фæхатыд: уыдон цæст дæр ыл куы схæцыд, уæд сæ агурын фæуагътой, сæхи та никæй-уынæг акодтой. Цæмæйдæр кæй тарстысты ацы адæм, уый бæрæг уыд, фæлæ сæ тасы сæр цы уыд, уый йæ зонд нæ ахста, æмæ атагъд кодта, нæ йæ фæндыд искæй хъыгдарын, уымæй дæр—æцæгæлон адæмы. Йæ дурын исынмæ куы фездæхт, уæд донгæрон тæнæджы йæ цæст æрхæцыд иу гыццыл кæсагыл. Фæтæ-ригьæд ын кодта, миййаг та ай дæр куы æрцахсой, зæго-гæ, æмæ йæ бафæндыд, доны арфмæ йæ куы басурид: къæцæл ыл бахста, фæлæ уый нæ фезмæлыд. Æмæ йæм уæд æввахсдæр бацыд, йæ цуры дон къухæй афæйлыдта, фæлæ та кæсаджы лæппын нæ фезмæлыд. Уæд æм къухæй æрæвнæлдта. Уымæ лидзыны фæндтæй ницы уыд, æмæ йæ систа йæ къухмæ. Цæй лидзыны фæндтæ ма йæм хъуамæ уыдаид, мæгуыр, кæсаджы лæппын мард разынд. «Уæ мæгуыр дæ бон, — батæригъæд ын код-та, — æвæццæгæн дын дæ мады æрцахстой æмæ дæ мады куы нæуал ссардтай, уæд дæ гыццыл зæрдæ аскъуыди. Цас хъуыди дæ гыццыл зæрдæ аскъуыйынæн, дæхæдæг дæр æнгуылдзыйас куы нæ дæ. Цу, мæгуыр дæ бон, чи зоны дæ мардæн доны уæддæр æнцондæр уа, — баппæрста йæ фæстæмæ доны арфмæ. Уыцы мард кæсаджы уынды фæстæ йын ныр æцæгæйдæр хъыг уыди, Доме кæсаг кæй ахста, цæмæндæр æм æгъатыр ми фæкаст кæсаг ахсын, фæлæ Домемæ фæ-хæрам уыдаид, уый бар йæхицæн йæ хъуыдыты нæ лæвæрдта. «— Уæ дæ сæрыбæсты хаст æрцæуон, — йæхимидæг хъуыдыгæнгæ, йæ саджил хъуыдытæй æвзæрста, Домейы йын йæ зæрдæмæ æввахсдæр чи кодта, уыдон, — уæ дæ сæрыбæсты хаст æрцæуон, кæд уыцы кæсæгты тыххæй дæхи цы фыдæбонæй марыс. Дæ нывонд фæуа ме 'намонд сæр, кæд мын куыд хæдæфсæрм дæ — мæ цуры та цæмæй æфсæрмы кæныс, мæ цуры та куыд, нæ уæндыс дæ хуылыдз дарæс фелвасын?..» Абон йæ хъуыдыты дæр æмæ æргомæй дæр йæ ног бинонты астæу йæхи æгæр барджын кæй æвдыста, ууыл ахъуыдыгæнгæ, йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты йæ митæ. Домейы бинойнаг ыл кæй фæгуырысхо, уый дзы тас уагъта, уыцы тасæй йæхи æнкъардта цыдæр фыдвæнд-гæнæджы бынаты, цыма ацы адджын бинонты цард халынвæнд кæны, йæ фæндтæ йын Домейы бинойнаг рехатыд, æмæ йæхи барæй ныхъхъус кодта, цæмæй йæ къуырццæвæны рацахса, уыйау. Иннæмæй та йын Домейы бинойнаджы дызæрдыг йæ уды сусæгдзинæдтæн ныфсы къух лæвæрдта, йæ уды мæтаг сбæлвырд кæнынмæ йæ ноджы бацырен кодта. Домейы бинойнаг ыл кæй фæгуырысхо, уый йæхæдæг давр кæй банкъардта, Домейы бинойнаг, æвæццæгæн, уый нæ рахатыд, мæнгæфсон ын кæй скодта, йæ сæфт хъæбулы йын къуылых кæй рахуыдта, ууыл нæ фæдызæрдыг æмæ йын уый дæр рæстæгмæ фадат лæвæрдта йæ хъуыддæгтæ аразынæн. Хъуыддæгтæ та йæ стыр хъуыддæгтæ аразыны сæр куы нæ хъуыди миййаг: Домейы бинойнаджы ныхæстæй бæлвырд уыд, Домейы буарыл кæмдæр ныуæсы фæд кæй ис, æмæ ныр йе стыр-дæр хъуыддаджы сæр уыд, уыцы ныуæс ыл цы ран ис, уый базонын; уыцы ныуæсы фæд феныныл баст уыд йе сæфт хъæбулы ма ссардзæн, æви нæ, уыцы ныфс. Хъæууынгты сæхирдæм куы схæрд кодта æмæ та йæ ног хъæубæстæй кæйдæрты цымыдис гудзиццытыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд ацы хатт йæхи æгады бы-наты нал авæрдта, йæ митæ йæм æгады митæ нал фæкастысты. «Уæдæ ма йæ зониккат, кæйдæр уæзгуытыл цæмæн рахау-бахау кæнын, уый, — хъуыды кодта сæрыстырæй, æмæ йæм здæхт йæ уæлæхох зæрдæйы уаг, —уæдæ ма сымах дæр уæ хъæбулты иу ауынды ныфсæй цæриккат!» 14 Домеитæ кæсаг ахсынæй куы æрбаздæхтысты, уæд Доме уыд мæстджын. йæ чызджытæ сæ кæсæтæ цингæнгæ æвдыстой сæ мад æмæ зæронд лæгæн, уый та лæууыд саудалынг цæсгомимæ, æмæ ницы дзырдта. — Цы ,кæныс, цы? — дисгæнгæ йæ фарста йæ бинойнаг. — Цы дæхи ныхъуынтъыз кодтай? Æмæ цæмæндæр гуырысхогæнæджы каст бакодта Матронамæ. Матрона бамбæрста уыцы цæстæнгас— ома дыл кæд абон æз цæмæйты фæдызæрдыг дæн, мæ моимæ дæр уæм ахæм исты ныхас рауад. Ныр æй уыцы цæстæнгасæй бауырныдта — Домейы бинойнаджы зæрдæйæ афтæ æнцæйтты нал айсæфдзысты йæ гуырысхо хъуыдытæ. — Папæ кæйдæртимæ фæхыли, — загъта сын Алла. — Кæимæ? — йæхи фæсаудалынг кодта ус. Доме ницы дзырдта. — Кæимæ нæ байуæрстат уæ фос? — ноджы ныхъхъуынтъыз ус. — Уыцы куыйтæ та доны хлор ауагътой, — загъта лæг æнæбары. Уыцы ныхæстæм усы цæсгом фæрайдзæтдæр. — Омæ дæ фыды цæхæрадоны вæййынц, цы дæ нæ фæуадзы? Лæджы зæрдæмæ на фæцыдысты йæ усы ныхæстæ. — Мæ фыды цæхæрадоны нæ вæййынц, фæлæ се нæзакъон митæй тагъд нæ комы нал кæсаг баззайдзæн,. нал сырды мыггаг. Кæйдæр уæзæгмæ æрбацу æмæ æнаккаг митæ кæн! Æниу уыдон аххос нæу. Кæй аххос у, уыдонимæ ныр, куыд æмбæлы, афтæ аныхæстæ кæндзынæн. — Æз та дын уый зæгъын, æмæ дæхимæ адæмы æнæхъуаджы ма хъыг кæн. Афæдзæй-афæдзмæ дзы дыууæ кæсаг æрцахсыс, æмæ нæ нал хъæуынц уыцы дыууæ кæсаджы, — зæндтæ амоныныл схæцыд ус. Зæронд.лæджы зæрдæмæ нæ фæцыдысты йæ чындзы ныхæстæ. — Æмæ ныр уыдон тыххæй искуыдæм фæлидзæм? Кæйдæр æнаккæгты тыххæй нæ уæзаггæй сыстæм? Уымæй хъауджы куы нæ æрлæууой, уæд дзы иу сау бон искæй агæрах кæндзынæн,—смæсты зæронд лæг. — Нæхиуæтты аххос у, уыдон æварстайæ нæ цæуынц, æмæ æз семæ адзурдзынæн, — загъта Доме æмæ йæ бинойнаджырдæм азылд, — марадз- ма истытæ мын фен — мæ дарæс иууылдæр хуылыдз сты. Уый дæр хъуыста бинонты ныхæстæм, æмæ бам-бæрста, кæй кой кæнынц; бамбæрста, уыцы æцæгæлон адæм-иу йæ уындæй цæмæн фæтарстысты; бамбæрста, уыцы гыццыл кæсаджы лæппын дæр уыдон къухæй мард кæй æрцыд; йæ цæстытыл ауад уыцы лæджы дзæкъултæ гуыбын, æмæ сæм уый дæр æвиппайды знаджы цæстæй ракаст, фыдæхæй сæм айдзаг йæ зæрдæ; бафæндыди йæ, Домеитæн радзурын, абон-иу дзы уыцы æнаккæгтæ куыд фæтарстысты, уыцы гыццыл кæсаджы лæппыны мардæй куыд ссардта, фæлæ Домейы фæстаг ныхæстæй фескъуыд йæ хъуыдыты таг. Домейы фæстаг ныхæстæм йæ хъуыдытæй айсæфтысты уыцы адæм дæр, æмæ .Домейы мæстджын дзырдтæ дæр. Уæдæй нырмæ йæ хъуыдыйы не 'рцыд, йæ зонд не 'рцахста, Доме йæ хуылыдз дарæс кæй ивдзæни. Ныр йæ мидзæрды цæуылдæр тагъд кодта, архайдта цыдæр æфсон ссарыныл, фæлæ та йæ хъуыдытæ æнæнхъæлæджы афтæ схылы-мылы сты, æмæ исты æрымысынхъом нал уыд, æрмæст зæрдæсастæй каст, Доме йæ дарæс ивынмæ хæдзармæ куыд фæцæуы, æмæ йæхи фыдæлгъыст кодта. «Цы хабар у ай, — хæцыд йæхимæ, — кæйдæр хæдзармæ æцæгæйдæр зæрыбонты цæрынмæ æрцыдтæн æви мæ хъæбулы тыххæй? Куыд нæ æрцыд мæ сæрмæ — лæг йæ хуылыдз дарæс æнæмæнгæй кæй ивдзæни. Кæд ма мын фæуыдзæн ныры хуызæн фадат? Æз та рагацау уæлхæдзармæ схызтаин æмæ пецы трубайы хуынкъæй кастаин. Пецы трубайы хуынкъæй кастаин, æмæ æппынфæстаг базыдтаин, Доме мæ хъæбул у, æви æцæгæлон чидæр. Базыдтаин уый, æмæ фервæзтаин мæ комдзог цæуæджы митæй, науæд мæ бон дæр куы нæ уал у ацы рафæлив-бафæливæй. Уæ, дзæгъæлзад фæуат уыцы адæм, кæд мæ фыдбылызæн не 'рбахаудтат абон ардæм, уыдоныл куы нæ хъуыды кодтаин, уæд мæ къуыдыр сæрмæ куыд нæ æрцыдаид, адæймаг йæ хуылыдз дарæс кæй фæивы». Йæ хъуыдытæ йын йæ зæрдæ халæттау æхсыдтой, афтæмæй каст, Доме æмæ йæ бинойнаг хæдзармæ куыд схызтысты: — Бабуся, — дзырдта йæм Алла, — сихормæ та мын кæсæгтæ сфыцдзыстут? Зæронд лæг йæ цæст арвыл ахаста. — Уыдон æрæгмæ уыдзысты, — загъта йын рæвдаугæ, — уемæ сæ ахæссут, æмæ сæ уым сфыцдзыстут. Ныр та уал цы ис, уымæй басихор кæнæм, æндæра си-хорафонæй ахызт, æмæ уе знаджы сыдæй марут. Сæ ныхæстæм йæ зæрдæ фестъæлфыд. Сæ ныхæстæй йыл æрбакалд ныфсы рухс, æмæ батагъд кодта: —Æз дæр лæууынæн бахъуыдтæн! Цæуон, æмæ уын сихор æрæвæрон. Æнæнхъæлæджы æфсон кæй ссардта, ууыл цингæнгæ, атагъд кодта хæдзармæ. Асинтæм нæма бахæццæ, афтæ йæ нал бафæндыд хæдзармæ схизын: æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд, Доме абондæргъы доны кæй архаидта, æмæ канд йæ æддаг дарæс нæ, фæлæ йæ мæдæггæгтæ дæр хуылыдз кæй уыдзысты, æмæ йæ мидæг-гæгты дæр кæй ивдзæн. Йæ зæрдæ йæ нал бахаста бæгънæг нæлгоймагмæ гудзиццытæ кæнын. Стæй йын йæ къахуынæр дæр æнæ фехъусгæ нæ фæуыдаид, æмæ йын уый фадат кæцæй радтаиккой искуыцæй сæм цæсты зулæй бакæса. Уый нæ, фæлæ ма Домейы йæхимæ цы фæхъыг кодтаид, йæ бинойнаджы гуырысхо та йын уæлдай цы басхъаудтаид, æндæр ницы сарæзтаид йæ бацыдæй, æмæ адæргæй асинтыл æрбадт. Нал зыдта, дарддæр цы араза, уый. Йæ зæрдæ йæм дзырдта, йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй æппæт дæр кæй хъуамæ аразид, æнæбары цæлхдуртæ нæ, фæлæ цæуылфæнды дæр кæй ма хъуамæ хъуыды кæнид, ныртæккæ дæр асинтыл кæй хъуамæ сызгъорид, цыфæнды бæгънæг ма уа Доме, уæддæр сæм комкоммæ хатæнмæ кæй хъуамæ балæгæрдид, æмæ сæ кæй хъуамæ æрфæрсид, алæма, æуым æмæ дыя æуым ахæм ныуæс ис, уæд мæ хъæбул куы дæ, мæ зæрдæ-дарæн, мæ зæрдæйы рæзынæг; æз та — дæ мад, де 'намонд мад, дæ æнæ мæнузæгъæг мад. Фæлæ уæдта. йæ агъды рæбын уыцы нуæсы фæд нæ разынди? Уæд та ма дарддæр цы ми кæндзынæн? Цы ми кæндзæн, уый йын лыггонд хабар уыд, фæстæмæ йæ мæгуыр хæдзармæ афардæг уыдзæн, фæлæ ма дарддæр та цы ныфсæй цæрдзæн. йæ хъæбулы ссарыны ныфс æй куы бацыд, ныфс нæ, фæлæ йæм афтæ кæсын куы райдыдта, цыма йæ хъæбулы ссардта; æмæ йæ хъæбул кæй æнхъæлы, уый йæ хъæбул куынæ разына, уæд та ма дард-дæр цы ныфсæй цæрдзæни? Бадти асинты фыццаг къæпхæныл, æмæ афтæ, асинтыл бадгæ, йæхимæ фæкасти тард куыдзы хуызæн — йæ хицæуттæ кæй ратардтой, æцæгæлæттæ кæй æрцахстой, æмæ асинты раз кæй ныббастой, ахæм куыдзы хуызæн. Уыцы хъуыдыйæ йе уонджы мигъ абадт, æмæ агуырдта æфсон, исты æфсон, йæ хъуыды цæуыл фæхæца ныфсы охыл. Æмæ ссардта ахæм æфсон дæр... Мадард бæгънæг лæгмæ кæсын аив кæй нæу, уыцы хъуыдыйыл фæхæст, æмæ уыцы хъуыдыйы ныфсæй йæхи æрсабыр кодта. «Уæ, дæ нывонд фæуон; мæ хъæбул, — дзырдта йæхинымæр, æмæ йæм уыцы хъуыды æгæр стыр ныхас фæкаст хуыдауы бын, — уæ, дæ нывонд фæуон, хъæбулы хуызæн хъæбул, кæд дæ миййаг уыцы ихджын доны уазал бадыд, æмæ дæ сæрыстырæй дæхи дæр нæ сæттыс. Уæ, мæ сæр дын амæла, мæ цæсгом та куыд бахъаæыд, куыд ахъуыды кодтон, æмæ дый дæ гом буармæ сусæгæй бакæсон. Уæ, мæ сæр дын амæла, куы йæ зыдтон, абондæргъы уыцы ихджын доны бадыс, æмæ æндахы халы онг дæр лæцъирæг дæ, уæд уый мæ сыджытæн хæринаджы сæр куыд нæ æрцахста. Цыма мыл æндæр хатт бон нал кодта, æмæ дæм æндæр хатт нæ бакастаин». Уыцы хъуыды йæ баныфсджын кодта. «Кæд абон уый мæ къухты нæ бафта, уæддæр та дæ ардæм куы хъæуы æмæ та иу бон кæсаг ахсынмæ куыд нæ цæудзынæ. Æмæ уыцы бонмæ уæддæр бацæттæ кæндзынæн мæхи. Æз та дыууæ уаты астæу къул истæмæй фæхуынкъ кæндзынæн, бырæу дзы базилдзынæн, æмæ кæсаг ахсынæй куы раздæхай, уæд рагацау иннæ уаты бамбæхсдзынæн, æмæ дæм уыцы хуынкъæй мæ цæст дардзынæн, цæсты рухс дын фестон». Йæ хъуыдыйы дардта, кæйдæр хæдзары дыууæ уа-ты астæу къулы бырæу базилын дæр æнцон хъуыддаг кæй нæу, æмæ агуырдта ноджы æндæр амæлттæ. «Уый дæр мæ къухы куы нæ бафта, уæддæр истытæ кæндзынæн, ис æмæ дын бон фестон. Хæдзар куы стут... цæрæг хæдзар, уæд уæм кæнæ дзуары бон нæ уыдзæни, кæнæ бæрæгбон? Æмæ ахæм бон та нæлгоймæгтæ расыг кæнын дæр куы зонынц. Расыг адæймаг та йæхи гом кæнынмæ æмхиц куы у, æмæ дæм уæд æмбæр зыны æфсон уæддæр бацæудзынæн», — йæхинымæр нывæста йæ фæндтæ, æма сæ йæ зæрдæ рухс кодта. 15 Домейы маст тагъд æрысыст. Бинонтæ куы басихор кодтой, сæ къæбæр адджынæн куы бахордтой, уæд Доме дæр йæ чæммæ æрцыд. Цæуынæн сын нырма раджы уыд, стæй сæ тæвды цæуын дæр нæ фæндыд, æмæ хæдзары раз кæрдо бæласы бын аууоны бонасадæн код-той. Матрона уый размæ зад бафтыдта — йæ зæронд мой йын афтæ, бинонтæ, дам, бæгæныйыл зæрдейæ сты, æмæ дам-иу сын се 'рбацыдмæ бæгæны ацараз. Абæрæг. æй кодта. Хорз разад. Исын афон ын уыд, æмæ йæ систа сцъæл æй кодта. Бинонтæ кæм бадтысты, уымæй æддæдзæф, тагъд кæм нæ рааууон кæна, ахæм ран кæттаг байтыдта, зад ыл ныттæнæг кодта, æмæ уый дæр йæхи бинонты цурмæ байста. Бинонтæ дзырдтой, уый дзæбæх кæй нæ зыдта, ахæм хабæрттыл, æмæ ахæм адæймæгтыл. Сæ цуры йæхи æгæр æцæгæлон хатыд, сæ ныхасы йæ бон нæ уыд хайад райсын, æмæ йæ бафæндыд йæхи фæхибар кæнын, цæмæй бинонтæ йæ уыргъуы уавæрæй ма тыхсой. Æфсон агурыны сæр æй нæ ба-хъуыд, кæрчытæ сæхи задмæ æппæрстой, сæ асурынмæ--иу бинонтæй куы чи фæгæпп кодта, куы чи. «Хуртуаны цур абадои. Хъæдындзтæ дæр хурмæ ракалинаг сты», сын загъта, æмæ рацыд. Къæбицæй сивыры ми-дæг хъæдындзтæ рахаста, хуртуаны фарсмæ ма иу кæттаг айтыгъта, æмæ зæххыл æрбадгæ, багуыбыр хъæ-дындзты сæ хæлуртæй æвзарынмæ. Бинонты ныхас æм уырдæм дæр дзæбæх хъуыст. Хурмæ иудзæвгар куы абадт, хур æм дзæбæх куы нындæвта, æмæ куы стæвд, уæд йæ зæрдыл æрлæууыдысты абоны чызджытæ. «Ныр æцæгæйдæр ацы тæвды дæ пысултæ ралас, æмæ бæгънæгæй дæхи хурмæ тæппалæг кæн, — æрцыдис йæ хъуыдымæ, æмæ худтис йæ-хи хъуыдыйыл. — Æ, хуры рухсæй макуы бафсæдат, кæд хуры бын бæгънæгæй цæуынтæ нæ фæччы. Хуры бын бæгънæгæй цæуынтæ куы фæччид, уæд ацы тæвды иу адæймаг дæр йæ уæлæ пысул нал скæнид, æмæ чысыл сывæллæттау гомгæрццæй рацу-бацу кæниккам, — æнæфыдæх бустæ сыл кодта йæхинымæр, — фæлæ адæймаг уымæн адæймаг у, æмæ адæмы зæрдæмæ цы цæуы, уый хъуамæ аразай. Дæ гом буар дын адæм иууыл куы уыной, уæд ма кæй цæмæн хъæуы? Дæ буары бæгънæг дæ бызгъуыртæй уый тыххæй æмбæхсыс, цæмæй дын адæмы цæсты аргъуцаг уа. Дæ бæгънæг буар дын хъуа-мæ иу адæймаг зона æрмæстдæр, цæмæй дзы уыцы адæймаг адæмы астæу сæрыстыр уа; сæрыстыр уа, уымæй дарддæр дын дæ буары бæгънæг кæй ничи федта. Уæлдайдæр та — сылыстæджы буар. Сылыстæджы буар иу нæлгоймагæй дарддæр иннæтæн æнæфæччинаг у, бы-наты царв бинонтæй дарддæр иннæтæн æнæфæччинаг куыд вæййы, афтæ». Йæ хъуыдыты бын та базмæлыдысты æндæр хъуыдытæ. «Цымæ кæмæн амоныс уыцы зæндтæ? Дæхицæн сæ цæмæннæ амыдтай? Æви ды арвы дуар гомæй федтай? Цæмæннæ сæ амыдтай дæхицæн, кæйдæр устыты лæгтæн дæхи буар быдиттæй куы дардтай, уæд?» Йæ сурхид акалд уыцы хъуыдыйæ. Нæ йæ фæндыд, йæ норст хъуыдытæ йыл сæ пырх ныккалой, æмæ батагъд кодта сæ ныссус кæныныл. «Ис уавæртæ, адæймаджы се 'скъæрæнты чи аскъæры, адæймаг æдых кæйты ныхмæ вæййы. Куыдзы сæр бахæрæд хæст рауадзæг! Мæрдтыкъæй фестæд Егнат.» Йæхи раст кодта йæхи раз, фæлæ фæсмонгонд фыд-гæнæгау хатыд, йæ уды азымæн уыдон æфсон кæй не сты. Хатыд уый, æмæ цæмæй йæ хъуыдытæ йæхирдæм ма фессæндой, уый адæргæй архайдта абоны сылгоймæгтыл хъуыды кæныныл, се 'нæуаг митæн фыдæхы ныхæстæ ссарын, æмæ сæ фыдæхы ныхæсты ахъаззагдæр-тæй æлгъитгæ дæр кодта, фæлæ ма уыцы æмрæстæджы уый дæр хатыд, æмæ сæ йæхинымæр фæтчыгъæдæн цы æлгъиты, æндæр сæм йæ зæрдæ кæй нæ фæфыдæх: абон æм сæ уаг æмæ сæ митæ диссаг цы фæкастысты, сæ къæйных уæндондзинаДыл сын цы бадис кодта, æндæр ын йæ зæрдæйы фыдæхы æнкъарæнтæ не 'взæрын кодтой. Ууыл та нæ саст йæхинымæр. Æмæ фæлвæрдта сæ митæм æнæуыноны цæстæй ракæсын. «Цы у уый, цы, — хæцыди сæм кæнгæ тызмæг зæрдæйæ,—исчи дæр ма гом арвы бын стыгъд буарæй цæуы, уымæй дæр — кæйдæр уæзæгыл, кæйдæр адæмы æхсæн. Хуыцау дын уыцы хуыз æмæ уыцы уæнгтыконд уымæн радта, æмæ дын æй алчидæр æрысгара — къухæй дæр æмæ цæстæй дæр? Æхсæр йæ цъарæй йæхи куыд ратоны æмæ сатæгæй куыд рагæпп кæны, афтæ ды дæр даэи-дарæсæй дæхи фелвас, дæхи æвдис, æмæ хъæр кæн: «Мæнæ æнæ дарæсæй куыд рæсугъддæр дæн!» Хорз, дæхя æвдис, æцæгæйдæр афтæмæй фидыцджындæр дæ, фæлæ дæ уындæй адæм фæлмæцын куы райдайой, дæ бæгънæг буарæй дарæс куы фæрæсугъддæр уа, уæд та ма кæй хъæудзынæ? Уый фæстæ дæр ма дæ цæрын куы хъæу-дзæни, уæд цы ми хъуамæ кæнай? Уæд та цæмæ æрхаудзынæ?» «Мæнæ мæ ранмæ, — сдзырдта йæ норст хъуыды, — мæнæ мæ ранмæ...» Йæ кæнгæ хъуыдытыл фæтых сты йæ зæрдæйæ цæуæг зæгъинæгтæ, æмæ сæ бауромын йæ бон нал сси. «Бынбауай, мæгуырæг, кæмæн амоныс зæндтæ ды дæр уыдон хуызæн куы дæ. Уыдон хуызæн нæ, уыдон дæр искуы дæ хуызæттæ суыдзысты, уыдон нырма дæуæй хуыздæр сты, уыдон нырма цæргæ кæнынц, уыдон нырма сæ фидыцы ньгфс ис, æмæ уымæй ныфсджын сты, фæлæ сæ дон лæмæрст куы фæуа, ныртæккæ сæ фидыцджын уæнгты æгадгæнæг цы дарæс хонынц, уы- цы дарæсæй сæ уæнгтæ бибитæ кæнын куы райдайой, уæд дæ ранмæ æрцæудзысты. Ды сын уымæн бустæ кæ-ныс, йемæ нырма дге ранмæ кæй нæ æрцыдысты; дьг сæм хæлæп кæныс, дæ ранмæ кæй нæма æрцыдысты; фæлæ сæ тагъд.дæ ранмæ хъæуы, тагъд дæ хуызæттæ уы-дзысты, дæ хуызæтту—æнамонд, æнæ мæнузæгъæг, ныхкъуырд, ссæст...» «Хуыцау уæ адæмы къæхты бын фæкæнæд, — йæхинымагр стыхст, æмæ сæ æцæгæйдæр карзæй ралгъыста, — кæд сымах дæр мæнау цыфыддæр дудгæбæттæ нæ бавзæрстат æмæ не 'взарут!» Æмæ йын уыцы æлгъысты фæстæ фенцондæр. уый размæ сæ кæнгæ æлгъыстытæ кодта, фæлæ йæхинымæр æгæр куы стыхст, уæд йæ ивгьуыд дудгæбæттæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æмæ сæ карзæй ралгъыста; фыдæлгъыст сæ ракодта, æмæ йæ удæн фенцондæр, йæ ивгъуыд зынтæй йæ удмæ рухсы цъыртт æрбакалд. — Хуыцау сæ адæмы къæхты бын фæкæнæд, — хъæ-рæй йын йæ хъуыдытæ сфæлхатт-чындæуыд йæ зæронд мойы хъæлæсæй, æмæ фестъæлфыд, акаст Домеитьр 'рдæм æмæ сæм ныхъуыста. —Æмæ афтæ æнхъæлыс уыцы æнаккæгтæ æрмæсг ардыгæй кæнынц сæ тонайы хай? Кæм кусынц, уым дæр афтæ уыдзысты. Хицауадыл дæр нæ ауæрддзысты, хицауадæй дæр кæндзысты сæ тонайы хай, æмæ цы адæмимæ кусынц, уыдонæй дæр,—дзырдта Доме. — Омæ цы дæхи хæрыс, — дзырдта Домейы бинойнаг, — иунæгæй сæ сраст кæнынмæ хъавыс? — Цæмæн иунæгæй? Иунæджытæ уыдон сты. — Омæ сыл уæдæ куыд нæ тых кæнут? — фарста йæ фыд. — йæ мардæрцыд уый мидæг ис, æмæ уыцы æнаккæгтæ кæрæдзийыл фидар баст сты, алы æнаккаг дæр дзы йæ иу чъизи хъуыддаджы тыххæй иутимæ баст у, иннæ чъизи хъуыддаджы тыххæй та — иннæтимæ. Хъуымацы æндæхтау кæрæдзийыл баст сты. Сæ чъизи хъуыддæгтæ сæ кæрæдзийыл бæттынц, æмæ сæ чъизи хъуыддæгты тасæй кæрæдзийыл фидар хæцынц. Цæмæй дзы иуы хъуыддæгтæ раргом кæнай, уый тыххæй дæ æнæ-хъæн æфсадимæ хæцын хъæуы. «Æвæццæгæн уыцы адæм дæр адæймаджы фыдбылызтау сты, — Домейы ныхæстæм хъусгæ, хъуыды кодта йæхицæн, — адæймаджы фыдбылызтæ дæр кæрæ-дзийы къухтыл хæцынц: исты фыдбылыз дыл æрцыд, уæд уымæй нæма фервæздзынæ, афтæ иннæ дæ уæлхъус æрбалæудзæн, æмæ дæ афтæ цæрæнбонты уæгъд нал суадздзысты. Чи зоны, æцæгæйдæр уыцы чъизи адæймæгтæ æмæ адæймаджы фыдбылызтæ иу сты, чи зоны адæймаджы фыдбылызтæ иууылдæр уыцы чъизи адæймæгтæй цæуынц, æмæ кæмæ фæкомхæлд вæййынц, уый раууатмæ æртæрынц.» — Омæ сæ цы мæдтæ æмæ фыдтæ схъомыл кæнынц? — хъуыстис æм йæ мойы хъæлæс. «Æцæгæйдæр,— хъуыды кодта уый,—афтæ æнаккæгтæй сæ чи схъомыл кæны? Æнаккæгтæй нæ райгуырынц, уый бæлвырд у, сывæллон удыл хæцæг у, алы сывæллон дæр худгæ зæрдæ у. Фæлæ сæ уæдæ уый фæстæ æмаккæгтæ куыд рауайы? Цы аххосæй счъизи вæййынц сæ удтæ?» Æмæ та йæ хъуыдымæ æрцыд, йæхи аххосæй дæр-иу бирæ бинонты адджын царды кæй бахауд къæм, бирæ бинонты цард-иу уый аххосæй кæй сызмæст. — Уыдон галиу гуырдтæ сты, — хъуыст та йæм йæ зæронд мойы хъæлæс, — алцы дæр сын бантысдзæн, æмæ сæ дæхи хъахъхъæн. «Æвæццæгæн, нæ къуылымпыты сæр иууылдæр тас у,»— ныкъуырма йæ зонд. — Папæ никæмæй тæрсы, — хъуыста Аллайы ныфсджын хъæлæс. «Нæ, дæ нывонд фæуон, — зæндтæ йын амыдта йæхинымæр, — тæрсын бирæ цæмæйдæрты хъæуы. Адæймаг тæрсгæ куы ницæмæй уал фæкæны, уæд æгадыл сра-зы вæййы. ?Ез цалынмæ тарстæн, уæдмæ адæймаг уыдтæн; цалынмæ мæ сывæллонæн тарстæн, уæдмæ æгад мæ сæрмæ никуы æрхастон; цалынмæ джерджийы хæдзары кадæн тарстæн, уæдмæ тыхджын уыдтæн, нымады уыдтæн. Стæй уыцы тасыл куы сахуыр дæн, уыцы тасы адæргæй уæрсын куы ферох кодтон, уæд сæгад дæн, уæд адæмы къæхты бынмæ æрхаудтæн. Мæхи тыхджын куы банхъæлдтон, æппæты æдых ранмæ та гъеуæд æрхаудтæн. Адæймаг æппæты; æдыхдæр æгады ран у, æгады уа- вæры...» — Уый дæу мæ гæсгæ никæмæй тæрсы, — хъуыста Домейы бинойнаджы ныхас, — фæлæ ма йын йæхи афæрс. — Нæгъ! Никæмæй тæрсы. Æгонгæй, папæ, искæмæй тæрсыс? — Гъеныр никæмæй, — хъуыста Домейы худын хъæлæс, — фæлæ гыццылæй хъуынджын лæгæй тарстæн. «Æвæццæгæн Егнатæй»,—нырхæндæги йæ зæрдæ. — Æцæгæйдæр дам-иу гыццылæй кæйдæр номæй куы тарстæ? Дæ мад-иу æй дзырдта. Цы хуынди? — фехъуыста домæйы бинойраджы хъæлæс. Уыцы ныхæстæм ыл уæлдæф æруæз кодта, æмæ уы-цы уæзы тæсæй ныуурæдта йæ улæфт. Сæнт каст фæкодта Домейы бинойнаджы 'рдæм æмæ, Домейы бинойнаг дæр уый æрдæм кæй кæсы, уый куы ауыдта, уæд йæхи ницыхъусæг акодта. Фæлæ æгасæй та феетад хъустæ. — Папæ, кæмæй-иу тарстæ, кæ? — хъуыст æм Аллайы дисгæнæджы хъæлæс. — Хъуынджын лæгæй. — Цы хуынди уыцы хъу.ынджын лæг? — хынц фарст æй кодта йæ ус. — Æмæ, гъа, нал æй хъуыды кæнын, — фехъуыст æм Домейы æнæбары дзуапп. — Алла, дедушкайы бафæрс, уый йæ зоны, — нæ уисæн кодта Домейы бинойнаг. — Цыдæр æй хуыдта, фæлæ мын зæрдæ нали, æмæ йæ нал хъуыды кæнын, — уый та йæ зæронд мой дзырд-та æнæбары хъæлæсæй. — —Чи? Папæйы-иу гыццылæй кæмæй тæрсын кодтой, уый? — фарста Беллæ. Æвæццæгæн сын сæ ныхæстæм дзæбæх нæ хъуыста. — Гъо! — мæстæймарæгау æм дзырдта Алла. — Егнат... Æмæ йыл уыцы ном фехъусгæ, бæстæ æвиппайды æрасæста. Уæлейæ йыл æмхауд æркодтой уæлдæфын хæхтæ, æмæ уыдон уæзæй бæстæ ноджы саудалынг афæлдæхт. Фæлæ уыцы саудалынг бирæ нæ афæстиат йæ алыварс, йæ хуылфæй æддæмæ цы тых тыдта, уый йæ куы базмæлын кодта, уæд уыцы саудалынг дæр æр-байсæфт, æмæ йæ алыварс æмхауд æркодта боны рухс. Боны рухс дæр афтæ тыхджын уыд, æмæ тары цæст куыд ницы æвзары, афтæ уыцы рухсмæ дæр цæст ницы æвзæрста. Фæлæ йæ зыдта, уый боны рухс кæй у, стæй канд боны рухс нæ, фæлæ йæ хъæбултæй ракæлæг рухс дæр, æмæ уыцы цæстытæ куырмгæнæг рухсы тырныдта йæ хъæбултыл къухæй аныдзæвынмæ. Йе уонджы тых асаст, фæлæ йæ хуылфæй æддæмæ цы тыхтæ рæдывтой, уыдон æй сызмæлын кодтой, йæ цыппæртыл слæууын бафæрæзта, фæлæ уымæй дарддæр .йæ къухтæ зæххæй схицæн кæнын нал куымдтой, фæндыди йæ йæ хъæбултæм æххуысмæ фæсидын, фæлæ йæ хъæлæс ныххус æмæ йæ бон дзурын нæ 'уыд. Æмæ уæд йæ цыппæртыл атырныдта йæ хъæбултырдæм. Афтæ иу цалдæр хатты йæ бон куы сси азмæлын, уæд йæ къухтæ сæхигьæдæй фæхицæн сты зæххæй, æмæ йæ къæхтыл слæууыд. Ныр æи ницыуал хъуыд, æрмæст йæ хъæбултæм азгъорын. Фæлæ иу-дыууæ къахдзæф куы сарæзта, уæд фæхатыд — йæ къах зæххыл куы æрæвæры, уæд уырдыгæй зæхх йæ быны фæтасы. — Бабушкæ! — фехъуыста. Аллайы фæдисы хъæр. Æмæ бамбæрста, уый йæм йæ хъæбултæ рацагуынц æххуысмæ æмæ йын тас ницæмæй уал у. йæмидбынат æрлæууыд æмæ сæм банхъæлмæ каст. Ныр ын æмбæрст-гонд уыд: йæ хъæбултæй йæ ницыуал тых фæхицæн кæндзæни. — Бабушкæ, —йæ хæдразæй сыхъуыст Аллайы хъæлæс, æмæ банкъардта: йæ туг, йе стæджы арм йæ цонгыл аныдзæвд. Дыууæ къухæй фæлæбурдта йæ хъæбулы къухмæ, æмæ йæ уырзты бын куы банкъардта йæ туг, йе стæджы тугдадзинты цавд, йæ хъæбулы туджы цавды хъарм, уæд уыцы цин сфæразын йæ бон нал баци, йæ зæрдæ бахъарм. 16 Уыцы уавæр ын бирæ нæ ахаста. Цъус фæстæдæр йæ цæстытæй ракаст. Рухс ын йæ цæстытæ нал куырм кодта, æмæ йæ уæлхъус Аллайыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд æппæгдæр æрбалæууыд йæ зæрдыл. Акаст ноджы дæр йæ алыварс, æмæ æруыдта иннæты дæр. Се 'ппæт дæр — тарст цæсгæмттимæ. «Уый сæ мадæн фæ-тарстысты, сæ бинонты хуыздæрæн,» — ахъуыды кодта йæхинымæр. Ныр йæхи кæмæн бабуц кæна, уыдон йæ уæлхъус кæй лæууынц, уыцы хъуыдыйы цинæй йæ цæстытæ фæстæмæ бацъынд кодта. —Æвæццæгæн, хурмæ бирæ фæбадт, æмæ хуры тæвдæй бауадзыг, —æрыхъуыста Домейы ныхæстæ. Уыцы ныхæстæ йæм диссаг фæкастысты, æмæ та йæ цæстытæ байгом кодта. Касти сæм, йæ цæст сыл хаста, æмæ йæ ныр та сæ тарст цæстæнгас дисыл æфтыдта; диссаг æм касти, йæ хъæбултæ йыл цæмæннæ цинтæ кæнынц, сæ къухтыл æй цæмæннæ фелвасынц, æмæ йæ фырцинæй цæмæннæ хæрынц. —Бабушкæ,—тыхст хъæлæсæй йæ фарста Алла,— исты дæ риссы? . Æмæ та Аллайы ныхæстæй йæ- зæрдæ æрфæлмæнтæ. —Хъæбул,—дзырдта йæм уынгæг хъæлæсæй,— мæ хъæбул. — Ма тæрс, бабушкæ, ма тæрс, — йæ зонгуытыл лæугæ йын йæ уадултæ даудта Алла. Æмæ та йæ туг, йе стæджы къуханыдзæвдæй йæ зæрдæ фырцинæй срызт. Чызджы къух йæ дыууæ армытъæпæны æхсæн бакодта, æмæ йæ нылхъывта йæ риумæ. Йæ зæрдæйы уыгъдæй рызтысты йæ къухтæ. — Ма тæрс, бабушкæ, ма тæрс, — доны зылдысты Аллайы цæстытæ. Ныр æй фæндыди Домемæ ,дæр, йæ иунæг хъæбул, йæ зæрдæдарæнмæ дæр къухæй баххæссын, йæ зæрдæ-йы уидагыл къухæй аныдзæвын, цæмæй йæ бауырна, кæй никуыуал ын фесæфдзæн, йæ къухы хъармæй кæй никуыуал фæцух уыдзæн, æмæ Аллайы армытъæпæн суадзгæ, афæлвæрдта растын. —Доме, мæ хъæбул, мæ зæрдæйы уидаг, нырмæ кæм уыдтæ? — ивæзта йæ хъæбулмæ йæ цæнгтæ. —Йæ цæнгтæ ивæзта Домемæ, æмæ не 'мбæрста, йæ гыццыл зæрдæдарæн йæ мадьг хъæбысмæ цæмæннæ æп-пары йæхи. Æмæ æрыхъуыста Домейы ныллæг хъæлæс: «Æвæццæгæн сæнттæ цæгъды». Нæ, уый йæ хъæбулы хъæлæс нæ уыд, уыцы хъæлæс æм Егнаты ныхæстæй æгъатырдæр фæкаст, æмæ фырадæргæй йæ цæстытæ хъоппæгæй аззадысты. —Æвæццæгæн,—хъуыста Домейы бинойнаджы хъæлæс, — цы сывæллон ын фесæфт, уый дæр Доме хуынд, æмæ æвæццæгæн уый уайы йæ цæстытыл. Уыцы ныхæстæй йæ зæрдæ ауазал, йæ цæстытæ фæстæмæ бацъынд кодта, æмæ æппæт дæр бамбæрста. Нæ, сæнттæ кæй нæ цæгъды, уый йын цы зонын хъуыд; йæ хъæбул, йæ гыццыл зæрдæйы уидаг кæй слæг æмæ мæнæ ныр йæ разы æд ус, æд зæнæг. кæй лæууынц, уый йын æппындæр гуырысхойаг нæ уыди, фæлæ йæ сæхæ-дæг кæй нæ зонынц, чи сын у, уый кæй нæ хатынц, хатгæ нæ, фæлæ сæ фæсонæрхæджы дæр кæй нæй, уый йыл æртæфст сæ ныхæстæй; йæ кæддæры гыццыл хъæ-бул, йæхицæй атонын чи нæ куымдта, æмæ фынæйæ йæ-хицæй кæй атыдта, уый ныр æд ус, æд зæнæг лæууыди йæ уæлхъус, æмæ йæм касти æцæгæлоны цæстæй; æцæгæлон нæ—йе 'схæссæг фыды дыккаг ус. Æмæ йæ цы ныхæстæй баууæндын кæндзынæ, ды йæ мад кæй дæ, стæй йæ куы баууæндын кæнай, куы дæ базона, уæддæр дæм цы цæстæй хъуамæ ракæса? «Цы цæстæй мæм хъуамæ ракæсай, хъæбул, мæнæ мæм ныр цы цæстæй ракастæ, уымæй хъауджы? Æз дын, хъæбул, мæ хъæстытæ куы кæнон, мæ зæрдæйы тыппыртæ дын куы дзурон, æмæ мæм ды мæнæ гъеныры кастæй куы кæсай, дæ бинойнаджы та афтæ куы афæрсай, сæнттæ цæгьды, зæгъгæ, дæ мад фæрстæхæлд-тæ уæд куы æрбауыдзæн. Цы цæстæй мæм ракæсдзынæ, хъæбул, уал азы фæстæ дын ныр мæхи æввонгæй куы смад кæнон? Афтæ дын куы зæгъон, хъæбул, дæ ныййарæг мад дæ разы лæууы, уæд мын цы хъуамæ зæ-гъай? Цы мын хъуамæ зæгъай, хъæбул, зæгъдзынæ мын, мад дын кæй нæ уал ис. Æмæ дæ æз куы бафæрсон: кæд дын мад нал ис, уæд кæм ныгæд ис, уый цæмæннаь зоныс? Æмæ мын уæд ды афтæ куы зæгъдзынæ; «Кæд æй нæ зонын, мæ мад кæм ныгæд ис, уæд знон кæй ин-гæнмæ ссыдыстæм?» Уæ, хъæбул, уæдта мæнæ гъеныр афтæ дæргъæй- дæргъмæ хуысгæ æцæгæйдæр мард уæддæр куы фестин. Ацы тæккæ мард уæддæр куы фестин, уæд мыл æцæгæлоны цæссыг уæддæр æрæппарис. Æцæ- гæлоны цæссыг мыл æрæппарис, æмæ дæ мады дæр æн-дæр хорзæх куы ницыуал хъæуид. Æз æй базонин, хъæбул, дæ цæссыг мыл кæй æрхаудта. Куыд нæ йæ базо-нин, хъæбул, уд та афтæ куыд хъуамæ ахъуыза, æмæ дзы æппындæр мацыуал аззайа; мардæй дæр мæ уд мæ буарæй афтæ куыд хъуамæ ахъуыза, æмæ мыл мæ хъæбулы цæссыг кæй æрхаудта, уый ма базонон. Æмæ мæ уæд æндæр куы ницыуал хъæуид. Фæлæ ныр та цы бакæнон, хъæбул, ды ма мын уæддæр исты зæгъ. Цы бакæнон, хъæбул, дæ разы афтæ дæргъæй-дæргъмæ кæдмæ хъуамæ хуыссон? Æмæ куы рабадон, уæд цы аразон, уымæн куы ницы хатын. Æцæгæйдæр сæнттæ цæгьдыны æфсон скæнин, фæлæ цытæ дзурон, уымæн дæр куы нйцы зонын. Стæй дæ, хъæбул, мæ цуры куы уынон, уæд дæ кæйдæр хъæбулы хуызæн куыд хъуамæ хонон? Нырыонг дæ хъæбулы хуызæн хъæбул хуыдтон, æмæ дæ ныр куы базыдтон, мæ хъæбул дæ, уæд та дæ кæйдæр хъæбулы хуызæн куыд хъуамæ хонон? Нæ, хъæбул, уæд де 'намонд мад амйела, æз дын мæхи куы бамбæхсон. Ды мæ хъæбул дæмæ зæрдæдарæн, æмæ мæм цыфæнды цæстæй ма ракæсай, уæддæр æй зондзынæн, уый мæ хъæбулы цæстæнгас у, исчи мæ не схойы. Нæ, хъæбул, уæд де 'намонд мад амæла, æз дын мæхи куы бамбæхсон. Уæ, хъæбул, цæй саууынгæджыйы бон мыл ныккод- та, мад та ма хъæбулæй йæхи кæд æмбæхста? Нæ, хъæбул, зæгъдзынæн дын æй, ды мæ хъæбул кæй дæ. Абон дын сæнттæ цæгъдыны æфсон дæр скæндзынæн, фæлæ сом уæддæр мæхи нæ бауромдзынæн. Райсом куы нæ уа, хъæбул, иннæбон дын уæддæр раргом кæндзынæн мæхи. Кæд мыл не 'ууæндай, хъæбул, уæд дæ фæкæн-дзынæн дæ мæгуыр фыды уæзæгмæ, де 'рвадæлты дын æртымбыл кæндзынæн, æмæ дын уыдон зæгъдзысты, ды мæ хъæбул кæй дæ. Уыдон дын фæдзурдзысты, хъæбул, дæ мады дудгæбæттæ. Зæгъдзысты дын, хъæбул, дæ мад цы фыдтæ æвзæрста, йæхицæй дæ цæмæн атыдта, æппæт уыдæттæ. Æмæ уæд, хъæбул, ды куыд нæ батæригъæд кæндзынæ де 'намонд мадæн, куыд ма йыл атигъ кæндзынæ дæхи? Хъæубæстæ сусæг кæнын ницы зонынц, æмæ дын уыдон лыстæггай фæкæндзысты дæ мады хабæрттæ, хъæбул. Ницы дын басусæг кæндзысты, хъæбул, æмæ куы базонай дæ мады дудгæбæттæ мисхалы онг, гъеуæд та мæм цы цæстæй ракæсдзынæ?» Йæ фæстаг хъуыдытæй та йæ риуы базмæлыд йæ уды азым. «Ницы йын басусæг кæндзысты? Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы йын басусæг кæндзысты, — скуыдта йыл яæ уды азым, — ницы йын басусæг кæндзысты, радзурдзысты йын, йæ мад цæрæнбонты кады митæ кæй нæ кодта. Радзурдзысты йын уыдæттæ æмæ мæ хъæбул сæрныллæгæй аззайдзæн адæмы астæу. Адæмы астæу ныхкъуырдæй аззайдзæн, йæ мады номимæ йæм æрыз-дæхдзæн æгады ном дæр, æмæ цæрæнбонты адæмы астæу йæ сæр нал схъил! кæндзæни, адæм ын фидис кæндзысты йæ мады номæй.» «Уæ, хъæбул! Уæ, хъæбулТ — фæлхатт кодта йæхинымæр, æмæ йæ йæ хъуыдытæ къахæй-къухмæ уи-гъæгау кодтой, — уæ, хъæбул, де 'гады сæр мæнæ дæ къæхты бын куы хуыссы, уæд ыл къахæй цæмæннæ балæгæр дыс, де 'гад дæ къæхты бын цæмæннæ сæууæрдыс. Ма йæ суадз дæ кæхты бынайй растын, дæ нывонд фæуон, æндæра йæ къæхтыл слæууын куы бафæраза, уæд дæ бæрзонд сæр бæрзæндты куы нæ уал хæсдзынæ. Сæууæрд æй дæ æъæхты бын, дæ фæхъау фæуон, æндæра æгаддзинад йæхи æмбæхсын куы нæ зоны, æмæ куы раста, уæд дын дæ сæрæн æгаддзинад куы хæсдзæни. Уæ, хъæбул, дæ нывонд фæуон, цы боны гуырд фестæм мадæй, хъæбулæй? Æгаддзинад дæ сæрмæ куы никуыцæй хауд, уæд .дæ сæр æгадгæнæджы агурæг кæдæм фæцыдтæ, кæм æй ссардтай, æмæ йæ дæхи къухæй дæхи хæдзармæ цæмæн æркодтай? Уæ, хъæбул, уæд де 'намонд мад ныммæла, уый дын дæ бæрзонд сæр æгад кæнын куы бауадза. Нæ, мæ хъæбул, дæ мад къæхты бынмæ куыд æрхаудта, афтæ дын дæ сæр адæмы къæхты бынмæ æрæппарын нæ ауадздзынæн. Æз афтæ æгадæй дæр уæ къæхты бын ныммæлдзынæн, фæлæ дыл ме 'гадæй къæм абадын нæ бауадздзынæн. Нæ, хъæбул, ды æнæ мад æмæ æнæ фыдæй дæ бæрзонд сæр бæрзонд уый тыххæй нæ систай, æмæ дын æй ныр дæ мад цъыфы стула. Нæ, хъæбул, уæд де 'намонд мад ныммæла, уый дын йæхи куы схъæр кæна. Ныры онг æй зонгде дæр куы нæ кодтон, кæм уыдтæ æмæ кæм хъомыл кодтай, æмæ ууыл куы уыдтæн хъæцынхъом, уæд дын ныр дæ удæгас цæсгом уынгæ, мæхи бамбæхсынхъом куыд нæ суыдзынæн. На? дын схъæр кæндзынæн мæхи, мæ хъæбул, цæмæй ме 'гадæй дæ сæрмæ дæр æгад ма æрхауа. Нæ дын схъæр кæн-дзынæн мæхи, афтæмæй кæсдзынæн, мæ хъæбул йæ хъæбултимæ цардæй æфсæст куыд у, æмæ æндæр дæр куы ницы хъæуы де намонд мады. Ды та-иу мын, хъæ-бул, кæнгæ мады лæггæдтæ уæддæр акæндзынæ...» 17 — Бабушкæ, бабушкæ! — уытъта йæ Алла. Йæ цæстытæ та байгом кодта, æмæ та йæ цæсгомы сæрмæ æруыдта Аллайы донызылд цæстытæ. Йæхи фæфидар кодта, æмæ рабадт. — Бабушкæ, цы кæныс? Цыма ныртæккæ æрчъицыдта, ахæм æфсон скæнгæ, йæ сæр нытылдта. — Цы кодтон, цы? — фарста сæ дисы цæстæнгас æвдисгæ. Ныр ыл иууылдæр атыгуыр сты. — Æвæццæгæн хурмæ дæ зæрдæ бахъарм, — загъта йын Доме, — тæрсгæ ма кæн. Барæй йæ алыварс йæ цæстæнгас хаста, цыма кæйдæр агуырдта. — Бабушкæ, исты дæ хъæуы? — Æндæр нæ цуры ничи уыди? — фарста сæ дисгæнæджы æнгасæй. Æмæ федта, Доме æмæ йæ бинойнаг сæ кæрæдзимæ бакæсгæ, сæ сæртæ куыд батылдтой. — Ничи, — загъта йын Доме, æмæ йын йæ цонгыл схæцыд, — æвæццæгæн, дæ цæстытыл истытæ ауад. Цом, хурмæ мауал лæуу, хæдзары чысыл дæхи æруадз. Домейы къухы февнæлдæй та йæ зæрдæ ныззырзыр кодта, йæ уæрджыты магъз та адон, æмæ æцæгæйдæр йæ бон нал уыд йæ къæхтыл слæууын. Доме йæ исæгау скодта зæххæй, йæ къух ын пннæ фарсырдыгæй йæрдæ- ларм атъыста. Чызджытæ дæр ын аххуыс кæнын фæлвæрдтой. Ныр чысыл фæфидар, фæлæ барæй йæхи ауагъта: йæ хъæбул ылкæйхæцы, йæ хъæбул йе 'нцой кæй балæууыд, йæ хъæбул æй иу къухæй кæй æрбахъæ-быс кодта, уый йын йе 'ппæт зынтæ дæр æрбайрох кодта, æмæ архайдта, цæмæй йæ йæ хъæбул ноджы тынгдæр балхъива йæхимæ; уадз, ма йæ зонæд, йæ мады дæларм кæй балæууыд, фæлæ йæ уæз йæ хъæбулы цонгыл кæй æруагъта, уый дæр ын фаг уыд амондæн; æмæ куывта. цæмæй хадзары онг сæ фæндаг ныддаргь уа, цæмæй уыцы цыбыр рæстæг уæддæр банкъара йæ хъæбулы цонджы хъарм, цæмæй уыцы цыбыр рæстæг уæддæр æруадза йæ фæллад уæнгты уæз йæ хъæбулы цонгыл. Фæлæ нымад къахдзæфты дæргъæн фæндаг цас хъуамæ ныддаргъ уыдаид. Хæдзармæ йæ бакодтой, æмæ йæ сынтæгыл æрхуыссын кодтой. Иудзæвгар рæстæджы фæстæ йæ зæрдæ æцæгæйдæр фæфидар, фæлæ да-рддæр цы араза æмæ цы дзура, уый нæ зыдта. Бинонтæ дæр ницы дзырдтой, фæрсæджы каст æм кодтой, æмæ сæ цæстæнгасæй ноджы тыхсти. Дзу-рын æй фæндыд, фæндыди йæ истæуылты дзурын — цæуыл фæнды дæр уæд, æрмæст хъуса йæ бинонты ныхас, фæлæ ныхас цæмæй райдыдтаид, уый йæ хъуыды нæ ахста, æмæ цас фылдæр лæууыдысты мадзурайæ, уыййас æм ноджы зындæрæй-зындæр каст ныхас истæуылты æрæфтауын. Бинонтæн иууылдæр сæ цæстæнгас уый æрдæм уыди, æмæ нæ уæндыд се 'рдæм кæсын; дзургæ-дзурын æй æфсон уыдаид, æмæ кастаид йæ хъæбултæм, йæ цæстытæ рæвдыдтаид йæ хъæбулты уындæй, фæлæ ныр уыцы мадзура уавæры нæ уæндыд се 'рдæм кæсын: тарсти Домейы бинойнаджы цæстæнгасæй, тарсти йе 'рдæбоны ныхæстæй — миййаг ыл ноджы куы фæгуы-рысхо уой, хынц фарстытыл æй куы схæцои, æмæ йæхи бамбæхсын йæ бон куы нæ уал суа. Зæрдæ та коммæ нæ каст, зæрдæ та йæ хъæбултæм тырныдта, цыма æцæгæ-лон адæймаджы риуы æвæрд уыди, æмæ дзы бынат нæ ардта, хуыцау æй цы риуы равзæрын кодта, уымæ тырныдта, уыйау йæ риуы къултыл йæхи хоста. Раст ма абон Доме цы кæсаг æрцахста, донæй йæ сурмæ куы раппæрста, уæд уый дæр зæххыл афтæ хоста йæхи. Йæ мидхъуыдыты тасæй йæ бинонтæм ракæсын нæ уæндыд, æмæ йæ зæрдæ йæ риуы къултыл йæхи хоста. Йæ зæрдæйы знæт тæлфтмæ йæ хъуыдымæ æрцыд: ныр, зæгъгæ, мæ зæрдæ мæ риуæй æддæмæ ратыдта, уæд цы хуызæн уаид? Æмæ йæ цæстытыл ауад: йæ зæрдæ йæ риуæй рахызт—уарзаг æмæ схæссæг мады хуызы нæ— йæ зæрдæ йæ риуæй рахызт сывæллоны хуызы, чысыл сывæллоны хуызы, хуры гуыдыны хуызæн сывæллоны хуызы; рахызт йæ риуæй, æмæ худæндзастæй рауай-бауай кæны бинодты раз, фæлвары бинонтæй искæй хъæбыс-мæ схилын, бинонтæй искæй хъæбысы абадын. Æмæ бинонтæ се 'ппæт дæр зæрдæбынæй худтысты сывæллоны митыл. Æмæ бинонтæй алкæй дæр фæндыд, иннæты нæ, фæлæ уый хъæбысмæ куы схизид, æмæ йæ сывæллоны митæй ууыл куы бацин кæнид... Уыцы нывæй йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, æмæ йæ цæстытæ байгом кодта, йæ цæстæнгас ахаста бинонтыл. Беллæ уым нæ уыд, æвæццæгæн, æддæмæ ахызт. Гом дуары æдде тыргъы лæууыд йæ зæронд мой, æмæ йын уыд катайаджы хуыз. Æвæццæгæн æм æрбацæуын дæр нæ хъæцыд йæ цæсгом, æмæ йæ кæртмæ ахизын дæр нæ хаста йæ зæрдæ — дывæндгæнæгау лæууыд гом дуары æдде æмæ æрбакæс- æрбакæс кодта мидæмæ. Мидæгæй, дуармæ æввахс бандоныл бадт Доме, фæллад æмæ дыгъуырццæг хуызæй; йæ цæсгомы хуызæй бæрæг нæ уыд, æцæгæйдæр афæллад æви истæуыл ныхъуыды кодта. Домейы хуызæй фæтарст, фæтарсти — бинонты куы бафæллайын кæна, куы дзы афæлмæцой, æмæ йæм уазал зæрдæ куы бадарой—ома дæ мард нæ хæдзармæ хастай. Уыцы хъуыдыйæ айсæфт йæ фæллад зæрдæйы уаг, æмæ æххуысагур йæ хъуыдыты йæхи аппæрста Алламæ. Алла лæууыд йæ дæлфæдтæм, сынтæджы гоппыл дыууаь къухæй хæцыд, æмæ йæм касти тæригъæдгæнæджы цæстæнгасæй. —Алла,—сдзырдта йæм, æмæ йæхиуыл рахæцыд. — Цы кæныс, бабушкæ, — бацин ыл кодта Алла. — Уыцы хуртуанмæ акæс, кæрчытæ йæ ма фесафæд. —Уый мæт та цы кæныс, —дзырдта йæм Домейы бинойнаг,—уый Беллæ систа. Фæлæ дæхуыдтæг дæхи куыд хатыс? — Дæхи дзæбæхдæр хатыс? — фарста йæ Доме дæр. Æмæ та Домемæ куы бакаст, уæд федта, лæгæн йæ фæлладхуыз æнгас кæй айсæфт. «Уæ дæ фæхъау фæуон, мæ хъæбул, уæдæ уый дæ мады тыххæй нынкъард дæ, цард дын фестон? Хъæбулы зæрдæ дæр гыццылтæ куыд нæ хатдзæни, йæ мад йæ цуры кæмдæр кæй ис, уый. Нæ, нæ, хъæбул, цард дын фестон, нал дæ бауадз-дзынæн æнкъард кæнын.» — Ницыуал мын у,—загъта сын фæстинон хъæлæсæй, æмæ сæ ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, — æвæццæгæн хурмæ æгæр абадтæн, æмæ мæ зæрдæ бауæззæуттæ. Ныр мын ницыуал у. Дзырдта сын зæрдæвæрæн ныхæстæ, æмæ растад сынтæгæй. — Цæмæн растадтæ? — батыхсти Доме, — æрхуысс уал, æмæ .дзæбæх де 'муд æрцæуай. Сæ ныхасмæ йæ зæронд мой дæр мидæмæ æрбахызт. йе 'ууæлтæй бæрæг уыд, уыи дæр кæй фæндыд, цæмай нырма ма раста, фæлæ йæ кæсдæрты цур уый зæгъын йæ цæсгом нæ хъæцыд. Домейы бинойнаг лæууыд йæ мойы цур. Лæууыд йæ мойы цур, йæхи йæм баввахс кодта, æмæ йын цыма истæмæй тарст, ахæм хуыз æвдыста. Раст ма цъиуджын каркæн вæййы ахæм хуыз, йæ цъиутæн истæмæй куы фæтæрсы, уæд. Йæ лæуд æмæ йæ былты авæрдæй бæрæг уыд, иннæ бинонтæн сæ фæсонæрхæджы дæр чи нæ ис, уыцы хабæрттæй уый цыдæртæ кæй хаты; хатгæ сæ кæд нæ кæны, уæддæр ын йæ митыл кæй гуырысхо кæны æмæ йæ кæй нæ фæнды, ацы зæххыл ма йæ мойыл йæ-хицæй барджындæр адæймаг разына, уый. Доме иу бинойнаджы цæстæнгасæй тыхсти, æмæ та йæхимæ фæхæрам, йæ рафæлив-бафæливæн фаг æфсон кæй не ссары, æгæр кæй батагъд кæны, æмæ ма йæ бæргæ фæндыд фæстæмæ сынтæгыл йæхи æруадзын, фæлæ уымæй ноджы йæхиуыл комдзог куы рацæуа, уый тасæй слæууыд йæ къахыл. — Нæ, нæ, ницыуал мын у, — загъта сын, — æдде мын хуыздæр уыдзæн. — Бауадзут æй, — загъта сын Домейы бинойнаг, — уæлдæфмæ йын хуыздæр у. Алла, йæ цонгыл ын хæц. Сылгоимаджы удыхъæды фæливæнтæ та йын цы зонын хъуыд. Домейы бинойнаджы сабыр æнгас æппæтæй дæр æвдыста, æмæ бæрæг дæр уыд, ацы хæдзары æцæг хицау чи у. «Уæ мæ уд уæ фæхъау фæуа, — табу сыи кодта йæхинымæр,—уæ сæрыбæсты. ха-ст æрцæуон, афтæ мын ме 'ссæст стджыты уæ къухты хъармæй чысыл бахъарм кæнут, æндæр мæ куы ницыуал хъæуы. Æндæр куы ницыуал хъæуы мæ мæгуыр сæры къуыдыры.» ...Изæрырдæм, бинонты æцæгæйдæр куы бауырныдта, ницыуал тас ын у, æрдзæбæх, уæд Домеитæ сæхи ба-рæвдзытæ кодтой, æмæ цæуыны къахыл ныллæууыдысты. Доцейы бинойнаг сæ фæстиат кодта: —Æз ма Хъæцмæзонтæм ныууайон, Венера мæ цæ-мæндæр хъуыд, æмæ йæ ауынон, — балæгъстæ кодта йæ мойæн. «Цæмæн æй бахъуыд Венера?» — фестъæлфыд йæ сæры, æмæ йæ сурхид акалд; афæлвæрдта, исты хуы-зы йæ бакъуылымпы кæна, фæлæ куыд, уый йæ сæр нæ ахста. Йæ къуытты уавæрæй йæ фервæзын кодта Доме. — Цæй, — загъта йæ бинойнагæн, — æнæуый дæр æгæр ныффæстиат стæм. Мæнæ ацы дыууæ боны æр-бауайдзыстæм, æмæ йæ уæд фендзынæ. Машинæйы куы сбадтысты, уæд ма сæм Доме машинæйы рудзынгæй радзырдта: —Тыхсгæ мацæуыл кæнут. А-дыууæ боны та уæ æнæмæнгæй абæрæг кæндзынæн. 18 Изæры æхсæвæр куы бахордтой йæ зæронд моимæ, уæд æм йæхи æрлæгъз кодта, хæстæг-æм бабадт, æмæ цыма цæрæнбонты иумæ фæцардысты, уыйау йæхи барджынæй æвдыста. Сæ кары æфсæрм сæ астæу гæрæнæй лæууыд, фæлæ архайдта уыцы æфсæрмы сæрты ахизын; зыдта йæ, нæлгоймаг уæддæр нæлгоймаг кæй у, æмæ цыфæнды зæрондæй дæр сылгоймаджы рæвдыдмæ æмхиц кæй у; зыдта йæ, нæлгоймаг æмæ сылгоимаджы æхсæн сусæгдзинæдтæ кæд нал вæййы, æмæ йæ сылгойнаджы фæливæнтæй йæ къухыл тыхта. Зæронд лæг уыцы фæливæнтæ нæ хатыд, зæронд лæгæн уыцы фæливæнтæ йæ зæрдыл лæууын кодтой, æцзегæйдæр ног усджын кæй у, æмæ кардзыд нæлгоймаг йæхи цæсты раз йæ-химæ æгад цæмæйты фæкæсы, уыдон дзы рох кодтои. Æмæ, æппынфæстат, йæ дзыхы ныхас æмæ йæ сылгоймаджы фæливæнтæй зæронд лæджы сæр бынтондæр куы разылд— нæлыстæджы туджы цæвæнтæй йæ уæнгтæ куы æрхъарм сты æмæ хыссагйау куы æрфæлмæнтæ—уæд банкъардта, ныр ын афон кæй у, æмæ цадæггай ныхас æрæфтыдта Домейыл: фарста йæ, уыцы иунæг хъæбулæй дарддæр ма сын зæнæг уыди, æви нæ? Зæронд лæджы уæнгты лæдæрсæг уазал туг æрхъарм йæ ног æмкъайы фæливæнтæй, йæ ног усмæ æвзонджы зæрдæ бадардта, æрбаввахс æм ис, æмæ йæ нал бафæндыд мæнг ныхæстæ зæгъын. — Ныр ацы хæдзарæн æцæгæлон нал дæ, — дзырдта йын йæ зæронд мой, — иумæ цæрын нæ хъæуы. Сывæллæттимæ,—бафтыдта ма йæ ныхасмæ,—æмæ ды хъуамæ алцыдæр зонай. Уый баргей йæхи бамæгуырхуыз кодта: — Сусæг мын цы нæ бакæнат, уый зондзынæн. — Бинонты астæу сусæгдзинæдтæ нæ вæййы, — загъта йын йæ мой, — æмæ дын махæй дæр ничи ницы басусæг кæндзæни. —Уый ницы загъта. Йæхимæ йын банхъæлмæ каст. — Мах уыцы мæгуыримæ æнæзæнæг уыдыстæм,.— сагъæссаджы хъæлæсæй дзырдта йæ мой, — зæнæг нын нæ рацыд. Уыцы мæгуыр мын бар лæвæрдта, лæгъстæ дæр ма мын кодта, цæмæй дыккаг ус дæр æрхастаин: мæн тыххæй дам, дæхи ма февæстаг кæн. Фæлæ, йæ цæргæйæ, уый мæ зæрдæ нæ батардта. Зын ын уыди йе 'дзард æмкъайыл дзурын, æмæ архайдта йæ уды тыхст æмбæхсын; архайдта, йе 'дзард бинойнаджы кой кæнгæ, йæ ног усы хъыг цæмæй ма райса. — Фæлæ хуыцауы фæрцы æвæстаг нæ фестæм, — дзырдта дарддæр. — Хуыцауы цæст уын Домейы бауарзта? — барæй йæ хынцфарст кодта. —Нæ,— загъта йын йæ мой,—Доме нын кæнгæ лæппу у. Йæ мой, æвæццæгæн, фæфæсмон кодта, ацы хабарыл ныхас кæй æрхаудта, ууыл, æмæ дзырдта зивæггæнгæ. — Æвæццæгæн æй уе 'ввахс хæстæджытæй æрхастат? — барæй сабыр хуыз æвдыста. —Нæ,—загъта та йæ мой, — аргæ йæ скодтам. —Кæм? — иу ныхасæй дзы сирвæзти йæ уды тыхст. Йæ мой.дæр, æвæццæгæн, йæ дзуринæгтæ йæ мидзæрды рауил-бауил кодта, æмæ йын нæ фæхатыд йæ сонт фарсты нысаниуæг. — Зымæджы. Хæсты рæстæджы, — цæуылдæр ныхъуыдыгæнгæ, дзырдта йæ мой,—колхозы сæрдаримæ æфсадæн лæвæрттæ нылластам горæтмæ, æмæ фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд æй фæндагыл миты уæлæ салдæй ссардтам. Ныссалди... — Салдæй? — фескъуыдта йын йæ ныхас йæ сонт фарстæй, æмæ уыцы ныхасимæ схауд йæ кæуындзæг дæр: йæ бон нал баци йæхи бауромын, йæ цæссыгтæ фе-мæхстыты, æмæ куыдта хæкъуырццгæнгæ; куыдта, афтæмæй архайдта йæхи æрсабыр кæнын, фæлæ уый йæ бон нал уыд: йæ гыццыл хъæбул йæ мады агурæг уыцы фыддон-фыддуры фæндагыл куыд лыгъд, æмæ йæ хъару куы асаст, уæд æдыхæй миты уæлæ куыд ахаудта æмæ йæ гыццыл буар цадæггай куыд салд, уыцы æнагъæттаджы нывæй йæ зæрдæ рæсыд, æмæ йæ богъ-богъ куыд тыхæй уромгæ, куыдта хæкъуырццгæнгæ, æмæ уыцы æмрæстæджы фыдызнагæй-фыдызнагдæр фестад йæхицæн. йæ зæронд мой уыдæттæ кæм хатыд. йе схæсгæ хъæбулы зынтæ йын йæ удмæ афтæ æввахс кæй айста, уымæй дзы йæ мидзæрды фæбузныг, æмæ йын разыйы цæстæнгасæй касти йæ тыхст куыдмæ. — Салд уыд, уæдæ цы уыд, — дзырдта йын йæ мой, чысыл йæ куыдæй куы æрсабыр, уæд. Æвæццæгæн, фæндагыл бирæ куы фæлыгъд, куы ничи йыл амбæлд, уæд фыртас, фырфæллад æмæ фырадæргæй бауадзыг. Æмæ цалынмæ æрчъицыдта, уæдмæ ныргъæвсти, йæ бон сыстын нал уыд, æмæ цадæггай салд. Сывæллоны цастæ хъæуы. йæ сæр ма цы змæлыд, æндæр йæ гывдыл буар иууылдæр салд уыди. Фыццаг æй мард фенхъæлдтам, фæлæ йæм дзæбæх куы æркастыстæм, æмæ нæм йæ гыццыл цæстытæ уыцы æдыхæй тæригъæддаджы зылд куы скодта, уæд мæ зæрдæ тъæппытæ фæцæйхауд. Митæй йæ феууæрстам, æмæ гыццылтæ йæ уæнгты йæ туг змæлын куы байдыдта, уæд æй дзоныгъыл æвæрын дæр нал бауæндыдыстæм, мæ кæрцы тары йæ бавæрдтон, йæ гыццыл уæнгтæ йын мæ мид кæрцмæ æууæрстон, афтæ-мæй йæ уды мидæг схæццæ кодтон нæхимæ. Йæ мойы ныхасæй йын йæ зæрдæ халæттæ æхсыдтой: — Уæ, цард ын фесгон, — куыдта, афтæмæй хъарæгæмхасæн хаудысты йæ ныхæстæ; æмæ дзы ферох, йæ мой йыл истæмæйты куы фæгуырысхо уа, уыцы тас дæр, — уæ мæгуыр йæ бон фæуа йæ ныййарæг мадæн. Йæ зæронд мой разы уыд йæ ног æмкъайы æмзæрдæйæ. —Хъæубæтæ æрбамбырд сты,—дзырдта дарддæр йæ мой,—хæдзармæ мын æй хъарммæ бахæссын нæ ба-уагътой. Тыргъы йæ митæй ноджы феууæрстой, æмæ сывæллонæн сабыргай йæ туг йе уæнгты хъазын райдыдта. Районы рынчындонмæ мын æй ласын кодтой фæлæ йæ уыцы мæгуыр нæ ауагъта: ай, дам, мын хуыцау йæхи къахæй мæ хæдзармæ хъæбул æрбахаста, æмæ, дам, æй искуыдæмты ауадздзынæн? — Уæ мæрдтæм ын сыгъзæрин цырæгътæй фæкуыв-дæуа, кæд цы уды хицау уыд де 'фсин, — байрох дзы ис æппæт дæр, — уæ дзæнæты фæбада йæ уыцы бæсты. Йæ мойæн æхсызгон уыд, йе 'дзард æмкъайæн ын кæй арфæтæ кæны, уый, æмæ та дзы йæ мидзæрды фæ бузныг. — Фæлæ сывæллоны уыцы уазал æгæр бахъыг дардта: тæвд кодта, артау сыгъди йæ гыццыл буар. Йе 'муд нал цыди: кæнæ-иу æппындæр дзурынхъом нал уыд, кæнæ та-иу сæнттæ цагъта, æмæ йæ уæд рынчындонмæ аластам. Уыцы мæгуыр дæр рынчындонмæ йемæ ацыд. Æрæгмæ сдзæбæх. Цалынмæ сдзæбæх, уæдмæ уый дæр йæ цурæй нæ рацыд,—дзырдта йæ зæронд мой, æмæ йæм йе 'рфгуыты бынты бакаст, æвæццæгæн æй фæндыд, йе 'дзард бинойнагæн та йын исты арфæйы ны-хæстæй куы ссарид йæ ном. — Уæ мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай фæуа, — арфæтæ кодта, йæ хъæбулы йын зын уавæры чи ба-вæрдта, уыцы адæймагæн. Зæронд лæг сæрыстыр уыд йæ ног бинойнагæй, æп-пæт æмбарынхъом дæр чи у, æмæ дзыхы ныхасæй дæр лæггæдтæ. чи кæны. — Ныр. алцыдæр зоныс, — загъта йын йæ зæронд мой, —фæлæ лæппуйы цур макуы мацы ской кæн. Мæнæ нæм гъеныр цы æрхауд ныхас, æндæр йæ фыццагæй фæстæмæ мах астæу уыцы хабарыл дзырд никуыуал æрцыд. Æнхъæл дæн, сывæллæттæ уыцы хабар зонгæ дæр нæ кæнынц, æмæ йæ уадз æмæ ма зоной. Мæ уд йæ фæхъау фæуæд, уый мæ хæдзармæ цы бон æрбахаудта, уыцы бонæн, æндæра нæ мæрдтæй уыдаиккам, нæ— удæгæстæй. — Уæ йæ сæры бæсты хаст æрцæуон, — никуыцæй иæм хъардтой йæ мойы фæдзæхстытæ, — æмæ йын уый фæстæ хицон ничи разынд? — Ничи, — загъта йын йæ мой. — Æмæ сывæллон йæхæдæг та цы дзырдта? — бынтондæр дзы байрох, кæм ис, æмæ цы аразы, уыдæттæ. — Ау, куыннæ йæ фарстаиккат йæ хабæрттæй? Афтæ æнахъом дæр куы нæ уыд, æмæ уын мацы загътаид? Мацы хъуыды кодтаид? — Ницы хъуыды кодта. — Цыбырæй йын загъта йæ мой. —Æппындæр? — нæ уисæн кодта уый. Зæронд лæджы зæрдæмæ нал цыдысты йæ хынц фарстытæ, æмæ ныхъхъус. Уый та уыцы тæккæ æппындæр ницыуал æндæвта йæ хъæбулæй дарддæр: нал æй æндæвта, базоной йын йæ уды сусæгтæ, æви нæ; уый æрмæстдæр фæндыд базонын, йæ хъæбул сын йæ царды хабæрттæй цытæ радзырдта, йæ гыыццыл хъæбул йæ царды хабæрттæй цытæ бадардта йæ зæрдыл. йæ мæгуыр мад дзы афтæ тагъд кæм ферох уыдаид, æмæ сын йæ кой ма ракодтаид? Йæ гыццыл зæрдæйы уидаг æнæ йæ мад иу сахат куы нæ фæрæзта, уæд æй куыд, нæ мысыдаид? Куыд нæ йæ мысыдаид йæ гыццыл зæрдæдарæн, уыцы фыддон-фыддуры дæр ма йæ мады агурæг куы ралыгъд сидзæрдонæй? Æцæгæлон адæмы астæу афтæ æвиппайды кæм æртасыдаид йæ зæрдæ, æмæ йæ мады ма мысыдаид? Йæ мады кой сын ма кодтаид? Нæ, цыдæр дзы кæй æмбæхсы йæ мой, уый хатыд, фæлæ уый ныхъхъус, ницы уал дзырдта, æмæ йæ цы хуызты сдзурын кæна, уый нæ ахста йæ зонд. Æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, æрдæбон ын йæ мой афтæ кæй загъта, бинонты æхсæн дам сусæгдзинæдтæ кæй ма хъуамæ уа; ныр уыцы ныхæстæм хины хъуыды февзæрд йæ сæры, æмæ афæлвæрдта, йæ зæронд мойы йæхи ныхæстæй басхъауын. —Уæ йæ нывонд фæуон Домейæн,—загъта æнкъардæй, — кæд æнахъомæй цы зынтæ бавзæрста. йæ зындзинæдтæ мын мæхи зæрдæ дæр сынкъусын кодтой. Фæлтау мын уыдон дæр куы нæ радзырдтаис. Æвæццæгæн ыл уый размæ ноджы зындæр хабæрттæ сæмбæлд, æндæра уый цахъæн сывæллон ахæм зымæджы кæдæм хъуамæ лыгъдаид. Йæ зæронд мойы йын æцæгæйдæр бацагайдтой йæ ныхæстæ. —Æвæццæгæн æй уыцы рырчын тынг баджиздардта, — æппынфæстаг сдзырдта уый, — Æмæ йæ гыццыл хъуыды нал ахста, цы, йыл æрцыд, æмæ кæцæй ралыгъд, .уыдæттæ. Куы-иу йæ мады кой кодта... —Йæ мады?—фестъæлфыд уый, ихæнриз ахъард-та йæ уæнгты, æмæ та дзьг æрбайрох йæ уавæр. —Æмæ-иу æй цы номæй хуыдта? Йæ мой иуцъусдуг ныхъхъус. — Уыц дæр джиджджи хуыдта. —Æмæ? —Фарстам æй, кæдæм ралыгъд уыцы хъызты, кæ-дæм цыд. Æмæ дам —джиджджимæ. Фарстам æй — кæм цæры дæ джидæджи? Æмæ дам—нæхимæ. Зæгъын, кæм ис уæхимæ? Æмæ дам—джиджитæм. Фарстам æй, йæ джиджджийы цур ма чи цæры, уыдонæй. Æмæ-иу кæйдæрты ранымадта, мæнмæ гæсгæ — сывæллæтты нæмттæ уыдысты. Æрмæст дзы иу адæймаджы номæй тынг тарсти, Егнат æй;хуыдта. Цæмæй дзы тарсти, хуыдау йæ зонæг, фæлæ дзы æмризæджы рызти, фынæйæ лæр-иу кодта йæ кой, фынæйæ дæр-иу фесхъиудта, æмæ-иу хъæр кодта: «Егнат, Егнат!» Æвæццæгæн, цыдæр æнæхуыцауы хай адæймаг уыд, æндæра уый ца-хъæн сывæллон адæймагæй афтæ тынг куыд хъуамæ тæрса? Йæ агъды рæбын стыр ныуæс уыд, æмæ, дам, мын :уый дæр Егнат алыг кодта фæрæтæй. Хъуыста йæ зæронд мойы ныхæстæм, æмæ хатыд: йæ риуы, йæ зæрдæмæ æввахс стымбылтæ калм, хъæстæ калм, æмæ куы базмæла, уæд уыцы калм йæ сæр фæхъил кæндзæн, æмæ йын йæ хъæстæ æвзæгтæй фæхæцдзæн йæ зæрдæйыл. Уыцы тасы адæргæй бадт цавд-.дуры хуызæнæй. — Куы та-иу æндæр ныхæстæ кодта, — дарддæр дзырдта йæ мой. Дæ джидæджи кæм ис-иу.æй куы фарстам, уæд-иу нын афтæ—æз дам фынæй куы кодтон, уæд дам мын фесæфт. Йæ мидфынæйæ дæр-иу фесхъиудта, хъæр-иу кодта, æмæ-иу куыдта: «джидæди, ,джидæджи! Кæдæм цæуыс? Джиджджи, ма ацу!» Йæ гыццыл буар-иу æгасæй дæр хиды суадон фестад. Йæ зæронд мойы ныхæсты æдде æрыхъуыста æндæр зæлтæ: «джиджджи, кæдæм цæуыс?» «Тагъд æрбаздæхдзынæн, хъæбул, тагъд.» Уыцы зæлтæ йын, йæ риуы цы калм стымбылтæ, уый куы базмæлын кæной, уый адæргæй йæ был йæ дæндæгты 'хсæн нылхъывта. — Ницы бамбарæн уыд йæ ныхæстæй, — хъуыстысты йæм йæ зæронд мойы дзырдтæ,—куы та-иу бынтон æндæр цыдæртæ дзырдта: чидæр устытæ йæ æддæмæ нæ уагътой, чидæр сывæллæттæ йын йæ уат истой, æмæ ноджы бирæ ахæм цыдæртæ. Æвæццæгæн æй уыцы фæрынчын баджиздардта, æмæ йæ гыццыл зонд рæстмæ нал ахста йæ раздæры царды хабæрттæ. Дард кæцæйдæр ма йæм хъуыстысты йæ зæронд мойы ныхæстæ: дард, тынг æддейауæй. Сæ зæлтæ сын рæстмæ дæр нал ахста. Стæй фæлваргæ дæр нал кодта уы-цы ныхæстæм ныхъхъусыныл. Уыдон æй нал æндæвтой. Йæ риуы цы хъæстæ калм стымбылтæ, уый змæлын райдыдта, чысылгай- чысылгай, стæй фæстагмæ сызнæт, знæтæй уырыхсны кодта йæ риуы, агуырдта йын йæ зæрдæ, цæмæй дзы йæ хъæстæ æвзæгтæ аскъæра, æмæ йæ нæ ардта, æмæ ноджы знæтæй-знæтдæр кодта; ничердæм уыд йæ бон уыцы уазал куырм калмæн йæ зæрдæмæ бавналын, æмæ уæд æддæмæ ралæсынмæ фæци — мæстыйæ, дæнгæлæй; афтæ ныддæнгæлтæ, æмæ йæ хъæлæсæй куы сцæйбырыд, уæд ын йæ хъæлæсы фыдтæ дæр йемæ рахаста, æмæ æппынфæстаг рарæдывта æддæмæ, рарæдывта æддæмæ йеудодой куыдæй, судзаггаджы куыдæй. 19 Уымæн йæ дыккаг бон йæ зæронд моимæ кæрæдзимæ рæстмæ сдзурын нал уæндыдысты. Нал уæндыдысты кæрæдзимæ бакæсын дæр. Цыма æхсæвы кæрæдзиимæ хыл фесты — æнæфсон, æнæбындур хыл — цыма кæрæдзийæн алывыд акалдтой æмæ дзы ныр иу иннæйы раз йæхи азымджын хаты, иу дзы иннæмæй æфсæрмы кæны, уыйау кæрæдзимæ бакæсын æмæ кæрæдзимæ рæстмæ сдзурын нал уæндыдысты. Ныхас кæныны охыл-иу сæ схауд иугай ныхæстæ, цыбыр ныхæстæ, кæрæдзиæрдæм æнæкæсгæйæ. Æхсæвы йæ цæстытæ кæрæдзийыл нæ авæрдта. Йе 'нæрхъуыды сонт ми йæ ноджы катайыл бафтыдта. Йæ мой дæр ын йæ æнæнхъæлæджы йеудодой æмæ хъар-джытыл кæй фæгуырысхо, йæ бинонты царды цыдæр сусæг змæстытæ кæй цæуы, уыдæттæ кæй фæхатыд, уый ма йын цæй дæуццаг уыд, æмар йæ æппæт уыдæттæ катайыл æфтыдтой. Ныр, абон уа æви сом, уæддæр йæ зæронд мой, Домейы бинойнаг æмæ Домейы æхсæн сусæг ныхæстæ кæй рауавдзæн, æмæ йæ иу бон кæй æрфæрсдзысты, чи дæ, чи, зæгъгæ, уый йын гуырысхойаг нал уыд; гуырысхойаг ын нал уыд, йæ хъæбулы хæдзары цæргæ, йæхи басусæг кæнын йæ къухы кæй нæ уал бафтдзæн. «Æмæ уæд! Уадз æмæ базоной, Доме мæ хъæбул кæй у,—дзырдта йæхицæн,—уадз æмæ йæ базоной, æз сын æцæгæлон кæй нæ дæн, фæлæ — Домейы ныййарæг мад. Уадз æмæ йæ базоной, æз æнæ хицау, æнæ хион кæй нæ дæн, фæлæ мын хъæбул кæй ис, стæй хъæбулы хъæбултæ дæр.» «Æмæ уæдæ ныр, — хъуыдытæ кодта йæхицæн, — мæ хъæбулы куы ссардтон, бинонты хицау куы бадæн, уæд сын цæй тыххæй хъуамæ басусæг кæнон мæхи? Мæ хъæбултæй æцæгæлæттæ хъæбулджынтæ куы сты, уæд æз ис хъæбултæй мæхи æнæ хъæбул^куыд хонон? Æцæгæлон адæймаг мæ хъæбултæй хъæбулджын уа, æмæ æз та уыцы æцæгæлон адæймагмæ хæлæг кæнон — мæ хъæбултæй хъæбулджын чи сси? Чи мын цы бар дары мæ хуылфæй рахизæг хъæбулмæ та?» Æхсæвы йæ цæстытæ не 'рцъынд кодта. Утæхсæн кодта йæ уаты, æмæ архайдта, йæ уды тыхст ын йæ зæ-ронд мой куыд нæ хъуса. Фæлæ-иу йе знæт зæрдæйæн куыд нæ райхъуыстаид йæ хъæрзын. Йе знæт зæрдæйау йæ быны хъæрзыдта йæ сынтæг дæр. Йæ зæронд мой дæр-иу æрыхъал, æмæ-иу æй афарста: — Цы кæныс? Исты дæ риссы? — Цы ма кæнон, — загъта-иу ын йæхинымæр, — æндæр ма цы хъуамæ кæнон?» Æмæ та ныр уыцы ныхæстæ æрлæууыдысты йæ зæрдыл. Дысон йæ уды тыхст судзаггаджы куыдæй кæй сирвæзт йæ риуæй, уымæ йын йæ зæронд мой гуырысхо-гæнæджы цæстæй кæй ракаст, уый йын нæ барста йæ мидзæрды; зыдта йæ, уый аххос нæу, ахæм уавæры ал-'чидæр фæгуырысхо уыдаид, фæлæ йæ ныййарæджы зæрдæ дзурын кодта, дзурын йæ бон нæ уыд хъæрæй, нæ уæндыди, æмæ йыл йæхинымæр бустæ кодта: «Цы ма кæнон, — зулцæстæи-иу бакаст йæ зæронд моймæ, — æндæр ма цы хъуамæ кæнон? Мæ хъæбултæй дæхи схъæбулджын кодтай мæ хъæбултæй ды хъæбулджын дæ, æз та—æнæ хай, æмæ мæ мæхиуыл кæуын дæр нæ уадзыс? Æви ма мын мæхи дæр мæхиц.æй байсынмæ хъавыс? Æниу мйн мæхицæн дæр куы схицау дæ. Мæ мой!» Ныййарæджы зæрдæ домдта йæхиуæттæ. Ныййарæ-джы зæрдæ агуырдта хъæбулы цинты ад. Æмæ йын йæ ныййарæдæй бартæ чи байста, уымæ хæрам кодта йæ зæрдæ. Æмæ йæ зæронд мой дæр, цыма йын йæ хæрам зæрдæйы уаг æмбæрста, уыйау цыдæр къæмдзæстыг хатыд йæхи. 20 Йæ зæронд мой Венерайы истæмæйты бафæрсын йа» цæсгом кæй нæ бахъæцдзæн, уый зыдта. Фæлæ Домейы ус æнæмæнгæй кæй фæрсдзæни Венерайы, ууыл дæр дызæрдыг нæ кодта, æмæ йæ фæндыди чызджы рагацау бафæдзæхсын; æрмæст æй цæмæйты бафæдзæхса, стæй йæ фæдзæхсты сæрæн дæр цы 'фсон ссара, уый йæ зонд: рæстмæ нæ ахста. Иу хъуыддаг ын бæлвырд уыди: йæ бинонтæ Венерайы куы бафæрсой, уæд æнæмæнг кæй базондзысты, Доме, æцæгæйдæр, кæй хъæбул у. Уый уыди æппæты хуыздæр мадзал, цæмæй йæ хъæбул дæр ссара æмæ базоиа йæ мады. Уæдæ ма йæ æндæр цы хъуыд? Ацы зæххыл æй æндæр куы ницы æндæвта, цæмæй срара йæ сæфт хъæбулы. Æмæ йæ ссардта. Ныр ма йæ хъуыд æрмæстдæр иунæг иу къахдзæф, цæмæй йæ хъæбул дæр базыдтаид йæ мады. Ницыуал аразын æй хъуыд, хъуыддæгтæ сæхи бар ауадзынæй дарддæр, æмæ уæд йæ хъæбул базондзæни йæ мады. Базондзæни йæ мады, æмæ... Æмæ дарддæр цы уыдзæн, уый йæ тæрсын кодта. Йæ хъæбул æй куы базона, уæд ыл цæмæй йæхи ма атигъ кæна, уый тыххæй йын ныфсæвæрæн уыдысты йæ ивгъуыд дудгæбæттæ, Егнат æмæ йын иннæтæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдон. Уыцы зынтæ йын ныфсы быцæуæй стадысты ивгъуыд бонтæй, уыцы зынтæ йын къуырццæвæиы разындысты ныфсы мæсгуытæ; йæ цард ын æнад цы хъизæмæрттæй сси, ныр æм æрмæст уыдон кастысты адæймаджы номы аккаг митæ. Йæ хъæбул æй куы базона, уæд йæ мадæй сæрыстыр цæмæй хъуамæ уа, уыдон уыдысты йæ ивгъуыд зынтæ, уыцы фыдæбæттæ йын уыдысты хъэебулы номæн кадгæнæг митæ. Йæ зæрдæ йæ хорз зыдта, йæ хъæбул æй куы ба-зона, уæд дзы уыцы дудгæбæтты тыххæй куыд сæрыстыр уыдзæни, уыцы хъизæмæртты цур йе схæссæг фыды лæггæдтæ дæр кæй байрох кæндзæни; рох сæ нæ фæ- кæндзæн, уыдонæн рох гæнæн нæй, фæлæ сын йæ зæрдæйы рæбын сæйраг бынат кæй нæ уал разындзæн, йæ мады æнамонд цард ын кæй фæкадджындæр уыдзæни, йе схæссæг фыды лæггæдтæй йын йæ мады зындзинæдтæ аргъуцагдæр кæй суыдзысты. йæ зæрдæ хатыд æппæт уыдæттæ, æмæ ма йæхимидæг дис дæр кодта, йæ ивгъуыд царды цы фыдтæ бавзæрста, æрмæст уыдон кæй разындысты ныр йæ номæн кады аккаг, царды ныфс ма æрмæст уыдон фæрцы кæй ис йе 'уæнгты, цард ма йын адджын æрмæст уыдон фæрцы кæй у. Фæлæ йæ ивгъуыд цард æрмæст уыцы фыдæвзарæнтыл нæ фæуд кодта, йæ ивгъуыд цард ма йемыдзаг уыди æндæр хабæрттæй дæр, йæхæдæг дæр йæхи раз къæмдзæстыг цæйты тыххæй у, йæ хъæбул кæй хъуамæ ма базона, йæ хъæбулæй кæй хъуамæ басусæг, кæна. Æмæ уыдон та куыд хъуамæ басусæг кæна йæ хъæбулæй? Цы амæлттæй хъуамæ басусæг кæна йæ хъæбулæй, йæ фыды хæдзарæй йын — йæ фыды æгасæй дæр æмæ йæ фæстæ дæр — хæзгулдон кæй скодта? Цы хуызы? Уымæн æрмæстдæр уыдис иу фæрæз: йæ фыды уæ зæгмæ ссæуынæй йæ баиргъæв, ма йæ суадз, цы хъæуы фæцардтæ, уыцы хъæубæсты æхсæнмæ. Фæлæ цы хуызы? Цыфæнды фыдтæ ма фæмыс дæ хъæубæстыл цыфæнды цæсты сындз ма фестын кæн дæ хъæбулæн йе 'рвадæлты, уæддæр уый цавæр адæймаг уыдзæн, æмæ йæ фыды уæзæгмæ ма ссæуа, йæ райгуырæн къуым ферох кæна, йе 'рвадæлтыл йæ къух сиса? Кæд æппын ницы, уæд ма йæ мады сæрыл хыл кæнынмæ уæддæр лæбурдзæн йе 'рвадæлтæм. Цы хъæбул уыдзæн уый, æмæ йæ мады æфхæрджыты базона, æмæ сæ йæхи бафæсфæд кæна, уæдта-ма сын иу уайдзæфы ныхас ма зæгъа. Æмæ сæ искæмæ иу уайдзæфы ныхас куы скæна йæ мады сæрыл, уæд ын уыдон, цы уыд, цы нæ уыд, уыдæттæ куы фæдзурдзысты йæ мадæй. Хылы охыл кæмæ бацæуай, уый дын дæ цæсгомыл дæ азым куыннæ батъæпп кæндзæни? Хорз, йæ хъæбулы ма сардауæд йе 'рвадæлты ныхмæ. Уый нæ, фæлæ ма йын лæгъстæ дæр ныккæнæд, цæ-мæй дзы йæ фыды уæзæгыл тызмæг ныхас ма сирвæза, йе 'рвадæлтæм хæрам зæрдæ ма равдиса. Фæлæ йæ уæд-, та йе 'рвадæлтимæ цæрын куы хъæудзæни, уæд сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы дæр сæ цуры хъуамæ уа; æмæсыл йæхи куы нæ атигъ кæна, се 'хсæнмæ куы æфта уæд абон уа æви сом, уæддæр ын æцæгдзинадæн æнæ-базонгæ куы нæ ис; иу мæйы фæстæ уа æви иу азы фæстæ, уæддæр ын æнæзæгъгæ куы нæ фæуыдзысты, сæрыстыр цы мадæй у, йæ сæр бæрзæндты цы мады номæй, хæссы, уый цæрæнбонты сæрыстыр митæ кæй нæ кодта, фæлæ ма- иу йæ сæр цъыфы дæр кæй атъыста, йæ сæр адæмы къæхты бынмæ кæй æрæппæрста, йæ фыды ном ын кæй ныффидиссаг кодта; сæрыстыр цы мадæй у, ууыл фæстагмæ æгады ном кæй сбадт. Æмæ уæд йæ хъæбул йæ бæрзонд сæр хъуамæ æркъул кæна. Æмæ уæд йæ хъæбул йæ мады номæй хъуамæ сæрныллæгæй цæуа. Æмæ уæд йæ хъæбул хъуамæ йе знæгты фæндиаг фæуа, йе знæгтæ йыл сæ къах æркъуырой, æмæ йын фидис кæной, зæрдæ кæй наа баурома, ахæм фидистæй. йаа сидзæры бонты зынтæ йын фаг не сты, фæлæ куы ралæг, йæ къахыл куы слæууыд, адæмы рæгъы куы рацыд, цæрынæй дарддæр æй царды куы ницыуал хъæуы, уæд æвиппайды, æнæнхъæлæджы æга-ды ном хъуамæ йе 'ккой сбада. Йæ мады тыххæй. Йæ мады ссардимæ та. йæм хъуамæ æрыздæхой йæ зындзинæдтæ дæр. йæ зындзинæдтæ йыл иууылдæр йæ мады цур цæуынц. Сабийæ цыдæриддæр зындзинæдтæ бай-йæфта, уыдон дæр ыл йæ мады цур æрцыдысты. Йæ мадæй куы фæиппæрд, уæд æм цард дæр йæ мидбылты бахудт, цардæй цыдæртæ федта. Ныр та мæнæ ралæг, адæ-мы рæгъы рацыд, цардыл фæхæст, цæрынæй дарддæр æй ницыуал хъæуы, æмæ та уæд йæ мад йæ размæ æрхызт, цæмæй та йын царды зындзинæдтæ бавзарын кæна. Уый йын йæ мады фыдбылызы хосæн куы сфæлдыста хуыцау. йæ хъуыдытæ рассæнд-бассæнд кодтой алырдæмты, æмæ йын æвдæрзтой йæ зæрдæ. «Цы дæ хъæуы, цы, фæсмонгонд фæуай, — æлгъыста йæхи, — æви дæ хъæбулы тæригъæдæн райгуырдтæ? Уымæн райгуырдтæ, цæмæй сывæллон ныййарай, æмæ цы стырдæр фыдбылызтæ ис, уыдон мысай, æмæ сæ дæ хъæбулæн æвзарын кæнай? Дæ хъæбулы, де 'нахъом хъæбулы дæхицæй куы атыдтай, уæд ма искуыдæр исчи йæ хъæбулы йæхииæй атоны? Кæд ма чи ратыдта йæ зæрдæйы кæрдихы йæхицæй дæуы йедтæмæ? Атыдтай йæ дæхицæй, цæмæй, сывæллонæн æппæты зын-дæр цы у, уый бавзара — бавзара сидзæры царды сындз къухы ад. Сывæллон та мæлæтæн цы зоны, сывæллон та мæлæтæй цæмæй тæрсы — йæ зонд уый бæрцтæ куы нæ ахсы. Сывæллон æрмæстдæр йæ ныййарджыты цухæй тæрсы, сывæллоны стырдæр тас æнæ мад æмæ æнæ фыдæй аззайын у. Æмæ уый ды сарæзтай дæ хъæбулæн. Фæлæ цард иууыл дæ хуызæттæй бæу, Матрона, фæсмонгонд фæуай, ис дзы хорз адæмтæ дæр, æмæ ды дæ хъæбулц дæхи къухæй царды дудгæбæттæм куы басхуыстай, уæд уый та æнæнхъæлæджы хуыцауы цæхæрадонмæ бахауд, хуыцауы сконд адæммæ. Дæ хъæбулы дæхицæй атыдтай, цы стырдæр фыдбылыз ын саразай, ууыл архайдтай, фæлæ дæ фæндиаг нæ фæци. Дæ хъæбулы дæхицæй атыдтай, дæ къух æм нал æххæст, æмæ ма йын исты зындзинад сарызтаис, уый дæ бон нал уыд. Фæлæ йæ ды зыдтай, дæ хъæбул кæмдæр кæй ис, æмæ удæгас кæй у; зыдтай уый, дæ къух æм нал æххæст, æмæ агуырдтай, уæддæр ын афтæмæй дæр цы фыдбылызтæ саразай. Æмæ уæд ды нылæууыдтæ сæфты къахыл. Зыдтай йæ, дæ хъæбул кæм-дæр удæгас кæй у, дæ къух æм кæй нæуал æххæссы, фæлæ йæ искуы кæй ссардзынæ, æмæ йыл уæд цæмæй цы стырдæр фыдбылызтимæ фембæлай, ууыл ныххæцыдтæ. Æмæ мæнæ ныр, дæ хъæбул куы схъомыл, хуыцауы сконд адæм эей куы ралæг кодтой, йæхæдæг бинонты хицау куы баци, уæд та йæ фæндагмæ æрхызтæ. Загътай—ныр та дын фаг у— æмæ йæ фæндагмæ æрхызтæ, цæмæй та йын фыдбылызы хос басгуыхай. Сагау æнæ-лаз æмæ сæрыстыр чи у, уый цард та хъуамæ схъæстæ кæнай, йæ сæр ын цъыфы сæвдулай, ныффидиссаг æй кæнай; ныффидиссаг æй кæнай адæмы-æхсæн, ныффидиссаг æй кæнай йæхи бинонты цæсты, ныффидиссаг æй кæнай, царвау йæ сæрыл чи тади, йæ уыцы схæссæг хуыцауы сконд адæмы цæсты; æмæ, æгæрыстæмæй — æнаккæгтæ æмæ цъаммæрттæ чи сты, кæй ныхмæ тох кæны, уыдоу цæсты дæр, уыдонæн дæр хъуамæ фадат радтай, цæмæй йæм къухбакæнæнтæ ссарой. Уæдæ куыд — дæ хъæбул у, ды та йæ фыдбылыз дæ, йæ фыдбылызæн райгуырдтæ. Æмæ ма дын цæрын куы антыса, уæд ын чи цы зоны, цы фыдбылызты ма йæ ныссадздзынæ. уæ, фæсяонгонд фæуай, мæнгеуый, æмæ дын цæрын мауал бантыса, кæд æцæгæйдæр дæ хъæбулы тæригъæдæн нæ райгуырдтæ. Уæ, йæ хъæбулæн сæрнизы . Хос цы ныййарæг вæййы, уый та ма-иу зæхх куыд фæуромы.» «Æмæ ма дæ уромы? — загъд кодта йæхимæ.— Мады номы аккаг чи нæ разынд, уыйта ма цавæр зæхх Хъуамæ баурома? Хъæбулы ном æгадгæнæг цы мад ра-зыны, уый та зæххыл цæуын куыд.хъуамæ бауæнда? Нæ, Матрона, де 'гадгæнæг дæр дæхæдæг уыдтæ, æмæ дын де 'гады ном дæр дæхицæй дарддæр ничи байсафдзæни. Нæ, мæ хъæбул, дæ уды низтæ бахæрон, ме 'гады номæй дæуыл къæм абадын нæ бауадздзынæн. Де 'намонд мады з.æхх куы аныхъуыра, уæд йе 'гады ном дæр йемæ ахæсдзæни, æмæ дзы дæумæ азым нал æрхаудзæн. Дæ бинойнаджы дызæрдыгтæ дæр дын ингæнмæ мемæ ахæсдзынæн, æмæ йын мæ ингæны хуыз та куыд нæ ахгæндзæн йæ дызæрдыгты сдзурæн дзых. Нæ, мæ хъæбул, дæ нывонд фæуон, ды мын дæ сæрбæрзонд сæр бæрзонд уый тыххæй нæ систай, æмæ дын æй æз æрныллæг кæнон, Нæ, хъæбул, æз та дæ мæхи атондзынæн. Атон-дзынæн та дæ мæхи. Ацы хатт дæ афтæ атондзынæн мæхи, æмæ дæ развæндагмæ куыд никуыуал æрхизон. Сау ингæиæй та цæй здæхæнтæ ис фæстæмæ, дæ нывонд фæуон, сау ингæны бафснайдзæни де 'намонд мад йæ сæр, æмæ дæ афтæмæй уæддæр бахъахъхъæндзæни йе 'гады номæй.» Йæ фæстаг хъуыдытæй йæ зæрдæ æрсабыр, йæ удæн фенцондæр. Æмæ дис кодта, нырыонг уыцы хуымæтæджы хъуыды куыд никуы æрцыд йæ сæрмæ. Æп-пæтæн дæр æнцонæй аскъуыддзаггæнæн куыуыд, уæд уый йæ хъуыды куцд никуы æрцахста. Мæлæты кой йæм æппындæр ницы тæссаг касти. Тæссаг нæ йæ койæ йæ удæн афтæ фенцондæр, æмæ ма йе 'рхъуыдыйыл цин дæр кодта. Цин кодта уыцы хъуыдыйыл, цыма йæ хъæбулæн æцæгæйдæр амонды хос сардта, цыма ныр йав хъæбулæн цæрæнбонтæм дæр царды зындзинæдтæй ницыуал тас у. Сихорафонмæ æввахс Венерайы донмæ цæугæ æруыдта æмæ йæ размæ атындзыдта. Ныр æйзыдта, чызджы цæмæйты бафæдзæхса, уый. Венера йыл, цыма йæ рагæй нал федта, уый цин ныккодта. Цæуылдæрты ныхæстæ кодта йемæ, фæлæ бирæ ракæ-бакæйыл нал схæцыд. — Венера, — загъта йын, — цæмæйдæрты дæ хъуамæ бафæдзæхсон. — Цæмæй? — фарста йæ уый. — Æнхъæл дæн, уыцы адæм дæ фæрафæрс- бафæрс кæнынц, куыд цардтæн, уыдæттæй. Нæ адæмæй зæгъын. -Уымæн хъыггомау уыдысты йæ ныхæстæ. — Æмæ мæ уый тыххæй фæдзæхсын хъæуы? Æз дæуæй æвзæрæй исты зæгъдзынæн?—нæ басусæг кодта йæ хъыджы æууæлтæ.—Хорзæй дарддæр мах дæ кой никуы скодтам, абмæ никуыдæр скæндзыстæм... — Зонын æй, — фескъуыдта йын йæ ныхас; — Зонын æй, Венера, мæ хорзы кой сын кæй фæкæныс, Ды дæр æмæ Солтан дæр. Маа хорзы кой сын кæй фæкæнут, ам дæр уымæн дæн. Фæлæ ма. дæ истæмæйты куы фæр- сой, уæд сын цы радзырдтай, уымæй дарддæр мацыуал радзур. Куы йæ зоныс, цы хуызæттæ цардтæн, æмæ мæ нæ фæнды, адондæр уыдæттæ зоной, — дзырдта йын, æмæ фæхатыд, уыцы ныхæстæй йæхи чызджы цæсты раз куыд æгады бынаты авæрдта. — Матрона, уыдæттæй мæ фæдзæхсын хъæуы? — тæргайгæнæгау æм дзырдта Венера. — Нæ, нæ, дæ фæхъау фæуон, — лæгъстæгæнæгау-æм дзырдта, — мæхи дæр мын фæрафæрс-бафæрс кæ-нынц, уæлдайдæр мæ хъæбулы тыххæй. Мæ хъæбулы кой кæнын' та мын куыд зын у, уый куыннæ зоныс. Мæ хъæбулы тыххæй мыл дæ цæгаты цытæ фæмысыдысты, уыдæттæ куыд нæ фехъуыстаис, æмæ-иу дæ мæ хъæбу-лы тыххæй куы фæрсой, уæд-иу сын зæгь, уыдон, зæгъ, раджы уыдысты, æз, зæгъ, уæд гуырд дæр нав уыдтæн, æмæ, зæгь, сын ницы зонын. Егнаты азарæй кæй фе-сæфт мæ хъæбул, уый дæр-иу сын ма ской кæн. Стæй нæ хъæуы исчи Егнат хуыйны, уый дæр сын ма зæгъ, уадз, æмæ уыдæттæ ма зоной, æмæ мæ хынц, рафæрс-бафæрс ма кæной. Афтæ мæ удæн æнцондæр уыдзæн. Дæ уды низтæ бахæрон, ды мын уый куы нæ саразай. Венерайы тæригъæдгæнæджы æнгас уыд дæлдзиныг-гæнæг, фæлæ ныр уыдæттæн ницыуал нысаниуæг лæвæрдта. 21 Рацыди цалдæр къуыри, æмæ йыл уыцы къуыритæ хъиамæттаджы рæстæгау ныддаргъ сты. Бонтæ æмæ сахаттæ нæ, фæлæ, алы уысмы дæр дзæвгар рæстæг кæй ис, алы уысм дæр, афæдзау, хицæн хæйттыл кæй дих кæны, афтæ йын æнкъарын райдыдта йæ дæргъвæтиндзинад. Рæстæг ын хъиамæттаджы ивæзт кодта, йæ хъæбултæ йæ цуры куы нæ уыдысты æмæ сæ цæстæй куы нæ уыдта, уæд; рæстæг ын хъиамæттаджы ивæзт кодта, йæ хъæбултæ йæ цуры куы уьгдысты, æмæ сыл æргом цин кæнын куы нæ уæндыд, уæд дæр. Йæ хъæбулы хъæбултæм æххæсти йæ къух, уыдоныл цинтæ кæны-нæн-иу ссардта фадат æмæ яефсон, уæлдайдæр та Ал-лайы барæвдауынæн, фæлæ уый фыццаджы-фыццаг йæ хъæбулыл узæлын фæндыди. 0, куыд тынг æй фæндыди, йæ гыццыл хъæбулы, ныр уал азы фæстæ æд ус, æд зæнæг казй ссардта, уый йæ хъæбысы ныттухын, уыцы зæрдæйы уидаджы йæ риумæ балхъивын, уый удæгас уæнгтæ йæ къухы уырзтæй æрысгарын, фæлæ йæ уый фад-ат никуы фæци, никуыцæй йæм æххæст йæ къух; æмæ цас рæстæг фылдæр цыд, афтæ бонгай, сахатгай, стæй фæстагмæ уысмгай дæр æнкъарын райдыдта, дарддæр бабыхсын йæ бор кæй нæ уал бауыдзæн, иу бон йæхи кæй нæ уал бауромдзæн, йæ хъæбулы риумæ йæхи кæ баппардзæн æмæ йын æппæт дæр кæй радзурдзæн. Радзурдзæни йын æппæт дæр, æмæ уæд йæ бон ба-уыдзæн йæ хъæбулыл цинтæ кæнын, уæд йæ хъæбулыл цинтæ кæнынæй суадздзæн йæ мондæгтæ. Йæ хъæбулыл цинтæ кæнынæй суадздзæн мады зæр-дæйы мондæгтæ. Æмæ уыцы цинтимæ йæ хъæбулыл сбаддзæни æгады ном... Уыцы хъуыдытæ йæ хурхæй мардтой. Хурхæй йæ мардтой йæ риуы уырыхсныгæнæг хъæбулуарзаг мондæгтæ æмæ хъæбулы фегады тас. Хурхæй йæ мардта йæ хъæбулы бинойнаджы комдзог цæуæг цæстæнгас дæр. Домейы бинойнаг ницæмæй уал ауæрстя йæ, дызæрдыг æмбæхсыныл, хъузонау дзы йæ цæстæнгаа нæ иота, ахста йын йæ алы сныхас æмæ йæ алы фезмæлд дæр, уæгъд æй нæ уагъта йæ хынц фарстытæй, æмæ дзы йæ уд йæ хъуырмæ сси, стыхсти дзы; тыхсгæ нæ, фæлæ йын йæ фендæй дæр тæрсый райдыдта. Фыдгæнæг комдзогцæуæгæй куыд фæтæрсы, афтæ тарсти йæ хъæбулы бинойнагæй, æмæ-иу сæ 'рбацæуыны рæстæджы куывта, лæгъстæ кодта хуыцаумæ, цæмæй иннæтимæ Домейы бинойнаг ма æрбацæуа. Фæлæ уыдон, цыма, халыл конд уыдысты, уыйау æнæ кæрæдзи нæ цыдысты. Æмæ та-иу уæд йæ хъуыдымæ æрцыди мæлæты кой. Уыцы хъуыдыйæ рæвдыдта йæ уды, мæлæты койæ-иу æрсабыр. сты йе знæт хъуыдытæ, æмæ архайдта йæ ирвагзынгæнæг фæрæзы æууæлтыл бæстон ныхъхъуыды кæ- нын; мæлæт æм касти сабийы хуызæн æцæгæлон, хъæды хъомыл сабийы хуызæн,. адæмы уындæл йæхи чи хизы, æррæвдауын кæй хъæуы, цæмæй дыл æрæууæнда, æмæ дын суа коммæгæс, æрмахуыр. Йæ уды тыхст рæстæджы йæхи рæвдыдта мæлæты койæ. Фæлæ йæ зыдта, уый нырма æрцæуинаг хабар кæй у, уыцы хабар цалынмæ æрцæуа, уæдмæ ма цæргæ кæй кæны, æмæ цæргæ цы хæдзары кæны, уым та йын цæ-рыны фæрæз кæй нæ уал ис. Афтæ тагъд баппара йæхи мæлæты хъæбысмæ, уый дæр æй нæ фæндыди: уал азы дæргъы цух цы хъæбулы уындæй аззад, уымæй афтæ æвиппайды баиргъæва йæхи, уый йæ зæрдæ нæ тардта, мады уарзæгой зæрдæ йын уый бартæ нæ лæвæрдта. Æмæ хъуыды кодта, кæдæм фæхæсса йæ сæр, ууыл. Кæдæм хъуамæ фæхæсса йæ сæр, кæм хъуамæ ссара ахæм бынат, æмæ йæ хъæбулы иу ауындмæ йæхи кæцæй ма раппара? Æппæт уыдæттæй хатыд.ирвæзынгæнæг ныфсæй цы æрцæуинаг хабармæ æнхъæлмæ кæсы, ууыл батагъд кæнын кæй хъæуы.. Фæлæ мады зæрдæ д-æр мады зæрдæ у, æмæ мады зæрдæ домдта йæхиуæттæ—йæ хъæбулы цинæй ацæрын; йæ хъæбулы цинæй ацæра, уæдта ма.-чысыл рæстæг, нымад бонтæ, нымад сахаттæ, ны-мад уысмтæ. .Йæ фадæттгæ йæ се 'ппæт дæр æркодтой уымæ, цæ-мæй батагъд, кодтаид, царды ма йын аразинаг цы иу-нæг хъуыддаг баззад, ууыл. Йæхи ахосæй хъуыддæгтæ афтæ ныззылдысты, æмæ ма йæ хъæбулы хæдзары йæ хъæбулæн йæхи æцæгæлонæй æвдисынхъом цы уысмы онг суыдаид, уæдмач дæр ын нал уыд фæцæрæн йæ хъæбулы хæдзары: Доме ницыма хатыд, фæлæ йæ бинойнаг æмæ йæ фыды æхсæн ныхæстæ кæйрауад, æмæ йын йæ вяы рныхасмæ дæр сæ хъус кæй дардтой, уый дæр æй тагъд кæнын кодта. Йæ аразинаг хъуыддагыл. Тагъд кæ-нын та йæ нæ фæндыд: нæ йæ фæндыд, йæ хъæбулæй йæхи афтæ тагъд атона, йæ хъæбулы уындæй ма бафсæда... Рæстæг ын и хъиамæттаджы ивæзт кодта, афтæмæй рацыд цалдæр къуырийы. Иу изæр, нæма не 'рталынг, афтæ сæм фæзынд Венера. Чызрæн уыдис тарст хуыз, æмæ доны зылдысты йæ цæстытæ. Йæ зæронд моимæ фæтарстысты чызджы мæрдджын æнгасæй. — Цы кодтам, Венера,—фарста йæ, æмæ йæ зæрдæ алырдæмты ахъеллæуттæ кодта. — Зауыр фæзиан,—скуыдта Венера. —Уæ сау туг куыд ныууарыд йæ мæгуыр мады сæ-рыл,—скуыдта уый дæр,—уæ цæй сау хæдзар баци йæ мæгуыр мады сæр фæззæджы къæсæрыл. Йæ зæронд мой сæм касти дыгъуырццæгæй. — Нæ хъæуккаг лæппу уыд, — иæ цæссыгтæ сæрфгæ йын бамбарын кодта Венера, — Уырысы кусынмæ уыд, æмæ, дам, доны бахауд, Йæ зæронд мойы цур кæйдæр мардыл схъарæр кæнын нæ бауæндыд, æмæ куыдта хæкъуырццгæнгæ. Йæ рыст зæрдæйæн фадат фæци йæхи цæйсыгтæй ныллæма-рынæн, æмæ нал урæдта йæ цæссыгтæ. — Кэед дам æй æвæрынц?—бафарста чызджы æп-пынфæстаг. — Иннæбон. Хуыцаубоны, — загъта йын Венера. — Цæудзынæ ды дæр? Уый йæ зæронд моймæ бакаст, фæлæ лæг ницы загъта, йæ р.азмæ сау зæхмæ каст. —Мах Солтанимæ сом цæудзыстæм,—загъта та Венера, — иннæбон ацыдаиккам, фæлæ афоныл куы нæ уал бахæццæ уæм. Автобусыл рахиз- бахизыл рæстæг бахъæуы, æмæ ныффæстиат кæндзыстæм. —Цæудзынæн,- уæдæ цы кæндзынæц?—цыдæр хъуыды фестъæлфыд йæ сæры, æмæ батагъд кодта дзурыныл, — æз дæр сом уемæ ацæудзынæн... —Дыккаг бон йæхи сцæттæ кодта, æмæ цæуыны æввонг уыд, афтаг фæзындысты Домеитæ дæр. Хабар куы базыдтой, уæд бахъыг кодтой. — Райсом раджы ацæудзыстæм, — загъта йын Доме,—мæн дæр мæхи равдисын хъæуы уæ хъæубæеты раз. — Нæ, нæ, — батыхсти уый, — мæхæдæг ацæудзынæн. Солтан æмæ Венера дæр цæуынц. Ды ма цæмæн дæхи тыхсын кæныс? Домейæн хъыг уыдысты йæ ныхæстæ. — Дæ зиан мах зиан дæр у, æмæ мах нæхи бамбæх-сæм? Домейы бинойнаг дæр бацин кодта йæ лæджы ны-хæстыл. — Æз дæр ацæудзынæн срм уемæ.. Дæ хъæубæстæй худинаг; у. Афгæ зæгъдзысты, нæ йæ хъуйды кæнынц. Домейы бинойнаг дæр кæй дæудзæн, уый йæ ноджы фартæрсын кодта. — Солтан æмæ Венера дæр. цæуынц. Семæ бадзырдтон; æмæ худинаг у, — афæлвæрдта æфсон ссарыныл. — Ницы кæны, уыдонæн дæр зæгъдзынæн, æмæ соммæ æрлæудзысты. СæхицÆн дæр хуыздæр у...Нэе фæ-фыдæбон кæндзысты. Машинæйы сбаддзыстæм, æмæ ма раджы уыдзæн, афтæуым уыдзыстæм. Ницыуал сдзурын сæм баци йæ бон. Зыдта йæ, Домейы бинойнагæн йæ цыды сæр цы у, уый, фæлæ исты æфсон ссарын йæ къухы дал бафтыд, æадæ æнæбары семæ сразы.

ФÆНДЗÆМ ХАЙ

1 Аходæнафонтæй ахызт, афтæ схæццæ сты Саджил рагъмæ. Сæ машинæ Къолатæй æддæдзæф баурæдтой, æмæ рахызтыоты. Адæм æмызмæлд кодтой зиандæунты кæрты, æмæ хæдзары алфæмблайы дæр. Ахæм афон мæрддзыгой сылгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ уый дæр йæ цæст адæмыл нæ ахаста, фæлæ æхсгæ цæстæнгасæй дæр æруыдта, утæппæт адæмæн ын сæ фылдæр зонгæ кæй сты, æмæ ныр се 'нгас уыдонæрдæм кæй раздæхтой—машинæджын мæрддзыгойтæм — ома чи сты? Ныр ма йын æхсызгон дæр уыд, Домеитæ семæ кæй рацыдысты: уадз, хъæубæстæ дæр æмæ комбæстæ дæр фенæд, уый дæр бинонты хицау кæй у, æмæ йæ искуыдæмты къахæй цæуын дæр кæй нæ уадзынц. Доме æмæ Солтан мидæмæ нæ цыдысты. Зианджын-ты къухтæ райстой, ратæфæрфæс сын кодтой, æмæ лæгты цур æрлæууыдысты. Йæхæдæг, Домейы бинойнаг 'æмæ Венерайы разæй фæцæуæг хæдзармæ. Мæрддзыгой миййаг фыццаг хатт нæ уыд, .фæлæ ацы хатт йæ чындэ йæ фæстæ йæй цæуы, чындзы хицау кæй у, уый йæ зæрдыл дардта. Асинты онг дæр нæма бахæццæ сты, афтæ Венера скуыдта, скуыдта хъæрæй, дзыназгæ куыдæй, æмæ уый дæр йæхи нал баурæдта. Мæрддзыгойтæ сын фæндаг лæвæрдтой, мард цы хатæны уыд, уырдæм бахизынæн, æмæ дзыназгæ бахызтысты мидæмæ. Фыццаджы-фыццаг йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уый уыд марды чырын: мæрдджынты раз, сæ судзаггаг марды бæсты, хъæдын табæты æвæрд уыд зесты чырын, æмырæхгæдæй. Æвæццæгæн, зиан æрæгмæ сæмбæлд йæ хæдзарыл, æмæ зестын чырын гом кæнын нал бауагътой. Марды нывæрзæн чысыл фынгыл лæууыд зианы хуызист, æмæ йæ былты гæзæмæ фезмæлдæй, йæ мидбылты цæуы-лдæр худт, цыма мæрдджынты мæстæй мардта; утæппæт мæрддзыгойгы астæу йæ мид- былхудт уыд æртхъцрæны хуызæн. Зианджынтæ сæ марды мæрдонхуыз дæр кагй- нæ уал федтой, уый йьæ йæ зæрдæ ноджы бацагайдта, æмæ та ныдздзынæзта. Хъарæг кодта, æмæ- адæмы^цйестæнгас здæхта зианы мады 'рдæм. Уæ, Зауыр! Уæ, цæмæн нæм арвыстай хъæргæнæг, дæ нывонд фæуон? Æви рæджиау дæ мады коммæ бакастæ, æмæ нын чындзæхсайв скодтай? Уæ, уæд сау бада дæ мады мæгуыр сæр, Кæд ын ды йæ кæрты чындзæхсæв нал скæнай, Æмæ нæ чындзæхсæвма нал æрхонай. Уæ, цы сайд фæкодтай дæ мæгуыр ныййарджыты! Уыдон дæм хъæбултæм куы æнхъæлмæ кастысты, Æмæ сæ ды дæхицæй дæр æнæхъæбул куы фæкодтай. Уæ, цы мæгуыр у дæ мæгуыр мады уд, Уый дын фæ фендыл хъæцынхъом- дæр куы нæ уыди. Æмæ йын ды дæ мæрдонхуыз дæр куы нæ уал равдыстай. Уæ, цы мæгуыры бон вæййы уыцы мадыл, Йæ хъулон хъæбул йæ хæдзарыл кæмæн нал сæмбæлы, «Уæ джидæджи» кæмæ нал бадзуры. Уæ, цы мæгуыр у уыцы мад! йæ хъулон хъæбул кæй нæ уал базоны, Æмæ йæ хъулон хъæбулы чи нæ уал базоны. Уæ, цы мæгуыр вæййы, уыцы мад, Хъулон хъæбулы хицау чи вæййы, Æмæ. йæ хъулон хъæбулы уындæй тæрсын чи райдайы. ДæуыЛ| хъæцынхъом дæр чи нæ уыди, Дæ уындæй ныфсджын цы мæгуыр мад уыди, Уый дын нырæй фæстæмæ дæ уындæй тæрсгæ куы кæндзæни. Йæ алыварс устытæ гъе-гъе-кæнгæ куыдтой, марой кодтой йæ хъарæгмæ, æмæ уымæй дарддæр дзурын йæ бон нал уыди, йæ хъуыр æхгæдта, æмæ куы ферхæца, уый тасæй уый дæр иуварс алэдууыд, æмæ ахызт судзаг гаджы куыдмæ. Цæстæнгасæй ацагуырдта Домеиы би-нойнаджы. Уый лæууыд йæ цуры, æмæ уымæн дæр йæ фæлурс уадултыл лæдæрстысты йæ цæссыгтæ. Хæдзар йемыдзаг уыди сылгоймæгтæй, æмæ утæппæт сылгой- мæгтæ се 'ппæт дæр згъæлстой ставд цæстысыгтæ. Диссаг уыди, уыцй цæссыгкалдæй хæдзары. астæрдыл цæд-тæ кæй нæ бадт, уый. «Æвæццæгæн, сылгоймаг фыл-дæр цæстысыгты дон у, —Хъуыды кодта йæхинымæр, — фæлæ æддæмйе нæ зыны, нæ цæст æй не 'взары. Æмæ æддæмæ куыд нæ зынынц, афтæ нал разынынц, нæ цæс-тытæй куы фемæхсынц, уæд дæр». 2 Утæппæт мароигæнæг æмæ ставд цæссыг згъалæг мæрддзыгойты æхсæн афтæ зынд, цыма ацы судзаггаджы зиан æппæты æнцондæрæй уромы йæ мад. йæ мад, Аби-ан, мæллæг æмæ æргъæвстгомау ус, нæ дæр ставд цæс- сыг калдта, нæ дæр иннæ устытау куыдта хъæрæй, гъе-гъе кæнгæ. Йæ цæсгрмыл, цæссыджы фæдтау, бæрæгæй зындысты йæ нуæрттæ; æвæццæгæн, йæ бон дзыназын дæр нал уыд, фæлæ устыты маройæ алкæмæ дæр хъæрдæрæй хъуыст йæ зынулæфт. Йæ цæстытæ уыдысты афтæ лакъонхуыз, афтæ фæлмбадт, цыма сæ цард цæрæнбонтæм æрмынæг. Фæлæ хъарæджы ныхæстæ куы фæхъус сты, устыты æнæныха»; куыдæй дарддæр цъус рæстæджы дæргъы куы никæй уал ныхас æрыхъуыста, уæд уыцы фæлмбадт цæстытæ æнæнхъæлæджы базмæлыдысты, ауæрæх сты, æмæ сыл разынд æвирхъау тасы бæрджытæ; цыма йын мæрддзыгой адæм йæ удæгас хъæбулу кодтой фыдæл гъыст, цыма йæ удæгас хъæбул атæппæт адæмы раз цыдæр стыр фыдракæнд сарæзта, æмæ йæ сæ азарæй бахизынмæ хъавы, уыйау йæхи байвæзта йæ хъæбулы табæтмæ, йæ цæнгтæ æмæ йæ риу цасыл æххæссыдысты, уый бæрц йæ хъæбысы ныттыхта йæ хъæбулы мардьг чырын, æмæ адæммæ тæригъæддаджы цæстытæ сзилгæ, скуыдта фæсус æмæ хыр-хыргæнæг хъæлæсæй: Уæ, цы уын кодтон, мæнæ адæм, зæгъут ма йæ? Цæмæн мын кæут мæ зæрдæдарæныл, Мæ усгур лæппуйыл, Уæ, гормон фæуат, мæнæ хорз адæм, Кæд мын мæ хъæбулыл хъарджытæ кæнын Уæ цæст та куыд бауарзта. Мæнæн мæ хъæбул Уырысмæ куы фæцыди Æхцатæ кусынмæ. Уалдзæджы мын ус курынмæ куы хъавы, Чындзæхсæв куы кæндзæни. Уæ, уæд дын чындзæхсæв кæнын мауал бантыса, мæ мæгуыр хъæбул, мæ тæригъæдæй. Кæд дын æз дæ чындзæхсæв цæстæй дæр нал фенон! Уæ, уæд дын чындзæхсæв кæнын мауал бантыса, мæ мæгуыр хъæбул, Дæ усмы бæсты. Кæд дæуæн уым ничиуал бакома. Уæ, мæ мæгуыр хъæбул, мæ зæрдæдарæн, Ныр дæ уымы бæсты абнæцыд чызджытæ дæр сæхи куыхиздзысты. Афтæ дын зæгъдзысты: Уæлæуыл æнæсæрæнæй чи цыди, иу чызг кæуыл нæ баввæрсыд, Ууыл мах куыд хъуамæ баввæрсæм. Йæ хъæбулы æхгæд табæтыл ныддæлгом Абиан, æмæ, маройгæнгæ, йе 'нгуылдзтæ хаста табæты фæрстыл; дзынæзта йæ хъæбулы мардыл, йæ æнгуылдзтæ та табæтыл афтæ узæлгæ хаста, цыма йæ удæгас, хъомыл хъæбул йæхиуыл æргом цинтæ кæнын нал уагъта, æмæ йын, ныр фадат фæци йæ хъæбулы удæгас буарыл уырзтæй баузæлынæн. Йæ чызджытæ бадтысты йæ цуры, æмæ дзынæзтой се 'фсымæры мардыл; дзынæзтой се 'фсыææры мардыл æмæ сæ мады тæригъæдæй; сæ тæригъæддаг цæстæнгасæй сйе фæндыди сæ мады рыст чысыл истæмæй фæрог кæнын, фæлæ сæ бон нæ уыд, æмæ сæ æдых æнкъаргæ, куыдтой сæ тæригъæддаджы куыдæй, æмæ уыцы куыдæй ноджы схъаудтой сæ мæгуыр мады рæс. Устытæй чидæртæ, семæ Егнаты идæдз дæр, афæлвæрдтой Абианы æрсабыр кæнын, скъуынæгау æй кодтой йæ хъæбулы табæтæй. — Дæхи фæуром, — бабустæ йыл кодта Егнату идæдз.— дæ чызджытæн уæддæр фæтæригъæд кæн. Æмæ уæд Абиан фæуагъта йæ хъæбулы табæтыл йæ æнтгуылдзтæ хæссын, фестъæлфыд, цыма табæтмæ æндæхтæй хуыд уыд, уыйау дзы зынæй йæхи ратыдта, бакаст йæ чызджытæм, æруыдта сын сæ тæригъæддаг цæстæнгас, æмæ йе уæнгтæ базмæлыдысты æнахуыр змæлдæй. Ныр йæ хуыз нал уыд тæригъæддаджы хуызæн, фæлæ тæссаг, хылгæнæджы æнгас. Нæ лæууын, нæ, Зара! Афтæ уын куы загътон, Мæ хъæбулы мын куы фенын кæнат, уæд æрсабыр уыдзынæн. Æмæ ма мын мæ хъæбулы фенын кæнут, мæ хъæбулы, Æмæ уæд æрсабыр уыдзынæн. Сымах мын мæ уæлтæрхæг кæйдæр æрæвæрдтат, Ай мæ хъæбул нæу, æндæр чидæр у, Ай чидæр куы у, æнæзонгæ чидæр, Уæд мын æй куыд хонут мæ фидыцы хъæбул, Фенын мын кæнут мæ хъæбулы, Æмæ, уæд-Зауыр амæла, Æз ма иу хъыпп-сыпп дæр куы скæнон. Хъарæг кæнын дæр йæ бон нал уыд, йæ улæфт ын скъуыдта йæ удрæбынтæй окауæг хæкъуырцц, æмæ хъарæг кодта æрхæцгæ хъæлæсæй. Ныхæстæй йæ кæй нæ æрсабыр кæндзысты, уый устытæ бамбæрстой, æмæ йæ хо, йæхи хуызæн мæллæггомау ус, хуыздæр амал не ссаргæ, бадзынæзта: Бауадзут-ма йæ, мæнæ хорз адæм, бауадзут, Уадз æмæ йæ кæуинаг хъæбулыл йæ зæрдæйы тыппыртæ кæуынæй уæддæр суадза. Уæ, мæнæ хорз адæм, уæ нывонд фæуа мæ мæгуыр сæр, йæ хъулон хъæбулы номæй сомы кæнын дæр цы мæгуыр мад нæ фæуæнды, Уый-иу сау боц атæппæт адæммæ куы фæдзуры, Уый-иу сау бон атæппæт, адæмы куы æрхоны, Цæмæй йын атæппæт адæм йæ хъæбулыл фæкæуой, Уæд куыннæ кæудзæни уыцы мæгуыр мад. Уæ, йæ хъæбулы тяххæй кæуынмæ адæммæ чи фæдзуры, Уыцы мæгуыр мадæн та ма кæуынæй дарддæр цы йæ бон вæййы. Хъарæг кодта ивазгæ хъæлæсæй, æмæ йæ хъарæджы фæстæ йæ хомæ бадзырдта: — Аку, мæ мæгуыр, хо, дæ нывонд фæуон, фæлæ дæм цы адæм æрцыд, уыдонæй дæр æфсæрмы хъæуы. 3 Мæрддзыгой адæм цыдысты æмæ цыдысты. Хæдзары базмæлæн нал уыди, æмæиу хæдзары цы устытæ лæууыдысты, уыдон, ног мæрддзыгойтæн бар раттыны тыххæй, ахызтысты æддæмæ, тыргъмæ. Домейы бинойнагæн цæстæнгасæ бамбарын кодта, æмæ уыдон дæр ахызтысты тыргъмæ. Тыргъ дæр йемыдзаг уыди устытæй. Утæппæт адæмæн сæ фылдæр йæ зонгæтæ уыдысты; йæ зонгæтæн сæ фылдæрæн зындгонд уыди, кæдæмдæр цæрынмæ кæй фæцыд, æмæ йын йæ уындыл бацин кодтой. Уæлдайдæр та хъæубæсты устытæ. Цыма сæм арвы кæронæй æрхаудта, уыйау ыл тыхстытæ кодтой, æмæ йæ фарстой йæ царды хабæрттæй. Йæ зæрдæ рæсыд уыд зианы хъыгæй, фæлæ йыл хъæубæстæ афтæ кæй бацин кодтой, уымæй йæ зæрдæ барухс, йæхæдæг дæр сыл цийтæ кодта,. æмæ фæхатыд: цард æрмæст бинонтæй нæ, фæлæ ма æндæр цæйдæрты тыххæй дæр вæййы адджын. Тыргъæй йæм сæ уæзæджы æвæрдæй цы сæппæлтæ зынд, уыдон ын рæвдыдтой йæ цæстæнгас, уидон уындæй йе уæнгты æнхъæвзтой хъарм туджы лæсæнтæ, æмæ кæд мæрддзыгой ссыд йæ хъæумæ, уæддæр йæ, бон нæ уыд, æмæ йæ уæзæджы уындæй йæ риуы цы æхсызгондзинады тæлмæнтæ æвзæрд, уыдон йæ риуæй асура. Стæй сын сурæн дæр нæ уыд. Уыдæттыл хъуыдыгæнгæ йæ зæрдыл æрлæууыд, ныр йæ хъæбул дæр ам, йæ фыды уæзæгыл кæй ис, æмæ сæм йæ зæрдæ ахсайдта. Цæстæнгасæй ацагуырдта Домейы бинойнаджы. Хъæубæстæ æмæ йыл зонгæтæ цин-тæ кæнынмæ куы фесты, уæд дзы Домейы бинойнаг байрох, æмæ уый, æнæзонгæ адæмы 'хсæн, æцæгæлонæй, цыма сидзæр æмæ æнæхицау уыди, уыйау иунæгæй аз-зад; æвæццæгæн, æнæзонгæ адæмы 'хсæн йæхи цы фæкæна, уый нал зыдта, æмæ иуварсæй дæлдзиныгхуызæй касти уыйæрдæм. Йе 'нæрхъуыды мимæ йæхимидæг ба-мæстджын, æмæ бацыд йæ цурмæ. Йæ разы фæных къуырд, æмæ йæ фæндыд, дзыхы ныхасгей йæ куы ба-рæвдауид, фæлæ ахæм ныхæстæ не ссардта. —Кæд нæ ныффæладтæ, дæ нывонд фæуон?— фарста йæ азымджын хъæлæсæй. —Нæ,—загъта уый. — Мæрдджын адæмы 'хсæн æнæзонгæ адæймаг кæй сдыгъуырццæг вæййы, æмæ уыцы дыгъуырццæгæй мæрд-джынтæй йæхи мæрдджындæрхуыз куыд февдисы, ахæм æууæлтæ зынд Домейы винойнаджы æнгасыл дæр. Бæргæ йæ фæндыди, устытæн æй куы базонгæ кæнид, устытæн дзы истæмæйты куы раппæлид, фæлæ сын æй цы æфсонæй базонгæ кæна, чи йын у, уый еын куыд, рахона, уый нæ зыдта; йæ чындз æй рахона, уый йæ цæсгом нæ хъæцыд Домеиы бннойнагæй, стæй устытæй дæр — афтæ йын куы зæгъой, ома кæд счындзы хицау дæ зæрыбонты; йæ зæронд мойы чырдз æй рахона, уымæй та æфсæрмы кодта. Æмæ та цыдæр дæлдзиныг ран банкъардта йæхи Домейы бинойнаджы раз дæр, æмæ хъæубæсты раз.дæр. Æххуысмæ йæм фæзынд Натъа. Æвæццæгæн истЫтæ архайдта, æмæ йын афтæмæй загътой, ома дæ чызг æмæ де сиахс Матронаитимæ æр-бацыдысты—тыргъмæ куы схызт, уæд сæ цæстæнгасæй ацагуырдта, æмæ йæ куы ауыдта, уæд æм ратындзыд-та. —Æмæ бон бакæла, Матрона,—йæ цæссыгтæ акалдысты Натъайæн, æмæ йæ цыма цалдæр азы нал федта, уыйау йе 'фцæджы атыхст,—ахæм судзаггаджы хабар фехъусын æнхъæл та нæ кæцæй уыдтæ. Натъа йæ цæстытæ йæ дысæй асæрфта, æмæ Домейы бинойнагыл йæ цæст æрхаста. —Ай Домейы бинойнаг кæд нæу?—бафарста йæ ныллæ хъæлæсæй. — Гъо, — загьта йын, æмæ йæм хойы зæрдæ бадардта. — Уæ, дæ нывонд фæуон, — йæхи бакъултæ кодта Натъа, æмæ райста Домейы бинойнаджы къух, — æмæ дын дæ хъæбулты цинты фæфидæм ацы лæггад. Куыд нæ йын уыд æхсызгон Натъайы æрхъуыды! Æмæ йæ бафæндыд, дзыхы ныхасæй йæ уæддæр куы барæвдауид. — Венерайы мад у, — бацамыдта йæ Домейц бинойнагæн. Æндæр та ницы рæвдыд ныхас ссардта, Натъамæ цы хъарм зæрдæ бадардта, уый равдисынæн. Натъа æмæ Домейы бинойнаг кæрæдзийыл бацин кодтой. Уæдæй нырмæ, æвæццæгæн; иннæ устытæ дæр хатыдысты, Домейы бинойнаг чи у, уый, æмæ ныр баз-. мæлыдысты, сдзырдтой йæм, йæ къух ын истой, арфæтæ йын кодтрй йе 'рхъуыдыйы тыххæй, æмæ Домейы бинойнаг дæр барухсдзæсгом, сдзурыны бон æй фæци, æмæ семæ цæуылдæрты ныхæстæ кодта. Уæдмæ сæм æрбауад Венера дæр. Чызг уыд кæуынвæллад, æмæ чызджы уындæй се "ппæт дæр фæхъус сты. Цыма ныхæстæ куы кодтой, уыцы чысыл рæстæджыы сæм марды уæлхъусæй. хъуысæг судааггаг хъарæджы ныхæстæ нал хъуыстысты, уыйау сæ дэурицæгтыл фесты, ныхæсты рæстæджы сæ айрохи зиан. Венерайы кæуынвæллад цæсгомы хуызæй сæ ныхæстæ фескъуыдысты, æрыхъуыстой та иннæ мæрддзыгойты марой, æмæ æвиппайды сæ æвæлмаст æнгас айсæфт, сæ зæрдæты та базмæлыд, сæ цæстытæй сын æнæвгъау цæссыгтæ чи згьалын кæны, уыцы дудгæ рисс. 4 Йæ хъæубæсты рæвдыдæй йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, æмæ йæ бафæндыд, йæ хæдзар дæр куы абæрæг кæнид, йæ хæдзары къуымтыл дæр йæ цæст куы ахæссид. Домейы биноинаджы Натъа æмæ Венерайы æвджид фæуагъта — зыдта йæ, уыдон æй иунæгæй нæ ныууадздзысты; зыдта йæ, йе 'взæры кой дæр ын нырма кæй нæ ра-кæндзысты, æмæ хæдзармæ рацыд. Цалынмæ йæ хæ-дзармæ хæццæ кодта, уæдмæ дзæвгар афæстиат уынджы — хъæубæстæй æмæ йæ зонгæтæй чи нæмй 'федта, уыдонимæ. Йæ хæдзары размæ хъæубæсты сывæллæттæй чидæртæ лæууыд, æмæ йæ куы федтой, уæд ыл сæхи бакъултæ кодтой. Сывæллæтты уыйдæй та йæ зæрдæ хурварс абадт, æмæ йæхимæ фæхæрам — сывæллæттæ уæддæр сывæллæттæ сты, æмæ сын исты рæвдауинæгтæ йемæ куыд нæ райста. . Йæ хæдзары дуар куы бакодта, æмæ мидæмæ куы бахызт, уæд ын хатæнты уазал смаг йæ зæрдæ сæлхъывта, йæ къуымтæ йæм фæкастысты хасты хуызæн: цыма йын иæ къуымтæ чидæр фæкъахта, хæссынæн бæзгæ дзы цы уыд, уыдон фæхаста, æмæ иннæты та пырхытæй ныууагъта, ахæм хуыз лæвæрдтой. Цæрæнбонты йæ къуымты æвæрдыл йæ цæст ахуыр куыд уыд, афтæмæй сæ нал уыдта: уый размæ куы лыгъд, уæд сæ сызмæста, дзаумæттæй кæй йемæ аласта, кæй ам ныууагъта: ам кæй ныууагъта, уыдон дæр къуымты бæстытæ æмæ тыхтæттæй лæууыдысты, æмæ йын сæ уынд йæ зæрдыл лæуын кодта, ам цæрынмæ кæй ничиуал хъавы. — Оу, мæнæ хуыцауæн дзуринаг диссаг! — хъуыды кодта йæхинымæр. — Ацы хæдзары цæрынмæ ничиуал хъавы? Йæ хъæубæсты рæвдыд ныхæстæй, йæ уæзæджы цинæй æмæ йæ къухты тыхæй уард папитæй йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, æмæ та йæ бафæндыд цæрын: йе 'нæбары муртæ, алы мисхалыл дæр йæ цæнгты тых кæуыл бахардз, уыдон уынд йæ удæн афтæ адджын уыд, æмæ цыма удæгас удтæ уыдысты, сывæллæтты хъомыл сæ фæкодта, æмæ æнæ уый сидзæрæй баззайдзырты, афтæ тæригъæд æм фæкаст, йæ муртæ æнæ хицауæй куы баз-зайой, уый. Йæ зæрдæ бауынгæг, æмæ йе змæт къуымтæм кæсын йæ бон нал баци. «Уыдон та цавæр митæ сты, — хæцыди йæхи-мæ, — ам цæрынмæ ничиуал хъавы? Хъæбулты хицау куы дæ, еемæ дæ хъæбулты ныртæккæ ардæм куы хъæ-уы, уæд сæ ацы змæст къуымтæм æрбакæнинаг дæ? Ацы змæст хæдзары дæ бадгæ куы æрбаййафой, уæд дæ афтæ нæ бафæрсдзысты: алæма, Матрона, дæ хъæбулты хъомыл кæнынæй дæхи куы бахызтай, уæд дæ уымæ дæр нал равдæлд, æмæ дæ хæдзæрттæ бафснайдтаис? Æви афтæ æнхъæл уыдтæ, æмæ дæ хъæбултæ дæ хæдза-ры къæсæрæй нал æрбахиздзысты? Æви афтæ æнхъæл уыдтæ, æмæ дæ хъæбулæн йæ фыды хæдзары хай нал ис? Æмæ дзы уæдæ кæмæн ис хай? Кæд м.æ хъæбулы нæу ацы хæдзар, кæд мæ хъæбулæн не 'мбырд кодтон ацы муртæ, уæл, мæ уæдæ кæмарн бахъуыдысты?» Тагъд-тагъд æфснайдта хæдзар, æмæ йæхинымæр йæхиуыл йæ пырх калдта: «Нæ, нæ, зæгъ æй, Матрона, мæ хъæбулæй дард-дæр ма ацы хæдзары муртæм чи цы бар дары? Чи йын цы бар дары йæ фыды хæдзармæ? — хъуыр-хъуыр кодта, йæхиуыл, æмæ архайдта, дзаумæттæй ма цы аззад, уыдон, йæ цæст сыл куыд сахуыр, афтæ æрæвæрыныл. Ни-чи йын ницй бар дары йæ фыды хæдзармæ. Ды йын дæ-хæдæг дæр ницы бар дарыс йæ фыды хæдзармæ. Кæд мæрдтæм цæуыс, уæддæр ацу, æмæ дæ хуыцау фæндаджы сæрдæнтæ фæкæнæд, фæлæ йын йæ фыды хæдзармæ ма агай. Йæ фыд дæр ам царди, йæ фыды фыд дæр, æмæ уыдон 'фыдæлтæ дæр. Æмæ йæхæдæг дæр ам хъуа-мæ цæра. Йæхæдæг дæр хъуамæ зона йæ фыды хæдзар, æмæ дзы цæра. Ды, Матрона, фæсмонтонд фæуай, цæ-рæнбонты æрмæст дæхи уды кой кæныс, ацы хæдзарæн та фарн ис, фыдæлты фарн, дæ фарнæй фæрнджын нæу, æмæ мæ хъæбул хъуамæ йæ фыды хæдзары фарнæй фарнджын уа.» Йæ хæдзар æфснайдта, æмæ загъд кодта йæхиимæ. Загъд кодта йæхиимæ, æмæ нырыонг Домейæ йæхи æхсæн цы цæлхдуртæ уыдта, уыдон æм мæнгæфсон фæкас тысты. «Цæмæннæ хъуамæ цæра мæ хъæбул йæ фыды хæдзары? — фарста йæхи, — цæмæннæ хъуамæ цæра йæ хъæубæстимæ? йæ хъæубæсты æхсæн ма йын цæй знаг ис, знаджы хъæбул амæла. Иу знаг ын уыдис — Егнат, æмæ амард. Æцдæр ма йын цæй знаг ис? Стæй ма Егнат удæгас, куы уаид; уæддæр дзы цæмæй хъуамæ тæр-са? Тас ын дзы, гыццыл ма куы уыд, уæд уыди. Ныр та? Цæмæй хъуамæ тæрса уæйыджы хуызæн лæппу Егнаты хуызæттæй? Цы хъомыл ын у? Ницы! Æмæ уый дæр мард- куы у, уæд ма йын цæй знаг ис йæ фыды уæзæ-гыл?» Йæ хæдзары муртæ бæстæттæ кодта, фæндыди йæ тагъд кæнын, фæлæ йын æнтьгсгæ уый бæрц ницы кодта алы чысыл дзаума дæр-иу, - йæ бынаты æрæвæры-яы размæ, йæ къухты иудзæвгар афæстиат, алы чысыл дзаумайы дæр æй фæндыд йæ къухты хъармæй схъарм кæнын: узæлыди сыл, цыма йын удæгас адæймæгтæ уыдысты, цыма йæ дзыхы комдзæгтæй кæй фæхъомыл кодта, уыцы сывæллæттæ уыдысты, æмæ сæ чысыл рæтæджы дæргъы æнæ хицауæй фæуагьта. Зыдта æмæ æнкъардта: алы чысыл мурыл дæр дзы йæ цæнгты тых бахардз, фыдæбон ыл фæкодта. Æмæ сæ уындæй йæ зæрдад стъæлфыд, цин сыл кодта, узæлыди сыл, æмæ йæ хъуыды ахста, бирæ азты дæргъы бынтон дзæгъæлы кæй нæ фæцард, цыдæртæ кæй сарæзта, цыдæртæ кæй æртымбыл кодта; цыдæртæ—хæдзар хæдзары хуызæн цæмæйты вæййы, уыдæттæ. йæ къухы фæллæйттæ йын мысын кодтой йæ царды бонты, æмæ дзы мæлæты кой байрох. Йæ хæдзары уындæй йын цард садджын; цард ын садджын, цы уæ-зæгыл фæцард, æмæ цы хъæубэесты æхсæн, уыдон уындæй дæр. Æмæ йæ æрфæндыд, æппæт уыдæттæ йæ хъæ-бул дæр куы базонид, æппæт уыдæттыл йæ.хъæбул дæр куы бацин кæнид. Æрфæндыд æй, йæ хъæбул дæр куы базонид йæ фыды уæзæг. Йæ хæдзар куы бафснайдта, уæд дуар гуыдырæй сыхгæнын йæ цæст нал бауарзта. Нал æй бафæндыд, йæ хъæбул йæ фыды хæдзары гуыдырæвæрдæй фена. Ныр æй уырнын райдыдта, йæ хъæбул йæ фыды хæдзармæ æнæмæнгæй кæй бахиздзæни. фæстæмæ зианджынтæм куы æрбаздæхт, уæд ацагуырдта йæ хъæбулы, æмæ йæ хъæбулы бинойнаджы. Ныр æй фæндыди, йæ хъæбул исты хуызты куы бам-барид, йæ фыды уæзæгыл кæй йс, æмæ уый та йæ мад кæйу— йæ ныййарæг мад. Йæ уæзæгмæ цы хъуыдыимæ æрбаздæхт, уый фæсвæд авæйрдта. Рох дзы нæ фæци, фæлæ йæ фæуагъта рохы бкматы; нал æй фæндыд, йæ хъæбул æЙ ма базона, йæ хтэæбулæн йæхи ма схъæр кæна, афтæмæй ацæуа а-дунейæ. йæ хъæбул æй куы базона, уæд Йæ мады æга-дайй уыб дæр æгад кæй уыдэæй, уымæй дæр стыр ныса-ниуæг нал лæвæрдта. Стæй йæ уырнгæ Дæр нал кодта, йе 'гадæй- йæ хъгйбул сæрныллæг кæй уыдзæн нал æйг уырныдта, йæ хъæубæстæ йæм цы иузаæрдыг равдйстой, уый ныфсæй. Йæ фæлмаст хъуыдытæ тадысты йæ зæрдæйы æмæ та йав бафæндыд цæрын. Йæхæдæг дæр æй иæ хатйд, фæлæ уæлтæрхæг уыцы судзаггаджы зианы уындæй фæтарст мæлæтæй, уыцы марды уынд ын бæс-тон æмбарын кодта, мæлæт цы у, уый; æмæ йæм цадæггай бахъардта, адæймагыл йæ амæлæтæй- стырдæр бæллæх кæй никуы æрцæудзæни; æнкъардта, цыфæнды стыр бæллæхы дæр уæддæр цыдæр аразæн кæй ис, исты хуызты йæ кæй аиуварс кæндзынæ, аиуварс æи кæндзынæ, æмæ дын иæ рæстæджы кæд цы фæнды зын уа, уæддæр дæ цадæггай байрох уыдзæни. Фæлæ мæлæт та? Уый бæллæхты бæллæх у, сæ райдиан æм-æ сæ кæрон. Æмæ йын зианджынты зиан йæ уд фæтæрсын кодта, ацьгзæххыл зианæй стырдæр фыд кæй нæ ис, уый йæм бахъардта, æмæ йæм бынтон мæнгæфсон фæкастысты, йæ хъæбулæн йæхи цæйты тыххæй нæ хъæр код-та, уыдæттæ. Уыцы цæлхдуртæ йæм ницы диссаг фæкастысты марды цур. Йæ удивæнты цæхгæр рассæнд бассæндæй йæ бон ныхъуыды кæнын нал уыд. Ныр ма йæ зæрдæйы уыди иу фæнд: йæ хъæбул истйы хуызы куы бамбарид, йæ фыды уæзæгыл кæй йс. Æрмæст тагьддæр. Цы гæнæн ис, уымæй тагъддæр. Зыдта æмæ хатыдта: уыцы зæрдæйы уаг та йын бирæ нæ ахайсдзæн; чысыл, хæрз чысыл цы-дæр æй хъæуы, æмæ та йæ зæрдæйы уаг фæивдзæни; иу ныхасæй дæр та фæивдззенй йæ зæрдæйы уаг, æмæ та уæд йæ хъæбулæй йæхи басусæт кæныныл ныллæудзæн. 5 Зианджынты кæрты Домейы ацагуырдта, фæлæ йыл йæ цæет никуы æрхæцыд. Æввахс хиуæттæ æмæ хъæубæсты нæлгоймæгтæн сæ фылдæр уым нæ уыдысты: хæдзары уæле цы фæзгонд ахаста, уым дзы чи бадæнтæ аразыныл архайдта, чи агтæм касти. Æмæ уый дæр До-мейы агурæг йæхи уырдæм аппæрста. Кæсдæртæ галтыл сыфцæй ластой хъæдтæ, æмæ арæзтой бадæнтæ. Агтæм æввахс Доме кæйдæртимæ лæууыд, æмæ семæ ныхæстæ кодта. Сæ цурмæ бацæуын æм аив нæ фæкаст— агтæм æгæр æввахс лæууыдысты æмæ уым сылгоймæгты ницы хъуыддаг уыди. Фæстæмæ аздæхын дæр æй нæ фæндыди. Домейы цур иучысыл куы алæууид, истытæ йемæ куы аныхæстæ кæнид, æндæр æй ницы æндæвта. Дæрддзæфгомау æрлæууыд, æмæ дывæнд кодта, бацæуа сæ цурмæ, æви нæ. Зианджынты хæдзары æмæ хæдзары раз цы мæрд-дзыгой адæм лæууыд, уыдон, æмæ ам, хæрнæгыл чи архайдта, уыцы адæм кæрæдзийæ бирæ цæмæйдæрты хи-цæн кодтой, цыма æндæр æмæ æндæр рæттæм хуынд уыдысты, цыма æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты тыххæй æртымбыл сты: хæдзары иууылдæр сылгоймæгтæ уы-дысты сылгоямæгтæй алчидæр архайдта зианы уæлхъус алæууын, зианыл зæрдæбын куыдтытæ акæнын, судзаггаг хъарæджы ныхæстæй иннæты йæхимæ æры-хъусын кæнын, уымæн та рæстæг хъуыди, æмæ дзы тагъд ничи ницæуыл кодта; ам, хæрнæгыл чи архайдта, уыдон та иууылдæр нæлгоймæгтæ уыдысты, нæлгой-мæгтæй змæлгæ чи кодта, уыдонæн уыди тыхстхуыз, фæдисы змæлдæй змæлыдысты, архайдтой, цæмæй æмбæлон лæггад бакæной зианы тыххæй æрцæуæг адæ-мæн, сæ разы мацæмæй фегад уой; нæлгоймæгтæй змæлгæ чи нæ кодта, уыдон дæр тыхстысты — сæ хæс кæд ахицæн кæндзысты, æмæ ацы æнæвдæлон рæстæджы сæ хæдзæрттыл кæд сæмбæлдзысты. Уыдис дзы ахæмтæ дæр, аæрмæст фынг æрæвæрынмæ чи тагъд кодта. Ахæмтæй дзы йæ цæст æрхæцыд Фæсрагъы хъæуккаг Багайыл, æмæ ма ноджы кæуылдæрты. Нæлгоймæгтæ иууылдæр кодтой хæрнæджы кой, цыма сæйраг мард нæ, фæлæ хæрнæг у. Къола дæр, мæгуыр, йæхи раппар-баппар кодта, истæмæй рæвдз куы нæ разыной, уый тасæй дзы, æвæццæгæн, йæ хъæбулы хъæбулы зиан дæр рох кодта. Йæ фырт, Зауыры фыд, лæууыди лæггадгæнджытвд цур, фæллад æмæ фæлмæцыдæй. Нæлгоймæгтæ сæ зианы рæстæджы чъынды цы цæссыгтыл разынынц, уыцы цæссыгтæ сын мидæгæй сæ уд февдæрзынц, æмæ ма адæргæй сæхи аппарынц хæрнæ-джы куыстытæ бæстон кæнынмæ. Нæлгоймæгтæ фæдисы змæлдæй кæм змæлынц, уым лæууын æм аив нæ касти, фæлæ йын цыдæр хæйрæг хæцыди йæ къухтыл, æмæ йæ нæ уагъта уырдыгæй рацæуын. Цæмæндæр æй иттæг тынг фæндыд Домейы цур алæууын, æмæ Домеимæ аныхæстæ кæнын; фæндыди йæ, йæ хъæбулы йе 'рвадæлтимæ базонгæ кæнын, цæмæй йын уыдон радзырдтаиккой сæ хъæуы хабæрттæ: радзырдтаиккой йын, сæ хæдзармæ зæрыбонты чи ныххауд, уый ам цы дудгæбæттæ æвзæрста; уыдонæй, истытæ; ракодтаиккой йын йæ хъæбулы кой, йæ хъæбулы йæхицæй куыд атыдта, цæй тыххæй æмæ кæй аххосæй. Æмæ йын уыдæттæ куы рахабар кодтаиккой, уæд сæм Егнаты кой дæр куыннæ æрхаудаид; ацы тæккæ йын Егнаты ном бирæ цæуылдæрты дзурæгуыд, ацы тæккæ йæ æрмæст дæр фæндыд, йæ х^æбул Егнаты ном куы фехъусид. Абон нæ, нæ дæр изæры, фæлæ ацы тæккæ. Цæмæндæр æм афтæ касти, æмæ гъеныр, мæнæ ацы тæккæ куы нæ фæцарæхса, уæд æрцæудзæн ахæм хабар, цæрæнбонты дæр сраст кæнæн кæмæн нал уа, цæрæнбонтæм йæхæдæг дæр æмæ йæ хъæбул дæр цæуыл хъуамæ фæсмон кæной. Хæдзарæй хъуысæг марой æмæ йæ нæлгоймæгты фæдисы змæлд ноджы тагъд кæнын кодта уыцы хъуыддагыл. Ныр æм æппындрер никуыцæй уал хъардта, йæ номæй йæ хъæбул искуы ныхкъуырд кæй уыдзæн, æгады ном ын кæй басгуыхдзæн. Домейы бинойнагæн алцыда;р æнцонæй бамбарын гæнæн уыд, æрмæстдæр ын хъуыд Егнаты кой скæнын, æмæ йæ куы базыдтаид, ацы хъæуы чидæр Егнат хуынди, уый, уæд йæхæдæг рафæрс-бафæрсыл схæцыдаид, æмæ йын Натъа уæддæр ралæхурдтаид æппæт дæр. Фæлæ йæм уыдæттæ дæр дæрдтыл хабæрттæ кастысты, цæйдæр тыххæй йæ фæндыди тагъд кæнын, æмæ тарсти чысыл ныкъуылымпыйæ дæр; тарсти чысыл ныкъуылымпыйæ дæр, уыцы чысыл фæкъулымпыйы аххосæй цыдæр стыр бæллæх кæй æрцæудзæн, уый адæргæй. Цæй тыххæй.тагъд кæны, æмæ цы'бæллæх хъуамæ æрцæуа, ууыл нæдæр хъуыды кодта, нæдæр æй фæндыди ууыл хъуыды кæнын. Æнæнхъæлæджы хæйрæг бацарди йæ уды, æмæ йæ ардыдта, цæмæй йæ хъæбулæн йæхи схъæр кæна; йæ хъæбулæн йæхи схъæр кæна, æмæ йæ бакæна иæ хæдзармæ, йæ фыды хæдзармæ, кæм райгуырди, уыцы хæдзармæ. Уæдмæ агты цур лæградтæнджыт.æн æвæрдтой фынг, æмæ Доме кæйдæртимæ уырдыгæй рацыд, дагрддзæф æрлæууыдысты, цæмæй сæ лæггадгæнджыты цур æфсæрмæй ма æрбадьæ кодтаяккой. Кагимæ лæууыд, уы-дон, æвæццæгæн, горæттæгтæ уыдысты, Йæ хъæбулæн кæмфæнды дæр зонгæтæ кæй разыны, уый йын хъуамæ æхсызгон уыдаид, фæлæ ууыл ацы хатт нæ бацин кодта фæлтау ын ам иу зонгæ давр куы нæ разындаия, уæд йæ хъæбул иунæгæй лааууыдаид, уый та æфсон уыдаид, æмæ йæ базонгæ кодтаид йе 'рвадвæлтимæ. Æмæ йын уыдон ракодтаиккой Егнаты кой. Йæ хъæбулырдæм æй скъæфта йæ зæрдæ, фæлæ та йæ цурмæ бацæуын уæддаæр йæ цæсгом нæ бахъæ цыд. Æфсæрмы кодт.а æнæзонгæтæй, стæй йын æнæзонгæты цур зэæгъгæ дæр цы хъуамæ кодтаид? Æддоз æр-лæууыд, кæйдæртимæ цæуылдæрты дзырдта, æмæ йæ цæсты зул дардта. йæ хъæбулы 'рдæм. Йæ хъæбулмæ æввахс дæргъæй-дæргъмæ хъæдул бадт расыггæнаг Бага, æмæ алырдæмты ракæс-бакæс кодта. Ракаст уый-æрдæм дæр, æмæ йыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд баз-мæлыд йæ мидбынат, йæ цуры бадæгмæ йе 'ргом аздæхта. Багайы алы фезмæлд дæр цæуыл дзурæг у, уый йын хорз зындгонд уыди, æмæ фæтарст, исты æнæууылд ныхæстæ дзы куы сирвæза йæ хъæбулы цур: ахæм исты ныхæстæ дзы куы схауа, йæ хъæбул кæй ма хъуамæ 'фехъуса, йæ хъæбул кæй хъуамæ ма зона. Æмæ уый адæргæй йæ цуры лæуджытимæ йæ ныхас æрбацыбыр-тæ кодта, йæ хъæбулырдæм йæхи байста. — Хе-хе-хе, — æрыхъуыста Багайы худт. — Цæуыл худыс? — фарста йæ йæ цуры бадæг. — Хе-хе-ха, — хъуыста Багайы худын, — Матрона та уын фæстæмæ æрыздæхт? Чъыддымырдæм æм бадт, æмæ йæ нæ уыдта Доме йын фехъуыста йæ ныхæстæ. Иу каст æм фæкодта, æмæ дарддæр ныхæстæ кодта йæ цуры, лæуджытимæ. йæ цуры бадæг ха хъæуккаг уыд. Бакаст Домейа æрдæм, стæй йе 'ргом аздæхта Багамæ, æмæ йæхи ба-тызмæггъуыз кодта—æвæццæгæн æй зыдта, Доме чи у, уый. Бага уыдæттæн ницы рахатыд. — Æвæццæгæн, уыцы зæронд лæгæй йæ зæрдæ ницæмæй барухс. Хе-хе-хе! — Ныр цы æдылы худтытæ кæныс? — йæхи йæм ба-хъулæттæ кодта йæ цуры бадæг, æмæ иннæрдæм азылд. Истытæ ма дзы куы схауа, уый адæргæй сæ размæ бакъахдзæфтæ кодта. —Хе-хе-хе! Йæ уды цы хæйрæг бады, уый зæронд лæгтыл ахуыр нæу, — худтис Бага, æмæ йæ йæ разы лæугæ куы æруыдта, уæд йæ хуыз аныхъуырдта. Адæргæй йд» мидбынаТ базмæлыд, бахуыфыд, стæй сыстад йæ бы-натæй, æмæ йæм йе 'лгъаг къух радаргъ кодта,—цинтæм цу, Матрона. Багайы æнгас уыди æлгъаг, афтæ æлгъаг, æмæ дзы зæрдæ хæццæ кодта. Æнзеуынон ын фестад, æмæ йæ бон нæ баци, йæ къух ын райса. Домейы æрдæм куы бакаст, уæд ыл æвиппайды æртæфсти, æрдæбонсарæй йæ цæй тыххæй фæндыди тагъд кæнын, æмæ цæуыл тагъд кодта — Доме фехъуыста Багайы ныхæстæ, æмæ йæ цæсгомы хуыз фæсаудалынг. Йæ хъæбулы хъуынтъыз уындæй йæ зæрдæ æнæуынондзинадæй айдзаг, ахæм æнæуынондзинадæй, æмæ зæгъгæ йæ азар,Багайы басыгъта, уæд уымæй æртхутæджы рыр дæр нал аззада-ид. Æрдæбонсарæй йæ хъæбулырдæм цы зæрдæйы уагимæ тырныдта, уый йын айсæфт: ныр та йæ фæндыд йæ хъæбулæй дарддæр ацæуын, йæ хъæбулæй йæхи æмбæхсун. Йе 'нæнхъæлæджы удивæнты уæддæр, йæ зæрдæйы рæбынæй стад, кæй та нйкъуылымпы; чысыл, хæрз чысыл рæстæг та кæй бафæстиат кодта, æмæ ныр, цы бæллæлæй тарсти, уымæн æнæрцæугæ кæй нæ уал ис. Цы бæллæх хъуамæ æрцæуа, ууыл ныр дæр нæма хъуыды кодта æмæ цæ нæма дæр йæ зонд ахста—цы у, фæлæ хатыдта æмæ æнкъардта, йе уыцы цавæрдæр бæллæхæн ныр æнæрцæугæ кæй нæ уал ис. Уыцы мигъынорст тас æй ныр сы.рдта йæ хъæбулы цурæй. Фæлæ ма хатыдта уый дæр, æмæ ныртæккæ ардыгæй æнæисты зæгъгæ куы ацæуа, уæд ма Багайæ, стæй нннйетæй дæр, ноджы æндæр истытæ! кæй схаудзæн, ахæм истытæ, йæ хъæбулы зæрдæ йын чи скъаха, йæ хъæбул æм уазал зæрдæ цæйты тыххæй бадара. Уый та куыдфæндыйæ дæр нæ фæндыд æмæ йæм Доме уазал зæрдæ бадара. — Хъæбул, — бахаста йæм йæ ныфс уыцы ныхас зæгъынмæ; — абондгергъы ныффæлладаис, æмæ цом, хæдзары бадгæ уæддæр æркæн. Зыдта йæ, уый дæр ын æйæраны ныхас уыд — адæм мард рахæссынмæ æнхъæлмæ кастысты — фæлæ цæмæй Бага æмæ иннæтæ бамбæрстаиккой, Доме йын бавæййаг кæй у, æмæ йæ цуры мацыуал срæдыдаиккой, уый тых- хæй сæ загъта. —Нæ, — загъта йын Доме,— цæмæй бафæлладтæн? Йæ хъæлæсы уаг æй нæ дæр схойгæ кодта, нæ дæр рæвдаугæ. 6 Йæ хъæбулы цурæй куы рацыд æмæ та нæлгоймæгты фæдисы змæлдыл йæ цæст куы 'æрхæцыд, уæд ыл æртæфсти: ацы адæм дæр, йæхиау, цыдæр бæллæхмæ æнхъæлмæ кæсынц, цавæрдæр стыр бæллæхмæ. Зианы тыххæй кæй æртымбыл сты æмæ зианы тыххæй кæй тыхсынц, уый та куыннæ зыдта, йæ зонд куы нæ фæхæццæ, фæлæ зиан ныр цалдæр бон уæлтæрхæг уыди, цалдæр боны йæ уæлтæрхæг уыдтой, сæ хуыцауы цæф сæхи цæстæй федтой, бауырныдта сæ, абон та йæ ныгæнгæ хъуамæ бакæной, æмæ те 'нгас дæр æмæ сæ фезмæлд дæр мæрдджынхуыз хъуамæ уаид, райсом куы æрбацыд, уæд сæ куыд хъыг зæрдæйæ æрбаййæфта, афтæ; фæлæ адакмæн та ацы сахат уыдй тыхстхуыз, цыма цавæрдæр стыр бæллæхмæ æнхъæлмæ кастысты, цыма сæ бинонты хуыздæр тарф рынчын уыди, йæ уд ма æрдуйыл хæцыди, æмæ йæ улæфт миййаг ацы тæккæ куы фескъуыйа, уымæй тарстысты. Мæрддзыгойтæн се 'ппæтыл дæр зынди æнхъæлцаз тасы æууæлтæ. Цалынмæ фæстæмæ ныздæхт уæдмæ мард æддæмæ рахастой. Адæм базмæлыдысты. Зианы фæстæ хæдзарæй ранкъуыстысты сылгоймæгтæ. Уыцы дыууæ хатæны цыма бæхты дугъыйас бынат уыдн, уыйау дзы хызтысты æмæ хызтысты устытæ, æмæ сын кæрон дæр нал уыди. Касти мæрддзыгор сылгоймæгтæм, æмæ дис кодта: дыууæ. æртæ сылгоймагæн быдырыйас хæдзар дæр къуындæг куы вæййы, уæд зианы рæстæджы утæпдæт сылгоймæгтæ хярдзары куыд бацæуынц? Мæрддзыгойты æхсæн Домеиы бинойнагыл йæ цæст куы æрхæцыд, уæд йæ цурмæ йæхи байста. Домейы би-нойнаг ын æнæдзургæйæ йæ къух дæллоз йæ дæларм акодта, æмæ йын йæ уыцы хионы февнæлдæй бамбæр-ста: чидæртæ йын йæ кой ракодтой. «Æмæ ма цафон?—хъуыды кодта йæхинымæр.—Ныр æппæтæндæр куы байрæджы. Ныр цы æрцыди, уымæн раздахæн куы нæ уал ис». Афтæ хъуыды кодта, æмæ касти, марды чырын æд зиан чидæртæ куыд хæссынц. Цыма æппæт адæттæ уый аххос уыдысты, цыма йæ ныкъуылымпыйы аххосæй рахастой хæдзарæй зианы, яемæ ныр, табæты чи хуыссы, уый хæдзармæ кæй икуыуал бахæсдзысты, уым цыдæр аххосджын у, афтæ йæм касти. Ныр æм бахъардта, æрдæбонсарæй ма адæм цы бæллæхмæ æнхъæлмæ кастысты, уый; хæдзармæ мард бахæссынæй, хæдзарæй мард рахæссын ноджы зындæр куы у; æцæг зын уый куы у, æмæ дæ бинонты хуыздæры, чырыны æвæрдæй дæ хæдзарæй куы рахæссай, уæлмæрдмæ, ныгæнынмæ, цæмæй йын йæ мардыл дæр дæ цæст макуыуал æрхæца, сыджыт æй аныхъуыра, дæ цæстытæн цины æмæ ныфсы хос чи уыд, уый сыджытæн хæрынаæ раттай. Мæрддзыгой адæм базмæлыдысты, фенкъуыстысты марды фæстæ, сабыр къахдзæфтæй, сæруагъдæй. йæ къахайстыл дзы ничи тагъд кодта, ацы фæндагыл фыц-цаджы бар радтой зианæн, сæ разæй йæ акодтой уæлмæрдмæ, æмæ йæ фæстæ, уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй, æвæндонæй цыдысты. Афтæ зынди, цыма дзы исчи уæл-дай къахдзæф куы акæна, уабд ыл иннæты цæст æрхæцдзæни, нæ йын ныббардзысты уыцы уæлдай къахайст, æмæ дыккагатг та уый акæндзысты.сæ разабй мæнæ ацы æнагъæттаджы фæндагыл. Æрмæст иунæг иу адæймаг—амæлæджы мад—æппæрста йæхи размæ» (йæ хъæбулмæ, цыма йын йæ фæстаг ацæуæн фæндæгтæ æрæхгæнынмæ хъавыд: Уæ, хъæбул! Уæ, хъæбул! Уæ, мæ зæрдæдарæн! Ды дæ мады коммæ куы нæ уал кæсыс, Ды дæ мады ныхасмæ куы нæ уал хъусыс, Ды дæ мæгуыр мадæй тæргай куы цæуыс Ацы судзаггаг фæйдагыл! Æмæ ацу! Ацу! Ахæм цыд акæн, æмæ дæ мæгуыр хæдзарыл куыд нæ уал сæмбæлай. Ды ацы фæндагыл куы ацæуай, Уæд мын Зауыр амæла, Дæу ма дæ мæгуыр хæдзары къæсæрæй æрбакагсын дæр куы æрбауадзон! Уæ, хъæбул! Уæ, мæ зæрдæдарæн! Уæ, мæ зæрдæдарæн хъæбул, Мæ зæрдæдарæн. Мæрддзыгой адæм сабыр къахдзæфтæй тырныдтой марды фæстæ. Цыма дзы алкæй дæр фæстæмæ фездæхын фæндыд, фæлæ йæ йæ фæстæ æмгуырæй цæуæг адæм нал уагътой раздæхын, уæлмæрдмæ йæ сæ разæй ссыдтой, ахæм тасæфтау æнгас уыди мæрддзыгойы уыцы сабыр къахайстæн. «Афтæ кæрæдзяйы фæрцы схæццæ вæййæм уæл-мæрдмæ, — хъуыды кодта йæхинымæр, æмæ Домейы бинойнаджы цонг йæ дæларм нылхъывта, — кæрæдзи уæлмæрды онгхæццæ кæнæм, иуы дзы уым ныууа-дзæм, афтæмæй раздæхæм; раздæхæм, цæмæй та дыккаг хатт дæр — абон кæнæ сом, сом кæнæ иннæбон — уыцы цыдæй искæй схæццæ кæнæм уæлмæрдмæ, искæй та дзы бафсиайæм, цæмæй дын искуы дæхи дæр бафснайой, æнæныгæд дæ ма ныууадзой. Æмæ хорз у, мæнæ ацы æнагъæттаг цæуæнты ныййарæг йæ хъæбулы ра-зæй куы фæцæуы, хъæбул дзы йæ ныййарджыты куы фæхизын кæны, — Доме фæстейæ дæмдæр кæй ис, уый йæ хъуыдыйы даргæ, нывæзта йæ сагъаутæ, — ныййарæджы ингæнмæ дзы хъæбул куы ныдзыназы, фæлæ цы мæгуыр.ы бон вæййы уыцы ныййарджытыл та, мæнæ ацы æнагъæттаджы цыдæй йæ хъæбулы фæдыл чи рацæуы? Уый, адæймаджы амæндтæ бирæ куы сты, иу куы нæ у амонд дæр, æмæ дзы хуыцау алы адæймаджы дæр кæцыйæдæр куы фæхайджын кæны, цыдæр амонд ын куы ратты». Уыцы хъуыдытæй фенцоцдæр йæ удæн: уымæ дæр цыдæр амонд кæй æрхаудта хуыцауæй, тагъд æй мæнæ афтæ Доме уæлмæрдмæ кæй хизын кæндзæни, йæ хъæбул æй æнæмæнгæй кæй баныгæндзæни, уыцы хъуыды йын рæвдыдта йæ уды. 7 Мард ингæны куы ауагътой, уæд адæм ахæлиу сты.. Уæлмæрды ма баззад нымад адæм. Цалдæр лæппуйыг фæдисы змауææй змæлыдысты, белтæй цырд архайдтой; архайдтой ингæн сыджытæй байдзаг кæныныл. Ингæн æнцонтæй йедзаг кæнын нæ куымдта, йæ æнæ-бын арф дзых комхæлиуæй дардта, зыдæй нйхъуырдта сыджыт; æмæ æппынфæстаг куы байдзаг, йедзаг нæ, фæлæ обау амад сыджытæй куы разынд, уæддæр зæххы æмхуызон нал баци—удæгас хъæдгомæй æрхуыссыд уæлмæрды, æмæ йын уыд æртхъирæнгæнæджы хуыз. Мард ныгæныны рæстæджы дæр ын Домейы би-нойнаг йæ цонг не суагъта, цыма та дзы куы фæиппæрд: уа, уымæй тарсти. Адæм куы ахæлиу сты, уæд сæм Доме дæр йæхи байста, æмæ ныр, æртæйæ, æддоз лæу-гæ, кастысты, ног марды сыджыт куыд фæдисæй норста. —Матрона,—дзырдта йæм Домейы бинойнаг йæ номæй, —дæ сæрйхицау та кæм ныгæд ис? Æрдæбонсарæй йæхи дæр уый фæндыд — йæ хъæбулæн йæ фыды ингæн куы фенын кæнид — фæлæ Ба-гайы ныхæсты фæстæ йæ хъæбулмæ дзурын нал уæн-дыд. Ныр ын фадат фæци, æмæ сæ акодта джерджийы ингæнмæ. — Мæнæ ам ныгæд ис уыцы мæгуыр, — загъта сын æмæ лæгъстæ æнæджы каст кодта Домемæ; лæгъстæ-гæнæджы каст кодта Домемæ, æмæ йæ цæмæндæр иттæг зæрдейæ фæндыд, йæ хъæбулы цæсгомыл иу нуар уæлдай змæлд уæддæр куы бакæнид. Доме нæ, фæлæ Домейы биноинагæн уыди тыхст хуыз: йæ цæстыты алыварс цы нуæрттæ уыд, уыдон стъæлфыдысты. джерджийы ингæны дуры раз дзуццæг бадт æркодта, æмæ дуры .фыстыты рыгтæ сæрфта йæ уырзтæй. Доме æнкъардæй лæууыд йæ уæлхъус, æмæ-уый дæр касти дуры фыстытæм. —Æртиссæдз азы дæр куы нæ фæцарди,—загъта-æрæджиау. Уыцы ныхæстæм æй бафæндыд йæ хъæбулæн йе нæзонгæ фыды тыххæй истытæ радзурын. — Хæстæй цæнкуылтæй æрыздæхт, — дзырдта сын уынгæг хъæлæсæй,—немыцы къухмæ бахауд, æмæ йыл фæстагмæ уыцы фыдæвзарæнтæ æртæфстысты, йæ астæу фæсахъат, йæ уат нал систа. Куыннæ йæ фæндыд, Джерджийы тыххæй сын исты зæрдæбын ныхæстæ ракæна: йæ дзуринæгтæ йæхими дæг æвзæрста, фæлæ йæм йæ ахсджиаг дзуринæгты зæгъыны хъару нæ уыд, йæ уды рæбинæгтæ дзурыны бæсты дзы хаудысты уазал дзырдтæ, иударон ныхæстæ. — Хæсты фæстæ дæр æрæгмæ æрыздæхт, — архайдта истытæ дзурыныл, — кæмдæр рынчындоны хуыссыд уатон рынчынæй, æмæ фæстæмæ йæ уæзæгмæ æрцæуын нал фæнд кодта: сахъат æмæ уатон рынчынæй æрцæ уый йæ сæрмæ нал хаста. Уыцы лæрхорты къухтæм кæй бахауд, уымагй йæхимæ тудæджыны цæстæй каст, йæхицæн æй нæ барста. — Уый аххос дæр кæм уыдаид, — дзырдта Доме, — æвзæр рæстæджытæ уыд, хæст куы фæци, уыцы азты. Немыцы къухмæ чи бахауд, уыдон хицауады æрдыгæй тынг хъыг дардтой. Уæйгæцджыты цæстæй сагм кастысты. —Зыгъуыммæ зондыл хæст адæймæгтæ бирæ ис, адæмы азар сæ басудза,—дзырдта уынгæг хъæлæсæй. —Хæстæй куы æрыздæхт, уæд нæ дуарахæсты бакод-той. Ацы мæгуырæн йæ бон цæуын нæ уыд, уæддæр-иу æм районæй æрбарвыстой, æрцу, дам, æмæ- иу æй галтыл нылластам. Галтыл-иу æй нылластам, уым-иу æй удхарæй фæмардтои сæ дæлгоммæ ныхæстæй, æмæ-иу æй фæстæмæ æррайы хуызæнæй æрбаластам. Æррайы хуызæн-иу уыди, мæгуыр, уыцы ракъах-бакъахы фæстæ. Йæ дзыхæй-иу къуригæитты ныхас нал схауд. Уа-тон рынчыны уыд, уæддæр æй æдзух хъахъхъæнгæ кодтон, зæгъын йæхицæн псты куы кæна. Уый та йæм хъыг касти. Хицауады æнæууэенк ын йæ зæрдæ скъахта, æмæ _йæ уæлдай хъахъхъæд кæй кодтон, .ууыл дæр гуырысхотæ райдыдта, Æмæ-иу адæргæй скуыдта. Тæнзæрдæ уыди, мæгуыр. Алы ныхас дæр йæ зæрдæмæ хаста. — Мæрдты рухсаг уæд, — æрыхъуыста Чатрийы хъæ-;лæс, æмæ фестъæлфыд. Чатри , бел æмæ лом йæ къухы, афтæмæй æрбалæууыд сæ уæлхъус. —Мæрдты рухсаг уæд,—дзырдта Чатри,—джер-;джи æнæхъæн комы аргъ лæг уыди. Домейы бинойнаг уæдæй нырмæ дзуццæгæй бадт, гæмæ ныр æнæзонгæ лæджы æруынгæ, слæууыд. Ныр, цыппарæй дæр æнæдзургæйæ лæууыдысты, æмæ кастысты джерджийы ингæны дурмæ. — Уыцы лæг та кæм ныгæд ис,— æрæджиау бафарста Домейы бинойнаг,—дæ сывæллоны дын марынмæ чи хъавыд, уый? Уыцы ныхæстæм та фестъæлфыд: Домейы бинойнаг бирæ цыдæртæ кæй зоны ныр, уый ма йын цы æмбарын хъуыд. Æмæ ныхас истытæ уы расайа йæ фæстæ, уый адæргæй батагъд кодта дзурЬæыл: —Доме, дæ нывонд фæуон, мæнæ дын Чатрийы цур иу хъуыддагæй хъуамæ балæгъстæ кæнон. Мæ цахъæн адæймаг бирæ нæ цæры, æмæ мыл миййаг искуы исты куы æрцæуа, уæд-иу мæ мæнæ ацы мæгуыры фарсмæ баныгæнут. Зонын æй, зын уын уыдзæн уырдягæй ардæм фыдæбон кæнын, фæлæ дын лæгъстæ кæнын, мæ мард-иу мын ацы раныл сæмбæлын кæнут. Домейы бинойнаг ын йæ иу къух йе уæхскыл æрæ-вæрдта, æмæ йæ æрбахъæбыс кодта. —Матрона,—дзырдта йæм йæ номæй,—мах нырма кæрæдзнимæ бирæ ацæрын хъæуы. Нырма нæ кæрæ-дзийæн бира? цыдæртæ зæгьын хъæуы. Тынг бирæ. Мæлæт та кæдæм ирвæзы? Нæ, уыцы узæлд кæнгæ ми нал уыди. Домейы бинойиаг æцæгæйдæр ныр бнрæ цыдэертæ зыдта, æмæ йыл хицоны цинтæ кодта. Æмæ уыцы цинтæй йæ .сæр ра-зылд, йæ уæрджытæ йæ быны адон сты: уал æмæ йыл уал азыфæстæ хъæбулты номы æрдыгæй чидæр-бацин кодта. Ныр куы амæла, уæддæр йæ ингæныл йæ хъæ-булты номæй цæстысыгтæ æрхаудзæн. —Нæ, нæ, дæ сæрыбæсты хаст æрцæуон,— ныр та Домейы биноинагæн лæгъстæ кодта, — зынг зæгъынæй ком нæ судзы æмæ мæныл дæр мæхи ныхæстæй ницы æрцæудзæн. Фæлæ мæ уæддæр искуы уырдæм хъæуы, æмæ уæ рагацау уымæн фæдзæхсын: мæ зæронд сæр ныр уе 'вджид у, æмæ-иу мæ ам баныгæнут. Зæры бонты мын мæ зæрдæ кæм барухс кодтат, уым ма-иу мын æххæст мæ амæлæты фæстæ дæр уыцы хорздзинад саразут. Дзырдта æмæ йæхи бакъул кодта йæ чындзы уæхсрыл. Ныр æй зыдта, йæ чындз дæр æм æфсины зæрдæ кæй дары. —Дæу куыд фæнды, алцы дæр афтæ уыдзæн, Матрона,—дзырдта йын йæ чындз,—фæлæ нæ нырма бирæ цыдæр хъуыддæгтæ аразын хъæуы иумæ. Хуыцау дæ дзæбæхæй уадзæт, Матрона, — загъта Æын Чатри дæр. — Уæ дæ хъæбулты хурæй бафсæдай, Чатри, мæнæн ацы хъæбулты чи фенын кодта, — арфæтæ кодта Чатрийæн, — мæ зæры бонты мæ зæрдæ барухс адон фæрцы. —Æмæ дын исчи стæм?—хиндзæстæй йæм касти Домейы бинойнаг,—дæ хьæбултæ стæм. Афтæ нæу?— ныр та йæ мойы æрдæм аздгехт. Домемæ уæлдай митæ фæкастысты йæ бинойнаджы ныхæстæ, æмæ цæмæй йæ бинойнаджы ма фæныхкъуырд кæна, уый тыххæй йæм уый дæр йæ мидбылты бахудт: —Матрона нын мады бынаты ис, æмæ нын цы зæгъа, ууыл дыууæ нæ зæгъдзыстæм. — Мады бынаты нын нæй, фæлæ нæ мад у,—нал уисæн кодта ус. йæ чындзы ныхæстæм йæ сурхид акалд, йæ зæрдæ рызти, æмæ йæ уæрджытæ йæ быны фæдыдагъ сты; куы æрхауа уый адæргæй дыууæ къухæй фæхæцыд йы чындзы уæхсджытыл. Лæгтæм æцæгæйдæр уæлдай митæ фæкастысты устыты æнæраны узæлдтытæ, æмæ иннæрдæм азылдысты. Уый та æнæбон æмæ æдыхæй стъæлфгæ зæрджимæ, дыууæ къухæй хæцыд йæ чындзы уæхсджытыл, агмæ йæ нал уагъта, куы ахауа, уый адæргæй; хæцыд йæ чындзы уæхсджытыл, æмæ йæ къухты бын йæ хионы туджы цавд куы банкъардта, уæд æй бафæндыд æцæгæйдæр йæ чындзы æфцæгыл ныттыхсын, йæ чындзы ^æ хъæбысы ныккæнын; хатыдта æмæ Æнкъардта: уы-цы хъуыддаг саразынæн æй чысйл, хæрз чысыл фезмæлд йеттæмæ ницы хъæуы, æмæ уæд байгом уыдзæн йæ чындзы дзурæн дзых; байгом уыдзæн йæ чындзы дзурæн дзых, æмæ зæгъдзæни йæ моиæн, зæрыбонты сæм цæрынмæ чи ныххаудта, уый сын мады бынаты кæй на& ис, фæлæ сæ мад кæй у, Домейы ныййарæг мад, æ.мæ мæнæ кæй ингæны уæлхъус лæууынц, уыи та — йæ фыд. Æнкъардта уыдæттæ, фæлæ уыцы чысыл фезмæлд саразыны хъару йе уæнгты нал уыд, æмæ йæ чындзы уæхсчытыл хæцгæ, йæ цæстæнæс æххуысагур ахаста йæ алыварс. Сæ алыварс уыди ингæнтæ, æмыр ингæн-Тæ, кæрæдзимæ æввахс-æввæхсты — цыма уыдон дæр кæрæдзи уæхсджытыл хæцыдысты, æмæ сыл афтæмæй æрхъула кодтой. Утæппæт ингæнты æхсæн бæрæгæй зынд ног ингæн, бур-буридæй, бур сыджыты рæдзагъдæй, æмæ лæвæрдта ахæм. хуыз, цыма марды гом дзыхы бур дæндаг уыд. Æппæт уыдæттæн уыд æртхъирæн-гæнæджы хуыз, æмæ йæ чындзы уæхсджытæй йæ къухта феуæгъд сты. Уæлмæрды мæрдты æхсæн йæ хъæбул-тимæ кæй аззад, уымæй йæ зæрдæ ауазал, йе 'муд æрцыд. Акасти лæгты æрдæм: уыдон сабыр къахдзæфтæй фæцæйцыдысты хъæуырдæм. Хъæумæ .здæхынæн афон кæй у, афонмæ адæм фынгыл кæй æрбадтысты, уыцы хъуыдыйæ та йыл æртæфсти: «Байрæджы, ныр æппæтæн дæр, байрæджы». Йæ чындз, æвæццæгæн, æихъæлмæ касти цавæрдæр ныхавстæм. —Цом, хъæбул,—йембæхста дзы йæ цæстæнгас,— хъæубæстæй худинаг у. Ныккæсæм сæм. — Матрона, нæ уисæн кодта Домейы бицойнаг, — афтæ æнхъæлыс, æмæ йæ нæ зонын, цыдæр дзуринæгтæ дæм кæй ис, æмæ сæмахæй кæй æмбæхсыс? Исты ныхæстæй йын хъуыд йæ зæрдæ ссарын. — Ис, — загъта йын, — æмæ мæнæ нæхимæ куы ныздæхæм, уæд дын сæ радзурдзынæн. — Алцыдæр? — бангæстæ йæ чындз. —Алцыдæр. Æрмæст ныр уыдæттыл мауал дзурæм, — дзырдта йæм лæгъстæгæнгæ, — цалынмæ иумæ æртымбыл уæм, уæдмæ макæмæн уал мацы ской кæн, дæ низтæ бахæрон. —Домейæн дæр? — Домейæн дæр. — Хорз, загъта йын Домейы бинойнаг, æмæ та йын йæ къух йæ дæларм фæцавта. Уæлмæрдæй раздæхгæ ма иу каст фæкодта ног ингæнмæ. Ног ингæн бур- буридæй æрттывта иннæ ингæнты æхсæн. Зæхх йæ алыхуызон бæрджытæ æвдыста алы ран дæр, æрмæст уыцы ингæны Зур сыджыт, нырыонг хуры рухс кæмæ нæ бакалд, нырыонг арф ныгæд чи уыд, уый цæстыхъауæн къуыбырæй æрхуыссыд зæххы сау цъарыл, æмæ йæ æнæхуызæнон бур æрттывдæй цин кодта хуры рухсыл; цин кодта, кæимæдæр ын фадат кæй фæци сæ бынæттæ бствынæн, æмæ ныр цæрæнбон» тæмуæлæуыл кæй аззайдзæн. 8 Изæрмæ бирæ нал хъуыди, хуры бæрджытæ хæхты бæрзæндтыл дæр уæлæмæ сæхи тагъд-тагъд исын райдыдтрй, афтæ адæм зианджыны фынгæй сыстадысты. Фынгыл Домейы бинойнаг йæ цуры бадти, фæлæ ам зайынмæ кæй хъавы, уый зæгъыны фадат æй нæ фæци, йæ зæгъинæгтыл фæстæмæ-фæстæмæ хæцыд. Æмæ ныр, фынгæй куы сыстадысты, Доме дæр сæ куы ссардта, æмæ цæуыны къахыл куы ныллæууыдысты, уæд сын æппынфæстаг загъта.йæ фæнд: — Уæ нывонд фæуон, сымах мæм куы фæхъыг уат, — дзырдта сæм лæгъстæгæнгæ, — фæлæ æз абон, æвæццæгæн, нæ ацæудзынæн. Уыдон æм кастьгсты гуырысхогæнгæ. —Цæмæннæ?—фарста йæ Домейы бинойнаг. —Æрдæбон мæ цæхæрадæттæ абæрæг кодтон, æмæ мын дзы иуы æмбонд кæйдæр хъомтæ батыдтой,— дзырдта сын, æрдæбонсарæй цы æфсæнттæ мысыд, уыдон, — цъеритæ фесæфтой, æмæ зæгъын уыцы æмбонд искæмæн саразын кæнор. Йæ ныхæстæ афтæ лæгъстæгæнæг æнгасимæ дзырдта, æмæ йын уыдон дыууæ нал загътой йæ ныхасыл, кæд сын хъыггомау уыди, ам кæй зайы, уый, уæддæр. —Æмæ дæм кæд æрбауайон?—бафарста йæ Доме. Уæддæр æм фæстæмæ æнæмæнгæй кæи хъуамæ æр-баздæхой, уый йæ хъуыдыйы дардта,—æмæ йæ ныр Домейы ныхæстæй ныфс бацыд, хъæргæцæг æрвитыны сæр сæм кæй нæ уал бахъæудзæн. Йæ хъæбулы зæрдæ ма царды иу хатт кæй фæрисеын кæндзæни, уыцы хъуы-ды йын ныр уыд цины хос: «Афтæ у, — ахъуыды кодта йæхинымæр, — хъæбулы зæрдæ .хъуамæ мадыл фæрисса». — Цæмæн фыдæбон кæнут? — дзырдта сын æфсонæн, — мæхæдæг ныццæудзынæн. — Уæдæ ма кæй тыххæй батыхсын кæнæм нæхи? — барджыны ныхас æм кодта Доме. — Сомизæр дæм æрбауайдзыстæм, — загъта йын Домейы бинойнаг. — Ой, цæмæн тыхсын кæнут уæхи, — загъта сын ногæй. Йæ хъæбулæц ма йæ фæстаг хатт цы мæнг ныхæстæ зæгъын хъуыд,. уыцы зындзинадæй дæр фервæзт, æмæ йæ ныр фæндыди, йæ хъæбулты ма исты æфсæнтты куы афæстиат кæнид, истытæ ма 'семæ куы адзурид, истæ- мæйты сæ куы барæвдауид. Уæдмæ сæ цурмæ æрбацыд Солтан. Йæ фæстæ— йæ бинойнаг, стæй йæ каистæ дæр. Венера дæр нæма цыд æмæ Солтаны хизын кодтой. — Уæ, уæ нывонд фæуон, — Домæ æмæ йæ бинойна-гыл йæхи бакъултæ кодта Натъа,—кæд нын сымах афтæмæйты уадзинаг уазджытæ не стут. —Æмæ сæ цæмæн уадзæм афтæмæй?—бафарста. йæ Чатри, — хæдзар нын нал ис? Æрдæбонсарæй дæр æй тынг фæндыд, йæ хæдзармæ бакæнын сын ской кæна, фæлæ йыл истæмæйты куы фæгуырысхо уой, уый тасæй не суæндыд. Ныр ын Чатрииы ныхæстæм фадат фæци: — Æмæ мæнæ нæхи хæдзары раз куы стæм, — лæгъстæгæнгæ дзырдта Домейы бинойнагмæ, — цы хъуымы цæрæм, уый уынгæ уæддæр фæкæн. Домемæ уый аив нæфæкаст: — Цзей, зианы фынджы фæстæ ма искæмæ чи фæ-цæуы? —Æмæ мах искæй хæдзармæ цæуæм?— уайдзæф-гæнæгау ын загъта йæ ус. Домейы ныхæстæ уымæн дæр хъыггомау уыдысты Доме уый фембæрста, æмæ батагъд кодта йæ рæдыд ба-раст кгбныныл. —Цом,—ахæцыд Чатрийы цонгыл,—иучысыл хæ-дзармæ бакæсæм. —Ацыт, - загъта сын Чатри,—æз дæр ныртæккæ-фæцæуын. Хæдзармæ куы бахызтысты, æмæ къуымты йæ цæст куы ахаста, уæд йæ зæрдэе барухс. Сихорыл кæй фæцарæхсти, йæ къуымтæ кæй афснайдта, æмæ йæ йæ хъæ-бултæ змæстытæй кæй не 'рбаййæфтой, уый дæр ын фаг уыд цин кæнынæн. «Ныр мæ хъæбултæ сæ хæдзармæ фæндаг базыдтой, æмæ йæм цæудзысты,—цин кодта йæхинымæр,—цæудзысты йæм æнæ мæн дæр. Æрбацæудзысты-иу ацы хæдзармæ, æмæ-иу мæн ам куы нæ æрбаййафой уæд- иу уæддæр æрлæудзынæн сæ зæрдыл. Адæймаг кæй зæрдыл æрлæууы, уыдонæй та рох нæу. Æмæ æз дæр рох нæ уыдзынæн мæ хъæбултæй.» Фынджы цур сæ абадын кодта, æмæ тагъд-тагьд архайдта- истытæ æрæвæрыйыл. Хæдзары ма цыдæртæ разынд: нозт, цыхт, джитъырийы цæхджынтæ, фæлæ ,дзы кæрдзыны къæбæр нæ уыди, æмæ йæ уый тыхсын кодта. Кæрдзын ссарын кæй хъæуы, Натъайæн уы зæгъын йæ Цæсгом нæ хъæцыд, Натъайæн та уыдæттæ йæ 'фæсонæрхæджы дæр нæуыдысты. Уæдмæ фæзынд Чатрн дæр. Цалдæр торне кæрдзын -æмæ дзидзайы кæрдихтæ æрбахаста йæ къухы, æмæ фынг рафидыдта. — Нæ фынг рафидыдта, — загъта Солтан. — Кæмæй рафидыдта, уыдон бирæ фæцæрæт, — загъта Домеитырдæм бакæсгæ, — мæ сæр сæ нывонд. Чатри уыцы арфæтæ йæхирдæм бамбæрста: — Фынг дæр æмæ хæдзар дæр мæнæ Домейы. хуызæттæй фидауы, Матрона, æмæ уыдонæн ракув. Уый йедзап сыкъа райста. — Мæ сæр сæ нывонд, — ракуывта зæрдзебынæй — ацы хæдзармæ ныр фæндаг базыдтой, ацы хæдзары уæрттæ ныр адон тыххæй уыдзысты гом, æмæ йæ мæ фæстæ дæр æдзæрæ кæнын цы нæ бауадзой, уыцы амонд сæ уæд. Мæ цахъæн адæймагмæ цæрыны фæндтæ нал вæййы, æмæ æз куы амæлон, уæд-иу ацы хæдзары дуæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ уæддæр цы байгом кæной, мæ уд сун уыи фестæд. Сæрд-иу уын улæфыны бынатæн уæддæр бабæздзæн. Мæнæн дæр æндæр ничи ис, зæрыббнты ма адон фæрцы ракастæн мæ цæстæй, адон уындæй ма барухс мæ зæрдæ, æмæ ме 'нæбары муртæ дæр адонæн фæдзæхсын. Чатри, нæ хъæуы ма хъуыддаджы лæг ды баззадтæ, æмæ дæуæн фæдзæхсын мæ зæгъинæгтæ: æз ныр зæронд дæн, чизоны раисом дæр амæлон уæд мын мæ мæгуыр муртæм ничи ницй бар дары, мæнæ ацы дыууæ хъæбул æмæ сæ хъæбултæй дарддæр. Чатри, дæ нывонд фæуон, мæ фæстæ дæр-иу сыл мæн тыххæй хи хъæбулты цин бакæнут, уæхи туг æмæ стæгау-иу сæ барæвдаут, мæ фæдзæхст» ныхастæ та-иу уæ рох мæ фæуæд. Зæрыбонты сæ уындæй мæ зæрда; барухс, æмæ цæрэенбонты сæ байзæддагимгæ зæрдæрухсæн фæцæрæд. Æвзæр зæрдæ сæм чи бадара, уый та-иу мæнæ ацы арахъау судзæд æмæ дудæт. Ацы хъæбулты низтæ та мæ хуылфы ацæуæд,—загътаг, æмæ йæ зæрдæ куы суынгæг уа, уый адæргæй сыкъа анызта: — Матрона, —дзырдга йæм Натьа, — цыма райсом цæрынмæ нал хъавыс, уый фæдзæхстытыл куы схæцыдтæ. — Адæймаг кæд амæлдзæн, уымæн чи цы зоны, Натъа, — загъта йын, — мæнæн та алы хатт уый фадат нæй, æмæ маг хъæубæстæн ацы хъæбулты ныффæдзагхсон. — Цæй, гъеныр ахæм ныхæстæ цæмæн хъæуынц? — фефсæрмы Доме. —Ой, Матрона дæр æвзæр куы ницы зæгъы,—йæ фарс рахæцыд Чатри,—ацы хъæубæстæм афтæ арæх нал æфтдзæн, æмæ адæймаг та йæ зæгъинæгтæ хъуамæ зæгъа. Матрона бирæ фæцæрæд, фæлæ æгъдау æгъдау у, ацы хъæубæсты æхсæн фæцард, æмæ йæ муртæ кæмæн фæдзæхсы, уый хъæубæстæ дæр хъуамæ зоной. Дæ фарн бирæ уæд, Матрона. Доме, — баздæхти Домеитйем, — Матрона уæздан ныхæстæ загъта, æвæццæгæн, уыцы уæздандзинад уæхицæй аразгæ у, æмæ уæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт. Ацы хæдзары фарн Матронайыл баст уыди, æмæ ныр иугæр Матронайы афтæ фæнды, уæд-иу амæй фæстæмæ сымах дæр не 'хсæнмæ цы цæуат, æмæ ацы хæдзары фæцудын куыд яикуы бауадзат, уый амонд уæ уæнт. Матронайы сымахæй ныфс йс, æмæ, уæ ныфсæй ацы хæдзар куыд никуы фæцуда уый дунескæнæг хуыцау зæгъæд. Чи уын ис, уыдонимæ цардæфсæст ут. — Ма тæрс, Матрона, ацы хæдзар никуы фæцуддзæн,— загъта ДЬмейы бинойнаг. —Дæ нывонд мæ сæр,—йæхи йæм бакъултæ кодта. Домейы бииойнаджы ныхас нæ фæцыди Чатри æмæ йæ бинонты зæрдæмæ — сæхирдыгонау æй бамбæрстой, æмæ сын хъыггомау уыди, æцæгæлон адæймаг, æцæгæ-лон хъæубæсты кæйдæр хæдзарыл йæхи æвиппайды кæй сбарджын кодта æмæ фæхъус сты. Доме йæхæдæг .дæр ницы æмбæрста йæ бинойнаджы ныхæстæн, æмæ йæм цалдæр хатты дисгæнгæ йæ цæстæнгас базылдта. Лæгтæ ма фæйнæ-фæйнæ анызтой, æмæ Доме йæ бинойнагмæ бадзырдта: — Ныр нын цæуын афон дæр у. — Цы тагъд кæнут, — архайдта, исты æфсæнтты йар хъæбулы афæстиат кæныныл, — къахæй цæуын уæ -куынæ хъæуы. Абадут ма. Домеиы бинойнаг æй бамбæрста: — Матрона, — йæ цæст æм æрныкъуылдта, — иу ма йын дæхи къухæй бадар. Домемæ диссаг кастысты йæ бинойнаджы уæлдай митæ, дзургæ йæм ницы скодта, фæлæ йæ сæр бан-къуыста. Уæдмæ Солтан сыкъа æрыдзаг кодта, æмæ йæ Матронамæ авæрдта. Уымæн ныр фадат фæци йæ хъæбулыл къухæй аныдзæвынæн, æмæ йæм бацыд, йæ иу къух ын йæ уæхскыл æрæвæрдта, иннæмæй йын сыкъа йæ дзыхыл сдардта: — Уый чи нæ аназа æнæдзургæйæ, уый мын мæ ингæнмæ ныккæсæд,—расомы йын кодта. Йæ хъæбулы уæнгты хъарм йæ армы тъæпæны бын банкъардта, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ къух йæ хъæбулы уæхскимæ æмхæст баци, иу уонг систы, æмæ йæ хъæбулы тугдадзинты цавд йе уæнгты анхъæвзта; йæ зæрдæ йæ нал хаста йæ къух йæ хъæбулы уæхскæй сиса, цыма йæ лыг ракæндзæн йæ хъæбулы буарæй æмæ йын фæрисдзæни. Фæлæ Доме сыкъа раджы анызта, æмæ йæ хъæбулы уæхскæй йæ къух куы фæхицæн, уæд æм диссаг фæкаст, афтæ æнцонæй йæ кæй райста. Лæгтæ сыстадысты, æмæ се сыстадæй йæ зæрдæ къултыл йæхи ныххоста: ныр хъуамæ йæ хъæбулы ахизын кæна, цæмæй йæ макуыуал фена. — Фæлæуут ма, — дзырдта сæм сонтæй, — уæ фæндагæн уын акувон. Йæ былтæ рызтысты, æмæ цыма къæзæнæг уыд, йæ ныхæстæ афтæ хъуыстысты. —Хорз фæндæгтыл цæут кæддæриддæр,—куывта сын, æмæ сыкъа дæр рызти йæ къухы, — лæгты дзуарæй фæдзæхст ут, кæддæриддæр уæ лæгты дзуар йæ рахиз базыры бын дарæт. Мæ уд уæ цæуæн зæххыты фæхъау. Кæд искуы исчи фæндагыл цыди æмæ йæ фæндаджы амонд уыд, уæд уыдон æмбал ут сымах дæр. йæ зæрдæ хæлбурцъ кодта, æмæ йæ уды рæбынæй йæ хъæбулæн раарфæ кæнын йæ бон нæ уыд; цы дзырдта, уыдон дæр æм кастысты кæйдæр ныхæстау, ацы тæк-кæ йæ æндæр цыдæртæ зæгъын фæндыд йæ хъæбулæн, йæ ризгæ былты æхсæнæй дзы къæзгæ цы дзырдтæ хауд, уыдон нæ, фæлæ бынтон æндæр цыдæртæ. Уыцы ныхæстæ, йæ уды рæбын йæ зæрдæйы хæлбурцъы чи сæфти, уыдон зæгъын йæ бон кæй нæ -бауыдзæн, стæй сæ куы сæппара, уæддæр ныхæстæй нæ, фæлæ кæуыны зæлтæй кæй сыхъуысдзысты, уый адæргæй! æндæр ницыуал загъта. — Дзуары лæджы куывтытæ кæныс, — худти Натъа. Лæгтæ рахызтысты, ахызтысты Натъа æмæ Венера дæр. Домейы бинойнаг фæстейæ аззад, æмæ йын ныр та уый ныззезелæг йæ цонгыл. —— Чындз, — суæндыди йæм уыцы номæй, — чындз, цард дын фестон, ныр ацы хæдзармæ фæндаг базыдтай, æмæ-иу æй мæ фæстæ дæр федзæрæг кæнын ма ба-уадз. — Ма тæрс, — худтис Домейы бинойнаг, — мæхицæй дын сомы кæнын. Фæлæ гæдыхъæда.у кæй ризы, уый куы фæхатыд, уæд æй дисгæнгæ афарста: — Цы кæныс, цы? Уазал сдæ? Ризгæ куы кæныс? Цы йын хъуамæ загътаид. — 0. Суазал дæн. Уæдмæ Доме æмаз Солтан машинæйы сбадтысты. Сæ цурмæ куы бахæццæ сты, уæд Доме машинæйаа йæ бинойнагмæ, йæ к.ъух радаргъ кодта, дæтта йæм хæцъи-лы тымбыл: — Авг ма асæрф. Руг ыл ныббадт. Домейы бинойнаджы разæй фæци, æмæ Домейы къухæй уыцы хæцъилы тымбыл райста, райста хæцъилы тымбыл, йæ армыдзыхъы йæ нылхъывта, æмæ авг сæрфыныл барæуæг, авг сæрфыны æфсон цинтæ кодта йæ хъæбулы машинæйыл. — Хорз у, — загъта йын Доме. Хæцъилы тымбыл йæ армыдзыхъы нылхъывта, æмæ иуварс алæууыд. —Цæй, хорзæй уал баззайут,—загъта Домейы бинойнаг дагр, æмæ машинæйы сбадт. Уыцы хæцъилы тымбыл йæ къухы нылхъывта, æмæ тарсти, исчи сæ машинæйæ фæстæмæ куы рахиза, æмæ йын æй куы байсой. — Сом дæм æрбацæудзынæн, — машинæйæ йæм ра-дзырдта йæ хъæбул, æмæ машинæ скусын кодта. Базыдта йæ, нмртæккæ анкъуысдзысты, ацæудзысты; ацæудзысты, æмæ уый дæр ацæудзæн... — Кæдæм?.. — Доме, — сирвæзти дзы сонтæй. Уый машинæйæ йæ сæр радардта: — Ы? Æмæ фæхъуыды кодта: тас у, сæ цурмæ куы ба-цæуа, уæд йæ къухы цы хæцъилы гæппæл ис, уый йын куы байсой, уый дæр ын куы байсой, уый дæр ын семæ куы аласой. Цæмæндæр ныр йе стырдæр æнхъæлц ацы хæцъилы гæппæл уыди. Æмæ сæм ницыуал сдзырдта. Касти сæм дзагъырдзæстæй. Кæти сæм дзагьыр-дзæстæй, æмæ дис кодта, цæмæннæ цæуынц? Цы ма дзы байсынмæ хъавынц? Цыдæриддæр æм уыди, уый ныр уыдон куы у, куы ницы сын бавгъау кодта, йæхицæн дзы куы ницыуал ныууагъта, уæд ма дзы цы байсынмæ хъавынц? Цы ма йæм ис? Куы ницыуал æм ис... Машинæ йæ бынатæй куы феккуырст, фæндаджыфæ-зилæнтæ йæ се тары куы амбæхстой, уæд хæцъилы гæппæл йæ дæларм акодта, æмæ атындзыдта хæдзармæ. 9 Хæдзармæ куы баирвæзт, уæд дуар йæ фæстæ æн-гом рассыдта. Ныр æй зыдта, уыцы дуарахгæд цы нысын кæны. Миййаг та йæм цард адджын куы фæкæса, æмæ та уыцы дуар куы байгом уа йæ фæстæ, йæ удæн. уый тасæй дуар дæгъæлæй сыхгæдта, æмаг æрбадт сын тæгыл. Изæры бæрджытæ æхгæддуар хатæнмæ дæр ардтой фæндаг, чеуылдæрты хъуызыдысты мидæмæ, æмæ къуымты, хæдзары къултыл æмæ æндæр рæтты сæхи æргом кодтой сау æмпъузæнтау, мæрддзыгойы дарæсау, марды хæррæгътау. Сынтæгыл æрбадт, æмæ йæ къухы цы хæцъилы гæп-пæл уыд, уый райтынг кодта. Хæцъилы гæппæл разынд хæдоны дыс, нæлгоймаджы хæдоны дыс. Уыцы хæдон,ацы дыс кæуыл уыд хуыд, уый кæддæр Доме йæ уæлæ кæй дардта, йæ уæнгты хъарм дзы кæй баззад, ууыл хъуыдыгæнгæ, дысы скъуыддзаг йæ дæллагхъуыр ныккодта, ныттыхта йæ йæ дæллагхъуыр, æмæ йыл хаста йæ ризгæ къухтæ. Хæдоны дысæй цавæрдæр дыз-дызгæнаг тых æнхъæвзта йæ удмæ æмæ фæхатыд, уый йæ хъæбулы туджы цавд кæй у, йæ хъæбулы буары хъарм. Зыдта йæ, ныр æй цы аразын хъæуы, фæлæ уыцы хæдо-ны дысы цы хъарм банкъардта, уый æнæхъæнæй дæр йæхи буармæ куы равдæлон кæнид, уыцы хъуыды йæ фæстиат кодта. Хæдоны дысы та уыйбæрц хъарм баз-зад, æмæ йыл цас фылдæр хæцыд, уыйбæрц ын тынгæй-тынгдæр æндæвта йæ удмæ. Æмæ афтæ, уыцы хæдоны дыс йæ дæллагхъуыр ныттухгæ, хъуыды кодта, ацы хæцъилы гæппæл дæр ын йæ хъæбулæн бирæ хæрзты кæй бацыд, тæвд боны йæ хурæй кæй хызта, уазал боны—уазалæй; хъуыды кодта ууыл, æмæ æнæнхъæлæджы æрцыд йæ хъуыдымæ: чи зоны, йæ хъæбул дæр искуы æрцагура йæ ады дарæс, ныттуха йæ йæ дæллагхъуыр, æмæ дзы банкъара йæ мады зæрдæйы хъарм? Уыцы хъуыды йæ æркæсын кодта йæхимæ. Йæ дарæсæй цыдæртæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Сыстад, æмæ къуымты цыдæртæ ацагуырдта, цыдæртæ ивта йæ дарæсæй, æмæ хъуыды кодта, дарæс дæр канд дарæс кæй нæу, уазал æмæ йæ æнтæфы тыххæй кæй нæ дарынц адæм, фæлæ ма сын ноджы бирæ хæрзты кæй бацæуы: æппын кæд ницы, уæд ма сын Сæ гом буары æфсæрмаг уæддæр æмбæхсы. Æнæ дарæсæй адæм цы ми хъуамæ кæниккой, ууыл куы ахъуыды кодта, уæд цæмæндæр йæ зæрдыл æрлæууыдысты, айразмæ доны был бæгънæгæй цы чызджыты федта, уыдон. Æмæ та йæм ныр дæр диссаг фæкаст уыцы чызджыты æнагъæттаг ми. «Уæ адæ-мы азар уæ басудза, — нæ та баурæдта йæхи, æмæ сæм хæцыд йæ мид-зæрды,—кæд сылгоймаг йæ гом буарæй не 'лхæны адæмы зæрдæ. Сылгоймаджы хуыцау уымæн сфæлдыста, æмæ сылгоймаг уа. Сылгоймаг йæ цардыл йæхæдæг цуан куы кæна, уæд ма уый цæй сылгоймаг у. Алы сылыстæг дæр йæ гыццылæй фæстæмæ уымæ куы фæтырны, цæмæй йæ ранмæ ахæццæ уа: гыццыл чызджы фæфæнды — сыстыр уа, куы бахъомыл вæййы, уæд æй фæфæнды — счындздзон уа, йæ чыцдздзон кары йæ фæфæнды чындзы ацæуа, чындзы фæцæуын та йæ уый тыххæй фæфæнды, æмаа йын сывæллон уа, мад уа. Æмæ цалынмæ дæ уыцы ранмæ ахæццæ уай, цалынмæ мад суай, уæдмæ чи не 'мбæлы, ахæм мртæ аразын куыд хъуамæ бауæндай? Куы йæ зоныс, искуы дын сывæллæттæ уыдзæн, æмæ дæ миты тыххæй. дæ хъæбулты раз ныхкъуырд уыдзынæ. Нæ, мады ном стыр у, хуыцау-• сылгоймаджы уый тыххæй сфæлдыста, цæмæй мад суа, æмæ уыцы номы тыххæй алцæуыл дæр хъæцын хъæуы, мады ном сæрысуангæй сыгьдæгæй æвæрын хъæуы, ма-ды ном стыр ныхас у хуыцауы бын, æмæ йæ алцæмæй дæр хъахъхъæнын хъæуы, цæмæй искуы дæ хъæбулты раз ныхкъуырд ма уай, цæмæй йскуы дæ хъæбултæ сæ мады номæй сæрныллæг ма уой адæмы раз. Мад кæй дæ уый тыххæй дæ канд дæхи хъæбултæ нæ, фæлæ иннæты хъæбултæ дæр сæрыстыр хъуамæ уой. Хъæбул дын ис æви нæй, дæ цуры ис, гъе сæфт у, уæддæр нæ хуыцау уый тыххæй сфæлдыста, цæмæй мæдтæ уæм, æмæ уыцы ном та сыгъдæгæй æвæринаг у, уыцы номæн счъизигæнæн нæй, цæмæй нæ хъæбултæ уой амондджын æмæ сæрбæрзонд, цæмæй нæ хъæбултæ сæхæдæг дæр сыгъдæг æмæ рæсугъдæй тырной сæ ранмæ». Йæ дарæеæй цыдæртæ раивта, æмæ йæ фадбарцæй йаг зæрдæ куы барухс, уæд та сынтæгыл æрбадт, уыцы хæдоны дыс та балхъывта йæ риумæ. — Уæ хъæбул, уæ мæ зæрдæдарæн, — стыхст, æмæ хъæрæй ныхæстæ кодта, йæ риумæ цы хæдоны дыс нылхъывта, уыимæ,—æз дæу бахиздзынæн æгадæй. Бахиз-дзынæн дæ æгадæй, хъæбул. Сайгæ дæ нал кæнын, цард дын фестон, ингæны къæсæрыл дын уæддæр мауал зæгьон гæды ныхæстæ. Ды, хъæбул, цардæй цæмæй бафсæдай, уый дын фестæд дæ мады уд, дæ мадмæ æцæгæ-лоны цæстæй уымæн ракастæ, æмæ дын æцæгæлон у æцæгæйдæр. Дæу дæ мад йæхицæй куы фæиртæста, уæд дзы тагъд байрох дæ, цард дын фестон. Рох дзы нæ фæ-дæ, мады зæрдæ уæддæр мады зæрдæ у, æмæ мады зæрдæ та йæ хъæбулы никуы ферох кæндзæни, фæлæ ды дæ мадæй куы фæиртæст дæ, дæ мад дæ цæстæй куы нæ уал уыдта, дæ мады ныфс куы асасти, дæу кæй нал ссар-дзæн, уымæй, уæд, дæ мады зæрдæ фæтарсти, хъæбул; тарст адæймаг та йæхи мидæг аныгъуылы, йæ зæрдæмæ ныхъхъусы, æмæ сылюймаг йæ зæрдæмæ куы ныхъхъуса, уæд дзы æдыхы хъæрæй дарддæр куы ницы фехъусы. Сылыстæг царды быцæутимæ дæр æдых у, æмæ ма уыцы царды быцæутæй афтид куы абады, уы-цы царды быцæутæ йын куы ракæлынц, уæд бынтон куы сыдых вæййы. Нæ, хъæбул, уæд дæ мады мардыл дæр ма скæуай, æз ма дын ингæны къæсæрыл дæр мæнг ныхæстæ куы зæгъон, æз ма дæу куы фæсайон. Сылыстæ-гæн алы хатт царды быЦæу уый нæ разыны, кæимæ фæцæры, йæ цард кæимæ сбæтты. Адæймаджы уды цæуæнтæн, æвæццæгæн, хæйрæджытæ сты фæндагамонæг, æмæ адæймаг йæхæдæг дæр нæ фæзоны, цы фæндагыл æй ацæуын хъæуы. Адæймаджы уды сдзурæнтæ алыхуызон сты, нæ удты мидæг зæйбадæнтæй ныхъхъус вæййынц æмæ цы унæрмæ раскъуыйдзысты, уый нæхæдæг дæр куы нæ фæзонæм. Ды дæ мадæй куы фæиртæстæ, дæ мады ныфс куы асаст, искуыцæй м-а разынай уымæи, уæддæр ма дæ мад ныфсджын куы уыди: зыдтон æй, мæ зæрдæ йæ хатыди, куы нæ дæ ссарон, уæддæр ды удæгас кæй дæ, цæргæ кæй кæныс, æмæ мын дæ цардæй цард адджын куы уыди. Æмæ.ма ноджы, цард дын фестон: сылыстæг уæддæр сылыстæг у, æмæ дæ фыд дæр искуыцæй кæй фæ-зындзæни, уый дæр мыл базыртæ куы сагъта, уыцы ныфсæй дæр ныфсджын куы уыдтæн. Дæ фæстæ ма уыцы ныфсæй цардтæн, кæд, зæгъын, дæ фыд искуыцæй фæзынид. Дæ фыды ныфсæй ныфсджын уыдтæн, афтæ мæм касти, æмæ уый куы фæзына, уæд дæуæн дæр æнæ ссаргæ кæй нæй, дæ фыды фæзындимæ ды дæр кæй ра-зындзынæ. Дæ фесæфты фæстæ мын царды æнхъæлцаутæ иууылдæр дæ фыды фæзындимæ баст уыдысты. Æмæ дæ фыд куы фæзынди, цалдæр азы фæстæ йæ хæдзар куы ссардта, уæд та мæ зæрдæйы царды ныфс куы ба-цыд. Загътон та: ныр мæ зындзинæдтæ фесты, æмæ мæ цæрынæй дарддæр ницыуал хъæуы. Фæлæ, хъæбул, куы ма дын æй загътон, адæймаг йæ цард кæимæ сбæтты, уый алы хатт йæ царды быцæу нæ разыны. Дæ фыд афтæ æдыхæй фæстæмæ куы æрыз-дæхт, уæд ма мæхи хъаруйæ мæхи удмæ цы быцæутæ æвæрдтон, уыдон дæр мын куы æркалдысты. Нæ хъæбул, уæд дæ мады мардыл дæр ма скæуай, ды афтæ куы ахъуыды кæнай, æмæ дæ фыд цæнкуылтæй кæй æрыздæхт, уый тыххæй йыл суæлæхох мæ зæрдæ. Дæ фыд афтæмæй куы æрыздæхт, уæд фыццаг бонты ды дæр куы айрох дæ мæ зæрдæйæ. Айрох дæ мæ зæрдæйæ, ныр дын мæнæй хъаруджындæр сæрыл хæцæг кæй фæзынд, уый ныфсæй. Ныр дæ сæрыл дæр æмæ мæ сæрыл дæр æцæ-гæй чи сдзура, æппæтæй дæр нæ чи бахъахъхъæна, уый кæй фæзынд, уыцы хъуыдыйæ алы бæрн дæр бакодтон дæ фыды æвджид. Сывæллонау, мæхи бакъул кодтон йæ ныфсы бын, æмæ мæм афтæ касти, цыма ныр бæстыл цыфæнды стыр фыдтæ куы цæуа, уæддæр нын тас ницæмæй уал у, дæ фыд æппæт дæр сараздзæн, æмæ æп-пæт аразынхъом дæр у. Утæппæт фыдæбæтты фæстæ мæхимæ фæкастæн æнахъом сывæллоны хуызæн, æмæ æнахъом сывæллон йæ ныййарджыты æппæтхъом куыд фенхъйелы, афтæ æз дæр мæхи баппæрстон дæ фыдыл.. Дæ фыд та ахæм нæ уыд. Хъæбул, иу ныхас дын хъуамæ .зæгъон, дæ нывонд фæуон æмæ мæм дзæбæх æрбайхъус: царды дæ ныфсы охыл чи цы æнхъæлцау у, уый дæм куы нæ разына, уæд цыфæнды стыр хъуыддæгтæ араз, уæддæр зæрдæйы цыдæр ахæм лыстæг уидæгтæ аскъуыйы, æмæ бандæдзæн кæмæн нал вæййы. Уды мидæг уыцы лыстæг уидæгтæ аскъуыйынц, æмæ адæймагæн йæ цонг куыд ахауа æмæ йæ хауд цонгмæ куыд фæкæсы, афтæ уæлдайæ аззайы: уыныс æй, ай дæ цонг уыди, дæ дарæг цонг, йе змæлды фæрцы змæлыди дæ зæрдæ дæр, фæлæ цыдæр фыдбылыз æрцыд, дæ цонг дæ буарæй ахаудта, уыныс æй, дæ цонг дæ уæнгтæй куыд фæхицæн, æмæ дæ куыд нæ фæнды, дæ дарæг цонг фæстæмæдæ уæнгтыл куы андæдзид, куы та сызмæлид де 'уæнгты змæлдæй. Фæлæ хаудцонг нал æндæдзы дæ уæнгтыл; уый нæ, фæлæ йæ уыныс, куыд сафтиди, де уæнгты цы туг æнхъæвзта.уымæй, де уæнгты змæлд æй нал змæлын кæны, де уæнгты тъæлфтæй нал стъæлфы, æмæдæцонгкæй уыди, дæ буары иухай, уый адæргæй йæм кæсыс тæригъæддаг кастæй, фæнды дæ, исты хунзы йæ фæстæмæ дæ буарыл бандадзай, æмæ уы-мæн та гæнæн нал ис, уый та дæ туджы цавд нал хаты. Афтæ уыд дæ фыд дæр. Уый бæрц ныфс кæмæй æвæрдтон, уыцы дудгæбæтты дæр ныфсджын кæй ныф-сæй уыдтæн, уый мæ удæн разынд æцæгæлон адæймаг. Куы дын æй загътон, хъæбул, уый тыххæй нæ, æмæ цардæфхæрдæй кæй æрыздæхт. Нæ, хъæбул, мæхи дæ разы рæстытæ нæ кæнын, нæдæр дын гæды ныхæстæ зæгъдзынæн, мæхи дæ уый тыххæй нæ тонын, æмæ мæ ингæны къæсæрыл дæу фæсайон, гæды ныхас дын зæгъон, фæлæ дæ фыд æцæгæйдæр æндæр адæймаг разынд. Ивгæ нæ фæкодта, цы уыд, уый уыди, йæ удыхъæд афтæмæй баззад, æмæ йын йæ удыхъæдь» миниуджытæм уыцы фыдæвзарæнты фæстæ куы æркастæн, кæй ныфсæй ныфсджын уыдтæн, уый бæстон куы бамбæрстон, уæд мæм цард дæлдзиныгæй-дæлдзиныг-дæр фæкаст. Æз сывæллонау ныфсы хъарумæ кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый йæхæдæг сывæллоны æдыхæй ноджы æдыхдæрæй æнхъæлмæ касти мæ хъарумæ. Уæ, хъæбул, ды йæ нæ зоныс, куыд-иу мæ фæндыд, уый бæрц ныфс кæмæй æвæрдтон, уый мæ удыл барджын кæй у, мæ удыл æрмæстдæр уый бар кæй цæуы, уый базонын; куыд-иу мæ фæндыд, рынчынæй дæр, уатон рынчынæй дæр уый куы уаид хæдзары хъуыддæгтæ ара-зæг; æппын ницы, фæлæ мæ удыл йæ бар кæй цæуы, уый мын йæ дæрзæг митæй уæддæр куы равдисид, йæ къух дæр мæм куы райсид, нæмгæ дæр мæ куы фæкæнид, цæмæй йæ базонон, мæ удыл чидæр барджын кæй у, чидæр нæ, фæлæ мæ мой, мæ хъæбулы фыд, уал азы кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уал азы ме 'ппæт фыдæбæттæ-дæр кæй номы цур ницæмæ дардтон. Æппын ницы, фæ-лæ мæхицæй тыхджындæр кæй у, мæхицæй æппæтхъомдæр кæй у, ууыл куы баууæндыдаин, уæд мæ бауырныдтаид кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый æцæгæйдæр ме стыр» ныфс кæй уыд. Дæ фыд та ахæм нæ уыд. Уый уыд æдых сывæллоны хуызæн, æппынæдзух кæйдæр цæстæнгасмæ чи æнхъæл-мæ кæсы, ахæм сывæллоны хуызæн. Æмæ мæ зæрдæма? цы лыстæг уидæгтæй уыд баст, уыдон цадæгтай скъуы-йын райдыдтой, скъуыдысты уыцы лыстæг уидæгтæ æмæ... Уæ, хъæбул, уæ мæ зæрдæдарæн. Уæддæр та дын цыдæртæ раст нæ дзурын, дæ нывонд фæуон. Нæ, хъæбул, сайгæ дæ нæ кæнын, гæды: ныхас дын нæ ракæндзынæн, фæлæ цы дзурын, уыдонæй цыйа мæхи дæ разы раст кæнын, афтæ мæм кæсы. Æндæр цыдæр ныхæстæ дын хъуамæ зæгъин, фæлæ уыцы ныхæстæн та ном нæ арын, дæ разы мæхиуыл комдзогæй цæуæгау цæуын, æмæ дын уый тыххæй дарддæр ницыуал зæгъдзынæн, цард дын фестон. Зæгъдзынæн ма дын æрмæст уый, æмæ адæймаг царды йæхи кæимæ бабæтты, уый хъуамæ йæхи хуызæн уа, кæннод сæ цард никуы рауайдзæн, æмæ цæрыны æфсон, сæхи сайгæ, кæй- дæр цардмæ хæлæггæнгæ, æгады цард фæкæндзысты.. Уый дын мæ ныхас у, мæ «хъæбул, æмæ йæ дæ зæрдыд бадар». 10 Хæдзары ма йæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уыдон бæс-тон кодта. Нæ йæ фæндыди, исты йæ фæстæ æнæзæрдæ-мæдзæугæйæ ныууадза. Систа фынг дæр. Æрмæст сыкъа æмæ дурын йæ цæст нæ бауарзта фынгæй сисын æмæ йын æфснайнаг дæр куы ницыуал уыд, уæд сыкъа» æрыдзаг кодта, æмæ бынаты хицаумæ цы къуыммæ фæ-кувынц, уый размæ йæ зонгуытыл æрлæууыд, бæгъæмсарæй; йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ иу къухæй хæцыдуыцы хæцъилы гæппæлыл, иннæмæй—сыкъаиыл æмæ афтæмæй скуывта: «Уæ, а-бынатыхицау! Цæрæнбонты дæумæ лæгъстæ кæнын, мæ стырбоны æувинагæй дæр дæумæ куывтон, æмæ—мæ къаты бо-ны къæбæрæй дæр. Æвæццæгæн мын æххуысгæнæг уыдтæ, æмæ зæрыбонты мæ зæрдæ мæ хъæбулы уындæй кæй барухс, уый дæр дæ фæрцы уыди. Ныр ма мæнæ фæстаг хатт дæ разы зонгуылæй лæууын, æмæ лæгъстæ кæнын: ацы хæдзарæн йе 'цæг хицау йæ къах къæсæ-рæй æрбавæрын æрбафæрæзта, æмæ йæ мæ фæстæ куыд нæ федзæрæг кæна, уыцы амонд мын радт. Ацы хæдзар хуыцаумæ кувæг хæдзар уыд, æмæ кæд искуы истæмæй хуыцауы ном рæстмæ не 'ссардтам, кæд куыд æмбæлы, афтæ-иу ын не скуывтам, æмæ уымæй стыр. гхуыцауы нæхимæ фæхъыг кодтам, уæд уыцы азар мæ сæрыл æртыхсæд. Мæ хъæбулы цард та мын, стыр хуыцау, .даргъ æмæ уæрæх ауадз. Уæ, Мадымайрæм! Ды хъæбулы хицау дæ, кæд искуы исчи хъæбулы зынуæ бавзæрста æмæ хъæбулу номыл йæхи æрхаста, уæд уый ды уыдтæ, æмæ дæм фехъуысæд мæ лæгъстæ дæр: демæ мæхи нæ барын, дæ хъæбулы номыл дын мæ хъæбулы нæ абардзынæн, фæлæ мад кæм дæ, уым алы мады зæрдæйы уаг дæр æмбарыс, æмæ мæ хъæбул дæ уазæг фæуæд. Мадымайрæй, ды сыгъдæг уд дæ, цæмæй дæм нæныхас фехъуыса, уый тыххæй дын урс уæрыккæй ссарæм .дæ ном; æз дын урс уæрыкк нæ хæссын нывондæн, ахсæв дын урс уæрыкк-нывондæй скувын нæ баци мæ бон, фæлæ мад кæм дæ, уым хорз куы зоныс, мадæн йæ хъæбулæй йæхи атонын куыд риссаг у, æмæ ахсæв æз, здæмæй мæ хъæбул зæххыл сæрныллæг ма уа, адæмы схойгæ цæстæнгас макуы банкъара, уый тыххæй дзы тонын мæхи, уый тыххæй нывондæн хæссын мæ сæр, æмæ дæм бахъарæд мæ мæгуыр зæрдæйы уаг, фехъуысæддæм мæ зæрдæйы схъæрзт. Ды мад дæ, æмæ мады зæрдæйы схъæрзт дæ хуызæн ничи бамбардзæни: уæ, Мадымайрæм, æз хъæбулы номæн нывонды аккаг нæ дæн, фæлæ уæддæр мæхи нывондæн хæссын йæ сæрвæлтау, йæ номы тыххæй, æмæ мын мæ хъæбулы ном æгадæй бахиз, эдæ хъæбулы мын бахъахъхъæн адæмы схойгæ цæстæнтасæй. Уæ, хъæбул! Уæ, дæ нывонд фæуа дæ ныййарæг мад, дæумæ та ма цы номæй бадзурон, цы ныфсæй ма дæм бакъул кæ-нон мæ сæр фæстаджы сахат — мæ сæр де 'гадгæнæг кæй у, уый тыххæй куы батындзыдтон фæстаджы сахатмæ. Уæ, хъæбул, уæ мæ зæрдæдарæн, ма тæрс, дæ нывонд фæуон, нæ дын бауадздзынæн дæ сæр æгад кæнын. Æрмæст-иу, мæ хъæбул, цæстырухс дын фестон, æнæныгæд ма ныууадз дæ мады, схæццæ-иу æй кæн уæл мæрдмæ. Адæм дæр мæ схæццæ кæндзысты уæлмæрдмæ, цард дын фестон, махмæйы адæм мардæн стыр кад кæ-нынц, мардæй æвзæр нæ дзурынц, æмæ дæ мадæн дæр скад кæндзысты, мæ хъæбул. Скад кæндзысты дæ мадæн дæр, лæ хъæбул, цæстысыгтæ æмæ йæ хъарджыти-мæ схæццæ кæндзысты йæ бынатмæ, фæстаг æгъдау рат-тыныл дзы йæхиуыл ничи бацауæрддзæн. Мæрддзыгой адæм дын æппæлдзысты мæнагй, радзурдзысты дын, цы фыдтæ бавзæрстон; дзурдзысты дын, хъæбул, мæ дудгæбæттæ, æмæ-иу сæм лæмбынæг байхъус, ма-иу сæ сфæлмæц, ма-иу сфæлмæц дæ мады хабæрттæй. Зонын, æй, хъæбул, ме 'гады митæ дын не схъæр кæндзысты, бамбæхсдзысты сæ дæуæй, æмæ ды мæ дудгæбæттæ куы базонай, уæд дæм æз арвæй зæххы астæу æппæты сыгъдæгдæр адæймаг фæкæсдзынæн, мæ уæззау хабæрттæй дæ зæрдæ бамæгуырхуыз уыдзæни, æмæ, чизоны, дæ уды рæбынæй схауа дæ уæззау улæфт, схъæрзай дæ къæхты бынæй, æмæ дæ цæстытæ донæй айдзаг уой, цæсты рухс дын фæстон. Дæ цæссыгтæ æркæлдзысты, æмæ дæм, чи зоны, гъеуæд искуыцæй бахъара, æз дын бынтон æцæгæлон адæймаг кæй нæ уыдтæн, цыДæр бавæййаг дын кæй уыдтæн. Зонын æй, хъæбул, дæ зæрдæ æнæ-мæнгæй фехсайдзæни, чидæр æввахс адæймаг дын кæй уыдтæн, фæлæ-иу уымæй уæлдай адæмы хынц фарстытыл ма схæц, адæм дын сæхæдæг цы дзурой, уымæй дарддæр сæ мацæуыл дом, ма-иу тырн æппæт базонын-мæ; дæ зæрдыл дар, йæхимæ йæ къух чи райсы, уый хуыцауы бын бынтон рæстагæй кæй нæ фæцарди, цыдæр тæригъайдджын кæй у, æмæ тæригъæдджын адæймагмæ та зæрдæ фæхъæбæр кæнын кæй зоны. Дæ зæрдыл- иу дар уыцы хабар, æмæ-иу адæмы дзурæн дзых йæхи адыл бауадз. Уыдон дын радзурдысты, æз адæймаг цæмæйты уыдтæн, уыдæттæ. Уыдон дын радзурдзысты, мæ номæй сæрбæрзонд цæмæйты уаис, æрмæст уыдæттæ. Æмæ йæ кæд базонай, æз дын чи дæн, уæд мæ номæй сæрыстыр уыдзынæ, æмæдæмиу адæймагдæр дæ мадæй кадджындæр нал кæсдзæни ацы зæххыл. Уæд дæм мæ фæстæ мæ ном кадджынæй æрыздæхдзæн. Зон æй, хъæбул: адæймаг адæмы раз нæ, фæлæ йæхи раз куы вæййы тæригъæдджын, уæд ын уыцы тæригъæд йæ мæлæты фæстæ ныббарынц; ныббарынц ын æй, уыцы тæ-ригъæды сæхæдæг аххосджын кæй уыдысты, æрмæст уый тыххæй. Æндæр адæм барын ницæмæй зонынц. Æмæ ницы дæр барынц». Сыкъа анызта, æмæ слæууыд. Нозты фæстæ йын цард куы садджын уа, уый тæсæй сыкъа æмæ дурын бафснайдта. Арынджы сæрæй бæндæн райста. Цары æндзæлмттæ цы дæргъæй-дæргъмæ амад хъæдтыл æн-цадысты, уыдонæй иуыл дыууæрдыгæй хуыд уыд æфсæйнаг сиучытæ—дзидза ауындзынæн. Къæлæтджын бандон ын йæ быны æрæвæрдта æмæ скаст цармæ. Цар æгæр бæрзонд уыди. Уæд иу табуреткæ къæлæтджый бандоныл æрæвæрдта, æннæ та — бандоны раз. Скасти та хæрдмæ. Æппæт дæр ын цæттæ уыд. Йæхиуыл йæ цæст æрхаста, йæ дарæс барæстытæ кодта, æмæ йæ цæстæнгас æрзылд къуымты. Дуармæ куы фæкомкоммæ, уæд фæхъуыды кодта, дæгъæлайй æхгæд кæй у. Сом æй дæгъæлæй æхгæдæй куы æрбаййафой, уæд æй цъæл кæнын кæй бахъæудзæн, уый адæргæй дуары дэегъæл æрзылдта, æмæ дуар байгом кодта: гом дуары æдде æрыхъуыста адæмы хъæлæба. Нæ йæ фæндыди, адæмы хъæлæба хъусгæ ацæуа цардæй, стæй йæ хъуыдымæ æрцыд, уыг æмæ ма æндæр мæргътæ дæр марды цæстытæ къахынмæ æмхиц кæй сты, æмæ дуар уæгъд æхгæд акодта. Ныр æй зыдта, йæ хъæбул дзы кæй ацыди, æмæ йæ хъæбулы кæй никуыуал фендзæни; зыдта, цæрæйбонты цæмæй тарстн, уыцы рæстæг кæй æрцыд: ныр æнустæм фæхицæни йæ хъæбулæй, ныр арвæй зæххы астæу ахæм тых нал ис — йæ хъæбулы ма кæй фендзæн, ахæм ныфс ын чи радта, ууыл æй чи баууæндын кæна. Фæлæ уыцы хъуыды нæ уыд тасæфтау. Цæрæнбонты цæмæй тарет, уыцы сахат куы ныллæууыд, уæд ын уый йæ уды тас нал æвзæрын кодта; уый нæ, фæлæ ма дзы сæрыстур дæр уыди, æмæ сæ фæхицæнæй рæвдыдта йæ уды. Йæ уды ма рæвдыдта ноджы иу хъуыдыйæ: йæ хьæбулæй фæ-хицæни, йæ хъæбулы никуыуал фендзæни, фæлæ ма йæ йæ хъæбул йæхæдæг фендзæни, æнæмæнг ма йæ фендзæни. Базона йæ æви нæ — йæ мад кæй у, йæ ныййарæг мад, уæддæр ма йæ иу хатт æнæмæнгæй фендзæн; фендзæни йæ, æмæ стæй зондзæн: кæм æмæ цы ран ис йæ бынат ын зондзæн йæ хъæбул, æмæ йæ æндæр ницы хъæуы. Цы ма йæ хъæуы æндæр? Ницы. Адæймаджы цы хъæуа, уый йæ къухы куы бафта, уымæй дардæр æй зæххыл куы ницы уал хъæуа, уæд ахæм адæймаг амондджын у, уæдæ цы у! Нал æй фдендыд хъуыды кæнын, цард та йын куы адджын уа, уый тасæй. «Ныр мын цæуын афон у», — загъта йæхицæн. «Кæдæм? Кæдæм?» — фæдисы дзæнгæрджытæ йыл иагъта цард йе 'нусон змæлдæй. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты Багайы ныхæстæ. «Мæ уды цы хæйрæг бады, уымæй дæр фервæзын кæнон мæ хъæбулы» — бахудти йæ мидбылты. Бандоныл цы табуреткæ æрæвæрдта, уымæ куы схызт, уæд бæндæн абæрстытæ кодта, йæ иу кæрон ын цæггонд сарæзта, иннæ кæрон цн баста æфсæйнаг сиучытæм, æмæ, бæндæны кæрон йе 'лхъывд къухты æхсæн здухгæ, йæхинымæр дзырдта йæ хъæбулмæ: «Уæ хъæбул, уæ мæ зæрдæдарæн... Мæнæ ацы синаджы гæппæл, мæ хъйебул, дæу æга-дæй чи бахиза, уыцы хæрзгæнæг у, æмæ-иу ыл бацин кæн; чæрдиагæй-иу ыл бацин кæн: дæу дæ мады æгад-гæнæг номдей бахиздзæни дæ мады та йæхи сæры æгадæй бахиздзæни ацы синаджы c8oo8k. Уæ, хъæбул! Мæхиуыл хъарджытæ кæнын, дæ фæхъау фæуон, мæ мардыл мын зæрдиаг куыдтытæ ничи бакæндзæни, æмæ мард та мард уымæн фæхуыйны, æмæ йын зæрдиаг куыдтытæ исчи бакæна; цыфæнды мард дæр мард у, хъæбул, æмæ мардæн та зæрдиаг куыдтытæй фæкæнынц стыр кад, зæрдиаг куыдтытæй стырдæр кад ын ницæмæи уал саразынц, æмæ мæныл та зæрдиаг куыдтытæ ничи бакæндзæни, æмæ мæхæдæг мæхиуыл уæддæр бакæнон зæрдиаг куыдтытæ, хъæбул. Уæ, хъæбул, уæ мæ зæрдæдарæн хъæбул! Уæ, мæ зæрдæдарæн хъæбул, мæ зæрдæдарæн!» Уæдмæ бæндæны кæрон сиучытæм бастгонд фæци. Бæндæны иннæ кæрон йæ хъуырыл æркодта, иучысыл æй къухæй æрæлхъывта, æмæ бандæтты йæ къахæй ариуыгъта. Йе 'ппæт уæз дæр йæ хъуырыл куы рæнцад, уæд æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд уыцы хæцъилы гæппæл, Домейы хæдоны дыс, йе 'тары æвæрдæй кæй айрох, æмæ ахæм рæстæджы искæй дарæсæй исты ахæссын кæй нæ фæччы. Ныр дыууæ къухæй дæр фæлæбурд-та йе 'тармæ, агуырдта уыцы хæдоны дыс, фæлæ къух-тæ йæ коммæ нал кастысты, нæ йæ ардта, æмæ уæд фæлæбурдта бæндæнмæ: бæндæныл дæр йæ къухтæ цъелф кодтой, йæ бон нал уыд йæ хъуыры æлхъывд чысыл фæуæгъд кæна, æмæ та уæд ногæй фæлæбурдта йе 'тармæ. Йæ къухтæ нæ æмæ нæ хæст кодтой йæ хъæбулы хæдоны дысыл, æрмæст йæ дарæс йæ уæлæ сыхуылтæ кодта, æмæ йæ ныр афтæмæй— сыхуылтæ дарягсы æмæ уыцы хæцъилы гæппæлимæ ацæуын нал фæндыд а дунейæ. *Гуыцмæзты Алеш. Дæ уды фарн. Цхинвал, «Ирыстон», 1985.

* Каталог * Библиотекæйы сæйраг сыфмæ * Журналы сæйраг сыфмæ *